Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАЛЦ ХÆХТÆМ



Адæ ймаг кæ цыфæ нды куыстæ й дæ р фæ лмæ цы. Гъемæ, æ з дæ р куы бафæ ллайын, уæ д аулæ фыны охыл мæ хи айсын Терчы былмæ (ацы номдзыд донмæ хæ стæ г кæ й цæ рын, уымæ й мæ хи амондджын хонын). Цасдæ р фæ тезгъо кæ нын æ мæ та уæ нгрог, зæ рдæ хъæ лдзæ г æ мæ куыстмондагæ й фæ стæ мæ раздæ хын.

Терчы уæ лвæ з, æ нгуз талайы бын, чидæ р фæ йнæ джы гæ бæ зтæ й сарæ зта къаннæ г стъол æ мæ бандон. Ам цалдæ р хатты мæ цæ ст æ рхæ цыд мæ сыхаг авдаздзыд чызг Майæ йыл (æ з æ й мæ хицæ н схуыдтон Ами, ома — ам та и). Уый гæ ххæ тты гæ бæ зтыл цыдæ р хæ ххытæ фæ кæ ны. Ацы бон æ м хъуызæ гау фæ стæ ты бацыдтæ н: дæ лæ Терчы ныв, йæ фæ йнæ фæ рстæ м — дидинджытæ, бæ лæ стæ æ мæ сывæ ллæ ттæ, сæ сæ рмæ та — цъиутæ, мæ ргъты нывтæ. Æ рæ джиау ын мæ арм йæ цæ стытыл авæ рдтон: «Базон-ма, чи дæ н? » Чызг мын мæ къухмæ сæ внæ лдта, цасдæ р ницы сдзырдта, стæ й бахудт: «Нæ сыхæ гты дада... Баги». «Базыдтай, Ами», — зæ гъгæ йын йæ зæ лдаг дзыккуйыл мæ къух фæ лмæ н æ руагътон.

— Æ з Ами нæ дæ н.

— Майæ иронау Ами у, — уыцы æ цæ гхуызæ й йын дзуапп радтон.

— Ами? Ами, Ами... — дзырдта ныдæ мæ й, цыма йæ ног номæ н ферох кæ нынæ й тарст æ мæ йæ тымбыл цæ сгомыл ахъазыд мидбылхудт — разыйы нысан.

— Ам цы ми фæ кæ ныс, Ами?

— Нывтæ аразын, — сæ вдыста мæ м хъулæ ттæ гæ ххæ тт.

— Уынын, уынын, Ами. Мæ нæ Терк, бæ лæ стæ, цæ хæ ркалгæ дидинджытæ, сывæ ллæ ттæ...

— Адон та — зæ рватыччытæ, бæ лæ ттæ, цæ ргæ стæ, — ацамыдта базырджынты нывтæ м.

— Æ рмæ ст дæ лæ донбылты цы хъуццытæ хизы, уыдон ферох кодтай.

— Æ мæ уыдон ныр ссыдысты, — йæ цæ ст сыл ахаста æ мæ кърандас æ рбайста. — Ныртæ ккæ сæ акæ ндзынæ н.

Кæ сын Терчы хуырджын былтæ м: хуры тынтыл ауыгъд фæ лмы фæ дджитæ доны уылæ нтыл сæ хи æ руагътой æ мæ сæ цъирæ гау кæ нынц. Нæ сæ хъыгдары рог уадымс дæ р. Æ рмæ ст Терчы сæ рты бæ лæ ттæ æ мæ быдырон къуырма зæ рватыччытæ алырдæ мыты сенчытæ кæ нынц. Мыдыбындзытæ дæ р хуындзау зилынц дидинджытæ, къудзитыл. Хатт фæ лмы бынæ й райхъуысы Терчы сусæ г зарæ г. Рæ сугъд у цъититæ, нарджыты райгуырæ г фæ дисон — Терк...

— Гъа, Баги, æ ркæ с, акодтон сæ, — фескъуыдта мын мæ мидхъуыдыты цæ г чызг.

Æ ркастæ н гæ ххæ тмæ. Саби стурты фæ лгонцтæ йæ хирдыгонау ацарæ зта. Æ з ын сæ раппæ лыдтæ н.

— Нæ химæ дæ р мæ м бирæ нывтæ и, равдисдзынæ н дæ м сæ, — загъта сæ рыстырæ й Ами.

— Хорз, мæ чысыл хæ лар, уыдонмæ дæ р æ ркæ сдзыстæ м.

— Баги, фæ лæ уу мæ м, ныртæ ккæ сæ æ рдавдзынæ н, — фæ гæ пп ласта чызг æ мæ тъæ бæ рттæ й азгъордта.

Иу-дæ с минутмæ фездæ хт дæ лармыдзаг гæ ххæ ттытимæ. Æ ркалдта сæ стъолыл æ мæ мæ м сæ радыгай дæ тты. Сахаты бæ рц сæ м фæ кастыстæ м. Йæ æ рмдзæ фы йын мæ кæ цыдæ р æ нкъарæ нæ й раиртæ стон «зынджы стъæ лфæ н», нырма фæ нычы арф норст чи у, фæ лæ фæ стæ дæ р чи ссудздзæ н, ахæ м цæ хæ р — фидæ ны курдиат.

— Ами, дæ нывтæ мæ зæ рдæ мæ фæ цыдысты, — загътон козбаугæ нæ гау æ мæ йын сæ газеты батыхтон. — Куы сыстыр уай, уæ д ма аивæ дты скъолайы сахуыр кæ ндзынæ æ мæ дæ хорз нывгæ нæ г рауайдзæ н.

— Уæ дмæ ма бирæ хъæ уы? — æ рбакаст мæ м фæ рсæ гау.

— Иу-дæ с азы.

— О-о-о, мæ нæ уал, — сæ вдыста йæ къухты æ нгуылдзтæ æ мæ, куыд бирæ ма хъæ уы, зæ гъгæ, йæ сæ р батылдта.

— Йе-е-е, Ами, ды ма, æ з цы цъитиджын хæ хты рæ бын райгуырдтæ н, уыдон куы фенис, æ вæ джиауы нывтæ уæ д саразис, — аздæ хтон сабийы хъуыдытæ æ ндæ рæ рдæ м.

— Æ мæ ардæ м дард сты? — хæ хты ’рдæ м йæ хи азылдта.

— Дард, уæ ртæ фæ лмы бын гæ зæ мæ бæ рæ г дарынц. — Ацамыдтон къухæ й, — хæ дтулгæ сæ м цалдæ р сахаты цæ уы.

— Баги, ахон-ма мæ, фенон сæ, — бакъул мæ м кодта саби.

— Дæ уæ н зын уыдзæ н, Ами, бафæ ллайдзынæ ахæ м дард фæ ндагыл.

— Исты фистæ гæ й цæ удзыстæ м, уæ ртæ ахæ м хæ дтулгæ йыл та чи бафæ ллайдзæ н, — ацамыдта, нæ фалеты цы «Жигули» æ рцæ йцыд, уымæ. — Стæ й мыл авд азæ й фылдæ р цæ удзæ н æ мæ хæ хты фистæ гæ й дæ р фæ раздзынæ н.

