Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 4 страница



— Дуда, банхъæ лмæ кæ сын ма дæ хъуыдис махмæ.

— Дыууæ боны дæ м фенхъæ лмæ кастыстæ м: ды иу дæ, мах та бирæ стæ м, — сбустæ кодта Дуда.

— Уæ гормон, æ мæ мыл бустæ та цы кæ ныс, куыд хъæ рæ й мæ м дзурыс, исты дæ сывæ ллон дæ н æ мæ мæ дæ с мæ йы дæ гуыбыны фæ хастай? — бауайдзæ ф кодта Ахбол.

— Æ мæ мын ды исты паддзах дæ, цæ мæ н дæ м хъуамæ æ нхъæ лмæ кæ сон? — ерысæ й сдзырдта Дуда.

Уыцы ныхæ стæ м Ахбол йæ бæ х базылдта Дудайы ’рдæ м:

— Паддзах нæ дæ н, фæ лæ дæ разы кæ стæ ртæ ис, æ мæ уыдоны цур хистæ рмæ тызмæ г ма дзур, науæ д, дæ уау, æ нæ гъдау ахуыр кæ нынц! — загъта Ахбол æ мæ йæ ехсы бырынкъ бахаста Дудайы цæ стмæ.

Дуда сонт риуыгъд æ рбакодта йæ бæ хы рохтæ æ мæ ехсæ й æ рцавта Ахболы, ды ехс кæ й цæ стмæ хæ ссыс, зæ гъгæ.

Аслæ нбег иуварс лæ ууыдис æ мæ исдуг æ нцад касти, цы ’рцæ удзæ н, уымæ, фæ лæ Дуда æ гæ р-æ гæ р куы кодта, Ахболы йæ ехсæ й дыккаг цæ ф куы ’ркодта, уæ д йæ хи нал баурæ дта, йæ бæ х фæ зылдта Дудамæ æ мæ йæ бæ хы риуæ й иуварс ассыдта, ды ехсæ й кæ й хистæ ры цæ выс, зæ гъгæ.

Дуда фæ дзой кодта саргъæ й æ мæ, мæ нæ уы куырисау, æ рхаудта зæ хмæ. Адæ м æ ддæ г-мидæ г ауадысты. Чи кæ мæ лæ бурдта, уый бæ рæ г нал уыдис. Уæ д Дуда тугæ йдзаг цæ сгомимæ дуры сæ р алæ ууыд æ мæ йæ дзыхы дзаг фæ хъæ р кодта:

— Мæ нæ адæ м! Уæ хорзæ хæ й, хъаугъа ма кæ нут. Алыккатимæ кард æ мæ топпæ й хæ цгæ нæ у! Уыдоны мыггаг хох у, æ мæ йæ цæ мæ й сæ ттын хъæ уы, уый æ з хорз зонын!.. Уæ хорзæ хæ й, хъаугъа ма кæ нут!..

Адæ м фæ хъус сты. Алчи йæ бæ хыл сбадти æ мæ рацыдысты. Æ ркъайы фæ з ногæ й ныссабыр ис. Æ рмæ ст ма хъуысти Терчы бын дурты гыбар-гыбур æ мæ бæ лæ стыл мæ ргъты цъыбар-цъыбур.

***

Бонтæ цыдысты, рæ стæ г ивгъуыдта. Æ ркъайы фæ зы цы чысыл цау æ рцыд, уый цыма ферох ис. Фæ лæ алкæ мæ й нæ, — уыцы бон Дудайы зæ рдæ йы ныххаудта дойнаг дурау. Æ дзухдæ р йæ хинымæ р хъуыды кодта, Аслæ нбег æ й адæ мы æ хсæ н кæ й бафхæ рдта, ууыл, æ мæ йæ маст исты хуызы райсынæ н агуырдта фадæ ттæ.

Дудайæ н йе ’фхæ рд æ ргомæ й райсын йæ къухы цас не ’фтыд, уыйас йæ риуы тынгдæ р æ нхъызти маст, æ мæ йæ уыцы маст æ фтыдта хин æ мæ фыдракæ ндыл. Æ хсарæ й цас лæ мæ гъ уыдис, уыйбæ рц тыхджындæ р уыд хинæ й, æ взагæ й фыдбылыз саразынмæ.

