Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 13 страница



— Æ вæ ццæ гæ н, Елмæ рза, мæ райгуырд æ лгъыстæ н баззайдзæ н...

Елмæ рза дæ р, цыма йæ ныхас тыххæ й йæ къухы æ фты, уыйау сдзуры:

— Нæ й гæ нæ н, Æ хсар, адæ ймагæ н йæ хъысмæ т цы скæ рда, уымæ й ирвæ згæ нæ у!

Уæ д сæ м Мæ хæ мæ т радзуры:

— Цомут-ма мидæ мæ. Цы у уый, лæ гтæ не стут æ ви цы? Царды мидæ г адæ ймаг хъуамæ æ нхъæ лмæ кæ са алцæ мæ дæ р. Мидæ мæ, уатмæ, Сафирæ ты цурмæ. Нæ амондджын сæ мбæ лды хъуамæ цæ ссыг ма уа! Уыцы ныхæ стæ гæ нгæ йæ, Мæ хæ мæ т бахызти уаты къæ сæ рæ й, йæ фæ стæ та Елмæ рза æ мæ Æ хсар. Сафирæ ты стыхсын кодтой цæ ссыг æ мæ кæ уын. Ногæ й та йæ цæ стытыл уадысты йæ хъысмæ ты цаутæ æ мæ фыднывтæ. Мæ хæ мæ т дæ р фездæ хы Сафирæ ты ’рдæ м æ мæ фæ зæ гъы:

— Сафирæ т, нæ зынаргъ хо, дæ хи æ гæ р ма тыхсын кæ н. Дæ у аххос нæ у, ацы хъуыддæ гтæ демæ райгуырдысты, дæ хъысмæ ты лæ вар сты.

Афтæ мæ й Мæ хæ мæ т дыууæ йы дæ р æ рсабыр кодта.

Иучысыл рæ стæ джы фæ стæ æ ртæ йæ дæ р æ нæ иу хъыпп-сыппæ й аззадысты. Сæ иу сæ иннæ мæ сдзурынмæ æ нхъæ лмæ касти. Æ ппынæ рæ джиау Æ хсар уæ ззауæ й, йæ цæ стытæ гыццыл доны разилгæ йæ, кæ уынхъæ лæ сæ й загъта:

— Уæ дæ цард цытæ кæ ны!.. Рухсаг уæ нт мæ мадыфсымæ р Саулохы-фырт æ мæ Сафирæ ты мадыфсымæ р Æ зо.

Стæ й цыма куыройы нукæ н йæ ауазæ н систой, уыйау ныхас æ нæ къуылымпыйæ цæ уын байдыдта. Елмæ рза дæ р æ нцадгай сдзуры:

— Джетæ гъæ зы амонд дæ р ницы хæ лæ ггаг у. Саулохы-фырт мард фæ ци, уымæ н та йæ син ныммур.

Сафирæ тæ н ногæ й йæ зæ рдæ æ рбауынгæ г æ мæ ставд цæ ссыгæ й ныккæ уы. Æ хсар дæ р æ м ирдхуызæ й сдзуры:

— Алкæ мæ н дæ р нæ йæ хъысмæ т конд у. Фæ лæ, Елмæ рза, ныр мах дæ умæ хъусæ г стæ м. Цы уавæ ры сты адæ м, стæ й цы цæ стæ нгасæ й кæ сынц махмæ?

— Зæ гъдзынæ н дын æ й, Æ хсар! Чи уæ ныхмæ у, чи та — уæ фарс, чи — ардауæ г, чи та — фыдбылызхæ ссæ г.

— Уыдон иууылдæ р хорз, фæ лæ Буцæ та цытæ архайы?

— Буцæ йæ куы зæ гъæ м, уæ д тынг атæ лфтытæ кодта, цæ ф арсау арыдта, фæ лæ ныр фæ сабырдæ р. Хуыцау æ й мæ ныл бафтыдта.

— Раст у уый, Елмæ рза, фæ лæ йын дæ бон цы у æ мæ дæ уæ й цы агуры, уый ма мын бамбарын кæ н.

— Йæ курдиаты сæ йраг у, дæ у æ мæ йæ хоимæ дзыхæ й-дзыхмæ куы аныхас кæ нид, уый.

— Дис кæ нын, Елмæ рза: уымæ й уый цы сараздзæ н?

