Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





УЫРС ÆМÆ УАСÆГ



Арæ х сæ мбæ лын нæ куырыхон хистæ ртимæ. Иуахæ мы та ныхас кæ нын мæ рагон зонгæ Габолаимæ.

— Цавæ р цау бадардтай дæ цард-цæ рæ нбонты диссагдæ рæ н дæ зæ рдыл? — фæ рсын æ й.

— Мæ зæ рдыл бирæ цыдæ ртæ дарын, фæ лæ радзурдзынæ н, мæ хæ дæ г æ вдисæ н кæ мæ н дæ н, ахæ м цауы тыххæ й, — загъта Габола.

1936 азы нæ колхоз «Сырх Дыгур»-ы бæ хрæ гъау фæ ззæ гæ й уалдзæ гмæ уыдысты Хъабагъуаты дарæ ны. Бæ хтæ м зылдыстæ м цыппарæ й: Сæ рæ би, Алихан, Дзабо æ мæ æ з. Колхозы дыууæ уырсы дæ р æ рæ гвæ ззæ г æ рбакодтой мах дарæ нмæ. Хицæ нæ й сæ м зылд мæ сыхаг Беслæ н. Уырсытæ й иу хуынд Гранит. Сæ дыууæ дæ р фыдуаг, æ нæ рцæ ф, Беслæ ны сау тухийæ мардтой...

Махæ й иу километр дæ лдæ р, Даргъ æ рдузы уæ тæ ры, йæ кæ рчытæ дардта нæ хъæ уккаг Гæ маты Делекъо. Йæ базырджын рæ гъауæ н æ лдариуæ г кодта иу сырх уасæ г, йæ ном — Быдзех.

Иу бон Беслæ н Гранитыл саргъ сæ вæ рдта æ мæ цыдæ р хъуыддаджы фæ дыл ацыд хъæ умæ. Фæ стæ мæ фæ ндагыл фездæ хт уæ тæ рмæ. Идон бæ хбæ ттæ ныл афтыдта, йæ хæ дæ г мусонгмæ бахызт æ мæ Делекъоимæ ныхæ стыл фесты. Цас сыл рацыдаид, афтæ сæ м æ рбайхъуыст уырсы мыр-мыр, уасæ джы фæ дисхъæ р. Цы хабар у, зæ гъгæ, рагæ ппытæ ластой. Диссагдæ р ма лæ г цы федтаид: Делекъойы уасæ г æ мæ уырс кæ рæ дзийы хъуын-хъис калынц. Гранит йæ идон ратыдта, йæ саргъ пырхытæ, афтæ мæ й лæ буры дæ ндагæ й, цæ вы армаццагæ й. Быдзех дæ р йæ алывæ рсты зилы, йæ рагъыл ын абады æ мæ йæ ныхтæ, йæ бырынкъæ й архайы... Дыууæ лæ джы сæ м циркмæ кæ сæ гау дзæ вгар фæ кастысты, стæ й, адон кæ дмæ хæ цдзысты, зæ гъгæ, Делекъо æ рцахста йæ уасæ джы, Беслæ н — йæ уырсы.

— Уром æ й, Беслæ н, кæ ннод уæ ртæ уыдоны хал ахæ рдзæ н, — бахудтис Делекъо æ мæ хъæ рццыгъаты быдыргътæ м ацамыдта.

— Уыдон та цы сты? — ныддис кодта Беслæ н.

— Уыдон та, мæ хæ дзар, карчы дзидза бирæ чи уарзта, ахæ м къæ рныхтæ, — бахудт Делекъо. — Кæ рчытыл-иу сæ хи куы ныццавтой, уæ д-иу сæ Быдзех ацахста æ мæ -иу сæ мæ бар бакодта. Æ з дæ р сæ быдыргътæ арæ зтон.

— Æ нхъæ лдæ н, дæ уасæ г дæ хицæ й хъæ батырдæ р у, Делекъо, — хин худт бакодта Беслæ н.

— Дæ у уырс дæ р цыма сæ тæ ппудтæ й нæ у, афтæ мæ м кæ сы: йæ саргъ ныппырх кодта, æ мæ ныр йæ хицау фистæ гæ й дзопп-дзопп кæ ндзæ н, — йæ рихи адаудта Делекъо.

Беслæ н цыма хъæ хъхъаг цывзы аныхъуырдта, уыйау схуыфыди, йæ хайуаны хъуырыл идоны скъуыддзаг афтыдта æ мæ дарæ нмæ фæ раст.

Изæ рæ й Беслæ н махæ н радзырдта уырс æ мæ уасæ джы хылы хабар, фæ лæ йыл нæ баууæ ндыдыстæ м.

— Гъемæ уæ тыххæ й ничи ’ууæ ндын кæ ны, — ауыгъта йæ къух.

Рацыд ма цалдæ р боны, æ мæ Беслæ н ацыд хос ласынмæ. Йе ’рцыдмæ Граниты сарайы нал æ рæ ййæ фта. Цы фæ цадаид, зæ гъгæ, батыхст. Уалынмæ кæ сы, æ мæ дæ лæ Делекъо уырсы скæ ны. Цыма бирæ гъы дзыхæ й раирвæ зт: йæ фæ рстæ тындтытæ, йæ рагъ дзывырæ й хуымгондау — тугæ рхæ мттæ, йæ хид лæ дæ рсы.