Иубон йæ хæ дзары раз ныллæ г хъæ дын бадæ ныл бадти, йæ къухтæ сбыцæ у кодта йæ роцъомæ, æ мæ йæ йæ хъуыдытæ ахастой Æ ркъайы фæ змæ. Цæ стытыл ауадысты Цæ лоны фырт Аслæ нбеджы бæ хы риуыгъд, Ахболы ехсы фындз йæ цæ стыты раз, йæ бæ хæ й æ рхауд, йæ уадултыл туджы æ рхæ мттæ...

«Мæ раны æ ндæ р нал слæ ууыдаид йæ къæ хтыл, нал рацыдаид адæ мы æ хсæ нмæ, — хъуыды кодта Дуда, — фæ лæ та æ з слæ ууыдтæ н, рацыдтæ н та адæ мы æ хсæ нмæ дæ р. Афтæ фæ зæ гъынц: де знагимæ ныхæ й-ныхмæ æ рлæ ууыдтæ, — йе йæ ды амар, йе та дæ хъуамæ уый амара! Уый нæ м баззад æ гъдауæ н, уæ здандзинадæ н, фæ лæ цæ й уæ здандзинад у уый? Нæ, уый æ ррадзинад у. Архай æ взагæ й, сусæ гæ й, худ разæ й де знæ гтæ м дæ мидбылты, фæ сте та сын се счъилты нуæ рттæ уадз. Гъе уый у лæ гдзинад! Æ мæ уымæ н мæ нмæ ис хорз хотых: ме ’взаг. Нывонд кæ нын мæ чызджы дæ р, разы кæ нын Ахболимæ бафидауыныл дæ р. Цорæ куры мæ чызджы. Раттинаг ын æ й нæ уыдтæ н. Ныр ын æ й дæ ттын. Уый фæ рцы мын бантысдзæ н Алыккатæ й мæ маст райсын... »

Ахæ м хъуыдытæ кæ рæ дзийы фæ дыл, иу иннæ йы ивгæ цыдысты Дудайы сæ ры магъзы. «Цы хин, цы кæ лæ н, цы æ буалгъдæ р ми æ рхъуыды кæ нон Аслæ нбегæ н? » — уыцы хъуыдытæ йын судзинтæ тъыстой йæ сæ ры магъзы.

Иу ахæ мы та Дуда хъуыдыгæ нгæ бадти сæ кæ рты. Раст уыцы рæ стæ джы йæ дуармæ æ рхызти æ ртæ барæ джы. Сæ бæ хтæ афтыдтой бæ хбæ ттæ ныл, адзæ бæ хтæ кодтой сæ цухъхъаты æ нцъылдтæ æ мæ, кæ мæ н куыд æ мбæ лди, афтæ, кæ рæ дзийы фæ дыл бараст сты Дудайы ’рдæ м. Уыдон уыдысты Ахберд, Зауырбег æ мæ Агуыбечыр, — æ рцыдысты Дудамæ курæ г Алыккатимæ бафидауыны тыххæ й.

Урсзачъе Ахберд Дудайы джихæ й бадгæ куы ауыдта, уæ д æ м худæ нбылæ й сдзырдта:

— Фарн дæ хъуыдыты, Дуда!

Дуда фестади йæ бынатæ й, йæ цæ сгом æ нæ бары фæ рухс кодта æ мæ салам радта Ахбердитæ н, стæ й сæ уазæ гдонмæ бахуыдта. Кæ рæ дзийы хабæ рттæ й афарстой, стæ й рахызтысты хъуыддаджы ныхасмæ.

— Дуда, — дзырдта Ахберд, — лæ г куы райгуыры, уæ д цæ ры йе ’фсымæ ры тыххæ й, мæ лгæ дæ р акæ ны уый тыххæ й, хатыр дæ р кæ ны уый тыххæ й. Мах æ рбацыдыстæ м дæ умæ хатыр курæ г...

— Цæ мæ н уый зæ гъыс, Ахберд? Цæ й амондджын уаин æ з, сымах дзæ бæ х суазæ г кæ нын куы бафæ разин, уæ д!

