Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





МÆ ХЪАЙМÆТЫ ХÆЛАР



Мæ рагбонты Хъивоны æ фцæ гыл сæ рды мæ йты цалдæ р азы фæ дæ н уæ лыгæ с. Цас уæ ндон, ныфсхаст вæ ййы 6–10-аздзыд саби æ гомыг æ рдзы хъæ бысы, æ мæ -иу райдзаст бонты айнæ джы йе дуры сæ рæ й хъуысыд мæ зарæ г: къæ вдатæ, мигъы та — мæ кæ уын хъæ лæ с. Цыма-иу æ ндарæ н бонты мæ уæ рыччытæ дæ р æ нкъард уыдысты, афтæ мæ м каст: сынæ р цæ гъдгæ -иу бадзыгуыр сты айнæ грæ бын йе цæ фуаты, æ мæ мæ м тæ ригъæ дгæ нджытау кастысты се ’гъуыз цæ стытæ й. Ахæ м ран кæ уын тæ ппуддзинады бæ рæ ггæ нæ н кæ й у, уый, хъæ лæ кк, æ мбæ рстон, фæ лæ æ рдзы гуымиры тыхты ныхмæ цы хъуамæ æ рæ вæ рдтаин ме ’нкъарæ нтæ æ мæ цæ ссыгты йеддæ мæ?

Хур бонты уарзтон Суарæ фцæ джы губакхуыз къуыбырæ й фæ лгæ сын. Уырдыгæ й зындысты Уæ лладжыргом æ мæ Дыгургом, хæ хты æ фсæ н цæ гтæ. Мæ уæ ле æ ндонкъул Цæ ргæ сты хох арвыл бæ рзонд схæ цыд, мæ фале — Зджыд æ мæ Ходы уыгæ рдæ нтæ, фосдарæ нтæ сæ хи уæ рæ х айтыгътой къуыппытыл.

Иуахæ мы кæ сын, æ мæ иу мæ хи цахъхъæ н лæ ппу йæ уæ рыччытæ суагъта Суарыкомы сæ рмæ, хуырбынæ й мæ м хъæ р кæ ны:

— Иа лæ ппу, рацу уал ардæ м æ мæ, цалынмæ нæ фос ривæ д кæ нынц, уæ дмæ хъулæ й йе гудайæ ахъазæ м!

Æ з фæ гуырысхо дæ н: «Кæ д мæ нæ мынмæ хъавы... Ау, æ мæ мæ нæ й стырдæ р куы нæ у, уæ д дзы цæ мæ й тæ рсын? »

— Хорз, хорз, ныртæ ккæ цæ уын! — адзырдтон æ м, мæ хæ дæ г мæ рифтаг мæ уæ хскыл æ рæ фтыдтон æ мæ гуцъуладжын арф кæ рдæ джы алæ гæ рстон. Баиу стæ м иу мусы йас фæ зы.

— Æ гас цу, — загъта уæ лладжырон.

— Хорз цæ р, лæ ппу, — арфæ ракодтон, æ мæ нæ къухтæ кæ рæ дзимæ радтам.

— Æ з Дзæ рæ хаты Лади дæ н, — бацамыдта йæ хи.

— Æ з та Бегаты Абег, — бахудтæ н æ м мидбылты.

— Гъемæ зонгæ уыдзыстæ м, — æ дзынæ г мæ м æ рбакаст Лади. — Ныр та уал гудайæ ахъазæ м.

— Мæ нмæ гуда нæ й, мæ хъултæ та дарæ ны сты, — батыхстæ н.

— Ницы кæ ны, мæ нмæ дæ р хъултæ нæ й, фæ лæ гуда ис æ мæ уал абон уымæ й фæ хъаздзыстæ м, иннæ хатт та пурти æ мæ хъулæ й, — зæ рдæ тæ мын авæ рдта Лади. — Хъæ уы мæ м ис, æ мæ сæ схæ сдзынæ н.

Иу тъæ пæ н дуры сæ р гудайæ дзæ вгар фæ хъазыдыстæ м, гъе стæ й рахызтыстæ м гæ ппытæ, æ мбæ хсынтæ м... Уалынмæ хур фæ къул. Хæ хты цъуппытыл гæ ны фæ скъæ уттау февзæ рд мигъы къæ мтæ. Рог уахъæ з цъититæ й сæ рвæ ттæ, кæ мттæ м зæ рватыккау йæ хи рауагъта æ мæ хизæ нтæ, байбынты æ мбæ хст... Иу афон Лади йæ къурткæ йыл хæ рдмæ схæ цыд æ мæ йæ ахсæ н бахоста:

— Сæ ххормаг дæ н, цом исты ахæ рæ м.

