Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФАЗЗÆТТÆ



Æ хсæ заздзыдæ й мын мæ фыд мæ къухы басагъта уæ лыгæ сы лæ дзæ г, сæ вæ рдта мæ нæ сæ ргъæ вæ рд хæ ссæ н Мæ джидыл, æ мæ рæ гътыл адардтам Хъивоны ’рдæ м. Суарæ фцæ гæ й аздæ хтыстæ м рахизмæ. Нарæ г галвæ ндаг нæ бахаста иу къуырфау сæ рвæ тмæ.

— Ай та дын Кæ фтæ рæ стон, далæ дымджыты хизынц нæ фысты дзуг, — загъта мæ фыд, йæ хæ дæ г хордзентæ систа хæ рæ джы уæ лсæ ргъæ й æ мæ бараст бæ рз уистæ й быд кæ ронгæ смæ. Æ з дæ р мæ «саулохæ й» æ ргæ пп ластон æ мæ кæ сынтыл фæ дæ н æ нахуыр хæ хтæ æ мæ къуылдымтæ м. Лыстæ г цъиуты иугæ ндзон цъыбар-цъыбур, цъырцъырæ гты цъипп-цъипп, бындзыты гуыв-гуыв зæ рдыл æ фтыдтой хæ лд фæ ндыры æ нахъинон зæ лтæ...

Фыййау уыди мæ фыды кæ стæ р æ фсымæ р Басил. Куы нæ суыдта, уæ д мæ нмæ йæ къух фæ тылдта, ардæ м рацу, зæ гъгæ. Æ з уыцы тъæ бæ рттæ й йæ цуры балæ ууыдтæ н. Йæ хъæ бысы мæ ныттыхта, афарста мæ цæ мæ йдæ рты, гъе стæ й мын фахсæ й æ рбахаста мæ ртатыччытæ æ мæ сæ нчытæ. Ноджы мын хæ рисы лæ гъз къалиуæ й сарæ зта уасæ н æ мæ, цъиуты фæ змгæ йæ, цъипп-цъипп кæ нынмæ февнæ лдтон. Сабыргай дарæ нмæ ныццыдыстæ м. Æ фсымæ ртæ м цæ уылдæ р ныхас бацайдагъ, æ з та мæ хи ирхæ фстон цъысцъысæ гтæ æ мæ нæ фыййауы куыдз Германимæ.

— Фосы бын цъыф у, лолтæ ивинаг сты, — дзуры Басил.

— Гъемæ сæ раивæ м, — æ риста мæ фыд бæ хъы сыгæ й дзæ ккор æ мæ бараст лолтæ м[1]. — Лæ ппуимæ мах ам баззайдзыстæ м, ды та хъæ уы хæ дзары куыстытæ акæ н.

— Лæ ппуйы та цæ мæ н уадзыс? Нырма æ нахъом у æ мæ æ рхуым кæ ндзæ н, иу-дыууæ азы ма йыл уæ ддæ р рацæ уа...

— Нæ, нæ, мадæ л фос баиртасын хъæ уы сæ цотæ й, кæ д иу-дыууæ къуыримæ бахуыскъ уаиккой, — йæ рихи аздыхта Гæ ба. — Ницы йын уыдзæ н, мæ хъус æ м дардзынæ н.

— Бар дæ хи, фæ лæ сывæ ллоны æ нахъомæ й æ фхæ рын раст нæ у, мастæ н æ й хæ сдзæ н, — бахъынцъым кодта Басил.

— Цæ й, ууыл та цы дзурæ м, — æ рбакаст Гæ ба мæ нмæ, — сывæ ллон куыстыл куыд тагъддæ р фæ цалх уа, афтæ йæ хицæ н хуыздæ р у.

Басил ма йæ сæ р банкъуыста æ мæ ныхъхъус. Лолтæ ивд фесты. Фосæ н цæ хх бадардтой, банымадтой сæ. Изæ рæ рдæ м Басил хæ рæ гыл цилты уаргъ сæ вæ рдта æ мæ ацыд хъæ умæ.