— Бузныг, Дуда, уый тыххæ й. Ды мæ кæ стæ р дæ. Мæ зæ рдæ дыл дарын, нæ цыдæ н нын аргъ кæ й скæ ндзынæ, уымæ й. Алыккатимæ ныхас кодтам, æ мæ уыдон разы сты фидауыныл. Махæ н дæ р нæ хиуæ ттæ стут æ мæ не ’хсæ н кæ рæ дзимæ хæ рамæ й цæ рат, уый нæ м раст нæ кæ сы. Кæ д ды дæ хи æ фхæ рдыл банымадтай, уæ ддæ р Алыккатæ дæ р къаддæ р æ фхæ рд нæ баййæ фтой: сæ хистæ р Ахболы сын ехсæ й ныццавтай. Ехсы цæ ф æ мæ карды цæ ф та иу сты...

Дуда исдугмæ ницы дзырдта: йæ хи мидæ г разы уыдис бафидауыныл, фæ лæ ма уæ ддæ р йæ хи буц кæ нынæ н загъта:

— Æ з иттæ г зæ рдиагæ й хъусын уæ ныхасмæ, Ахберд, фæ лæ мын чысыл маст нæ уыди: цы ’гъдауыл мын бахаста мæ цæ стмæ йæ ехсы фындз? Ахболæ й уыйбæ рц цæ мæ й фæ ивар дæ н? Сæ хуыцауы хъалæ й мæ бафхæ рдтой.

— Истытæ дзы куы нæ уаид, уæ д, æ вæ ццæ гæ н, мах дæ р ам нæ уаиккам, Дуда. Фæ лæ ацы хъуыддаджы уæ иу зылындæ р у, иннæ та, æ вæ ццæ гæ н, растдæ р у. Уе ’хсæ н ис къардиу æ мæ хъуамæ, Дуда, йæ сæ рты арæ зт æ рцæ уа хид, уæ рæ х хид. Уыцы хидæ н йæ уромæ нтæ сты нæ фыдæ лты ’гъдæ уттæ, йæ фæ йнæ джытæ та — æ фсарм. Лæ гæ н ма йæ дарæ г, йæ уромæ г искæ й къухæ й мард куы фæ вæ ййы, уæ д ын адæ мы ’фсарм суанг йæ туджджыны дæ р куы ныхъхъæ быс кæ нын кæ ны! Уый дæ м æ нцон кæ сы? Нæ, уый æ нцон нæ у, фæ лæ уыдæ ттæ кæ ныныл æ гъдау æ мæ дзыллæ йы ’фсарм æ фтауынц адæ ймаджы.

Дуда бадтис æ нцад æ мæ сыбыртт дæ р не скодта фидауынгæ нджыты ныхмæ. Æ рæ джиау афтæ зæ гъы:

— Разы дæ н, нæ фæ разын уæ ныхмæ дзурын. Хорз хылæ й æ взæ р фидыд хуыздæ р у, зæ гъгæ, акæ нынц, гъемæ фидыдыл ахицæ н уæ д нæ хъуыддаг.

***

Фидауынгæ нджытæ Дудайы хæ дзарæ й рацыдысты иттæ г хъæ лдзæ гæ й.

Фæ лæ Дуда æ ндæ р фæ ндтæ кодта.

Иу хуыцаубоны сæ умæ райсом Дæ ллаг Хъобаны стыр ныхасы æ рæ мбырд сты хъæ убæ сты фæ сивæ д. Æ рæ гвæ ззæ г уыди, адæ м сæ фæ ллой бафснайдтой æ мæ сæ рæ стæ г хъæ лдзæ гæ й æ рвыстой. Арæ х уыдысты чындзæ хсæ втæ, куывдтæ. Фæ сивæ д цин кодтой кæ рæ дзийы циныл, усгуртæ й алчидæ р тырныдта хуыздæ р чындзæ хсæ в саразын æ мæ хъæ убæ сты рæ даудæ рæ й бахынцынмæ, йæ хицæ н фылдæ р кад скæ нынмæ.

Цорæ уыцы бон æ нæ вдæ лон уыд æ мæ ныхасмæ дæ р нæ ракаст. Иннæ бонты хуызæ н хæ снагыл йæ хъыримагæ й нысанмæ не ’хста, йæ сауфистон фæ ринк хъамайы комыл не ’вæ рдта æ рдутæ æ мæ сæ, фу кæ нгæ йæ, нæ лыг кодта. Фæ лæ уæ ддæ р фæ сивæ ды æ хсæ н цæ мæ ндæ р рауад йæ кой.

— Йæ ног усы цурæ й йæ йæ къах нал хæ ссы Цорæ йы, — дзырдтой иутæ.

