Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





МÆ ИРВÆЗЫНГÆНДЖЫТÆ



Æ стдæ с азы мыл цыдаид, афтæ Урс хохы уыдтæ н цуаны. Ханды фидары мæ иу нарæ г дагъ бахаста акæ сæ н былмæ. Уырдыгæ й бауыдтон мусы йас дидинæ гджын фæ з. Мæ зæ рдæ йæ м бахъазыд. Цæ уон, загътон, æ ртонон уыцы рæ сугъд дидинджытæ й, гъе стæ й мæ нымæ тыл фæ хуысдзынæ н, кæ д уырдыгæ й сырдтыл дæ р мæ цæ ст æ рхæ цид. Фæ змæ бахæ стæ г дæ н, фæ лæ йæ м бахизæ н никæ уылты разынд. Æ рбадтæ н тигъыл. Кæ сын цымыдисæ й: хæ ххон уахъæ змæ, арф кæ рдæ джы æ ркув-æ ркув кæ нынц уыцы рæ сугъд дидинджытæ: сырхмæ тæ г, даричин, бурдидинæ г... Ау, мæ нæ й уый уырдæ м ма ныххиза, дзурын бæ гуылæ гау, æ мæ алырдыгæ й лыстæ г æ ркастæ н. Хъуамæ дзы бынмæ ныххизæ н уа, зæ гъгæ, фыццаг ныппæ рстон мæ хæ лцон, хъыримаг æ мæ нымæ т, гъе стæ й мæ хæ дæ г агæ пп ластон. Исдуг дидинджытæ м фæ кастæ н, сæ рæ сугъддæ ртæ й сын ратыдтон æ мæ былгæ рæ тты азылдтæ н. «Æ ллæ х, ардыгæ й ахизæ н куы нæ ис, фесæ фтæ н! » — айхъуыстон мæ хи тарст хъæ лæ с æ мæ фыр адæ ргæ й мæ мидбынат æ рхаудтæ н...

Мæ хи куы æ рæ мбæ рстон, уæ д та ног ауадтæ н былтыл. Сæ рсæ фæ н хауæ нтæ м кæ сгæ йæ, адæ ргæ й мардтæ н. Ацы фæ згонды сырды къах дæ р кæ й никуы ныллæ ууыд, уый йæ кæ рдæ гыл дæ р зынди — æ нæ хæ рд: нæ дзы ахизæ н, нæ агæ пгæ нæ н. Æ рхуымæ й ныддæ лгом дæ н. Мæ цæ ссыгæ й кæ рдæ джы гуцъула схуылыдз. Фыццаг хатт уæ д ахъуыды кодтон мæ лæ тыл. Æ стдæ с азы; æ мæ — худинаджы сæ фт. Мæ хъуыдытæ схæ ццæ сты, мæ зæ рдæ æ рбалвæ ста: ма сур хидæ й мæ дарæ с æ рхуылыдз... Кæ лмдзæ фау та фесхъиудтон. Хъæ р кæ нын, сидын æ ххуысмæ, фæ лæ æ вицауæ г хæ хты бирæ дæ р фæ дис кæ н! Топпæ й дæ р цалдæ р æ хсты фæ кодтон — дзæ гъæ лы гæ рæ хтæ: дзуапп лæ вæ рдта зæ рдæ марæ н азæ лд.

Æ ркастæ н мæ хæ лцонмæ: бонваг хæ ринæ гтæ. Къуыриваг сæ бæ ргæ скæ ндзынæ н, фæ лæ дон та? Фæ стагмæ скарстон: мæ лыны къахыл куы ныллæ ууон, уæ д рындзæ й мæ хи аппардзынæ н. Уæ ддæ р ме стæ гдар исчи ссардзæ н, æ мæ сæ фтыл нымад нæ уыдзынæ н...

