Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 10 страница



— Сафирæ т, уæ дæ мæ м тæ ригъæ д ма æ рхауæ д дæ уæ й, хъус мæ м, мæ хуры чысыл. Де ’фсымæ р дæ дæ тты Дзылатæ н, уый зæ рдæ дын æ взæ р никуы бакомдзæ н. Дзылатæ фосæ й сты фосы Фæ лвæ ра, хорæ й та сты Хоруацилла, æ хсарæ й та — карз Уацилла! Уыцы стыр амонд та ды æ ппарыс дæ къахæ й...

Æ зомæ цыдæ риддæ р хотыхæ й уыдис, уыдон бавзæ рста Сафирæ тыл, фæ лæ дзы ницы райгонд у. Сафирæ т карзæ й ныллæ ууыд: «Уый бæ сты мæ адзал æ рцæ уæ д! Бахъарæ д дæ м, мæ мады ’фсымæ р, æ з де уазæ г! »

Æ зо æ нæ райгæ йæ сыстад. Кæ д æ мæ алыхуызон зæ рдæ тæ æ вæ рдта Сафирæ тæ н, уæ ддæ р йæ хъуыдытæ уыдысты уыциу. «Ныр аимæ цы дзæ нгæ да цæ гъдын, хорз æ мæ йын æ взæ р цы у, уый куы нæ æ мбары, уæ д? Дæ гæ ндзæ хтæ куы ныххойай, уæ ддæ р дæ фæ ндон нæ ацæ удзæ н. Уадз æ мæ уал мæ нæ й йæ хицæ н зæ рдæ тæ æ вæ ра, æ з ын ныртæ ккæ схос кæ ндзынæ н, — дзырдта йæ хинымæ р Æ зо. — Æ мгъуыд у фыдбылыз, фыдбылыз та у æ мгъуыд. Абон нæ къухы æ нцонæ й чи ис, уый райсом æ лхæ нгæ йæ дæ р нал бафтдзæ ни».

Æ зо ныртæ ккæ уыди стонг бирæ гъау: йæ цуры лæ ууы нард уæ рыкк, уыны йæ, фæ лæ йæ къухы ницы æ фты.

Æ зо уыди зын раны, уымæ н æ мæ йæ зæ рдыл лæ ууыд, Дзылаты гæ ртам кæ й бахордта, уый. Фехъуыста, Буцæ йæ н йе ’ннæ æ фсымæ р Бибо Сафирæ ты тыххæ й Æ хсаримæ кæ й бафидыдта, уый дæ р. Фæ лæ Æ зо дардыл хъуыдытæ нæ кæ ны. «Хъуамæ мæ фæ ндон ацæ уа царды, — зæ гъы йæ хинымæ р уый. — Сафирæ т доны нæ, фæ лæ -иу Тыбауы хохæ й йæ хи раппарæ д».

Æ зойæ н уыцы хъуыдытæ йæ сæ ры зылдысты, афтæ мæ й рацыди Сафирæ ты цурæ й. Мад йе ’фсымæ рмæ тынг æ нхъæ лмæ каст, цымæ йын цы зæ гъдзæ н чызг, зæ гъгæ. Уайсахат Æ зо стыр бузныгхуыз æ мæ хъæ лдзæ гæ й æ рбалæ ууыд йæ хойы цур.

— Гъы, Æ зо, цы бадæ дæ хæ рæ фыртимæ?

— Цы бадæ н, цы, мæ хо! Йæ хи мын къултыл хоста, доны æ ппæ рста, фæ лæ йын хъуыддаг куы раргом кодтон, уæ д загъта: «Цы дæ фæ нды, уый кæ н! » Уæ дæ куыд æ нхъæ л дæ, мæ хо? Де ’фсымæ р æ гуыдзæ г нæ у, фæ лæ сымах æ дылы стут, адæ ймагмæ кæ уылты бацæ уын хъæ уы, уый нæ зонут æ мæ хъуыддаг ныссуйтæ кæ нут!

— Мæ уд дæ фæ хъхъау фæ уæ д, ме ’фсымæ р. Уыцы зæ ронд адæ мы фарнæ й зæ ххы бынмæ куы ныххаудаин, уæ ддæ р мын æ нцондæ р уыдаид. Ныр дарддæ р та цы чындæ уа?

— Фидауæ ггаджы æ ртæ чъирийы æ мæ фарс афизонæ г кæ н. Æ з уал уыцы зæ рæ дтæ м акæ сон, стæ й дæ м хабар кæ ндзынæ н, мæ хо!

Æ зо хистæ рты цурмæ æ рæ гмæ куы зындис, уæ д сæ ныфс бынтон асаст. Тæ тæ рхъан уæ ззаугай дзуры:

— Гъы, мæ хур, Гацыр, зæ ронд лæ г рог куы уа, уæ д афтæ вæ ййы.

