Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 3 страница



Изæ рдалынгты Астемыратæ аластой сæ мæ рдтæ.

***

Хаджи-Паго Алиханимæ бахæ ццæ Хъобанмæ, æ рлæ ууыд Чермены хæ дзары раз. Бадзуайы-фырт Абырæ г уыди Черментæ м, йæ хъæ лдзæ г ныхас æ ддæ мæ хъуысти:

— Агуыдзон, уæ дæ ма æ з та Черменмæ куы æ нхъæ лмæ кæ сын ныр æ ртæ боны. Æ хсæ выгон хъуыддæ гтæ мын уыди кæ мдæ р, æ мæ сæ уый тыххæ й куы ныууагътон, уæ д уый кæ дæ м фæ раст и?

Агуыдзон загъта:

— Нæ зонын, дæ рын бахæ рон, Абырæ г, ам æ м æ мбисæ хсæ в чидæ р æ рбадзырдта. Йæ хъæ лæ с мæ м Мæ хæ мæ ты хъæ лæ сы хуызæ н фæ касти, æ мæ ма мын афтæ загъта: «Иу кæ сгон лæ г нæ м æ рбацæ уинаг у, æ мæ æ нæ мæ н куы фæ зына, уæ д-иу æ й ме ссыдмæ бауром», стæ й ацыди.

Уыцы рæ стæ джы чидæ р кæ рты дуар бахоста. Абырæ г рудзынгæ й ракаст æ мæ сдзырдта:

— Агуыдзон, дæ лæ иу æ нахуыр уазæ г! Дæ хæ дзар афснай, чи зоны, мидæ мæ куы цæ уа! — йæ хæ дæ г рауади уазæ джы размæ.

Барæ г бадти бæ рзонд, хæ рзхаст, цъæ хстъæ лфæ нтæ джын бæ хыл. Йæ бæ хыл бæ рæ г уыди, тыхцыд кæ й фæ кодта, уый. Уазæ г сдзуры æ рдæ гирон æ взагæ й:

— Чермен ам нæ й?

— Йæ хæ дзар ам ис, йæ хи дæ р ын ссардзыстæ м, — дзуапп радта Абырæ г.

Уазæ г æ рхызт бæ хæ й æ мæ йæ нымæ т куы раппæ рста иуварс, уæ д йæ фæ сарцæ й æ ргæ пп ласта иу хъомыл лæ ппу. Уыцы уазæ г уыди Хаджи-Паго, лæ ппу та Алихан.

Хаджи-Паго æ мæ Абырæ г кæ рæ дзийæ н сæ хи бацамыдтой. Агуыдзон куы базыдта, Чермен алы бон цы Хаджи-Пагойы кой кæ ны, уый ис йæ цуры, уæ д æ й æ цæ г мады хъæ быс ныккодта:

— О, мæ зæ рдæ йы уидаг, мæ цæ сты рухс, æ з дæ уындмæ куы бæ ллыдтæ н, æ з уымæ й куы тарстæ н, æ нæ дæ у фенгæ куы амæ лон!

— Мæ лгæ нæ ма, Агуыдзон, мæ лгæ, — загъта Хаджи-Паго, — дæ дыууæ лæ ппуйы дын хъуамæ дæ фæ ллой бафидой. А дыууæ боны чындз хæ сдзыстæ м, мæ хъаймæ ты хо Госæ гъайы. Чермен иуæ й ме ’фсымæ р у, иннæ мæ й та мæ сиахс у. Гъе, уæ д дын дæ дыууæ лæ ппуйы дæ фæ ллад суадзын кæ ндзысты. Дæ бирæ зынтæ н æ рхæ ццæ сæ кæ рон! Мæ нæ уын уый та, — загъта Хаджи-Паго, Алиханмæ ацамонгæ йæ, — Госæ гъайы мадыфсымæ р Алихан. Бирæ йыл фæ тухи кодтон æ мæ тыххæ й бафтыди мæ къухы.