Æ рæ джиау та рындзæ й фæ лгæ сын сæ рсæ фæ нтæ м: «Гъе, ардыгæ й, мæ уд исгæ йæ, мæ хи нывзилдзынæ н», загътон химидæ г æ мæ бафидыдтон æ буалгъ мæ лæ тимæ. Мæ додойаг хъуыды та мын мæ цæ ссыгтæ куыд фæ цагайдта, афтæ мæ хъустыл ауад цыдæ р уынæ р — мæ зæ рдæ мæ сриуыгъта...

Кæ сын, æ мæ уалæ цæ ргæ с расуры зымы. Зым, мæ гуыр, мæ нæ рдæ м ныййарц ис... Æ нхъæ лдтон, йæ хи мæ уазæ г кæ нынмæ хъавы, фæ лæ уалынмæ къулрæ бын хъамылы айсæ фт. Цæ ргæ с дæ р йæ сихорæ й æ нæ хай фæ ци æ мæ фæ сбылмæ батахт. Зым цы фæ цадаид, зæ гъгæ, хъамылтæ æ рысгæ рстон. Зæ хмæ хæ стæ г айнæ джы къулы разынд цъас. Дард кæ цæ йдæ р дзы рухс калд. Мæ хи фæ фистæ г кодтон æ мæ цъасы фæ мидæ г дæ н. Балæ стæ н иу-æ ртæ метры бæ рц. Кæ сын, барын, æ взарын. Хуынкъ разынд тынг нарæ г, фæ лæ мæ м фæ зынд цыдæ р ныфс, мæ зæ рдæ фæ фидар. Фæ стæ мæ нæ ма рабырыдтæ н, афтæ дыккаг бæ ллæ х: мæ нæ й дыууæ метры мидæ гдæ р иу лыстæ г калм йæ сæ р ныхъхъил кодта. Цæ стыныкъуылдмæ федде дæ н, топп фелвæ стон æ мæ хуынкъмæ цалдæ р гилдзы ныннымадтон, гъе стæ й мæ дзаумæ ттæ — хæ лцонæ й, хъыримагæ й — фехстон, кæ уылты рагæ пп ластон, уыцы уæ лтæ рхæ гмæ, мæ хæ дæ г мидæ ггæ гты фæ бырын цъасы. Калм дæ р мæ æ рбайрох и. Æ вæ дза, топпы хъæ ртæ æ мæ топпыхосы фæ здæ гæ н нæ бабыхсыд æ мæ йæ хи айста. Хуынчъы дæ ргъ иу-ссæ дз метры йеддæ мæ бæ ргæ нæ уыд, фæ лæ — нарæ г, дуры цыргъ сиукътæ ныхæ й-ныхмæ, разæ й æ рхæ цæ н ницæ уыл. Хатт-иу мæ ныфс асаст, фæ сур-иу дæ н, уæ ддæ р архайдтон, мæ лын кæ й фæ нды. Фæ тухитæ кодтон цыппар сахаты бæ рц. Фыдбылызæ й раирвæ зтæ н. Мæ буар, ехсæ й нады хуызæ н, тугæ рхæ мттæ сси. Уæ ддæ р мæ лæ тæ й фервæ зтæ н. Мæ дзаумæ ттæ м фæ лæ бурдтон æ мæ лидзгæ нæ химæ.

Абоны онг дæ р арфæ кæ нын мæ ирвæ зынгæ нджытæ н — зым æ мæ йе знаг цæ ргæ сæ н. Уыдон нæ уыдысты, зæ гъгæ, уæ д аллайаджы мард акодтаин.

***

Иу хатт та цуаны ацыдтæ н Донысæ рмæ.