— Уымæ н дын цы зæ гъон, йæ хи-иу ын бафæ рс. Æ рмæ ст ын фæ ндаг уыдзæ нис æ ви нæ?

— Фæ ндаг та йын цæ уылнæ уыдзæ н? Калм у, хæ ргæ нæ акæ ндзæ нис? Цы зæ гъыс, Сафирæ т?

— Æ з ницы зæ гъын. Æ рмæ стдæ р уый, æ мæ ме ’фсымæ р, Буцæ, у хивæ нд æ мæ фыдбылызæ й йедзаг...

Бирæ алыхуызон ныхæ стæ ма сæ м рауадис уый фæ стæ.

Тохты Мæ хæ мæ т тынг сбуц кодта Елмæ рзайы. Бамбæ рста, Елмæ рза цы курæ г у, уый. Радта йын фæ ндаг, цæ мæ й Буцæ сæ мбæ лдаид йæ хоимæ. Елмæ рза сæ рацыди тынг бузныгæ й, Буцæ йæ н фæ ндаг кæ й радтой, уымæ й.

Хетæ джы къохы цурты æ рцæ йцæ угæ йæ, Елмæ рза фæ стæ мæ сдзуры: «Табу дæ хицæ н, Хетæ г, æ нхъæ лдæ н, æ мæ дæ кусарт хæ сджын кæ ндзынæ н. Буцæ йы курдиат тынг рæ сугъд сæ ххæ ст кодтон. Йæ бон у йæ сиахс æ мæ йæ хойы фенын. Уымæ й дарддæ р цы æ рцæ уа, уый мæ хъуыддаг нæ у». Æ мæ асагъæ с кæ ны: «Æ нæ ууæ нк дæ ды, Буцæ, ард дын нæ й, фæ лæ кæ д ды рувас дæ, уæ д æ з та йæ къæ дзил. Æ з дæ р дын афтæ мæ хи не спарахат кæ ндзынæ н, цалынмæ мын цы загътай, уыдонæ й исты мæ къухы бафта, уæ дмæ ».

***

Елмæ рза йæ сагъæ стæ й афтæ æ нæ вдæ лон уыди, æ мæ комгæ роны зæ ридау лæ нкмæ, фыййаударæ нтæ м куыд бахæ ццæ, уый дæ р нæ бамбæ рста, цалынмæ йыл фыййауты куыйтæ срæ йдтой, уæ дмæ. Дыккагæ й та йæ м Айтег йæ фысты уæ лхъус лæ ууыд иуварсæ рдыгæ й æ мæ йæ м хъæ лдзæ г хуызæ й сдзырдта:

— Уæ, æ гас æ рцæ уай, Елмæ рза! Быдырæ й цæ уæ джы хуызæ н куы дæ? Мидæ мæ, Елмæ рза. Нæ изæ рхорыл нæ хи аирхæ фсæ м.

— Бузныг, фадат мын нæ й, Айтег. Цæ й, дæ фос дæ р бирæ уæ нт æ мæ хъæ здыг фысым фæ у.

Айтег ма йæ иукъорд ныхæ стæ й уæ лбæ хмæ афарста:

— Куыд сты быдыры ’рдыгæ й та хортæ, нартхæ рттæ?

— Тынг бæ ркад ис быдыры ’рдыгæ й ацы аз, хуыцауæ й бузныг.

— Быдыры исты куы уа, уæ д дзы мах дæ р хайджын уыдзыстæ м. Фæ ндыдис мæ, Елмæ рза, нæ изæ рхорæ й куы сахуыстаис, уый, фæ лæ тагъд кæ ныс æ мæ фæ ндараст фæ у!

 

 

Цалынмæ Елмæ рза йæ балцæ й фæ стæ мæ здæ хтис, уæ дмæ Буцæ йæ хицæ н иу ран бынат нал ардта, минутæ й-минутмæ йæ бæ рæ г кодта.

Уалынмæ йæ м хъæ убæ стæ й чидæ р хæ рзæ ггурæ ггаг фæ ци:

— Æ тт, Буцæ, дæ минæ вар Елмæ рза æ рбахæ ццæ ис!

Буцæ афæ лурс ис, йæ мидбынаты бадзой-дзой кодта. Хабархæ ссæ г æ м базгъордта, фæ хæ цыд ыл æ мæ йæ бандоныл æ рбадын кодта.

