Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 5 страница



Аслæ нбеджы уыцы фарстмæ Дуда йе схъæ л зачъейы кæ рон йæ уырзтæ й адаудта, комкоммæ бакасти Аслæ нбеджы цæ сгоммæ æ мæ загъта:

— Куыд уæ фæ нды, афтæ йæ æ мбарут. Кæ д æ й не ’мбарут, уæ д уын æ й æ з æ ргомдæ р зæ гъдзынæ н, стæ й дзы цы ис не ’мбаринагæ й? Цæ виттон, уæ фыды ’рвадæ лтæ уын исынц уæ зæ ххытæ, сæ хицæ й уæ нæ хонынц.

Уыцы ныхæ стæ м Будзи йæ хи нал баурæ дта æ мæ сабыргай загъта:

— Уæ дæ сæ мах та нæ хицæ й куы хонæ м. Куыд æ мбарын, афтæ мæ й уыдон мах Бæ тæ йы фырттыл дæ р нæ нымайынц. Нæ фыды ’рвадæ лтæ й стыр бузныг уаиккам, чи стæ м, кæ мæ й стæ м æ мæ кæ цæ й равзæ рдыстæ м, уый нын куы бамбарын кæ никкой, уæ д, стæ й ма нын куы зæ гъиккой, нæ фыд Бæ тæ кæ мæ й уыд, уый дæ р, уæ д.

Будзи йæ ныхас нæ ма фæ ци, афтæ ныхас айста Аслæ нбег. Уый загъта:

— Диссаг уый у, Дуда, кæ д Бæ тæ се ’фсымæ р уыд, уæ д сын цымæ мах та чи стæ м, кæ уыл нæ нымайынц? Кæ д Бæ тæ йæ н зæ ххытæ й æ мбæ лди æ мæ сыл цæ ргæ дæ р кодта, уæ д уыцы бар махмæ цы дымæ гмæ нал хауы, уый не ’мбарæ м.

— Бæ ллæ х æ мæ замана дæ р гъе уыцы ран ис, — дзырдта Дуда. — Æ з ма уын куы загътон, сæ хиуыл уæ нæ нымайынц, хонынц уæ Цæ лоны фырттæ.

Аслæ нбег рафыхти фырмæ стæ й. Йæ цæ сгом сырх-сырхид афæ лдæ хт. Сæ рттывтой йæ цæ стытæ æ мæ афтæ зæ гъы:

— Дуда, кæ д нæ м не ’фсымæ ртæ æ ндæ р ницы фау хæ ссынц, уæ д мах тынг разы стæ м ууыл. Мах бузныг стæ м, адæ м нæ м Цæ лоны фырттæ й кæ й дзурынц, уымæ й. Уæ здан мыггаг æ мæ уæ здан тугæ й равзæ ргæ адæ м дзыллæ ты бæ рзæ йыл цы уæ ззау æ фсондз æ вæ рынц, уыцы æ фсондз нæ бæ рзæ йыл ахæ ссыныл та мах разы никуы уыдзыстæ м. Мах нæ хи нæ нымайæ м уæ здан адæ мыл. Фæ лæ не уæ нгты ис æ гъдау, æ фсарм, хъару æ мæ уыдоны фæ рцы кæ ддæ риддæ р цæ удзыстæ м, «уæ здан» адæ мыл нымад чи у, уыцы дзыллæ ты æ мрæ нхъ. Æ мæ уымæ й уыдзыстæ м амондджын. Дæ уæ н та, Дуда, мах стыр арфæ кæ нæ м, не ’фсымæ рты зæ рдæ йы уаг нын кæ й базонын кодтай, уый тыххæ й. Фæ лæ мах фæ нды ноджыдæ р ма иу хатт куы сфыдæ бон кæ нис æ мæ не ’фсымæ ртæ н куы бауайдзæ ф кæ нис, дæ у, æ гас мыггаджы хистæ ры, стыр тæ рхоны цæ уæ гау, не ’хсæ н фыдæ боны кæ й бацæ уын кодтой, уый тыххæ й.

