Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 2 страница



Мæ хæ мæ тæ н уыцы лæ вæ рттæ йæ къухы куы бафтыдысты, уæ д йæ хъæ лдзæ гæ н ныккæ нæ н дæ р нал уыди:

— Фæ лæ уу, бирæ гъ, къæ ппæ г дын мæ къухы ис ныр, тагъд дзы бахаудзынæ! — æ ртхъирæ н кодта йæ хинымæ р Черменмæ.

Рараст ис Мæ хæ мæ т Хъобанмæ. Тындзыдта, цæ мæ й тагъддæ р бахæ ццæ уа Хъайсынмæ, сæ сау хъуыддагæ н уынаффæ кæ нынмæ. Æ хсæ в ыл бон нал кодта, бон та æ хсæ в, афтæ мæ й Хъобаныл куыд сæ мбæ лд, уый æ мбаргæ дæ р нæ бакодта.

Хаджи-Пагойы лæ вæ рттæ Хъайсынты афтæ фæ хъæ лдзæ г кодтой, цыма сын ныронг кæ мæ й тарстысты, уыцы стыр ивылд доны сæ рты хид фæ зынд, уыйау.

Мæ хæ мæ т лæ мбынæ г бамбарын кодта Хъайсынæ н, Хаджи-Пагойыл куыд сæ мбæ лд æ мæ йын Хаджи-Паго цы фæ дзæ хста, уый: зæ гъ, дам, Черменæ н, зæ рдæ дын цы хъуыддагæ й бавæ рдтон æ мæ мæ бар кæ й бакодтай, уый тыххæ й дæ м уыдзæ н хабар, зæ гъгæ. Æ з æ й аивæ й къахтон, цы йын йæ бар бакодта, уымæ й, фæ лæ мын ницы схъæ р кодта Хаджи-Паго.

Хъайсын хъæ лдзæ гхуызæ й сдзуры:

— Йæ бар ын цы бакодта, уый дæ р базондзыстæ м хуыцауы фæ рцы. Мах уал æ нгуыр хъуыдис æ мæ нæ къухы бафтыдис. Ныр кæ ф æ рцахсдзыстæ м æ ууæ нкæ й! Æ з архайын, куыд мыл æ ууæ нда, ууыл: цыма мæ нæ фæ рысти нæ зæ ххы афæ лдæ хт, уыйау ауагътон мæ хи. Мæ хæ мæ т, ды фылдæ р бонты дæ мадырвадæ лтæ м схъомыл дæ, Чермен дæ уыл ницы гуырысхо кæ ны. Чермены баууæ ндын кæ нын дæ уæ й кæ нгæ у. Баууæ ндын æ й кæ н, цыма Хаджи-Пагоимæ тынг рагæ й зонут кæ рæ дзийы, цыма уе ’хсæ н сусæ гдзинадæ й никуы ницы уыдис, афтæ. Цыбыр ныхасæ й, Хаджи-Паго æ хсидав у, æ мæ дзы Чермены тайын кæ н. Чи зоны, кæ д дын Чермен схъæ р кæ нид, Хаджи-Пагоимæ цы кæ нынмæ хъавынц, уый. Дзабыртæ æ мæ уал зæ нгæ йттæ ма ма раттæ м Черменæ н. Сæ раттынæ н хуыздæ р рæ стæ джытæ скæ ндзæ н. Черменæ н сæ ма ма схъæ р кæ най!

 

 

Мæ хæ мæ т Чермены хъахъхъæ нын байдыдта, æ мæ иу хатт Чермен йæ каистæ м куыд фæ цæ йцыд, афтæ йæ размæ фæ ци æ мæ йæ м дзуры хъæ лдзæ гхуызæ й:

— Чермен, æ з та ма дæ м уæ химæ цæ уинаг уыдтæ н!

— Дард не стæ м, аздæ хын нæ бон у, — загъта Чермен.

Мæ хæ мæ т загъта:

— Нал дын къуылымпы кæ нын дæ балц. Кæ сæ гæ й дæ м ис ныстуан æ мæ дын æ й ам дæ р зæ гъдзынæ н.

— Кæ сæ гæ й? — афарста Чермен. — Уый диссаг уыдзæ н!