— Ахæ м Дзылаты рæ сугъды йын балæ вар кодта Дуда, — хъазыдысты иннæ тæ.

— Цорæ, мæ хур, кадылмæ лæ г адæ ймаг у, кæ д хиуарзон у, уæ ддæ р. Федтат, цы чындзæ хсæ в сарæ зта!

— Нæ зонын, фæ лæ а фæ стаг заманты йæ хи куыддæ р иппæ рд дарын райдыдта, Бæ тæ йы фырттæ м рагæ й дæ р рæ стзæ рдæ нæ у, фæ лæ Дудайы сиахс куы баци, уæ дæ й фæ стæ мæ сæ, цыма, нымайгæ дæ р нал кæ ны, йæ хи афтæ дары, — ахæ м ныхæ стæ кодтой фæ сивæ д ныхасы. Фæ стагмæ чидæ р сдзырдта:

— Абон Дуда йæ ног хæ стæ джытæ м хуынды уыдзæ н. Фæ кæ сын нæ хъæ удзæ ни уазджытæ м, фæ сивæ д.

Æ мæ уыцы бон, æ цæ гдæ р, Бæ тæ йы æ фсымæ ры фыртты хæ дзары уыди стыр циндзинад. Цорæ кадджын хуынд æ ркодта Дудайы. Стыр хæ рдзтæ скæ ныныл нæ бацауæ рста. Алыккаты ’рдыгæ й хуынды уыдысты æ мæ уазджытæ н æ гъдау лæ вæ рдтой мыггаджы хистæ ртæ Сырхау, Беслæ н, Тæ тæ рхъан, Сæ хуыг æ мæ иннæ разагъды лæ гтæ.

Суанг фæ сахсæ вæ ртæ м гаджидау гаджидауы фæ дыл цыдис хистæ ртæ й кæ стæ ртæ м. Буц уыди Дуда, Алыккатæ йын ахæ м стыр кад кæ й кодтой, уымæ й. Райхæ лди йæ мæ лгъæ взаг æ мæ уый дæ р йæ рады нæ ауæ рста Алыккатæ н хуыздæ р раарфæ кæ ныныл.

— Æ нæ кæ рон рæ вдыд дæ н æ з, мæ хæ стæ джытæ, сымахæ й, — сау бæ гæ ныйы стыр кæ хцыл йæ дыууæ къухæ й хæ цгæ йæ, дзырдта Дуда, — уæ цин, уе ’ууæ нк, уæ уæ здандзинæ дтæ дунейы къардиуты цæ угæ дæ р нæ бакæ ндзысты. Сымахимæ хæ стæ г куы кодтон, уæ д æ нхъæ л цы уыдтæ н, уый ныр мæ цæ стæ й уынын. Уымæ гæ сгæ, Сырхау, æ з арфæ кæ нын дæ уæ н, стæ й дæ кæ стæ ртæ н дæ р.

— Бузныг, Дуда. Куыд æ мбæ лы, дæ у афтæ бабуц кæ нын махæ н нæ хъару уæ вгæ дæ р нæ у, фæ лæ нæ м ис зæ рдæ, æ ууæ нк. Æ мæ уыдон дæ разы кæ ддæ риддæ р æ нæ цудгæ лæ удзысты.

— Арфæ уын кæ нын, исын уын мæ худ дæ р. Æ ууæ нк æ мæ зæ рдæ — уыдон æ нæ кæ рон бирæ лæ вæ рдтæ, зынаргъ хæ знатæ сты æ мæ сæ хайджын ут!

— Тыхджынæ й дын зæ гъæ м, Дуда, уыцы æ ууæ нк æ мæ зæ рдæ дæ разы налхъуыт-налмасау сыгъдæ г кæ й уыдзысты, уый.

Дуда лæ мбынæ г хъуыста Сырхауы алы дзырдмæ дæ р æ мæ йын арæ хстджынæ й лæ вæ рдта дзуапп. Ног хæ стæ джытæ кæ рæ дзийæ н цы зæ рдæ бын арфæ тæ кодтой, уымæ й сæ м афтæ касти, цыма нырæ й размæ ахæ м амондджын хъуыддаг никуы ничи бакодта. Уымæ гæ сгæ сæ алчи дæ р арфæ ракæ нынæ н агуырдта, зæ рдæ мæ арфдæ р чи бахъардтаид, ахæ м ныхæ стæ.

