|
|||
Ссæдзæм сæрСсæдзæм сæр Ралæууыд Ног аз, æмæ каникултæ райдыдтой. Алы хæдзары дæр уыдис рæсугъд ёлкæ. Алчи дæр уыдис хъæлдзæг, алкæмæн дæр бæрæгбон. Æз æмæ Костя дæр уыдыстæм бæрæгбоны хъæлдзæг, фæлæ мах сфæнд кодтам каникулты рæстæг канд тезгъо кæнын нæ, фæлæ ахуыр кæнын дæр. Каникулты фыццаг бон æз æмæ Костя бацыдыстæм Ольгæ Николаевнæмæ æмæ нын радта уроктæ каникулты рæстæгæн. Костямæ ахуыр кæнын афтæ тынг æрцыдис, æмæ разы уыд æнæхъæн бонтæ ахуыр кæныныл дæр, фæлæ æз сфæнд кодтон: бон ахуыр кæндзыстæм дыууæ сахаты, иннæ рæстæг та тезгъо кæндзыстæм, нæ фæллад уадздзыстæм кæнæ кæсдзыстæм чингуытæ. Афтæ ахуыр кодтам алы бон дæр, æмæ Костя ахуыры рæвдзæй-рæвдздæр кодта. Каникултæ куы фесты, уæд нæм уалынмæ уыд диктант æмæ дзы Костя тройкæ райста. Костя афтæ цин кодта, афтæ, æмæ цыма уый тройкæ нæ уыд, фæлæ цыма уыд æцæг пятёркæ. — Цæуыл афтæ тынг цин кæныс? — афарстон æй æз. — Тройкæ уый бæрц бæллиццаг бæрæггæнæн куы нæу. — Ницы кæны, ныртæккæ мæнæн тройкæ дæр хорз бæрæггæнæн у. Æз фыссынæй тройкæ рагæй нал райстон. Фæлæ æз ууыл нæ ныллæудзынæн. Иннæ хатт кæд четвёркæ нæ райсон, уæд ма-иу фæкæс, стæй пятёркæмæ дæр схæццæ уыдзынæн. — Æнæмæнг дæр схæццæ уыдзынæ, — загъта йын Юрæ. — Фæлæ ды нырма пятёркæйы кой ма кæн, фæлæ уал дын уæд четвёркæ, æмæ уæд нæ къласы иунæг тройкæджын дæр нал уыдзæн. Ныр лæппутæн сеппæтæн дæр ис æрмæст четвёркæтæ æмæ пятёркæтæ. — Тæрсгæ ма кæ, — дзуапп радта Костя, — хъуыддаг иууылдæр хорз уыдзæн. Ныр нæ къласы нал æгад кæндзынæн. Æз ныр бамбæрстон, алчи дæр йæ къласы кадыл кæй хъуамæ тох кæна, уый. Æз дæр ма куы стох кодтон, куыд æмбæлы, афтæ, æмæ мæ ныр бирæ нал хъæуы. Ольгæ Николаевнæйæн дæр æхсызгон уыд, Шишкин хуыздæр ахуыр кæнын кæй райдыдта, уый. — Афон уын у, лæппутæ, æхсæнадон куыстыты бацæуынæн, — загъта нын Ольгæ Николаевнæ. — Алчи дæр исты куыст кæны иумæйаг пайдайæн, æрмæст сымах ницы куыст кæнут. — Ныр, — зæгъын, — мах дæр исты куыст райсдзыстæм. — Райсдзыстæм, — загъта Костя. — Мæн рагæй фæндыди къулы газеты кусын, фæлæ мæ редколлегимæ не ’взарынц. — Раст у, — зæгъын. — Къулы газеты редколлегимæ нæ равзарæнт. — Редколлегимæ уын нырма раджы у. Уым хъуамæ тæккæ авторитетджындæр лæппутæ кусой, — загъта Ольгæ Николаевнæ. — Махæн уæлдай нæу, цыфæнды æндæр куыстыл дæр разы стæм, — загъта Костя. — Кæд дæ фæнды, уæд нæ равзарæнт санкъамисмæ. Æз ма уыдтæн санкъамисы, дыккаг къласы куы ахуыр кодтон, уæд. Æз бирæ уарзтон къласыл зилын æмæ алкæмæн