Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 15 страница



— Ныллæ уу, нал фæ лидздзынæ, уазæ г!

Черыхъо не ’нхъæ лдта, Буцæ йæ æ рæ хсдзæ н, уый, æ мæ йыл стырзæ рдæ йæ æ рцыд рæ дыд: ссардта йæ адзал.

Буцæ йæ н йæ бæ х уыд цæ ф æ мæ йæ тæ вд куы æ рсабыр, уæ д ын размæ хорз нал æ нтыстис, кæ д ма йæ ехсæ й надта, уæ ддæ р. Архайдта хъæ угæ ронмæ ахæ ццæ йыл, фæ лæ нал. Иуæ й йæ бæ х фæ цæ ф, аннæ мæ й фæ дис стыхджын ис. Уалынмæ йæ Мæ хæ мæ т дæ р æ рбаййæ фта. Буцæ æ ррайы хуызæ н ссис, æ хста æ мæ кæ й æ хста, уый йын уæ лдай нал уыди. Цыма афтæ зæ гъынмæ хъавыди: «Мæ нæ н иууылдæ р знæ гтæ сты». Гъе, фæ лæ Мæ хæ мæ ты нæ мыг Буцæ йы цардæ н скодта кæ рон. Мæ лæ тдзаг цæ ф фæ ци Буцæ.

Адæ м сæ алыварс æ рæ мбырд сты. Уыцы мæ сты дзыллæ йы æ хсæ нæ й хъуысти хъæ ртæ:

— Басудзын хъæ уы ацы мæ нгарды, йæ бæ хы дæ р, йæ хи дæ р.

Фæ лæ Мæ хæ мæ т фæ зæ гъы:

— Фæ лдыст фæ у Æ хсарæ н! Дондзон бæ х ын фест мæ рдты!

Буцæ йы æ мхæ рæ фырттæ йæ сæ рыл загъд ракъахтой æ мæ ма дзы ноджыдæ р æ рцыди мæ рдтæ. Тохты кæ рты сæ рмæ мигътæ фæ дисхуызæ й æ мбырд кодтой. Адæ ймагмæ афтæ касти, цыма зæ хх йæ зылдæ й ныллæ ууыдис æ мæ æ рдз ныджджих и.

Тохты стыр уæ рæ х кæ рт адæ мæ н скъуындæ г ис. Ниуынц, кæ уынц сывæ ллонæ й, лæ гæ й, усæ й. Адæ мæ н сæ цæ стысыг, ставд æ ртæ хтæ й уарæ гау, згъоры. Адæ ймаг бацæ уы дисы: «Арв æ рхаудта, æ ви цы хабар æ рцыдис Тохтыл».

Гъеуыцы адæ м Æ хсары тæ ригъæ ддаг мардыл дæ лгæ мттæ кæ нынц. Сафирæ т дæ р сагъд цыртау лæ ууы йæ цуры.

Гъеуыцы уæ ззау сахат Темырыхъо, Тохтæ н сæ мыггаджы хистæ р, æ рбалæ ууыд Æ хсары марды уæ лхъус. Уæ ззау хæ къуырццæ гæ й кæ угæ йæ райдыдта дзурын:

— Æ хсар, ды уыдтæ не уазæ г, не ’фсымæ р, нæ хъæ бул, æ мæ дæ у мæ лæ тæ й баиргъæ вын нæ бафтыдис нæ къухы. — Уыцы ныхæ сты фæ стæ адæ ммæ разылдта йе ’ргом. — Хъæ убæ стæ, æ фсымæ ртæ, нæ хотæ, кæ уынтæ æ мæ цæ ссыгæ й ницыуал ис раздахæ н. Æ хсар нал ис. Мæ нæ йæ марды уæ лхъус лæ ууæ м. Ацы туджы æ рвгæ лæ н уый номæ й æ рцыди. Чи уыди Æ хсар? Адæ ймагдзинад, уарзондзинад, хæ лардзинад кæ мæ уыдис, уый. Цæ мæ н ыл æ рцыд ацы рæ дыд? Уымæ н йæ къухтæ бабастай йе ’фсарм, адæ мы фарн æ мæ йе ’ууæ нк. Гъеуый охыл æ рцыдис уыцы рæ дыд. Æ хсар уый куы зыдтаид, уæ д ацы туг афтæ арæ хæ й æ руарын нæ бауагътаид. Фæ лæ ма цы зæ гъæ м, æ фсымæ ртæ! Кæ сут-ма, æ рдз, кæ рдæ г, дидинджытæ арф æ ртæ х æ рæ вæ рдтой туг æ мæ цæ ссыгæ й. Кæ сут-ма, куыд сырх дары кæ рдæ г. Фæ лæ дын, Æ хсар, дæ марды уæ лхъус ацы адæ м карзæ й ард хæ рынц, Сафирæ т æ мæ Тутырдзан æ фсымæ ры хæ лардзинадæ й кæ й уыдзысты рæ вдыд. Де ’буалгъ сæ фт Тутырдзаны амондæ н фæ уæ д. Æ хсар, дæ райгуырд уыди цытæ н, ды уыдтæ æ ууæ нкæ й мæ сыг, ныр дын мах садзæ м абон цыртæ н не ’фсымæ рон сыгъдæ г цæ ссыг... Буцæ, ды та фæ у æ лгъыстаг, мæ рдты дуар дыл æ рцæ уæ д æ хгæ д. Елмæ рза, Æ хсары мадыфсымæ р æ мæ се ’ууæ нк дын фæ уæ нт тæ рхонгæ нæ г, æ мæ ды дæ р фæ у фæ смонгонд.

Гъеуыцы ныхæ стимæ Æ хсар ссардта йе ’нусон бынат, йæ ингæ н. Арв карздæ рæ й ныннæ рыд, ныллæ ууыд ставд сыг, их уары, цыма уыцы тугæ й йæ зæ рдæ фæ рыст æ мæ уыцы æ буалгъы туг цæ хсынмæ хъавыди, уыйау.

Хур æ рныгуылди. Уарын дæ р банцади. Æ рдз кастис фæ ллад æ мæ æ нкъардхуызæ й, цыма уый дæ р Æ хсары æ вирхъау сæ фтыл мæ рдджын уыдис, уый хуызæ н.

***

Æ хсары судзаг зиан арвы æ рхауды хуызæ н фæ каст дзыллæ тæ м. Бæ стыл уайтагъд ахæ лиу уыцы æ вирхъауы хабар. Адæ м тынг зылын бынаты æ вæ рынц Дзылаты дæ р, Хабæ ты дæ р. Суанг сыл хъоды кæ ныны онг сысты. Сафирæ т лæ ууы Æ хсары ингæ ны уæ лхъус. Диссаг уый у, æ мæ йæ цæ стæ й цæ ссыг нæ хауы. Цыма æ гасæ й дзуры йемæ, уыйау фæ зæ гъы:

— Æ хсар, цы мын бакодтай уый? Куыд нæ дæ м разынд лæ гдзинад? Цæ мæ н мæ ныууагътай иунæ гæ й?..

 

 

Уыцы стыр бæ ллæ х иугай-дыгай ской-ской кæ нынц Дæ ллагхъæ уы. Уæ вгæ йæ æ ргом зæ гъын дæ р нæ фæ разынц. Фæ лæ уæ ддæ р Дзылаты ’рдыгæ й хъуысы ахæ м хабар, цыма цы сфæ нд кодтой, ууыл хъæ бæ рæ й лæ ууынц. Суанг ма дзы ахæ м уацтæ дæ р хъуысти, зæ гъгæ, Сафирæ ты Фидаратæ Тохтæ й куы кæ ной, уæ д, дам, сын æ й байсдзыстæ м. Уымæ гæ сгæ адæ мæ н се ’хсæ н бацæ уын зын уыди.

Канд Тохтæ нæ, фæ лæ æ ппæ т Хурыхъæ у дæ р ныртæ ккæ сты Æ хсарыл саударæ г. Сафирæ т сын фыццаг дæ р уыдис ахсджиаг хо, фæ лæ ныр, уыцы бæ ллæ хты фæ стæ, чызджы æ нæ хъæ н Хурыхъæ у дæ р сæ химæ хæ стæ г æ рбайстой. Ставд цæ ссыг, зæ рдæ халæ н хъарæ г-иу йæ цуры кæ д кодтой, уæ ддæ р ын-иу æ вæ рдтой зæ рдæ тæ:

— Мæ нæ уыныс, мах иууылдæ р — де ’фсымæ ртæ æ мæ дæ хотæ. Тæ рсгæ ма кæ н, Сафирæ т. Цæ рдзыстæ м хуыцауы фæ рцы.