— Зæ рдиаг салам дын æ рвиты Хаджи-Паго. Ныфс, дам, дын цы хъуыддагæ й æ вæ рдтон, уый рæ хджы мæ къухы бафтдзæ нис, æ мæ дæ м хабар уыдзæ н. Мæ нæ дын уый та лæ вар! — æ мæ Черменмæ дæ тты ехс. — Йæ хи къухæ й конд у, сæ гуытдзармæ й.

Чермен исдуг æ ргом нæ ракаст Мæ хæ мæ тмæ, хæ рам уыдысты раздæ р, фæ лæ ехс æ мæ йе ’рдхорды коймæ æ рæ джиау фæ парахат ис. Уый æ хсызгонæ н райста ехс æ мæ йæ м афтæ фæ каст, цыма Хаджи-Пагойæ н йæ хи федта. Раарфæ йын кодта зæ рдиагæ й, стæ й йæ фæ рсы:

— Бахатыр кæ н, Мæ хæ мæ т, Хаджи-Пагойы куыд зоныс? Хорз лымæ н дын у æ ви искуы хъуыддаджы сæ мбæ лдыстут? Куыд лæ гæ й йæ зоныс Кæ сæ джы?

Мæ хæ мæ тæ н зын нæ уыди уыцы фарстæ н дзуапп раттын.

— Куыд дын зæ гъон, Чермен... Хаджи-Пагоимæ куыд зонгæ стæ м, уымæ й-иу æ й дæ хæ дæ г бафæ рс, куы сæ мбæ лат, уæ д, фæ лæ дын цыбырæ й зæ гъдзынæ н: не ’хсæ н сусæ гдзинадæ й ницы ис, кæ рæ дзиуыл æ ууæ ндæ м. Мæ нæ уыныс ацы ехс, дæ ехсы æ мбал, — уый лæ вар мын у. Куыд лæ г у, зæ гъгæ, мæ фæ рсыс, æ мæ дын уый зæ гъдзынæ н: æ з мæ хæ дæ г схъомыл дæ н Кæ сæ джы — Челæ хсаты астæ у. Хаджи-Пагойыл чи фæ уæ лахиз уа цæ хх-кæ рдзын, æ мгар-æ ууæ нкæ й, ахæ м нæ й. Æ з æ й никæ уыл баивдзынæ н, уый тыххæ й æ мæ мын у, мæ зæ рдæ адджынæ н кæ й ссардта, уыцы лæ г.

Чермен загъта:

— Куыд кæ сын, Мæ хæ мæ т, афтæ мæ й нын Хаджи-Паго æ мбис æ рдхорд рауади нæ дыууæ йæ н дæ р! Арфæ дын кæ нын, Мæ хæ мæ т, зæ рдиагæ й, æ мæ амондджын уацхæ ссæ г фæ у не ’хсæ н. Куы ма фенай Хаджи-Пагойы, салам-иу ын ратт мæ нæ й. Æ нхъæ лмæ, зæ гъ, кæ сдзынæ н дæ хабармæ.

Уыцы ныхæ стыл Мæ хæ мæ т раздæ хти Хъайсынтæ м. Чермен та араст и йæ фæ ндагыл.

Черменæ н йæ зæ рдæ бахъæ лдзæ г ис, йæ цæ стытыл уадысты рæ сугъд нывтæ. Цæ виттон, Хаджи-Паго йын ныфс бавæ рдта Алиханы фервæ зын кæ нынæ й, æ мæ ма хуыздæ р цæ мæ й бахъæ лдзæ г уыдаид! Кæ д йæ фæ ндаг уыди хæ хтыл, нарæ г кæ мтты, фæ зилæ нты, уæ ддæ р æ м афтæ касти, цыма йе ’гас фæ ндаг дæ р авджын у. Йæ цæ стытыл уади Госæ гъайы мидбылты худт, цыма Хаджи-Паго чысыл Алиханимæ йæ цуры лæ ууыди, уыйау.

Ахæ м рæ сугъд хъуыдытæ йæ зæ рдæ йы гуырыдысты, æ мæ йæ м афтæ касти, цыма йæ м зæ ронд зæ ппадзтæ, æ нусон хæ хтæ фæ лмæ н худтысты...

Мæ хæ мæ т дæ р къаддæ р цины нæ уыди Черменæ й. Æ рмæ ст Чермены цин уыди рæ сугъд, æ нæ тæ ригъæ д, Мæ хæ мæ ты цин та — цъаммар, мæ нгард, фыдбылыз, тæ ригъæ дджын фыдбоны уазал тымыгъ.