дзурын, цæмæй сæ къухтæ æхсой, стæй сæ хъустæ дарой сыгъдæг. — Санкъамис нæм равзæрстой. Кæд уæ фæнды, уæд уын ратдзынæн хорз куыст. Саразын хъæуы къласы библиотекæ. Лæппутæн чингуытæ дæтдзыстут. — Æмæ нын, — зæгъын, — чингуытæ кæм уыдзæн? — Чингуытæ райсдзыстут скъолайы библиотекæйæ. Скъапп та уын æз ссардзынæн. — Æз разы дæн, — загъта Костя. — Æз уарзын чингуытæ кæсын. — Æз дæр, — зæгъын, — разы дæн. — Гъемæ хорз. Бацархайут, цæмæй уат хорз библиотекæртæ. Хъахъæнут чингуытæ чъизийæ, скъуынынæй æмæ кæсут, сывæллæттæ дæр сæ куыннæ скъуыной æмæ чъизи кæной, афтæ. Мах бацыдыстæм нæ библиотекæршæ Софья Ивановнæмæ æмæ йын загътам, мах дæр ныр цыппæрæм къласы библиотекæртæ уыдзыстæм æмæ нæ чингуытæ хъæуы, зæгъгæ. — Æгайтма уыдзыстут, — загъта Софья Ивановнæ. — Цыппæрæм къласæн мæм чингуытæ ис. Ныртæккæ сæ хæссут? Софья Ивановнæ нын цыппæрæм къласæн радта чингуытæ æнæхъæн æргъом æмæ сæ мах æрбахастам нæ къласмæ. Чингуытæ уыдысты бирæ, фондзыссæдзы бæрц, фæлæ сæ скъаппы тæрхæджытыл куы равæрдтам, уæд нæм чысыл фæкастысты, уымæн æмæ æртæ тæрхæджы бацахстой, æртæ тæрхæджы та афтидæй баззадысты. — Уæд та ма чингуытæ нæхицæй æрхæссиккам, цæмæй нæм фылдæр уа? — загъта Костя. — Мæнæн мæ бон у фондз кæнæ æхсæз чиныджы æрхæссын. — Æз дæр, — зæгъын, — иу-фондз æрхæсдзынæн, фæлæ уый æгъгъæд нæу. Æртæ тæрхæджы фаг нæ уыдзысты. — Цымæ куыд уаид, лæппутæн куы зæгъиккам, уæд? Чи зоны сæ искæмæты разына зæронд чингуытæ, кæй бакастысты, ахæмтæ. Уадз æмæ сæ библиотекæйæн æрхæссой. Мах уый тыххæй баныхас кодтам Ольгæ Николаевнæимæ. — Гъемæ хорз, лæппутæн зæгъут, чи зоны, сразы уой уæ фæндоныл, — загъта Ольгæ Николаевнæ. Дыккаг бон мах къласы лæппутæн фехъусын кодтам, ныр нæхи къласы кæй уыдзæн библиотекæ, æрмæст нæм чингуытæ тынг бирæ нæма ис, æмæ кæй фæнды, уыдон библиотекæйæн уæд та фæйнæ чиныджы дæр æрхæссæнт, зæгъгæ. Лæппутæ иууылдæр сразы сты уыцы фæндоныл, æмæ сæ алчи дæр æрхаста чи иу чиныг, чи дыууæ, бирæтæ та æрхастой фылдæртæ. Уый бæрц чингуытæ æрхастой, æмæ скъапп йæ тæккæ дзаг баци. Мах хъавыдыстæм уыцы фæдыл лæппутæн чингуытæ дæттынмæ, фæлæ Ольгæ Николаевнæ загъта, раздæр журнал саразын хъæуы? зæгъгæ. Мах райстам бæзджын тетрад æмæ дзы алы чиныг дæр ныффыстам, номыр ыл сæвæргæйæ. Ныр-иу исты чиныг агурын куы хъæуа, уæд-иу чингуытæ алы полкæтыл нæ ракъах-бакъах кæндзыстæм, фæлæ-иу журналмæ æркæсдзыстæм. Костя цин кодта, нæ библиотекæйы ныр ахæм хорз æгъдау æвæрд кæй æрцыдис, ууыл. Уæлдай æхсызгондæр ын