— Æ з — разы, фæ лæ хъуыддаг дæ мадæ й аразгæ уыдзæ н (чызджы фыд амард цалдæ р азы размæ ).

— Дæ уимæ мæ ауадздзæ н, — бахъæ лдзæ г чызг. — Хорз дæ фæ хоны, цæ стуарзон æ мæ, дам, æ ууæ нкджын лæ г у.

— Æ гæ р мæ, зæ гъ, ма æ ппæ л, науæ д бынтон мæ хиуыл фервæ сдзынæ н, — чызджы русыл мæ къух æ руагътон. — Ныр та уал цом нæ химæ, æ ндæ р хатт та фембæ лдзыстæ м.

Рацыд цалдæ р боны. Иу изæ р Амийы мад Замирæ тимæ хæ рхæ мбæ лд фестæ м.

— Цæ й бирæ зæ рдæ тæ бавæ рдтай нæ «нывгæ нæ гæ н», — худы. — Иу ран мæ нал уадзы, сæ рды, дам, мæ Багиимæ хохмæ ауадз.

— Гъемæ йын цы дзуапп дæ ттыс?

— Нæ зонын, цы загътон, дæ хæ дæ г сахъат лæ г æ мæ дæ тухийæ амардзæ н.

— Цымыдис æ мæ зæ рдæ ргъæ вд саби у, хатт æ м фæ зыны ас адæ ймаджы хъуыдытæ дæ р. Хъыгдаргæ та цы хоныс, æ ххуыс мын уыдзæ н, — хуыздæ р æ мбал мæ нæ хъæ уы... Стæ й дзы цалдæ р боны йеддæ мæ нæ фæ уыдзыстæ м.

— Гъемæ дæ куыд фæ нды, афтæ, — сразы Замирæ т. — Цæ уынмæ та кæ д хъавыс?

— Æ вæ ццæ гæ н, кæ хцгæ нæ ны мæ йы кæ рон: уæ д хæ ххон æ рдз чындздзон чызгау фæ лыст вæ ййы. Уыцы кары сывæ ллон та зæ рдылдараг у, æ мæ уадз, æ рдзы аив нывтæ, булæ мæ ргъы зарæ гау, цæ рæ нбонтæ м йæ зæ рдæ йы баззайой. Уыдон мысгæ йæ, сусæ г-æ ргомæ й йæ риуы гуырдзæ н сыгъдæ г монцтæ, æ хсызгон бæ ллицтæ.

— Цæ й, бузныг, Баги, нæ бонтæ ныл дзæ бæ хæ й цæ уæ нт, ныр та уал хæ рзизæ ртæ кæ н.

— Зæ рдырай у, Замирæ т, хорзæ й ныл æ рбон уæ д, — арфæ йын ракодтон.

Рæ стæ г цыд, бонтæ згъордтой. Ами мыл цал хатты æ мбæ лд, уал хатты мæ фарста: «Хохмæ кæ д цæ удзыстæ м? »

Уалынмæ æ рхæ ццæ нæ цæ уын афон. Райсомæ й æ хсæ з сахатыл бахызтыстæ м Уæ ллаг Зджыды автобусмæ. Уæ лладжыры комы Ами цымыдисæ й каст æ ндонриу хæ хтæ м æ мæ кæ лæ ддзаг къæ мбыртæ м, Æ рыдоны дон æ мæ фæ зилæ нтæ м. Цæ мæ йдæ рты-иу мæ афарста.

Автобус æ рлæ ууыд æ рзæ ткъахджыты цæ рæ н хæ дзæ ртты бæ рæ гастæ у.

— Ай та уын Уæ ллаг Зджыд! — райхъуыст шофыры хъæ лæ с.

Ахызтыстæ м æ мæ хæ рæ ндоны аходæ н скодтам. Цасдæ р ма афæ стиат стæ м, гъе стæ й бабадтыстæ м хæ ххон фæ ндæ гтыл арæ хсгæ рог хæ дтулгæ йы. Хъивоны æ фцæ гыл нæ аласта суанг Суарыкоммæ. Уырдыгæ й фалæ мæ фæ ндаг фæ ци лæ сæ нтæ, хуыры бын, æ мæ нæ хæ дтулгæ фæ стæ мæ аздæ хт, нæ хæ дæ г та Къæ хæ нтыл бахызтыстæ м Суарæ фцæ джы лæ гъзмæ. Нæ фæ ллад суадзæ м, зæ гъгæ, Бадæ н дурты фарсмæ кæ рдæ гыл нæ хи æ руагътам. Ами цымыдисæ й алырдæ мыты касти.

— Уæ д ацы стыр дуртæ ардæ м чи сласта? — фæ рсы.

— Ласгæ ничи, Ами. Уæ лæ нæ м цы урс хæ хтæ зынынц, уыдон кæ ддæ р ноджы бæ рзонддæ р уыдысты, æ мæ дзы иу тыхджын зæ ххызмæ лды заман рахауд бирæ стыр къæ рттытæ. Адон дæ р уыдонæ й сты. Се стырдæ ртæ та ныллæ ууыдысты мæ нæ фæ сбыл, Аргæ нæ ны лæ гъзы. — Архайдтон хуымæ тæ г ныхæ стæ й мæ хъуыдытæ бамбарын кæ ныныл.

— Уæ д ацы дуры фарс та дзыхъхъ цæ мæ н у?

— Уымæ й тулгæ -тулын фæ хаудта стыр къæ ртт æ мæ къуырфæ й баззад. Сæ рды-иу фыййæ уттæ сæ фыстæ ам дардтой, сæ хæ дæ г та хуыссыдысты ацы къуырфауы, хуыйны лæ гæ т.

— Ды дзы никуы хуыссыдтæ, Баги?

— Куыннæ, раст дæ цахъхъæ нæ й ам арвыстон дыууæ сæ рды.

— Æ мæ йын дуар куы нæ и, уазал дын нæ уыд?

— Мæ быны-иу хос кæ нæ фæ сал уыд, мæ уæ лæ та — нымæ т. Сæ рды ам дæ р уазал нæ вæ ййы.

— Иунæ гæ й-иу уыдтæ?

— Фылдæ р мæ фыд, кæ ннод нæ хъæ уккаг лæ ппу Сандыримæ. Иунæ гæ й дæ р-иу аззадтæ н.

— Иунæ гæ й? — бадис кодта саби, — æ мæ куыд уæ ндыдтæ?

— Немæ дыууæ дынджыр фыййау куыдзы уыди. Уыдон канд фысты дзуг нæ, фæ лæ мæ н дæ р хъахъхъæ дтой. Бирæ гътæ дæ р сæ м нæ уæ ндыдысты.

— Дæ фыд æ мæ уыцы Сандыр та кæ м цæ рынц?

— Уыдон æ гас нал сты, Ами, рухсаг уæ нт. Сандыр хæ стæ й нал раздæ хт, мæ фыд та йæ хи низæ й амард, — загътон æ мæ мæ худ систон.

Уыцы ныхæ стæ м саби арф ныуулæ фыд æ мæ хъæ рццыгъайæ тарст уæ рццау бахъус и, æ рæ нкъард.

Бахъæ лдзæ г æ й кæ нон, зæ гъгæ йын радзырдтон, кæ ддæ р мæ нанайæ цы «Зæ рватыччы аргъау» фехъуыстон, уый. Йæ рæ сугъд цæ сгомыл ахъазыд мидбылхудт.