Иу минуты бæ рцмæ Буцæ æ рномыл ис. Фефсæ рмы ис уазæ гæ й æ мæ дзы хатыр ракуырдта. Хабархæ ссæ г куы ацыд, уæ д та Буцæ ногæ й йæ хи æ руагъта бандоныл æ мæ сагъæ сты аныгъуылд: «Цы мын зæ гъдзæ н Елмæ рза мæ хъуыддагæ й? »

Йæ цæ стæ нгас уыди расыгхуыз. Йæ зæ рдæ йы тухи йæ цæ сгомыл тынг æ ргомæ й зынди. Æ ппынфæ стаг йæ топмæ бавнæ лдта, йæ хъатара æ рбаста æ мæ рараст и...

Елмæ рзайы дæ р йæ хъуыдытæ иу ран кæ м уадзынц! Чысыл ма бахъæ уа, йæ хæ дæ г фæ раст уа Буцæ мæ. Фæ лæ та фæ зæ гъы: «Нæ! Уæ д мæ хи æ гæ р аслам кæ нын. Бауадзон æ й, цымæ цы йæ зæ рды ис».

Цалынмæ Елмæ рза гъеуыцы сагъæ стимæ ракæ -бакæ кодта, уæ дмæ кæ рты дуары хъæ р ссыд, æ мæ æ нцадгомауæ й чидæ р бадзырдта:

— Госæ ма, дæ изæ р хорз уа!

— Кæ й изæ р у, уый хорзæ х дæ уæ д æ мæ нæ м æ гас цу, Буцæ!

— Куыдтæ стут, Госæ ма?

— Дзæ бæ х дæ хуыцау уадзæ д, Буцæ!

— Елмæ рза уæ химæ ис?

Елмæ рза Буцæ йы ныхас куы айхъуыста, уæ д рудзынгæ й радзырдта:

— Гъей, мидæ мæ, уазæ г! — Йæ хæ дæ г хæ дзары дуар фегом кодта æ мæ та йæ м дзуры: — Мидæ мæ, мидæ мæ, Буцæ!

— Алыбон æ гас цу, æ гайтма хæ дзар ссардтай, — йæ къух ын райсы Буцæ.

Буцæ кæ д йæ хи цыфæ нды хъæ лдзæ г дардта, уæ ддæ р йæ цæ сгомыл зынди цыдæ р уæ ззау сагъæ с. Дыууæ йæ дæ р къæ сæ рыл фембæ лдысты æ мæ кæ рæ дзийы арафæ рс-бафæ рс кодтой.

— Мæ зæ рдæ дæ м хуымæ тæ джы тынг æ хсайдта! Куыд вæ ййы, цы вæ ййы, зæ гъын...

— Ай-гъай! Ахæ м фæ ндагыл мæ бафтыдтай.

— Хъазын хъазын у, Елмæ рза, фæ лæ сауджын куадзæ ны æ рцыдмæ афтæ не ’нхъæ лмæ каст, æ з де ’рцыдмæ куыд æ нхъæ лмæ кастæ н. — йæ хæ дæ г æ над худт бакодта. — Цæ й, куыд уыдис дæ балц?

— Бауырнæ д дæ, Буцæ, мæ балц уыд, мæ нæ цуанон цæ ф сырды фæ дыл сæ рсæ фæ ны былтыл куы цæ уа, гъеныр кæ нæ цъус фæ стæ дæ р хохы тигъæ й атæ хдзынæ н, зæ гъгæ, хъуыдытæ кæ нгæ, раст афтæ уыди мæ балц. Æ з ныццыдтæ н Хурыхъæ умæ. Уæ дæ мын дзы зонгæ тæ дæ р куыд нæ и, уæ дæ мын дзы хæ стæ джытæ дæ р ис. Гъе, уæ ддæ р æ фсæ н къулыл хæ стон, æ ндæ р мын дзы ницы æ нтысти. Стыр зынтæ й бахаудтæ н Тохтæ м. Уыдон мæ цалынмæ лыстæ г сасирæ й балуæ рстой, уæ дмæ мын нæ уыдис фæ ндаг Æ хсар æ мæ дæ хо Сафирæ тмæ, уый дæ р стыр зынтæ й.

Буцæ цыма сонт фæ ци, уыйау хæ рдмæ фесхъиудта æ мæ сдзуры:

— Æ мæ сæ федтай дæ хи цæ стытæ й Æ хсар æ мæ Сафирæ ты?