Нæ рифтæ гтимæ схызтыстæ м хъуынасæ р дурмæ. Æ з систон нартхоры кæ рдзын, цыхты муртæ æ мæ дзидзайы кæ рстытæ. Ладимæ разынд печенитæ, сæ кæ ры къæ рттытæ æ мæ пумпуси урс дзул. Сæ уындмæ мæ комдæ ттæ фемæ хстысты. Мæ хи хæ ринæ гтæ м мæ м кæ сын дæ р нæ цыд: кæ й хъуыд æ рвылбоны зæ рдæ цъæ хгæ нæ н фæ рзиу[2]?

— Садонæ й мын сæ мæ фыд схаста, райс, ма ’фсæ рмы кæ н, — æ рбакаст мæ м Лади, — æ з та мæ нæ цыхт æ мæ дзидза ахæ рдзынæ н. «Ехх, ныр иунæ гæ й... дзулæ й, сæ кæ рæ й сæ цæ стыфæ ныкъуылдмæ фæ дæ ле кæ нин», — ахъуыды кодтон. Фæ лæ мæ фыды ныхæ стæ мæ зæ рдыл æ рбалæ ууыдысты: «Гуыбын скъæ т у, йæ фæ дыл куы цæ уай, уæ д дæ фæ худинаг кæ ндзæ н... » Æ мæ сындæ ггай, цыдæ р къæ мдзæ стыгхуызæ й, æ внæ лдтон. Лади мæ бамбæ рста æ мæ -иу мæ м æ рхатыд:

— Ахæ р, Абег, æ фсæ рмы ма кæ н, мæ нмæ ма дарæ ны ис.

Фыдгуыбын мæ ма фæ хона, зæ гъгæ, уæ ддæ р мæ хиуыл хæ цыдтæ н.

Ахицæ н нæ сихор. Кæ рæ дзийæ н хæ рзбон загътам, æ мæ нæ алчи йæ фосмæ аздæ хт.

Ладиимæ кæ рæ дзиуыл сахуыр стæ м æ мæ -иу райдзаст бонты нæ фос ауагътам Цæ ргæ сты хохы бынмæ. Афтæ мæ й ныл аивгъуыдта дыууæ сæ рды. Æ ртыккаджы мах аивтам Хъæ удуры бадæ нмæ, Ладитæ та — Бæ хдарæ нтæ м, æ мæ нал æ мбæ лдыстæ м.

Рацыд ма цалдæ р азы æ мæ алчи йæ фос балæ вæ рдта æ мбаладмæ. Мах дæ р ныппæ рстам нæ нымæ ттæ, нæ фыййауы лæ дзджытæ æ мæ райдыдтам ахуыр кæ нын.

... Мæ фыд мæ иуахæ мы хæ рæ гыл арвыста Садонмæ къахæ нтæ, белтæ, сагæ йттæ æ мæ æ ндæ р хæ дзары дзаумæ ттæ æ лхæ нынмæ. Хъивоны æ фцæ гыл цæ угæ йæ, мæ зæ рдыл æ рлæ ууыд Лади, йæ хæ рзад хæ ринæ гтæ æ мæ нæ хъазæ н бынæ ттæ. Æ мбисбон ныххæ ццæ дæ н Садонмæ. Дуканимæ бахизæ ны хæ рхæ мбæ лд фестæ м иу лæ ппуимæ. Кæ сæ м нæ кæ рæ дзимæ.

— Абег! — йæ хи мыл æ рбаппæ рста уый.

— Лади! — базыдтон мæ уæ лыгæ с хæ лары, — дæ нымæ т костюмæ й аивтай æ мæ зын базонæ н дæ.

— Уæ дæ скъоламæ нымæ ты чи цæ уы, — йæ бецыкк хæ рдмæ сфаста Лади. — Ды дæ р, æ вæ ццæ гæ н, костюм æ лхæ ныс?

— Нæ, мæ фыд мæ æ ндæ р цæ мæ дæ рты рарвыста.

— Æ мæ кæ цы къласмæ цæ уыс?

— Фæ ндзæ мтæ фæ дæ н. Ды та?

— Æ з та — цыппæ рæ мтæ, — загъта сæ рбæ рзондæ й Лади æ мæ амоны мæ цикъæ хæ дон æ мæ хæ лафмæ, — скъоламæ дæ р адоны мидæ г фæ цæ уыс?

— О, — бафсæ рмы дæ н ме ’дзæ ллаг фадыварцæ й.

Уалынмæ Лади йæ риуы дзыппæ й систа тамакоты къопп, бапъироз йæ дзыхы фæ цавта æ мæ йыл спичкæ сдардта.

— Тамако дымыс? — бадис кодтон.

— Уæ дæ, ме ’мкъласонтыл сахуыр дæ н, тамако, дам, чи нæ дымы, уый цæ й лæ г у... Гъа-ма, фен æ й.

— Æ з нæ, мæ фыд дæ р нæ дымы, куы мæ базона, уæ д мæ фæ нæ мдзæ н.

— Æ мæ дæ м æ фцæ джы сæ рты арвайдæ нæ й кæ сы? Мæ нæ мæ н хуызæ н сусæ гæ й дым.