— Раст куы зæ гъæ м, Аслæ нбег, — дзырдта Дуда, — уæ д мæ хи дæ р нæ фæ ндыд ацы хъуыддаджы бацæ уын. Мæ н фæ нды, хъуыддаг æ нæ хъаугъайæ, æ нæ мастæ й куы ахицæ н уаид, уый. Адæ м иухуызон не сты. Æ взаг дур халы. Æ мæ æ ндæ р исчи уе ’хсæ н куы бацыдаид, уæ д сымах цы дзырдтаиккат æ мæ уе ’рвадæ лтæ цы дзырдтаиккой, уыдон уын кæ рæ дзийæ н не ’мбарын кодтаид растыл æ мæ уæ афтæ мæ й кæ рæ дзийæ тугагур скодтаид. Мæ нмæ та ахæ м хъуыддагæ й ницы ис. Мæ нæ ныртæ ккæ сымахæ н уæ фыды ’фсымæ рты ныхæ стæ куыд хъусын кæ нын, афтæ сын зæ гъдзынæ н, ныртæ ккæ мын сымах цы бафæ дзæ хстат, уый дæ р. Æ мæ, уæ рын бахæ рон, уе ’хсæ н хахуыр хъуыддагæ й ницы уыдзæ н, кæ рæ дзийы сыгъдæ гдæ рæ й бамбардзыстæ м.

— Раст зæ гъыс, Дуда, — дзырдта Аслæ нбег, — стыр амондæ й дæ р саразæ н ис стыр фыдбылыз, фыдбылызæ й та саразæ н ис амонд. Гъе ныр нын не ’фсымæ ртæ н радзур нæ дзуапп ахæ м хуызы: зæ ххытæ, зæ гъ, лидзæ г ничердæ м сты. Зæ ххытæ дæ р æ мæ нæ удтæ дæ р, зæ гъ, фæ уæ нт уæ фæ хъхъау. Цæ мæ н хъæ уы ам æ ртхъирæ нтæ æ мæ æ хсары сæ р? Ам ис æ фсымæ рдзинад, æ мæ уыцы æ фсымæ рдзинады бындурыл алцæ мæ н дæ р бакæ нæ н ис æ нцонæ й. Курæ м дæ, æ мæ сын-иу бауайдзæ ф кæ н се ’нæ рхъуыдыдзинады, сæ цыбырхъуыры тыххæ й. Зæ гъ сын: æ хсарæ н æ мæ тыхкæ нындзинадæ н не ’хсæ н нæ й бынат. Зæ ххытæ зæ гъынц, æ мæ сæ фæ хъхъау фæ уæ нт нæ зæ ххытæ. Фидис кæ нынц, Цæ лоны фырттæ, зæ гъгæ, æ мæ уымæ й дæ р сты раст. Мах æ цæ г стæ м Цæ лоны фырттæ...

Дуда лæ мбынæ г хъуыста Аслæ нбеджы ныхæ стæ м. Æ мæ кæ д уыцы ныхæ сты мидæ г æ ртхъирæ н дæ р æ мæ æ хсар бавзарыны кой дæ р нæ уыди, уæ ддæ р Дуда йæ хинымæ р хъуыды кодта, Алыккатæ н бынтон æ ндæ р ныхæ стæ ракæ ныны тыххæ й цы хуыздæ р æ рымысыдæ уа, ууыл. Уыимæ Дудайы фæ ндыд Бæ тæ йы фыртты се ’рвадæ лты ныхмæ бацардауын æ мæ ма фæ стагмæ загъта:

— Бузныг, Будзи æ мæ Аслæ нбег, уæ дзуапп, уе ’гъдау æ мæ уе ’фсармæ й. Сымах æ з арын иттæ г растæ й æ мæ æ нæ азымæ й. Фæ лæ уыл уе ’рвадæ лтæ æ взарынц се ’хсар. Кæ д æ з уыдонæ й æ рвыст дæ н, уæ ддæ р рæ стдзинадыл кусын, æ мæ мæ м сæ фæ нд хорз нæ кæ сы. Мæ хæ дæ г дæ р сæ м мæ хи мидæ г мæ сты кæ нын, иу æ нæ аипп, æ нæ тæ ригъæ д сылгоймаджы кой кæ й кæ нынц æ мæ йæ фидисæ н кæ й хæ ссынц, уый тыххæ й. Ахæ м æ буалгъ хъуыддагмæ æ нæ мæ сты кæ нгæ дæ р хос нæ й. Стæ й, æ ниу, уанцон нæ у, Бæ тæ фæ стæ мæ куы раздæ ха, уæ д та? Йæ ингæ н уал ын æ руазал кæ нын уæ ддæ р бауадзæ нт. Уыдон æ фсымæ ртæ не сты, фæ лæ сын фыдызнæ гтимæ абарæ н ис. Цæ й, бахатыр мын кæ нут, фехъусын кæ ндзынæ н æ з уæ дзуапп уе ’рвадæ лтæ н. Хуыздæ р зонд сæ м æ рцæ уæ д.

Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ, Дуда сыстади бандонæ й, Аслæ нбег æ мæ дзы Будзи хатыр ракуырдтой йæ фыдæ боны тыххæ й æ мæ йын фæ ндараст загътой.

Дудайы ацыды фæ стæ Аслæ нбег æ мæ Будзи дзæ вгар фæ бадтысты иумæ æ мæ хъуыды кодтой, сæ алыварс цы сау мигътæ æ мбырд кæ нын райдыдта, уыдоныл. Кæ д сæ м уымæ й размæ Алыккатæ уыйбæ рц уазал цæ стæ нгас нæ дардтой, уæ ддæ р Дудайы сæ мбæ лды фæ стæ сагъæ сы бацыдысты Бæ тæ йы фырттæ.

— Будзи, — дзырдта Аслæ нбег, — æ ппындæ р не ’мбарын æ з Дудайы æ рцыд.

— Нæ зонын, не ’рвадæ лтæ нæ м уыйас цæ уыл сфыдæ х сты, уымæ н ницы æ мбарын.

Будзийы ныхæ стыл Аслæ нбег ногæ й ныхъхъуыды кодта. Йæ къухтæ сбыцæ у кодта йæ роцъомæ æ мæ иу дзæ вгар зæ хмæ джихæ й кæ сгæ баззад. Афтæ бадтис Будзи дæ р æ мæ йæ уарзон æ фсымæ ры цæ сгоммæ цымыдис каст кодта. Хæ дзар афтæ сабыр уыди, æ мæ уыцы сахат Аслæ нбег æ мæ Будзийы сæ рты бындз куы атахтаид, уæ д йæ базырты сыр-сыр хъуыстаид. Фæ стагмæ Аслæ нбег йæ сæ рыл уæ лæ мæ схæ цыди æ мæ сагъæ сгæ нгæ загъта:

— Стыр диссаг у, хуыцауыстæ н, не ’фсымæ ртæ нын нæ мулкмæ хæ лæ г кæ ной? Æ мæ нæ м ахæ мæ й дæ р куы ницы ис. Чи зоны, раджы кæ ддæ р Ахболы сæ рыл бæ хæ й Дудайы кæ й скъуырдтон, кæ д мыййаг Дуда уый йæ зæ рдыл бадардта æ мæ кæ д не ’хсæ н хахуыр ныхас кæ ны, йæ маст нæ кæ д исы.

— Тобæ зæ гъ, Аслæ нбег, — бакодта Будзи, — уый та куыд? Дуда йæ номхæ ссæ н чызджы Ахболы фырт Цорæ йæ н куы радта, иу хæ дон сын уæ рæ х куы у. Нæ, Дудайы кой тæ ригъæ д у. Цы сты, уый не ’фсымæ ртæ сæ хæ дæ г. Цы йыл дзурæ м: рæ стæ г йæ хæ дæ г комдзог цæ удзæ н.

— Уæ вгæ, уый дæ р раст у, Будзи, — йæ мидбылты бахудгæ йæ, загъта Аслæ нбег, — ныууадзæ м æ й рæ стæ джы бар.

Аслæ нбег уыцы ныхæ стæ кæ нгæ сыстади йæ бандонæ й, рацыдис æ ддæ мæ æ мæ, ехс бигæ йæ, æ рбадти сисы кæ рон дурыл. Уыцы рæ стæ джы æ рхæ й фæ цыдис гæ рах. Нæ мыг ахаста Аслæ нбегæ н йæ бæ рцытæ. Фесхъиудта йæ мидбынаты Аслæ нбег. Топпы дзыхæ й фæ здæ г нæ ма фæ хицæ н, афтæ Аслæ нбег цæ ф фыранкау гæ рахгæ нæ джы уæ лхъус февзæ рдис æ мæ фæ хъæ р кодта:

— Цорæ, о, мæ нгард Цорæ! Худинаг! Æ фсымæ ры ард дæ фæ дыл æ фтыд уæ д! Æ ниу ды цæ й æ фсымæ р дæ? Фыдызнаг!

