Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 1 страница



 

У. У. Шанаев. Предания старины. На осетинском языке.

Сверо-Осетинское книжное издательство. Орджоникидзе, 1960.

Редактор Саламов А. Б.

 

 

Санаты Уари

ФЫДÆ ЛТЫ ТАУРÆ ГЪТÆ

Чермен. 2

Бæ тæ йы фырттæ.. 13

Тугвæ ндаг. 34

 

Чермен

Чермен райгуырди Хъобаны. Йæ фыд Бестолаты Мадзу æ мæ йæ мад Агуыдзон уыдысты хæ ххон, фæ рссаг адæ мæ й. Уыцы иунæ г лæ ппу йеддæ мæ сын ницы уыди. Тыхст цард кодтой, æ мæ Черменыл дыууадæ с азы куы рацыди, уæ д æ й радтой уæ лыгæ с Бытъаты Мырзабегмæ. Уый уыди уыцы заман æ хсарджын, мулкджын лæ г. Мырзабег тынг бауарзта Чермены йæ цæ рдæ г æ мæ йе ’нæ зивæ джы тыххæ й.

Иу бон Хъобаны уæ лыгæ стæ й Дæ ллагхъæ уы Зиугæ рсты зæ нгыл бирæ гъ аскъæ фта уæ рыкк. Уæ лыгæ стæ н сæ хистæ р уыди Къубалты лæ ппу. Чермен та сæ кæ стæ р уыди, дыууадæ саздзыд. Афтæ сæ м дзуры:

— Цомут, бирæ гъ нын нæ уæ рыччы хæ ры дæ лæ æ рхы æ мæ йын æ й байсæ м.

Уæ д сæ хистæ р, Къубалты лæ ппу, афтæ зæ гъы:

— Уæ дæ, уæ дæ, ныццу æ мæ ма дын дæ хи дæ р бахæ ра!

— Бын бауай, — бафидис ын кодта Чермен, — æ гас дынджыр лæ г куы дæ, хъама дæ м куы ис, ды та дзы цæ мæ й тæ рсыс?

Къубалты лæ ппу хъама фелвæ ста æ мæ йæ Черменмæ бадаргъ кæ ны:

— Дæ мады роны йæ бакæ н, Чермен, ай дын хъама, æ мæ йæ куы нæ амарай!

Черменæ н йæ къухы хъама куы бафтыд, уæ д дурдзæ гаты ныхъхъуызыд бирæ гъмæ, йæ фæ стаг къæ хтæ й йæ æ рцахста æ мæ йæ барæ хуыста. Бирæ гъ цæ хгæ р фæ зылдис æ мæ дзагъырцæ стæ й фæ лæ бурдта йæ марæ гмæ. Фæ лæ Чермен Чермен дæ р уымæ н уыди, æ мæ тыхы ныхмæ тыхджын уыдис. Куыддæ р цæ ф бирæ гъ йæ дзых фæ хæ лиу кодта, афтæ йын йе ’фсæ ртæ ацахста æ мæ йын сæ фæ йнæ рдæ м афаста.

***

Раст уыцы афон йæ уæ рыччытæ бæ рæ г кæ нынмæ бацыди æ мæ Чермены бирæ гъ маргæ баййæ фта Бытъаты Мырзабег. Изæ ры уæ лыгæ стæ куы æ рæ мбырд сты, уæ д сæ Мырзабег бакодта Тлаттаты хистæ р Тотырадзы цурмæ. Зæ ронд Тотырадзæ н Мырзабег радзырдта, Чермен бирæ гъ куыд амардта, уый. Тотырадз фырцинæ й йæ урс зачъетыл йæ къух æ руагъта, стæ й Чермены йæ хъæ бысы ныккодта.

— Цæ р дæ мады фæ ндиаг! — загъта уый, стæ й къулæ й райста йæ рагон хъама æ мæ йæ балæ вар кодта Черменæ н.

— Мырзабег, — загъта Тотырадз, — фæ дзæ хсын дын: ацы сабийы мын макуы бахъулон кæ н, арфæ йын ракæ н мæ номæ й йæ фыд Мадзу æ мæ йæ мад Агуыдзонæ н, бирæ гъдзарм та мын мæ уаты Чермены лæ варæ н байтындзут.