— Мæ фыд тамакодымæ джы фарсмæ бадгæ дæ р нæ кæ ны, йæ дзыхæ й, дам, марг кæ лы. Мæ н дæ р тæ фæ й бамбардзæ н æ мæ...

— Цæ мæ йты тæ рсыс, мæ хæ лар... Уæ вгæ мæ н фыд йæ хæ дæ г дæ р дымы æ мæ мыл тæ фæ й нæ фæ гуырысхо уыдзæ н.

— Лади, ацы дуканийы къахæ нтæ, белтæ, цæ фхæ дтæ нæ уæ й кæ нынц?

— Уыдон дæ ллаг дуканийы сты, цом уырдæ м.

Балхæ дтам хъæ угæ мигæ нæ нтæ, сæ вæ рдтам сæ хæ рæ гыл, нæ хæ дæ г хæ рæ ндоны сихор скодтам. Уынгмæ куы рахызтыстæ м, уæ д та Лади тамако сдымдта æ мæ мæ афарста:

— Æ хца ма дæ м баззад?

— Баззад.

— Цом-ма уæ дæ мемæ.

Лади разæ й, æ з йæ фæ дыл, афтæ мæ й бацыдыстæ м уæ ллаг дуканимæ.

— Уæ ртæ замманай костюм, æ мæ йæ балхæ н, кæ ннод æ хсæ зæ м къласмæ ацы бызгъуырты куыд цæ удзынæ? Авзар-ма йæ.

Костюм разынд мæ аккаг.

— Кæ с-ма, куыд хорз дыл фидауы, — мæ алывæ рсты æ рзылд Лади. — Мауал æ й ралас... Дæ лæ мæ дæ р, уæ лæ мæ дæ р дыууæ туманы.

— Æ мæ нæ химæ... Стæ й мæ м æ хца дæ р фаг нæ й.

— Ау, авд-аст азы дæ ргъы хæ хсæ ртты фосы фæ дыл æ ртæ хдзæ гъдæ н куы фæ кодтай, уæ д дæ м дзы костюм нæ хауы? Кæ ннод дыл уæ химæ слест кæ ндзысты? — нымдзаст мæ м Лади.

Йæ цæ стæ нгасы банкъардтон уайдзæ ф: «Цæ й чъынды, цæ й тæ ппуд дæ, йæ фæ ллойæ йе рагъ бамбæ рзын йæ цæ ст кæ мæ н нæ уарзы».

Ладийы æ ргом-сусæ г уайдзæ фтæ мæ карды цæ фау фæ цагайдтой, хардзау мæ м æ ркаст. Ме ’хцадон фелвæ стон, фæ лæ дзы 15 сомы йеддæ мæ нæ разынд, æ мæ аджих дæ н. Æ рæ джиау сæ Лади мæ къухæ й айста, бафтыдта сæ м 5 сомы æ мæ сæ уæ йгæ нæ гмæ балæ вæ рдта. Костюм мæ н баци.

— Фæ ззæ гмæ йæ бавæ р, стæ й йæ скъоламæ скæ ндзынæ, — фæ дзæ хста мын Лади.

Костюм гæ ххæ тты тыхтæ й бакодтон мæ дæ ларм.

— Цом, æ з дæ Галонмæ схæ ццæ кæ нон, — загъта Лади, йæ хæ дæ г донбылæ й хæ рæ г æ рбаласта. Фæ ндагыл та тамако сдымдта. Æ з йæ фæ здæ гмæ хуыфын байдыдтон æ мæ мæ хи фæ свæ ндагмæ байстон.

— Цæ мæ й дзы тæ рсыс, дымын райдай, стæ й йæ дæ зæ рдæ æ рцагурдзæ н æ мæ нал хуыфдзынæ.

— Нæ, нæ, Лади, махмæ иу лæ ппу дæ р нæ дымы... Нæ ахуыргæ нæ г дæ р дзырдта, тамакойæ, дам, рæ уджытæ æ мбигæ кæ нынц, зонд дзы талынг кæ ны, дзыпп та — афтид. Хæ йрæ джы хойраг, дам, у.

— Мæ н ницы хъыгдары, стæ й нæ ахуыргæ нæ г дæ р дымы, — загъта Лади. — Мæ нæ уæ м махау æ рзæ ткъахæ нтæ, дуканитæ, клубтæ æ мæ кинотæ куы фæ зына, уæ д ма-иу кæ с, цымæ уæ м бирæ тæ дымын æ мæ нуазын дæ р нæ райдаиккой.

— Æ мæ нуазгæ дæ р кæ ныс? — фæ зылдтæ н æ м.

— Искуы иу хатт... кувæ ггаг, — фефсæ рмы Лади йæ дзуаппæ й.

Афтæ ныхасгæ нгæ, схæ ццæ стæ м Галонмæ.