Фидараты мыггаг æ ргом ныллæ ууыдысты сæ туг исыныл æ мæ сын хъауджыдæ р нæ уыд: Дзылатæ й уа, Хабæ тæ й уа. Фæ лæ Хурыхъæ у дæ р æ мæ Тохтæ дæ р ныртæ ккæ тыхсынц ууыл, цæ мæ й уазæ г æ нæ фыдбылызæ й сæ мбæ ла хæ дзарыл. Ома, Фидаратæ агурынц сæ бинойнаджы. Фæ лæ йæ м куы æ рцæ уой, уæ д исты фыдбылыз куы ранхъиза Дзылаты ’рдыгæ й. Гъеуымæ гæ сгæ Тохтæ сарæ зтой ахæ м хæ рзгæ нджытæ Куырттаты ’рдыгæ й, кæ цытæ барæ й дзырдтой, зæ гъгæ, Фидаратæ сæ бинойнаджы кæ ндзысты зæ рдæ вæ рæ ны къуырисæ ры бон. Уыцы ныхас Дзылатæ тынг бахастой сæ зæ рдæ мæ, сæ хи срæ вдз кодтой æ мæ хъахъхъæ дтой. Сæ уынаффæ уыди: «Байсдзыстæ м æ й æ мæ йæ нæ тæ ккæ хæ дзармæ æ рбахæ сдзыстæ м».

Фæ лæ Дзылатæ н сæ фæ ндтæ й ницы рауади. Кæ д Гуысырайы цæ лхæ мбырдæ й бадтысты, Тохтæ м æ нхъæ лмæ гæ сгæ йæ, уæ ддæ р æ й уыдон бакодтой Хъобангомыл; уым Дæ ргъæ всы æ фцæ гыл æ рхызтысты Куырттаты коммæ, стæ й Хæ рисджынмæ бахæ ццæ сты.

Ахæ м тухитимæ Сафирæ т йæ чысыл сывæ ллонимæ ссардта Фидараты Æ хсары хæ дзар. Уымæ н йæ зæ рдæ йы уаг, йæ хъуыдытæ бынтон æ ндæ р сысты. Йæ фæ ндаг нырма уыди сау мигътæ й æ мбæ рзт. Цас йæ хъуыдытæ уæ ззаудæ рæ й цæ уынц, уыйас æ нувыддæ р кæ ны йæ чызгыл.

«Дæ мад æ мæ дæ фыды тухитæ дæ рæ згæ бонтæ н рухсдзинад æ рхæ ссæ нт! » — хъуыды кæ ны уый.

Кæ д Буцæ йы мардыл алыхуызон масты ныхæ стæ кодтой, ома басудзæ м æ й, ныкъкъуыхтæ йæ кæ нæ м, гæ базгай йæ скæ нæ м, зæ гъгæ, уæ ддæ р Хурыхъæ у сæ сæ рмæ уый нал æ рхастой: «Мæ лæ тæ й фыддæ р ма йын цы фенæ м. Æ лгъыст æ мæ азимаг фæ уæ д мæ рдты дæ р! » Йе ’мхæ рæ фырттæ йын барæ вдз кодтой йæ мард æ мæ йæ аластой йæ хæ дзармæ.

Буцæ йы мард Куырттатæ м куы байхъуыст, уæ д ыл раст адæ м афтæ нæ фæ рыстысты, Æ хсары мардыл куыд фæ рыстысты.

Хабæ ты дуармæ æ рæ мбырд бирæ адæ м. Буцæ йы æ фсымæ р Бибо дæ р лæ ууыд сæ астæ у. Йæ мад Ханысиаты хъарæ гæ й зæ хх рызти. Хъарæ ггæ нгæ йæ дзуры:

— Ой, цæ мæ й дын тарстæ н, уый дыл куы æ рцыди, Буцæ. Де знæ гты фæ ндиаг куы фæ дæ.

Иуцасдæ р алæ ууынц кæ рты марды уæ лхъус, рухсаг ын зæ гъы Бечмырзæ, æ мæ Буцæ дæ р ссардта йæ æ нусмæ йы бынат.