***

Иуахæ мы Тлаттаты фæ сивæ д уыдысты балцы. Сындзыхъæ уы сæ рмæ Бадилаты фæ сивæ д сæ размæ бабадтысты, æ мæ сын хæ ст бацайдагъ ис. Мырзабегæ н йæ фыды ’фсымæ ры лæ ппу Æ мзор уыдис Тлаттаты фæ сивæ димæ æ мæ мард фæ ци уыцы ран. Йæ хотыхтæ баззадысты знаджы къухы. Стыр худинаг уыдис уыцы заман хотыхтæ искæ мæ н ныууадзын. Мырзабег бавзæ рстытæ кодта иукъорд хатты сæ байсын, фæ лæ йæ ницæ мæ й сразы кодта йæ амонд.

Раст уыцы рæ стæ джы Черменыл цыдаид ссæ дз азы бæ рц. Никæ й зыдта Мырзабег Черменæ й сæ рæ ндæ р лæ ппу æ мæ баныхас кодта йемæ Æ мзоры хотыхты тыххæ й.

Чермен сразы ис, æ мæ ацыдысты дыууæ йæ. Бабадтысты Æ мзоры марæ джы размæ, уæ дæ цы, æ мæ йын иу хатт йæ фæ ндаг алыг кодтой. Хæ ст сын бацайдагъ ис. Чермен исдуг хъавыдис йе знаг бадилоны удæ гасæ й æ рцахсынмæ, фæ лæ Мырзабег нал фæ лæ ууыд, батагъд кодта æ мæ йæ фехста топпæ й. Уый дæ р ын радта дзуапп. Мырзабегæ н йæ бæ х фæ мард ис. Уæ д æ й Чермен басырдта кардæ лвæ стæ й. Бадилон лидзыныл сбæ ндæ н ис, фæ лæ йæ Чермен баййæ фта æ мæ йæ Тотырадзы лæ варгонд хъамайæ сриуыгъта. Ныдздзойтæ кодта бадилон, уæ дæ цы, æ мæ йæ Чермен æ рфистæ г кодта йæ бæ хæ й. Лæ г уыдис мæ лæ тдзаг цæ ф æ мæ йæ м Чермен нал бавнæ лдта. Раластой йын йæ бæ х æ мæ йæ хотыхтæ — топп æ мæ кард. [1]

***

Чермен йе ’ххæ ст лæ джы ранмæ бацыдис зондæ й дæ р, хъаруйæ дæ р. Цас ын фылдæ р æ нтысти, цас йæ кад фылдæ р кодта, уыйас æ м Тлаттаты уæ здан æ мæ хъал фæ сивæ д хæ лæ гæ й мардысты. Афтæ -иу бакодтой: «Нæ хорз номдзыд Мырзабег нын Агуыдзоны фырты æ лдарæ н хъомыл кæ ны! Бестолы-фыртæ н цы фæ ндиаг ратта Мырзабег, уый йæ хи мыггаджы фæ сивæ дæ н йæ цæ ст нæ бауарзта. Цæ й æ мæ йын фыддæ рагæ н иу зæ ххы гæ баз дæ р ма раттæ м! »

Хъайсын æ мæ Майрæ мыхъо æ фсымæ ртæ уыдысты, кæ сгон кънйæ зтæ Астемыраты хæ рæ фырттæ, Тлаттатæ н та сæ зынгæ дæ ртæ.

Иу хатт, Чермен балцы куы уыди, ахæ м заман, йæ ныхмæ фыдвæ нд ныккодтой Майрæ мыхъо æ мæ Хъайсын, æ мæ сæ сусæ г фæ нд æ ххæ ст дæ р бакодтой. Уыдон байуæ рстой зæ ххытæ æ мæ дзы Чермены ном не ссардтой. Мырзабег ма кæ д дзырдта, Чермен иннæ тыл нымайгæ нæ у, ссарын ын хъæ уы йæ ном, зæ гъгæ, уæ ддæ р ын нæ радтой фæ ндаг.

— Кæ д æ ппын æ мæ фыдвæ ндаг фæ уид Чермен, — дзырдтой Тлаттатæ. — Фæ ндагыл куы ис, кæ д æ й исчи амарид, нæ мыг хохы дæ р куы хизы.