— Баги, иннæ дуртæ ардæ м дард сты? — афарста хъæ лдзæ гæ й.

— На-а, уæ лæ фæ скъуылдым.

— Цом-ма, фенæ м сæ, — уырдыг алæ ууыд Ами.

— Æ з кæ ддæ р сæ уындæ й дæ р схъыг дæ н, фæ лæ цом, фенæ м та сæ, — фестадтæ н æ мæ кæ рдæ гджын лæ нкауты ссыдыстæ м мæ къуылхуыз къуыбырмæ. — Уæ ртæ сæ уыныс.

— Цас дынджыр дуртæ, — бадис кодта саби. — Лæ гæ ттæ дæ р дзы ис?

— Ис, цалдæ р.

— Уым дæ р хуыссыдтæ?

— Куыннæ. Уæ ртæ стыр тъæ пæ н дур уыныс? Уымæ н йæ быны лæ гæ т и, йæ сæ р та — фондзсæ дæ фысы кæ м цæ уы, ахæ м егъау фæ згонд. Изæ рæ й дæ дзуг уырдæ м баскъæ р, дæ хæ дæ г æ нæ мæ тæ й лæ гæ ты схуысс. Фосæ н дзы нæ бирæ гъæ й тас у, нæ давынæ й.

— Сæ уæ ле цы бæ рзонд хох и, — амоны чызг йæ къухæ й, — йæ фарсмæ та цъиутæ ратæ х-батæ х кæ нынц.

— Уый цæ ргæ сты хох хуыйны, йæ бынмæ чи зилы, уыдон та цæ ргæ стæ сты. Сæ ахстæ ттæ дæ р уым аразынц. Кæ сыс, сæ уæ зæ гмæ хæ стæ г зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н хъазынц арвы уæ рæ х тыгъдады.

— Уæ дæ уа-а-артæ уыцы урсытæ цы сты? — амоны Газийы къахыры бынмæ.

— Уыдон та колхозы фысты дзуг, сæ фале бæ хъилæ г дуры сæ р бадынц сæ дыууæ фыййауы.

— Æ мæ æ хсæ в кæ м вæ ййынц?

— Мæ нæ стыр тъæ пæ н дуры сæ р.

Ами дисгæ нгæ каст хæ хтæ, кæ мттæ, сæ рвæ ттæ м. Фарста мæ сæ нæ мттæ й.

— Баги, цæ й æ мæ иу лæ гæ ты бахсæ виуат кæ нæ м, аргъæ уттæ дæ р мын ракæ ндзынæ, — загъта циндзастæ й.

— Махæ н ам лæ ууæ н нæ й, Ами: нæ нæ м нымæ т и, нæ хъарм дзаума æ мæ суазал уыдзыстæ м. Хъæ утæ нæ м — хæ стæ г, нæ изæ р уырдæ м ныххæ сдзыстæ м.

— Уæ д та æ ндæ р хатт нымæ т рахæ ссæ м æ мæ дæ лæ Бадæ н дуры лæ гæ ты иу æ хсæ в баззайæ м, — куырдта чызг.

— Гъемæ хорз, ныр та уал сабыргай нæ фæ ндаг дарæ м.

Суарæ фцæ джы цæ гатвæ рсты лæ гъзæ рыл фæ уырдыг кодтам. Ами цæ угæ -цæ уын ахста цъысцъысæ гтæ, гæ лæ бутæ, ратыдта-иу дидинджыты рæ сугъддæ ртæ. Фарста мæ сæ нæ мттæ й...

Хæ фæ лыгæ й Харбиаты доны сæ рты бахызтыстæ м Æ хсиаджы райдзаст фæ змæ.

— Ацы дон хъæ р цæ мæ н кæ ны? — фæ рсы та чызг.

— Йæ цæ уæ н къул æ мæ дурджын кæ й у, уымæ н, — радтон цыбыр дзуапп.

— Ардæ м та кæ цæ й цæ уы?

— Уæ лæ цъититæ й æ мбæ рзт хæ хты бынæ й. Ихтæ, миттæ тайынц, æ мæ дурцæ ндтæ, æ ххæ лты сæ дон ахъары. Бынæ й иу ран æ рæ мбырд вæ ййы æ мæ йæ бынаты куы нал фæ цæ уы, уæ д искæ цæ й стоны æ мæ уырдыгмæ згъоры. Ацы дон дæ р гъе афтæ.

— Ардыгæ й та кæ дæ м уайы?

— Ацæ уы кæ мтты. Фыццаг йæ хиуыл бафты цалдæ р суадоны, стæ й та йæ хæ дæ г сæ мбæ лы стырдæ р донимæ æ мæ ноджы тынгдæ р хъæ ргæ нгæ згъоры нарæ г кæ мттыл.

Ныххæ ццæ стæ м Æ хсиаджы хæ лд хæ дзæ рттæ м.

Кæ ддæ ры къаннæ г хъæ уæ н ма æ вдисæ нтæ н баззадысты æ рдæ гхæ лд мæ сыг æ мæ чъырын.

— Ам дæ р исчи цардис? — амоны сæ м.

— О, ам 200 азы размæ уыдис хъæ у. Мæ сыг æ мæ чъырыны цардысты хъæ здыг Абысалтæ. Сæ дæ лбар зæ хкусджытæ та фитæ хсыдысты дæ лæ къардиуы былыл, ныллæ г зæ хбын къæ сты. Исты тыхгæ нджытæ -иу сæ м куы ныббырстой, уæ д-иу Абысалтæ сæ хæ стæ джытимæ сæ хиуыл æ фсæ н дуæ рттæ сæ хгæ дтой. Уæ лæ мæ сыджы топпуадзæ н хуынчъытæ й та се знæ гты æ хстой.

— Дон æ мæ сын кæ рдзын та кæ м уыди? — æ рбакаст мæ м чызг.

— Мæ сыг æ мæ чъырыны бын уыдис егъау ныккæ ндтæ. Дзаг уыдысты нозт æ мæ хæ лцæ й. Мæ нæ сæ фæ рстæ м цы дыууæ доны цæ уы, уыдонмæ та бынты сарæ зтой сусæ г цæ уæ нтæ.

— Æ мæ дзы талынг нæ уыд?

— Уæ ды заманты электрон рухс нæ ма уыд, артдзæ ст æ мæ цырагъæ н та дардтой чъиуджын нæ зы, стæ й хусгонд бæ рзы æ хсныфтæ.

— Æ мæ дуарæ хгæ дæ й бирæ цардысты?

— Цалынмæ -иу знæ гты нæ фæ сырдтой, йе сæ амæ ттаг нæ баисты, уæ дмæ.

— Цы зын цæ рæ н сын уыд, Баги... — банкъуыста чызг йæ сæ р.

— Тынг зын, Ами, ноджы ма-иу сыл афонæ й-афонмæ фæ зынд уæ ззау хæ цгæ низтæ: емынæ, халер, фадынæ г, хъотыр... Бирæ хъæ утæ, бирæ мыггæ гтæ -иу сыскъуыдысты, сæ фос, сæ мулк та-иу бирæ гътæ, къæ рныхты амæ ттаг баисты.