Дудайæ н Алыккаты хистæ ртæ æ мæ фæ сивæ д цы стыр кад лæ вæ рдтой, уый йын хуры тынтау тавта йæ зæ рдæ, æ мæ -иу хаттæ й-хатт хин æ рттывд фæ кодтой йæ къуырфæ вæ рд чысыл цæ стытæ. Фæ лæ æ рмæ ст уыцы кад æ мæ цытæ й нæ уыдис бузныг Дуда. Уый ногæ й ахъуыды кодта, кæ ддæ р Æ ркъайы фæ зы цы цау æ рцыди, ууыл, æ мæ йæ хинымæ ры дзырдта: «Ацы хъуыддæ гтæ иууылдæ р сарæ зтон Æ ркъайы фæ зы хъуыддаджы фæ дыл». Æ мæ Алыккаты ’рдыгæ й цы æ фхæ рд баййæ фта, уый цыма бынтондæ р ферох кодта, афтæ дардта йæ хи. Дудайы фæ ндыд Алыккаты уæ здан хистæ рты зæ рдæ тæ бынтондæ р йæ хирдæ м разилын æ мæ уый тыххæ й сфæ нд кодта ныхас бынтон æ ндæ рæ рдæ м аздахын. Дуда хорз зыдта, Алыккатæ Бæ тæ йы фыртты сæ хиуыл кæ й нæ нымайынц, номылусы цотæ й сæ м кæ й дзурынц, уый. Уымæ гæ сгæ бафæ лвæ рдта Бæ тæ йы фыртты æ мæ Алыккаты иннæ фæ сивæ ды ныхæ й-ныхмæ æ вæ рыныл. Уый йæ зæ рдæ дардта, Бæ тæ йы хъæ батыр фырттæ Алыккаты къæ хты бын фæ ззыгон дидинæ гау кæ й ныцъцъæ л уыдзысты æ мæ Дудайæ н йæ маст бынтондæ р кæ й ссæ удзæ н, ууыл. Æ мæ бирæ буц ныхæ стæ, зæ рдиаг арфæ ты фæ стæ Дуда фынджы адæ мыл йæ цæ ст ахаста, стæ й хъавгæ йæ загъта:

— Фарн дæ м бадзурæ д, Сырхау, æ з стыр амондджын дæ н, сымахимæ хæ стæ г кæ й бакодтон, уымæ й. Раст зæ гъын хъæ уы, искæ й хæ дзары хъуыддæ гтæ м бар дарын хорз нæ у, фæ лæ уæ ддæ р, бирæ аргъ уын кæ й кæ нын, мæ хи сымахыл кæ й нымайын, уымæ гæ сгæ мæ фæ нды уæ хорздзинад дæ р æ мæ уе ’ппæ т хабæ рттæ дæ р зонын.

— Цæ мæ н уый зæ гъыс, нæ зынаргъ хæ стæ г Дуда! Уæ дæ ма нын чи хъуамæ зона нæ хабæ рттæ? Кæ мæ н ма сæ хъуамæ фæ кæ нæ м? Хæ стæ г та ма цæ й тыххæ й вæ ййы? — бадис ыл кодта Сырхау, кæ д ын йæ хъуыды нæ ма ’мбæ рста, уæ ддæ р.

Дуда йæ чысыл хинæ йдзаг цæ стытæ ногæ й ахаста фынджы адæ мыл æ мæ загъта:

— Уыйбæ рц диссагæ й дзы ницы ис, иу бон дæ р ма нæ м рауад Бæ тæ йы фыртты кой... Куыд цæ уы уæ хъуыддаг? Афтæ тызмæ г ма у?

— Раст дын куы зæ гъæ м, уæ д ницы хæ лардæ р хуыз у нæ хъуыддаг. Афтæ уазал стæ м нырма кæ рæ дзимæ, — загъта Сырхау.

— Рухсаг уой нæ фыдæ лтæ! Дæ сны та куыд нæ уыдысты, дæ сны... Афтæ -иу акодтой: «Кæ нджытæ й кæ сджытæ дæ сныдæ р сты». Бæ тæ йы фырттæ сæ хицæ й бузныг сты, былысчъилæ й уæ м кæ й кæ сынц, æ нæ сæ ттон кæ й сты, уымæ й. Бауырнæ д уæ, сымахæ й сæ м кæ сджытæ мæ стыдæ р кæ нынц. Куыд дæ м кæ сы дæ умæ та, Тæ тæ рхъан?