— Стыр бузныг, Лади, де ’хца дæ р дыл æ мбæ лдзысты, — арфæ ракодтон мæ хæ рзгæ нæ гæ н æ мæ фæ хицæ н стæ м.

Хурудæ й ныххæ ццæ дæ н нæ химæ.

Цыдысты бонтæ, мæ йтæ ...

Ладиимæ та дыууæ азы фæ стæ сæ мбæ лдыстæ м Алагиры æ фсæ нвæ ндаджы станцæ йы. Æ з авд къласы фæ стæ мæ ахуыр кæ ронмæ ахæ ццæ кæ ныны охыл цыдтæ н горæ тмæ. Лади дæ р фæ ци æ хсæ зæ м кълас. Мæ ныл цыд æ хсæ рдæ с азы, Ладийыл — фынддæ с. Кæ рæ дзиуыл æ фсымæ ртау баузæ лыдыстæ м... Фæ лæ та ацы гæ ныстоны тамако. Ныр æ й, æ нхъæ лдæ н, дымдта æ ргомæ й.

— Хорз хæ лар мын дæ, Лади... æ рмæ ст нын ацы хъылма нæ мыды къæ м ма баппара? — бакастæ н æ м лæ къуымдзæ стæ й.

— Æ цæ г дæ р хæ йрæ джы хойраг у, фæ лæ йыл сахуыр дæ н æ мæ йæ мæ бон ныууадзын нал у.

— Цас ныууадзинаг у, мауал æ й æ лхæ н, мауал æ й хæ сс дæ дзыхмæ, æ мæ фæ ци.

— Ды нæ дымыс æ мæ дын æ нцон дзурæ н у. Куы йыл сахуыр уаис, стæ й ма дæ м де ’мбæ лттæ куы ’рхатиккой, уæ д дæ фенин, куыд æ й ныууадзис, уый.

Цы ма йын загътаин. Мæ зæ рдыл æ рлæ ууыд нæ фембæ лд Садоны, нæ ныхæ стæ. Уæ д Ладийæ баззадтæ н фондз сомы хæ сджынæ й. Систон туман. Хатыр дзы ракуырдтон, ныронг кæ й баззадысты, уæ й тыххæ й.

— Цы ма ’рхъуыды кодтай, мæ лымæ н, — фæ сырх и Лади. — Цы сты мах астæ у сомтæ, тумантæ? Дæ хæ дæ г ахуырмæ куы цæ уыс.

— Цæ й, хорз, зонгæ йæ фæ уæ д, — йæ уæ хскыл ын авæ рдтон мæ къух.

Лади йæ мидбылты фæ лмæ н бахудт.

Цас ма рацыд, афтæ поезд ныхситт кодта. Нæ кæ рæ дзийæ н зæ рдиаг хæ рзбон-фæ ндараст загътам.

Цалдæ р азы фæ стæ ма сæ мбæ лдыстæ м Дзæ уджыхъæ уы, Къостайы номыл парчы, гъе стæ й райдыдта тугуарæ н хæ ст.

... Хæ сты сыгъд æ мæ уырыд азтæ, низтæ, фæ ндаджы фыдбылызтæ... Чи ма уыд сæ мбæ лын æ нхъæ л... Фæ лæ 1950 азы хæ рхæ мбæ лд фестæ м Алагиры автотранспортон хæ дзарады. Лади дзы куыста инженерæ й. Кæ рæ дзиуыл куыннæ ныттавицтæ уыдаиккам: «Æ гайтма дæ æ гасæ й уынын». — «Дæ у дæ р, дæ у, мæ зынаргъ æ фсымæ р», — дзырдтам кæ рæ дзийæ н æ мæ нæ цины цæ ссыгтæ сæ рфтам... Фæ стагмæ æ рымысыдыстæ м нæ рагбонтæ Хъивоны æ фцæ гыл, нæ фембæ лд Садоны. Ныр та? Ныр систæ м хæ дзардартæ: нæ 30-гай азтæ фæ сте аззадысты.

Сихорыл ацыдыстæ м Зилахары дæ лвæ зтæ м æ мæ суанг изæ рдалынгтæ м кæ рæ дзийæ н нæ хабæ рттæ фæ кодтам. Лади та бапъироз бапъирозы фæ дыл дымта, æ мæ дзы тыхстæ н. «Фынддæ с-ссæ дз азы размæ бон иу къопп дымдтон, ныр мын дыууæ -æ ртæ фаг нал кæ нынц, — банкъуыста йæ сæ р. — Уыимæ ацы нозт... » Лади та мæ бирæ уайдзæ фтæ м фæ разонæ й фæ хъуыста, стæ й мын афтæ:

— Зонын æ й, Абег, сæ дыууæ дæ р хæ йрæ джы хойраг сты, фæ лæ афæ здæ ггæ нагыл æ рыгонæ й бафтыдтæ н, мæ мады æ хсырæ й мын адджындæ р фæ ци, æ мæ йын мæ бон аппарын нал у, ацы «хъыцъыдон»-æ й та бæ рц зонын, никуыма дзы «фæ разуæ з» дæ н.