— Чермен, Чермен! — дзуры уый йæ хи мидæ г, — дæ у фырцинæ й расыг цы Хаджи-Пагойы ном кæ ны, уымæ й дын мах дæ адзал ссардзыстæ м!

Мæ хæ мæ т сæ мбæ лди Хъайсыныл æ мæ йын лæ мбынæ гæ й радзырдта Черменимæ йæ фембæ лды хабæ рттæ. Уæ д Хъайсын сдзуры:

— Ныр нын фадат фæ ци Кæ сæ гмæ, уым ын Хаджи-Пагоимæ цы хъуыддаг ис, уый бæ лвырддæ р базондзыстæ м, стæ й йын уый фæ стæ ратдзыстæ м дзабыртæ æ мæ зæ нгæ йттæ дæ р, цыма йæ м Хаджи-Паго æ рвиты, уыйау. Уыдон æ й бауырнын кæ ндзысты.

Сæ хи срæ вдз кодтой æ мæ араст сты Кæ сæ гмæ. Кæ сæ джы сæ мадырвадæ лтæ м сæ фæ ндтæ тыхджын фыцынц Чермены фесафыныл, фæ лæ Чермен æ мæ Хаджи-Пагойы æ хсæ н цы хъуыддаг уыдис, уый бæ лвырдæ й нæ зыдтой, уымæ н æ мæ се ’намондæ н Хаджи-Паго уыди балцы. Гъе, фæ лæ уæ ддæ р алыг кодтой, цыма йын Хаджи-Паго æ мгъуыд кæ ны æ мæ йын амоны бынат сæ сæ мбæ лынæ н Елхоты фале Гала-бæ ласы бын.

Чермен та уыди Баймæ татæ м, йæ каистæ м. Йæ нæ ртон зæ рдæ йы ахæ м цины лæ сæ н рацыдис, æ мæ йын дунейы къардиутæ дæ р нал фаг кодтой. Афтæ дзуры Госæ гъайæ н:

— Уыныс, де ’фсымæ ры къухы æ рмдзæ ф? Ацы ехс йæ хи конд у, сæ гуытдзармæ й. Æ ркæ с-ма йæ м лыстæ г, дæ хæ рдгæ думæ данæ н дын бар уадзы? Ацы лæ вар мыл куыд сæ мбæ лд, афтæ тагъд ныл Хаджи-Паго æ мæ Алихан дæ р æ мбæ лдзысты. Хаджи-Пагойæ уæ гъд ныхас никуы сирвæ здзæ н. Йæ зæ рдæ кард у, цы нæ алыг кæ ндзæ н, уымæ йæ ласгæ дæ р нæ кæ ны. Куы йæ сласы, уæ д та йæ æ нæ алыггæ нгæ тъысгæ нæ кæ ны йæ кæ рддзæ мы. Мæ хæ мæ т Кæ сæ джы ис æ мæ нын дзы исты хабар хæ сдзæ н. Кæ д Мæ хæ мæ т ме знæ гтæ й у, уæ ддæ р Хаджи-Пагайы зонгæ кæ й у, уый тыххæ й йыл æ ууæ ндын.

Уæ д Госæ гъа афтæ зæ гъы:

— Нæ зонын, нæ зонын, цæ мæ н у, фæ лæ мæ зæ рдæ куыддæ р тасы мидæ г ис, Хаджи-Паго æ мæ де ’хсæ н Мæ хæ мæ т кæ й ис, уымæ й. Зноны знаг абон лымæ нæ н зын ссарæ н у.

— Æ мæ мæ м цы знагдзинад хъуамæ дара Мæ хæ мæ т? Давгæ куы никæ мæ й ницы кæ нæ м, рæ стæ й цæ рæ г адæ м куы стæ м. Нæ, уæ лдай гуырысхотæ нал хъæ уы. Цæ й, бонмæ бирæ нал ис: хистæ ртæ й мæ исчи ардыгæ й ацæ угæ куы фена, уæ д фидиссаг кæ нын.

Чермен Дæ ргъæ всы лæ гъзы куы рацæ йцыд, уæ д Къæ хтысæ р хæ рхæ мбæ лд фæ ци йæ хорз æ мбал Бадзуаты Абырæ гыл. Абырæ г æ й базыдта раздæ р, хъæ лдзæ гхуызæ й йæ м дзуры:

— Æ тт, Баймæ таты буц сиахс, афтæ мæ й нæ фæ цæ удзынæ!