— Дуда, дæ ныхас тынг раст у. Куы ницы дзы уаид, уæ д æ й кæ сджытæ дæ р нæ уыниккой, фæ лæ дзы исты ис, æ вæ ццæ гæ н.

— Уæ дæ дзы кæ д ис, уæ вгæ та дзы ис, уæ д ма æ нхъæ лмæ та цæ мæ кæ сæ м, цæ уылнæ йын кæ нæ м исты хос? — сдзырдта Сæ хуыг.

— Раст зæ гъы Сæ хуыг, — фæ цырд ис Дуда, — æ рцæ уинаг чи уа, уымæ æ нхъæ лмæ кæ сын нæ хъæ уы, дæ хæ дæ г æ м фæ тагъддæ р у, æ мæ дæ фыдбылыз уыдзæ ни къаддæ р.

— Дуда, æ мæ ма ууыл аныхас кæ ныны тыххæ й цы боны хорзмæ кæ сæ м? Мæ нæ ам куы стæ м иууылдæ р. Бауынаффæ кæ нæ м нæ хи мидæ г. Ды дæ р нæ зынаргъ хæ стæ г дæ. Æ з афтæ æ нхъæ л дæ н, æ мæ нын дæ фæ нд æ мæ дæ зонд нæ бахæ лæ г кæ ндзынæ, — загъта Тæ тæ рхъан.

Дуда дарддæ р дон уагъта, æ нæ уи дæ р цыренæ й чи зылди, Алыккаты уыцы куыроймæ, æ мæ уый фыдты хъырристмæ алырдæ м цæ рдæ г зылдта йæ чысыл цъæ х цæ стытæ. Йæ зæ рдæ гуыпп-гуыпп кодта йæ риуы æ мæ йæ м афтæ касти, цыма уыцы минут йæ мадæ й дзыхъхъынног райгуырди. Уый афтæ ныхас кодта дарддæ р:

— Æ гъдауæ й дæ р æ мæ æ фсармæ й дæ р сымахыл цы уæ з цæ уы, уый сымахимæ æ мхуызон дих акæ ныныл æ з кæ ддæ риддæ р разы дæ н.

Уыцы ныхасмæ зæ ронд Тæ тæ рхъан комкоммæ бакаст Дудайы цъæ х цæ стытæ м æ мæ фæ рсæ гау бакодта:

— Мах тынг фæ нды, Дуда, дæ умæ байхъусын. Цы цæ стæ й кæ сыс ды ацы хъуыддагмæ?

Дуда загъта:

— Мæ нæ н сымах зынаргъ æ фсымæ ртæ стут, æ мæ мæ Бæ тæ йы фыртты сагъæ с æ хсæ вæ й-бонæ й зынгау судзы. Бæ тæ йы фырттæ н чысыл сæ рохтæ куы нæ фæ цыбыр кæ нат, уæ д уын уыдон фыдбылыз йеддæ мæ пайда не ’рхæ сдзысты. Гыццыл сын сæ алыварс сæ къабузтæ æ рцæ гъдын хъæ уы.

— Дуда, зæ гъ æ ргомдæ р, дæ хорзæ хæ й, дзæ бæ х не ’мбарæ м дæ хъуыдытæ, — загъта Сырхау.

— Куыд уæ м фæ кæ сдзæ н, уый нæ зонын, — дзырдта дарддæ р Дуда, — фæ лæ æ з уæ цуры æ ргом кæ нын мæ хъуыдытæ. Уæ зæ ххæ н йæ тæ ккæ ахсджиаг ис Бæ тæ йы фыртты къухы. Бæ тæ амарди, рухсаг уæ д, фæ лæ, цымæ, куыд уаид, Бæ тæ йы фырттæ н, зæ ххыл уæ бар нал цæ уы, зæ гъгæ, куы бамбарын кæ никкат, уæ д? Кæ д исты змæ лой, уæ д мæ дыккаг фæ нд та уый у: зындгонд куыд у, афтæ мæ й Хазби амардта кæ сгон кънйазы. Уыцы кънйазы хицæ ттæ ныр дзæ вгар рæ стæ г зилынц нæ фæ дыл: сæ туг райсынæ н агурынц къухбакæ нæ нтæ. Æ взæ р нæ уаид, Бæ тæ йы фыртты кæ сæ джы амæ ттаг куы скæ никкам, уæ д. Цы нæ сæ фы, Цæ лоны фырттæ йеддæ мæ? Кæ ннод сын идæ дз Хамбечеры Тъæ рæ сæ н куы ахæ ссын кæ никкат, уæ д та куыд уаид? Афтæ сын сæ мæ сыджы дуртæ иугай-дыгай куы раппариккат, уæ д уый фæ стæ мæ сыг йæ хæ дæ г бындзарæ й афæ лдæ хид. Гъе, уыдон уын фæ ндтæ Бæ тæ йы фыртты тыххæ й. Сымахмæ куыд кæ сы, уымæ н та уæ хæ дæ г фæ ут тæ рхонгæ нæ г.