Сæ умæ йæ равзæ рстам цот. Фосы уасын бæ стæ арыдта. Уыцы бонæ й фæ стæ мæ сдæ н уæ лыгæ с. Иу къуыри ахаста хур рæ стæ г. Мæ хи ирхæ фстон сæ ныччытимæ, фæ змыдтон цъиуты мæ уасæ нæ й, æ ртыдтон-иу хæ рздæ ф дидинджытæ. Гъе, фæ лæ фæ стагмæ æ рхуым кæ нын байдыдтон: мысыдтæ н мæ мады, бинонты, ме ’мхъазин æ мгæ ртты. Райдыдтон мæ химæ хъусын, кæ уын... Мæ фыд стырзæ рдæ лæ г уыд: фос-иу фæ срæ гътæ м ауагъта, æ з та бон-изæ рмæ калдтон цæ ссыг. Фыр куыдæ й-иу мæ цæ стытæ ныссырх сты, дæ лдзæ стытæ барæ сыдысты. Мæ фыд, æ вæ ццæ гæ н, ницы фиппайдта, мæ хæ дæ г та йын зæ гъын нæ уæ ндыдтæ н. Рацыд дыууæ къуырийы. Цардыстæ м хъæ бæ рхоры кæ рдзын æ мæ сæ гъы æ хсырæ й.

Иу райсом мæ фосимæ ныфтыдтæ н донгоммæ. Фæ ссихор фæ зынд дондыппыр хæ рæ мигъ, æ мæ бон нытталынг, фосы нал уыдтон, хъуысыд ма мæ м æ рмæ ст се стыф. Нал зарыдысты мæ ргътæ дæ р: мæ зæ рдæ суынгæ г, цыдæ р тас мæ бацыд. Мæ фыдмæ цалдæ р хатты ныхъхъæ р кодтон. Дзуапп куы нæ уыди, уæ д аххæ й ныккуыдтон. Цас ма рацыдаид, афтæ мæ м хæ рз хæ стæ гæ й æ рбайхъуыст кæ йдæ р фæ лмæ н ныхас:

— Лæ ппу, мæ хур, кæ угæ ма кæ н, фæ цæ уын дæ м.

Æ васт фæ хъус дæ н. Уыйхыгъд мыл хæ къуырццæ г бахæ цыд, ныффæ сус дæ н. Зæ рдæ лхæ нæ н дзыбандытæ гæ нгæ, мæ уæ лхъус æ рлæ ууыд æ нæ зонгæ зæ ронд лæ г.

— Уый хæ рз къаннæ г лæ ппу куы дæ, — æ руагъта мæ русыл йæ дæ рзæ г арм, — уæ, тæ ригъæ дджын фæ уай, Гæ ба, кæ д æ нахъом сабийы куыд æ фхæ рыс. Фæ лæ уу, мæ бар æ й бауадз, æ з ын алывыдтæ куы нæ акалон. Айразмæ мын дзырдта дæ у тыххæ й.

— Æ мæ ды чи дæ? — афарстон æ й уынгæ г хъæ лæ сæ й.

— Æ з Аслæ нбег дæ н, уæ хæ стæ г, далæ Зджыды цæ рын. Ам та фыййау вæ ййын, мæ нæ Дуцæ ны бадын... Мæ фосы къорд кæ йдæ р бар фæ уагътон, зæ гъын, уыцы лæ ппумæ бауайон.

Аслæ нбег, мæ къухыл хæ цгæ, уæ рыквос сыскъæ рдта нæ бынатмæ. Гæ байы æ рбацыдмæ мын хаста æ мбисæ ндтæ, кодта худæ н ныхæ стæ. Æ з бахъæ лдзæ г дæ н. Уалынмæ фæ зынд мæ фыд дæ р. Аслæ нбег ын мæ н тыххæ й «йæ хъуын» ацагъта:

— Уыцы кары сывæ ллон зæ рдылдараг у, — бауырдыг æ м и, — рагбонты йæ куы фæ риссын кæ най, йæ зæ рдæ йын куы скъахай, уæ д дæ м хæ рам ахæ сдзæ н, дæ цæ стмæ дын æ й дардзæ н, фæ стагмæ та дæ коммæ нал кæ сдзæ н.

— Гъемæ хорз, тæ ккæ райсом æ й искæ имæ хъæ умæ арвитдзынæ н, баст куы нæ у, мыййаг, — йæ хи раст кодта мæ фыд.

