Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆНУСОН МАСТ



Уæ д ма мæ хæ дæ г ахуыр кодтон Къæ мынты райдайæ н скъолайы. Иуахæ мы нæ ахуыргæ нджытæ — Дзодзыкъо æ мæ Саухал фæ дзырдтой хъæ убæ сты хистæ ртæ й цалдæ рмæ, сывæ ллæ ттæ н исты рагон хабæ рттæ радзурут, зæ гъгæ. Лæ гтæ н ныхас бацайдагъ. Мах сæ м цымыдисæ й хъуыстам. Фæ стагмæ Дымтыхъæ уккаг Агкаты Басыл чызджытæ м нымдзаст, йæ цæ ссыгтæ ихдонау сабузтой æ мæ ныууынæ ргъыдта: хъусæ гæ й, дзурæ гæ й йæ м æ гуыппæ гæ й кæ сæ м. Æ рæ джиау хатыр ракуырдта æ мæ, йæ хæ рвæ вæ рд цæ стытæ дысалгъæ й сæ рфгæ, загъта:

— Ацы фæ сивæ д амондджын дуджы райгуырдысты, нæ дарæ с хъуаг æ ййафынц, нæ гуыбыны дзагыл æ ххуырсты цæ уынц... Чызг нæ м æ вæ ндонæ й моймæ нал цæ уы, ноджы ахуыр кæ нынц, уыимæ лæ вар. Ацы чызджытæ м гæ сгæ мæ зæ рдыл æ рлæ ууыд ме ’дзард хойы сæ фт.

— Æ мæ йыл цы фыдбылыз сæ мбæ лд? — афарстой чидæ ртæ.

— Зын у йе ской дæ р, — йæ сæ р банкъуыста Басыл, — фæ лæ уын æ й цыбырæ й радзурдзынæ н. Цæ виттон, мах уыдыстæ м дыууæ æ фсымæ ры æ мæ æ ртæ хойы. Нæ фыд Бибо бирæ азты фæ ци паддзахы службæ йы. Сыздæ хт вахмистры цинимæ. Хъæ убæ сты — кадджын, нымад лæ г. Уырыссагау дзурын, фыссын дæ р зыдта. Уыцы заман алкæ мæ н йæ хи хуым, йæ хи уыгæ рдæ нтæ уыд. Мах уыгæ рдæ нтæ уыдысты Дæ ллаг Гарнисчы: уым нæ фосæ н сарæ зтам зымæ гон уæ тæ ртæ. Фæ ззæ г-иу нæ мæ къуылтæ дарæ ны фарсмæ æ рæ фтауц кодтам æ мæ -иу æ ндарæ н бонты фосæ н фæ рсылæ й хос равæ рдтам.

Иу аз Бибо иунæ гæ й хос карста Алардыты къуыппыл. Нæ мад Насыпхан ын гыццыл чыргъæ ды хæ ринаг арвыста нæ кæ стæ р хо Масинкъайæ н (цыдаид ыл 12–14 азы). Хъæ уæ й араст сыхаг чызджытимæ. Йе ’мбæ лттæ й чи баззад Гомбалдурты, чи Дзагъæ лыйы, чи та баздæ хт Хæ фалыгмæ. Масинкъа иунæ гæ й аззад æ мæ Æ хсиаджы лæ гъзыты сырхмæ тæ гтæ, бур дидинджытæ тонгæ, йæ фæ ндаг дардта. Уынгæ грæ бынмæ куы бахæ ццæ, уæ д æ й нæ фыд æ руыдта. Чызджы ссыдмæ ма иу къорд уисы æ рцæ уон, зæ гъгæ, лæ г кæ рды, хенц кæ ны, фæ лæ Масинкъа нæ зыны. Кæ д Харбиаты доны йæ хи найы, зæ гъгæ, фестырзæ рдæ æ мæ бахаста æ нæ хъæ н фæ лтæ р. Чызг куы нæ зынд, уæ д йæ цæ вæ г феппæ рста æ мæ йæ раздæ р кæ дæ м ныууыдта, уырдæ м атындзыдта. Кæ сы, æ мæ хæ ринæ гтæ -пырхытæ, чыргъæ д — дæ лгоммæ, дидинджыты баст — кæ ндысты рæ бын. Змæ ст кæ рдæ гыл доны ’рдæ м ауыдта лæ сæ нвæ д. «Цыдæ р фыдбылыз ныл æ рцыд! » — ныккæ рзыдта лæ г æ мæ фæ дыл ныххызт хъуырхъуындæ гмæ: йæ размæ фæ ци сæ ры къуыдыр, дарддæ р — æ рдæ гæ ууылд сины стджытæ, уæ лæ дарæ сы пырхытæ. «Æ ллæ х, бабын дæ н! » — ныдздзынæ зта Бибо æ мæ уадзыгæ й ахаудта. Куы ’рчъицыдта, уæ д цæ ссыгтæ й йæ тыппыртæ суагъта. Æ ппынæ рæ джиау тугдзых бирæ гъы холытæ дуррæ бын æ рæ вæ рдта, кæ рдæ гæ й сæ бамбæ рзта, йæ хæ дæ г йæ тæ рттæ байтыгъта æ мæ ныссомы кодта:

— Æ з дæ у куы не ссарон æ мæ дæ æ буалгъ мард куы нæ акæ нон, уæ д мæ хуыцау мæ рдтæ м куыдзы цармы тыгъдæ й бацæ уын кæ нæ д.

Аздæ хт уыгæ рдæ нмæ, райста кард æ мæ дамбаца. Æ фсæ ст бирæ гъ искуы хъоргъы йе фидары хуысдзæ н, зæ гъгæ, йæ агурын байдыдта Хъæ удуры бурайнæ г къæ дзæ хты. Дыккаг бон æ й ссардта Лæ хурæ джы хохы хуссарварс иу фидары. Æ фсæ ст бирæ гъ лæ гæ тауы парахатæ й хуыссыд йæ фарсыл. «Кардæ й æ ви дамбацайæ? — фæ рсы Бибо йæ хи. — Н-а-а-а, цъаммар удхор, дамбацайæ дын æ гæ р аслам ацæ удзæ н... » Кард фелвæ ста æ мæ йæ бирæ гъы хурхы ныссагъта. Уайтагъд сæ р гуырæ й фæ хицæ н. Тугдзыхы æ вадат æ ххæ лтыл нылласта Хъæ удуры дарæ нмæ. Уым æ й айгæ рста æ мæ чызджы гæ бæ зтæ систа йæ байсафæ джы æ нæ бын ахсæ нæ й. Йæ хи йын фыдджынау лыстæ г скарста æ мæ йæ мыстытæ, сынтытæ н дурцæ ндыл байзæ рста. Йæ сæ р, йæ зæ рдæ та йын басыгъта Æ хсиаджы хъæ ды. Мæ гуыр Масинкъайы æ ууылд уæ нгтæ иннæ холытимæ тæ счъы сæ вæ рдта æ мæ саумаройгæ нгæ рараст хъæ умæ. Æ рхуымæ й, кæ уынвæ лладæ й æ хсæ вæ ртыл рахæ ццæ нæ химæ. Цоты хистæ р мæ хæ дæ г уыдтæ н (цыдаид мыл 20 азы), æ мæ мæ м Бибо кæ ртмæ фæ сидт. Хабар мын сæ рæ й-бынмæ радзырдта. Æ з, мæ цæ ссыг калгæ, азылдтæ н æ рвадæ лтæ, сыхбæ стыл. Нæ мад та, мæ гуыр, æ з æ й арвыстон, мæ н аххосæ й бацарафтыд сывæ ллон, зæ гъгæ, йæ хи мардта. Нæ хотæ — Майрæ мхъыз æ мæ Нæ гъуыда сæ рустæ ныстыгътой, сæ дзыкку бындзыггай тыдтой. Æ намонд чызджы сæ фтыл хъæ убæ стæ тынг фæ рыстысты. Не ’ппæ тæ н дæ р мыггагмæ низ, æ нусон маст...

Ахæ м фыдбылыз зæ ххыл мауал æ рцæ уæ д, мæ хуртæ, Масинкъа та сымах æ мгар уыд æ мæ уый æ рцыдмæ дзæ бæ хæ й цæ рут... Уæ ныййарджытæ, уæ зондамонджыты фæ ндиаг сахуыргонд ут, — арфæ нын ракодта Басыл.

Мах нæ хæ дзæ рттæ м æ нкъардæ й араст стæ м.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.