Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





МУЗЫКÆУАРЗАГ ЗÆРВАТЫЧЧЫТÆ



Иуахæ мы та хосгæ рдæ нты ацыдтæ н Уæ ллагкоммæ. Æ рфысым кодтон, абоны онг Къæ мынтыл йæ зæ рдæ чи нæ ивы, Калинины номыл колхозы йæ удуæ лдай фæ ллойы фæ рцы стыр кад æ мæ намыс кæ мæ н ис, уыцы хæ дæ фсарм лæ ппулæ г Хъараты Валодямæ.

Мæ райгуырæ н уæ зæ гæ й кæ мттæ, хæ хтæ, цъититыл мæ цæ ст куы ахæ ссын, уæ д мын, цыма йæ алы айнæ г æ мæ тала, йæ алы суадон æ мæ дидинæ г дæ р афтæ фæ дзуры: «Цæ й-ма, бирæ нæ куы уарзыс, мах-иу дæ сабибонты нæ хи хъæ булау куы рæ вдыдтам, уæ д ныл иу-дыууæ хъарм ныхасы цæ уылнæ ныффыссыс? »

Мæ н дæ р ахæ м сахат уæ лтæ мæ над йæ рæ убазыртыл бæ рзонд сисы, афтæ мæ й æ рцагурын гæ ххæ тт æ мæ кърандас. Ацы хатт канд уыдон нæ, фæ лæ ма транзистор дæ р айстон æ мæ бараст дæ н скъоламæ. Мæ кæ ддæ ры партæ разынд стъолы фарсмæ. Цыдæ ртæ фыссын ыл райдыдтон...

Аулæ фон, зæ гъгæ, фæ ссихор транзистор баифтыгътон. Ныййазæ лыдысты симфонийы зæ рдæ сгарæ г зæ лтæ. Иу рудзынджы фæ рссæ гтæ байтыгътон, æ мæ музыкæ йæ хи айста къласæ й: стæ лфыд хурдзыд уæ лдæ фы, дидинджыты къусчыты. Уыцы райдзаст бон скъолайы алыварс сæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н цъыбарцъыбургæ нгæ ратæ х-батæ х кодтой лыстæ г мæ ргътæ: бæ лæ ттæ, зæ рватыччытæ, хæ рдмæ дзог цъиутæ... Уалынмæ иу зæ рватыкк гом рудзынгыл къласы фæ мидæ г, фыссæ н фæ йнæ джы сæ р абадт æ мæ æ хсызгон цъипп-цъипп кæ ны. Æ з æ м февзыстон. Дзиба, пæ рпæ ргæ нгæ, къласы æ рзылд æ мæ та фæ стæ мæ фæ йнæ гыл абадт.

Уыцы уысм транзисторæ й райхъуыст ныхæ стæ æ мæ йæ баурæ дтон. Зæ рватыкк дæ р ма чысыл афæ стиат, стæ й атахт.

Дыккаг бон мæ куыстмæ бавнæ лдтон аходæ ны фæ стæ. Иу афон та баифтыгътон транзистор. Хъусын Гæ бæ раты Ильяйы зарæ г «Ирыстоны хъæ бул»-ы аив музыкæ мæ. Кæ сын, æ мæ та иу зæ рватыкк февзæ рд къласы: абадт чингуыты скъаппыл. Дæ с минуты бæ рц байхъуыста, гъе стæ й атахт, фæ лæ уайтагъд фæ зындысты дыууæ йæ. Иу хуызы музыкæ ивта иннæ йы. Уалынмæ мæ м хъæ уæ й чидæ ртæ фæ зынд, æ мæ транзистор баурæ дтон. Зæ рватыччыты атахт нал бафиппайдтон. Мæ уазджытæ куы ацыдысты, уæ д хъуыдыты аныгъуылдтæ н: цымæ абон дæ р зноны зæ рватыкк æ рбатахт æ ви æ ндæ р? Дыккаг та ма кæ цы уыд? Уæ вгæ зæ рватыччытæ иухуызон сты, ацу æ мæ иуы иннæ мæ й равзар.