— Уадз, иу къорд азы ма рæ за уæ зæ гыл, хъаза йе ’мгæ рттимæ, — дзырдта йын Аслæ нбег...

Фæ стагмæ дыууæ лæ джы бавнæ лдтой сæ хи царды хабæ рттæ м.

Мæ фыд дзырдта, революцийы размæ Америкмæ цардагур куыд ацыд, авд азы дзы куыд фæ рахау-бахау кодта, уыдæ тты тыххæ й. Аслæ нбег дæ р, цы даргъ æ мæ гуыргъахъхъ фæ ндæ гтыл ауад, уыдонæ й æ рхаста цалдæ р цæ виттоны. Иу хабар дзы абоны онг мæ зæ рдыл бадардтон æ мæ йæ фыссын.

— 1905 азы Садоны кусджытæ растадысты се ’фхæ рджыты ныхмæ, — дзырдта Аслæ нбег. — Уыдон та уыдысты францаг æ мæ бельгийаг концессионертæ. Æ з дæ р уым куыстон, æ мæ кæ йдæ ртимæ нымад æ рцыдтæ н æ взæ ргæ нæ гыл. Цалдæ рæ й нæ аластой Дзæ уджыхъæ уы ахæ стонмæ. Немæ уыдис алы адæ мыхæ ттытæ: уырыссæ гтæ, кæ сгæ ттæ, цæ цæ йнæ гтæ, гуырдзиæ гтæ... Мах иу камерæ йы бадтыстæ м дæ сæ й. Мæ зæ рдæ мæ дзы фæ цыд æ рыгон цæ цæ йнаг лæ ппу — Вахæ. Цæ виттон, сæ хъæ уккаг чызг Сæ лизæ тимæ уарзтой кæ рæ дзийы. Хъуамæ йæ æ рхастаид. Уæ д иу фæ рсагхъæ уккаг къуыдипп йæ хицæ й хъæ батыр ацарæ зта æ мæ цалдæ р æ мбалимæ аскъæ фта чызджы. Фæ сте сæ асырдтой. Фæ дисæ тты разæ й йæ саулохыл уади Вахæ. Скъæ фджыты баййæ фта иу хъæ ды къохы æ мæ сæ м дзуры:

— Кæ д Сæ лизæ ты раскъæ фæ г йæ хи лæ г хоны, уæ д рацæ уæ д лæ гæ й-лæ гмæ. Чи фæ уæ лахиз уа, чызг уый фæ уæ д!

— Мæ нæ æ з, цæ мæ й хæ цыс?! — размæ ралæ ууыд скъæ фæ г.

— Цæ мæ й дæ фæ нды, уымæ й!

— Уæ дæ кæ рдтæ й!

Лæ ппуты къухты ферттывтой сауфистонджын хъаматæ. Райхъуыст сæ цъыкк-цъыкк. Цæ хæ р калдтой æ ндонком цыргъæ гтæ. Уайтагъд Вахæ æ рсæ рфта скъæ фæ джы уæ хск. Галиу цонг зæ булæ й аззад — туг фемæ хст. Уый ауынгæ йæ, скъæ фджытæ й иу топпæ й æ рбахста Вахæ йы, фæ лæ фæ ивгъуыдта. Уалынмæ иннæ фæ дисæ ттæ дæ р фæ зындысты æ мæ чызджы байстой.

Скъæ фæ джы цонг бахуыскъ, æ мæ йын æ й алыг кодтой. Вахæ йы æ рцахстой. Кæ д аххосджын нæ уыд, уæ ддæ р ын рахастой карз тæ рхон — цыппар азы ахæ стоны фæ бадын... Фæ лæ Вахæ йæ н уыди йæ хи халдих фаззон æ фсымæ р — Вахид. Кæ рæ дзийæ сæ ничи æ взæ рста: хатт сыл сæ мад дæ р рæ дыд.