уыди, тæрхæджытæ иууылдæр чингуытæй се дзаг кæй уыдысты, уый. — Гъе ныр тынг хорз у! — загъта Костя. — Бафтауын дæр æмæ аппарын дæр дзы ницыуал хъæуы. Скъаппы дуар та-иу байгом кодта æмæ-иу чингуытæм цингæнгæйæ касти. Чингуытæй иуæй-иутæ уыдысты зæронд. Иуæй-иутæн ма сæ хъæбæр цъæрттæ тыххæй хæцыдысты, кæнæ та сæ сыфтæ фæхицæнтæ сты. Мах сфæнд кодтам ахæм чингуытæ нæхимæ ахæссын æмæ баныхасын. Æмæ куыддæр нæ уроктæ иууылдæр скодтам, афтæ Костяимæ нæхимæ араст стæм, уымæн æмæ мæнмæ нæхимæ клей уыдис æмæ ныхасыныл сбадтыстæм. Ликæ мах чингуытæ ныхасгæ куы федта, уæд æй бафæндыд махæн æххуыс кæнын. Уæлдай фылдæр кусын бахъуыд хъæбæр цъæрттыл. Костя æдзух хъуыр-хъуыр кодта. — Ай диссаг нæу! — дзырдта Костя. — Раст цыма лæппутæ чингуытимæ хъæбысæй хæцынц. Æви кæрæдзийы сæртæ хойынц чингуытæй? — Уый чи цæвы кæрæдзи чингуытæй? — бафарста Ликæ. — Чингуытæ æппындæр уый тыххæй не сты. — Уæдæ чингуыты хъæбæр цъæрттæ цæмæн фæхицæн сты? Ау, æз æнцад куы бадон æмæ чиныг куы кæсон, уæд йæ хъæбæр цъар фæхицæн уыдзæн? — Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фæхицæн уыдзæн. — Æз дæр гъе ууыл дзурын. Кæнæ ма кæсут: чиныджы сыф фæхицæн! Цæмæн фæхицæн? Æвæццæгæн чидæр чиныг кæсыны бæсты бадти æмæ йын йæ сыф раиваз-баиваз кодта. Зæгъут-ма, уæ хорзæхæй, цæмæн æй раиваз-баиваз кодта? Уымæн йæхи сæрыхъуынтæ сивæзтытæ кæн, уæд чингуытæ нал скъуынид! Ныр чиныджы сыф рахаудзæн æмæ фесæфдзæн, исчи чиныг кæсдзæн æмæ дзы ницы бамбардзæн. Зæгъут-ма мын, хорз у афтæ? — Раст зæгъыс, — загътам мах, — афтæ ничердæм бæззы. — Мæнæ ай та цавæр хабар у! — хъæр кодта дарддæр. — Ракæсут-ма, чиныджы сныв чындæуыд æхсæзкъахон куыдз! Уый раст у? — Кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу, — загъта Ликæ. — Куыдзæн хъуамæ уа цыппар къахы. — Уанцон нæ дæ! Æз мыййаг ууыл дзурын? — Уæдæ цæуыл дзурыс? — Æз ууыл дзурын, æмæ чингуыты куыйты нывтæ кæнын раст у? — Раст нæу, — сразы ис Ликæ. — Кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу! Фæлæ цыппар къахыл уа æви æхсæзыл, уый уæлдай нæу, ома чиныгæн, куыдзæн та у. Чингуыты æппындæр ницæй нывтæ кæнæн ис — нæдæр куыйты, нæдæр гæдыты, нæдæр бæхты, кæннод дзы иу скæндзæн куыдзы ныв, иннæ — гæдыйы, æртыккаг та æндæр исты æрхъуыды кæндзæн æмæ дзы æппынфæстаг рауайдзæн арвистон, чиныгæн бакæсæн нал уыдзæн. Костя фыстхалæн резинкæ райста æмæ дзы куыдзы ныв хафын байдыдта. Уалынмæ æвиппайды ныхъхъæр кодта: — Ай та циу? Цæйдæр хæмхудтæ дзы сныв кодтой, уымæй дæр