Агуыдзон æ мæ Абырæ г худгæ -кæ угæ сæ хъæ бысты кодтой Алиханы. Стæ й Агуыдзон ацыдис æ мæ февнæ лдта хæ ринаг кæ нынмæ. Хаджи-Паго æ мæ Абырæ г иунæ гæ й куы аззадысты, уæ д Абырæ г афтæ зæ гъы:

— Хаджи-Паго, махмæ ис иу æ мбисонд: Хетæ г хъæ дмæ, кæ нæ та хъæ д Хетæ гмæ: Черменæ й куырдтон, цæ мæ й мæ демæ базонгæ кодтаид, фæ лæ мæ м дæ хæ дæ г фæ тагъддæ р дæ. Уыди нæ м дæ кой, ныхас дæ р бакодтам, демæ дæ хойы хæ дзары куыд æ мæ кæ д хъуамæ сæ мбæ лдаиккам, уый тыххæ й.

Уæ д Хаджи-Паго загъта:

— Амондджын ныхæ стæ кодтат æ мæ æ цæ г рауадысты. Фæ лæ диссаг: æ з æ м æ рвитгæ куы кодтон, тагъд дыл æ мбæ лдзынæ н, зæ гъгæ... Мах дæ р ын, Абырæ г, бафыддæ рагæ н кæ ндзыстæ м. Кæ д ахсæ в нæ фæ зына, уæ д Баймæ татæ м нæ бæ хтæ базмæ лын кæ ндзыстæ м, уый ма нæ м-иу уæ д дуарæ й бакæ с-бакæ с кæ нæ д, — сæ хуыдтæ г ныххудтысты.

Абырæ г æ мæ Хаджи-Паго кæ рæ дзийы зæ рдæ тæ тынг тагъд ссардтой, рагæ й цыма зонгæ тæ уыдысты, уыйау. Сæ рдыгон æ хсæ в сыл тынг тагъд сбон ис. Фæ лæ нæ зыны Чермен. Райсомæ й аходæ н куы бахордтой, уæ д Хаджи-Паго дзуры Агуыдзон æ мæ Абырæ гмæ:

— Тынг мæ фæ нды мæ хо Госæ гъайы бабæ рæ г кæ нын. Мæ нæ йын йæ зынаргъ хæ стæ г Алиханы дæ р раттиккам. Чермен куы æ рбацæ уа, уæ д-иу æ й рарвит Баймæ татæ м. Мах дæ р дзы нæ маст исæ м, Агуыдзон. Уый æ з æ мæ Абырæ гмæ нæ банхъæ лмæ каст, мах дæ р æ м нæ кæ сæ м, — сæ хæ дæ г хъæ лдзæ гæ й ныххудтысты æ мæ ацыдысты Баймæ татæ м.

***

Хаджи-Паго хæ цыди Алиханы къухыл, йæ цуры лæ ууыдысты Госæ гъа, йæ мад, йæ фыд æ мæ Абырæ г.

Бирæ фæ цинтæ кодтой Баймæ татæ дæ р Алиханы фервæ зтыл, — сæ хæ дзар стыр хъæ лдзæ г сси. Уый фæ стæ Госæ гъа Хаджи-Пагойæ н ракодта Чермены хабæ рттæ: æ ртæ боны æ мгъуыдмæ куыд ацыди, афоныл куыд нæ сæ мбæ лд æ мæ куыд фæ дзæ хста, зæ гъгæ, дам, уæ дмæ куы нæ сæ мбæ лон, уæ д-иу мæ агурут. Госæ гъа ноджы радзырдта, Мæ хæ мæ тимæ кæ й ацыд, уый тыххæ й йæ зæ рдæ тынг кæ й æ хсайы, уый. Цы бамбарын хъуыдис Хаджи-Пагойæ н хъуыддаг? Уый æ нцадгай дзуры Абырæ гмæ: «Цæ угæ нын у! » Фæ лæ цæ мæ й йæ хо ма фæ тæ рса, уый тыххæ й йæ хи хъæ лдзæ ггомау дардта. Рацыдысты Баймæ таты хæ дзарæ й æ мæ фæ ндагыл Абырæ гæ н загъта:

— Не ’фсымæ р гуырысхо ран ис, Абырæ г, мæ хо куыд радзырдта, афтæ мæ й. Мæ номæ й йæ асайдæ уыди. Æ рзилын ыл хъæ уы, баххуыс ын хъæ уы. Ды суай æ мæ абæ рæ г кæ н Мæ хæ мæ ты. Кæ д уым уа, уæ д ын зæ гъ, æ з æ й агурын, зæ гъгæ.

Абырæ г тынг тагъд ссардта дзуапп:

— Мæ хæ мæ т ам нæ й, Кæ сæ джы ис.

