Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фынддæсæм сæр



Фынддæсæм сæр

Дыккаг бон, æз куыд æнхъæл уыдтæн, хъуыддæгтæ афтæ нæ рауадысты. Æз хъавыдтæн урокты фæстæ Шишкинмæ бацæуынмæ æмæ йемæ фæстаг хатт зæрдиагæй баныхас кæнынмæ. Фæлæ æз скъолайы алкæмæн дæр афтæ кæй радзырдтон, Шишкин рынчын у, зæгъгæ, уымæ гæсгæ нæ звено иууылдæр сфæнд кодтой се ’мбалмæ рынчынфæрсæг ацæуын. Уроктæ куыддæр фесты, афтæ æз Шишкинмæ азгъордтон, цæмæй йын хабар бамбарын кодтаин. Уым дын балæууыдтæн.

Куыддæр мæ ауыдта, афтæ мын афтæ:

— Зоныс, æз мæ къухтыл лæууын базыдтон! Къулы ’нцой къухтыл слæу æмæ дæ къæхтæй къулыл æнцой кæ, афтæмæй.

— Ныртæккæ, — зæгъын, — къухтыл лæууынæн рæстæг нæй. Тагъд дæ хуыссæны схуысс.

— Цæмæн?

— Цæмæн, цæ, рынчын дæ æмæ уымæн.

— Цæй рынчын дæн?

— Æз скъолайы алкæмæн дзырдтон, ды рынчын дæ, зæгъгæ. Дæхæдæг мын куы загътай!

— Загътон, æмæ цы?

— Ныр дæм мæнæ ныртæккæ лæппутæ æрбацæудзысты.

— Уанцон нæу!

Шишкин уайтагъд æд гæрстæ, æд дзабыртæ йæ хуыссæны аныгъуылдис æмæ хъæццулæй йæхи æрæмбæрзта.

— Цы-иу зæгъон лæппутæн? — фæрсы мæ Шишкин.

— Цы сын зæгъай? Зæгъ сын, рынчын дæн, зæгъгæ. Æндæр цы загъдæуа.

Уалынмæ лæппутæ æрбацыдысты. Сæ æттаг дзаумæттæ тыргъы раластой æмæ уатмæ бацыдысты. Шишкин хъæццул йæ тæккæ роцъойы онг сивæзта æмæ удаист хуызæй бакæс-бакæс кодта лæппутæм.

Лæппутæ йын загътой:

— Æнæниз у, Шишкин!

— Æгас цæут, лæппутæ! — загъта сын уый. Ахæм лæмæгъ хъæлæсæй дзырдта, ахæм! Раст цыма æцæг рынчын уыди, уыйау!

— Рынчынфæрсæг дæм æрбацыдыстæм, — загъта Юрæ.

— Бузныг, лæппутæ. Сбадут.

— Гъы, куыд дæ? — бафарста йæ Ваня.

— Æмæ гъа...

— Хуысгæ фæкæныс?

— Уæдæ цы бакæнон.

— Æнкъард кæныс, æвæццæгæн, æдзух хуысгæйæ? — фæрсы йæ Лёня.

— Æнкъард кæнын.

— Бон-изæрмæ иунæгæй вæййыс?

— Иунæгæй. Мамæ куысты вæййы. Мæ фыды хо та скъолайы.

— Ныр дæм-иу арæх æрбауайдзыстæм. Кæй дæм нæ уыдыстæм, уый тыххæй бахатыр кæн: афтæ ’нхъæлдтам, тагъд адзæбæх уыдзынæ æмæ дæхæдæг æрбацæудзынæ.

— Ницы кæны, лæппутæ, Витя мæм алы бон дæр вæййы.

— Мах дæр дæм алы бон дæр цæудзыстæм, фæнды дæ? — загъта Славæ.

— Фæнды, — загъта Шишкин.

Куыд загътаид, нæ мæ фæнды, зæгъгæ!

— Рисгæ та дæ цы кæны? — бафарста йæ Юрæ.

— Алцыдæр мæ риссы: ме уæнгтæ, мæ зæнгтæ...

— Уанцон нæу? Дæ зæнгтæ дæр риссынц?

— О. Стæй мæ сæр дæр.

— Æмæ дын æдзух дæр фæриссы?

— Нæ, æдзух нæ риссы. Куы банцайы, куы та сриссы, æмæ мæлынмæ æрцæуын!

— Нæ фатеры дæр иу лæппуйæ, Шишкин куыд у, афтæ алцыдæр рыстис. Уый æндыснæгæй рынчын уыди, — загъта Вася Ерохин. — Кæд, мыййаг, дæуæн дæр æндыснæг у?