— Уый чи нуазы, уыдонæ й ахæ м нæ ма райгуырд, йе дзы «разуæ з», йе та «фæ стауæ з» чи нæ фæ ци, — бафиппайдтон æ з, — ацы тамако та æ хсæ вæ й-бонæ й сæ ры магъзыл хæ рæ мигъау тыхсы, лæ джы сабыргай мары... Цæ уылнæ йæ ныхъхъуытты уадзыс? Ау, айдæ нмæ никуы бакæ сыс, дæ цæ сгом дзы фæ ныкхуыз куы райста, дæ дæ лдзæ стытæ цæ гатаг калмы рагъау сау-сауид куы дарынц... Ноджы, дам, ацы гæ ныстоны рак æ фтауы.

— Лæ гæ н йæ хъысмæ т цы стæ рхон кæ на, уый уыдзæ н, афонæ й раздæ р ничима амард, — загъта Лади æ мæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, — уырыссаг куырыхон фыссæ г Толстой дæ р дымдта...

— Æ рмæ стдæ р 5–6 азы, стæ й тынг æ рфæ смон кодта. Уый тыххæ й йæ хæ лар поэт Фетмæ дæ р фыста, бакæ с-ма йæ.

— Цыфæ нды ма бакæ сон, мæ бон йæ аппарын нæ у æ мæ йæ ныддымæ рдыг уадзæ м, — тарæ рфыгæ й мæ м æ рбакаст Лади.

— Мæ н фæ нды æ рмæ стдæ р дæ хорздзинад... Цас бирæ цæ рæ нбонтæ ис адæ ймагæ н, æ мæ дæ цард дæ хæ дæ г цæ мæ н цыбыр кæ ныс? Цы дæ м кæ сынц 50, 100, кæ ннод 1000 азы æ рдз æ мæ рæ стæ гимæ абаргæ йæ? Уысм дæ р не сты. Æ нæ уи дæ р нын иу æ мæ дыууæ знаджы куы нæ и, мыййаг: низтæ зæ гъай, æ намонд цаутæ, мæ нгард, фыдзæ рдæ адæ ймæ гты азар...

— Гъемæ хорз, дæ ныхæ стыл ахъуыды кæ ндзынæ н.

— Ахъуыды кæ н, мæ лымæ н, цæ мæ й нæ æ ндæ р хатт ацы хъуыддагыл дзурын мауал бахъæ уа, науæ д...

— Науæ д, мæ нæ й дæ уæ н хæ лар нал ис, зæ гъыс?

— Афтæ нæ зæ гъын, фæ лæ... Ау, ацал-ауал азы дын хæ сты цæ хæ ры æ нцондæ р уыд? Цал хатты ныххурх кодтай саутæ хæ ссæ г мæ лæ ты? Цал зæ ххон зындзинадыл фæ уæ лахиз дæ? Уæ дæ ацы дæ лимонты хойрагыл дæ къух цæ уылнæ сисыс? Хъуамæ адæ ймаг йæ монцтыл уæ лахиз кæ на.

Лади йæ къух мæ уæ хскыл авæ рдта æ мæ мæ м аххосджынау бахудт. Изæ рдалынгты кæ рæ дзийæ н зæ рдиаг хæ рзбон загътам.

... Азтæ та рæ стæ джы базыртыл хърихъуппытау нæ сæ рты тахтысты. Хистæ ртæ кæ рæ дзи фæ дыл цардæ й ивгъуыдысты. Кæ стæ ртæ рæ зыдысты æ мæ иугай-дыгай хистæ рты бынат ахстой.

... Мæ хæ ларимæ та сæ мбæ лдыстæ м Садонгомы. Ацы хатт ссæ дз азы фæ стæ. Фæ хæ стæ г стæ м хистæ ры кармæ: æ нусы æ мбис фæ сте фæ уагътам. Мæ рагон лымæ ны уындмæ мæ зæ рдæ бамæ гуыр: тамако æ мæ арахъхъ сæ куыст кодтой — сфыхтой лæ джы. Лади зындис йæ карæ й бирæ хистæ рхуыз: цæ сгом, хъуыртæ — æ нцъылдтæ, арфдзæ уаг дзывыры ауæ дзтау бæ рæ г дардтой. Уæ хсчытæ фæ гуыбыр сты, раздæ рау йæ къахайст фидар нал уыд, йæ хъæ лæ с ныффæ сус тамако æ мæ арахъхъы маргджын буаргъæ дтæ й. Йæ цæ стытыл æ рбадт згæ хуыз хæ рв... Мæ мидбынат лæ угæ баззадтæ н, мæ дзыхы дзырд нал бадт.

— Нал мæ зоныс æ ви? — схæ цыд йæ цæ нгтыл Лади.