Хаджи-Паго байхъуыста æ мæ æ нкъардхуызæ й загъта:

— Абырæ г, не ’фсымæ р Чермен зындзинады ис. Госæ гъа куыд зæ гъы, афтæ мæ й сæ ацæ уыны размæ Галайы бæ ласы кой кодтой: уый хорз бæ лас нæ у. Цæ уын хъæ уы йæ фæ д-фæ д, цы йыл цæ уа, уый йыл кæ сæ джы къухæ й цæ удзæ н. Уыцы Галайы бæ лас Астемыраты хъæ уы сæ рмæ ис. Цъаммар, налат адæ м сты Мæ хæ мæ ты мадырвадæ лтæ. Стæ й диссаг уый у, æ мæ ахæ м тæ ссаг балцы куыд баууæ ндыди Мæ хæ мæ тыл.

Бон уыди рæ сугъд. Цъиутæ алы хъæ лæ стæ й зарыдысты. Æ рджынарæ джы дон æ нæ мæ тæ й, йæ уылæ нтæ й хъазгæ, размæ згъордта. Дзылаты мæ сыг, цыма йæ къухаууонæ й дардмæ касти, уыйау лæ ууыдис æ нцад. Йæ бынты фæ цæ йцыди дыууæ барæ джы, сæ цæ сгомы бакаст уыдис сагъæ сæ й дзаг. Уыдон-иу куы тагъд ацыдысты, куы та-иу фæ лæ ууыдысты æ мæ -иу райдыдтой ныхæ стæ кæ нын, сæ ехсытæ й цыма искæ мæ æ ртхъирæ н кодтой, уыйау. Куы та-иу фæ ндаджы иувæ рсты азылдысты, цыма фæ д агуырдтой, уый хуызæ н.

Уыдон сты Абырæ г æ мæ Хаджи-Паго, Чермены фæ дагурджытæ. Сæ арæ зт у Галайы бæ ласы ’рдæ м. Куыд æ м хæ стæ гдæ р кæ нынц, афтæ сæ тас тынгдæ р рæ зы. Æ рхæ ццæ сты уыцы ранмæ. Чермен æ мæ Мæ хæ мæ т сæ бæ хтæ цы къуылдымыл суагътой, уырдæ м кæ сынц æ мæ дзы федтой уæ рдонвæ д. Хаджи-Паго бадис кодта:

— Цымæ ацы уæ рдонвæ д ам цæ мæ н ис? Бæ хтæ й æ рхызтысты, бæ ласы алыварс æ рзылдысты. Бæ ласы бын уыди ссæ ст, уæ рдонвæ д кæ дæ м бацыд, уым ссардтой туджы фæ згъæ ртæ. Иу-дыууæ раны ма дзы уыди ноджыдæ р тугвæ дтæ, фæ лæ дзы уырдыджы иу тугвæ д, æ рфæ ны фæ дау, тынг дард ахаста, æ мæ уый куы федтой, уæ д сæ зæ рдæ бынтон асасти.

— Не ’фсымæ рыл цы ’рцыди, уый йыл ам æ рцыд, — загъта Хаджи-Паго. — Фæ лæ диссаг сты ацы тугвæ дтæ. Ам иу лæ джы туг нæ й, ам ма ноджыдæ р фæ ци мæ рдтæ, æ гæ р дæ рддзæ фтæ сты кæ рæ дзимæ, ницы дзы базонæ н ис ам. Уæ рдоны фæ дыл ацæ уæ м. — Æ мæ ацыдысты. Фæ д сæ æ ркодта раст Астемыраты уæ лмæ рдтæ м. Бон баталынг ис, æ мæ фылдæ р базонын сæ къухы нал бафтыди.

Фæ лæ талынджы дæ р кодтой сæ хъуыддаг. Уыдон ссардтой Хомбадзары, Астемыраты кусæ джы. Уый уыди мæ рдтæ ласынмæ æ мæ сын радзырдта, Чермен куыд фæ мард ис æ мæ йæ кæ м ныууагътой, уыдæ ттæ.

— Ныр Астемыратæ афтæ æ фсон кæ нынц, — загъта Хомбадзар, — цыма стыр фурды был Биаслантимæ лæ бурды уыдысты æ мæ уым фæ мард сты. Мæ нæ н бахæ рын кодтой ард, макæ мæ н-иу схъæ р кæ н, зæ гъгæ, фæ лæ мæ нгард уыдысты æ мæ сыл комдзог куы фæ уон, уæ д уый хуыцаумæ дæ р хъыг нæ фæ кæ сдзæ н.