— Чи зоны, — загъта Шишкин.

— Æмæ дохтыр цы зæгъы? — бафарста Ваня.

— Цы зæгъы!.. Цы хъуамæ зæгъа? Ралас, дам, де ’взаг. Зæгъ, дам, «а».

— Æмæ дæм цæмæй зилынц?

— Хосæй.

— Цавæр хосæй?

— Нæ зонын, цы хуыйны, уый. Нуазгæ хос.

— Маст у æви адджын?

— Тынг маст у! — загъта Шишкин æмæ йæ цæсгом афтæ сæнцъылдтытæ кодта, раст цыма æцæг хос анызта, уыйау.

— Æз рынчын куы уыдтæн, уæд мæнæн дæр нуазгæ хос лæвæрдтой. Æллæх, æллæх, цы маст уыд, цы! Нæ мæм цыд йæ нуазын, — загъта Димæ Балакирев.

— Мæнмæ дæр нæ цæуы.

— Нæ, фæлтау æй нуаз, тагъддæр сдзæбæх уыдзынæ.

— Æмæ йæ куы нуазын.

— Маст кæй у, уый ницы кæны, — загъта Лёня.

— Хос аназ, стæй-иу уидыджы дзаг сæкæр дæ дзыхы акæн.

— Хорз.

— Уроктæм дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Мæнæ дзæбæхырдæм куы фæуай, уæд дæм-иу æрбацæудзыстæм, цы уроктæ нын радтой, уыдонимæ, æмæ дын æххуыс кæндзыстæм. Æмæ нæ баййафдзынæ.

— Ницы кæны, аййафдзынæн уæ! — загъта Шишкин.

Уыцы рæстæг æз ауыдтон, хъæццулы бынæй кæй разынд Шишкины къах æд батинкæ. Æз фæтарстæн: лæппутæй йæ исчи куы ауына! Фæлæ лæппутæ йемæ ныхас кодтой æмæ батинкæ мæ уыдтой. Æз сабыргай бацыдтæн æмæ хъæццулæй йæ батинкæ æрæмбæрзтон.

— Цæй, — зæгъын, — лæппутæ, нырма æнæхъару у æмæ йæ ма фæлмæцын кæнут. Ацæут уал уæхимæ.

Лæппутæ дæр сæхимæ цæуыныл фесты:

— Цæй, хорзæй уал баззай. Сæнæниз у, адзæбæх у. Мах та дæм райсом æрбауайдзыстæм.

Лæппутæ ацыдысты. Шишкин сынтæгæй рахызти æмæ уаты къуымты чъыллиппытæ систа.

— Куыд хорз рауади! — фæхъæр кодта уый. — Ничи мæ базыдта. Хъуыддаг хорз у!

— Дзæгъæлы, — зæгъын, — цин кæныс! — Мæн дæуимæ хъæуы зæрдиагæй аныхас кæнын.

— Цæуыл?

— Цæуыл, цæ, ды хъуамæ райдайай скъоламæ цæуын.

— Æз мæхæдæг дæр зонын, фæстæмæ мæ скъоламæ цæуын кæй хъæуы, уый, фæлæ ма ныр куыд цæуон? Дæхæдæг куы уыныс, мæ бон кæй нæу, уый.

— Æз æппындæр ницы уынын! Æз сфæнд кодтон абон демæ фæстаг хатт аныхас кæнын: кæд ды тæккæ райсом скъоламæ не ссæуай, уæд æз мæхæдæг Ольгæ Николаевнæйæн зæгъдзынæн, ды æппындæр рынчын кæй нæ дæ, уый.

— Цæмæн? — бадис кодта Костя.

— Уымæн æмæ ды тезгъо нæ, фæлæ хъуамæ ахуыр кæнай. Уæддæр дæ акробат нæ рауайдзæн.

— Цæуылнæ мæ рауайдзæн? Кæс-ма, æз мæ сæрыл хъен лæууын куыд базыдтоп, уымæ!

Къулмæ бацыди æмæ йæ сæрыл хъен слæууыд.

Уалынмæ дуар фегом æмæ Лёня æрбахызт.

— Хъус-ма, — загъта, — ме ’рмкъухтæ ам ферох кодтон... Ай та цы ми кæны? Дæ сæрыл та хъен цæмæн лæууыс?

Шишкин йæ къæхтыл алæууыд æмæ хорзау нал уыд.

— Уæдæ ахæм рынчын дæ! — фæхъæр кодта Лёня.

— Бауырнæд дæ, рынчын дæн! — загъта Шишкин æмæ йæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт.