Йе ’фсымæ р Бибо йæ цырты уæ лхъус балæ ууыд æ мæ райдыдта дзурын кæ уынхъæ лæ сæ й:

— Ме ’фсымæ ртæ, мæ хотæ, мæ хъæ убæ стæ! Буцæ, куыд зонут, афтæ мæ й уыди мæ кæ стæ р æ фсымæ р. Æ зо та уыди нæ мадыфсымæ р. Мæ хо Сафирæ ты æ з радтон Фидараты Æ хсарæ н. Уый уыди мæ фæ ндон, нæ мыггаджы фæ ндон æ мæ чызгæ н йæ хи фæ ндон дæ р. Фæ лæ куыд уынут, афтæ мæ й йæ Æ зо æ мæ Буцæ та радтой Дзылатæ н. Æ мæ цы байтыдтой, уый æ рцарстой. Уый тыххæ й, æ мæ тых хъуыддаг рæ стмæ никуы фæ уыдзæ н. Ницыуал у мæ нæ н мæ бон зæ гъын. Сæ тæ ригъæ дтæ сын хуыцау бахатыр кæ нæ д, æ мæ ахæ м æ вирхъауы хъуыддæ гтæ куыннæ уал фехъусæ м, ахæ м арфæ хуыцау ракæ нæ д. Рухсаг у, рухсаг, Буцæ.

Кæ д цыфæ нды æ вирхъау митæ æ рцыди, уæ ддæ р тæ рхоны лæ гты цур Дзылатæ æ рæ вæ рдтой цæ хгæ р дзуапп, цæ мæ й сæ чындзаг ссара йæ къона. Тæ рхоны лæ гтæ зæ рдиагæ й архайдтой ацы хъуыддагæ н исты кæ рон скæ ныныл, фæ лæ йæ м кæ цырдыгæ й бацыдаиккой, уый нæ зыдтой. Уыдон Дзылатæ н дзырдтой, сæ дзуапп æ гæ р æ нæ рхъуыды кæ й у.

Тæ рхоны лæ гтæ й дæ р иуæ й-иутæ разы уыдысты ууыл, цæ мæ й Сафирæ т æ рцыдаид Дзылатæ н сæ химæ, уымæ н æ мæ сын уæ д иннæ хъуыддæ гтæ кæ нын æ нцондæ р уыдаид.

Иутæ н сæ ныхас æ рцыд уымæ, цæ мæ й Фидараты размæ æ рæ вæ рой сæ курдиат. Зын бахъæ цæ н у цæ сгомæ н уый зæ гъын. Фæ лæ тæ рхоны лæ гтæ дзырдтой: «Мах тæ рхонгæ нæ г стæ м æ мæ хъуамæ иугыццыл æ дзæ сгом дæ р уæ м. Аххосджынты фæ растдæ р хъæ уы, æ нæ аххосы та — фæ аххосджындæ р».

Бирæ радзур-бадзуры фæ стæ бауынаффæ кодтой, цæ мæ й Фидаратæ м ацæ уой курæ г æ мæ æ нæ дзуаппæ й ма раздæ хой. Хъуамæ Сафирæ т ныууадза йæ чызджы æ мæ ацæ уа Дзылатæ м.

***

Æ хсары тæ ригъæ ддаг мард адæ мыл цас тынгдæ р хъуысти, уыйас Буцæ йы хинтæ æ мæ кæ лæ нтæ æ ргомдæ р кодтой. Цас Буцæ адæ мæ н æ нæ уынондæ р кодта, уыйас фылдæ р уайдзæ фтæ хауд Елмæ рзамæ. Адæ м дзы сæ удхæ ссæ г уынын райдыдтой. Хуыдтой йæ æ фсымæ р уæ йгæ нæ г. Хъоды йыл бакодтой йе ’мгæ рттæ æ мæ йæ зонгæ тæ. Суанг ма йæ мад дæ р загъта:

— Ме ’хсыры цъыртт дын хæ рам уæ д. Æ лгъыст фæ у абонæ й фæ стæ мæ. Мæ мардыл дæ р мын-иу мауал ску!

Иннæ рдыгæ й та дзы Фидаратæ дæ р нæ уыдысты разы.

— Æ хсары мады æ хсыры цъыртт Елмæ рза Æ хсары тугæ й бафыста, — дзырдтой уыдон.

