Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫДЫ ХÆЛАР — ФЫДЫ ХÆЗНА



Иу тарæ рфыг фæ ззыгон изæ р нын нæ кулдуар æ рбахостæ уыд.

— Гъей, хæ дзаронтæ, кæ м стут? — æ рбайхъуыст зонгæ хъæ лæ с.

— Уый Мамас куы у, — дзуры мæ мад Ауархан. — Ауай, лæ ппу, мидæ мæ йын зæ гъ.

Чи нæ зыдта нæ хъæ уккаг номдзыд цуанон Мамасы. Мæ фыд Исламимæ та хæ лæ рттæ уыдысты, ноджы æ мцуанонтæ. Ислам хæ стмæ куы нæ ма ацыд, уæ д нæ м цæ уаг уыд. Ныр дæ р ныл йæ хæ ст нæ уадзы, уый фæ рцы суг йе къæ бæ рхъуаг никуы вæ ййæ м.

Йæ цуанон лæ дзæ г йæ къухы, афтæ мæ й лæ ууыд кæ рты дуармæ: мидбылты мæ м бахудт.

— Цæ й, куыдтæ мын цæ рут, мæ лымæ н лæ ггаг? — афарста мæ.

— Дзæ бæ х стæ м, мидæ мæ нæ м рацу.

— Мидæ мæ кæ й æ вдæ лы, Хетæ г, фæ лæ дæ м хъуыддаджы фæ дыл æ рбауадтæ н, — мæ уæ хскыл авæ рдта йæ дæ рзæ г къух. — Цæ виттон, мæ нæ иу сырд амарынæ н цуанæ тты цæ дисæ й бар райстон æ мæ сау хъæ дмæ суайæ м, кæ д нын сохъхъыр Æ фсати исты балæ вар кæ нид. Райсом хуыцаубон у, æ мæ скъолайæ дæ р уæ гъд куы дæ?..

Цуаны коймæ мæ зæ рдæ цинæ й айдзаг, сырдтæ, мæ ргътæ æ мæ сау хъæ д мæ цæ стытыл ауадысты.

— Æ мæ Гыццийæ н ницы зæ гъын хъæ уы? — афарстон ма Мамасы.

Уый мæ фембæ рста.

— Цæ уылнæ йын зæ гъæ м, сусæ ггагæ й дзы куы ницы ис... Дæ фыды хъыримагмæ базил æ мæ рагацау бахуысс, хъуамæ фыццаг кæ ркуасæ нты азмæ лæ м, — фæ дзæ хста мын Мамас, «хæ рзæ хсæ в» загъта æ мæ сæ химæ фæ раст.

Гыцци мæ айразмæ цалдæ р хатты Мамасимæ цуаны ауагъта æ мæ мын ныр дæ р «нæ гъ» кæ й нæ зæ гъдзæ н, уый мæ уырныдта. Хабар ын цингæ нгæ радзырдтон.

— Мамас ныл дæ фыдмæ гæ сгæ йæ арм дары. Сæ рды нын дыууæ галуæ рдоны суг æ мæ æ ртæ голладжы ссад куы ’рбаласта, нал æ й зоныс? Ныр дæ р йæ къухы исты куы бафта, уæ д нын цæ й æ фсон бахай кæ на, ууыл у йæ мæ т, æ ндæ р дæ уæ й цæ й цуанон и... Æ рмæ ст дæ уроктæ м æ ркæ с, кæ ннод цафон æ рцæ удзыстут, хуыцау зоны, — сразы Гыцци.

Мады цæ стмæ гæ сгæ ма мæ уроктæ м афсоны каст æ ркодтон, хъыримагмæ базылдтæ н æ мæ уайтагъд бахуыссыдтæ н. Зæ рдæ цæ мæ дзура, цæ стытыл, дам, уый ахъазы: æ хсæ в-бонмæ фыны архайдтон, канд мæ хи цæ стæ й кæ й федтон, уыцы сырдтæ нæ, фæ лæ ма аргъæ уттæ, чингуытæ й кæ й зыдтон, уыдонимæ дæ р...