Фæ лæ Тлаттаты æ намондæ н Чермен æ рбаздæ хти сæ рæ гасæ й æ мæ дзагармæ й. Балцæ й-иу Чермены æ рбаздæ хт Хъобаны адæ мæ н уыди стыр бæ рæ гбонау. Чермен-иу æ лдæ ртты фос ратардта æ мæ -иу уыцы фосæ й мæ гуыр адæ мы кодта хайджын: кæ мæ н-иу лæ вæ рдта гал, кæ мæ н хъуг, кæ мæ н бæ х. Чермен хъæ здыгдзинадмæ нæ тырныдта, мулк æ мæ хъæ здыгдзинадмæ нæ хæ лæ г кодта, фæ лæ мæ гуыр лæ джы тыхстмæ нæ фæ рæ зта кæ сын. Уый йæ фыднизау кодта тыхсын.

Чермены æ рбаздæ хтмæ бирæ адæ м касти æ нхъæ лмæ. Йæ фæ ллад суадзын дæ р ын нæ ма бантысти, афтæ мæ й кæ рт байдзаг адæ мæ й. Адæ м кæ рæ дзимæ уадысты хæ рзæ ггурæ ггаг, Чермен нын дзæ бæ хæ й фæ зынди, зæ гъгæ.

Адæ м æ рæ мбырд сты æ мæ, кæ рæ дзийæ н бар нæ дæ тгæ йæ, Черменæ н кодтой сæ хъæ стытæ:

— Фехъуыстай, Чермен, Тлаттатæ та нын цы бакодтой, уый? Зæ хх байуæ рстой æ мæ дзы махæ н хай нæ бакодтой. Æ мæ мах сахуыр стæ м фыдбонтыл, æ вадат æ мæ цыбыркъухæ й цæ рыныл. Фæ лæ нæ цæ угæ хох, нæ лæ угæ мæ сыг, не ’хсæ вы стъалы, нæ боны Бонвæ рнон ды дæ, Чермен, æ мæ нын дæ ном дæ р не ссардтой, сæ бон ныккалой!..

Æ рæ нкъард ис Чермен адæ мы ныхæ стæ м хъусгæ йæ. Тынг мæ сты сси Тлаттаты æ нæ раст хъуыддæ гтæ м. Фæ касти Хъобаны ныхасмæ æ мæ дзы бадгæ ауыдта Мырзабеджы, уый алыварс та — Тлаттаты хистæ рты æ мæ кæ стæ рты. Райста Чермен йæ лæ дзæ г æ мæ араст ис ныхасмæ. Æ рбалæ ууыд Тлаттаты цур, æ мæ йæ м Мырзабег дзуры:

— Æ гас æ рцæ уай, Чермен! Цы хабæ рттæ хъуысы нæ алыварс? Цы ис ногæ й? Истытæ нын радзур. Куыд уыди дæ балц?

Æ гъдау радта Чермен, уæ дæ цы, стæ й афтæ зæ гъы:

— Мæ балцæ й рахъаст кæ нинаг нæ дæ н. Ног хабарæ й мæ нмæ ницы ис. Ног хабæ рттæ уæ химæ куы ис.

Тлаттатæ бамбæ рстой Чермены ныхас, фæ лæ сæ сыбыртт дæ р ничи скодта. Уæ д та Чермен афтæ фæ зæ гъы мæ стæ йдзагæ й:

— Мырзабег, зæ ххытæ куы байуæ рстат... Иу мурæ й дзы уæ д та мæ ном ссардтаиккат... Æ ппын ницы, фæ лæ уын уæ марды бон йæ сынтыл дæ р никуы схæ цыдтæ н? Йе уæ фынджы уæ лхъус кæ стæ риад никуы акодтон? Уæ д та мын зæ ронд мад куы ис, уе ’хсæ н хæ ларæ й куы арвыста йæ бонтæ. Куыннæ уæ м разынд иу уæ здандзинад? Хъыг мын у, афтæ æ цæ гæ лон мæ кæ й схуыдтат, уый. Канд мæ хи тыххæ й нæ дзурын, фæ лæ йæ райгуырæ н домбай бонтæ уæ хæ дзæ ртты цума æ мæ фæ дджи-фæ сронæ й чи бахардз кодта, уыдонмæ дæ р уæ зæ рдæ куыд ницы тæ ригъæ ддзинад ссардта? Мырзабег, арвы бын зæ хх бирæ ис, æ з мæ хай, Хъобаны куынæ уа, уæ ддæ р искуы ссардзынæ н. Фæ лæ, Тлаттатæ, уе ’ппæ тмæ дæ р дзурын, уæ хи цæ мæ й сраст кæ ндзыстут, уæ къухы цы мæ гуыр адæ м ис, уыдоны раз? Уыдон сымахæ н кæ стæ риуæ г кæ нгæ йæ сæ тыхджын бонтæ уæ фæ сдуæ ртты куы батыдтой! Уæ дæ сын цæ мæ й дзуапп дæ ттут? Лæ г искæ й гал цæ дисы куы акæ ны, уæ д ма уый дæ р куы бафсады. Сымах адæ мæ н уыцы фосы аргъ дæ р куы нæ скодтат!.. Куыд раст уæ м кæ сы уый, гормæ ттæ? Фыдæ й-фыртмæ æ дыхы кæ нут уæ быны, æ вадат мæ гуырæ й аразут цагъар æ мæ фæ сдзæ уин. Нæ зонут тæ ригъæ д. Уæ дæ уæ м æ ууæ нкæ й дæ р цы зыны? Ницы! Кæ м ис уæ уæ здандзинад?..

Чермен йæ лæ дзæ г зæ ххыл афтæ хоста, æ мæ дзы фæ йнæ рдæ м схъистæ хаудта. Мырзабег ма йæ сабыртæ кодта, ма тыхс, Чермен, дæ лæ дын мæ хи æ рдузы цур ратдзыстæ м, зæ гъгæ, фæ лæ Чермен нал куымдта сабыр кæ нын:

— Уæ лæ вар бирæ уæ д, Мырзабег, — загъта сын, — æ з мæ хай дзывыры бырынкъæ й мæ хæ дæ г рахицæ н кæ ндзынæ н.

Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ, Чермен æ рæ вналы, нæ рв кæ уыл уыди, уыцы хъæ дмæ, сисы йæ, лæ дзæ гау, æ мæ дзы амоны:

— Дæ лæ Майрæ мыхъо йæ хицæ н барæ взарæ й цы хай равзæ рста, уыцы æ рдуз уынут, Тлаттатæ? Уыцы хай кæ д æ хсарæ й уæ хи бакодтат, уæ д æ з дæ р æ взарын ме ’хсар...

Чермен уыцы сахат уыди цæ ф арсы хуызæ н. Йæ размæ æ рлæ ууæ нтæ нæ уыди. Тлаттатæ æ ргом ницы фæ рæ зтой Черменмæ дзурын.

— Майрæ мыхъо! — дзуры Чермен. — Адон дæ фæ ндтæ æ мæ дæ кæ стæ рты фæ ндтæ сты. Райсом сымах мæ н ссардзыстут дæ лæ уыцы зæ хх кæ нгæ йæ. Сымах хуызæ н, æ з мæ фæ ндтæ сусæ гæ й нæ кæ нын.

Уæ д Майрæ мыхъо афтæ бадзуры:

— Цы нæ м æ ртхъирæ нтæ кæ ныс, Бестолы-фырт? Æ гас мыггагæ й нæ дæ фæ дджийы бын цы кæ ныс?

— Æ ртхъирæ нтæ нæ, — дзуапп ратты Чермен, — фæ лæ мæ зæ рды цы хъуыддаг ис, уый та искæ й тæ ссæ й басусæ г кæ нын мæ зæ рды нæ й. Дыккаг хатт уын æ й зæ гъын, хъал Тлаттатæ, мæ н райсом ссардзыстут дæ лæ уыцы æ рдузы дзывыримæ. Лæ гдæ р чи у, уый-иу рацæ уæ д, æ мæ бавзардзыстæ м нæ хъару!

Уыцы ныхæ стæ судзгæ æ хсидæ втау хаудысты Чермены дзыхæ й.

Чермен уыцы сахат уыдис иттæ г рæ сугъд: йæ сæ рæ й йæ къæ хты бынмæ калдта лæ гдзинады цæ хæ ртæ.

Чермен раздæ хти сæ химæ. Мырзабег баззади ныхасы.