чернилайæ! Æмæ та йæ фыстхалæнæй хафын райдыдта, фæлæ чернилæ гæххæтты ахъардта æмæ йæ хафгæ-хафын фæхуынкъ кодта. — Гъей джиди, ацы ныв чи скодта, уый куы зонин, — йæ маст фыхти Шишкинæн, — уæд ын æз фенын кæнин! Ацы чиныг ын йæ сæрыл ныццæвин! — Æмæ дæхæдæг афтæ куы дзырдтай, чингуытæй сæр цæвæн нæй, — загъта Ликæ. — Афтæмæй сæ хъæбæр цъæрттæ аскъуынынц. Костя чиныгмæ алырдыгæй æркæстытæ кодта. — Нæ, — зæгъы, — ацы чиныг бафæраздзæн, йæ хъæбæр цъар хорз у. — Æмæ, — зæгъын, — алы библиотекæр дæр чиныгкæсджыты сæртæ чингуытæй куы нæма, уæд хъæбæр цъæрттæ фаг нæ разындзæн! — Искуыд сæ æрцахуыр кæнын хъæуы, — загъта Костя. — Махмæ ахæм чиныгкæсджытæ куы уа, уæд куыд уыдзæн, уый нæ зонын. Уыдон паддзахадон мулк халой, ууыл æз разы нæ дæн. — Лæппутæн бамбарын кæнын хъæуы, цæмæй чингуытæ хъахъæной æмæ сæ ма халой, — загътон æз. — Бавдæлут æмæ плакат ныффыссут, — загъта Ликæ. — Гъе уый хорз фæндон у! — сцин кодта Костя. — Æрмæст цы ныффыссæм? Ликæ загъта: — Ныффыссæн ис ахæм плакат: «Арæхсгай архайут чиныгимæ. Чиныг æфсæйнагæй нæу». — Кæм, — зæгъын, — федтай ахæм плакат? — Никуы, — зæгъы, — мæхæдæг æй æрхъуыды кодтон. — Гъемæ, — зæгъын, — тынг зондджын хъуыды нæу. — Алчи дæр зоны, чиныг æфсæйнагæй конд кæй нæу, уый. — Уæд та хуымæтæгдæр плакат ныффыссæм: «Чиныг хъахъæн цæсты гагуыйау». Цыбыр æмæ бæлвырд, — загъта Костя. — Нæ, — зæгъын, — уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Цæсты кой та дзы цæмæн хъæуы? Стæй дзы амынд нæй, чиныг хъахъæнын цæмæн хъæуы, уый. — Уæд та афтæ ныффыссын хъæуы: «Чиныг зынаргъ у, хъахъæн æй», — загъта Костя. — Уый дæр, — зæгъын, — нæ бæззы: ис аслам чингуытæ æмæ сæ уæд скъуынын хъæуы? — Уæд та ныффыссæм афтæ: «Чиныг у дæ хæлар. Чиныг хъахъæн», — загъта Ликæ. Æз ахъуыды кодтон æмæ сразы дæн: — Мæнмæ гæсгæ, уый хорз у. Чиныг у адæймаджы хæлар, уымæн æмæ чиныг лæджы ахуыр кæны хорздзинадыл. Гъе уымæ гæсгæ йæ уарзын хъæуы хæларау. Мах гæххæтт, ахорæнтæ райстам æмæ ныффыстам плакат. Дыккаг бон мах уыцы плакат сауыгътам чингуыты скъаппы фарсмæ къулыл æмæ лæппутæн райдыдтам чингуытæ дæттын. Костя-иу ахуыргæнинæгтæй искæмæн чиныг куы лæвæрдта, уæд-иу загъта: — Хъусыс, чиныджы нæдæр куыдз, нæдæр хæмхудтæ, нæдæр дæлимонтæ куыд нæ уа, афтæ! — Уый та цы хоныс? — Цы, куы зæгъай, уæд чиныг ахæсдзынæ æмæ йæ ныхъулæттæ кæндзынæ. — Цæмæн æй хъуамæ ныхъулæттæ кæнон? — Æмæ дын æз цы зонын! Ме хæс у зæгъын, цæмæй дзы ма скæнай нæдæр хæмхудтæ, нæдæр куыйтæ. Ацы чиныг æхсæнадон