Æ ртыккаг бон та музыкæ йы зæ лтæ м фæ зындысты дыууæ йæ. Ацы хатт тымбылкафтгæ нджытау æ рзылдысты къласы къуымты æ мæ та абадтысты фыссæ н фæ йнæ джы тигъыл... Транзистор-иу куы бахъус, уæ д-иу федде сты, фæ лæ та-иу фæ ндыры цагъдмæ, музыкæ йы зæ лтæ м дыууæ сырхдæ ллагхъуыр, сырхбыл базырджыны цингæ нгæ ам февзæ рдысты... Афтæ мæ й ныл рацыд цалдæ р боны.

Иу райсом хур йæ тынтæ цъититæ, хæ хсæ рттыл куыд зæ рста, афтæ та райхъуыст Листы музыкæ. Ацы хатт мæ базырджын уазджытæ баисты цыппар æ мæ чирчиргæ нгæ зылдысты къласы. Хатт-иу фæ йнæ гыл йе скъаппы сæ р рæ нхъæ й рабадтысты. Афтæ иу бон, дыккаг, æ ртыккаг...

«Адон иутæ сты æ ви æ ндæ р æ мæ æ ндæ ртæ? » — фарстон мæ хи. Гъе уый базоныны охыл иуахæ мы рудзгуытæ ахгæ дтон æ мæ зæ рватыччыты тыхамæ лттæ й æ рцахстон. Алкæ й къахыл дæ р дзы бабастон урс æ ндах, афтæ мæ й сæ ауагътон.

Дыккаг бон та рудзгуытæ байтыгътон, транзисторы къæ бæ л æ рзылдтон, æ мæ айзæ лыд фæ ндыры хъæ лæ с. Цыппар маргъы та фæ зындысты хъæ лдзæ гæ й. Æ читтытæ гæ нгæ зилынц къласы. Æ рæ джиау та рæ нхъæ й рабадтысты скъаппы сæ р æ мæ, аргъæ утты æ мбаргæ мæ ргътау, хъуыстой цагъдмæ. Æ ндæ хты кæ рæ ттæ дæ р сæ къæ хтæ й дзедзырой кодтой. «Нæ хиуæ ттæ сты, — бахудтæ н мидбылты, — ноджы уарзæ ттæ ».

Уæ дæ й фæ стæ мæ цыппар зæ рватыччы систы мæ иузæ рдион хæ лæ рттæ. Транзистор-иу куы скуыста, уæ д-иу чик-чикгæ нгæ фæ зындысты. Чи сæ -иу стъолыл абадт, чи партæ йыл: домдтой зарæ г, музыкæ, фæ ндырдзагъд.

Сæ «курдиат» сын куыд нæ æ мбæ рстон, æ мæ -иу сын сæ зæ рдæ балхæ дтон. Уыдон дæ р-иу, бузныг дæ стæ м, зæ гъгæ, базыртæ й кафгæ, мæ фæ йнæ фæ рсты зылдысты.

Афтæ мæ ймæ ’ввахс фæ дæ н скъолайы æ мæ цыппар зæ рдæ хæ лар маргъы æ рвылбон дæ р уыдысты мæ «кадджын уазджытæ ».

Кæ д хохаг рæ убазыр зæ рватыкк йæ хæ дæ г зараг у, уæ ддæ р бахауд музыкæ йы зæ лты уацары.

Кæ ддæ р, дам, нарты Ацæ мæ зы диссаджы цагъдмæ канд мæ ргътæ æ мæ сырдтæ нæ, фæ лæ хæ хтæ, бæ лæ стæ, æ хсæ рдзæ нтæ дæ р кафыдысты.

Æ вæ ццæ гæ н, зарæ г, музыкæ æ мæ ирон фæ ндыры зæ лтæ цавддурмæ дæ р хъарынц...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.