— Фехъуыстат æ мæ федтат, уæ дзырд кæ имæ у, уый? — загъта Мырзабег Тлаттатæ н. — Тынг рæ дийут, Черменæ н аргъ кæ й нæ кæ нут, уымæ й. Æ з бирæ фæ хаттæ н алыхуызон адæ мимæ, фæ лæ ахæ м хъаруджын, æ хсарджын æ мæ æ ууæ нкджыныл абоны онг нæ ма сæ мбæ лдтæ н. Цы йын дзурæ м йæ хъаруйыл! Уынут, уæ цуры цы хъæ д систа, уый! Сымах æ й йæ бынаты сæ вæ рын дæ р нæ бафæ раздзыстут. Чермен иу нæ у, æ нæ хъæ н æ фсад у. Уый ныхмæ цæ уæ нтæ нæ й.

Уæ д Майрæ мыхъо загъта:

— Дæ хорзæ хæ й, Мырзабег, Агуыдзоны фырты нын æ лдар кæ ныс? Æ ви йын йæ идон йæ хи бар ауадзæ м?

— Йæ бартæ йын куы нæ раттат, — дзуапп ратты Мырзабег, — уæ ддæ р уын сæ йæ хæ дæ г нæ ныууадздзæ ни.

Хъайсын мæ стыхуызæ й сдзуры Мырзабегмæ:

— Хистæ р дæ, фæ разын дæ м дзурын, Мырзабег, фæ лæ нæ Агуыдзоны фыртæ н æ гъдæ нцойыл хæ цæ г кæ ныс? Æ мæ уæ д Чермен цы адæ мы сæ рыл дзуры, уыдон райсом нæ уæ ле куы æ рбаддзысты æ мæ нæ сугхæ сджытæ æ мæ донхæ сджытæ куы скæ ндзысты!

— Ницыуал зæ гъын æ з, — загъта Мырзабег, — æ мæ, æ вæ ццæ гæ н, рæ дийын, фæ лæ иу хъуыддаг курын: ма рæ дийут, ма тых кæ нут Черменæ н.

Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ Мырзабег сыстади йæ бандонæ й æ мæ æ фхæ рд хуызæ й рараст ис сæ химæ.

Фæ сивæ д иунæ гæ й куы аззадысты, уæ д райдыдтой дзурын:

— Мырзабег мæ лæ ты уæ ллоз кæ ны Чермены!

— Цæ уылнæ йæ кæ на, цæ уылнæ? — дзуры Мæ хæ мæ т Хъайсынмæ. — Нæ мадырвадæ лтæ Астемыраты нын Кæ сæ джы сæ дыууæ мæ гуырæ й ныууагътой, сæ рæ гъæ уттæ сын фæ тардтой. Уый тыххæ й нын нæ кæ сгон мадырвадæ лтæ рагæ й лæ гъстæ кæ нынц: «Кæ нæ нын Мырзабеджы, кæ нæ Чермены нæ къухы бафтын кæ нут». Æ мæ Мырзабег базæ ронд ис, фæ лæ ма нын Чермен та кæ дæ м ирвæ здзæ н? Кæ д æ мæ йыл нæ хи бон нæ цæ уа, — мах та йæ кæ сæ джы амæ ттаг фæ кæ ндзыстæ м. Уыдон Чермены амарыны мондагæ й цъæ х арт куы уадзынц.

 

 

Чермен кæ д Тлаттаты цурæ й цыфæ нды мæ стыйæ рацыдис, уæ ддæ р иттæ г хъæ лдзæ гæ й сæ мбæ лд йæ адæ мимæ. Худгæ, хъазæ н ныхас кæ нгæ йæ балæ ууыд се ’хсæ н æ мæ афтæ зæ гъы:

— Гъæ тт, ме ’фсымæ ртæ, мæ хотæ! Уæ зынтæ н кæ рон æ рцæ уы, Тлаттатæ уын ралæ вар кодтой сæ зæ ххæ й йæ тæ ккæ ахсджиагдæ р: дæ лæ Майрæ мыхъойы æ рдуз, дихтæ та уын æ й мæ хæ дæ г акæ ндзынæ н райсом. Тег, — фæ дзырдта Чермен, — азил уæ ртæ нæ дзывырмæ, рæ вдз куыд хуым кæ на, афтæ. Темырби, ды та галтæ н хос авæ р, райсом æ фсæ ст куыд уой, афтæ.

