Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;вддæсæм сæр



Æвддæсæм сæр

Директоры кабинетæй куы рахызтыстæм, уæд федтам, Володя æмæ нæм лæппутæ сеппæт дæр æнхъæлмæ кæй кастысты къæлидоры. Уайтагъд нæ алыварс амбырд сты æмæ нæ фæрсын байдыдтой:

— Цæй, куыд у? Цы уын загъта Игорь Александрович? Цы уын кæны?

— Ныххатыр нын кодта. Ныр нын ницыуал уыдзæн, — дзуапп радтон æз.

— Гъемæ тынг хорз! — сцин кодта Толя. — Цомут пионерты уатмæ, аныхас кæнæм. Аныхас кæнын нæ хъæуы.

Неппæт дæр уыцы дзыгуырæй ацыдыстæм пионерты уатмæ.

Шишкин уатмæ бахызти æппæты фæстæ.

— Рацу, рацу, Шишкин, ма тæрс! — дзырдта йæм Юрæ. — Ничи дæм хæцдзæн.

Стъолы алыварс сбадтыстæм, æмæ Володя загъта:

— Гъе ныр аныхас кæнæм, Шишкинæн куыд баххуыс кæнын хъæуы, ууыл. Костя æвзæр ахуыр кодта, æмæ æппынфæстаг бавдæлд æмæ скъола бынтон ныууагъта. Фæлæ мах дæр пеппæт дæр уыцы хъуыддаджы аххосджын стæм. Мах нæ хъус нæ дардтам, куыд ахуыр кæны, уымæ, афойнадыл ын нæ баххуыс кодтам.

— Мах дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, аххосджын стæм, — дзуапп радта Ваня, — фæлæ Шишкин дæр хъуамæ бамбара, хуыздæр ахуыр кæнын кæй хъæуы, уый. Ныртæккæ зæрдиагæй куы нæ бавнала, уæд та хъуыддаг æвзæр куы рауайа, уымæй тæссаг у.

— Хъыг дын ма уæд, Шишкин, фæлæ уый раст у, хъуыддаг та æвзæр куы рауайа, уымæй тас у, — загъта Юрæ. — Мах дын баххуыс кæндзыстæм, æцæг зæгъын! Алцæмæй дæр дын æххуыс кæндзыстæм.

— Æмæ йын куыд æххуыс чындæуа? — загъта Лёня Астафьев. — Æххуысгæнæг ын куы равзæрстам. Æвæццæгæн ын Алик Сорокин хорз не ’ххуыс кодта, кæд хъуыддаг афтæ рауад, уæд.

— Кæд ын, мыййаг, æппындæр не ’ххуыс кодтай? — бафарста Аличы Володя.

— Куыннæ йын æххуыс кодтон? Тынг дзæбæх ын æххуыс кодтон! — дзуапп радта Алик.

— Цал хатты йын баххуыс кодтай?

— Нæ йæ хъуыды кæнын. Иу дыууæ кæнæ æртæ хатты.

— Дыууæ кæнæ æртæ хатты? — бадис кодта Юрæ. — Дыууæ кæнæ æртæ хатты нæ, фæлæ йын ды хъуамæ алы бон дæр æххуыс кодтаис. Дæхæдæг æмбырды дзырд куы радтай. Мах дын хъуыддаг дæ бæрны бакодтам æмæ дыл баууæндыдыстæм, ды та нæ фыдæнхъæл фæкодтай!

— Куыд уын сæххæст кодтаин уæ фæдзæхст? — загъта Алик. — Бацыдтæн-иу æмæ та-иу йæ хæдзары нæ уыд. Сæхимæ-иу куы уыд, уæд та-иу мын загъта: «Абон ахуырыл нæ дæн». Æмæ йæ æз дæр ныууагътон.