Мæ тæ ккæ фынтæ уынгæ йæ мæ Гыцци бауыгъта:

— Фест, Мамас æ рбацыд, уынджы дæ м æ нхъæ лмæ кæ сы. — Æ з хуыссæ гхъæ лдзæ гæ й мæ хъарм хуыссæ нæ й фæ гæ пп ластон, мæ пысултæ тагъд-тагъд акодтон, мæ хæ лцон æ мæ хъыримаг бæ гуылæ гау мæ уæ хсчытыл æ рцауыгътон, мæ лæ дзæ г райстон æ мæ, мæ цæ стытæ æ ууæ рдгæ, рахызтæ н кæ ртмæ: нæ гогыр уасæ джы бæ зджын хъæ лæ с мæ хъустыл ауад. «Фыццаг кæ ркуасæ нтæ », — ахъуыды кодтон. Мæ къаххъæ р айхъусгæ йæ, Мамас дзуры: «Уый дын лæ г, цæ стыфæ ныкъуылдмæ фæ рæ вдз». Уыцы уысм æ з Мамасæ н фæ тæ ригъæ д кодтон: мæ гуыр, цот ын нæ рацыд æ мæ хистæ р уа, кæ стæ р — йæ хæ дæ г у. Кулдуар нал бакодтон, фæ лæ кауы сæ рты уынгмæ ныггæ пп ластон.

— Уæ дæ цæ уæ м, и? — мæ уæ хск мын æ рхоста Мамас. — Ацы хатт мæ цуанæ тты нæ ракодтон, бавзарæ м æ нæ уыдон. Гæ р, Æ фсати мæ лымæ н æ мæ дæ фыды æ рдхорд куы у, уæ д нын иу хуыйы хъыбыл нæ ратдзæ н, — архайдта мæ хуыссæ г асурыныл Мамас.

Адардтам нæ фæ ндаг: ауайын нæ хъуыд 10 километры бæ рц. Цæ уæ м æ лвæ сæ й. Быдыртæ, арыхъхъытæ фæ сте аззадысты, фæ лæ хъæ дмæ хæ стæ г æ рхытæ, мæ счъытæ сарæ х сты. Ноджы ма уазал хæ рæ мигъ, фæ ззыгон сыфтæ ртау, зæ ххыл нынныхæ ст æ мæ нын цæ уын фæ зындæ р. Фæ ндагыл мын Мамас лæ мбынæ г фæ дзырдта йæ хи æ мæ мæ фыды царды хабæ рттæ... Хъæ ды куыд арфдæ р цыдыстæ м, афтæ мигъ бæ зджындæ ргæ нгæ цыд. Хатт-иу уахъæ з йæ хъисын æ руагъта бæ гънæ г бæ лæ сты хихтыл. Хаста гæ бына халас.

— Æ нхъæ лдæ н, нæ хъуыддаг цъар кæ ндзæ н, лæ ппу, — батыхст Мамас. — Ахæ м рæ стæ джы сырдыл зын сæ мбæ лæ н у. Кæ д нæ амонд уа, уæ д уадымс банцайдзæ н, æ мæ мит рауардзæ н.

Æ з нæ бамбæ рстон, рог дымгæ йы банцайын æ мæ нын мит цы баххуыс уыдаиккой, уый, фæ лæ ныхæ стæ ма зæ рдыл бадардтон.

Бон дзир-дзур кодта, афтæ бахæ ццæ стæ м иу уæ рæ х æ рдузмæ. Зæ ронд лæ гау нæ разы гуыбырæ й лæ ууыд фыдæ лтыккон тулдз. Бецау, ныббутъро, йæ мæ ра дардыл ныззылд.

— Мах ам дæ фыдимæ бирæ уæ ззау бонтæ арвыстам. Ацы тулдз дзурын куы зонид, уæ д фехъусис царциаты диссæ гтæ. Мидхæ сты æ мæ Фыдыбæ стæ йы Стыр хæ сты азты цал æ мæ цал партизаны бахызта фыдбылызæ й... Кæ с-ма, ныббутъро и, зокъотæ йыл зайын байдыдта, уæ ддæ р лæ ууы æ мæ цæ ры, — загъта Мамас æ мæ æ нусæ мбай тулдзыл йæ къух рæ вдаугæ æ руагъта.