— О, нарты Хæ мыц! — фæ хъæ р кодта Чермен. — Кæ м та мын уыдтæ?

Уыцы ныхæ стимæ кæ рæ дзийы къуырццытæ кæ нын байдыдтой сæ бæ хтæ й.

— Бестолы-фырт, æ з дæ каистæ м цæ уылнæ дæ н? Цæ й тарст сын кæ ныс хардзæ й? Æ ви Госæ гъайæ н æ взаг бакæ нынæ й тæ рсыс?

— Раст зæ гъыс, Абырæ г. Алцыдæ р дыл æ мбæ лы зæ гъын: æ з зылын дæ н дæ цуры.

Абырæ г ныккасти Чермены бæ хмæ:

— Чермен, ацы бæ х дæ м кæ цæ й æ рæ фтыд?

Чермен загъта:

— Радта мын æ й ме ’рдхорд æ фсымæ р Хаджи-Паго, Абайханты саулохтæ й у.

— Раст зæ гъыс, Чермен, сыгъдæ г саулохаг у: бирæ гъварс, зыгъар, цыбырастæ у, къуыпных, зылдсæ фтæ г, хуыдзаст. Хайыр уæ д, хайыр. Стыр лæ вар дын ракодта де ’фсымæ р, фæ лæ ма мæ н дæ р йемæ базонгæ кæ н!

— Уымæ н нын амал ис, Абырæ г. А дыууæ боны йемæ хъуамæ сæ мбæ лæ м, æ мæ уæ д Баймæ таты хæ дзары нæ тæ ригъæ дтæ ссыгъдæ г кæ ндзыстæ м, — загъта Чермен, йæ хæ дæ г бахудти.

— Цæ й, уæ дæ, Чермен, банхъæ лмæ кæ сын хуыздæ рæ н фæ уæ д. Æ цæ г-иу мын мæ цæ стытæ æ нхъæ лмæ кæ сынæ й ма ныуурс кæ н.

— Бирæ рæ стæ г дæ нæ бауадздзынæ н æ нхъæ лмæ кæ сын. Хаджи-Паго, Абырæ г æ мæ Чермен Баймæ таты хæ дзары рæ хджы кæ рæ дзимæ дæ тдзысты нуазæ нтæ.

— Дæ дзыхы æ хсырфæ мбал, Чермен! Æ цæ г æ рцæ уæ д уыцы амондджын сахат! — загъта Абырæ г.

— Хаджи-Паго мæ м æ рвиты, — дзырдта Чермен, — чи зоны, цæ уын куы бахъæ уа Кæ сæ гмæ, мæ хицæ н æ мбалæ н уæ д дæ у нымайын!

— Цæ ттæ дæ н, Чермен! Кæ сæ гмæ нæ, фæ лæ кæ дæ мдæ риддæ р. Æ рмæ ст мæ м раздæ р хабар куыд уа, афтæ.

Иучысыл ма аныхæ стæ кодтой, стæ й хæ рзбон загътой кæ рæ дзийæ н. Чермен рараст Хъобанмæ, Абырæ г та Дæ ргъæ всмæ.

Бирæ афонтæ нæ рацыди, афтæ Чермен æ нхъæ лмæ цы хорз хабармæ касти, уый бафтыд йæ къухы: сæ мбæ лд Мæ хæ мæ тыл. Мæ хæ мæ т ныр зыдта, кæ цырдыгæ й йæ м бацæ уын хъæ уы, уый. Йæ зæ рдæ йын æ лхæ дта æ мæ йæ расыг кодта Хаджи-Пагойы номæ й. Уый дзырдта:

— Ме ссыдыл цæ уы æ ртæ боны, мæ хæ с дын уыди дæ ныстуан раздæ р фехъусын кæ нын, фæ лæ дæ -иу афарстон, æ мæ уæ химæ нæ уыдтæ.