— Уæ д сæ дохтыртæ кæ м уыдысты?

— Уыцы рæ стæ г дохтыртæ нæ уыд, Ами.

— Цæ уылнæ?

— Ацы æ вадат хæ хты цæ й скъолатæ æ мæ цæ й ахуыргæ ндтæ уыд. Ам нæ фыдæ лтæ сæ хи æ мбæ хстой тыхгæ нджытæ й.

Чызг цасдæ р сæ ццæ лæ уд кодта, стæ й хъæ ды ’рдæ м йæ хи азылдта.

— Уый Æ хсиаджы хъæ д у, Ами. Зайы дзы лыстæ г бæ рз, хæ рис æ мæ ифстаг цъуйы талатæ. Кæ ддæ р дзы сау хъæ д уыд æ мæ хохæ гтæ стыр бæ лæ стæ суг æ мæ хæ дзæ рттæ аразынæ н фæ калдтой. Ныртæ ккæ ма хъæ уты цы къордгай цæ рджытæ баззад, уыдон дзы сæ рды цæ ттæ кæ нынц уæ лтæ уттæ, уæ рдæ хтæ æ мæ мæ хъитæ. Хъæ ды æ рдузты, йæ рæ бынты зайы бирæ халсартæ æ мæ гагадыргътæ: мæ цкъуы, саунæ мыг, æ рыскъæ ф, сыхсы, скъамо, мæ ртатыкк, скъуда, сæ нк...

Ахызтыстæ м та Харбиаты доны рахиз фарсмæ. Бæ рæ гхуымтæ й Сауадагыл фæ цæ уæ м Æ ндæ ргъæ утæ м. Иу саппы сæ р Ами йе ’ргом аздæ хта Донысæ ры хæ хтæ м.

— Баги, кæ с-ма, ахæ м хур бон хæ хты сæ рыл та мит и.

— Уый их у, Ами, сæ рд дæ р никуы тайы.

— Уæ дæ мит махмæ куы батад.

— Махмæ ныллæ джы хъарм у, фæ лæ хæ хсæ ртты æ дзух зилынц уадтымыгътæ æ мæ æ врæ гътæ. Куыдуæ лæ мæ арв уазалдæ р у æ мæ мит ныйих вæ ййы. Цъититæ та тайгæ кæ нынц куы загътам, æ рмæ ст сыл уыйхыгъд мит æ фты æ мæ мингай азты дæ ргъы ихзæ йтæ н бадынц хæ хты цъуппытыл. Нæ химæ нæ м Сæ найы урс сæ р куы фæ зыны, нæ йæ феныс?

— Уый фенын, фæ лæ дзы цæ ргæ та чи кæ ны?

— Цъитийы сæ рыл цæ рæ н нæ й, сæ дымджыты та бирæ дзугтæ й хизынц дзæ бидыртæ, ис дзы зымтæ, хуыргæ рчытæ, æ мæ суанг тугдзых мысытæ дæ р... Сæ рды та дзы сæ мбæ лæ н ис цæ ргæ стæ, сынтытæ æ мæ цъиусуртыл дæ р.

— Уæ д хæ ргæ та цы фæ кæ нынц?

— Дзæ бидыртæ, зымтæ, хуыргæ рчытæ сæ рд хизынц кæ рдæ гыл, зымæ г та миты бынæ й къахынц фæ сал, хъуына, уидæ гтæ. Тугдзых мысытæ та сæ рдæ й, зымæ гæ й уыдоныл цуан кæ нынц. Сæ рддон мæ ргътæ та иуæ й лыстæ г цъиутæ ахсынц, иннæ мæ й, зæ йтæ цы сырдты нынныгæ нынц, уыдон холытыл зилынц. Хатт дзæ бидырты сæ ныччыты дæ р ахæ ссынц... Афтæ, гъе, Ами, чи зынтæ, тухитæ й цæ ры, чи та йæ тых, йæ налатдзинады фæ рцы.

Дзыбандыгæ нгæ ахызтыстæ м кæ ддæ ры ауджын хуымтыл сæ рвæ тмæ. Нæ хи æ руагътам рагон хæ лд ингæ ны рæ дзæ гъд дурты фарсмæ.

— Адон ардæ м чи æ рбахаста? — амоны чызг фыдæ лтыккон карст дуртæ м.

Ахæ м фарстмæ не ’нхъæ лмæ кастæ н, фæ лæ сывæ ллон цымыдис у, сайын та йæ нæ хъæ уы. Уый зæ рдылдаргæ йæ, дзуапп раттын хъуыд.

— Ехх, Ами, ацы дурты тыххæ й мын куыд зын радзурæ н у, уый куы зонис, — арф ныуулæ фыдтæ н.

— Уæ д, цæ мæ н, Баги, алцыдæ р мын æ хсызгонæ й куы фæ дзурыс?

Цы ма загътаин. Дуртæ й цалдæ р астæ умæ батылдтон, цасдæ р сæ бабæ стон кодтон, сæ иуыл æ рбадтæ н æ мæ æ рымысыдтæ н, сæ дæ фæ ндзай азы размæ цы фыдбылыз æ рцыд, уый.

— Цæ виттон, 200 азы размæ Уæ лладжыргомы Æ рхонæ й мæ рагфыдæ л Быре йæ дыууæ æ рыгон хоимæ Хъивоны æ фцæ гыл æ рхызт æ мæ æ рæ нцад, æ рдæ бон цы мæ сыг æ мæ хæ лд хæ дзæ рттæ федтам, уым. Иу-дыууæ азы фæ стæ адæ мыл сыстад æ гъатыр хæ цгæ низ — емынæ. Уыцы иу бон амардысты дыууæ хойы, æ мæ сæ æ фсымæ р бавæ рдта сæ бакомкоммæ Гомбалдуры дæ лфæ д иу ингæ ны. Бырейæ н йæ хоты мæ стæ й Æ хсиаджы йæ цард ад нал скодта æ мæ цæ рынмæ ацыд, мæ нæ ныр цы хъæ умæ бахæ ццæ уыдзыстæ м, уырдæ м. Хæ дзар дзы сарæ зта, ус ракуырдта æ мæ цæ рынтæ райдыдтой. Рацыд сын авд лæ ппуйы æ мæ дыууæ чызджы. Азтæ згъордтой, æ мæ цот æ ххуысхъом фесты. Сæ хуымтæ й иу уыд уартæ стыр саппы бын. Хорз дзы задис хохаг хъæ дур, хъуыдалы æ мæ сысджы. Æ рæ гвæ ззæ г дыууæ хойы æ мæ дыууæ кæ стæ р æ фсымæ ры æ хсырфытæ й карстой сæ хоры хуым. Фæ ссихор лæ ппутæ уыгæ стæ й бæ къуæ лтæ самадтой... Уалынмæ арв сау мигътæ й æ рбахгæ дта, арвы хъæ ртæ кæ мтты анæ рыдысты, æ рттиваг цæ стытæ къахта, æ мæ уайтагъд сыгкъæ вда ныккалдта. Лæ ппутæ хоты уыгæ сты бын абадын кодтой, куыристæ й сæ æ рæ мбæ рзтой, сæ хæ дæ г фæ йнæ бæ къуæ лы рæ бын балæ ууыдысты. Кæ стæ р лæ ппу, æ стдæ саздзыд Баби, цы бæ къуæ лы фарсмæ лæ ууыд, уый арв æ рцавта. Лæ ппу дзыхъмард фæ ци, бæ къуæ л дæ р басыгъд. Сыгъдæ тты разынд рæ хыс. Абон дæ р сæ фт нæ у. Марды баныгæ дтой мæ нæ ам. Адон та йæ цырты дуртæ сты.