Елмæ рза ныртæ ккæ ис тынг зын уавæ ры мидæ г. Кæ сы йæ м афтæ, цыма йын канд адæ м нæ, фæ лæ æ рдз дæ р уайдзæ ф кæ ны. Куыддæ р фæ зынд йæ зондыл, æ мæ дзæ гъæ л ныхас райдыдта. Арæ х фæ кæ ны: «Æ хсар! Æ хсар!.. » Стæ й та Буцæ йы кой сисы. Йæ дзыхыдзаг схуды æ мæ хъæ рæ й сдзуры: «Туджы зæ йтæ... Топпыхосы фæ здæ г... Хурыхъæ уы уынг... Фæ дис! Фæ дис! » Йæ цæ стытæ дардыл зилын байдайы, цыма расыг у, уыйау. Цæ сгомы уавæ р фæ ливы æ мæ та ныхъхъæ р кæ ны: «Цом, цом! Кæ м стут, Буцæ, Æ хсар, Æ зо, Саулохы-фырт? Сафирæ т, Тутырдзан кæ уы, тæ ригъæ д у! »

Гъе, афтæ Елмæ рзайæ н дæ р йæ зæ рдæ йы рохтæ суæ гъд сты.

Тæ рхоны лæ гтæ бауынаффæ кодтой: «Дзылатæ æ мæ Фидараты æ хсæ н æ рцыд æ вирхъау митæ. Уыдонæ н хъуамæ, хуыцауы ’рдыгæ й дæ р æ мæ фыдæ лты æ гъдæ утты ’рдыгæ й дæ р цы æ мбæ лы, уый бакæ нæ м. Рухсаг уæ д Æ хсар. Баззади Сафирæ т æ рыгонæ й. Йе ’взонг бонтæ басудза, уый раст нæ уыдзæ н. Фидаратæ й Дзылаты æ хсæ н ис стыр къардиу. Хъуамæ уый лæ джы мæ рдтæ й мауал дзаг кæ на. Уыцы къардиуы сæ рыл хъуамæ æ рцæ уа хид арæ зт, Сафирæ ты хъысмæ т та йæ кæ рон ссара Дзылатæ м. Уыцы хид цæ уыл æ нцой кæ на хъуамæ? Чи уой йæ могортæ? Фидаратæ дæ р æ мæ Дзылатæ дæ р. Æ хсар, Буцæ, Æ зо æ мæ иннæ тæ ».

«Гъеуый у хуыцауы раст тæ рхон, Сафирæ т, мах дзурæ м дæ умæ! Тæ ригъæ дджын дæ ды. Фæ лæ дын хуыцау хатыр кæ ны. Гом дын у Дзылаты хæ дзары дуар», — бахатынц æ м тæ рхоны лæ гтæ.

Фидаратæ нæ уыдысты тæ рхоны адæ мæ й ахæ м курдиат фехъусын æ нхъæ л. Сафирæ т йæ уаты хъуыста æ ппæ т ныхæ стæ м дæ р æ мæ, Фидаратæ й дæ р æ мæ иннæ адæ мæ й дæ р нал фефсæ рмы уæ вгæ йæ, рацыдис æ ддæ мæ. Фыццаг йæ кæ лмæ рзæ н кæ д дæ лæ уæ з конд уыди, уæ ддæ р дзурын куы райдыдта, уæ д, куыд мæ сты кодта, афтæ йæ сæ рæ й суæ гъд ис. Адæ мы цæ стытæ къахæ гау, райдайы ныхас кæ нын:

— Мæ нæ хорз адæ м, бузныг! Æ гайтма уæ м ахæ м уæ здаидзинад разынди, æ мæ мæ хуызæ н тæ ригъæ дджын, æ наккаг удæ н уæ зæ рдæ Дзылаты цытджын дуар бакæ нын комы. Не стут раст, мæ нæ адæ м! Уыцы кувæ ндон гом кæ нут мæ хуызæ н, хуыцауæ й хъодыгонд, тæ ригъæ дджын удæ н. Цавæ р фыдæ лтон æ гъдæ уттæ сты уыдон? Цавæ р хуыцау у уый? Кæ д хуыцау афтæ æ нæ зæ рдæ у, уæ д йемæ хæ цын хъæ уы мах не ’ппæ ты дæ р. Куыннæ йæ м хъарынц уыцы туджы зæ йтæ æ мæ Тутырдзаны сидзæ р цæ ссыг! Мæ нæ адæ м, æ з басыгътæ н, æ з дæ н афтид, мæ нмæ адæ ймаджы уагæ й ницыуал ис. Ахастой мын сæ семæ, чи нал ис, уыдон. Æ з дæ н ныр цырагъ. Фæ лæ æ з кæ ндзынæ н рухс уыцы талынг хъуыддæ гтæ. Æ з дæ н фидиуæ г æ мæ хъæ р кæ ндзынæ н «фæ дис», сымах туджы арт цы хуыцау æ мæ æ гъдæ утты номæ й аразут, уыдоны ныхмæ...