— Æ рра дæ æ ви цы! Уæ дæ сæ искæ й цæ стытæ й уыдтон? Æ з ын мæ тухитæ дзурын, ай та æ ндæ р кæ дæ мдæ р хъусы.

— Гъы, гъы, Елмæ рза, дæ у куы федтой, уæ д цы хуызæ н уыдысты?

— Рыстхуыз уыдысты, куыдтой.

— Æ мæ дæ уæ д мæ нæ й ницæ мæ й афарстой?

— Куыннæ мæ афарстой! Мæ н куы федтой, уæ д фыццаг фарст ды уыдтæ. Фæ лæ Сафирæ т та тынгдæ р фарста йæ мады. Цæ й, Буцæ, куыд уыдысты æ мæ цы уыдысты, уыцы таурæ гътæ ныууадзæ м. Фæ лæ ды мæ нæ й цы куырдтай, æ мæ æ з цы дзуапп æ рбахастон, уыимæ дæ базонгæ кæ нон. Æ ппæ т Хурыхъæ у дæ р æ мæ де сиахс, дæ хо дæ р дын радтой бар семæ сæ мбæ лынмæ. Фæ ндаг дын ис, дæ хорзæ хæ й. Цы ма мæ агурыс?

— Зæ рдиагæ й дын арфæ кæ нын, Елмæ рза, кæ д дын цыфæ нды зын уыдис, уæ ддæ р сæ кæ й сæ ххæ ст кодтай, уый тыххæ й. Фæ лæ æ з дæ р мæ уды æ гасæ й мæ хи хæ сджынæ й нæ ныууадздзынæ н дæ разы.

Гъеуыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ сисы йе ’хцадон йæ дзыппæ й æ мæ дзы дæ с туманы дæ тты Елмæ рзамæ, адон ницы сты, фæ лæ фендзыстæ м дарддæ р, зæ гъгæ.

Елмæ рза дæ р сæ йæ хи нæ исæ г скæ ны, фæ лæ сæ Буцæ стъолмæ баппары æ мæ сдзуры, æ фхæ ргæ мæ кæ ныс, Елмæ рза, фæ лæ дын куы зæ гъын, фендзыстæ м дарддæ р, зæ гъгæ.

Гъе, афтæ ма иугыццыл аныхас кодтой Елмæ рза æ мæ Буцæ æ мæ зæ рдиаг хуызæ й кæ рæ дзийæ н хæ рзизæ р загътой. Буцæ йæ н сæ химæ цæ угæ йæ йæ хъуыдытæ раив-баив кодтой кæ рæ дзийы. Хинымæ р ныхæ стæ кæ ны йæ хиимæ. «Ацин уал кæ н, ацин, Елмæ рза, дæ дæ с туманыл. Ды сæ бафиддзынæ, иу дзидзи кæ имæ бададтай, уыцы Æ хсары тугæ й. Ныр уал дæ хицæ н æ вæ р зæ рдæ: мæ мыстрагъыл сбаддзынæ, мæ хæ рæ фырт Мæ динæ дæ рæ вдаудзæ ни... Нæ, хъæ здыг фынтæ уайдзæ н, Елмæ рза, дæ цæ стытыл! Фæ лæ — кæ м æ мæ цы! »

Гъе, афтæ хъуыдытæ гæ нгæ Буцæ бахæ ццæ вæ ййы сæ химæ.

Елмæ рзайæ н йæ мад Госæ ма изæ рхор куы æ рæ вæ рдта, уæ д йæ фыртимæ фынгыл æ рбадтысты. Госæ ма фæ рсы Елмæ рзайы:

— Дæ хорзæ хæ й, лæ ппу, уыцы карз æ мæ сусæ г ныхас уын цы уыди Буцæ имæ?

— Цы куы зæ гъай, нана, уæ д дын æ й зæ гъдзынæ н. Нал мæ уадзы, Æ хсар æ мæ нæ Сафирæ тимæ дзыхæ й-дзыхмæ баиу кæ н, зæ гъгæ.

— Бабын уай! Дзыллæ кæ й нæ фæ разынц, уымæ н дæ бон цы бауыдзæ н?

— Мæ бон ын, нана, сси: æ нæ хъæ н дзыллæ кæ м ницы фæ рæ зтой, уым æ з фæ ндаг сарæ зтон.

