Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХЪАНДЗÆРГÆС. ÆРЫГОН ЦУАНОН



ХЪАНДЗÆ РГÆ С

Хъандзæ ргæ с стыр доны былыл рауагъта æ ртæ лæ ппыны. Иуахæ мы дон раивылд, йæ былтæ й акалд, æ мæ лæ ппынты ахæ ссын бахъуыд æ дас ранмæ. Сæ иуы аккой кодта æ мæ йæ, доны сæ рты хæ сгæ йæ, фæ рсы:

— Гъы, мæ хъæ бул, æ з куы базæ ронд уон, уæ д мын ды та куыд кæ ндзынæ?

— Æ з дæ р дæ раст афтæ ме ’ккой хæ сдзынæ н, — дзуапп радта лæ ппын. Хъандзæ ргæ с фæ мæ сты, лæ ппыны доны цæ ппæ рста, йæ хæ дæ г фæ стæ мæ аздæ хт.

Фæ хæ ссы дыккаджы.

— Гъы, мæ дзиба, мæ зæ ронды бонты мæ ды дæ р хæ сдзынæ? — хаты йæ м.

— Канд хæ сгæ нæ, æ рвылбон дæ рæ вдаудзынæ н, мæ фæ лмæ н ныййарæ г, — загъта лæ ппын.

Уый дæ р та мад абухгæ доны нысхуыста æ мæ аздæ хт æ ртыккагмæ. Фæ хæ ссы йæ.

— Цæ й, ды та мæ куыд хæ сдзынæ зæ рондæ й? — фæ рсы уый дæ р.

— Ды дæ лæ ппыны куыд хæ ссыс, æ з дæ р мæ лæ ппыны гъе афтæ хæ сдзынæ н.

Ацы лæ ппыны дзуапп фæ цыд мады зæ рдæ мæ, ахаста йæ æ дас ранмæ æ мæ йæ схъомыл кодта.

Æ РЫГОН ЦУАНОН

Цардис лæ г æ мæ ус. Райгуырд сын дыууæ лæ ппуйы æ мæ чызг. Сæ хæ дзар уыдис хъæ угæ рон, хъæ дмæ ’ввахс. Лæ г йæ бинонты дардта сырды фыд æ мæ хъæ ды бæ ркадæ й. Рæ стæ г цыд æ мæ иу афонты цуанон æ рзæ ронд. Уæ дмæ цот рахъомыл сты. Йæ цуанон фыды раивта хистæ р лæ ппу Зорда. Уый рацыд ахæ м цуанон, æ мæ йæ кард дур карста, йæ берданкæ цъиуы цæ стыл нæ ивгъуыдта... Хаста сагтæ æ мæ сæ гуыттæ, дзæ бидыртæ æ мæ æ рсытæ. Лыстæ г сырдтæ, мæ ргътыл та æ рвæ сгæ дæ р нæ кодта...

Иуахæ мы та амардта саг æ мæ хъуаз. Суадоны былыл сæ бастыгъта. Хус бæ ласы къалиутæ рацагъта æ мæ физонджытæ кæ ны. Уалынмæ хъæ дбынæ й разынд хан æ д фæ сдзæ уинтæ. Уый дæ р уыдис цуаны, фæ лæ йæ къухы тæ рхъус дæ р нæ бафтыд æ мæ уæ нтæ хъил, сæ ргуыбырæ й бадт йæ аласайыл. Сырды мæ рдтæ куы ауыдта, уæ д ын цыма йæ цæ сгомыл цæ хæ ры кæ фой бакалдæ уыд, афтæ асырх. Кæ йдæ р лæ гдзинад, зыд æ мæ йын хæ лæ г йæ дурзæ рдæ æ рбалвæ стой. Ноджы ма æ рыгон лæ ппуйы куы æ рысдæ фта[3], уæ д йæ зыдыка цæ стытæ туджы зылдысты. Фæ зынд æ м æ буалгъ хъуыды: «Цæ й, лæ ппуйы амарон æ мæ сырды мæ рдтæ мæ н бауыдзысты.... »

Уæ дмæ лæ ппу йæ размæ рацыд.

— Æ гас нæ м цу, нæ цытджын хан, рафистæ г у, дæ хорзæ хæ й, сихор скæ н... Сырдтæ дæ р нын хуыцау иумæ радта.