— Цы кæ нон, дæ рын бахæ рон, Тæ тæ рхъан. Хæ йрæ г йеддæ мæ, ныхас кæ й нæ уырны, ахæ м нæ й. «Лæ гæ н — ныхас, ногъайæ н — дамгъæ », зæ гъгæ æ мбисондæ н куы баззад. Цæ й, афтæ фæ уæ д, адæ ймаг йæ хи рæ дыдтытыл ахуыр кæ ны, фæ зæ гъынц.

Кæ стæ рты ’рдыгæ й дæ р рацæ уы ахæ м ныхас:

— Нæ, Æ зо ахæ м ран æ нæ лæ г нæ у.

Уæ д сæ иннæ рдыгæ й иу фæ цырд æ мæ худгæ мхасæ нты сдзырдта: — Раст зæ гъут, хорз арæ хсы Æ зо фыдбылызтæ кæ нынмæ, — æ мæ æ мхуызонæ й æ мыр худт бакæ нынц.

Уалынмæ Æ зо дæ р фæ зынд.

— Æ зо, де ’рбацыд амонды хос фæ уæ д! Бауырнæ д дæ, нæ уд нын æ рдуйæ нарæ гдæ р скодтай. Ды дзывылдар куы уыдаис, уæ д дæ умæ æ ртæ хынмæ æ нхъæ лмæ кæ сгæ йæ адæ м æ нæ хуым баззадаиккой.

— Нæ буц хистæ ртæ, хуымæ н дæ р йæ раггæ нд ницы пайда хæ ссы: мыггагæ н йæ билцъ сигæ кæ ны. Фæ лæ алцæ мæ н дæ р ис афон.

— Æ зо, мæ хуры чысыл акæ н, уæ ддæ р та нын зæ рдæ тæ авæ рдтай.

Æ зо, йæ хи фæ лæ г кæ нгæ йæ, хистæ рты ’рдæ м цæ хгæ р фæ зилы:

— Гацыр, фарн дæ м бадзурæ д! Диссаг сты ныры адæ м, чызг «комын», зæ гъгæ, куы фæ зæ гъы, «раттут мæ уымæ н», уæ д æ й хонæ м налат. Раст ын Дзæ уыджы чызджы кафт кæ нын кæ нæ м: дæ къух дæ р ма сис, дæ къах дæ р ма фезмæ лын кæ н, афтæ мæ й рæ сугъд каф.

Адæ м схудтысты. Хистæ ртæ й иу сдзырдта:

— Мæ хур акæ н, Æ зо. Не ’лхынцъ та нын райхæ лдтай.

— Æ зойы уд уæ фæ хъхъау фæ уæ д, фæ лæ уæ фынг хъаст кæ ны, иугыццыл ын йæ зæ рдæ балхæ нæ м, нæ буц уазджытæ!

Хистæ ртæ фæ хъæ лдзæ гхуыз сты, кæ стæ ртæ дæ р базмæ лыдысты. Нуазæ нтæ фæ тыхджындæ р сты. Уалынмæ физонæ г æ мæ æ ртæ чъирийы дæ р рахæ ццæ сты. Уæ лейы бадджыты цур сæ куы æ рæ вæ рдтой, уæ д кæ стæ ртæ й иу сдзырдта:

— Æ йтт, Созырыхъо! Мысайнаг, мысайнаг! Дæ разы ма дзы залмысыфтæ й æ рысхой, «катеринкæ тæ й», дæ сгай тумантæ й зæ гъын!

— Уымæ й та мæ цы тæ рсын кæ нут, Хабæ тæ! Æ з кæ ддæ риддæ р — цæ ттæ!

Æ зо худæ нхуызæ й сдзуры:

— Кæ саджы та мын донæ й тæ рсын кæ нынц! Æ зо кæ д цыфæ нды архайд кодта, зæ рдæ дзуаг куы уаид, ууыл, уæ ддæ р йæ цæ сгом уыдис уазал æ мæ æ надхуыз.

Созырыхъо бирæ æ нхъæ лмæ кæ сын нæ бауагъта хистæ рты мысайнаджы тыххæ й, тагъд-тагъд æ й ахицæ н кодта уæ лдайджынтæ й.

Скувыны размæ фысымты зæ рды уыдис ирæ дыл аныхас кæ нын, фæ лæ Дзылатæ загътой, уый фæ стæ йыл æ нцадæ й баныхас кæ сдзыстæ м, зæ гъгæ.

— Тæ тæ рхъан, фынг агуры йæ уаг, — загъта зæ рæ дтæ й чидæ р.