— Куыд, дæ хорзæ хæ й, лæ ппу?

— Буцæ мæ куырдта: «Фидараты мын сразы кæ н. Мæ хо æ мæ де ’фсымæ р Æ хсары феныны тыххæ й дæ уыл баууæ нддзысты æ мæ дын æ й бацамондзысты, кæ м ис, уый». Уыдон сты Хурыхъæ уы, Тохты хæ дзары.

— Мæ нæ ме уæ нгтæ куыд ныддыз-дыз кодтой, лæ ппу! Дæ ныхæ стæ м мæ сæ рыхъуын уырдыг сыстадис. Хорз нæ уыдис, æ гæ р арф дзы кæ й бацыдтæ, уый, мæ хъæ бул. Буцæ йæ адæ м сæ хи дардмæ куы ласынц æ мæ йæ аларды куы хонынц.

— Йæ тæ ваг йæ хирдæ м фæ уæ д, цы нын кæ ндзæ ни. Уæ вгæ дзы хи хъахъхъæ нын хъæ уы, уый раст у. Уацилла йæ æ рысхойæ д, æ гас дзыллæ ты æ ддæ г-мидæ г чи ауайын кодта!

Буцæ, сæ химæ бацæ угæ йæ, йæ хъатара мæ стыйæ баппары, йæ топп æ рцауындзы æ мæ стъолы цур æ рбады. Йæ мад æ м æ нцадгай дзуры:

— Дзылатæ дæ агуырдтой: «Æ хсызгон, дам, нæ хъæ уы».

Иугыццыл æ нæ сдзургæ йæ абады æ мæ йæ мадмæ фидисгæ нæ гау сдзуры:

— Хæ дæ гай, дæ хæ рзæ ггурæ ггаг мæ н: дæ буц, дæ кадхæ ссæ г, номдзыд æ мæ хорз чызджы дын фендæ уыди.

Мад тарстхуызæ й бафæ рсы:

— Кæ мæ й зæ гъыс?

— Кæ д æ й дæ чызгæ й нал зоныс, уæ д та Сафирæ ты, стæ й кæ й фæ дыл алыгъди, уыцы æ наккаджы дæ р. Ноджы иннæ хæ рзæ ггурæ ггаг: авдæ нбæ ттæ н æ мæ кæ хцмæ бацæ ттæ кæ н дæ хи. Хуыцау кæ сы æ мæ махмæ: хæ рæ фырт нын, хæ рæ фырт!.. Гъы, дзæ бæ х хæ рзæ ггурæ ггаг дæ м нæ фæ дæ н, дзыцца?! Æ з дæ уæ й куы уаин, уæ д иу нуазæ н авæ рин.

Мадæ н йæ рустыл судзгæ цæ ссыгтæ æ рызгъæ лдысты æ мæ исдугмæ джихæ й аззади. Буцæ йæ мады æ гæ р рыстæ й куы федта, уæ д æ м фæ лмæ нæ й сдзырдта:

— Дæ умæ æ рвиты, фен, дам, мæ.

— Ой, æ лгъыстаг гуырд. Дæ бæ сты мын фæ лтау калм куы уыдаид, калм, æ мæ мын фæ лтау мæ хи куы бахордтаид!

— Æ лгъыстæ й ницы уайы, дзыцца, уыдон ныууадзын хъæ уы, фæ лæ уыцы æ намонды нæ хæ дæ г фенæ м, цымæ цы зæ гъы. Дзылатæ н нæ исты дзуапп дæ ттын хъæ уы. Джетæ гъæ з домы, мæ куырд усы мын ссарут, кæ д, дам, ыл цыфæ нды бæ ллæ хтæ æ рцыд, уæ ддæ р.

— Кæ цытæ н ма дзы раттæ м дзуапп, уый бæ рæ г куынæ уал ис. Тæ худы, тæ худы æ мæ сау ингæ нмæ чи ныххауы.

— Сау ингæ н дæ р баййафдзыстæ м, кæ дæ м æ м хæ лæ ф кæ нæ м, дзыцца! Уый нын нæ аирвæ здзæ н, мах агургæ йæ нæ у.