— Кæс-ма амæ, кæс, «ныууагътон æй»! — загъта Юрæ. — Ды хъуамæ звенойæн фехъусын кодтаис, цæмæй йын звено баххуыс кодтаид. Шишкин æнæхъола у. Дæхæдæг хорз ахуыр кæныс, дæхи кой бакодтай, фæлæ дæ де ’мбалыл бамæт кæнын нæ бафæндыд... Цæй, афтæ фæуæд, æз дæр аххосджын дæн, нæ дæ сбæрæг кодтон.

— Ныр хорз æххуыс кæндзынæн Шишкинæн, — загъта Алик. — Шахмæттæй хъазыныл стæн æмæ уымæн афтæ рауади.

— Нæ, — загъта Володя, — мах уыцы хъуыддаг де ’вджид нал бакæндзыстæм.

— Ныр Шишкинæн æз æххуыс кæндзынæн, — загътон æз. — Игорь Александрович мæнæн бафæдзæхста.

— Гъемæ хорз, — загъта Володя, — кæд Игорь Александрович дæу снысан кодта, уæд æй мах дæ бæрны бакæндзыстæм. Куыд зæгъут, лæппутæ?

— Витяйы, кæй зæгъын æй хъæуы, — сразы сты лæппутæ. — Уадз æмæ йын феххуыс кæна, иугæр кæд Игорь Александрович загъта, уæд.

Æмбырд фæцис æмæ рацыдыстæм уынгмæ. Шишкин фæндагыл дзæвгар рæстæг ницы дзырдта, цæуылдæр хъуыды кодта, стæй загъта:

— Мæнæ куыд æвзæр разындтæн! Бынтон æнæныфс куы дæн! Æппындæр мæ хорзæй ницы рауайдзæн!

— Уый та куыд? Афтæ æвзæр куы нæ дæ, — зæрдæтæ йын æвæрдтон æз.

— Ныууадз, ма дзур, мæхæдæг æй зонын. Æрмæст афтæ уон, уый мæ нæ фæнды. Афтæ нал уыдзынæн. Фæкæс-ма-иу. Æрмæст мын ды, дæ хорзæхæй, феххуыс кæн! Игорь Александрович дын куы загъта. Дæ бон нæу нæ баххуыс кæнын!

— Æмæ куы нæ зæгъын, не ’ххуыс кæндзынæн, зæгъгæ, — загътон æз. — Æрмæст мæ коммæ кæс. Бавналæм æмæ абонæй фæстæмæ райдайæм ахуыр кæнын. Фæссихор дæм æрбацæудзынæн, æмæ ахуыр кæнын райдайæм.

Куыддæр сихор бахордтон, афтæ араст дæн Шишкинмæ æмæ асинтыл куы сцæйхызтæн, уæд мæ хъустыл ауад куыдзы рæйын. Уатмæ бахызтæн, кæсын æмæ Лобзик бандоныл бады æмæ рæйы, Костя та йын йæ тæккæ бырынчъыты раз йе ’нгуылдзтæй къæрццытæ кæны.

— Уый йæ æз сигналмæ хъусын ахуыр кæнын, Игорь Александрович куыд бацамыдта, афтæ. Цæй æмæ уал Лобзичы чысыл ацахуыр кæнæм, стæй уроктæ кæндзыстæм. Уæддæр Лобзичы ахуыр кæнын куы хъæуы.

— Афтæ, — зæгъын, — нæ рауайдзæн, мæ хæлар, — афтæ куы загътай, уырыссаг æвзагæй куы фæрæвдз уон, уæд уый фæстæ Лобзичы ахуыр кæндзынæн, зæгъгæ, æмæ ныр иннæрдæм куы фæдæ.

— Ай-гъай! — фæхъæр кодта Шишкин. — Æддæмæ, Лобзик! Цалынмæ уырыссаг æвзаг сахуыр кæнон, уæдмæ йæм кæсгæ дæр нал фæкæндзынæн. Кæд мæ Лобзикимæ архайгæ фенай, уæд-иу мæ ницæййаг схон. Цæй, цæмæй райдайæм?