— Табу йе стыр фарнæ н, фæ лæ, Тæ тæ рхъан, ды куы скувис, уæ д хуыздæ р уаид. Уыцы хъуыддæ гтæ м ды дæ сныдæ р дæ, — загъта иннæ.

— Уый та куыд, Гацыр! Дæ къухæ й нуазæ н райс æ мæ скув, уый Хъæ риуы хох риуæ й скъуырæ гау куы у.

— Цæ й, уæ дæ, æ дылы кувæ г æ мæ мæ рæ стмæ уацхæ ссæ г хуыцау фæ кæ нæ д.

Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ, Гацыр сыкъа райста йæ рахиз къухмæ, физонæ г та галиу къухмæ æ мæ уæ ззаугай, уырныдхуызæ й кувын райдыдта:

— Иа, хуыцау, табу дæ хицæ н. Мæ нæ ацы адæ м цы хъуыддаджы тыххæ й æ рæ мбырд сты, уый рæ стмæ фæ кæ н: дыууæ мыггаджы — Хабæ тæ æ мæ Дзылатæ кæ нынц хæ стæ г, æ фсымæ рдзинад. Кæ д æ мæ ахæ м хъуыддагæ й исчи хайыргонд фæ ци зæ ххы къорийыл, уæ д сæ уый æ мбал фæ кæ н. Дыууæ сабийы баиудзинад амондджын æ мæ æ вæ смон уæ д. Табу уæ хицæ н, хохы æ мæ быдыры зæ дтæ, сымахыл дæ р фæ дзæ хст фæ уæ нт...

Кæ стæ ртæ æ мхуызонæ й «оммен» ныхъхъæ р кæ нынц.

— Цæ й, афтæ цы зæ д зæ гъдзæ н, мæ ном куы ссардтаид уыцы æ дылы кувæ г, уæ д ын æ з фылдæ р ахъаз бакодтаин, зæ гъгæ, уымæ н уæ лдай барст уæ д дыууæ мыггаджы кувинаг.

Райдыдта кувын дыккаг хистæ р Тæ тæ рхъан дæ р æ мæ загъта иу цалдæ р ныхасы хъуыддаджы амондджын æ мæ арфæ йагдзинады тыххæ й. Уый ахицæ н кодта йæ нуазæ н æ мæ æ ртыккаг нуазæ нæ й скуывта Уане, уазджыты хистæ р:

— Уæ, мæ нæ хорз адæ м, нæ хистæ рты куывд хъабыл уæ д. Дыууæ мыггаджы тыххæ й скуывтой, æ мæ азтæ й тулдзау уидагджын уæ нт, каркау цотджын, бирæ гъау ныфсджынæ й куыд цæ рой, ахæ м арфæ хуыцау ракæ нæ д! Хайыр нын уæ д уæ лæ вар!

— Æ йтт, кæ стæ ртæ, дæ разы Буцæ æ мæ Созырыхъомæ авæ рут кувæ ггæ гтæ, — фæ цырд Тæ тæ рхъан. Стæ й ма йæ ныхасмæ бафтауы: — Кау дыууæ михыл нæ быдæ уы, авæ рут æ й Гæ буйы-фыртмæ дæ р.

Кæ стæ ртæ æ фсæ рмхуызæ й райстой, «хайыр уæ д хъуыддаг» загътой æ мæ анызтой.

Фынг фæ хъæ лдзæ гдæ р ис. Хистæ ртæ сæ хи номæ й нуазæ н дæ ттынц чызджы мадыфсымæ рæ н.

— Æ зо, æ рцу-ма хæ стæ гдæ р, — дзуры Уане. — Мах дын арфæ кæ нæ м, уымæ н æ мæ лæ г дæ æ мæ лæ джы митæ кæ ныс. Бузныг, мах æ гадæ й кæ й нæ арвыстай ацы хæ дзарæ й, уый тыххæ й. Нæ фыдæ лты æ гъдау нын схъазуат кодтай, æ мæ нæ зæ ронд удтæ дæ фæ хъхъау фæ уæ нт.

— Бахатыр кæ нут, хистæ ртæ! — зæ гъы Æ зо. — Æ з дæ р диссаг хъуыддæ гтæ нæ сарæ зтон. Æ гъдæ уттæ конд сты, æ мæ Хабæ тæ дæ р сæ сæ рты ахизын куыд бафæ рæ зтаиккой!..