— Зонгæ бæ ргæ, фæ лæ цы хуызы бынæ й кæ сыс... Рынчын ма уай?

— Цæ й рынчын дæ н, мæ хæ лæ р, фæ лæ азтæ, азтæ...

— Уыдонæ н галтæ, бæ хтау бауромæ н нæ й... Æ рмæ ст дæ м маргхъæ стæ бæ лæ гъы дон æ мæ хъылма фæ здæ гыл дæ къух сисыны хъару нæ разынд.

— Бæ ргæ, куы разындаид, мæ хицæ й æ хсызгондæ р никæ мæ н уаид... Æ з Толстой нæ дæ н, — тыххудт бакодта йæ мидбылты.

— Толстой æ мæ нын бирæ æ ндæ р куырыхон адæ ймæ гтæ цы зонд æ мæ бынтæ ныууагътой, уыдонæ й пайда кæ нын хъæ уы. Дæ у та зонын, ис дæ м ныфс, хъару, æ хсар: равдыстай сæ Фыдыбæ стæ йы Стыр хæ сты азты. Цæ уылнæ сæ м æ рсидыс æ ххуысмæ? Цæ мæ н дæ бахъуыд адзал афонæ й раздæ р? Ахъуыды кæ н, цалынмæ бынтон нæ ма барæ гмæ... Кæ ннод стыр фæ смон фæ кæ ндзынæ.

— Фæ смон? Ома куыд фæ смон?

— Афтæ, æ рæ джиауы фæ смон.

— Уæ ддæ р?

— Уæ ддæ р, уæ ддæ р!.. Мæ нæ Уæ рхæ джы кæ стæ р фырт Æ хсæ ртæ г гуырысхойы охыл йæ хистæ р Æ хсары куыд амардта, стæ й, йе ’фсымæ ры рæ стдзинад базонгæ йæ, куыд æ рфæ смон кодта, гъе афтæ... Йæ хи дæ р куы амардта.

— Гъемæ мæ кæ д арахъхъ æ мæ тамако амардзысты, уæ д ма рагацау та мæ къух мæ химæ цæ мæ н исон, — здæ хта хъазынырдæ м ныхас.

— Бар дæ хи, фæ лæ... — банкъуыстон мæ сæ р, æ мæ та мæ зæ рдыл æ рбалæ ууыдысты Толстойы карз ныхæ стæ: «Кæ д дæ м зианхæ ссæ г æ взæ р мийыл дæ къух сисыны хъару нæ й, уæ д дæ хи нæ хоныс адæ ймаг, æ мæ суанг фос дæ р, фæ лæ хуымæ тæ джы уæ вæ гой — дзаума».

— Цæ й, цы бирæ йыл дзурæ м, хуыцауы тæ рхонæ н аивæ н нæ й, алкæ мæ н йæ хъысмæ т йæ ныхыл фыст у... Адзалæ й раздæ р нæ амæ лдзынæ н, ма мын тæ рс, — райста мын Лади мæ къух. — Ныр та уал фæ ндараст кæ н.

Алчи нæ йæ фæ ндагмæ ахызт.

Бонтæ, азтæ та пæ р-пæ рæ й тахтысты æ нусон рæ стæ джы базыртыл. Мæ царды уавæ ртæ м гæ сгæ мæ н бахъуыд мæ цæ рæ н бынат аивын. Фæ лæ райгуырæ н уæ зæ г искуы-иу куыд ацæ уа адæ ймагæ й, фæ стæ мæ никæ мæ й рох кæ ны. Нæ ферох мæ нæ й дæ р æ мæ къорд азты фæ стæ раздæ хтæ н мæ хъæ убæ стæ м. Рацыдаид мæ й, фылдæ р, афтæ мæ м иу райсом постхæ ссæ г æ рбалæ вæ рдта фыстæ г. Къонвертмæ æ ркастæ н: Ладийæ. Тагъд-тагъд æ й айхæ лдтон æ мæ кæ сын: «Мæ зынаргъ Абег, нæ фæ стаг фембæ лдæ й нырмæ рацыд дæ с азæ й фылдæ р... Нал дæ хабар хъусын, нал æ мбæ лгæ кæ нæ м... Чи зоны мыл ацы гæ ныстон тамако æ мæ нозтæ й дæ зæ рдæ фæ худт? Кæ д афтæ у, уæ ддæ р дæ аххосджын нæ кæ нын, раст дæ дæ хицæ н мæ ницы агуырдтай, фæ нды дæ мæ хорздзинад. Æ з дæ м нæ байхъуыстон æ мæ абон, дæ хи загъдау, фæ смон кæ нын, æ рæ джиауы фæ смон... Ныр дæ м фыссын республикон рынчындонæ й. Дохтыртæ ма мын зæ рдæ тæ бæ ргæ æ вæ рынц, тагъд дæ низæ й фервæ здзынæ, æ мæ дæ дзæ бæ хæ й рафысдзыстæ м, зæ гъгæ... Уыдон зæ рдæ вæ рæ нтæ сты, æ мбарын æ й. Ныр уалдзæ г у: æ рдз, цæ рæ гойтæ æ мæ зайæ гойтæ цин кæ нынц, æ з та... Афæ стаг рæ стæ джы дæ арæ х æ рымысынц. Кæ д дæ равдæ ла, уæ д мын дæ фенд ма бахæ лæ г кæ н. Лади».