Исдугмæ Алыккаты уæ здан хистæ ртæ ницы дзырдтой. Уыдон аныгъуылдысты арф хъуыдыты æ мæ сæ Дудайы ныхæ стæ ахастой кæ дæ мдæ р. Фæ стагмæ Сырхау загъта, Дудайы фæ ндыл разы кæ й сты, Бæ тæ йы фырттæ н æ цæ г сæ рохтыл æ рбахæ цын кæ й хъæ уы, уый. Уыдон Дудайæ ракуырдтой, цæ мæ й ацæ уа Бæ тæ йы фырттæ м минæ вары хуызы æ мæ сын сæ хъуыдытæ бæ лвырддæ р базона.

— Æ ндæ р исчи куы ацыдаид, уæ д дæ р æ взæ р нæ уыдаид, фæ лæ сымах кæ м бафæ ндыд, уым бафыдæ бон кæ ндзынæ н æ мæ уын бæ лвырд хабар хъусын кæ ндзынæ н.

— Нæ й гæ нæ н, Дуда, ацы хъуыддаджы дæ уæ й фылдæ р кæ уыл баууæ ндæ м, нæ алыварс ахæ м адæ ймаг нæ уынæ м. Бафыдæ бон кæ н, æ мæ нæ хорздзинадæ й ды дæ р æ нæ хай нæ уыдзынæ, ныртæ ккæ нæ фыдæ бонæ й æ нæ хай куыд нæ дæ, афтæ.

Бæ ркады нуазæ нтæ ма банызтой хæ дзары бадджытæ æ мæ сыстадысты фынгтæ й. Дуда йæ хи номæ й æ мæ йе ’мбæ лтты номæ й арфæ ракодта фысымтæ н æ мæ, хæ рзæ хсæ в зæ гъгæ йæ, рахызти къæ сæ рæ й.

Дуда Ахболимæ бафидыдта, фæ лæ Бæ тæ йы фырттæ м никуы уыдис, кæ д уыдон дæ р Алыккатæ й уыдысты æ мæ се ’хсæ н хæ стæ гдзинад сæ взæ рыд, уæ ддæ р. Фæ лæ ныр, Сырхауиты фæ дзæ хстмæ гæ сгæ, Дудайæ н Бæ тæ йы фыртты хæ дзармæ æ нæ цæ угæ гæ нæ н нал уыдис. Æ ркъайы лæ гъз та ногæ й февзæ рди йæ цæ стыты раз æ мæ йæ хинымæ ры хъуыды кодта: «Æ нхъæ лдæ н, мæ амонд мæ байдыдта рæ вдауын. Мæ хицæ н æ нхъæ л цы нæ уыдтæ н, уый ныр мæ къухы æ фтын райдыдта. Гъæ йтт, мардзæ, Дуда, саг дын фæ рæ тмæ æ рцыди, фæ лæ цымæ цы хуызы равдисдзысты Бæ тæ йы фырттæ сæ хи? Уæ вгæ, ууыл рагацау цы мæ т кæ нон! Фендзыстæ м дарддæ р».