Хистæ ртæ н сæ бадт сæ фарсыл хæ цын байдыдта. Афтæ сæ м касти, æ мæ уыцы хъуыддаг куы нæ сырæ зыдаид, уæ д сыл цыма Сæ найы хох рафæ лдæ хтаид. Нуазæ нтæ æ мæ сидтытæ стыхджын сты фынгыл бадджыты æ хсæ н. Суанг ма æ фсинты дæ р мысын райдыдтой. Созырыхъо фæ хъæ батырдæ р ис æ мæ, йæ къухы нуазæ н, афтæ мæ й сыстад. Бæ рæ г уыди, йæ зæ рды цыдæ р зæ гъын кæ й ис, уый. Æ зо йæ куы федта, уæ д хистæ рты ’рдæ м йе ’ргом раздахгæ йæ загъта:

— Бахатыр кæ нут, нæ буц хистæ ртæ! Дзылайы-фыртæ н ныхасы бар раттут, æ д нуазæ н лæ ууы нæ цуры. — Стæ й раздæ хт Созырыхъойы ’рдæ м æ мæ йæ м дзуры: — Дæ хорзæ хæ й, Созырыхъо, дæ хорзæ хæ й! Дзылатæ н сæ хистæ рты кæ стæ р ды дæ, стыр бартæ дын ис æ мæ дæ бон у дзурын.

Созырыхъо уыди зын ран, уымæ н æ мæ æ мбæ рста чызджы æ вæ ндондзинад. Кæ д йæ хи хъæ лдзæ г дардта, уæ ддæ р йæ хи мидæ г тынг тыхсти. Иннæ рдыгæ й та йæ размæ лæ ууыдысты фыдæ лты æ гъдæ уттæ, æ мæ уыдонмæ дæ р цæ хгæ р бацæ уын йæ бон нæ уыд. Фæ лæ йæ уæ ддæ р фæ ндыд, исты хуызы хистæ ртæ н йæ зæ рдæ йы ахаст куы бамбарын кодтаид, уый. Уымæ гæ сгæ сæ иу-дыууæ ныхасы зæ гъыны бар ракуры æ мæ æ фсæ рм, æ нцадхуызæ й райдайы дзурын:

— Бахатыр кæ нут, нæ хистæ ртæ, ам мæ хи схъæ батыр кодтон сымахимæ дзурынмæ. Нæ фыдæ лты æ гъдæ уттæ хохау фадарæ й лæ ууынц, нæ цудынц сæ бынатæ й, æ мæ цудгæ дæ р ма фæ кæ нæ нт. — Адæ м фæ сабыр сты сæ ныхасæ й æ мæ йæ м хъусынц тынг зæ рдиагæ й. — Дуг ивы дуджы, æ мæ алы дуг дæ р кæ ны йæ хионтæ. Уыцы ран туджы тæ рхон, стæ й нæ фыдæ лты æ гъдау ранæ й-рæ тты кæ рæ дзийы не ’мбарынц æ мæ уым кæ рæ дзиуыл дзæ бæ х нæ ныхæ сынц. Иу дæ р æ мæ иннæ дæ р йæ хи фæ ндон кæ ны, æ мæ уыцы ран фæ зын вæ ййы. Дугæ н йæ тæ рхон уый у, æ мæ адæ ймагмæ лæ вæ рд ис царды мидæ г æ ртæ стыр дзуаппы: йæ иу дзуапп — куы райгуыры, уæ д; дыккаг дзуапп — ныр мæ нæ мах цы хъуыддаджы бадæ м, уый: мой кæ нын æ мæ ус курын; æ ртыккаг та — йæ адзал. Гъеуыцы дардыл ныхас кæ уыл кæ нын, уымæ æ рхæ ццæ дæ н. Мах кæ й тыххæ й бадæ м, уыцы дыууæ уды сырæ зыдысты иттæ г арфæ йаг æ мæ хæ лæ ггагæ й, сты æ нæ сахъат, рæ сугъд. Ныр æ рлæ ууыдысты се стыр дзуаппы уæ лхъус. Уый у тынг зын, хъахъхъæ нинаг хъуыддаг. Дæ фыдгул дын уым галиумæ къахдзæ ф акæ нæ д. Уый царды уыдзæ нис æ лгъыстаг, хуылыдз сугтæ й арт куы æ фтауай, уый хуызæ н: судзгæ нæ кæ ны, фæ лæ æ рмæ ст фæ здæ г калы, æ мæ уыйау йæ цард ахицæ н уыдзæ н фæ нык æ мæ фæ здæ гæ й. Рæ стæ рдæ м къахдзæ ф дзы чи акæ ны, уымæ н мæ йдар дæ р рухс у, зымæ г дæ р — сæ рд. Мæ ныхас мын мачердæ м бамбарут. Мæ н фæ нды иунæ г хъуыддаг: нæ бахæ стæ гдзинад амондджын уæ д, дыууæ сабийæ н сæ царды баиу адджын фæ уæ д, кæ д дзы ацы сахат исчердыгæ й къуылымпыдзинады æ рду искуы ис, уæ ддæ р. Гъеуый у мæ иунæ г стыр фæ ндон, мæ ныхасы сæ р. Ныр мын бахатыр кæ нут, нæ буц хистæ ртæ: мæ нæ уын кæ стæ рты нуазæ нтæ. Кæ д истæ мæ й рæ дийæ м, уæ д нын æ й ныббарут.