Уалынмæ бон æ рбарухс. Зымæ гон мæ ргътæ дæ р базмæ лыдысты. Нæ рифтæ гтæ топпытимæ мæ райы къуымы æ рæ вæ рдтам, нæ хæ дæ г æ рбадтыстæ м бандонæ н æ вæ рд къуыдырыл. Аходæ нтæ м хæ стæ г хæ рæ мигъ йæ дондыппыр цъæ х базыртыл гæ зæ мæ схæ цыд, æ мæ сæ лæ ф мит уарын байдыдта.

— Гъе-гъей, лæ ппу, бынтон æ намонд не стæ м, — фæ хъæ лдзæ гдæ р Мамас. — Ногуард миты нæ сырды хайыл нæ хæ дæ г куы нæ рамбæ лæ м, уæ ддæ р нæ йæ хæ дæ г ардзæ н. Нæ алфамыблай тæ рс бæ лас — хæ рх, тæ рсмæ та хуытæ мондаг сты æ мæ сын ардæ м æ нæ цæ угæ нæ й... Абадын нæ бахъæ удзæ н, æ рмæ ст ма нын мит дæ р уахъæ зау афойнадыл куы банцаид, уæ д истытæ кæ никкам.

Æ з ныр бамбæ рстон Мамасы хъуыды уахъæ з æ мæ миты тыххæ й: дымгæ мæ сырд цуаноны бамбары тæ фæ й æ мæ æ ввахс нæ цæ уы, митыл та фæ д уадзы. Цуанон лæ гмæ æ нæ афæ рсгæ чи лæ ууы. Æ з дæ р Мамасæ й хатыр ракуырдтон æ мæ йæ фæ рсын:

— Дæ цуаны хабæ рттæ й-ма мын исты радзур.

— Цуаноны дзуринæ гтæ кæ уылты сты, — бахудт лæ г æ мæ йæ къуыбыр рихитæ адаудта. — Радзурдзынæ н дын, дæ карæ нæ й мæ хиуыл цы цау æ рцыд, мæ зæ рдыл арæ х чи æ рлæ ууы, ахæ мы тыххæ й. Цæ виттон, 1919 аз уыд фæ уынтыл. Мидхæ сты гæ рæ хтæ ма хъуысыдысты алы ком, алы рагъæ й, афтæ нæ хъæ уккаг цуанон Быдзоимæ хуыдзуаны рацыдыстæ м мæ нæ ардæ м. Уыдис нæ м фæ йнæ хæ ргæ фсы æ мæ цалдæ р цуанон куыдзы. Уæ д дæ р нæ фысым ацы бæ лас уыд. Мæ райы къулмæ бауагътам æ рæ фтæ, æ мæ нæ халагъуд фæ цæ ттæ. Хайуантæ м дæ р ацарæ зтам хасбахъ. Быдзо-иу куыйтимæ афардæ г цуаны, æ з та — бынатгæ с: хæ ринаг кæ нын, хайцантæ м зилын уыд мæ н хæ с. Рацыд дыууæ къурийы, фæ лæ Быдзо цъиу дæ р никуы амардта. Иу бон та фæ ссихор гуыбæ рттæ куыд кодтон, афтæ мæ хъустыл æ рцыд цыдæ р уынæ р. Кæ сын хъæ дбынмæ, дæ лæ диссаг: дыууæ егары æ рбасурынц дыгæ рдыджы йас джиры. Уый дын фыр адæ ргæ й нæ хасбахъы куы смидæ г уаид. Мæ н дæ р ма хуыздæ р цы хъуыд, уырдыгмæ йыл топп ныххуырстон. Хасбахъæ й ма бæ ргæ рагæ пп ласта, фæ лæ сугсæ ттæ ны æ рфæ лдæ хт. Кæ йдæ р егæ рттæ дæ р сæ амæ ттагæ й æ нæ хай фесты — топпы хъæ рмæ алыгъдысты. Джиры йæ тæ ппæ зтæ цæ гъдгæ æ рбаргæ встон. Йæ царм ын тыххæ йты бастыгътон, йæ хуылфы дзаумæ ттæ м ын базылдтæ н. Изæ рдалынгты та Быдзо дæ р афтидкъухæ й фæ зынд. Джиры сæ р ауынгæ йæ къухтæ фæ йнæ рдæ м фæ хаста, афтæ мæ й мæ м джихæ й кæ сы. Æ з ын хабар куы радзырдтон, уæ д мæ фыр цинæ й куыд нæ ахордта.