Хъуыддаг афтæ тагъд æ рцыдис, æ мæ цалынмæ Цорæ фæ стæ мæ топп ифтыгъдта, уæ дмæ йын æ й Аслæ нбег йæ къухтæ й акъахта. Цы ’рцыди, уый Цорæ йæ хæ дæ г дæ р нæ бамбæ рста. Уыцы сахат, Цорæ йы амондæ н, Алыккаты уайсадæ г чындзытæ, Беслæ н æ мæ Афæ хъойы устытæ, Насихан æ мæ Гуытаз, æ рбацæ йцыдысты æ мæ хабар куы бамбæ рстой, уæ д Аслæ нбеджы раз сæ кæ лмæ рзæ нтæ æ рæ ппæ рстой.

— Мах хатыр. Мах де уазæ г, Аслæ нбег, — сдзырдтой устытæ.

Аслæ нбег цавддурау баззад йæ мидбынаты лæ угæ йæ, йæ сæ р æ руагъта йæ риуыл, æ рæ нцой кодта топпы бырынкъыл æ мæ, арф ныуулæ фгæ йæ, радзырдта Цорæ йы фæ дыл:

— Цорæ, абон арвыл де стъалыйы хай аныгуылдаид, фæ лæ дæ уымæ й бахызта нæ уайсадæ г чындзыты æ фсарм æ мæ æ гъдау.

Уый фæ стæ Аслæ нбег йæ мидбынаты разылди чындзыты ’рдæ м æ мæ æ фсæ рмхуызæ й загъта:

— Ныббарут мын, кæ д истæ мæ й уæ цуры фæ рæ дыдтæ н, уæ д.

Цорæ фæ стæ мæ дæ р нал фæ каст, афтæ мæ й, расыг лæ гау, цудтытæ гæ нгæ ацыд сæ химæ. Будзи фæ дисы рауади, фæ лæ хабар куы ныссабыр ис, уæ д та баздæ хт сæ химæ. Аслæ нбег ма кæ йдæ ртимæ афæ стиат, стæ й уый дæ р бахызт сæ хæ дзармæ æ мæ Будзийæ н радзырдта хабар.

— Не ’фсымæ ртимæ нæ хи æ хсарæ й куы нæ сарæ хсæ м, уæ д фидиссаг фæ уыдзыстæ м æ нусмæ. Баныхас кодтон нæ кæ нгæ æ фсымæ р Саухуысинæ имæ дæ р. Æ мгъуыд нын ис райсоммæ, æ мæ дæ хи цæ ттæ дар, Будзи.

— Цы цæ ттæ кæ нинаг мын ис, Аслæ нбег. Уд у — æ мæ кæ ддæ риддæ р мемæ вæ ййы.

— Нæ зонын, кæ д дæ дæ гæ рзтæ м кæ нæ æ ндæ р истæ мæ азилын хъæ уы.

— Диссаг та куыд нæ у, — дзырдта Аслæ нбег чысыл фæ хъусы фæ стæ, — цæ й дымæ гмæ систаид Цорæ хæ цæ нгарз мах ныхмæ? Цы дарæ г стæ м уыйбæ рц Ахболы фыртæ й? — Уыцы фарстæ н Аслæ нбег дæ р æ мæ Будзи дæ р дзуапп раттын нæ фæ рæ зтой.

Цæ виттон, хъуыддаг афтæ уыди: Дуда Аслæ нбегтæ й Алыккаты хистæ ртæ м фæ стæ мæ куы раздæ хт, уæ д сын ракодта ахæ м хахуыр ныхас:

— Алыккатæ, — дзырдта Дуда, — амондджындæ р минæ варыл уæ хуыцау сæ мбæ лын кæ нæ д, фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, æ з æ дых дæ н. Минæ вар цы хъуыддаджы бацæ уы, уый дзæ бæ хæ й куы ахицæ н вæ ййы, уæ д йæ хицæ н дæ р амонд æ мæ кад у. Фæ лæ ацы хъуыддаджы æ з фыдбылыз йеддæ мæ ницы уынын. Цы рахъаст кæ нон сымахæ й, бафидаут, зæ гъгæ, зæ гъын дæ р ме ’фсарм нæ хъæ цы, цæ сгом ын хъæ уы. Бæ тæ йы фырттæ н сæ ныхас хæ рæ г уаргъæ н нæ ахæ сдзæ н. Цы уын æ й æ мбæ хсон, ракодтой уын æ ртæ лæ вары: кардæ н йæ ком, топпæ н йæ фындз, сæ хицæ н та сæ риу. Æ з дис кæ нын, кæ д æ й уе ’хсар урæ дта, уæ ддæ р æ й уе ’фсарм куыд баурæ дта, ууыл. Арв нæ рын кæ мæ й нæ уæ ндыд, уыцы Хъасболаты чызг, уæ ларвæ й стъалытæ чи тыдта æ мæ зындонæ й цæ хæ ртæ чи хаста, уыцы Гогойы саккаг кæ нут Цæ лоны фырт Аслæ нбегæ н усæ н...

Æ мæ йæ Хъамболаты стыр хæ знатимæ Цæ лоны фырт Аслæ нбеджы хъæ бысы цæ вæ рут. Цæ лоны фырт цæ уæ д æ взист сауæ фтыд хъуывгъанимæ. Сырхау æ мæ Ахболы цотæ н та саст хъуывгъан дæ р ма уæ д... Æ мæ не ’мбæ рстат уæ хæ дæ г, Цæ лоны фырттæ м ахæ м зондахаст кæ й ис, уый? Куыд сразы стут ууыл? Бафидауын хорз у, кæ д æ й уæ хæ дæ г уромын фæ разут, уæ д, фæ лæ уый зæ гъын нæ фæ разын æ з, ме ’фсарм æ гæ р æ дых у уæ разы.

Дудайы уыцы ныхæ стæ Алыккаты быны арт бафтыдтой. Алыккаты хистæ ртæ кæ рæ дзийæ н дзырды бар нал лæ вæ рдтой, кæ рæ дзимæ уайдзæ ф ныхæ стæ æ ппæ рстой, ныронг Бæ тæ йы фыртты рохтыл кæ й нæ æ рбахæ цыдысты æ мæ сæ къæ хты бын кæ й нæ ныцъцъист кодтой æ мæ уымæ гæ сгæ ныр уыдон мыггаджы сыгъдæ гдзинады сæ рмæ схизынмæ кæ й хъавынц, уый тыххæ й. Цорæ уыдис тæ вдтуг æ мæ рæ узонд. Уый йæ бынатæ й фæ гæ пп кодта æ мæ, кæ д хистæ рты ныууадзын æ гъдаумæ гæ сгæ не ’мбæ лд, уæ ддæ р топп раскъæ фта æ мæ араст йæ лæ гдзинад бавзарынмæ.

Афтæ уыдис, Аслæ нбег æ мæ Будзи бирæ цæ уыл хъуыды кодтой æ мæ дзуапп ссарын кæ мæ н нæ фæ рæ зтой, уыцы хабар. Æ мæ раст уыцы рæ стæ г æ виппайды сæ уæ лхъус февзæ рди Хуысинæ.

— Уæ изæ р хорз æ мæ æ нæ фыдбылыз ут! Цы кæ нут, Бæ тæ йы фырттæ, уе ’фсымæ ртæ уæ нысантæ цæ мæ н аразынц? — загъта Хуысинæ.

Аслæ нбег æ мæ Будзи фестадысты сæ бынæ ттæ й. Салам радтой Хуысинæ йæ н. Æ рæ джиау Аслæ нбег афтæ зæ гъы:

— Бауырнæ д дæ, Хуысинæ, адзал мæ зæ рдиагæ й ныхъхъæ быс кæ нынмæ хъавыд, фæ лæ та йæ зæ рдæ нал бакуымдта.

— Иу ныхасæ й, дæ риу Церечы згъæ р разындис æ мæ дзы нæ мгуытæ, фæ стæ мæ схъиуынц, и?

— Мæ амондæ н мæ, æ вæ ццæ гæ н, мæ рдтæ м бынтон фидиссагæ й барвитынмæ нæ хъавы.

— Хуысинæ, уый йæ м бæ рæ г уыдаид, нæ мыг ма чысыл галиуæ рдæ мдæ р куы бауадаид, уæ д, — йæ ныхас баппæ рста Будзи.