Хистæ ртæ нуазæ нтæ айсынц, æ мæ Уане сдзуры:

— Айтт, кæ стæ ртæ, хистæ рæ н кæ стæ ры нуазæ н цæ стырухс у. Мæ хуры чысыл акæ нут, кæ стæ ртæ.

Хистæ ртæ раарфæ кодтой кæ стæ ртæ н.

Гаджидæ уттæ та ногæ й кæ рæ дзийы æ ййæ фтой амæ й-ай карздæ рæ й.

Æ хсæ в кæ д цыфæ нды даргъ уыд, уæ ддæ р ма йыл бонæ й æ фтауын хъуыди. Ныхас стынг ис ирæ дыл. Ам Æ зо цæ мæ хъавыди, уымæ æ рхæ ццæ. Хабæ тæ н сæ химæ дзырд нал хаудис Æ зойæ. Уый йæ хи дзурæ г скодта чызджы мыггаджы номæ й. Уæ ззауæ й ныхасмæ бавнæ лдтой.

Дзылатæ бахаудтой зын ран, уый тыххæ й æ мæ тынг хъæ здыг æ мæ парахатæ й равдыстой сæ хи, фæ лæ сыл ирæ д йæ уæ з куы æ руагъта, уæ д уæ рджытæ тасын байдыдтой. Æ мæ уæ д Дзылаты фæ сивæ д дæ р сæ хи нал баурæ дтой:

— Хабæ тæ! Ныхас фосыл нæ цæ уы, фæ лæ нæ м афтæ кæ сы, цыма ныл уæ хи бæ рзонддæ р кæ нут!

— Цæ мæ н дæ м афтæ кæ сы, Созырыхъо? — сдзуры Æ зо.

— Мах æ й афтæ æ мбарæ м æ мæ афтæ дæ р у, — зæ гъы Созырыхъо.

Хабæ ты фæ сивæ ды хистæ р мæ стыхуызæ й бафæ рсы:

— Дæ хорзæ хæ й, Æ зо, дæ хæ рæ фырты фосыл уæ й кæ ныс æ ви хæ стæ гдзинад халыс Дзылатимæ?

— Æ мæ дзы æ з та цыгæ нæ г дæ н? — йæ хи бакъултæ кæ ны Æ зо.

— Ды цыгæ нæ г дæ, уый мæ нæ уынæ м: махмæ дзы дзырды бар нал хауы. Мах ма мæ нæ Дзылаты æ фсæ рмæ й лæ ууæ м, уыййеддæ мæ нын ахæ м уавæ ры ам лæ ууын хæ с дæ р нæ у. Буцæ нын раджы куы загъта, чызг дæ р мæ хо у, хæ дзар дæ р мæ н у, æ мæ никæ й ницы хъуыддаг ис ам, зæ гъгæ.

— Гъей, кæ стæ ртæ, æ гæ р бирæ бартæ м бавнæ лдтат, — сдзырдта фысымты хистæ р Гацыр. — Мах та ма цы стæ м ам! Рацæ ут æ мæ мæ нæ мæ бынаты сбадут. Зонут! Ирæ д дæ р мах исæ м, чызджы дæ тгæ дæ р мах кæ нæ м!

Уыцы ныхасæ й кæ стæ ртæ ныссыпп сты, цыма сæ дзыхы дон ис, уыйау.

Кæ д бирæ радзур-бадзур фæ кодтой ирæ дыл, уæ ддæ р Æ зойы фæ ндтæ нæ фæ цудыдтой. Хистæ ртæ дæ р кастысты, æ мæ æ гадæ й ацæ уынмæ сæ сæ рмæ нал хастой.

Æ взæ рст æ хсæ з галы, дæ с дыгæ рдыджы, дæ с нæ л фысы æ мæ фынддæ с æ дуæ рыкк фысы, сæ фыр æ мæ иу цæ у семæ, стæ й мадырвады бæ х, — стæ рхон кодтой ирæ дæ н.

Дзылатæ къабазджын уыдысты. Уымæ гæ сгæ, ам фидауджытæ æ мæ Дзылатæ дæ р æ нхъæ л уыдысты, зæ гъгæ, ирæ ды фос куы ратæ рой, уæ д сын сæ размæ хуынтæ хæ сдзысты. Æ гъдау та афтæ амыдта, æ мæ -иу хуын чи рахаста, уымæ н-иу ирæ ды фосæ й иу сæ р аздæ хтой фæ стæ мæ.