— Æ мæ йæ иунæ гæ й цæ мæ н бавæ рдтой, уæ лмæ рд дзы нæ й? — афарста чызг.

— Зоныс, Ами, уæ д адæ м талынг уыдысты æ мæ сæ м бирæ мæ нгуырнындзинæ дтæ уыд. Арвы цæ фæ й-иу чи фæ мард, уый уæ лмæ рды не ’вæ рдтой, ома тæ ригъæ дджын у, хуыцау æ й йе стыр дурæ й æ ргæ рах ласта, æ мæ йын рæ стытимæ æ вæ рæ н нæ й, зæ гъгæ... Æ нахуыр уæ нгуыты-иу уæ рдоны, кæ ннод дзоныгъы баифтыгътой, сæ вæ рдтой-иу дзы æ рвдзæ фы æ мæ -иу сæ уæ гъдибарæ й ауагътой. Кæ м æ рлæ ууыдаиккой, марды-иу уым баныгæ дтой. Ам дæ р гъе афтæ рауад. Марды уæ лхъусмæ хуыдтой æ рыгон чызджытæ æ мæ лæ ппуты. Зæ ронд лæ г сæ разæ й, афтæ мæ й-иу марды алывæ рсты цалдæ р хатты æ рзылдысты цоппайы зарæ г кæ нгæ. Æ рвдзæ фыл кæ угæ нæ кодтой, уæ д, дам, судзгæ кæ ны.

— Кæ уыны бæ сты заргæ? Æ мæ куыд зарыдысты? — дисы бацыд Ами.

— Афтæ, зарыдысты... Хъуыды ма дзы кæ нын мæ нæ ахæ м ныхæ стæ:

 

Цæ й, цоппай -цоппай, æ рвдзавды цоппай,

Цоппай- цоппай, бæ ркады цоппай,

Цоппай-цоппай, нæ хуыцауы тыххæ й,

Цоппай-цоппай, нæ дзуары тыххæ й,

Цоппай-цоппай, алайы цоппай,

Уæ й, цоппай, æ лдары цоппай,

Уæ й, цоппай, бæ сты хорзы цоппай...

 

Гъе ахæ м зарджытæ -иу кодтой алы æ рвдзæ фыл дæ р. О, ноджы сын амонæ г хистæ р дзурын кодта раздæ ры æ рвдзæ фты мыггæ гтæ. Æ рыгон чызджытæ æ мæ лæ ппуты та уымæ н кодтой æ мæ, дам, уыдон сыгъдæ г зæ рдæ, сыгъдæ г уды хицæ уттæ сты, хуыцау, дам, уыдонмæ байхъусдзæ н æ мæ «тæ ригъæ дджын» æ рвдзæ фæ н ныххатыр кæ ндзæ н, дзæ нæ тмæ йын фæ ндаг ратдзæ н... Лæ джы-иу арв кæ м ныццавта, кæ м-иу æ й баныгæ дтой, уымыты та æ ргæ встой урс уæ рыччытæ кæ нæ сæ ныччытæ. Сæ цæ рмттæ та-иу сын даргъ хъилтыл тыгъдæ й арвы æ рцæ вæ ны, йе йæ цыртыл æ рсагътой. Æ рвдзæ фы ингæ нмæ -иу мыггаджы сылгоймæ гтæ æ рвылаз уалдзæ джы цыдысты æ хсыр, дзыкка æ мæ чъиритимæ... Уый та дын ацы æ рвдзæ фы хабар.

— Аргъæ утты хуызæ н диссæ гтæ, — ныдæ мæ й загъта чызг.

Фæ цæ уæ м дарддæ р. Бахæ ццæ стæ м Къæ мынты Уациллайы бынмæ.

— Ацы чысыл хæ дзары та чи цæ ры? — амоны йæ м.

— Цæ ргæ ничи, уый Уациллайы кувæ ндон у.

— Уацилла та чи у?

— Нæ фыдæ лтæ йæ арвы нæ рд æ мæ тыллæ джы бардуаг хуыдтой. Иуæ й арвы хъæ р, арвы цæ фæ й тарстысты, иннæ мæ й тыллæ гхъуаг æ ййæ фтой æ мæ йæ м æ ххуысæ нхъæ л куывтой.

— Æ мæ сын æ ххуыс кодта?

— Цæ й æ ххуыс æ мæ цæ й æ ндæ р, кæ д æ мæ Уацилла, ничи æ мæ ницы у, уæ д. Арв дæ р сæ цавта, æ ххормаг дæ р уыдысты... Бынтон та сæ хæ цгæ низтæ цагътой.

— Уæ дæ йæ м цæ мæ н куывтой? — ныллæ ууыд мæ м чызг.

— Цæ мæ н куы зæ гъай, уæ д цыдæ р фæ литой, «дæ снытæ » æ мæ дингæ нджытæ сайдтой талынг адæ мы, кувут, дам, уæ зæ ды хаймæ, йæ номыл ын кусæ рттæ кæ нут æ мæ уын уæ фыдбылызтæ сафа.. Ахæ м гæ ды ныхæ стыл бирæ тæ æ ууæ ндыдысты сæ дæ гай, мингай азты дæ ргъы. Мах заманты та адæ м ныллæ ууыдысты ахуыры фæ ндагыл, базыдтой æ рдзы миниуджытæ, арв æ мæ зæ ххы сусæ гдзинæ дтæ, суанг ма мæ й æ мæ иннæ дард планетæ тæ м дæ р тæ хынц. Ныр та арвы цæ фы æ ууæ лтæ, Уацилла, кувæ ндæ ттыл ничиуал æ ууæ нды. Рох дæ р ма фесты.

Байгом кодтам Уациллайы кувæ ндоны дуар.

— Цас стджытæ дзы ис, — бадис кодта ме ’мбæ лццон.

— Уыдон Уациллайы номыл цы кусæ рттæ фæ кодтой, уыдон сыкъатæ æ мæ сæ ры стджытæ сты.

Уырдыгæ й бацыдыстæ м Хъæ ргæ нæ ны тигъмæ.

— Дæ лæ цас дуртæ æ мæ хæ лд хæ дзæ рттæ, — амоны хъæ умæ.

— Уый Къæ мынты хъæ у у. Иу-60 азы размæ дзы цард 70 хæ дзары бæ рц, фæ лæ иугай-дыгай фæ лыгъдысты горæ ттæ, быдыры хъæ утæ м. Баззад ма дзы авд хæ дзары — чысыл сых.

— Баги, æ мæ ацы хъæ уы цардтæ?

— О, æ з ам райгуырдтæ н. Авд къласы дæ р ам фæ дæ н. Кæ д дзы мæ сабибонтæ гæ взыкк-уырыдæ й арвыстон, уæ ддæ р мын фыдыуæ зæ г адджын, зынаргъ у, суанг ма фыны дæ р ам вæ ййын... Баззад мын дзы хæ стæ джытæ, хæ лæ рттæ, уарзон æ рдзы къуымтæ. Æ рвылаз дæ р сæ иу-дыууæ хатты бабæ рæ г кæ нын.

Нæ хи сабыргай ныйистам хъæ умæ. Чысыл хъæ убæ стæ ныл тынг бацин кодтой. Зæ рдиаг еблагъуæ загътой сæ цæ хх, сæ кæ рдзынмæ. Уалынмæ хур дæ р фæ схохмæ ныххызт. Мæ фыдæ лты уæ зæ гыл арвыстам нæ фыццаг адджын æ хсæ в.

Сæ умæ йæ, цалынмæ ма ме ’взонг æ мбæ лццон фынтæ уыдта, уæ дмæ азылдтæ н хæ стæ г сæ рвæ ттæ æ мæ уыгæ рдæ нтыл. Æ рбахастон цалдæ р басты рæ сугъд дидинджытæ. Уалынмæ Ами дæ р фестад. Дидинджытыл мыдыбындзау бацин кодта. Дыууæ басты дзы радта фысымты бархъомдæ р чызджытæ н, иу та ныууагъта йæ хицæ н.

Æ мбисонды райдзаст бон: никуы иу æ врагъ, иу мигъы къæ м. Хур йæ сæ вджын тынтæ нывæ ста хохæ й-хохмæ, комæ й-коммæ. Цъититы равзæ рæ г уахъæ з адæ ймагыл мадау узæ лыд, базырджын æ й кодта. Нарæ г кæ мттæ й раирвæ зæ г тæ лтæ г дæ ттæ -иу уахъæ зæ н цадæ г бахъырныдтой. Уæ збазыр цæ ргæ стæ, уадхаст æ врæ гътау, ленк кодтой арвы æ гæ рон тыгъдады. Сырхбыл зæ рватыччытæ сæ хæ лар сауцъиутимæ бадтысты телыхъæ дтæ æ мæ зынгхуыст хæ стонты номыл сагъд бæ лæ стыл æ мæ нæ рæ вдыдтой сæ цины зарджытæ й. Кæ рдæ г æ мæ дидинджыты хæ рздæ ф ахъардта уæ лдæ фы æ мæ улæ фæ нтæ н лæ вæ рдта æ нахуыр æ хсызгондзинад. Уæ нгтæ сæ хи мидæ г хъазыдысты. Ахæ м сахат адæ ймаг бабæ ллы цæ ргæ сы базыртæ м, цæ мæ й æ рзила хуры хæ тæ нты, мæ йы цæ уæ нты, стъалыты тæ хæ нты, бафсæ да æ рдзы, дунейы уындæ й. Чи нæ ракæ ндзæ н ахæ м сахат æ рдзæ н зæ рдиаг арфæ...

 

Æ рдз, цы рæ сугъд дæ

Хæ хты райсомæ й,

Ды бæ ллиццагдæ р

Махæ н уарзонæ й...

 

Мæ чысыл хæ лар бæ сты рæ сугъддзинадмæ кастис дзаг цæ стæ й, парахат зæ рдæ имæ. Йæ аив цæ сгомыл хуры тынау хъазыд мидбылхудт. Хатт-иу дзы сирвæ зт æ хсызгон ныхæ стæ: «Ам цы хорз у, Баги, ардæ м-ма æ рцæ уæ м цæ рынмæ... »

— Хорз, Ами, фендзыстæ м, ныр та уал бауайæ м скъоламæ дæ р. Фен, ахуыр кæ нын кæ м райдыдтон, уыцы кълас.

Хъæ уы бын — дыууæ уæ ладзыгон къаннæ г агъуыст — скъола. Арæ зт æ рцыд 1900 азы. Ахуыр дзы кодтой цалдæ р фæ лтæ ры. Йæ ахуырдзаутæ й бирæ тæ систы зынгæ æ хсæ надон кусджытæ, ахуыргæ ндтæ, намысы лæ гтæ. Уыдонимæ — Арсæ гты Горга, Дзылыхты Иван, Цопанты Осепп, Мамыкъаты Гришæ æ мæ Хаджумар, Хъалаты Симон...

Бахызтыстæ м, иу-14–16 партæ йы кæ м цæ уы, уыцы райдзаст къласмæ. Ами йæ цæ ст ахаста партæ тыл, стæ й фыссæ н фæ йнæ гмæ бацыд, ссардта мелы къæ ртт æ мæ хæ ххытæ кæ ныныл фæ ци. Æ рæ джиау мæ афарста:

— Баги, махæ н дæ р ахæ м партæ тæ уыдзæ н?

— Адон рагон сты, сымах та баддзыстут джиппыуагъд урс-урсид партæ тыл.

— Æ мæ дæ ахуыргæ нæ г та чи уыд?

— Мæ фыццаг ахуыргæ нæ г нæ хи хъæ уккаг уыд, рухсаг уæ д, æ гас нал у.

— Уарзтай йæ, Баги?

— Куыннæ, йæ фыццаг зондамонæ джы та чи нæ уарзы... Уый нæ сахуыр кæ ны кæ сын, фыссын, хи дарын æ мæ æ гъдауыл... Гъе фæ лæ йæ ахуырдзаутæ æ мæ хъæ убæ сты фæ сивæ дæ н сæ фылдæ р баззадысты хæ сты быдыры. Æ дæ ппæ т 85 æ рыгон лæ ппуйы. Хъæ убæ стæ сын мæ нæ скъолайы кæ рты сæ вæ рдтой цыртдзæ вæ н. Ардæ м куы зыны, цом хæ стæ гмæ йæ фенæ м.

Лæ ууæ м хохаг карст дурæ й астæ рд тымбыл цыртдзæ вæ ны раз. Йæ фарсыл зынгхуыстты номхыгъд. Йæ фæ йнæ фарс — нæ зытæ, бæ рзытæ, донхæ ристæ. Бæ лæ сты цъуппытыл цъыбар-цъыбур кæ нынц сауцъиутæ, чъырттымтæ æ мæ сырддонцъиутæ.

— Гъе, мæ чысыл дзыгына, уый та дын хæ сты фæ стиуджытæ...

— Кæ д хæ сты маргæ кæ нынц, Баги, уæ д цæ мæ н фæ хæ цынц?

— Хæ ст адæ мы бæ ргæ нæ хъæ уы, фæ лæ иуæ й-иу æ нæ фсис стыр хицæ уттæ ныббырсынц сæ хицæ й лæ мæ гъдæ р бæ стæ тæ м æ мæ сын байсынц сæ исбон, сæ зæ ххытæ, сæ хæ дæ г та бацахсынц ноджы стырдæ р бынæ ттæ — паддзахы къæ лæ тджынтæ.

— Баги, æ мæ уыцы налат хицæ уттæ сæ хæ дæ г дæ р фæ хæ цынц?

— Уыдон хатт хæ сты быдыр уынгæ дæ р нæ фæ кæ нынц, фæ лæ сæ дæ лбар адæ мты кæ рæ дзиуыл сардауынц æ мæ сæ м дард кæ цæ йдæ р «размæ, размæ! », стæ й «маргæ, маргæ! » хъæ р кæ нынц. Афтæ мæ й æ наххос адæ мтæ кæ рæ дзийы ныццæ гъдынц, Цытмондаг лæ гсырдтæ й чи фæ уæ лахиз вæ ййы, уый та ног ныббырсы йæ хицæ й лæ мæ гъдæ ртæ м.

