Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





МЫСТУЛÆДЖЫ ХЪЫГ ÆМÆ ЦИН



Сæ рды хæ д фæ стæ хъæ убæ сты къæ сæ рыл æ рбахызт бæ ркадджын фæ ззæ г. Адæ м æ фснайдтой сæ хостæ, сæ хор. Кусæ гкъухджын хæ дзæ рттæ бавнæ лдтой най кæ нынмæ дæ р. Сæ наййæ гтæ уыдысты галтæ, бæ хтæ, хъуццытæ. Сæ умæ райсом Гегеты Бола æ мæ йе ’фсин Нынна дæ р сæ кæ стæ ртимæ архайдтой сæ мусы. Хурыскастмæ æ рнай кодтой сысчыйы дыууæ бæ къуæ лы[5]. Бола йæ хæ дæ г цырхта хъæ мп, иннæ тæ й чи кæ ри æ ппæ рста, чи та гуырамæ зыгуым хаста. Æ виппайды гуырайæ райхъуыст Ныннайы цины хъæ р:

— Мæ нæ -ма кæ сут, мыстулæ джы лæ ппынтæ, раст удыгагатæ!..

Кæ стæ ртæ йыл амбырд сты æ мæ цымыдисæ й кастысты хъулон-мулон лæ ппынтæ м.

— Ма сæ м æ вналут, кæ ннод уын сæ мад исты бæ ллæ х сараздзæ н, — дзуры сæ м Бола.

— Цы нын хъуамæ кæ на, — бахудт Нынна, — тæ рхъусæ й тæ ппуддæ р куы у.

— Уый зæ рдæ уæ ма фæ сайæ д, — загъта Бола, — мыстулæ г зондджын у, уæ дæ маст исын дæ р зоны.

— Цавæ р маст, æ з ын ныртæ ккæ йæ лæ ппынтæ бамбæ хсдзынæ н — æ мæ мæ йæ фыдæ х уæ д.

— Гъемæ бамбæ хс, — ауыгъта Бола йæ къух, — фæ лæ -иу сæ мадмæ дæ цæ ст фæ дар.

Нынна мыстулæ джы лæ ппынты ахаста мусы чъылдыммæ. Бамбæ рзта сæ йæ куатæ йæ. Уалынмæ фæ зынд сæ мад. Йæ лæ ппынты куы нал райардта, уæ д зыгуымдоны къуымты æ рзылд, йæ хи фехста ныллæ г сисы сæ рты æ мæ Болаты хæ дзары ’рдæ м ныййарц.

— Ныр æ м кæ сут, уæ гъд æ й ма суадзут, — æ рдзырдта цъынайы сæ рæ й Бола.

— Кæ сæ м, кæ сæ м, нæ лæ г, уæ ртæ чызг йæ фæ дыл фæ цæ уы...

Фынддæ саздзыд Хани бæ гъæ ввадæ й згъордта мыстулæ джы фæ д-фæ д. Мыстулæ г æ мбæ хсгæ -згъоргæ уайтагъд бахæ ццæ Болаты уæ зæ гмæ, фæ мидæ г скъæ ты, æ рзылд тыргъты. Фæ стагмæ ауыдта цæ джындзыл ауыгъд æ хсыры къæ рта. Уыцы иу гæ пп æ м сласта, йæ былыл алæ ууыд æ мæ дзы маргхъæ стæ ныууомдта, йæ хæ дæ г та ныббындз мусмæ. Уæ дмæ Нынна лæ ппынты авæ рдта сæ бынаты. Мад сæ куы ауыдта, уæ д сæ м басмыста, йæ хи сыл адаудта, фыр цинæ й гуырайы къуымты ныккафыд, гъе стæ й фæ стæ мæ фæ зылд. Уайтагъд та балæ ууыд Гегеты кæ рты. Цæ джындзыл тæ хгæ суади къæ ртамæ, йæ пыхц хæ цæ н ын цыргъ дæ ндæ гтæ й ахсыдта æ мæ къæ ртайы тъупп фæ цыд сæ нæ ртты рæ бын: æ хсыр зæ ххы бар баци. Мыстулæ г æ мбонды ныхæ й агæ пп ласта æ мæ та йæ лæ ппынтæ м ныххæ ццæ...

Уæ дмæ Хани дæ р фæ зынд. Цы федта, уый радзырдта.

— Цæ й, куыд, усай, — фæ рсы ныр Бола, — мыстулæ гмæ зонд ис æ ви нæ? Маст исын дæ р цыма зоны... Дæ бинонтæ й ма цал баззадаид æ гас, уыцы маргджын æ хсырæ й нæ м куы фæ кастаис, уæ д? Уынут, фыдбылызмæ нын арæ зта фыдбылыз, хорзмæ та — хорз.

— Кæ с-ма, кæ с, æ з та мыстулæ гæ н хуымæ тæ джы мыст æ нхъæ л уыдтæ н, — дисы бацыд Нынна.

— Мыст нæ, фæ лæ бындзмæ дæ р цыдæ р æ мбарындзинад æ мæ хъару ис, — бафиппайдта Бола. — Æ наххосæ й кæ й бафхæ рай, уый дæ иу фæ зилæ ны æ рæ ййафдзæ н, æ мæ уæ д — додой дæ къона...

Афтæ хъæ убæ стыл апырх Гегеты мыстулæ джы æ мбисонд æ мæ суанг мах онг æ рхæ ццæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.