Темырби æ мæ Тег уыдысты, гыццылæ й уацары чи бахауд Тлаттатæ м, ахæ мтæ. Лæ джыхъæ д æ мæ æ хсарæ й хъуаг нæ уыдысты, фæ лæ сын сæ зын фадæ ттæ м гæ сгæ аргъ нæ уыдис нæ дæ р се ’хсарæ н, нæ дæ р сæ лæ гдзинадæ н.

Дыккаг бон, куыддæ р æ рбарухс, афтæ рабадтис Чермен, йæ астæ уыл æ рбабаста Тотырадзы лæ вар хъама æ мæ загъта:

— Мæ нæ хъама, Тотырадз дæ фæ дардта номимæ, мæ н дæ р дæ цæ ст ма бауарзæ д мæ рдтæ м æ нæ номæ й барвитын.

Уый фæ стæ Чермен йæ рон абаста йæ астæ уыл, йæ топп æ рцауыгъта йе уæ хскыл æ мæ æ ддæ мæ рацыд.

Чермен æ мæ Тег æ рлæ ууыдысты Майрæ мыхъойы æ рдузы. Чермен дзывыр куы æ рсадзы, уæ д скувы:

— Уæ, ме сфæ лдисæ г хуыцау! Абон нæ дзывыр кæ ны фыццаг хахх адæ ймаджы номыл æ мæ нын æ й рæ стмæ фæ кæ н! Цæ й, мæ дзывыр, дæ ауæ дз нын фæ уæ д Уæ лахизы фæ дисон!

Уыцы ныхæ стимæ Чермен адардта йæ дзывыр Тлаттаты Майрæ мыхъойы зæ ххыл. Иттæ г рæ вдз цыдысты æ фсæ ст галтæ дæ р æ мæ ног арæ зт дзывыр дæ р. Тлаттатæ куы федтой Бестолы-фырты дзывыры адард, уæ лдайдæ р та Майрæ мыхъойы æ рдузы, уæ д уый уыдонæ н уыди арв æ рхаудау. Рафæ лдæ хти сыл сæ дуне. Майрæ мыхъомæ æ рæ мбырд сты. Хъайсын нал ары йæ хицæ н бынат:

— Уынут: Агуыдзоны фырт нæ удæ гасæ й баныгæ дта йæ дзывыры бын. Йе ’ртхъирæ нтæ æ мæ йæ ныхæ стæ æ ххæ ст кæ ны: нæ мыггаджы зæ хх нын йæ хицæ н заргæ йæ фæ лдахы. Мырзабеджы фæ ндиаг фестæ м...

Майрæ мыхъотæ н иннæ мыггагæ й сæ уæ лхъус æ рбалæ ууæ г нæ фæ цис æ мæ кæ д мæ стæ й тъæ ппытæ хаудтой, уæ ддæ р Чермены ныхмæ æ хсарæ й æ рлæ ууын сæ ныфс нæ бахастой. Чермен ма йæ хи мидæ г дис дæ р кодта, куыд ничи сæ зыны, ууыл. Фæ лæ Тлаттатæ нæ фæ зындысты, æ мæ Чермен афæ лдæ хта Майрæ мыхъойы æ рдуз.

Зæ хх фæ лдæ хт куы фæ ци, уæ д Чермен адæ мæ н фæ хабар кодта, тауинаг рамбырд кæ нут æ мæ тауын хъæ уы, зæ гъгæ. Адæ м рамбырд кодтой сæ мыггаг, кæ мæ н цы йæ къухы æ фтыди, уый, æ мæ рацыдысты тауынмæ. Уыцы бон сын бантысти хорз бакусын, уымæ н æ мæ ус уæ д, лæ г уæ д — рæ вдз февнæ лдтой.

Диссаджы рæ сугъд уыди уыцы бон, арвыл мигъы къæ м нæ уыди. Чермен хъæ лдзæ гхуызæ й адæ ммæ дзуры:

— Арв дæ р æ мæ зæ хх дæ р нæ фарс сты. Кæ сут, куыд худы бон!

Уæ д æ м адæ мæ й чидæ ртæ афтæ дзуры:

— Чермен, цæ р нын, уыййеддæ мæ дæ фæ дыл зындоны артмæ бацæ уынмæ дæ р разы стæ м.