— Æ мæ уыцы фыдгæ нджытæ н сæ хи цæ уылнæ марынц?

— Маринаг куыннæ сты, фæ лæ æ ппæ т бартæ й уæ лдай марæ н кард æ мæ топп сæ хи къухты сты æ мæ сын кæ й бон цы у.

Чызг уыцы сагъæ схуызæ й йæ цæ ст ахаста рæ гътыл.

Уырдыгæ й ацыдыстæ м хъæ уы сæ рмæ. Уым, фæ згонды сты хъæ уы уæ лмæ рд æ мæ цалдæ р обауы дæ р.

Фыдæ лты уæ лмæ рд фæ ци хæ мпæ лгæ рдæ джы бын, нæ й йæ м иу базилæ г. Цыртдзæ вæ нтæ мын цыма уайдзæ ф кодтой, уыйау гуыбыртæ, зылынтæ й лæ ууыдысты. Æ з «рухсаг ут» загътон, хиуæ ттæ, хæ стæ джыты цыртыты къæ йдуртыл мæ къух бавæ рдтон, æ мæ мæ ныййарджыты ингæ нты раз лæ угæ аззадтæ н. Мæ цæ ссыгтæ мæ нал бафарстой, зæ рдæ схъуырмæ... Ами мæ м фæ стæ ты æ рбацыд.

— Кæ й цырты раз лæ ууыс, Баги? — афарста.

Аивæ й мæ цæ ссыгтæ дысалгъæ й асæ рфтон æ мæ, къæ йдурыл фыстытæ м кæ сгæ йæ, загътон:

— Адон мæ мад æ мæ мæ фыды ингæ нтæ сты, Ами, фæ лæ уæ ддæ р мад, мад. Уымæ н æ мбал дзы нæ й... Мæ н æ мæ мæ цæ рынхъуаг æ фсымæ рты мæ стæ й мæ рдтæ м ацыд афонæ й раздæ р. Бирæ тухитæ, бирæ зынбонтæ федта царды махæ н та ныууагъта йæ зæ рдæ, йæ къухты хъарм, йæ хорз миниуджытæ; сахуыр нæ кодта фæ ллой æ мæ рæ стдзинад уарзыныл.

— Бирæ йæ уарзтай, Баги? — айвæ зта чызг мæ къурткæ йы фæ дджи.

— Тынг бирæ, мæ чысыл дзиба, йæ къам дæ р мæ химæ вæ ййы, арæ х æ м æ ркæ сын... Æ мæ ды дæ мады нæ уарзыс?

— Куыннæ ма, уымæ й фылдæ р никæ й уарзын, — йæ цæ сгомыл ахъазыд æ нахуыр æ хсызгондзинад. — Равдис-ма дæ мады къам.

Систон къам.

— Ай дын мæ мад 19-аздзыдæ й, йæ фарсмæ — йæ фыды æ фсымæ ры 15-аздзыд чызг, йæ разы нæ ууыл та — йæ фæ ндыр. Ацы хуызистыл цæ уы 80 азы.

— Æ мæ дæ мад кæ д амард?

— Раджы, 40 азы размæ.

— Цас рæ стæ г рацыд, уæ ддæ р æ й куыд бирæ уарзыс, — æ дзынæ г каст саби къаммæ. — Æ мæ цæ гъдын дæ р зыдта?

— Тынг хорз, Ами, хъæ убæ сты чындзæ хсæ втæ æ мæ циндзинæ дтæ æ нæ уый фæ ндырдзагъдæ й нæ фидыдтой. Сыхаг хъæ утæ м дæ р æ й арæ х агуырдтой... Æ з ыл иу чысыл æ мдзæ вгæ дæ р ма æ рхъуыды кодтон.

— Æ мæ кæ м ис?

— Мадау мæ зæ рдæ йы.

— Радзур-ма йæ уæ дæ.

— Кæ д дæ афтæ фæ нды, уæ д хъус:

 

Мæ мад уыд хур,

Йæ тынтæ й мæ рæ вдыдта.

Мæ мад уыд мæ й,

Æ хсæ в мыл дзуар æ фтыдта.

Мæ мад уыд зæ д,

Хызта-иу мæ рын-сонæ й.

Бæ стырæ сугъд, —

Мæ цин æ хсæ вæ й-бонæ й.

Кæ д нал ис ныр,

Уæ ддæ р мæ нæ н æ гас у.

Ныр дæ р зæ гъы

Йæ хъæ булæ н «æ гас цу»...

 

— Дæ зæ рдыл æ й куыд хорз дарыс, Баги?

— Уæ дæ, мадæ н рохгæ нæ н нæ й.

Чызг фæ комкоммæ рагон обаумæ.

— Ай хæ дзар у æ ви мæ сыг?

— Уый обау у, Ами.

— Обау та циу?

— Циу куы зæ гъай, уæ д, бирæ мæ рдтæ æ вæ рд кæ м и, ахæ м хæ дзаргонд.

— Мæ рдты иумæ дæ р февæ рынц, Баги?

— Ацы обæ уттыл цæ уы сæ дæ гай азтæ. Уæ ды заман-иу хæ цгæ низтæ й канд бинонтæ нæ, фæ лæ æ нæ хъæ н мыггæ гтæ дæ р цагъды фесты. Хатт-иу къорд сыхаг хъæ уы дæ р сыскъуыдысты. Уый зонгæ йæ -иу мыггаг кæ нæ хæ стæ джытæ рагагъоммæ æ мдых-æ мзондæ й сарæ зтой иу-дыууæ обауы. Бирæ гæ йттæ й-иу куы æ ррынчын сты, уæ д, ныгæ нæ г нæ куы нал фæ уа, нæ мæ рдтæ куыйтæ, сырдты амæ ттаг куы фæ уой, зæ гъгæ, цæ рдудæ й хызтысты обæ уттæ м. Цалынмæ -иу æ гас уыдысты, уæ дмæ сын, чи нæ ма фæ рынчын, йе низæ й чи фервæ зт, уыдон хастой хæ ринаг.

— Баги, уæ дæ ацы обауы цал марды ис?

— Ам уæ ладзгуытæ, тæ рхæ джытæ бирæ уыд æ мæ дзы сæ дæ йы бæ рц ис. Мæ нæ стыр тъæ пæ нсæ р ингæ нты 10–20-гай мæ рдтæ й фылдæ р нæ й. Уыдон та зæ ппæ дзтæ хуыйнынц.

— Цы тæ ригъæ д уыдысты, — бахъынцъым кодта саби.

— Ноджы — бæ гънæ г, æ ххормаг, чъизи цард — хæ цгæ низты æ мцæ дисонтæ... Уартæ хуссары фондз сыхы хъæ ууæ ттæ м нæ кæ сыс, сæ бæ рæ гастæ у та иу-æ ртиссæ дз зæ ппадзæ й фылдæ р. Цалдæ р раны та дзы — уæ лмæ рдтæ.

— Уæ дæ мæ рдтæ й, æ гæ стæ й чи фылдæ р у, Баги?