у. Дæхи чиныг куы уаид, уæд æй, табуафси, хъулæттæ кæн, фæлæ хи чиныгæн дæр хъулæттæ кæнæн нæй, уымæн æмæ дæ фæстæ уыдзæн дæ кæстæр æфсымæры кæнæ хойы, кæннод та йæ де ’мбалæн кæсынмæ ратдзынæ. Æз дын рагацау зæгъын, фæлæ мæм куы нæ хъусай, уæд демæ æндæр ныхас кæндзынæн. — Цæй хорз, загътай æмæ — æгъгъæд у. Фæлæ Костя нæ сабыр кодта, чиныг кæмæн лæвæрдта, уыдонæй алкæмæн дæр хицæнæй амыдта, чиныг халынæй хъахъæнын цæмæн хъæуы, уый. Урокты фæстæ Костя æнкъардхуызæй бадти скъаппы раз æмæ хъуынтъызæй касти, тæрхæджыты рæнхъыты ма цы стæм чингуытæ баззад, уыдонмæ. — Ехх, — хъынцъым кодта уый. — Чингуытæ та дзы бирæ нал ис! Куыд хорз уыди! Скъапп йæ тæккæ дзаг уыд чингуытæй, ныр та ацу æмæ искуы амал кæ чингуытæ. — Ау, æмæ ам диссагæй цы ис? — ныфсытæ йын æвæрдтон æз. — Лæппутæ бакæсдзысты чингуытæ æмæ сæ фæстæмæ æрбахæсдзысты. — Æрбахæсдзысты! Хæсгæ сæ бæргæ æрбакæндзысты, фæлæ уымæй цы пайда ис! — дзуапп радта Костя. — Уыдон иу чингуытæ æрбахæсдзысты, æмæ сын сæ бæсты æндæртæ айсдзысты. Афтæмæй æппæт чингуытæ фæстæмæ никуы æрæмбырд кæндзынæ. — Æмæ сæ цæмæн æмбырд кæныс? Чингуытæ тæрхæджытыл дарынæн не сты, фæлæ кæсынæн хъæуынц. Æз мæхицæн дæр райстон чиныг хæдзары кæсынæн. — Уый та куыд? — загъта Костя. — Ды дæр дзы хæссыс? Æнæуый дæр нæм бирæ нал ис чингуытæ. — Æз æй тагъд бакæсдзынæн æмæ йæ фæстæмæ æрбахæсдзынæн. Æмæ уæд уый дæр йæхицæн райста иу чиныг. — Цæй, ницы кæны, — йæхицæн ныфсытæ æвæрдта. — Уæддæр дзы бирæ нал баззад. Уæдæй фæстæмæ Костяимæ чингуытæ нæ къухы уыдысты æмæ бирæ кæсын байдыдтам. Костя чиныг кæсыныл афтæ фæцайдагъ, æмæ-иу уынджы дæр кæсгæ цыди. Чиныг-иу райста библиотекæйæ æмæ-иу чиныг кæсгæ уынджы фæцæйцыд. Афтæмæй иу хатт кæсгæ-кæсын цæджындзмæ йæхи бахаста. Къуырцц, зæгъгæ, æмæ йæ ных атæппал ис. Уæдæй фæстæмæ хæдзары йеддæмæ уынджы никуыуал касти. Библиотекæйы куыста зæрдиагæй, афтæмæй куыдфæстæмæ йæ характер дæр аивта. Раздæрау рохгæнаг нал уыди, алцыдæр афоныл æмæ нывыл кæнын байдыдта. Лæппутæй дæр домдта æгъдау. Исчи-иу сæ æнæхсад къухтимæ чиныгмæ куы бацыд, уæд-иу æй уайдзæфæй «бахордта»: — Худинаг дын нæу? Дæ къухтæ афтæ чъизи цæмæн сты? — Счъизи мын сты. Æмæ дæ мæ къухтимæ цы кæсы? — Куыд мæ цы кæсы? Чиныгмæ не ’рбацыдтæ? — Бæгуыдæр æрбацыдтæн. — Æмæ ахæм къухтæй чиныгмæ æвналдзынæ? — Уæдæ йæм цавæр къухтæй æвналдзынæн? — Сыгъдæг къухтæй йæм æвналын хъæуы. Дæ къухтæй чиныг счъизи кæндзынæ! — Æмæ нæхимæ куы бацæуон, уæд сæ ныхсдзынæн. — Нæ, мæ хæлар, цæугæ æмæ сæ къранты бын ныхс, стæй дын ратдзынæн чпныг. Исчи-иу чиныг куы ахаста æмæ-иу æй фæстæмæ æрæгмæ куы хаста, уæд ын-иу Костя уайдзæфтæ кодта: — Ныр дын худннаг нæу, исчи ма уый бæрц чиныг йæхимæ дары? Иннæ лæппуты дæр фæнды чиныг кæсын, ды та йæ дæхимæ дарыс! Кæд дæм кæсын нæ цæуы, уæд уал чиныг фæстæмæ ратт, стæй та йæ айсдзынæ. — Нæма йæ бакастæн. Бакæсдзынæн æй æмæ йæ æрбахæсдзынæн. — Ды йæ, чи зоны, цæрæнбонты каст нæ фæуыдзынæ! — Цæмæн цæрæнбонты? Чиныг дæс бонмæ лæвæрд куы цæуы. — Дæс бонмæ. Фæлæ йæ ды та кæд айстай? — Дæс боны нæма рацыд. Æз æй къуырийы размæ райстон. — Æмæ йæ хъуамæ æнæмæнг дæхимæ дæс боны фæдарай? Дæс боны тæккæ фылдæр æмгъуыд у. Кæд æй бакастæ, уæд æй раздæр æрбахæсс. Дæс боны дын æй дæхимæ ничи дарын кæны. — Омæ дын куы зæгъын, нæма йæ бакастæн, зæгъгæ! — Гъемæ йæ тагъддæр кæс! Исчи-иу чиныг æгæр тагъд куы ’рбахаста, уæд уый дæр йæ зæрдæмæ нæ цыд. — Дæ хорзæхæй, куыд тагъд æй акастæ? Знон æй куы ахастай æмæ йæ абон фæстæмæ куы æрбалæууын кодтай! Кæд æй, мыййаг, нæ бакастæ? — Æмæ ма йæ уæд цæмæн райстон? — Æмæ дын цы зонын, цæмæн æй айстай, уымæн! Кæд ын, мыййаг, æрмæст йæ нывтæм кастæ. — Æмæ исты сывæллон дæн? — Цæй, хорз, радзур-ма, цы дзы фыст ис. — Уый та цавæр экзамен у? — Экзамен нæ, фæлæ мæн базонын фæнды, чиныг бакастæ æви нæ. — Уый дæ хъуыддаг нæу! Дæ хæс чингуытæ дæттын у, фæлæ чи цы кæсы, уый бæрæг кæнын дæ хъуыддаг нæу. — Иугæр мæн библиотекæрæй кæд сæвæрдтой, уæд бæгуыдæр хъуамæ сбæрæг кæнон. Кæд нæ кæсыс, уæд дын, чи зоны, æмæ чингуытæ дæттын дæр не ’мбæлы. Уадз, æмæ кæсгæ чи кæны, уыдон сæ исæнт. Ахуыргæнинаджы-иу бахъуыд, чиныджы цы бакаст, уый радзурын. Стæй та æрхъуыды кодта, цæмæй лæппутæ фыссой, чиныджы-иу цы бакастысты, сæ зæрдæмæ-иу куыд фæцыд, уый. — Чингуытæ кæсгæ бæргæ кæнут, фæлæ уæ иу дæр ницы фыссы чиныджы тыххæй. — Æмæ дæ уый та цæмæн бахъуыдис? — Цæмæн куы зæгъай, уæд æй къулы газеты рауадздзыстæм. Чиныг хорз куы уа, уæд æй иннæ лæппутæ дæр бакæсдзысты. Фæстаг хатт ма дын дæттын чиныг. Чиныджы тыххæй куы нæ ныффыссай, уæд æндæр хатт ды мæнæй чиныг нал айсдзынæ. Афтæмæй лæппуты фæцахуыр кодта чингуыты тыххæй фыссын, æмæ афтæ бирæ фыстытæ æрæмбырд, æмæ къулы газеты сеппæтæн бынат дæр нæ уыд. Уæд мах сарæзтам нæхи газет «Æрыгон чиныгкæсæг» æмæ уым уагътам чингуыты тыххæй æппæт фыстытæ. Лæппутæ тырныдтой чингуыты тыххæй дзæбæхдæр æмæ хуыздæр фыссынмæ, гъеуымæ гæсгæ нæ газет уадис тынг хорз æмæ йæ алчи дæр касти зæрдиагæй.
|
|||
|