Хаджи-Паго æ мæ Абырæ гыл Хомбадзары ныхæ стæ м хъусгæ йæ арв нæ рыди, зæ хх сыл зылди, сæ мастæ н нал уыди кæ рон.

Хаджи-Паго дзуры Абырæ гмæ:

— Цы кæ нæ м, Абырæ г? Нæ зынаргъ æ фсымæ р нал ис а дунейыл, бахордтой йæ тугдзых бирæ гътæ. Йæ мард ын ингæ ныл сæ мбæ лын кæ нæ м, сырдты дзыхæ й йын фервæ зын кæ нæ м йæ мард, кæ ннод бынтондæ р нæ фыдгулты фæ ндиаг фæ уыдзыстæ м.

***

Хаджи-Пагойы æ фсымæ ртæ рацыдысты фæ дисы Чермены мард агурæ г. Схæ ццæ сты Галайы бæ ласы цурмæ, ссардтой йæ. Чермен хуыссыд йæ иу фарсыл, йæ цæ сгомыл нæ зынди нæ дæ р тас, нæ дæ р мастдзинад, йæ цæ стæ нгас уыдис Галайы бæ ласы ’рдæ м, цыма уымæ н уайдзæ ф кодта, уыйау. Хаджи-Паго Чермены марды йæ хъæ бысы ныккæ ны æ мæ нырдиаг кæ ны йæ сæ р хойгæ:

— Чермен, Чермен!.. Цæ мæ н мæ афтæ фыдæ бойнаг фæ кодтай? Цы зæ рдæ йæ ма ссæ уон Агуыдзоны цурмæ? Мæ рдтæ м мын нæ й фæ ндаг, ацы бæ ллæ хтæ иууылдæ р мæ номæ й сты...

Абырæ г сабыртæ кæ ны Хаджи-Пагойы:

— Кæ уын æ мæ ниуынæ й ницыуал ис раздахæ н, фæ лæ йын йæ мард сæ мбæ лын кæ нын хъæ уы Хъобаныл.

Срæ вдз кодтой уæ рдон æ мæ рараст сты Хъобанмæ.

Астемыратæ кæ д мæ нгæ й уырнын кодтой адæ мы, не ’фсымæ ртæ лæ бурды фæ мард сты, зæ гъгæ, уæ ддæ р адæ мæ н сæ фылдæ ры нæ уырныдта.

Хъайсын рараст ис Хъобанмæ, адæ м цы дзурынц, уымæ байхъусон, Чермен мард фæ ци, уый Хъобан зонынц æ ви нæ, уый базонон, зæ гъгæ. «Æ мæ йæ, уæ вгæ, цæ мæ й зондзысты? Мæ хæ мæ ты йемæ рацæ угæ куы ничи федта. Мæ хи дардзынæ н хъæ лдзæ г, цыма мыл æ ппындæ р ницы æ рцыд, уыйау. Чермены та уæ дмæ сырдтæ бахæ рдзысты... » — дзырдта йæ хинымæ р.

Хъайсын куыд загъта, йæ хи афтæ дардта Хъобаны. Йæ бинонтæ н дæ р не схъæ р кодта, цы æ рцыди, уый.

***

Хаджи-Пагоитæ куыд хæ стæ гдæ р кодтой Хъобанмæ, афтæ сыл адæ м арæ хдæ р æ мбæ лдысты. Куы базыдтой, Чермен мард фæ ци, уый, уæ д адæ м бæ зджын кæ нын байдыдтой. Афтæ сбирæ сты, æ мæ Хъобангомы цæ угæ дæ р нал кодтой. Сæ кæ уын æ мæ сæ ниуынæ й хæ хтæ рызтысты. Систой Чермены марды уæ рдонæ й æ мæ йæ хастой сæ уæ лныхты. Куы йæ æ рæ вæ рдтой кæ рты, Агуыдзоны цур, уæ д иргъæ вæ г нал уыди адæ мæ н. Тег æ мæ йыл Темырби ныддæ лгом сты; ус уæ д, лæ г уæ д — нал лæ вæ рдтой кæ рæ дзийæ н бар. Абырæ г æ мæ Хаджи-Паго сæ сæ ртæ хойгæ бацыдысты Агуыдзоны цурмæ:

— Уæ, нæ цæ сгом бахæ рæ м, нæ зæ ронд мад, куыд ма æ рбацыдыстæ м дæ цурмæ!..