Фæ лæ ирæ дисджытимæ уыдис Æ зо æ мæ дзы иу сæ р дæ р ничердæ м фæ кодта, кæ д сын Дзылаты хæ стæ джытæ æ взаргæ лæ гтимæ буц фынгтæ сæ размæ хастой, уæ ддæ р. Хынджылæ ггæ нгæ, хъазгæ æ мæ худгæ йæ, аивæ й ахызти Æ зо фыдæ лты æ гъдæ утты сæ рты.

Гъеуыцы рæ стæ г æ рхæ ццæ сты Фидараты Æ хсар æ мæ чызджы æ фсымæ р Бибо. Уыдон та уыдысты балцы Уæ рæ сейы. Бибо Уæ рæ сейы бафидыдта Фидараты Æ хсаримæ, йæ хо Сафирæ ты йын кæ й ратдзæ н, уый тыххæ й. Уыцы хъуыддаг Бибо фыста йе ’фсымæ ртæ м дæ р, æ мæ йæ зыдтой, сæ хо лæ вæ рд кæ й у, уый. Æ мæ хъуыддаг ныр Бибо æ ндæ рхуызæ ттæ й куы сæ ййæ фта, уæ д ын зын куыннæ уыдаид! Йе ’фсымæ рты фарста, цы мын зæ гъут ныр, цы ма фæ кæ нон мæ цæ сгом Фидаратæ й, куы сæ фæ хынджылæ г кодтон, зæ гъгæ.

— Омæ мæ ныл цы бустæ кæ ныс? Ды дæ лæ Уæ рæ сейы кæ мдæ р сæ ндæ тты чызджытæ лæ вæ рдтай... Хæ дзар нын ис, хæ дзар, æ мæ уым фидауын хъæ уы, — загъта йæ хистæ р æ фсымæ р Батырадз дæ р.

— Ау, æ мæ æ з уе ’фсымæ р нæ дæ н, мæ нмæ дзы æ ппын ницы бар хауы? Уæ д та ме ссыдмæ фæ лæ ууыдаиккат. Æ з тынг хорз зонын мæ хойы зæ рдæ йы уаг. Стæ й зонын Æ хсары дæ р. Уымæ гæ сгæ уыцы фидыды рæ дыдæ й ницы ардтон. Сымах афтæ фæ тагъд кодтат, цыма уæ фæ дис фæ сте сырдта...

Гъе, ахæ м фыдбылызы дымгæ æ рбацыд Хабæ ты хæ дзармæ. Æ фсымæ ртæ, мыггаг кæ рæ дзийы дзæ бæ х нал æ мбæ рстой, æ нæ хъуаджы æ фхæ рдтой сæ кæ рæ дзийы.

Бонтæ цæ уынц, æ мæ рæ стæ г йæ кæ нон кæ ны. Кæ д æ мæ Сафирæ т йæ хи, цыма ницы æ рцыд, уыйау дары, уæ ддæ р æ цæ гдзинад, цæ стытæ къахæ гау, сайын нæ куымдта.

Сафирæ тмæ афтæ касти, цыма уыдон иууылдæ р йæ фыны уыны. Дзылаты ’рдыгæ й цæ уы чындзы лæ вæ рттæ, алы буцдзинæ дтæ, фæ лæ уæ ддæ р цы æ рцыди, ууыл йæ хи бауырнын кæ нынæ н ницы фæ разы Сафирæ т. Йæ зæ рдæ йæ Æ хсары ратонын йæ бон нæ у. Уыны, Дзылатæ м чындзы цæ уынмæ йæ кæ й цæ ттæ кæ нынц, уый, фæ лæ йæ м афтæ кæ сы, цыма йæ Æ хсар хæ ссы. Стæ й хаттæ й-хатт æ цæ гдзинад куы бамбары, уæ д йæ зæ рдæ нырризы æ мæ фæ дзуры: «Ау, æ мæ Æ хсар мæ н Дзылатæ м ауадздзæ н? Нæ, нæ, уый никуы уыдзæ н! Æ рвитгæ дæ р æ м куы акодтон. Æ ниу æ м æ рвитын дæ р цæ мæ н хъæ уы? Цы йæ м хъуамæ дзура йæ зæ рдæ? Уадз æ мæ дуне иууылдæ р арт суæ д, арв ныннæ рæ д, æ мæ зæ хх йæ бындзарæ й нырризæ д! Æ з уарзын Æ хсары, Æ хсар та уарзы мæ н, æ мæ иумæ цæ рдзыстæ м. Уыцы тыхджын арт та кæ й бон у ахуыссын кæ нын! »