Оххытæгæнгæ, къуылых-къуылых хуыссæнмæ араст.

— Æфсæнттæ мауал кæ! Мæ цæнгтæ æмæ, дам, мæ зæнгтæ риссынц, афтæмæй та дæ сæрыл хъен ныллæууыдтæ æмæ дæ къухтыл рацу-бацу кæныс!

— Бауырнæд дæ, риссынц!

— Цæй ныууадз, сайгæ ма кæ, сайгæ! Уыцы минут дæ гæрстæ та куыд акодтай? Уæдæ хуыссæны æд гæретæ хуыссыдтæ?

— Цæй хорз, æз дын мæ сусæгдзинад радзурдзынæн, æрмæст ард бахæр, кæй мæ никæмæн схъæр кæндзынæ, уый тыххæй.

Æмæ уæд ард та цæуыл хæрон?

— Уæдæ дын æз ницы радзурдзынæн.

Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ къæлидоры кæйдæр къæхты хъæр ссыди. Дуар базыхъыр, Ваня уатмæйæсæр æрбадардта æмæ загъта:

— Лёня, тагъд уыдзынæ? Неппæт дæр дæм æнхъæлмæ кæсæм.

— Ардæм-ма рауай, Ваня! Ай æппындаер рынчын куы нæ у!

— Рынчын нæу? — бадис кодта Ваня æмæ уатмæ бахызги.

— Чи нæу рынчын? — æрбайхъуысти къæлидорæй Юрæйы хъæлæс.

Юрæ дæр бахызти уатмæ, йæ фæдыл та иннæ лæппутæ.

— Кæсут, Шишкин рынчын нæу, — дзуапп радта Лёня.

— Уый та куыд?

— Куыд куы зæгъай, уæд уатмæ æрбаздæхтæн, кæсын, æмæ Шишкин йæ сæрыл хъен лæууы!

— Уый та цавæр хабар у? — сдзырдтсй лæппутæ. — Цæмæн нæ афæлывтай?

— Нæ, æз æнæуый афтæ бакодтон, лæппутæ... — йæхи раст кæнынмæ фæци Шишкин. — Хъазгæ кодтон.

— Уый та цавæр хъазт у?

— Мæнæ гъе ахæм хъазт, гъе! — йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта Костя.

— Мах ыл мæт кодтам, — загъта Ваня, — æнæхъæн звенойæ йæм рынчынфæрсæг æрбацыдыстæм, уый та ам хынджылæг скъæры: рынчын æфсон скодта!

— Афтæ нал бакæндзынæн, лæппутæ, кæсутма-иу... — сдыгъал-дыгъул кодта Шишкин.

— Скъоламæ та цæуылнæ цæуыс? — афарста йæ Юрæ. — Ды рынчыны æфсон барæй скодтай, цæмæй скъоламæ ма цæуай!

— Æз уын мæ хабæрттæ иууылдæр радзурдзынæн, лæппутæ, æрмæст мæм ма смæсты ут. Æз уæ сайынмæ нæ хъавыдтæн. Мæн фæндыд циркач суæвын.

— Уый та куыд циркач? — бадис кодтой иууылдæр.

— Куыд циркач куы зæгъат, уæд циркмæ кусынмæ бацæудзынæн æмæ уыдзынæн цирчы акробат.

— Дæ зонд фæцыди?

— Мæ зонд ницы фæцыди.

— Чи дæ райсдзæн циркмæ? — бафарста йæ Ваня.

— Дæ зæрдæйæ цирчы артистытæ уæларвæй æрхауынц?

— Уыцы ныхæстæ ныууадз, фæлæ ма зæгъ, скъоламæ цæуылнæ цæуыс?

— Ахуыр кæнын мæ нал фæнды. Æз æнæуый дæр ныр алцыдæр зонын.

— Куыд алцыдæр?

— Куыд вæййы, афтæ, цирчы артисты цыдæрнддæр хъæуы, уый.

— Дæумæ гæсгæ цирчы артист æнахуыргонд хъуамæ уа?

— Цæмæн æнахуыргонд? Æз цæуылдæрты сахуыр кодтон.

— «Сахуыр кодтон»! Фысгæ та рæдыдтимæ кæныс! Раздæр скъола фæуын хъæуы, стæй ацу цирчы скъоламæ. Цирчы артист дæр хъуамæ ахуыргонд уа. Ды раздæр хъуамæ Ольгæ Николаевнæйы бафарстаис, — загъта Юрæ.

— Цыма æз нæ зонын, Ольгæ Николаевнæ цы зæгъдзæн, уый! — дзуапп радта Шишкин.