Иу рæ стæ джы фæ хъус вæ ййынц адæ м, стæ й та уæ д рацæ уы йæ мад Агуыдзон. Разилы адæ мы ’рдæ м æ мæ фæ зæ гъы:

— Бахатыр мын кæ нут, хорз адæ м. Черменæ н йæ фæ стаг сахат у, æ мæ йын мæ фæ ллой схæ лар кæ нон, — йæ хæ дæ г æ нцадгай марды цур æ рлæ ууы. — Бирæ фæ лмæ н ныхæ стæ мын фæ кодтай, Чермен, бирæ зæ рдæ тæ мын февæ рдтай, дæ фæ ллой дын бафиддзынæ н, зæ гъгæ. Фæ лæ дын кæ нын хъаст, уыцы хæ с кæ й нæ бафыстай æ мæ мæ лыныл кæ й батагъд кодтай, уымæ й. Фæ лæ мады зæ рдæ фæ лмæ н у. Давынмæ нæ уыдтæ, лæ бурынмæ иннæ ахæ м. Хæ сты лидзгæ йæ мын нæ фæ мард дæ, уымæ н дæ фæ тæ н риу æ вдисæ н, — йедзаг у уый знаджы нæ мгуытæ й. Ды хæ цыдтæ адæ ймаджы номыл, дæ сæ р нывондæ н æ рхастай æ фхæ рдты сæ рыл. Лæ г уыдтæ æ мæ лæ джы мард акодтай. Рухсаг у! Хæ лар дын уæ д ме ’хсыры цъыртт!..

Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ йын æ нцадгай йæ къухмæ бавнæ лдта æ мæ ма загъта:

— Фæ ндараст, мæ зæ рдæ йы хох!..

Агуыдзоны зæ рдæ халæ н ныхæ стæ м хъусгæ йæ хæ хтæ æ мæ хъæ дтæ дæ р æ мнæ рд кодтой. Систой марды æ мæ йæ ахастой ныгæ нынмæ. Ныгæ д æ рцыди ададжы иу фарс фæ тæ ны. Ныгæ д куы фæ ци, уæ д Тег æ мæ Темырби йæ цыртыл ныттыхстысты æ мæ сæ кæ уынæ й хæ хтæ арыдтой:

— Чермен! Æ фхæ рд цагъартæ н уыдтæ ды сæ фыд! Мадау сæ ды рæ вдыдтай. Æ рхастай сын дæ хи нывондæ н. Ды загътай, куы фестин уæ д та сæ рибары тырысайы хъæ д, мæ туг та — æ нæ мбигæ тырыса! Хæ рæ м дын ард нæ зæ рдæ тæ й, нæ цардæ й: уыцы тырысайы бын сæ рибарыл хъæ батырæ й кæ ндзыстæ м тох. Дæ тугæ й скæ ндзыстæ м урс фæ ринк кæ рдтæ. Не ’фсондзтæ й та сараздзыстæ м хъыримаг топпытæ! Нæ хи нæ, фæ лæ нæ сывæ ллæ тты дæ р æ рхæ сдзыстæ м уыцы тырысайы бын нывондæ н.

Уалынмæ тынг æ фсæ рмытæ гæ нгæ æ рбакодтой Госæ гъайы. Уый ингæ ны цур æ рлæ ууыди æ мæ æ нцадгай загъта:

— Дунейыл дæ р уыдтæ н æ з дæ у. Дзырд дын дæ ттын, дунейæ дæ р ахицæ н уыдзынæ н дæ номæ й!