— Цæ й, не ’фсымæ рты æ хсарæ й ныл цы æ рцæ уа, уый тынг диссаг нæ у, — дзырдта Аслæ нбег, — фæ лæ диссаг уый у, Битартæ æ нæ мæ тæ й сæ хицæ н чындзæ хсæ втæ кæ й кæ нынц. Не ’фсымæ р Дотчейы нын амардтой æ мæ нын уый ахъуыдыйаг у, Будзи æ мæ Хуысинæ, — загъта Аслæ нбег.

— Аслæ нбег, абон кæ нæ м нæ фыццаг къахдзæ ф: хъуамæ нæ амонд бавзарæ м Битартимæ, — загъта Будзи.

— Амондджын къахдзæ ф уын æ й хуыцау фæ кæ нæ д, Дотчейы раз æ нæ фсæ рм цæ мæ й суæ м, ахæ м амондджын къахдзæ ф, — дзырдта Хуысинæ. — Фæ лæ ма уын ноджыдæ р иу хабар фехъусын кæ нон. Дотчейы идæ дз Хамбечерæ н исты уаг скæ нын хъæ уы. Тъæ рæ с æ й скъæ фынмæ хъавы, зæ гъгæ, цъиутау уасынц адæ м, æ мæ тæ рсын хъæ уы уыцы хабарæ й.

Будзи исдугмæ æ нцад хъуыста ныхæ стæ м, стæ й æ ппынæ рæ джиау сдзырдта:

— Цыма уæ ныхæ стæ мæ н æ рдæ м сты, афтæ мæ м кæ сы. Сымах афтæ хъуыды кæ нут, цыма æ з бынтон æ дылы дæ н æ мæ уæ не ’мбарын. Сымах фæ нды, цæ мæ й æ з, ме ’фсымæ р Дотче йæ дунейы рухсæ й цы цардæ мбалæ й ахицæ н, ома Хамбечерæ й, æ мæ æ з мæ хицæ н чындзыл нæ, фæ лæ хойыл кæ й нымадтон, уый мæ хицæ н саккаг кæ нон, цæ мæ й æ з Дотчейы тугæ йдзаг ингæ ны сæ рты ахизон. Æ мæ уый адæ ймаджы æ гъдау у? Абон — дæ хо, райсом та — дæ ус? Ау, æ мæ ма уæ д цæ мæ н цæ уон Дотчейы туг исынмæ та? Цы цæ сгомæ й æ рлæ удзынæ н йæ цуры?

Будзийы уыцы ныхæ стæ м Аслæ нбег ныккасти зæ хмæ. Йæ цæ стытæ й æ ркалди ставд цæ ссыгтæ. Арф ныуулæ фыд æ мæ сдзырдта Хуысинæ мæ:

— Хуысинæ, мах ницыуал зæ гъæ м, Хамбечерæ н дæ р йæ сахат фæ смонгонд ма фæ уæ д. Рæ стæ г нын цы амонд æ рхæ сса, уымæ й нæ алидздзыстæ м. Нæ фæ ндаг нæ дарын хъæ уы, рæ стæ г цыбыр у, махмæ нæ кæ сы. Сæ мбæ лын нæ хъæ уы нæ нысан ранмæ.

Аслæ нбег, Будзи, Хуысинæ араст сты æ мæ кæ м снысан кодтой, уырдæ м æ рцыдысты. Уым сыл сæ мбæ лди сæ хæ рзгæ нæ г æ мæ сын арфæ ракодта:

— Уæ бонтæ хорз, Бæ тæ йы фырттæ. Уæ сахат амондджын уæ д.

— Æ гас нæ м цу, нæ зынаргъ æ мбал, — æ мхуызонæ й сдзырдтой Аслæ нбегитæ.

— Бахатыр кæ нут, чысыл бафæ стиат дæ н, фæ лæ хъуыддаг йæ хæ дæ г афтæ амыдта, — дзырдта хæ рзгæ нæ г. — Уе знæ гтæ — Битартæ, дыууæ ’фсымæ рæ й, Дотчейы чи амардта, уый æ мæ йæ кæ стæ р æ фсымæ р, уыдысты Хæ рисджыны усгур æ мæ ныртæ ккæ ауылты цæ удзысты.