Бадтыстæ м, уæ дæ цы уыдаид. Аз нын дыууæ хатты уыдис хиуæ ттимæ фембæ лыны бар. Иуахæ мы та Вахæ мæ асидтысты, уæ хицæ й дæ м æ рбацыдысты, зæ гъгæ. Фæ стæ мæ æ рбаздæ хт дуне алыхуызон хæ ринæ гтимæ. Не ’ппæ ты дæ р хорз федта, æ мæ æ хсæ вы æ фсæ стæ й не ’фсæ йнаг сынтæ джытыл нæ хи æ руагътам. Вахæ имæ хуыссыдыстæ м фæ рсæ й-фæ рстæ м. Æ з уайтагъд афынæ й дæ н, фæ лæ лæ ппуйы змæ лынмæ цалдæ р хатты райхъал дæ н.

— Вахæ, рынчын исты дæ, цæ уылнæ фынæ й кæ ныс? — дзурын æ м.

— Рынчын бæ ргæ нæ дæ н, фæ лæ ацы хъæ бæ рыл мæ фæ рстæ риссынц. Стæ й камерæ цыдæ р хъылма тæ ф кæ ны, мæ зæ рдæ змæ нты...

— Уый та куыд, æ ви дын фыццаг хатт у? — фæ рсын æ й.

Лæ ппу иуцасдæ р ницы дзырдта. Æ рæ джиау йæ былтæ мæ хъусыл авæ рдта:

— Бахатыр кæ н, Аслæ нбег, мах ам демæ аз æ мæ æ рдæ г стæ м, кæ рæ дзийы хорз бамбæ рстам. Ды æ ууæ нкджын лæ г дæ, дæ уыл исты басусæ г кæ нын уаид тæ ригъæ ддзинад... Стыр хатыр дæ курын, иу хъуыддаг дæ кæ й æ мбæ хстон, уымæ й.

— Уагæ р цы у, Ваха?

— Æ з Вахæ дæ н, уый зоныс, фæ лæ абон ардыгæ й чи ацыд, уый уыд мæ фаззон æ фсымæ р Вахид... Кæ рæ дзийы ивæ м æ хсæ з мæ йæ æ хсæ з мæ ймæ. Вахид дæ р мын фæ дзæ хста, Аслæ нбег æ ууæ нкджын адæ ймаг у, æ мæ йын ацы хатт нæ сусæ гдзинад схъæ р кæ н, зæ гъгæ... Æ ддейы хабæ рттæ, дам, ын радзурдзынæ, æ хсызгон ын уыдзæ н.

Цасдæ р дзырдхъом не сдæ н. Вахæ йы ныхæ стæ мыл гуырысхо бафтыдтой. «Ау, ахæ м хуырым дæ н, фарстон мæ хи, кæ ннод сæ иннæ тæ й куыд ничи бафиппайдта, æ ви адæ м иууылдæ р гамхудтæ хæ ссынц? »

— Мæ ныхæ стыл дызæ рдыг кæ ныс, Аслæ нбег? — фæ рсы мæ.

— Уæ ллæ гъи, нæ зонын... Кæ нын æ мæ нæ кæ нын.

— Уæ дæ баууæ нд. Мах нæ ныййарæ г мадæ н дæ р фæ ивддзаг вæ ййæ м. Нæ хицæ ндзинад — нæ уæ лæ дарæ с. Æ з абон ссыдтæ н цухъхъаты, уыдис мыл кæ нгæ рихитæ. Мæ уæ лæ дарæ с æ мæ рихитимæ Вахид ацыд нæ химæ, æ з та нæ «райдзаст уатмæ » æ рбацыдтæ н ахæ сты бызгъуырты. Базонæ н нын ис иу нысанæ й, — бахудт Вахæ. — Вахиды сæ ры ис æ ртæ зиллаччы, мæ н сæ ры та — иу. Уый нæ бинонты йеддæ мæ ничи зоны. Ам та нæ сæ ртæ æ лвыд æ мæ дзы цæ й зиллакк бæ рæ г и...

— Диссаг.... Хъахъхъæ нджытæ та уæ куыд никуы бафиппайдтой?

— Уыцы хамасхор маймулиты дæ р адæ мыл нымайыс? — Цыдæ р хæ рзад хæ ринæ гтæ æ мæ сын нозт авæ рæ м... Гуыбындзæ лтæ сæ хи айсынц, мах та хибарæ й баззайæ м, æ мæ нæ фæ ндон нæ бар, минутмæ иу иннæ йы цармы абыры.