Адæ м гыццыл фæ хъус сты, æ мæ дзырды бар ракуырдта Хаджи-Паго. Хъайсын дæ р лæ ууыд ингæ нмæ хæ стæ г, æ мæ йæ Хаджи-Паго куы ауыдта, уæ д мæ стæ й фæ цæ йскъуыд. Хаджи-Паго цыртмæ хæ стæ г балæ ууыд æ мæ райдыдта дзурын:

— Хъобан, æ з дæ н кæ сгон, мæ ном у Хаджи-Паго. Æ з уыдтæ н Чермены æ рдхорд æ фсымæ р. Мæ нæ н ахæ м адджын æ фсымæ р мадызæ нæ гæ й дæ р нал ис. Чермены хуызæ н дыккаг нæ й, нæ дæ р сымахмæ, нæ дæ р махмæ. Цымæ цæ мæ н æ рцыди мард? Чермен нæ уагъта адæ ймагæ й фос кæ нын, нæ уагъта адæ ймаджы фыд хæ рын. Мæ нæ адæ м! Чермены асайдта Тлаттаты Мæ хæ мæ т æ мæ йæ амарын кодта Астемыраты бирæ гътæ н. — Уыцы ныхасимæ цæ хгæ р фæ зылд Хъайсыны ’рдæ м æ мæ дзуры: — Уыцы бирæ гътæ й иу у мæ нæ уый! — æ мæ йын дамбаца йæ тæ ккæ дæ ндæ гтыл ныццавта. — Уæ, мæ зынаргъ æ фсымæ р, Чермен! Уыдон дæ амардтой сусæ гæ й, фæ лæ дын æ з Хъайсынæ й дæ маст райстон адæ мы æ хсæ н, æ ргомæ й!

Адæ м афтæ мæ сты уыдысты Хъайсынмæ, æ мæ ма кæ д йæ цæ фæ й фервæ зтаид, уæ ддæ р æ й Тег, Темырби æ мæ иннæ тæ къабазгай ныккодтой. Тугæ йдзаг фыды тымбыл сси.

Майрæ мыхъойы цотыл бакодтой хъоды.

Мырзабег дæ р зæ рондæ й ссардта йæ ингæ н.

Æ з мæ хæ дæ г, Чермены хабæ рттæ дзурæ г, цæ рын Хъобаны, Бытъаты Мырзабеджы хæ дзары.

Бæ тæ йы фырттæ

Хъобан. Раджы заман...

Уæ д ма Дайраны нарæ г Слонаты къухы уыди суанг Сæ намæ. Бирæ адæ м цыдысты ууылты Фæ скавказмæ, стæ й Фæ скавказæ й ацырдæ м. Тæ гиатæ алы бæ лццонæ й дæ р истой Арвыкомы фæ ндагыл цæ уæ ггаг. Уыцы цæ уæ ггаг хуындис илци-хай.

Уæ ды заманы Иры фылдæ р хай цардысты Хъобангомæ й мидæ мæ — Санибагомы, Дæ ргъæ всгомы. Тæ гиатæ -иу мыггагæ н лæ гæ й æ рцыдысты Хъобанмæ æ мæ -иу уым тæ рхон кæ нын байдыдтой фæ ндаггæ ттæ й илци-хай исыны æ гъдауыл. Сæ ппæ рстой-иу хæ лттæ, æ мæ -иу кæ й хал схаудта, уый-иу æ хсæ з мæ йы дæ ргъы уыдис Арвыкомы фæ ндаджы хицау, — илци-хай исæ г. Æ гъдаумæ гæ сгæ -иу уыцы æ взæ рст лæ г адæ мы æ хсæ н бахордта ард, фæ ндаггæ ттæ й цы мулк æ рæ мбырд кæ на, уымæ й суари дæ р кæ й нæ бааууон кæ ндзæ н, уый тыххæ й.

Иу æ мбырды схаудта Мамсыраты Дудайы хал. Уый уыдис æ нæ цæ стуарзон, фыдцъылыз, дæ лæ мæ дзыд, хин æ мæ кæ лæ нтæ йдзаг адæ ймаг. Искæ й зæ рдæ фæ риссын кæ нын, искæ й масты баппарын, искæ й зиантæ м кæ сын — уыдон уыдысты йе стырдæ р æ хсызгондзинад зæ ххон царды. Æ мæ Дуда сси Арвыкомы фæ ндагыл хицау.

Раст йе ’хсæ з мæ йы куы ахицæ н сты, уæ д Дайраны нарæ гæ й рахизæ ны, Æ ркъайы фæ зы æ рæ мбырд сты бирæ адæ м. Фæ ндаджы галиуварс джихæ й лæ ууыди цардахъсæ р агъуыст, сыджытæ й æ мбæ рзт чысыл ныллæ г хæ дзар, фæ ндаджы ’рдæ м ын дыууæ рудзынджы. Агъуысты фале сагъд уыди ставд тулдзæ й бæ хбæ ттæ н æ мæ йæ уæ лæ бирæ бæ хтæ æ фтыд. Уыдонæ й Терчы ’рдæ мдæ р та арф кæ рдæ джы хызтысты хæ рзæ лвæ ст, хæ рзхаст æ ндæ р бæ хтæ саргъæ вæ рдæ й, сæ уæ лæ сахсæ нтæ.