Уыцы ныхæ стæ гæ нгæ арахъхъ рауадзы æ мæ йæ зыд нозт акæ ны, стæ й фæ зæ гъы:

— Цымæ мæ м цы цæ сгом равдисдзысты Æ хсар æ мæ Сафирæ т? Цымæ сæ хи цæ мæ й раст кæ ндзысты? Тыхджын зæ рдæ хъæ уы уыдон бауромынæ н.

Буцæ йыл уæ ззау хъуыдытимæ æ рбабон. Дзылатæ йæ цæ мæ н агуырдтой, уый дæ р æ мбæ рста. Уыдонæ н дæ р уыдис æ мбæ рстгонд, Елмæ рза сæ дыууæ ты æ хсæ н кæ й архайы, уый. Буцæ йæ Елмæ рзамæ къаддæ р æ нлъæ лмæ нæ кастысты, цы дзуапп æ рбахæ сдзæ н, уымæ. Æ мæ Буцæ Дзылатæ м куы бацыди, уæ д уыдон иукъордæ й йе ’мдзу бакодтой. Уый сын загъта Елмæ рзайы дзуапп:

Буцæ, куыд кæ ныс, уый мах хъуыддаг нæ у. Дæ хо гуыбынджын нæ, фæ лæ кæ д дæ с ныййардта, уæ ддæ р дын Дзылатæ зæ гъынц, дæ хæ дзармæ цæ мæ й æ рбацæ уа, уый. Гъеуый дын мах дзуапп. Уымæ й фæ стæ мæ дæ хæ дæ г куыд арæ хсыс — дæ бар дæ хи!

— Нæ й гæ нæ н, дзыцца, схъæ батыр кæ н дæ хи æ мæ цом Хурыхъæ умæ. Ныццæ удзыстæ м дæ лæ дæ хомæ, — уыдон дæ р хъæ убæ сты астæ у мыггаг сты, — æ мæ сæ бафæ рсдзыстæ м зондæ й.

Мад тынг зынтæ й сразы ис. Фæ лæ уæ ддæ р Хурыхъæ умæ сæ балц тынг уæ ззау хъуыдытимæ срæ вдз ис.

Елмæ рзайæ н йæ мад Госæ майы ныхæ стæ йæ ныфс асастой: «Исты куы æ рцæ уа æ мæ дзы мæ ном куы разына». Стæ й та йæ хицæ н зæ рдæ авæ ры: «Æ мæ хъуамæ цы æ рцæ уа? Æ з цы Æ хсары зонын, уый Буцæ йыл гыццыл куы фæ гуырысхо уа, уæ д ын цы хъæ уа, уый бакæ ндзæ н. Аннæ мæ й та Тохты фондз æ фсымæ ры астæ у калмы дзыхы йæ къух чи кæ ны? »

***

Æ хсæ вы кæ д мæ й нæ касти, уæ ддæ р стъалытæ й уыди рухсбын. Мигътæ, цыма сæ фæ ллад уагътой, уыйау арвы кæ рæ тты дзыгуыртæ й лæ ууыдысты. Дон æ нæ мæ тæ й йæ фæ ндаг дардта æ мæ хъæ лдзæ гæ й зарыд, цыма йе сгуыхтытыл цин кодта, уыйау.

Диссаг у, цымæ афтæ æ нафоны ацы бæ лццон кæ дæ м араст? Уый афтæ хъахъхъæ нгæ цыди, æ мæ йæ хи улæ фтæ й дæ р тыхсти. Йæ цалх-иу дурыл йæ хи куы скъуырдта, уæ д-иу æ й куы апырх кодтаид, уый дæ р æ й фæ ндыди.

Цæ уджытæ м куы фæ хæ стæ гдæ р, уæ д тагъддæ р базмæ лын кодта йæ бæ хы. Басылыхъхъæ й йæ сæ р стыхта æ мæ йæ хи иннæ рдæ м кæ сæ г скодта. Цæ уджытæ йæ нæ равзæ рстой цæ сгомæ й. Куы фæ иртæ ст сты, уæ д фæ ндаггæ ттæ кæ рæ дзимæ сдзырдтой:

— Хуыцауы тыххæ й, адон цавæ р адæ м сты? Сæ хицæ н цæ стдзыдæ й тæ рсынц, æ ви нæ м дзургæ дæ р куы ницы скодтой.

Сæ иу загъта:

— Кæ д мæ хуыцау нæ фæ ливы, уæ д уыцы аласа Хабæ ты Буцæ йы бæ хы хуызæ н у.