Сафирæ тæ н йæ цæ сгом артау судзы, йæ кæ лмæ рзæ н сисы йæ сæ рæ й æ мæ та хъæ рæ й фæ зæ гъы:

— Æ з дæ н хъодыгондау уе ’хсæ н! Æ з цæ уын мæ сывæ ллонимæ уе ’хсæ нæ й сæ рибар æ мæ рæ стдзинад агурæ г. Кæ д сыл искуы сæ мбæ лин, мыййаг... — æ мæ араст и, йæ сывæ ллон йæ хъæ бысы, афтæ мæ й. Йæ фæ дыл чи каст, уыцы адæ мæ й бирæ тæ хъуыды кодтой: «Сафирæ т, Сафирæ т, ды цæ уыс хъæ батыр æ мæ цытджын балцы, фæ лæ дæ фæ ндаг у уæ ззау, зын æ мæ талынг. Фæ ндараст, Сафирæ т! Дæ хъысмæ т дæ уæ д рæ вдауæ г! »

***

Сафирæ тæ н йæ зæ дыхай йæ уæ лхъус æ рбалæ ууыд. Уый уыди Бицо. Бæ рзондгомау, уæ нгджын, даргъзачъе, иугай урсытæ дзы фæ зындис. Йæ цухъхъа йæ хуыз аивта. Йæ астæ уыл баст уыди стыр сау хъама. Йæ цæ сгоммæ кæ сгæ йæ йыл ницы рæ сугъддзинад ардта адæ ймаг, фæ лæ йыл уæ ддæ р цыдæ р лæ гдзинад зындис. Бицо иу цалдæ р къахдзæ фы ракæ ны адæ мы размæ, мæ стыхуызæ й зæ ххыл йæ лæ дзæ г æ рхойы æ мæ фæ хъæ р кæ ны:

— Æ фсымæ ртæ, хъæ убæ стæ! Бафхæ рын, хъоды бакæ нын дæ р у уæ бон æ дых сылгоймагыл, фæ лæ уымæ й лæ гдзинад равдисдзыстут, уый зæ гъæ н нæ й. Йе, уæ ууæ й, нæ тæ рхоны лæ гтæ! Зондджындæ р уынаффæ уæ м куыд нæ разынди. Цас зылынджын у Сафирæ т, йæ хи аккаг адæ ймаджы кæ й бауарзта, уымæ й! Цæ мæ н бауынаффæ кодтат кæ йдæ р сывæ ллоны мады æ ндæ р мыггаджы хæ дзармæ арвитын? Бахатыр мын кæ нут, фæ лæ уыл мæ зæ рдæ худы, нæ уынаффæ гæ нджытæ. Æ мæ мæ нæ уæ хæ дæ г æ вдисæ н: не ’ппæ тæ й хъаруджындæ р разынд не ’фхæ рд, æ нæ бон сылгоймаг...

Бицо афтæ æ дæ хсар дзырдта, æ мæ тæ рхоны адæ м куыддæ р фæ сыпп сты, кæ д ма моллотæ æ мæ хадзытæ сæ лæ дзджытæ зæ ххыл хостой, фæ нæ мын æ й хъæ уы, зæ гъгæ, уæ ддæ р сæ м нал разындис æ хсар. Бицойæ н йæ хъæ батыр æ мæ арæ хстдзинад уыдис хъуыстгонд.

 

 

Хæ ххон райсом. Мигътæ чыртæ -чыртæ й, скъуыддзæ гтæ й, цыма искуыдæ м балцы цыдысты, уыйау, хохы сæ ртæ й æ мæ хъæ убæ стæ й сæ хи байдыдтой исын. Скæ сæ нæ рдыгæ й зæ ронд Сæ найы хохæ н хуры тынтæ æ гасцуай кæ нынц. Фыййæ уттæ, хъомгæ стæ базмæ лыдысты. Хæ дзæ рттæ й дæ р фæ здæ г цæ уын байдыдта. Дард кæ цæ йдæ р цуаноны гæ рах фæ цыди. Уыцы рæ стæ джы хохы тæ ккæ бын лæ ууынц иу нæ лгоймаг æ мæ сылгоймаг. Нæ лгоймаг уæ ззау хъуыдыты кæ й уыдис, уый бæ рæ г дардта йе уæ нгты змæ лдыл. Æ вæ ццæ гæ н ын амыдта фæ ндаг. Дымгæ дзы хаста иуæ й-иу ныхæ стæ:

— Уæ ртæ уыцы хох сынæ гау кæ м æ рцыди, уый тæ ккæ тигътæ м-ма акæ с. Галиуæ рдыгæ й фарс, — уартæ дзы саутаг гутоны хаххау куы зыны, уый у къахвæ ндаг. Уыцы къахвæ ндагæ й мачердæ м ахиз. Уый дæ хæ ццæ кæ ндзæ н, кæ д дæ фæ нда Уæ лладжыры коммæ, кæ д дæ фæ нда — Мæ здæ джы ’рдæ м. Æ ндæ р дын мæ бон ницы у... Мæ нæ ацы уæ лвæ з «Нæ удзар» уыныс? Афтæ йæ м куы бакæ сай, уæ д цыма лæ гъз зæ хх у, уыйау зыны адæ ймагмæ. Фæ лæ -ма кæ с: адæ ймаг куы фæ цуда, уæ д кæ дæ м хауы!.. — Иучысыл фæ хъус вæ ййы, стæ й дарддæ р фæ зæ гъы: — Мæ мад æ мæ мæ фыды æ хсæ н адæ м бацыдысты. Мæ фыд мæ мады æ ркодта уымæ, æ мæ фырмæ стæ й ацы хохæ й йæ хи аппæ рста. Æ з гыццыл хъомылдæ рæ й баззадтæ н, фæ лæ мæ кæ стæ р уыдис дзидзийыл. Ныр ай онг схъомыл дæ н, уæ ддæ р сæ нæ фæ разын рох кæ нын мæ мад æ мæ мæ хойы цæ ссыгтæ. Ныр дын, мæ хур, ницыуал зæ гъын. Уæ ззау у дæ фæ ндаг. Фæ лæ нæ й гæ нæ н. Цардимæ хъæ уы хъæ бысæ й хæ цын.

Нæ лгоймаг йæ цæ ссыг асæ рфы, йæ къух ын кæ угæ йæ райсы æ мæ та сдзуры:

— Уæ адæ м, цæ й фыд-зæ рдæ стут сымах! Нæ й уæ м тæ ригъæ д.

Сылгоймагæ н иу бæ рз лæ дзæ г йæ къухы ратты æ мæ йын фæ зæ гъы фæ ндараст.

Сылгоймаг йæ хи сарæ зта уыцы къахвæ ндагмæ. Лæ г цыма цавддур фестадис, уыйау сагъдæ й йæ фæ стæ кæ сгæ йæ баззад. Хуыцау йæ зонæ г, цы хъуыдытæ кæ ны йæ хи мидæ г. Нæ лгоймаг ма бирæ фæ кæ сы сылгоймаджы фæ стæ. Æ виппайды фæ зилы, йæ хинмæ р ма цыдæ ртæ сдзуры æ мæ рараст вæ ййы хъæ уы ’рдæ м.

***

Цард йæ кæ нон кæ ны. Сылгоймагæ н йæ сывæ ллон йе ’ккойы, афтæ мæ й, стыр тухитæ кæ нгæ йæ, дары йæ фæ ндаг. Йæ хъуыдытæ йын йæ зæ рдæ æ рбаталынг кодтой.

— О, цард! Цæ й æ нæ зæ рдæ дæ ды! Иутæ цæ рынц, иннæ тæ мæ нæ мæ нау уæ ззау, æ нæ бæ рæ г тухи кæ нынц.