Чермен бахуды:

— Атæ ппæ т иууылдæ р зындоны артæ й фервæ зыны тыххæ й куы сты!.. Нæ, зындон мах нæ хъæ уы, мах хъæ уы уæ лæ уыл дзæ нæ т, æ мæ иузæ рдион куы уæ м, уæ д æ й аргæ дæ р скæ ндзыстæ м.

***

Хъайсын тынг архайдта Чермены ныхмæ. Уый дзырдта:

— Чермен канд Майрæ мыхъоты хай нæ афæ лдæ хта, уый судзын кæ ны стыр тар хъæ д æ мæ йæ ссудзын кæ нын куы бафæ раза, уæ д уыцы арт хуыссын кæ нын нал суыдзæ н нæ бон.

Фæ лæ кæ д Хъайсын хус сугтыл фæ тæ ген калæ гау кодта, уæ ддæ р нæ фæ ци йæ фарс хæ цæ г. Уæ д Майрæ мыхъойы цот иунæ гæ й бамбырд сты æ мæ сæ хи мидæ г байдыдтой тæ рхæ ттæ кæ нын.

Хъайсын дзуры:

— Нæ хуыдтæ г ын куы ницы саразæ м, уæ д нын искæ мæ æ нхъæ лмæ кæ сгæ нæ у. Кæ сут, не ’рвадæ лтæ дæ р æ мæ иннæ уæ здæ ттæ дæ р сæ хи ныхъхъус кодтой. Уый афтæ æ мбарын хъæ уы, зæ гъгæ, цы уæ фæ нды, уый кæ нут, махæ й уын æ мбал нæ й. Мæ нмæ ахæ м фæ нд ис: змæ нтæ г адæ м залиаг калм сты, Чермен та йæ сæ р у уыцы калмæ н. Калм сæ рæ й марын хъæ уы!

Æ мæ ныффæ нд кодтой Тлаттаты уæ здæ ттæ Чермены Кæ сæ гмæ, сæ мадырвадæ лтæ м æ ууæ нкæ й асайын, цæ мæ й йæ уым амарой. Æ рмæ ст æ й цы æ фсонæ й асайдтаиккой, уый ма нæ ардтой, фæ лæ сын фæ стагмæ фæ цис ахæ м мадзал дæ р.

Черменæ н уыдис уарзон æ мæ адджын æ мгар — Хъалтураты Сæ хмæ рза. Уый уыдис цуаны йæ фырт Алиханимæ. Сæ хмæ рзайыл Гуыдзыдзуары цур сæ мбæ лдысты кæ сгон кънйæ зтæ æ мæ йын истой йæ гæ рзтæ. Хъалтуры-фырт Сæ хмæ рза топп агъудæ й æ ххæ ст нæ фæ хицæ н кодта, афтæ мæ й йæ æ ргъæ вдæ й дæ тты кънйазмæ æ мæ йæ м дзуры:

— Ай дын, кънйаз, æ нæ рохгæ нгæ лæ вар Хъалтуры-фыртæ й! — йæ хæ дæ г топп æ ркъæ пп ласта. Гæ рах фæ цыд, æ мæ кæ сгон кънйаз фæ мард. Хъалтуры-фыртæ н амардтой йæ хи дæ р, йæ фынддæ саздзыд фырт Алиханы та йын семæ уацары акодтой.

Сæ хмæ рза уыди Баймæ таты хæ рæ фырт. Бестолы-фырт Чермен та уыди Баймæ татæ н се сиахс. Баймæ таты Баймæ ты чызг Госæ гъа уыди Черменæ н куырд.

Тынг сагъæ с кодтой Чермен дæ р æ мæ Госæ гъа дæ р Алиханы фервæ зын кæ ныныл. Бирæ сыл нæ ацыди, Алиханы кой кæ д нæ ракодтой, ахæ м бонтæ. Афтæ -иу загъта Госæ гъа:

— Сæ хмæ рза лæ г уыдис æ мæ лæ джы мард акодта, фæ лæ нæ гыццыл Алихан уыцы фыд-зæ рдæ тугдзых æ лдæ ртты къухы цагъарæ й, фыддомдæ й йæ адзал куы ссара, уæ д мæ мæ рдтæ м ницы бахæ ццæ уыдзæ ни. Уый мæ куы нæ тыхсын кæ нид, уæ д мæ хицæ й амондджындæ р æ ппæ т дунейыл дæ р никæ й хонин, — æ мæ -иу, уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ, Госæ гъа сыгъдæ гзæ рдæ йæ бакасти Чермены цæ стытæ м.