— Мæнмæ гæсгæ, лæппутæ, Шишкин хорз хъуыддаг не ’рхъуыды кодта, — загъта Игорь. — Дзæгъæл митæ ныууадзæд æмæ райсом скъоламæ æрбацæуæд.

— Æмæ куыддæр райсом скъоламæ не ссæуа, афтæ мах Ольгæ Николаевнæйæн зæгъдзыстæм, — загъта Юрæ.

— Гъемæ уыдзыстут ардауджытæ, — дзуапп радта Шишкин.

— Нæ уыдзыстæм, — загъта Юрæ. — Иугæр дын дæхицæн раздæр загътам, уæд ардауджытæ не стæм.

— Райсом-ма скъоламæ ма ’рбацу, уæд фендзынæ! — загъта Игорь. — Ныууадз лекка кæнын. Ахуыр кæнын хъæуы.

Кæйдæр къæхты хъæр та ссыди къæлидорæй, æмæ чидæр дуар æрбахоста. Шишкин, дуар бакæныны бæсты, мыстау, аныгъуылди хуыссæны æмæ хъæццулæй йæхи æрæмбæрзта. Æз дуар бакодтон, кæсын æмæ мæнæ Ольгæ Николаевнæ.

— Ай æнæхъæн звенойæ ам куы стут! — загъта Ольгæ Николаевнæ, уатмæ æрбахизгæйæ. — Уе ’мбалмæ рынчынфæрсæг æрбацыдыстут?

Лæппутæ сеппæт дæр ныхъус сты, иуы дзыхы дæр дзы ныхас нал бадти. Костя йæ цæстытæ ныццавта Ольгæ Николаевнæмæ æмæ йæ тых-йæ бонæй йæ хъæццул йæхиуыл ивæзта, цыма хъæццулы бын æд сæр аныгъуылынмæ хъавыд, афтæ. Ольгæ Николаевнæ йæм бацыд:

— Цы кодтай уый, Костя, цæмæн нын фæрынчын дæ? Цы дæ риссы?

— Мур дæр дзы ницы риссы! — загъта Юрæ. — Æппындæр рынчын нæу.

— Куыд нæу рынчын?

— Афтæ, рынчын нæу!

Шишкин бамбæрста, ныр уæлдай кæй нал у, йе ’фсæнттæй кæй ницыуал рауайдзæн, уый, æмæ хъæццулы бынæй рабырыди, сынтæгыл сбадт сæргуыбырæй, пъолмæ кæсгæйæ. Ольгæ Николаевнæ йæ цæстытæ лæппутыл ахаста, мæнмæ фæкомкоммæ ис æмæ загъта:

— Витя, уæдæ мын цæмæн дзырдтай, Костя рынчын у, зæгъгæ?

Фырæфсæрмæй ма цы фæуыдаин, уый нал зыдтон.

— Цы ныхъус дæ? Ды мын гæды ныхас загътай!

— Уый æз нæ загътон. Костя мын загъта, цæмæй æз дæуæн загътаин, рынчын у, зæгъгæ. Æмæ æз дæр афтæ загътон.

— Уæдæ дын Костя загъта, цæмæй мæн асайай, уый?

— О, — сдзырдтон æз.

— Æмæ мæ асайдтай?

— Асайдтон.

— Æмæ афтæ æнхъæлыс, хорз бакодтай?

— Костя мæ куырдта, цæмæй афтæ загътаин!

— Афтæ æнхъæлыс, мæн кæй асайдтай, уымæй Костяйæн хорз бакодтай?

— Нæ.

— Уæдæ цæмæн афтæ бакодтай?

— Æз афтæ æнхъæлдтон, æмбалыл комдзог рацæуæн нæй!

— Куыд комдзог рацæуæн? Уый знагæн схъæр кæнæн нæй, фæлæ уын æз та цæй знаг дæн?

Æз ма цы загътаин, уый нал зыдтон æмæ æнæдзургæйæ пъолмæ кастæн.

— Уый æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ мæ ахуыргæнинæгтæ мæн знагыл нымайынц, — загъта Ольгæ Николаевнæ.

— Мах дæ знагыл нæ нымайæм, Ольгæ Николаевнæ, — загъта Ваня. — Знагыл дæ куыд хъуамæ нымайæм?

— Уæдæ мын æй цæуылнæ исчи радзырдта?

— Æмæ йæ ничи зыдта. Мах æм æрмæст абон æрбауадыстæм æмæ йæ афтæмæй базыдтам.

— Цæй хорз, уый тыххæй фæстæдæр аныхас кæндзыстæм... Костя, уæддæр-ма зæгъ, скъоламæ цæуылнæ цыдтæ?