Ханы зæ рдæ лæ ппуйы уæ здан ныхæ стæ м фæ фæ лмæ н, йæ рихитæ адаудта, æ рфистæ г æ мæ кæ лдымыл æ рбадт.

Лæ ппу ахсæ мбæ лттæ басагъта саджы къабузджын сыкъатыл æ мæ уыцы хуызæ нæ й сæ р æ рæ вæ рдта ханы раз. Ноджы цылыхъы æ рхæ й суадон сдавта. Хан дисы бацыд: «Æ з бирæ федтон, мулк æ мæ мын уæ здандзинад та хуыцау радта, фæ лæ цымæ ацы нæ ртон сæ рæ нгуырд лæ ппу чи уа? »

Лæ г физонджытæ й йе стонг уагъта.

Уæ дмæ та лæ ппу ног цалдæ р уæ хстыл физонджытæ ацæ ттæ кодта æ мæ сæ ханы фæ сдзæ уинты раз авæ рдта. Уыдон дæ р сæ хи хорз федтой.

— Дæ минас бирæ, лæ ппу, Æ фсати дын ноджы фылдæ р раттæ д, — арфæ тыл схæ цыд хан, йæ хæ дæ г хъуыды кæ ны: «Диссаджы хæ рзуд, цæ стуарзон æ мæ хæ дæ фсарм гуырд... ме ’ртæ чызгæ й йын иуы куы раттин, уæ д цыма нæ фæ рæ диин... нæ хиуыл æ й акæ ндзынæ н... »

— Мæ нæ сæ рджын саг дæ у хай у, нæ кадджын хан, куывдæ н дæ бахъæ уæ д, — загъта лæ ппу æ мæ сæ р æ рæ вæ рдта саджы мардыл.

— Бузныг, лæ ппу, фæ лæ махыл куы раздæ хис... Фен мæ хæ дзар дæ р, — æ рхатыд æ м хан.

— Кæ д нæ цытджын ханы афтæ фæ нды, уæ д цæ уын, — сразы лæ ппу.

Фæ сдзæ уинтæ сырды мæ рдтæ бæ хтыл авæ рдтой, лæ ппуйæ н дæ р саргъы бæ х радтой æ мæ фæ цæ уынц.

— Цæ й, ныр мын зæ гъ, лæ ппу, чи дæ, кæ цон? — фæ рсы хан.

— Æ з дæ н Зораты Зорыхъойы фырт Зорда, цæ рын Уызыхъæ уы, — дзуапп радта лæ ппу.

Бахæ ццæ сты ханы хъæ умæ. Фæ сдзæ уинтæ байтыгътой галуантæ æ мæ гæ нæ хты æ ргъæ у кулдуæ рттæ. Зорда дидинæ гбыл цады астæ у ленкгæ нæ г бæ лæ гъмæ бауыдта ханы æ ртæ чызджы. Уыдон афтæ рæ сугъд уыдысты, æ мæ йæ цæ стытæ атартæ сты, цæ хæ р акалдтой. Йе ’муд куы ’рцыд, уæ д кæ стæ р чызгимæ фемдзаст. Уый йæ м мидбылты бахудт. Лæ ппуйы зæ рдæ уарзондзинадæ й айдзаг, атыппыр, йæ сæ р разылд...

— Ай дын мæ фадæ ттæ, адон та мæ бындартæ, — амоны хан йæ галуантæ, йæ чызджытæ м. — Равзар дæ хицæ н сæ иуы æ мæ кæ д разы уа, уæ д хъуыддаг хайыр уæ д æ мæ амондджынæ й цæ рут.

— Дæ фарн мæ тъæ ппытæ ахауын кæ нæ д, нæ цытджын хан, фæ лæ мæ дæ кæ стæ р чызг куы уаид...

Чызг разыйы дзуапп радта, æ мæ хан нывзылдта, иу абонæ й иннæ абонмæ чи ахаста, ахæ м æ рдхæ рæ ны чындзæ хсæ в.

Къуырийы фæ стæ хан йæ чызг Борæ тæ йы Зордаимæ рарвыста стыр лæ вæ рттимæ Уызыхъæ умæ.

Фæ ндагыл ма Зорда амардта сагтæ æ мæ сæ гуытты къорд, афтæ мæ й ныццыдысты сæ хъæ умæ. Ам дæ р та сарæ зтой намысы чындзæ хсæ в. Бинонтæ н цæ рынтæ бацайдагъ...