— Омæ уый Буцæ фæ уæ д, фæ лæ йын сылгоймаг та чи у?

Бæ лццæ ттæ уыцы ныхасмæ аздæ хтысты Фидараты æ мæ Дзылаты коймæ...

Райсом хур куы скаст, уæ д Буцæ æ рхызт Уыртатæ м, йæ мады хомæ, Хурыхъæ уы. Йæ хойы лæ ппутæ йæ м æ нкъардхуызæ й рауадысты. Буцæ йы мад йæ хойы лæ ппуты куы ауыны, уæ д сæ, йæ хъæ бысы ныккæ нгæ йæ, ныккæ уы:

— Æ й-джиди, æ мæ уæ м фæ лтау мæ бæ сты уе ’мхæ рæ фырт Сафирæ ты хъæ ргæ нæ г куы æ рхызтаид. Фысымтæ архайдтой йæ басабыр кæ ныныл:

— Гæ нæ н нæ й, дзыцца. Уæ ларвæ й дур куы æ рхауы, уæ д æ й зæ ххæ н æ нæ уромгæ нæ й. — Сæ хæ дæ г æ й, сæ хъæ бысы хæ ссæ гау, мидæ мæ бакодтой.

Буцæ æ мæ йæ мады æ рцыд уайтагъд ахæ лиу Хурыхъæ уыл. Зæ ронд лæ гтæ æ мбырд кæ нын байдыдтой Уыртаты дуармæ. Уыцы хабармæ Тохтæ дæ р базмæ лыдысты. Мæ хæ мæ т хъæ убæ сты зæ ронд лæ гтæ м арвыста æ мæ сын бамбарын кодта, Сафирæ тæ н йæ мад æ мæ йе ’фсымæ р кæ й æ рбацыдысты, уый. Хъæ убæ сты дзырддзæ угæ лæ гтæ хъуыддагхуызæ й Мæ хæ мæ ты алыварс æ мбырд кæ нын райдыдтой. Цыбыр рæ стæ гмæ Тохты дуармæ тынг æ рбæ зджын сты адæ м. Се ’хсæ н стыхджын ныхас. Нал ауæ рстой, куыд аивдæ рæ й æ мæ цы хуызы æ нæ рæ дыддæ р ныхас æ рцæ уа, ууыл.

Уыртаты ’рдыгæ й дæ р æ нцад не сты. Æ ппæ т Хурыхъæ уæ н дæ р — лæ гæ й, усæ й, фæ сивæ дæ й — се ’нгас здæ хт у хъуыддагмæ. Алкæ й цæ сгомыл дæ р дзы зынди сагъæ с, хъуыды кодтой, цы уыдзæ н, ууыл.

Кæ д райсом бон райдзаст уыди, уæ ддæ р ныр арвыл сау мигъы тæ гтæ абадти æ мæ чысылгай æ рбабæ зджын сты. Стæ й, цыма æ рдз адæ мы зæ рдæ æ лхæ дта, уыйау гæ зæ мæ сæ лфынæ г ракодта.

Уыртаты кæ рты стыр цæ лхæ мбырд сты бирæ адæ м. Сæ астæ у лæ ууынц Буцæ æ мæ йæ мад. Мадыл ис сау дарæ с.

Буцæ йæ н йе ’мхæ рæ фырт Ахберд, бæ рзонд, даргъзачъе уæ нгджын лæ г, уæ ззаугай ныхас кодта хъæ убæ стимæ, фæ лæ йæ ныхас арæ зт уыди Буцæ æ мæ йæ мады хомæ.

— Нæ зынаргъ хо Ханысиат, уæ ззау раны дæ, уый зон. Ис дыл зын бон, фæ лæ цы кæ нæ м? Ацы адæ м æ мæ дæ мах дæ р курæ м, уромын фæ раз дæ хи. Дзæ гъæ л куыдтытæ, дзæ гъæ л ныхæ стæ, æ нæ уаг митæ куыд нæ уа, афтæ. Буцæ! Дзурæ м дæ умæ дæ р. Ды æ рра митæ, схъиудтытæ куыннæ кæ най, афтæ. Æ мбар дæ хи, кæ м дæ, уый, æ мæ дыл цы бон ис, уый дæ р. Хъуыддаг канд Хурыхъæ уыл нæ у, фæ лæ дзы ис æ фсæ рмыйаг дзыллæ.