Лæ ппу ма мын ноджы æ хсæ нады цаутæ, сæ бинонты царды хабæ рттæ куы ракодта, уæ д мæ йæ ныхæ стæ бауырныдтой.

— Сæ лизæ т та дын цы фæ ци? — басхуыстон æ й мæ рæ мбыныкъæ дзæ й.

— Дæ фарн бирæ уæ д, Аслæ нбег, хистæ р дæ... — фæ тыхст Вахæ.

— Цæ й, цæ й, ацы зындоны æ мгæ рттæ стæ м, чи нæ фæ рсы хистæ рæ й, кæ стæ рæ й, — фæ лмæ н æ руагътон йæ русыл мæ къух, — дæ хорз хабæ рттæ м мæ зæ рдæ барухс, Вахæ, мæ фæ ндиагæ й адæ мы сæ р уаис...

— Бузныг, Аслæ нбег... Чызг æ нхъæ лмæ кæ сдзæ н мæ ацыдмæ. Æ рхæ ссиккам æ й, фæ лæ хицауады хъустыл исты куы æ рцæ уа... Йæ бинонтæ æ ндæ р минæ вæ ртты хæ стæ г нæ уадзынц, чызг лæ вæ рд у, зæ гъгæ.

— Гъемæ тагъд дæ хæ дзарыл дзæ бæ хæ й сæ мбæ л æ мæ Сæ лизæ тимæ æ мзай-æ мзæ ронд баут, — арфæ йын ракодтон.

— Чындзæ хсæ в æ нæ дæ у не скæ ндзыстæ м, Аслæ нбег, нæ фыд дæ р афтæ зæ гъы... Мах ын дæ у тыххæ й дзырдтам, фæ нды йæ дæ фенын. Куы суæ гъд уай, уæ д нæ м-иу фæ зын, кæ ннод дæ р мæ хæ дæ г Зджыдмæ бауайдзынæ н.

— Уыцы бонтæ ныл сæ рæ гасæ й æ рцæ уæ нт, мæ хæ лар, стæ й фендзыстæ м, исты авд хохы фæ стæ куы нæ цæ рæ м, мыййаг, — балхæ дтон ын йæ зæ рдæ.

— Бузныг, Аслæ нбег, æ з дыл æ ууæ ндын, — бахъæ лдзæ г Вахæ.

Сæ рдыгон цыбыр æ хсæ в уайтагъд афардæ г. Рабадтыстæ м не ’ндон сынтæ джытыл. Уынгæ джы бонтæ та ныл, зымæ гон æ хсæ втау, адаргъ сты...

Цалдæ р мæ йы фæ стæ æ з ссæ рибар дæ н. Вахæ æ мæ Вахид ма фæ бадтысты дыууæ азы, гъе стæ й дзæ бæ хæ й сæ фæ рныг хæ дзары æ рæ нцадысты... Царды ивылд уылæ нтæ та нæ айстой сæ уæ лныхты.

... Иу бон кæ сын, æ мæ нæ кулдуармæ æ рфистæ г æ нахуыр уазæ г. Хæ стæ г æ м бацыдтæ н: базыдтон мæ хъаймæ ты хæ лары, фæ лæ джихæ й лæ ууын.

— Дæ бонтæ хорз, Аслæ нбег, — худы мæ м, — æ з Вахид дæ н, ма та нæ фæ хæ ццæ кæ н.

Куыннæ йыл бацин кодтаин. Кæ рæ дзийы фæ фарстам хабæ рттæ й, базонгæ мæ бинонтимæ.

— Аслæ нбег, мæ фыд мæ дæ умæ рарвыста, æ рцу, кæ рæ дзийы, дам, базонæ м.

— Уæ д Вахæ йы хъуыддаг цы баци? — афарстон æ й.

— А дыууæ боны нæ м чындзæ хсæ в уыдзæ н.