Бæ тæ йы фырттæ куыддæ р фæ джих сты. Æ хсызгон сын уыди, сæ хæ рзгæ нæ г сын цы хабар æ рхаста, уый, æ мæ йын куыд раарфæ кодтаиккой, уымæ н ницы зыдтой. Фæ стагмæ йын Аслæ нбег йæ къух райста, æ мæ йын афтæ зæ гъы:

— Арфæ дын кæ нæ м. Лæ г йæ ныхасæ н хъуамæ хицау уа. Лæ гæ н хъуамæ уа кад дæ р æ мæ æ гъдау дæ р. Æ ппæ тæ й хъахъхъæ нинагдæ р æ мæ зындæ р дарæ н у æ ууæ нк, æ мæ уыцы хæ знатæ сты дæ умæ. Макуы дæ ацух уæ нт уыдон.

Хæ рзгæ нæ г комкоммæ каст Аслæ нбеджы цæ стытæ м, худти йæ мидбылты, стæ й та фæ стагмæ загъта:

— Уый дæ р ма уын зæ гъын, Бæ тæ йы фырттæ: иттæ г рæ вдз сты, гæ рзтæ й дæ р æ мæ æ хсарæ й дæ р Битартæ. Мæ нæ гæ рзарм лæ ппутæ æ мæ цæ хæ ртæ вд фæ сивæ д кæ й фæ хонынц, раст ахæ мтæ сты.

Хæ рзгæ нæ джы уыцы ныхæ стæ м Аслæ нбег бахудти æ мæ та йын ногæ й йæ къух райста:

— Дыккаг хатт дын дæ къух исын, афтæ лæ мбынæ гæ й нын сæ кæ й амоныс, уый тыххæ й. Мæ фыдгулæ н та ма æ дылы æ мæ тæ ппуд знаг уа.

— Уæ дæ мæ лæ уд амæ й дарддæ р уæ лдай у. Уæ сахат хæ стæ г у. Уæ лахиз уæ д уæ амонд, — загъта фæ стагмæ хæ рзгæ нæ г æ мæ, Бæ тæ йы фырттæ н арфæ ракæ нгæ йæ, араст и йæ фæ ндагыл.

Аслæ нбег, Будзи æ мæ Хуысинæ аззадысты æ ртæ йæ. Аслæ нбег загъта:

— Мах ныр кæ м стæ м, уый зонут? Мах стæ м, цард æ мæ мæ лæ т риуæ й-риумæ кæ рæ дзийæ н дзуапп кæ м дæ ттынц, æ ппындæ р хатыр кæ м нæ й, ахæ м ран. Цард нæ м фæ худдзæ н æ ви нæ адзал йæ уазал цæ нгтæ й йæ хъæ бысы ахæ сдзæ н, уый бæ рæ г нæ у. Фæ лæ, Хуысинæ, дзурын дæ умæ: махимæ ды уый тыххæ й нæ дæ, æ мæ нын не ’хсарæ н ком æ вæ рай. Махимæ ды уый тыххæ й дæ, адзал æ мæ цард хъæ бысæ й куыд хæ цдзысты æ мæ уыцы хæ ст куыд ахицæ н уыдзæ н, уымæ н цæ мæ й æ вдисæ н уай.

Аслæ нбеджы фæ стаг ныхæ стæ цыдæ р масты уылæ н бакалдтой Хуысинæ йы зæ рдæ йы. Ризæ гау скодтой йе уæ нгтæ. Фæ сырх йæ цæ сгом. Ферттывтой йæ цæ стытæ æ мæ афтæ зæ гъы:

— Аслæ нбег, æ з зонын, кæ м дæ н, уый, стæ й кæ имæ дæ н, уый дæ р. Стæ й цæ мæ н дæ н ам, уый дæ р мын дæ амонинаг нæ у. Мæ нмæ афтæ кæ сы: кæ д махæ н нæ мттæ æ ртæ ис, уæ ддæ р удтæ й иу стæ м, нæ фыдбылыз дæ р, нæ цин дæ р, не ’хсар дæ р иу сты.

Аслæ нбегæ н йæ цæ сгом фæ рухс æ мæ загъта:

— Рацу-ма, æ з дæ мæ хъæ бысы ныккæ нон. Кæ д махыл нæ мттæ æ ртæ ис, уæ ддæ р удтæ й иу стæ м! Цæ й æ мæ адджынæ й кæ рæ дзийы ныхъхъæ быс кæ нæ м.