Ахæ м хъуыдытæ кæ нгæ йæ, Дуда дыккаг бон изæ рæ й балæ ууыд Бæ тæ йы фыртты дуармæ. Аслæ нбег æ мæ Будзи худгæ разгъордтой йæ размæ. Æ гъдау куыд амоны, афтæ йыл бацин кодтой æ мæ йæ мидæ мæ бахуыдтой. Разæ й бахызти Аслæ нбег æ мæ Дудайы йæ хæ дзары лæ угæ куы ауыдта, уæ д ноджы хъæ лдзæ гдæ рæ й загъта:

— Цæ й, гъе ныр алы бон æ гас æ рцу, Дуда. Æ нæ кæ рон æ хсызгондзинад нын у, дæ у нæ хæ дзары кæ й уынæ м, уый. Арфæ кæ нæ м уыцы зæ дæ н, дæ у махмæ чи сарæ зта. Æ рбад, дæ хорзæ хæ й, Дуда, барвæ сс нæ цæ хх, нæ кæ рдзыныл.

Дуда бузныг загъта Аслæ нбегæ н æ мæ йæ хи бандоныл æ руагъта. Иу чысыл хабæ рттæ й афарстой кæ рæ дзийы. Фæ стагмæ Дуда загъта:

— Дыууæ хохы иу нæ кæ нынц, фæ лæ дыууæ адæ ймагæ н та цы диссаг у? Нæ сæ мбæ лд амондыл нымад фæ уæ д. Сымах абæ рæ г кæ нын мын æ мбæ лгæ дæ р кæ ны, фæ лæ уæ м ныртæ ккæ хъуыддаджы фæ дыл æ рбауадтæ н.

— Хайыр хъуыддаг æ й не сфæ лдисæ г фæ кæ нæ д, — загътой Будзи æ мæ Аслæ нбег æ мдзыхæ й æ мæ Дудамæ æ нæ ууæ нк каст бакодтой.

Уыцы минут та Дудайы хинæ йдзаг цæ стытæ разил-базил кодтой Бæ тæ йы фыртты цæ сгæ мттыл æ мæ хъуыды кодтой, сæ быны сын арт куыд тынгдæ р бандзæ рстæ уа, ууыл. Уый загъта:

— Æ з уæ м дæ н минæ вар Алыккатæ й. Цæ мæ йдæ риддæ р, тынг хорз хъуыддаджы фæ дыл нæ, фæ лæ сымахæ н æ хсызгон чи нæ уыдзæ н, ахæ м хъуыддаджы фæ дыл. Фæ лæ мæ нæ н мæ хæ с æ нæ сæ ххæ ст кæ нгæ гæ нæ н куыд нæ уыд, уымæ гæ сгæ сразы дæ н уе ’рвадæ лты фæ ндоныл, мæ н сымахмæ æ рбарвитыны фæ дыл.

Бæ тæ йы фырттæ цымыдис каст кодтой Дудайы фæ лывд цæ стытæ м. Исдугмæ ницы дзырдтой. Хъуыды кодтой, цы ’гъдауыл сæ рвыстаиккой Дудайы Алыккаты хистæ ртæ минæ вар Бæ тæ йы фырттæ м? Æ ппынфæ стаг комкоммæ бафарста Дудайы:

— Минæ вар не ’фсымæ ртæ й махмæ?.. Цымæ цавæ р стыр хъуыддаг уыдзæ н уый?

Уæ д Дуда загъта:

— Минæ вар дæ н æ з уыцы хуызы: уæ фыды æ рвадæ лтæ уын æ мбарын кæ нынц, уæ фыд Бæ тæ йы амарды фæ стæ, ныртæ ккæ цы зæ ххытыл цæ рут æ мæ уæ къухы цы мулк ис, уыдоныл уæ бар кæ й нал цæ уы æ мæ сæ мыггаджы æ хсæ нмæ цæ мæ й раттат, уый.

Уыцы ныхæ стæ м Аслæ нбег джихæ й баззадис. Дардыл æ й ахастой йæ хъуыдытæ. Бирæ хæ ттыты адæ мæ й цы уайдзæ фтæ æ рыхъуыста, цы фидистæ баурæ дта, номылусы цот, зæ гъгæ, уыцы æ буалгъ хъуыддæ гтæ та ногæ й ауадысты йæ цæ стытыл. Йæ маст рафыхти йæ риуы, фæ лæ Аслæ нбег кæ ддæ риддæ р хиуылхæ цаг, хæ рзæ гъдау адæ ймаг уыд, æ мæ уыцы маст йæ зæ рдæ йы куыд пихылæ йттæ хаста, уый цæ мæ й Дуда нæ бамбара, ууыл архайгæ йæ бафарста:

— Дуда, арвы ныццавдæ й уæ лдай дæ ныхас не ’мбарын.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.