— Табу не сфæ лдисæ гæ н, Æ фсати куы фæ дæ тты, уæ д æ й хæ дзармæ дæ р баскъæ ры... Фæ лæ ды дæ р хорз сарæ хстæ, лæ г дæ æ мæ дæ хæ дæ г, — раппæ лыд мæ.

Уыцы æ хсæ в ма кæ дæ м ацыдаиккам, фæ лæ сæ умæ райсом джиры мард хайуантыл бавæ рдтам æ мæ хъæ мæ: фæ ссихор Уæ ллагкомы уыдыстæ м. Уый та дын æ цæ г хабар, мæ лымæ н, — фæ цис йæ ныхас Мамас.

Уалынмæ уарын дæ р банцад, хæ рæ мигъ йæ хи айста. Æ рмæ ст сау хъæ ды ныууагъта тæ нæ г урс хъæ ццул. Цас ма абадтаиккам, афтæ мæ м Мамас дзуры:

— Кæ с-ма уæ ртæ хъамылмæ, ницы дзы змæ лы?

Æ з къудзитæ, хъамылмæ нымдзаст дæ н. Пыхсбынæ й рабырыд иу гæ рæ м дзæ ргъ æ д хъыбылтæ. Æ рлæ ууыд æ рдузгæ рон. Цыма уæ лдæ фы хæ рзхъæ ддзинад бæ рæ г кодта, уыйау йæ сæ рыл схæ цыд, алырдæ мыты асмыста, стæ й хъоххъохгæ нгæ æ рхуыссыд иу хъуынаджын кæ лдымрæ бын. Йæ хъулон-мулон хъыбылтæ йыл амбырд сты. Æ з æ нæ нхъæ лæ джы топмæ февнæ лдтон. Мамас мын мæ цонг ацахста.

— Фæ лæ уу, фæ лæ уу, тæ вд ма кæ н, уыдонæ н æ хсæ н нæ й. Мадæ л хуыйы куы амарæ м, уæ д хъыбылтæ ныдздзæ гъæ лтæ уыдзысты æ мæ тугдзых сырдты амæ ттаг бауыдзысты. Уадз, сæ мадимæ байрæ зой... Æ з дын цы джиры кой ракодтон, уыййæ стæ куы суой, уæ д лæ г дæ æ мæ дæ хæ дæ г.

Мамасы ныхæ стæ м æ рсабыр дæ н. Уалынмæ, зæ ххы бынæ й схауæ гау, дзæ ргъы уæ лхъус февзæ рдысты дыууæ гал-джиры. Сæ иу, футтытæ гæ нгæ, йæ цыргъ бырынкъæ й хъыбылты сцæ лхъытæ ласта, æ мæ дуне хъыллист сси.

— Гъе-гъе, мæ лымæ н, уыцы хылычъи мах у, — мæ хъусы мын æ рбадзырдта Мамас æ мæ джирмæ фондзæ хстонæ й ныхъхъавыд. Топпы хъæ р араугæ ацыд хъæ дбынты, рæ гъты сæ рты. Хуыты æ рдонг фæ пырх и.

— Згъоргæ сæ фæ дыл, — æ рбасхуыста мæ Мамас.

Æ з мæ бынатæ й пуртийау фесхъиудтон æ мæ лæ дзæ гимæ сæ фæ дыл ныййарц дæ н. Ауыдтон тугвæ д. Бахаста мæ цъаламæ. Мæ нæ фыдуаг джир йæ фарсыл хуыссы. Мæ н ауынгæ йæ ма йæ хиуыл бæ ргæ схæ цыд, фæ лæ ницыуал. «Мæ нæ и! » — фæ дзырдтон Мамасмæ. Лæ г уайтагъд æ рхæ ццæ.