— Раст дын куы зæ гъон, Мæ хæ мæ т, уæ д де ссыдмæ тынг æ нхъæ лмæ кастæ н. Кæ д дын, чи зоны, бантысти Хаджи-Пагойы фенын. Дæ фенд мын, йæ хи фендау, æ хсызгон вæ ййы. Мæ хæ мæ т загъта:

— Ау, Чермен, æ мæ æ з Кæ сæ джы уæ вгæ йæ кæ мæ хъуамæ бацæ уон Хаджи-Пагойæ раздæ р? Раст йæ тæ ккæ хæ дзары бадтыстæ м æ мæ цыбыр, фæ лæ адджын рæ стæ г арвыстам. Зæ рдиаг салам дын æ рвыста æ мæ куырдта хатыр, æ рæ гмæ дыл кæ й æ мбæ лы, уый тыххæ й. Æ ртæ боны æ мгъуыдмæ, зæ гъы, бафæ раз, стæ й дæ м зындзынæ н. Фæ лæ, зæ гъы, цы нæ вæ ййы: чи зоны, уыцы æ мгъуыдмæ мæ нæ н куы нæ бантыса, уæ д дæ хи бахъæ удзæ н ардæ м сæ мбæ лын.

Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ Мæ хæ мæ т лæ мбынæ г касти Чермены цæ сгоммæ, цыма йын йæ зæ рдæ йы сусæ гдзинæ дтæ агуырдта, уыйау. Фæ лæ Чермены цæ сгомыл ницы зынди, хæ лар, æ нæ зæ рдæ худт æ мæ уарзондзинадæ й уæ лдай.

Чермен бафарста:

— Æ ппын дын ницы загъта нæ сæ мбæ лæ н бынаты тыххæ й?

Мæ хæ мæ т хъуызгæ хуызæ й сдзырдта:

— Чермен, уый ардыгæ й бацамонынæ н тынг зын у, фæ лæ кæ д йæ хæ дæ г фæ зынид уæ дмæ. Кæ д æ мæ нæ фæ зына, уæ д мæ хæ дæ г нæ фæ зивæ г кæ ндзынæ н дæ у уырдæ м ныххæ ццæ кæ нынмæ.

Уыцы ныхасы фæ стæ Мæ хæ мæ т дисхуызæ й дзуры:

— О, хæ дæ гай, Чермен, чысыл ма бахъæ уа, мæ амынæ т мæ ферох уа! — йæ хæ дæ г йæ фæ сарцæ й райста зæ нгæ йттæ дзабыртимæ æ мæ йæ м сæ дæ тты: — Мæ нæ мæ м адон радта, йæ каистæ м куы цæ уа, уæ д-иу сæ скæ нæ д, зæ гъгæ.

Чермен йæ лæ вар куы райста, уæ д æ фсæ рм дæ р æ мæ цин дæ р йæ зæ рдæ йы ссыгъдысты. Мæ хæ мæ ты ’рдæ м ма йæ м æ нæ ууæ нкдзинадæ й цыдæ риддæ р уыди, уый, уæ рм зæ ххæ й куы айдзаг кæ най, уыйау алæ гъз ис. Чермены зæ рдæ куыддæ р тæ ригъæ дырдæ м фæ зылд Мæ хæ мæ тмæ. Кастис æ м уыцы сахат раст бынтон æ нæ тæ ригъæ д адæ ймаг. Иттæ г зæ рдиагæ й йын йæ къух райста æ мæ йæ м хæ лархуызæ й дзуры:

— Арфæ дын кæ нын, Мæ хæ мæ т, мæ н тыххæ й дæ хицæ н кæ й базын кодтай, уый тыххæ й. Æ з дæ р дын дæ дзæ бæ хтæ мæ уæ лæ нæ ныууадздзынæ н.

Æ мæ рахæ рзбон кодтой кæ рæ дзийæ н.

Чермен æ нхъæ лмæ кæ сын байдыдта Хаджи-Пагомæ. Афтæ тынг æ нхъæ лмæ касти, æ мæ йæ м бон мæ й зынди, æ хсæ в та афæ дз. Кæ д цыфæ нды даргъ уыдысты æ ртæ боны, уæ ддæ р ахицæ н сты, фæ лæ никуыцæ й зыны Хаджи-Паго.