Мемæ уыдис мæ къæ была Зæ ликъо дæ р. Цуанон, дам, цы ком нæ басгары, уый сырдджын æ нхъæ лы. Уыцы æ мбисонд мæ ныл дæ р æ рцыд. Сырдтыл сæ мбæ лыны охыл Быгъуыджынæ й ахызтæ н Цъæ йы ’рдæ м. Æ рбадтæ н иу кæ рдæ гджын рагъыл æ мæ мæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н фæ лгæ сын æ нусон цъититæ м. Бирæ рæ стæ г нæ рауади, афтæ къæ была рæ йын байдыдта. Ноджы-иу зæ хмæ ныхъхъуыста. Дæ бындар фæ уай, кæ д сырдтæ дæ у суринаг не сты, зæ гъгæ йыл схъæ ртæ кодтон, фæ лæ, марадз-зæ гъай, кæ д æ нцади. Куыдфæ стæ мæ байдыдта ниуын, хъис-хъис кæ нын. Рæ йгæ -рæ йын-иу азгъордта фæ сбылмæ, фездæ хт-иу фæ стæ мæ... Зæ ххыл-иу авæ рдта йæ фындз æ мæ та-иу адæ ймагау мæ цæ стытæ м нымдзаст.

Цыдæ р тас мæ бацыди. «Цæ мæ н æ й ракодтон? » — хæ цыдтæ н мæ химæ. Кæ сын, æ мæ ма ноджы мыстулæ г дæ р сæ рра: иу хуынчъы фæ мидæ г вæ ййы, иннæ йæ фæ стæ мæ фатау расхъиуы, йæ хи хæ рдмæ фехсы æ мæ сцъыс-цъыс кæ ны. Сæ зонд фæ цыд, зæ гъгæ, аджих дæ н... Уалынмæ мыл къæ была йæ хи ныццавта, йæ дзæ мбы мын мæ русыл æ руагъта, йæ хæ дæ г фæ сбылмæ ныййарц. Уырдыгæ й, сырдмæ лæ бурæ гау, райхъуыст йæ рæ йын. Мæ русы туг æ ркалд, хæ дон ахъулон. Мæ маст рафыхт. Хъыримаг аифтыгътон æ мæ топпæ ргъæ вдæ й фæ уайын къæ былайы фæ дыл. Куыддæ р мæ ауыдта, афтæ фæ хъус, тилы йæ къæ дзил. Ай мæ бынтондæ р хынджылæ г куы кæ ны, зæ гъгæ йæ м фæ хъавыдтæ н. Уыцы уысм мæ хъустыл ауад цыдæ р æ нахуыр уынæ р, хуырхъæ р. Фæ стæ мæ фæ зылдтæ н, æ мæ мæ цæ стытæ цæ хæ ртæ акалдтой: цы рагъыл бадтæ н, уый фескъуыд, ныххæ ррæ тт ласта æ мæ, гуыргуыргæ нгæ, мыхцыл акалд. Мыстулæ джы ма ауыдтон: йæ хи хæ рдмæ фехста, стæ й хуынчъы фæ мидæ г. Бецау, æ вæ ццæ гæ н ын уым лæ ппынтæ уыд æ мæ уыдон сæ раппонд йæ цард радта.

Мæ рифтаг æ д хæ ринæ гтæ, пæ лæ з æ мæ лæ дзæ г дурзæ йы амæ ттаг баисты. Æ рæ джиау мæ хи æ рæ мбæ рстон: Зæ ликъо мæ мæ лæ тæ й фервæ зын кодта, æ з та йæ марынмæ хъавыдтæ н... О ме ’дылы къоппа! Мæ топп зæ ххыл ныццавтон æ мæ Зæ ликъойы фелвæ стон мæ хъæ бысмæ. Уый мын, мæ гуыр, хатыр курæ гау, мæ русы цъæ ррæ мыгъдтæ сдæ рдта.

Æ вæ дза, дзурын куы зонид, уæ д мын загътаид: «Цуанон дæ хи бæ ргæ хоныс, фæ лæ цæ й æ нæ мбаргæ дæ, цæ й... »

— Мæ ирвæ зынгæ нæ г, — дзырдтон ын, ды мемæ куы нæ уыдаис, уæ д афонмæ далæ уыцы дурцæ нды бын уæ нгсæ стытæ й мæ рдвынæ й кæ нин... Ничи мын ссардтаид мæ мард дæ р...

Дис кæ нын абон дæ р: цæ мæ й базыдтой мыстулæ г æ мæ къæ была рагагъоммæ уыцы æ рдзон фыдбылыз?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.