— Нал уæндыдтæн, — сындæггай сдзырдта Костя.

— Цæуылнæуал уæндыдтæ?

— Мамæйæ, — зæгъын, — запискæ куы агурай.

— Цавæр запискæ?

— Диктант куы уыд, уæд скъоламæ кæй не ’рбацыдтæн, уый тыххæй.

— Æмæ цæуылнæ æрбацыдтæ, диктант куы уыди, уæд?

— Тæрсгæ кодтон.

— Цæмæй?

— Двойкæ куы райсон, уымæй.

— Уæдæ барæй не ’рбацыдтæ, диктант куы фыстам, уæд, уый фæстæ та не ’рбацыдтæ, дæ мадæй дæм запискæ кæй нæ уыди, уымæн?

— О.

— Æмæ цы кæнынмæ хъавыдтæ, скъоламæ нал цæуынвæнд куы скодтай, уæд? — бафарста йæ Ольгæ Николаевнæ.

— Нæ зонын.

— Уæддæр дæм цавæрдæр пълантæ уыди?

— Æмæ мæм цæй пълантæ хъуамæ уа!

— Сфæнд кодта цирчы акробат суæвын, — загъта Юрæ.

— Авдазыккон скъола куы нæ фæуай, уæд цирчы скъоламæ нæ исынц, стæй ма уым дæр иу фондз азы ахуыр кæнын хъæуы. Æвиппайды цирчы артист не суыдаис! — загъта Ольгæ Николаевнæ.

— Не суыдаин, — сразы ис Шишкин.

— Кæсыс. Ницæуыл ахъуыды кодтай, афтæмæй æваст сфæнд кодтай скъола ныууадзын. Исчи ма афтæ кæны?

Шишкин ныхъус ис.

— Зæгъ-ма, цы кæнынмæ хъавыс ныр?

— Нæ зонын.

— Æмæ ахъуыды кæн.

Шишкин исдугмæ ницы дзырдта, стæй уæд йе ’рфгуыты бынæй бакаст Ольгæ Николаевнæмæ æмæ загъта:

— Мæн фæнды фæстæмæ скъоламæ бацæуын!

— Æмæ цы, уымæй хуыздæр ницы æрхъуыды кодтаис. Æрмæст афтæ баныхас кæнæм: ды мын хъуамæ дзырд ра гтан, фыдуаг кæй нал уыдзынæ æмæ хорз кæй ахуыр кæндзынæ, уый тыххæй.

— Ныр æз хорз ахуыр кæндзынæн, — загъта Шишкин.

— Цæй, хорз. Райсом скъоламæ æрбацу, æмæ æз директорæн зæгъдзынæн, цæмæй дын бар ратта дарддæр ахуыр кæнынæн.

— Бацæудзынæн.

Ольгæ Николаевнæ неппæтæн дæр загъта, цæмæй нæ хæдзæрттæм ацыдаиккам уроктæ кæнынмæ. Ольгæ Николаевнæ цæуынмæ кæй нæма хъавыд, уый Костя бамбæрста æмæ загъта:

— Ольгæ Николаевнæ, æз дæ курæг дæн: мамæйæн мацы зæгъ!

— Цæуыннæ? — бафарста Ольгæ Николаевнæ.

— Æз ныр хорз ахуыр кæндзынæн, æрмæст мацы зæгъ!

— Дæ мады ма дарддæр дæр сайынмæ хъавыс? Æмæ ма дын æз дæр сайынæн куыд æххуыс кæнон, уый дæ фæнды?'

— Мамæйы никуы асайдзынæн. Æппындæр мæ нæ фæнды мамæйæн маст кæнын!

— Æмæ дæ мамæ куы базона, мах æй нæ дыууæ иумæ сайдтам, уый, уæд та? Уый йын ноджы тынгдæр маст куы уыдзæн. Раст нæ зæгъын?

— Раст зæгъыс.

— Гъе, уыныс, мамæйæн зæгъын хъæуы. Фæлæ нырæй фæстæмæ хорз кæй ахуыр кæндзынæ, уый тыххæй мын дзырд кæй дæттыс, уымæ гæсгæ дæ мадæн зæгъдзынæн, цæмæй дæм тынг ма мæсты кæна.

— Дзырд дын дæттын, хорз кæй ахуыр кæндзынæн, уый тыххæй.

— Хорз, уæдæ баныхас кодтам, — загъта Ольгæ Николаевнæ. — Ныр та райс чингуытæ æмæ ахуыр кæнæм.

Æз лæппутимæ нæхимæ рацыдтæн æмæ дзы дарддæр цы уыд, уый нæ зонын.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.