Цас дарддæ р кодта йæ хæ дзарæ й, йæ адæ мæ й, йæ райгуырæ н хъæ уæ й, уыйас йæ фæ ндаг дæ р кодта уæ ззаудæ р. Фæ лæ кæ д цыфæ нды бирæ тухитæ фæ кодта, уæ ддæ р æ рхæ ццæ ис Уæ лладжыры коммæ. Лæ ууы дыууæ фæ ндаджы астæ у æ мæ сдзуры, искæ й фæ рсæ гау:

«Чердæ м цæ уон ныр: галиуæ рдæ м, Уæ лладжыры коммæ, æ ви рахизæ рдæ м, Мæ здæ гмæ? «Уæ лладжырмæ цæ уин, æ мæ ардыгæ й ардæ м мæ фыдгулты фыдбылызы æ взаг хæ ццæ кæ ндзæ н, æ мæ мæ æ нцой цæ рын нæ бауадздзысты. Мæ здæ джы ’рдæ м цæ уин, æ мæ уый кæ м бæ сты ис! Стæ й мын дзы куы нæ зонгæ ис, куы нæ æ ндæ р... Фæ лæ, уæ вгæ, адæ м хорз сты, сæ фарн фылдæ р у сæ фыдæ хæ й. Куыд дзурынц, афтæ мæ й уым иумæ хæ ларæ й цæ рынц нæ хи ирон адæ м æ мæ уырыс. Ау, уыдоны æ хсæ н, уыдоны фарнæ й æ з уым мæ хицæ н царды бынат куыд нæ ссардзынæ н? Цас мæ хъæ уы! Æ ххуырсты уæ ддæ р бацæ удзынæ н мæ иунæ джы фæ дарыны сæ раппонд... Цыфæ нды уæ д, уæ ддæ р фæ стæ мæ здæ хæ н нæ й!.. Цæ уын рахизæ рдæ м, Мæ здæ гмæ! — фидарæ й загъта сылгоймаг. — Сæ рибар, сæ рибар! Цы ис дæ уæ й зынаргъдæ р... Мæ иунæ г, дæ уæ н та цы фыст ис дæ хъысмæ ты чиныджы? Чи зоны, кæ д искуы скæ сид дæ амонды стъалы дæ р, мæ гуыр, æ намонд адæ мты стъалы! »

Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ, ныбба кодта йæ гыццыл хъæ булæ н, стæ й фидар къахдзæ фтæ й араст и Мæ здæ джы ’рдæ м.


[1] Уыцы кард абон дæ р ма сæ фт нæ у. Фыдыбæ стæ йы хæ сты 1941 азы уыдис Мырзабеджы байзæ ддаг Мæ хæ мæ ты фырт Исмелмæ, хистæ р лейтенантмæ. Разынди Хъуыбадты Хъайсыны кард. (Автор).

[2] Сандæ рахъ— рагон кафты цагъд. (Ред. фиппаинаг. )

[3] Хъармандур — сау, фидар хъуымац. (Ред. фиппаинаг).

[4] Мычыртан — хъуымацы мыггаг, гобаны цъайраг. (Ред. фиппаинаг).

[5] Амадан сæ рак — хорз сæ рак. (Ред. фиппаинаг).

[6] Джизи — быв. селение в одном из ответвлений Куртатинского ущелья. (Скангæ нæ джы фиппаинаг)

[7] Æ хсæ нгæ рзтæ — Хъобангомы хъæ дрæ бын хуыйны афтæ.

[8] Ноджы нæ хæ рæ фырт Санаты куырм Уари. Æ ппындæ р цæ стæ й нæ уыдта. Куы фехъуыста, æ з уым ахуыр кæ нын, уый, уæ д йæ фырт Чермены æ рæ рвыста, æ мæ мæ схуыдта сæ химæ. Тынг мыл бацин кодтой. Йæ бинойнаг Сæ либæ нын хорз фынг ацарæ зта, æ мæ бадæ м. Уари мын йæ хабæ рттæ фæ дзырдта. Хъыримаг ыл куыд феваст æ мæ куыд бакуырм. Æ рыгонæ й фæ стæ мæ, зæ ронд лæ гтæ й цы хъуыста, цы таурæ гътæ кодтой, уыдон райдыдта фыссын. Фысгæ йæ хæ дæ г нæ кодта, æ рмæ стдæ р дзургæ, фысгæ йын кодтой æ хцайыл. Йæ гонорарæ й йæ химæ ницы зад. Бинонты та хъуыд дарын, дыууæ лæ ппуйы æ мæ чызг.

Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, æ з ын зæ рдæ йæ фæ тæ ригъæ д кодтон.

— Уари, æ з дын феххуыс кæ ндзынæ н фыссынмæ. Æ рмæ ст æ хсæ выгæ тты. Бон ахуыр кæ ндзынæ н æ мæ мæ не ’вдæ лдзæ н, фæ лæ æ хсæ в фысдзыстæ м.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.