Ахæ м уавæ ры Сафирæ т йæ бонтæ æ мæ йе ’хсæ втæ æ рвыста. Æ зойæ н Бибо æ мæ Æ хсары æ васт фæ зынд йæ фæ ндтæ гыццыл фæ цудын кодта. Сагъæ сы йæ бафтыдта. Хъуыды кодта, Бибойæ н цы дзуапп ратдзæ н, ууыл. Исдугмæ йæ хиуыл фæ стæ мæ хæ цыд, Бибойыл аивæ й фембæ лыныл архайгæ йæ, стæ й уымæ н «æ гас цæ уай» зæ гъынмæ йæ хи схъæ батыр кодта. Хъæ лдзæ гхуызæ й сæ мбæ лы Бибойыл, зæ рдиаг хъæ быс ын ныккæ ны æ мæ райдайы дзурын:

— Уæ, æ гас цæ уай, мæ хæ рæ фырт! Дæ мадыфсымæ ры лæ вар, æ вæ ццæ гæ н, цæ хæ ртæ калы. Ома, тарбын цъæ х бухайраг худ, сау тæ бын куырæ т æ мæ сгæ ллад цухъхъайаг!

Бибо æ нцадгай кæ сы Æ зомæ, йæ тугдадзинты зынджы стъæ лфæ нтæ ацæ уынц, йæ хи тыхурæ д ныккæ ны æ мæ йæ м æ рдæ гмæ стыхуызæ й сдзуры:

— Æ зо, ды цы лæ вæ рттæ ранымадтай, уыдон дæ хуызæ н мадыфсымæ рæ н гыццыл сты, дæ уæ н зынаргъдæ р лæ вæ рттæ хъæ уы, уый тыххæ й æ мæ ды дæ хæ рæ фырттæ н тынг стыр аргъ кæ ныс æ мæ сæ бирæ уарзыс!

Æ зо æ мбæ рста, Бибо йæ м мæ сты кæ й у, уый æ мæ йæ ныхас цæ хгæ р фæ зылдта:

— Дæ хойы дæ р амондджын бон ратт, Бибо, хайыр уæ д уæ хæ стæ гдзинад!

— Уыцы арфæ тæ хъуамæ æ з дæ уæ н ракæ нон, фæ лæ дæ æ з фæ рсын, Æ зо: ды хорз куы зыдтай, æ з Фидараты Æ хсарæ н дзырд кæ й радтон, уый, уæ д ме ссыдмæ цæ уыннæ уал фæ лæ ууыдыстут? Мæ хойы кæ д мæ хæ дæ г бакодтаин Дзылатæ м, уæ д та? Ныр æ з цы фæ уон æ мæ цы зæ гъон Фидаратæ н?

— Раст зæ гъыс, Бибо. Æ з дæ р ыл сымах ссыдмæ фæ стæ мæ бæ ргæ хæ цыдтæ н, фæ лæ де ’фсымæ ртæ, дæ мыггаг фæ тагъд кодтой, æ мæ мæ нæ н дæ р мæ бон нал баци хъуыддаг бакъуылымпы кæ нын.

Бибо смæ сты æ мæ йын æ ргомæ й зæ гъы:

— Æ зо, æ гæ р бирæ бартæ райстай дæ химæ æ мæ нæ, дуканигæ сау, уæ йтæ кæ ныс. Фидаратæ дæ уæ й дæ р æ мæ мæ нæ й дæ р агурдзысты дзуапп. Ирон æ фсарм æ мæ æ гъдау нал ис æ ви?.. Цавæ р мадыфсымæ р нын дæ? Дыууæ галыл нæ куы ныууæ й кодтай. Рох дæ ма уæ д, Фидаратæ м дæ р ис фæ сивæ д, хистæ ртæ. Цы нæ схондзысты адæ м? Нæ иутæ Фидаратимæ фидауынц, иннæ тæ та Дзылатимæ.

Æ зо сыстад æ мæ рацыд йæ хæ рæ фыртты хæ дзарæ й. Сæ химæ фæ ндагыл йæ хинымæ р дзуры: «Иугыццыл ма куы афæ стиат уыдаис, Бибо, уæ д æ з Сафирæ ты бæ ргæ афæ ндараст кодтаин, фæ лæ кæ рæ дзийы ныццæ гъдæ нт Дзылатæ дæ р, чи ныффæ стиат! Бæ ргæ сын дзырдтон. Æ ниу ныр дæ р цы тыхсæ м? Фæ рæ йдзысты, æ мæ Дзылатæ сæ чындзы ахæ сдзысты, Æ зо та къобор галтæ й йæ хицæ н хуым кæ ндзæ н».