Иуахæ мы та Зорда цуаны ацыд сау хъæ дмæ. Цас фæ зылд хъæ дбынты, арф кæ мтты, фæ лæ сырды номæ н тæ рхъусыл дæ р нæ амбæ лд. «Ау, сырдтæ дæ лзæ хмæ ныххаудысты, æ ви сыл рын сыстад? » — дзырдта хинымæ р æ мæ схызт иу къала бæ ласы цонгмæ. Фæ лгæ сы алырдæ мыты. Уалынмæ йæ цæ ст ацахста, уæ рæ х æ рдузы бирæ гъ иу гомгæ рцц лæ джы куыд фæ цæ йсырдта, уый. Алы гæ ппæ н дæ р æ м æ ввахсæ й-æ ввахсдæ р кæ ны. Гъа, ныр æ й ацахса, зæ гъгæ, афтæ Зорда фехста, æ мæ бирæ гъ фæ тымбыл. Лæ г фервæ зт мæ лæ тæ й. «Чи у мæ хæ рзгæ нæ г, чи мæ фервæ зын кодта?! » — дзуры хъæ рæ й.

Уайтагъд æ м хъæ дбынæ й рацыд æ рыгон цуанон.

— О мæ ирвæ зынгæ нæ г! — ныттыхст лæ ппуйыл, — афонмæ ацы тугдзыхы амæ ттаг бауыдаин... Ды мæ н амондæ н райгуырдтæ... — Бирæ арфæ ты фæ стæ йын загъта:

— Дæ фæ рцы фервæ зтæ н мæ лæ тæ й, байстай мæ бирæ гъы дзыхæ й, гъемæ дын хъуамæ дæ хорзмæ хорз ракæ нон. Абон сабат, иннæ сабаты фæ зын ацы æ рдузмæ, царды дæ м зæ рдæ йæ, тугæ й хæ стæ гдæ р чи у, ахæ м адæ ймагимæ, цæ мæ й уын ракæ нон зынаргъ лæ вæ рттæ... Уæ тых æ мæ уæ хъару. Кæ д мæ ам нæ сæ ййафат, уæ д та мæ м банхъæ лмæ кæ сдзыстут. Ныр дæ хæ дзарыл дзæ бæ хæ й сæ мбæ л, мæ ирвæ зынгæ нæ г.

Афтæ кæ рæ дзийæ фæ хицæ н сты.

Лæ ппу фæ лладæ й сæ химæ ныххæ ццæ фæ сахсæ вæ рты. Æ хсæ вæ р дæ р нал скодта, афтæ мæ й йæ сынтæ джы батылд. Дыккаг бон, мемæ кæ й акæ ндзынæ н, зæ гъгæ, хъуыдыты ацыд: «Мæ мад æ ви мæ фыды? Мæ хо æ ви ме ’фсымæ ры?... Уæ д та... » — æ мæ Борæ тæ йæ цæ стытыл ауайы. Бæ рæ г фæ ндыл куы не ’рлæ ууыд, уæ д иу изæ р хабар сæ рæ й-бынмæ бинонтæ н радзырдта. Уыдон цасдæ р фæ лварæ гау кæ рæ дзимæ кастысты. Фæ стагмæ фыд загъта:

— Цы йыл бирæ дзурæ м, лæ ппу? Адæ м дæ зонынц Зорыхъойы фыртæ й, йæ хорз бындар, йæ мардæ вæ рæ гæ й... Чи дæ м у мæ нæ й хæ стæ гдæ г? Мемæ дын цæ угæ у...

Уыцы ныхæ стæ м хъусгæ йæ, мад Рухси афтæ:

— Цæ мæ н, цæ, нæ лæ г, цотмæ та мадæ й хæ стæ гдæ р чи у? Æ ви йæ фараст мæ йы мæ гуыбыны нæ фæ хастон, йе йын дзидзи нæ бадардтон? Уæ дæ авдæ нæ й дæ р мæ хи хъæ бысмæ рахызт... Хъуамæ æ з ацæ уон.

— Æ мæ йæ м æ з дарддæ р дæ н? — дзуры Зордайы æ фсымæ р Аби. — Йæ рахиз цонг, йæ сæ рхъуызой, йæ тугисæ г...

— Афтæ у, гъе, — бакаст Зордамæ йæ хо Айсæ. — Хойы зæ рдæ — æ фсымæ рмæ, æ фсымæ ры зæ рдæ — хъæ дмæ. Цуанæ й йе балцæ й æ рæ гмæ куы фæ цæ уыс, уæ д мæ зæ рдæ фæ тоны, мæ хъарм цæ ссыгæ й мæ хи фехсын...