Мæ хъуыдытæ мæ ахастой ивгъуыд азтæ м. Фыдфынтау мæ цæ стыты раз слæ ууыдысты мæ царды гуыргъахъхъ æ мæ гакъон-макъон къахвæ ндæ гтæ, мæ зонгæ тæ, мæ цалдæ р хæ лары... Уыдонимæ дыууæ -æ ртæ гамхудхæ ссæ г гадзрахатæ й цæ уæ джы. Мæ лымæ нты хуыздæ ртæ й иу уыд Лади. Ныр, уалдзæ джы къæ сæ рыл, бахауд зын уавæ ры. Адæ мы зæ рдæ ты хур æ мæ зæ хх уадзынц цин, ныфс, хъару, Лади та тыхсы рынчындоны... Уайтагъд атындзыдтон мæ хæ лармæ. Раздæ р бацыдтæ н хистæ р дохтырмæ. Уый мын радзырдта:

— Цы дын зæ гъон, нæ зонын... Уыдис нæ м консилиум дæ р, æ мæ æ рцыдыстæ м иу хатдзæ гмæ: йæ игæ ры ис ивддзинæ дтæ, йæ ныхъуырæ ны та фæ зынд рак. Уыдон сты нозт æ мæ тамакойы фæ стиуджытæ. Игæ рæ н ма исты амал уыдзæ н, фæ лæ ацы бæ ллæ хы низ... Чысыл раздæ р куы сæ мбæ лдаид, уæ д ма — гъа. Ноджы йæ тамако абон дæ р нæ уадзы.

— Гъемæ дарддæ р куыд кæ нæ м? — фæ рсын æ й.

— Чи зоны, операци ма исты радта, æ рмæ ст ахæ м вазыгджын операци скæ нын нæ уавæ ртæ нæ амонынц. Бафæ лварут Мæ скуымæ. Уым — нырыккон медицинон аппаратурæ, фæ лтæ рдджын специалисттæ, академиктæ...

— Гъемæ хорз, стыр бузныг, — арфæ йын ракодтон æ мæ Ладийы палатæ мæ бараст дæ н.

Дыккаг уæ ладзыджы тыргъты лæ ууыд цалдæ р рынчыны, уыдонимæ Лади дæ р: йæ къухы та — сигарет. Куыддæ р мæ ауыдта, афтæ йæ бырондонмæ ныппæ рста. Мæ разы лæ ууыд мæ лæ г, низæ фхæ рд гуыбыр зæ ронд лæ г. Кæ рæ дзиуыл та раздæ рау бацин кодтам. Æ рмæ ст мæ зæ рдæ йы рис мæ цæ сгомыл фæ бæ рæ г. Лади мæ фæ хатыдта.

— Рынчын исты дæ æ ви хæ дзары?.. — афарста.

— На-а-а, ахæ мæ й ницы... Кæ ддæ р мын ам операци скодтой, æ мæ мæ палатæ йы цы дыууæ æ рыгон лæ ппуйы амард, уыдон мæ зæ рдыл æ рлæ ууыдысты, — здахын ныхас æ ндæ рæ рдæ м.

— О, ахæ м фыдбылызтæ ныр дæ р вæ ййы, — загъта Лади æ нкъард хъæ лæ сы уагæ й.

— Хатт сæ хи аххос дæ р у: чи йæ фыр хъалæ й сыкъайæ богъы фæ змы, æ мæ йын æ й асæ ттынц, чи Чермены цæ ссыгыл æ рхъæ цмæ нæ лæ ууы æ мæ фыдбылызы бахауы, чи тамакойæ йæ хуылфыдзаумæ ттæ басудзы...

Цыма мæ ныхæ стæ Ладимæ ницы бар дардтой, уыйау æ дзæ мæ й лæ ууыд æ мæ гом рудзынгæ й æ ддæ мæ каст.

— Цæ й, куыдтæ дæ, дæ хи куыд æ нкъарыс?.. — фæ рсын æ й.

— Нæ зонын, уæ ллæ гъи: хостæ, судзинтæ, цырæ гътæ... схъыг сæ дæ н.

— Кæ дмæ ам хуысдзынæ, Лади? Фæ лтау Мæ скуымæ ацу. Уым дын дæ низы хатт хуыздæ р равзардзысты æ мæ дæ къæ хтыл тагъддæ р слæ удзынæ.