— Мæ нæ дæ хылычъи уырс, æ нæ рай дзы скæ н, тыххæ й ма сæ баиргъæ втон, — дзуры Делекъо.

Беслæ н уырсмæ куы ’ркаст, уæ д бамæ сты.

— Багъæ ц, æ з уыцы сырх къоппайы топпæ й куы нæ агæ рах кæ нон, — ныддодой ласта Беслæ н.

— Æ мæ уæ д дæ у уырс марын нæ комы? Цæ мæ н лæ буры мæ уæ тæ рмæ? Искуы дæ м мæ уасæ г ныббырста? Ныууадз де ’ртхъирæ нтæ, — йæ къух ауыгъта Делекъо.

Уырсы рагъ фехæ лд. Беслæ н ын æ й сæ рста хуыйы сойæ. Нал æ й уагъта æ ддæ мæ.

Иу райсом нæ м фæ зындысты колхозы сæ рдар Дзабола æ мæ хæ дзарады хицау Тъох. Æ ркастысты нæ уавæ ртæ м, бæ хрæ гъаумæ, скъæ ттæ м.

— Уый Граниты рагъ цæ мæ й фехæ лд? — фæ рсынц Беслæ ны. — Æ ви æ ндæ р цæ уыл бадай, уый дын нæ й?

— Дæ лæ йæ Делекъойы уасæ г ныттыдта, — дзуапп радта Беслæ н.

— Мах хъазгæ нæ кæ нæ м, цы кодта уырсы рагъ?

— Йарæ би, нæ уæ сайын, мæ нæ бафæ рсут...

— Раст дзуры Беслæ н, уырс йæ бæ ттæ нтæ арæ дывта æ мæ уæ тæ ры балæ ууыд, — загътам сын мах. — Уым уасæ г хæ ддзу уазæ гмæ лыстæ г æ ркаст...

Дыууæ разамонæ джы сæ хи астæ у цыдæ ртæ адзырдтой.

— Уæ дæ мах цæ уæ м уæ тæ рмæ, уырсы-иу рауадзут... Цом, Габола, немæ, — фæ дзырдтой мæ нмæ дæ р, — æ вдисæ н уыдзынæ Беслæ ны гæ ды ныхæ стæ н.

Ныххæ ццæ стæ м уæ тæ рмæ. Нæ фæ дыл тъыбар-тъыбурæ й æ рбалæ ууыд Гранит дæ р. Быдзех дын уый ауыдта, цы! Йæ хи йыл андзæ рста.

Гранит архайдта йæ раззæ гтæ й, цавта армаццагæ й, лæ бурдта дæ ндагæ й. Быдзехы хотыхтæ та уыдысты йæ тыхджын базыртæ, йæ цыргъ бырынкъ æ мæ йæ даргъ ныхтæ... Куы-иу фæ ныхæ й-ныхмæ сты, уæ д-иу уасæ г уырсы сæ рты йæ хи фехста. Гранит дæ ндагæ й хъавыд Быдзехы къубалмæ. Быдзех та — уырсы фæ лмæ нтæ м. Сæ фæ зылд, сæ фезмæ лдыл цæ ст нæ хæ цыд. Куыдфæ стæ мæ знæ тæ й-знæ тдæ р кодтой. Уырс-иу уасæ джы куы нырриуыгъта, уæ д-иу кæ нæ йæ бумбули акалд, кæ ннод та-иу фондз-дæ с метры асхъиудта. Фæ лæ йæ ныфс нæ саст, йæ хи-иу ноджы тынгдæ р ныццавта йе знагыл. Иуахæ мы уасæ г хасбахъы сæ рты пуртийау атахт. Æ нхъæ лдтам, фæ марди. Уалынмæ дын фæ стæ ты гæ ппытæ гæ нгæ æ рбазгъордта æ мæ уырсы рагъмæ йæ хи фехста. Йæ рæ сыд фæ сонтæ йын ныххоста. Гранит фæ дисхъæ р ныккодта æ мæ йæ хи уæ лгоммæ аппæ рста. Уасæ г та фæ царæ хст, гуыбыны фæ лмæ нтыл йæ ныхтæ æ рдардта. Гранит хъыллист, зæ вæ тдзæ гъдæ н систа, фæ лæ та йæ къæ хтыл алæ ууыд æ мæ æ ррайау лæ буры йæ фыдгулмæ. Уасæ джы дæ лбазырæ й стыдта армыдзаг бумбули. Уый дæ р ныхъхъа-хъа кодта æ мæ та уырсы синтыл абадт. Йæ ныхтæ й, зæ хх къахæ гау, бæ хы рагъ сфæ лдæ хта, къæ бутæ й рæ дувы цармы гæ бæ зтæ. Уырс ныууынæ ргъыдта, йæ фарсыл афæ лдæ хт, стæ й тугкалгæ фæ гæ пп ласта æ мæ лидзæ г фæ ци. Базырджын хъæ батыр ма йæ дзæ вгар фæ сырдта... Уалынмæ хъохъотæ гæ нгæ фæ стæ мæ раздæ хт, кæ рчыты астæ у смидæ г æ мæ сæ рбæ рзондæ й ныууасыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.