Чермен ныффæ нд кодта, мæ хи цæ уын хъæ уы, зæ гъгæ. «Исты гæ нæ н æ мæ йын амал куы уыдаид Хаджи-Пагойæ н, уæ д уый йе ’мгъуыд нæ фæ сайдтаид. Цы чындæ уа ныр? Абырæ гимæ цæ уин, æ мæ бæ лвырд нæ зонын, кæ дæ м цæ угæ у, уый. Мæ хæ мæ тимæ цæ уин, æ мæ Хаджи-Паго Алиханы куы рахæ сса, уæ д Мæ хæ мæ ты мадырвадæ лтæ м исчи комдзог куы фæ уа! »

Мæ хæ мæ тæ н дæ р йæ зæ рдæ æ нцад кæ м уыди, абæ рæ г та кодта йæ нывонды:

— Чермен, цæ й, цы хабар ис не ’фсымæ рæ й?

— Æ вæ ццæ гæ н, мæ хи цæ уын бахъæ удзæ н, — загъта Чермен.

— Æ мæ цы зивæ г кæ нæ м, — бадис кодта Мæ хæ мæ т, — кæ д æ ппын æ мæ дзы иу бæ хрæ гъау дæ р нæ разæ й фæ кæ никкам.

— Бæ хрæ гъау нæ, — загъта Чермен, — фæ лæ уыцы æ намонд лæ ппуйы тыххæ й, æ вæ ццæ гæ н, цæ уын бахъæ удзæ ни...

***

Чермены сæ рмæ мигътæ æ мбырд кæ нын байдыдтой. Раст ын Мæ хæ мæ т æ мæ Хъайсын цы фæ ндаг сныв кодтой, ууыл ныллæ ууыди. Афтæ фæ зæ гъы йæ хицæ н: «Цæ й, цы ма хъыгдарон Абырæ джы дæ р? Хаджи-Пагойæ н бæ лвырд йæ амынд бынат куы зонин, уæ д Мæ хæ мæ ты дæ р ныууадзин. Фæ лæ йæ нæ зонын, æ мæ цæ уын хъæ уы Мæ хæ мæ тимæ. Ахсæ в мæ балц фæ рæ вдз кæ ндзынæ н æ мæ ныууайдзынæ н Мæ хæ мæ тимæ. Æ з райсом искуы бонасадæ н скæ ндзынæ н, Мæ хæ мæ т та мын Хаджи-Пагомæ хабар фæ кæ ндзæ н».

Мæ хæ мæ тæ н лæ гъстæ нæ бахъуыд: хуыцауæ й цы курдиат агуырдта, уый æ нцонæ й йæ къухы æ фтыди.

Сæ хи цæ ттæ кодтой, цæ мæ й араст уой сæ фæ ндагыл.

Госæ гъайы зæ рдæ йы бацыди цыдæ р æ нахуыр тас.

— Стыр диссаг, — загъта уый Черменæ н, — мæ зæ рдæ йы цæ мæ н ахæ м тас бацыди? Афтæ мæ м кæ сы, цыма æ намонд хабар фехъусдзынæ н. Мæ хæ мæ ты кой мæ зæ рдæ йыл калмау тыхсы. Цы нæ ауайы мæ цæ стытыл! Исчи тагъд-тагъд куы æ рбацæ уы нæ рæ зты, уæ ддæ р тæ рсгæ фæ кæ нын. Цы хабар у, нæ зонын... Хуыцау æ й хуыздæ рæ н фæ кæ нæ д...

 

 

Араст сты сæ фæ ндагыл Черменитæ. Дзæ вгар куы фæ цыдысты, уæ д Мæ хæ мæ т ехсы хъæ дæ й бацамыдта Черменæ н дардмæ Галайы бæ лас. Бæ ласмæ хæ стæ гдæ р куы бахæ ццæ сты, уæ д Мæ хæ мæ т дзуры:

— Цæ й, Чермен, мæ нæ ацы къуылдымы нæ бæ хтæ суадзæ м æ мæ ахизой. Нæ хæ дæ г та уынаффæ бакæ нæ м, цы нын кæ нгæ у, ууыл.

Чермен уæ лдай нал загъта, æ мæ сæ хи æ рфистæ г кодтой, сæ бæ хтыл сæ вæ рдтой сахсæ нтæ. Иучысыл куы афæ стиат сты, уæ д Чермен йæ къух Мæ хæ мæ ты уæ хскыл æ рæ вæ рдта æ мæ афтæ зæ гъы, йæ цæ сгоммæ йын кæ сгæ йæ:

— Мæ хæ мæ т, æ з ам баззайдзынæ н, ды ацу æ мæ фæ хабар кæ н Хаджи-Пагомæ. Фервæ зын кæ нынмæ, зæ гъ, кæ й хъавыдтæ, уый ардæ м ракæ н. Æ рмæ ст дæ уый курын, Мæ хæ мæ т, æ мæ не ’рцыд Астемыратæ й куыд ничи зона. Хæ рам мæ м сты æ мæ мæ семæ фембæ лын нæ фæ нды.