Æ ппæ т уыцы ныхæ стæ м хъуыста Зордайы рæ сугъд ус Борæ тæ æ мæ -иу аивæ й мидбылты бахудт, ома, чи йæ м хæ стæ гдæ р у, лæ вæ рттæ исынмæ кæ й акæ ндзæ н, уый фæ стæ дæ р рабæ рæ г уыдзæ н, зæ гъгæ.

— Хорз, уæ ныхæ стыл ахъуыды кæ ндзынæ н, — араст Зорда йæ уатмæ. Йæ фæ дыл иннæ тæ дæ р сæ хуыссæ н уæ ттæ бацагуырдтой.

Цалдæ р æ хсæ вы Борæ тæ йæ лæ гæ н кодта уарзон ныхæ стæ, буарæ н адджын митæ, стæ й йыл фæ стаг æ хсæ в калмау ныттыхст æ мæ ныдæ мæ й[4] дзуры:

— Ныййарджытæ зынаргъ куыннæ сты... Дунейы рухсмæ цот уыдон рауадзынц... Хайджын сæ рисæ й, сæ цинæ й. Амондджын дæ р, æ намонд дæ р сæ цотæ й сты, фæ лæ хатт байуарынц... Æ фсымæ ртæ та знæ гтæ дæ р свæ ййынц. Хо дæ р чындзы ацæ уы æ мæ йæ уарзондзинад мæ нæ мæ нау йæ лæ гæ н ратты, ферох кæ ны йæ бинонты, йæ мыггаджы... Æ з та а дунейыл цæ рын дæ у номыл, нæ й нын фæ хицæ н амæ лæ ты бонмæ. Балцы куы вæ ййыс, уæ д дæ мæ тæ й батайын, сусæ гæ й мæ цæ ссыг ныхъуырын. Мæ ныфс, мæ цин ды дæ... Кæ ннод мæ фыды райдзаст галуантæ кæ й сæ раппонд ныууагътон?

Уыцы «адджын» ныхæ стæ м Зорда бæ рз уисау æ ртасыд, æ ндахау ныссуйтæ. Æ рбайрох кодта йæ ныййарджыты, йæ хо, йе ’фсымæ ры. Ныттыхст йæ рæ сугъд усыл. Æ мæ куыннæ, нывæ рзæ н здахаг у.

Бонвæ рнон ма арвгæ рон дзир-дзур кодта, афтæ бинонты сусæ гæ й Зорда æ мæ Борæ тæ рахызтысты хæ дзарæ й æ мæ сæ ных сарæ зтой амынд æ рдузмæ. Æ мбæ лдысты дидинæ гджын сæ рвæ ттæ, æ хсæ рдзæ нтæ, зараг мæ ргътыл. Хурыскасты бахæ ццæ сты уæ рæ х æ рдузмæ.

— Æ гæ р раджы ссыдыстæ м, банхъæ лмæ йæ м кæ сæ м, — загъта Зорда, æ мæ цъæ х нæ ууыл сæ хи æ руагътой.

Лæ ппу йæ сæ р æ рæ вæ рдта Борæ тæ йы уæ рджытыл.

— Æ з уал афынæ й кæ нон... Куыддæ р исчи фæ зына, афтæ мæ фехъал кæ ндзынæ, — фæ дзæ хста йын.

— Хорз, — загъта бинойнаг æ мæ йæ мойы ных фæ лмæ н æ рсæ рфта.

Уайтагъд лæ ппуйы хуыр-хуыр ссыд. Борæ тæ бахауд йæ адджын сæ нтты уацары. «Цавæ р хæ знатæ райсдзынæ н? Налхъуыт-налмастæ æ ви даритæ? Риуыгънæ джытæ, камаритæ, хъуссæ джытæ?.. Чи зоны, хæ дисгæ фынг, йе хæ дтæ хгæ гауыз?.. »

Цас ма рацыд, хуыцау зоны, афтæ кæ сы æ мæ æ рдузгæ рон фæ зынд иу барæ г. Диссаджы хъоппæ гдзаст, къæ лæ тбæ рзæ й сираг бæ х йæ сæ рæ й хъазгæ æ рбацæ уы. Йæ зæ лдаг барц, йе ’взистхуыз къæ дзил хуры тынтæ м зынгау æ рттывтой. Йæ уæ лæ чынтаг саргъ. Барæ г дæ р — болатриу, сыгъзæ ринхил рæ ууæ нг лæ ппу, йæ харæ цæ стытæ цъæ х пиллон уагътой, йæ мидбылхудт — арвырттывд, йæ къухы — сæ гуыты къахæ й конд ехс...