Æ хсæ вы æ рымысыдыстæ м ахæ стоны цаутæ. Сæ умæ райсом нæ хайуантыл сæ ргътæ бавæ рдтам æ мæ адардтам Уæ лладжыры кæ мтты. Чындзæ н, бинонтæ н мемæ айстон цыдæ р лæ вæ рттæ. Бæ хтæ н тæ ригъæ д кæ нгæ йæ, Дзæ уджыхъæ уы бахсæ виуат кодтам. Дыккаг бон рагацау ныххæ ццæ стæ м Вахиды хъæ у Гехимæ. Лæ ппуйы фыд Ислам æ мæ мыл йæ бинойнаг Зæ йнап зæ рдиаг тавицтæ фæ кодтой. Изæ рæ й фæ сидтысты хиуæ ттæ м, сыхæ гтæ м, æ мæ ма ды дæ р уым куы уыдаис...

Æ ртыккаг бон уыдис Вахæ йы чындзæ хсæ в. Кæ д æ гъдæ уттæ цыдысты пысылмон дины уагыл, уæ ддæ р мæ чызг æ мæ лæ ппуйæ н равзæ рстой кадджын фыдæ й. Сæ лизæ ты ныхæ стæ ма дарын мæ зæ рдыл: «Кæ д дæ никуы федтон, уæ ддæ р дæ зонын... Дзырдтой мын Вахæ æ мæ Вахид. Цалдæ р азы размæ мæ фыд ахицæ н ацы дунейæ, фæ лæ мын дæ у хуызы фæ стæ мæ раздæ хт». Чызджы цæ стытæ доны зылдысты...

Сæ дыууæ йы дæ р хуыцау æ мæ пехуымпарыл бафæ дзæ хстон.

— Нæ уарзон фыд Аслæ нбег, барвæ сс нæ лæ варыл, — загъта Вахæ æ мæ стъолыл æ рæ вæ рдта къахæ й-къухмæ мæ фæ лыст. Сæ сæ рыл — бухархуд æ мæ ливор. Уæ лæ дарæ с уыди Сæ лизæ тæ н йæ хи къухты фæ ллой.

Æ рхæ ццæ мæ цæ уыны бон. Зæ рдиаг фæ ндараст мын загътой Исламы бинонтæ, йæ хæ стæ джытæ, йæ сыхбæ стæ... Гъе, афтæ мæ сбуц кодтой Гехийы хъæ уы мæ цæ цæ йнаг хæ лæ рттæ. Вахид æ мæ Вахæ мемæ æ рцыдысты суанг Салыгæ рдæ нмæ...

Ислам йæ уæ лæ уон хæ с бафыста, рухсаг уæ д, фæ лæ йæ фырттимæ ныртæ ккæ дæ р цæ рæ м хæ ларæ й. Мæ нæ ма ацы куырæ т дæ р Сæ лизæ ты лæ вæ рттæ й у, — æ рдаудта йын йæ тæ рттæ къухæ й, — кæ ддæ р мыл, гъе, ахæ м цау дæ р æ рцыд, — фæ ци йæ ныхас 70-аздзыд Аслæ нбег æ мæ кæ ронгæ сы къулæ й æ рбайста йæ фыййауы лæ дзæ г.

— Хуыцауæ н табу, лæ г куы цæ ра, уæ д цы нæ æ взары, — загъта мæ фыд.

— Ацы сабийы арвит хъæ мæ, мауал æ й удхарæ й мар, — фæ дзæ хста ма цæ угæ -цæ уын Аслæ нбег Гæ байæ н.

Изæ рдалынгты æ рхуымæ й бафынæ й дæ н кæ ронгæ сы. Цалдæ р хатты мæ цæ стытыл ахъазыдысты Аслæ нбег æ мæ уыцы фаззæ ттæ, талынг ахæ стон...

Сæ умæ йæ уæ рыччыты бауагътам зæ ддæ гтæ м.

— Ныр сæ дæ йæ нт, сæ мадæ лтæ бахуыскъ сты, — загъта Гæ ба.

— Мæ хæ дæ г сæ хиздзынæ н... Æ рмæ ст фæ ндаг бахъуыды кæ н æ мæ -иу мын æ ртæ бонæ й æ ртæ бонмæ хæ рæ гыл хæ ринаг сдав.

Мæ фыд мæ фæ ссихор, Садонæ й Уæ ллагкомы ’рдæ м чи цыд, иу ахæ м бæ лццæ ттимæ арвыста нæ химæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.