Будзи æ мæ Хуысинæ хæ стæ г æ рбалæ ууыдысты Аслæ нбегмæ. Æ ртæ йæ дæ р кæ рæ дзийæ н ныхъхъæ быс кодтой. Уыцы рæ стæ г дардæ й æ рбазынд дыууæ барæ джы. Будзи сæ м фæ комкоммæ.

— Æ нхъæ лдæ н, далæ нæ «лымæ нтæ » æ рбацæ уынц.

— Раст афтæ, уыдон сты: Битартæ, — загъта Хуысинæ.

— Лæ ппутæ, нæ маст чъылдымæ й исæ м æ ви риуæ й? — цæ хгæ р бафарста Аслæ нбег.

— Кæ д мæ хуыцау нæ фæ ливы, Аслæ нбег, — загъта Хуысинæ, — уæ д цыма мæ нæ адон рихитæ сты, афтæ мæ м кæ сы, — æ мæ сæ внæ лдта йæ рихитæ м. — Мæ нæ уый та кæ лмæ рзæ н нæ у, фæ лæ худ у. Нæ хи лæ гтæ куы хонæ м, — йæ худмæ ацамонгæ йæ ма йæ ныхасыл бафтыдта Хуысинæ.

— Риуæ й, Аслæ нбег, риуæ й, — хъæ бæ рæ й загъта Будзи.

Цалынмæ уыцы ныхæ стæ кодтой, уæ дмæ æ рбахæ стæ г сты Битартæ. Аслæ нбегæ н йæ маст фыхти тынгдæ р. Йæ цæ стытæ кодтой мæ сты æ рттывд.

— Уæ дæ риуæ й, риуæ й, — фидарæ й загъта Аслæ нбег æ мæ комкоммæ Битарты ’рдæ м даргъ санчъехтæ й араст.

Битартæ сæ хъал бæ хтыл бадтысты цæ ргæ стау. Цы фыдбылыз сæ м каст, уый нæ зыдтой æ мæ худтысты дзыхыдзагæ й, фæ лæ уалынмæ Аслæ нбеджы хъæ р ныййазæ лыд сæ хъусты:

— Гъæ тт, Битартæ, нал фæ лидздзыстут. Мах стæ м Бæ тæ йы фырттæ — Дотчейы æ фсымæ ртæ.

Битартæ дзыхъурæ д фæ кодтой сæ бæ хтæ æ мæ æ мхуызонæ й сдзырдтой:

— Мæ фыдыстæ н, Битартæ лидзæ г никæ д уыдысты. Мæ нæ стæ м мах дæ р!

Уыцы минут Битары-фырттæ й иуы къухы ферттывта хъыримаг, æ мæ арвы ферттывдау фæ цыди гæ рах. Нæ мыг Аслæ нбегæ н ахаста йæ худ. Фæ лæ Аслæ нбег йæ мидбынаты змæ лгæ дæ р нæ фæ кодта, бахудти йæ мидбылты æ мæ сдзырдта:

— Гъæ тт, Битары-фырт, уый куыд у, уый? Æ ви цуаны дæ р никæ д уыдтæ, хæ тæ нты никæ д ахæ тыдтæ: æ хсынмæ куыд нæ арæ хсыс?

Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ, иу топпы дзыхæ й рацæ уæ гау, Аслæ нбег æ мæ Хуысинæ йы нæ мгуытæ бумбулиау фæ хицæ н кодтой бæ хæ й Битары-фырты. Иннæ барæ гæ н иуæ й йæ топп не схæ цыди, иннæ мæ й та йæ бæ химæ стыхсти, афтæ мæ й йæ æ рбаййæ фта Будзийы гæ рах. Нæ мыг сæ мбæ лд бæ хы хъусыл æ мæ атыдта барæ джы риу.

Мард фесты Битартæ дыууæ йæ дæ р.

Аслæ нбегитæ хæ стæ г бацыдысты мæ рдтæ м. Ныккастысты сæ м æ дзынæ г. Будзи загъта:

— Аслæ нбег, цæ й æ мæ сын ныр сæ хъустæ ракæ нæ м æ мæ сæ Дотчейы цыртыл сæ вæ рæ м.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.