Агъуысты цур дыууæ рдæ м рацу-бацу кодтой гæ рзифтонг лæ гтæ. Сæ уæ лæ уыдис цыбырдыс, уæ рæ х цухъхъатæ, сæ бæ рцагъудтæ й зындысты бæ рзонд бæ рцыты сæ ртæ æ мæ хуры тынтæ м æ рттывдтытæ калдтой. Сæ зæ нгтыл байрагдзармæ й аив хуыд зæ нгæ йттæ, сæ астæ утыл урсфистонджын фæ ринк кæ рдтæ, сæ уæ хсчытыл — хъыримаг топпытæ, зыгъарæ г агъудты мидæ г. Сæ фæ рстыл дæ лиау æ руагътой прангаг дамбацатæ æ мæ амадан сæ ракæ й цырыхъхъытæ. Иутæ дзы уыдысты гæ зæ мæ милрихи лæ ппулæ гтæ, иннæ тæ н сæ зачъетæ хæ ццæ кодтой сæ ронбастмæ. Иу зæ ронд лæ гæ н йæ къухы уыди хуыйысæ р фæ ндыр, афтæ мæ й бадти чысыл къодахыл æ мæ цагъта сандæ рахъ[2]. Адæ мæ й бирæ тæ ныххæ цыдысты дæ ларм-уæ ларм кæ рæ дзийы цæ нгтыл æ мæ, сæ къахы фындзтæ й лыстæ г хуыртæ иуварс æ ппаргæ йæ, самадтой диссаджы симд.

Иннæ къорд бацыдысты симджыты размæ сæ хъал бæ хтыл æ мæ сæ цæ хæ р цæ стытæ й æ дзынæ г кастысты, Æ ркъайы фæ зы цы цин абузыди, уымæ. Уыдон æ нгом æ лхъывтой идæ ттæ, æ мæ бæ хтæ дæ р, згъæ ллаггæ мттæ æ ууилгæ, сæ сæ ртæ бæ рзонд дардтой. Барджытæ н сæ фæ сарцты уыдис рæ сугъд абадзехаг нымæ ттæ баст. Думæ дан хæ рдгæ йæ хуыд хъусбæ стæ та цæ хæ ртæ калдтой сæ риутæ й.

Симды кæ ронæ й рацæ уынц адæ м. Барджыты раз зæ ххыл æ рæ ппарынц æ взист æ хца, æ мæ йæ барджытæ тæ хгæ -тæ хын акъуырынц топпæ й.

Иу ныхасæ й, ахæ м цин никуыма федта Æ ркъайы фæ з уæ дæ й размæ. Фæ ндаггæ ттæ -иу ныллæ ууыдысты æ мæ -иу кæ сынтæ систой уыцы уæ йыг фæ сивæ дмæ, бирæ -иу фæ дис кодтой сæ арæ хст змæ лдыл, стæ й-иу дарддæ р кодтой сæ фæ ндаджы кой...

Афон уыдис илци-хай уарын райдайынæ н, фæ лæ Алыккаты хистæ р Ахбол нæ ма зынди, æ мæ уымæ æ нхъæ лмæ кастысты адæ м.

Хур акъул и ныгуылæ нæ рдæ м. Райхæ лд симд. Банцади бæ хтыл хъазт дæ р. Адæ мæ й иутæ мæ сты кæ нын райдыдтой. Уæ д Дуда афтæ зæ гъы:

— Уæ дæ кæ м уа ныронг Ахбол? Цæ мæ н нæ уыйбæ рц фæ стиат кæ ны? Хъуыстгонд ын куы уыдис хабар. Æ гъгъæ д у æ нхъæ лмæ кæ сын! Кæ д æ й фæ ндыд, уæ д ныронг ам цæ уылнæ ис?

— Хорз уыдаид, чысыл ма куы багæ дзæ кодтаиккам, уæ д. Ахбол не ’ппæ тæ й хистæ р у, æ мæ хистæ ры тыххæ й фæ риссын æ гад нæ уыдзæ н, — загъта хæ рзконд зæ ронд лæ г Зауырбег.