Гъеуыцы уавæ ры Уыртаты хæ дзарæ й рараст сты æ нкъард адæ м. Æ ппæ т хъæ убæ стæ дæ р ныссабыр сты, суанг æ рдз дæ р ныхъхъус и. Тохты уынджы тигъмæ куы схæ ццæ сты, уæ д иу уынгæ й иннæ уынджы тигъмæ рæ нхъ æ рлæ ууыды сты Ахбердитæ. Дыууæ тæ дæ р æ нкъардхуызæ й лæ ууыдысты æ мæ марды арфæ ракодтой. Тохты хистæ р Сæ го размæ ракæ ны къорд къахдзæ фы æ мæ æ нцадгай ныхас райдайы:

— Рухсаг уæ нт Æ зо æ мæ Саулохы-фырт. Ацы адæ м æ мæ æ ппæ т Хурыхъæ у дæ р хъыг кодтой æ мæ кæ нынц, куыдтой æ мæ кæ уынц. Фæ лæ цы нæ бон у? Æ хсар æ мæ Сафирæ т сты нæ хо æ мæ не ’фсымæ р. Дæ уæ н нæ хи кæ нæ м нывонд. Фыдбылызы арт ссудзын кæ нынæ н бирæ хъуыддæ гтæ нæ хъæ уы, фæ лæ йæ ахуыссынæ н та бирæ лæ гдзинад, хъæ батырдзинад æ мæ фæ зминаг хъуыддæ гтæ хъæ уы...

Ахбердæ н йæ цæ сгомы бакаст уыдис иттæ г фæ лмæ н, йæ цæ стæ нгас сагъæ схуыз æ мæ хъуыдыхуызæ й райдайы дзурын:

— Æ фсымæ ртæ! Нæ хотæ! Æ з исты диссагдæ ртæ радзурдзынæ н, уымæ й уын ницы зæ рдæ æ вæ рын. Сæ гойы ныхæ стимæ æ з разы дæ н, фæ лæ ма сыл æ фтауын иу-дыууæ ныхасы. Мах кувæ м хуыцаумæ, курæ м зæ дтæ й дæ р æ мæ дзуæ рттæ й дæ р: фыдбылызæ й нæ бахъахъхъæ нæ нт. Фæ лæ адæ м куыд гуырынц, афтæ фыдбылыз дæ р семæ гуыргæ цæ уы. Амондджын уыцы адæ мтæ сты, æ мæ фыдбылыз дардыл ахæ лиу кæ нын чи нæ уадзы. Санаты Сем афтæ загъта: «Циу мыггаг! Мыггаг у лæ г. Цы у уыцы лæ г та? Рæ стæ гимæ æ мдзу чи кæ ны, уый. Цы у йæ хæ с уыцы лæ гæ н? Йæ кад æ мæ йæ фæ змындзинад... »

Размæ рацæ уы Мæ хæ мæ т. Йæ ныхæ стæ сты иттæ г аив. Йæ ракъахдзæ ф — аив, йæ дзырды — бирæ бæ ркад. Йæ хъæ лæ с топпы гæ рахау арауы. Адæ мыл йæ цæ стытæ ахæ сгæ йæ, хъæ рæ й фæ зæ гъы:

— Абон махæ н у стыр уæ ззау бон. Не ’хсæ н судзы туджы арт. Алырдæ м хæ ссы зынджы стъæ лфæ нтæ. Уыцы арт тугæ й хуыссын кæ нгæ нæ у, стæ й дзы хуысгæ дæ р нæ акæ ндзæ н. Уымæ й хуыссын кæ нынæ й нæ фыдæ лтæ ницы райгонд фесты. Мах æ й хъуамæ ахуыссын кæ нæ м сыгъдæ г æ фсымæ рон цæ стысыгæ й...

Мæ хæ мæ т ныхас куы кодта, уæ д Сафирæ тæ н иу-дыууæ хатты йæ зæ рдæ! бахъарм. Йе ’хсар стæ нæ г. Зæ хх цыма йæ быны ризгæ кодта. Кæ д æ мæ йæ мады фенынмæ йæ былыцъæ рттæ хордта, уæ ддæ р ныртæ ккæ сразы уаид, зæ хх йæ быны куы ныххауид, ууыл.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.