— Уый тыххæ й гуырысхо ма кæ н, — загъта Мæ хæ мæ т. — Æ з цæ уын æ мæ дыл Хаджи-Пагоимæ æ мбæ лдзынæ н тагъд.

Æ мæ ацыди.

Чермен иунæ гæ й куы аззади, уæ д кæ стытæ кодта, Мæ хæ мæ т æ й кæ дæ м æ ркодта, уыцы хъæ дмæ, æ мæ афтæ дзуры йæ хинымæ р: «Уæ, нæ тæ ригъæ д уа Хаджи-Пагойы, цымæ дзы амæ й лæ гъздæ р бынат никуы ссардта! Йæ тæ ккæ бирæ гъбадæ нтæ м ын куы бахъавыди. Диссаг, цымæ цæ мæ н равзæ рстаид ахæ м тар хъæ д?.. »

Цалынмæ Чермен хъуыдытæ кодта, уæ дмæ Мæ хæ мæ т сæ мбæ лди Астемыратæ м. Мæ хæ мæ ты сæ мбæ лд Астемыраты бахъæ лдзæ г кодта. Чермены æ намондæ н уыдысты æ мбырд, Хъайсын сæ астæ у уыдис, афтæ мæ й. Мæ хæ мæ т хъæ лдзæ гхуызæ й радзырдта, Чермены куыд æ рсайдта, уый. Хъайсын загъта:

— Æ тт, Астемыратæ, саг фæ рæ тмæ æ рцыди! Мæ хæ мæ тæ н бауынаффæ кодтой афтæ:

— Ацу æ мæ йын зæ гъ, Хаджи-Паго дыл, зæ гъ, æ мбæ лдзæ н тагъд. Мах дæ р цæ уæ м дæ фæ стæ, æ рхыты ссæ удзыстæ м, бæ ласы аууон æ рбаддзыстæ м æ мæ иучысыл куы афæ стиат уай, уæ д та-иу дæ хи цæ уæ г скæ н Хаджи-Пагомæ ракæ сыны æ фсон, æ мæ уæ д дæ хæ дæ г дæ р нæ хирдыгæ й фæ уыдзынæ.

Иукъорд замантæ ма афæ стиат, стæ й рацыди Мæ хæ мæ т. Уалынмæ Мæ хæ мæ т Чермены цур æ рбалæ ууыд хъæ лдзæ гхуызæ й æ мæ дзуры:

— Чермен, амонд нæ рæ вдауы! Хаджи-Пагойы ныййæ фтон сæ химæ, цыдæ р уазджытæ йæ м уыди æ мæ йын бамбарын кодтон дæ хабар. Тынг æ хсызгон ын уыди, мæ хи дæ р мын урæ дта: æ ххæ ст, дам, уазджытæ ацæ уой, æ мæ иумæ ацæ удзыстæ м, фæ лæ æ з нæ ныллæ ууыдтæ н, мæ мадырвадæ лтæ й мæ исчи куы фена, уымæ й тæ рсгæ йæ.

Чермен загъта:

— Хорз бакодтай, Мæ хæ мæ т, — хъахъхъæ нын хорз у!

Уыцы рæ стæ джы сæ алыварс æ ртыхстысты Астемыратæ æ мæ Хъайсын. Мæ хæ мæ т ныхæ стыл дардта Чермены. Иудзæ вгар куы афæ стиат сты, уæ д Мæ хæ мæ т æ виппайды сдзырдта:

— Цæ й æ рæ гмæ цæ уы Хаджи-Паго? Тагъд æ рбацæ уинаг куы уыди! Цæ уон, æ мæ йæ м акæ сон, — йæ хæ дæ г сыстад æ мæ æ рхы ’рдæ м фæ раст ис. Иудзæ вгар куы ныууад æ мæ куы фæ аууон, уæ д йæ бæ х пыхсы абаста æ мæ Хъайсыниты ’рдæ м араст. Уыцы рæ стæ джы Чермен йæ бынатæ й сыстад, æ нцадгай араст бæ ласы ’рдæ м. «Æ нæ фенгæ мын нæ й Хаджи-Пагойы бæ рæ ггæ нæ н Галайы бæ лас», — загъта Чермен æ мæ бæ ласы цурмæ куы æ рцыд, уæ д æ м кæ сы æ дзынæ гæ й æ мæ йæ хинымæ р дзуры: «Стæ -ма, акæ сон йæ цъуппæ й». Йæ топп систа æ мæ йæ бæ ласы æ нцой æ рæ вæ рдта. Бæ ласмæ хæ рдмæ куы скаст, уæ д йæ фале, цыма пыхс фезмæ лыди, афтæ йæ м фæ зынди. Цымæ цы уа, зæ гъгæ, дарддæ р ныууад, йæ топп бæ ласы æ нцой ныууадзгæ йæ. Пыхсы йæ м зынди лæ г. Йæ топмæ куыд фæ зылд, афтæ фыццаг гæ рах сæ мбæ лд йæ зæ нджы хæ цъæ фы. Топп райсынмæ ма тындзыдта, фæ лæ йын мæ цкъортæ йæ къæ хтыл стыхстысты æ мæ æ рхаудта. Черменæ н йæ фестад æ мæ Мæ хæ мæ тæ н та топмæ йæ бауад баиу сты. Стайау йæ хи фехста Чермен, Мæ хæ мæ ты къухтæ й раскъæ фта топп æ мæ фæ хъæ р кодта:

— Æ тт, цъаммар туг! — йæ хæ дæ г æ й кардæ й афтæ тынг æ рриуыгъта, æ мæ йæ сæ р зæ хмæ харбызы хуызæ н атылди. Чермен йæ хæ дæ г дæ р ныццудыдта æ мæ æ рфæ лдæ хти. Фыццаг æ й цы кæ сгон лæ г фехста, уый рацыд æ ргом, афтæ æ нхъæ лдта, æ мæ нал сыстдзæ нис. Фæ лæ цалынмæ уый топп йæ агъудæ й иста, уæ дмæ йæ м Чермен фæ царæ хстис: нæ мыг ын батыдта йæ риуыгуыдыр. Чермен йæ хæ дæ г дæ р стыр уæ ззау цæ фтæ фæ цис, йæ алыварс гæ рæ хтæ сбирæ сты. Зæ хмæ куы æ рхаудта Чермен, уæ д æ й иу кæ сгон цæ вынмæ хъавыди кардæ й, фæ лæ йæ Чермен æ рцахста йæ фæ дджийæ æ мæ йæ афтæ тынг æ рбалхъывта йæ химæ, æ мæ лæ г, сывæ ллонау, æ рбаскъиудта Чермены хъæ бысмæ. Чермен ын ныххæ цыд йæ хурхыл æ мæ загъта:

— Æ лгъаг у дæ цуры амæ лын, фæ лæ... кæ лмытæ æ ртæ къаддæ р фæ уыдзысты!..

 

 

Асыгъдæ г ис топпы фæ здæ г. Ныссабыр ис æ рдз. Чысыл кодта сæ лфынæ г, бæ лæ стæ дæ р цыма æ нкъард уыдысты æ мæ цыма сæ уайдзæ фы хай Галайы бæ ласæ н кодтой.

Мард фесты Астемыраты Хамит æ мæ Хату, мард фæ ци, ацы бæ ллæ хтæ чи арæ зта, уыцы Тлаттаты Мæ хæ мæ т дæ р. Уымæ н уырдыджы йæ сæ р афтæ дард атылди, æ мæ йын æ й аргæ дæ р нал кодтой. Удæ гасæ й аирвæ зти æ рмæ ст Хъайсын.

— Зынаргъ нын рауадтæ, Агуыдзоны фырт, — загъта ма уый. — Æ фснайын хъæ уы мæ рдтæ, хъæ р дæ р сын нæ й кæ нæ н, ныгæ нын сæ хъæ уы сусæ гæ й. Ацы калмы уæ ртæ иу дзыхъмæ аппарын хъæ уы, уадз æ мæ йæ рувæ стæ бахæ рой... Диссаг! Фараст нæ мыджы сæ мбæ лд йæ риуыл, уæ ддæ р нæ марди!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.