Уæ д Дуда афтæ зæ гъы:

— Мæ нæ хорз адæ м, Алыккатæ н æ нæ сæ хи дæ р сæ хай бакæ ндзыстæ м. Райдыдтам уарын.

Адæ м сразы сты æ мæ æ нгом æ рбалæ ууыдысты Дудайы алыварс. Зауырбег æ рбацыд адæ мы ’хсæ нмæ. Дудайы къухæ й иста хъуымацы тынтæ æ мæ сæ æ мбырды астæ умæ иугай æ ппæ рста, хъæ рæ й сын дзырдта сæ нæ мттæ, афтæ мæ й.

— Мæ нæ уын уый хъармандур[3]. Ай та уын глази. Мæ нæ уый та — мычыртан[4]. Ай та — хæ йрæ джы цъар. Ай та — цикъæ. Мæ нæ уын уый та — кæ рдæ н. Уый та уын къупец кæ лмæ рзæ н. Мæ нæ уый та — хыз. Адон та уын хæ тæ лæ й фыст сæ рбæ ттæ нтæ. Мæ нæ уын уыдон та сæ рæ ктæ. Кæ сут дзæ бæ х. Мæ нæ уын иу дæ стаг сæ рак, мæ нæ уый та — амадан сæ рак[5], мæ нæ адон та — гогрæ сæ рæ ктæ, ноджыдæ р ма уын цырыхъхъытæ, — загъта Дуда, цырыхъхъытæ ехсы бырынкъæ й иуварс аппаргæ йæ, стæ й та ногæ й райдыдта: — Мæ нæ адон та æ хцайæ цы æ рæ мбырд, уыдон, — дæ с туманы æ мæ фондз сомы.

Хъуымæ цтæ, сæ рæ ктæ æ мæ дзаумæ ттæ иуварсæ рдæ м æ ппæ рст куы фесты, уæ д Дуда йе ’ргом раздæ хта адæ мы ’рдæ м, хъавгæ адаудта йæ зачъейы кæ рæ ттæ æ мæ загъта:

— Мæ нæ адæ м, хуыцауы æ хсар мæ æ рæ ййафæ д, комдзоджы номæ й мæ м фæ дзырдæ уæ д, кæ д дзы æ з иу денускайы бæ рны дæ р бацыдтæ н.

— Цæ мæ н зæ гъыс, Дуда, уымæ й дыл нæ й гуырысхо æ ппындæ р, — схор-хор кодтой адæ м.

— Хорз уыдаид, Ахбол ма ам куы уыдаид, уæ д, — сдзырдта Зауырбег.

— Дыууæ боны йæ м æ нхъæ лмæ кæ сæ м Ахболмæ: уый иу у, мах та бирæ стæ м, — йæ хи нал баурæ дта Дуда.

— Бар уæ хи. Æ з дæ р уæ ныхмæ æ рлæ ууинаг нæ дæ н, — загъта ма Зауырбег, стæ й бафарста: — Кæ мæ куыд кæ сы, куыд сæ хъуамæ байуарæ м?

— Адихтæ сæ кæ нут хæ дзаргай æ мæ сыл хæ лттæ сæ ппарут. Афтæ æ нæ зæ рдæ худтдæ р уыдзæ н, — райхъуысти кæ йдæ р хъæ лæ с.

Æ взæ рст лæ гтæ уайтагъд фæ хицæ нтæ кодтой дзаумæ ттæ æ мæ райдыдтой хæ лттæ ’ппарын. Йæ хал кæ мæ н куыд хаудта, афтæ цыди адæ мы æ хсæ нмæ æ мæ йæ хай иста æ нæ хъуыр-хъуырæ й æ мæ -иу ралæ ууыдис иуварс.

Илци-хай уæ рст куы фæ ци, уæ д адæ м рараст кæ нынмæ хъавыдысты Æ ркъайы фæ зæ й. Фæ сивæ д сæ хистæ ртæ н тагъд скъæ фтой сæ бæ хтæ æ мæ сын лæ вæ рдтой æ гъдау. Раст уыцы рæ стæ джы æ рбахæ ццæ Ахбол дæ р, йæ кæ стæ р Аслæ нбегимæ. Адæ мæ н салам ратгæ йæ, Ахбол йе ’ргом аздæ хта Дудайы ’рдæ м æ мæ сдзырдта:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.