— Фервæ зын æ й кæ ндзыстæ м, — загъта-иу Чермен. — Мæ нæ н Кæ сæ джы ис иу æ рдхорд. Уый сæ кънйæ зтæ й нæ у, фæ рссаг лæ г у, йæ ном Хаджи-Паго. Иттæ г æ хсарджын æ мæ æ ууæ нкджын у. Уый мын зæ рдæ тæ æ вæ ры, æ мæ, кæ д хуыцау зæ гъа, уæ д тагъд фервæ здзæ н Алихан.

 

 

Кæ сæ джы иу æ мбырды сæ мбæ лдысты Хъайсыны кæ стæ р æ фсымæ р Мæ хæ мæ т æ мæ Черменæ н йе ’рдхорд Хаджи-Паго. Хаджи-Паго куы базыдта, Мæ хæ мæ т хъобайнаг у, Тлаттатæ й, уæ д æ й зæ рдиагæ й фæ рсын байдыдта Чермены тыххæ й. Мæ хæ мæ т ын хæ стæ джы дзуаппытæ дæ тты, цыма сын Черменимæ иу хæ дон дæ р уæ рæ х у, кæ рæ дзиуыл цыма æ рхъæ цмæ дæ р нæ хъæ цынц, уыйау.

— Куыд у зæ ронд Мырзабег та? Æ гас ма у? Æ вгъау уыди базæ рондæ н. Мырзабегимæ та куыд хæ стæ г стут фыдæ лты ’рдыгæ й? — бафарста Хаджи-Паго.

— Дыууæ æ фсымæ ры цот стæ м, — дзуапп радта Мæ хæ мæ т.

— Æ з æ нхъæ л дæ н, уæ дæ, — загъта Хаджи-Паго, — æ мæ мын мæ фæ здæ ггæ наг къуым самондджын кæ ндзынæ: фысым дын уыдзынæ н зæ рдæ йæ. Саккаг кæ н хæ дзармæ, ссар Мырзабег æ мæ Чермены ном, кæ ннод мæ Чермен хъаст кæ ндзæ ни.

Мæ хæ мæ тæ н дæ р ма хуыцау хуыздæ р хорз цы ракæ на! Бирæ тухитæ æ мæ йæ хъуыдытæ цы хъуыддаджы фæ дыл хъуыди, уый æ нцонæ й æ фты ныр йæ къухы.

«Æ гас цæ уай» йын загъта Хаджи-Паго, цæ хх, кæ рдзынæ й йæ тынг сбуц кодта. Афтæ йын зæ гъы нуазæ н дæ тгæ йæ:

— Нæ сæ мбæ лды аххос Чермен у. Уый мæ нæ н у ме ’рдхорд æ фсымæ р. Стæ й канд мæ нæ н æ мæ дæ уæ н нæ, фæ лæ уый у нæ алкæ й æ фсымæ р дæ р. Сымах, ир, уæ лдайдæ р та Хъобан, хæ лæ ггаг уымæ й стут, æ мæ уыцы хорззæ рдæ сахъгуырд уæ риуыл кæ й схъомыл ис. Гъемæ дын, Мæ хæ мæ т, уый тыххæ й мæ нуазæ н дæ ттын. Дидинæ г æ фтауæ д Хъобан, Чермены хуызæ ттæ дзы фылдæ р куыд æ нтыса, уыцы боны фарн æ й уæ д!

Хаджи-Паго Мæ хæ мæ ты сбуц кодта, цы йæ м уыди, уымæ й, стæ й рахаста дыууæ хорз ехсы, дыууæ зæ нгойы рæ сугъд хуыйæ ндагæ й хуыдæ й æ мæ дыууæ та хæ рзнад æ рчъиаг дзабыртæ.

— Мæ хæ мæ т, мæ нæ дын мæ лæ вар: ехс сæ гуыты хуыйæ ндагæ й, мæ хи конд. Æ вдисæ н фæ уæ д нæ фыццаг сæ мбæ лдæ н. Адон та мын мæ номæ й Черменæ н ратт. — Æ мæ уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ кæ рæ дзийæ н хæ рзбонтæ ракодтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.