Гъе, ацы хъуыдытимæ Æ зо йæ бонтæ æ рвыста.

Рæ стæ г зилы æ рæ гвæ ззæ джырдæ м. Хъæ д фæ бур ис. Донæ н йæ хъæ р фæ тынгдæ р. Мигътæ цæ гаты бадын байдыдтой. Алчи йæ куыстытæ й февдæ лондæ р. Ныхасы фæ з адæ мæ й фæ бæ зджындæ р ис. Алыхуызон ныхæ стæ сæ м цæ уы, фæ лæ ныхæ стæ н сæ ахсджиагдæ р здæ хт у Дзылатæ æ мæ Фидараты ’рдæ м. Чи зылын кодта Джетæ гъæ зы: «Нæ йын æ мбæ лдис зонгæ -зонын Æ хсары сæ рты ахизын». Чи та-иу загъта: «Цæ мæ н, цæ мæ н? Дзылатæ дæ р мыггаг сты, мыггаг!.. »

Гъе, афтæ адæ м Фидаратæ æ мæ Дзылаты æ хсæ н цæ гъдынц зынг.

Æ хсар ацы фæ стаг заман тынг æ нкъард у. Æ мæ æ нкъард дæ р куыд нæ уа, — алыхуызон ныхæ стæ цæ уы! Хаттæ й-хатт хъазгæ мхасæ нты афтæ дæ р æ рыхъуысы: «Уæ ддæ р дын, Æ хсар, дæ хъæ бысæ й Сафирæ ты куыд фелвæ стой Дзылатæ! »

Йæ хæ дæ г иунæ г уæ вгæ йæ та ахæ м хъуыдыты бацæ уы: «Цымæ мын мæ хъысмæ т цы цæ ттæ кæ ны? Уæ вгæ дæ м, хъысмæ т, ницы æ нхъæ лмæ кæ сын, дæ умæ дæ р, ды дæ р фыд-зæ рдæ дæ », — æ мæ цыма цардмæ лæ бургæ кæ ны, уыйау йæ цæ сгом мæ сты арт суадзы. Æ мæ куыддæ р аджих вæ ййы, стæ й та тарстхуызæ й сдзуры: «Топпы цæ хæ р, карды æ рттивæ нтæ, туджы зæ йтæ, цæ ссыджы култæ — уадз æ мæ æ рцæ уой иууылдæ р! Нывонд кæ нын Сафирæ ты дæ р æ мæ мæ хи дæ р рæ стдзинад æ мæ уарзондзинады тыххæ й. Уарзондзинады талынг кæ мттæ хъуамæ срухс уой. Йæ тухийы æ фсондз ын асæ ттын хъæ уы, йе згæ рæ хыстæ йын атонын хъæ уы! » Йæ сагъæ стæ афтæ стыхджын сты, æ мæ бæ лвырд цæ уыл æ рлæ ууа, уый нал зоны. Йæ хъуыдытæ йæ ахæ ссынц дардмæ, йæ сомбон куыд уыдзæ н, ууыл райдайы мæ т. Афтæ йæ уаты уыцы сагъæ стимæ рацу-бацу кæ ны. Цæ хгæ р фæ зилы стъолы ’рдæ м æ мæ цыма искæ мæ æ ртхъирæ н кæ ны, уыйау стъол æ рхойы: «Уæ, æ нæ зæ рдæ Æ зо! Афæ лдахын дæ хъæ уы дæ у, бæ ргæ! Фæ лæ ма, уæ вгæ, уымæ й дæ р цы рауаид. Æ зойæ н йæ зæ рды цы уыди, уый бакодта. Цард у тох, уæ лахиз дзы кæ ны æ хсар, Æ хсары бын цагъар диссаг нæ у, фæ лæ зæ рдæ йы цагъар æ мæ тæ ппуд фидиссаг у. Уадз æ мæ мæ царды стыр фæ йлауæ нтæ хъысмæ ты къæ дзæ х-рæ гътыл хойгæ ахæ ссæ нт. Здæ хгæ дзы нал у фæ стæ мæ. Сафирæ т, Сафирæ т!.. — æ мæ та джихауæ й аззайы. — Уæ, æ хсар, уæ, хъысмæ т, уæ, æ фсарм! Цы у сымахæ н уæ, тæ рхон? Сафирæ ты ахæ сдзысты Дзылатæ, уыдон къæ рццæ мдзæ гъдæ й куы кафой, фæ ндыры цагъдмæ куы зарой, уæ д, марадз, Æ хсар, æ мæ ды сæ цæ рæ нбонмæ кув. Нæ, нæ, цагъар, дæ бæ сты мæ лæ т!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.