— Уыныс, Æ фсати куы дæ тта, уæ д æ й аджы дæ р цæ ппары, — йæ хи мыл ныттыхта мæ фыды хæ лар. — Ныр цыппæ рвадæ й згъоргæ сæ рвæ тмæ æ мæ хæ рæ г ракæ. Æ з де ссыдмæ джиры бастигъдзынæ н...

Хъæ дæ й ахызтæ н сæ рвæ тмæ. Нæ хæ рæ г Мæ джиды ныййæ фтон быдыры стантæ м хæ стæ г, сындзы къутæ рыл. Абадтæ н ыл æ мæ — хъæ умæ. Уым ыл саргъ авæ рдтон æ мæ фæ стæ мæ сау хъæ ды балæ ууыдтæ н.

— Уый дын лæ г, хорз тагъд фездæ хтæ, — раппæ лыд та мæ Мамас.

Кæ сын, æ мæ сырд уæ нгтæ гондæ й йæ цармыл цырхт, Мамас та зæ ронд тулдзрæ бын цæ хæ р артмæ дары уæ хстыл физонджытæ. Сæ хæ рздæ фмæ комы дæ ттæ уадысты... Нæ хи хорз федтам, гъе стæ й джиры мард хæ рæ гыл бавæ рдтам æ мæ къахвæ дмæ рахызтыстæ м. Мамас ма мын фæ ндагыл ракодта цалдæ р аргъауы: абон дæ р лæ ууынц мæ зæ рдыл. Хъæ умæ ныххæ ццæ стæ м æ хсæ вæ рафонтыл. Мамас уынгты атындзыдта разæ й æ мæ бараст махмæ. Хайуаны уæ ргътæ æ риста нæ кæ рты, йæ хæ дæ г бахызт нæ тæ вдгæ нæ нмæ.

— Мæ нæ Æ фсатийы лæ варæ й сывæ ллæ ттæ м фæ кæ с, — дзуры нæ мадмæ. — Уæ дмæ ацы гæ ныстоны хæ ст дæ р фæ уыдзæ н æ мæ Исламы ардæ м хъæ уы. Нæ цард та йæ гаччы сбаддзæ н. Ныр та уал йæ хуыздæ р хос — фидар лæ ууын, быхсын...

Мамас фæ лладæ й къуымæ л анызта æ мæ нæ бинонтæ н «хæ рзæ хсæ в» загъта. Сырды мардæ й ахаста æ рмæ стдæ р сæ р. Суанг ма йын йæ царм дæ р дзабыры уæ фстæ н махæ н ныууагъта.

— Уынут, уæ фыды хæ лар уæ м цы зæ рдæ дары, уый, — йæ цæ ст ныл ахаста нæ мад. — Уымæ н-иу акодтой нæ фыдæ лтæ, фыды хæ лар — фыды хæ зна, зæ гъгæ. Рох уæ ма уæ д ацы хорздзинад...

Уалынмæ хæ ст фæ ци. Ислам дæ р сæ рæ гасæ й сыздæ хт. Цард та раздæ рау йæ бартæ йæ химæ райста.

«Хорздзинад рохгæ нгæ нæ у», — хъуыстам нæ куырыхон хистæ ртæ й. Хъыгагæ н, Мамасæ н кæ стæ р нæ уыд... Мах та, Ауархан æ мæ Исламы цот, нæ зæ рдыл дардтам Мамасы рæ вдыд, йæ уæ здандзинад æ мæ йæ м йæ зæ ронды бонты кастыстæ м, æ ххуысхъуаг æ й нæ уагътам, нымадтам æ й нæ хæ рзгæ нæ г, нæ дыккаг фыдыл...

Адæ м фыдæ й-фыртмæ дæ р цардысты æ мæ цæ рынц кæ рæ дзийы æ ххуысæ й, кæ рæ дзийы цæ райæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.