Барæ гмæ кæ сгæ йæ, чысыл ма бахъæ уа, Борæ тæ йы зæ рдæ ма бахъарм уа. Æ рбайрох дзы йæ мойы фæ дзæ хст дæ р. «Ехх, тæ худы, ацы лæ ппу мæ лæ г куы уаид, — ныууынæ ргъыдта къæ хты бынæ й. — Цæ й амондджын уаин, куыд бирæ йæ уарзин, цы лæ ггад ын кæ нин. Бæ ргæ, йæ фæ сарц мæ куы авæ рид, куы мæ аскъæ фид... »

Уалынмæ барæ г йæ уæ лхъус алæ ууыд æ мæ йæ м мидбылхудгæ дзуры:

— Арвæ й зæ ххы бынмæ — мæ хæ тæ нтæ, мæ цæ уæ нтæ... Куыннæ федтон сылгоймæ гтæ дæ р, фæ лæ дзы дæ уæ й хæ рзконддæ р, уындджындæ рыл нæ ма сæ мбæ лдтæ н. Куы мын бакомис, уæ д мæ хи æ ппæ тæ й амондджындæ р хонин... Дæ хорзæ хæ й, бæ стырæ сугъд, кæ д разы дæ, уæ д мæ м дæ сыгъзæ рин къух авæ р æ мæ дæ хæ ссон.

— Мæ н дæ уæ й тынгдæ р фæ нды, — загъта Борæ тæ, — фæ лæ ацы гуымыдза куы райхъал уа, уæ д нæ бахъыгдардзæ н.

— Ууыл та цы тыхсыс, — хæ стæ гдæ р æ м балæ ууыд барæ г. — Гъа, мæ нæ йын ацы кард йæ хурхыл сдар æ мæ дзы фервæ зæ м.

Сылгоймаг кард райста æ мæ йæ Зордайы хурхыл куыд авæ рдта, афтæ барæ г уыцы иу тъæ лланг фæ ласта:

— Фæ лæ уу, ма бакæ н!

Хъæ рмæ Зорда фехъал. Кард ауыдта йæ хурхыл æ вæ рдæ й. Æ руыдта барæ джы дæ р.

— Йæ, мæ хæ лар, къуырийы размæ ды мæ н байстай бирæ гъы дзыхæ й, ныр та дæ æ з раластон залиаг калмы хъуырæ й... Уыныс кард дæ хурхыл æ вæ рдæ й? Гъемæ кæ рæ дзийæ ницыуал дарæ м: дæ хорзмæ дын — хорз...

Зорда иу каст йæ усмæ бакæ ны, иннæ — барæ гмæ. Бамбæ рста, цы ’рцыди, уый.

— Йæ мæ ирвæ зынгæ нæ г, царды дæ м хæ стæ гдæ р чи лæ ууы, уый дæ раздæ р зонын хъуыд. Ныййарæ г, æ фсымæ р, хойыл цы дзурæ м, фæ лæ дæ цуаноны куы ракодтаис, уæ ддæ р дыл ахæ м рæ дыд не ’рцыдаид: мæ н ауынгæ йæ, куыдз срæ йдтаид æ мæ райхъал уыдаис... Ныр ус куыд кæ ны, уый федтай?

— Цы зæ д, цы дуаг дæ, мæ н мæ лæ тæ й чи бахызта, зондыл мæ чи бафтыдта, — дзуры барæ гмæ Зорда. — Кæ й цæ ра кæ ндзынæ н, кæ мæ кувдзынæ н, чи дæ?

— Æ з дæ н дæ лимонты паддзах Джендыр... Ды та дæ фæ д-фæ д фæ стæ мæ адар, усы къахæ й над цуанон, — загъта барæ г æ мæ цæ стыфæ ныкъуылдмæ дымд фæ ци.

Зорда сæ ргуыбыр, уæ нтæ хъилæ й араст сæ химæ. Борæ тæ дæ р йæ фæ дыл хылд, йæ цæ стытыл та уад æ нæ зонгæ барæ г.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.