— Мæ хи зæ рды дæ р ис, тæ ккæ абон дохтыртæ н зæ гъдзынæ н, кæ д мæ арвитиккой.

— Æ рмæ ст уал ацы нозт æ мæ тамако фæ уадз, куы фæ дзæ бæ х уай, уæ д дын кæ дæ м ирвæ зынц.

— Гъемæ хорз, бафæ лвардзынæ н, — банкъуыста йæ сæ р.

— Цæ й, æ нæ низтæ уал кæ н, абæ рæ г та дæ кæ ндзынæ н, йæ къух ын райстон æ мæ рацыдтæ н зæ рдæ рыст, сæ ргуыбырæ й.

Дæ с боны фæ стæ Ладийы арвыстой Мæ скуыйы Герцены номыл наукон-иртасæ н онкологон институтмæ. Уайтагъд ын операци скодтой. Дыууæ мæ йы фæ стæ йæ рафыстой æ мæ йын фидарæ й бафæ дзæ хстой: «Амондджын разындтæ, операци фæ рæ стмæ, дæ игæ р дæ р йæ гаччы сбадт æ мæ раздæ рау кусы... Æ рмæ ст дæ низты аххоссæ гтæ — тамако æ мæ нозтыл хъоды бакæ н. Дæ хи сæ нæ бахызтай, зæ гъгæ, уæ д та дæ м цæ рын нæ цæ уы æ мæ ма махмæ дæ р цæ мæ н цыдтæ... »

Лади, Мæ скуыйæ Ирыстонмæ цæ угæ йæ, цалдæ р боны йæ хиуыл хæ цыд, стæ й та фыццагау дымын байдыдта. Нозтыл дæ р йæ къух бынтон нæ систа... Цас ын дзырдтой хиуæ ттæ, хæ стæ джытæ, уæ лдай тынгдæ р та йæ хæ лæ рттæ — къæ рттæ й цъула нæ аппæ рста. «Цыфæ нды фæ дзурут, нæ у ын мæ бон ныууадзын», — уыдис йæ дзуапп.

Цалдæ р мæ йы фæ стæ уыцы хъылма тамако сæ фт низы фæ стæ мæ раздæ хта. Адæ мы цыфыддæ р знаг, гæ ныстоны рак хурхы уадындзты йæ маргджын уидæ гтæ арф ауагъта æ мæ бонæ й-бонмæ, къуырийæ -къуыримæ йæ амæ ттаджы хуыдуг кæ нын байдыдта. Лæ г æ руæ ззау.

Иуахæ мы та мæ Лади бацагуырдта.

— Кæ й нæ дæ м байхъуыстон, уый тыххæ й дæ стыр хатыр курын, Абег, — дзырдта æ рхæ цгæ, тыхулæ фтгæ нгæ. — Цы бакодтон, уый мæ хæ дæ г мæ хицæ н... Адæ ймаг амæ лы, ахæ ссынц æ й йе ’нусон бынатмæ... Æ з та йæ м цæ уын хи къахæ й... Йе ’ппæ рццæ г монцтæ, йе ’взæ р ахуыр аппарыны хъару кæ мæ нæ й, уый цæ рыны аккаг нæ у. Цæ й цыбыр у нæ цард, нæ хæ дæ г та йæ ноджы цыбырдæ р кæ нæ м... Цы сты нозт, тамако? Адæ ймаджы цыфыддæ р знæ гтæ. Науæ д хахуыртæ, хæ лæ г, нымудзын, æ дзæ стуарзон митæ... Кæ д фервæ здзыстæ м уыцы дæ лимонты кæ лæ нтæ й? Кæ д бахæ сдзыстæ м арф нæ зæ рдæ тæ м арв æ мæ зæ ххы диссаджы рæ сугъддзинад? Кæ д ратдзысты дунейы дзыллæ тæ æ фсымæ ртау кæ рæ дзимæ сæ къухтæ... — Уыцы ныхæ стимæ рынчын амонæ н æ нгуылдз йæ дæ ллагхъуырмæ схаста, ома дзурын мын зын у, ды та уал уæ химæ ацу, зæ гъгæ.

Дæ балгъитæ г йæ хæ лары цурæ й ацæ уæ д мæ нау æ рхуымæ й: мæ хъуыдытæ хуымæ ллæ джы мæ цкъортау кæ рæ дзиуыл тыхстысты, мæ зæ нгтæ -иу фæ тасыдысты...

Æ ртыккаг бон мæ м телефонæ й æ рбадзырдтой: «Рухсаг уæ д дæ хæ лар Лади, ардыгæ й фæ стæ мæ цины хабæ рттæ хъус».

Мæ хæ лары хъысмæ тыл хъуыды кæ нгæ йæ мæ æ нæ бары схаудтой æ фхæ рæ н ныхæ стæ: «Цымæ уыцы рын æ мæ емынæ йы (нозт æ мæ тамако) уацайрæ гтæ цæ рыны аккаг сты? »



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.