— Æ вæ ццæ гæ н, мæ рдтæ.

— Уыдон æ гас куы фестиккой, Баги, уæ д цас уаиккой, — йæ къухыл хæ рдмæ схæ цыд чызг.

— Бæ ргæ, бæ ргæ, нæ ныййарджытæ, нæ рагфыдæ лты фениккам... Уæ вгæ утæ ппæ т адæ м кæ м бацæ уиккой.

— Баги, æ мæ обæ уттæ, зæ ппæ дзтæ м чи бахызт, уыдонæ й фæ стæ мæ ничиуал рацыд?

— Уыдис, чи æ рдзæ бæ х æ мæ обауæ й чи рахызт, ахæ мтæ дæ р, æ рмæ ст искуы иутæ.

— Цы хорз уыди, — фæ хъæ лдзæ гдæ р Ами. — Æ мæ мæ лын зын у, Баги?

— Ницы зын у. Мах æ хсæ вы бафынæ й вæ ййæ м, райсомæ й та фестæ м. Чи амæ лы, уый та нал райхъал вæ ййы... Обæ уттæ, зæ ппæ дзты дæ р-иу рынчынтæ æ хсæ вы бахуыссыдысты, райсомæ й нал райхъал сты.

Саби йæ мидхъуыдыты аныгъуылд æ мæ ныхъхъус и.

Нæ хи байстам рагъмæ: дæ лæ рагон Гæ лиаты хъæ у. Æ нусы размæ дзы цардис сæ дæ хæ дзарæ й фылдæ р. Баззад ма дзы фынддæ сы бæ рц. Цы авд мæ сыджы дзы уыд, уыдонæ й ма ис дыууæ, иннæ тæ даргъ æ нустæ æ мæ фыдгæ нæ г адæ ймæ гты аххосæ й зæ ххæ мвæ з систы. Сæ рагон уæ лмæ рды алыварс та — цалдæ р обауы æ мæ бирæ зæ ппæ дзтæ. Ам дæ р сæ м зилæ г, кæ сæ г нал и æ мæ азæ й-азмæ хæ лгæ цæ уынц. Чи зоны, иу-50–100 азы фæ стæ сæ кой дæ р мауал уа...

— Уыцы рæ сугъд мæ сгуытæ чи сарæ зта, уыдон нæ зоныс, Баги? — фæ рсы та саби.

— Уыдон ничи зоны. Куы ма дын дзырдтон, рагзаманты нæ фыдæ лтæ æ нахуыргонд уыдысты, фæ лæ сæ м бирæ уыд зондджын лæ гтæ, хæ дахуыр æ рмдæ снытæ, кадæ ггæ нджытæ...

Нæ уæ ззау, не ’нкъард ныхас цасдæ р фæ зынд мæ чысыл æ мбæ лццоны ахаст, йе ’нкъарæ нтыл, æ мæ йæ химæ ныхъхъуыста. Æ з ын йе ’ргом, йæ хъуыдытæ аздæ хтон æ рдзы рæ сугъддзинадмæ: цъититæ м, дидинæ гджын фæ зтæ м æ мæ бæ рзæ ндты зилæ г цæ ргæ стæ м.

Æ рыздæ хтыстæ м нæ фысымтæ м.

... Афтæ ма дыууæ боны азылдыстæ м донбылты, сæ рвæ тты, къуылдымтыл. Федтам æ хсæ рдзæ нтæ, цæ стыгагуйау æ рвхуыз, рæ суг суадæ ттæ, базырджын дидинджытæ... Изæ рмилты та — цæ хæ рцæ ст стъалытæ.

Æ ртыккаг бон бабадтыстæ м рейсон автобусы æ мæ нæ дугъон бæ хау кæ мтты скъæ фта.

— Мæ нæ -ма, горæ ты хæ дзæ ртты хуызæ н, — амоны чызг Фæ сналы зæ ронд дыууæ уæ ладзыгон агъуыстытæ м.

— Ацы хæ хты сæ дæ азы размæ нæ фыдæ лтæ згъæ р къахтой, адон та сын цæ рæ н хæ дзæ рттæ уыдысты. Уæ ртæ стыр хæ лд агъуысты та æ рзæ т ссадтой, фæ лæ æ рзæ ткъахæ нтæ сæ хгæ дтой æ стай азы размæ. Ныр хæ дзæ ртты цæ рынц бынæ ттон адæ м. Ам æ нæ хъæ н комбæ стæ н дæ р уыд иумæ йаг астæ уккаг скъола. Æ з дæ р дзы æ ртæ азы фæ цахуыр кодтон.

— Ам дæ р цардтæ, Баги?

— На-а, уæ лæ цы хъæ уы уыдыстæ м, уырдыгæ й цыдтæ н.

— Машинæ йы?

— Фистæ гæ й, Ами, уæ д ардæ м машинæ тæ нæ цыдысты. Бон — 14 километры.

— Гъы, мæ н скъола та нæ кæ рты чъылдыммæ и, — æ ппæ лæ гау бакодта чызг.

— О, ныртæ ккæ ма дардмæ чи цæ уы, алы чысыл хъæ уы дæ р — скъола.

Нарæ г кæ мтты цæ угæ йæ та Ами цымыдисæ й каст айнæ джытæ, къæ мбыртæ, æ хсæ рдзæ нтæ м. Быдырмæ куы ахызтыстæ м, уæ д мæ фарсмæ бафынæ й. Райхъал æ й кодтон горæ тгæ рон. Рахызтыстæ м автобусæ й.

— Гъы, Ами, нæ балц дæ зæ рдæ мæ фæ цыд? — фæ рсын æ й.

— Фæ цыд, — æ хсызгонæ й загъта чызг. — Æ мæ никуыуал ацæ удзыстæ м, Баги?

— Мæ н та цæ уын хъæ удзæ н, Ами, æ з дзы алы аз дæ р вæ ййын.

— Æ мæ мæ н нал ахондзынæ? — фæ лмæ н хъæ лæ сы уагæ й мæ м хаты чызг.

— Акæ нин та дæ, фæ лæ ма дæ Замирæ т рауадздзæ н?

— Цытæ федтон, уыдон ын куы радзурон, уæ д та мæ ауадздзæ н, — фидарæ й загъта чызг.

— Цæ угæ дæ р ма цæ мæ н кæ ныс, нæ зонын, хохы хæ хты йеддæ мæ цы ис, æ мæ сæ федтай.

— Гъо, цы и, — æ рбакаст мæ м тарæ рфыгæ й, — уыцы æ хсæ рдзæ нтæ æ мæ цæ ргæ стæ, уыцы дидинджытæ æ мæ зараг цъиутæ... Кæ ннод стъалытæ цы хæ стæ гæ й æ ркæ сынц.

— Гъемæ хорз, Ами, уæ дмæ каст фæ уыдзынæ фыццаг кълас, байрæ здзынæ, æ мæ хæ хтæ м дæ р абалц кæ ндзыстæ м.

— Цы хорз уыдзæ н, — йæ мидбылты бахудт чызг. — Сæ рд тагъддæ р куы ралæ ууид...

— Гъемæ баныхас кодтам, мæ чысыл дзиба, — зæ рдæ йын бавæ рдтон, æ мæ кæ ртмæ бахызтыстæ м.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.