— Райдайæм, — зæгъын, — уырыссаг æвзагæй.

— Æмæ географийæ кæнæ та арифметикæйæ райдайæн нæй?

— Нæ, нæ, — зæгъын, — æз æй мæхицæй зонын, кæй цæмæй райдайын хъæуы, уый. Уырыссаг æвзагæй нын цы лæвæрд ис?

— Мæнæ, — дам, — суффикстæ «очк» æмæ «ечк», стæй мын Ольгæ Николаевнæ загъта æнæцавдон хъæлæсонты æгъдæуттæ афæлхатын æмæ фæлтæрæн скæнын.

— Гъемæ уымæй райдайдзынæ, — загътон æз.

— Хорз, уæдæ райдайæм.

— Гъемæ райдай. Æви афтæ æнхъæлыс, æмæ æз демæ уыцы фæлтæрæн кæндзынæн? Ды алцыдæр дæхæдæг кæндзынæ. Æз æрмæст бæрæг кæндзынæн, куыд сæ скæндзынæ, уый. Афон дын у сахуырæн, цæмæй дæхæдæг кæнай алцыдæр.

— Цæй, хорз, — арф ныуулæфыд Шишкин æмæ райдыдта чиныг кæсын.

Уайтагъд хатдзæг рафæлхатыдта æмæ райдыдта фæлтæрæн кæнын. Уыцы фæлтæрæн уыдис тынг æнцон. Рафыссын хъуыд примертæ æмæ дзырдты ныффыссын хъуыд цухгонд дамгъæтæ. Шишкин фыста, фыста, æз та уыцы рæстæг географи ахуыр кодтон æмæ мæхи афтæ дардтон, цыма йæ æппындæр нæ уынын, уыйау. Æппынфæстаг загъта:

— Фæдæн!

Æз тетрадмæ æркастæн... Æллæх-æллæх! Тетрад рæдыдæй уыд йе мдзаг! «Горайы» бæсты ныффыста «гара», «весёлый»-ы бæсты «висёлый», «тяжёлый»-ы бæсты — «тижёлый».

— Уый дын гъе, — зæгъын, — диссæгтæ куы бакодтай!

— Цы, бирæ рæдыдтæ скодтон?

— Афтæ бирæ нæ, фæлæ, раст зæгъгæйæ, дзæвгар сты.

— Гъе уый дын гъе! Афтæ кæй уыдзæн, уый зыдтон! Мæнæн мæ хъуыддаг никæд фæрæстмæ уыдзæн! — батыхстис Костя.

— Ам фæрæстмæйæ нæу хъуыддаг, — загътон æз. — Куыд фыссын хъæуы, уый зонын хъæуы. Хатдзæг ахуыр кодтай?

— Кодтон.

— Гъе, зæгъ-ма: хатдзæджы куыд фыст ис?

— Хатдзæджы? Æмæ мæ зæрдыл нал лæууы.

— Ау, уæдæ йæ куыд ахуыр кодтай, кæд дæ зæрдыл нал лæууы, уæд?

Æз ын хатдзæг ногæй бакæсын кодтон. Хатдзæджы фыст уыди, зæгъгæ, æнæцавдон хъæлæсонтæ бæрæггонд цæуынц цавдæй æмæ загътон:

— Ды мæнæ ныффыстай «тижёлый». Афтæ цæмæн ныффыстай?

— Æвæццæгæн «тежёлый» фыссын хъæуы?

— Зæрдаив ныхæстæ ма кæ. Хатдзæг зоныс, уæд уымæ гæсгæ фысс. Дзырд афтæ аив, æмæ цавд фыццаг уæнгыл куыд хауа.

Шишкин дзырд «тяжёлый» ивын байдыдта æмæ ссардта дзырд «тяжесть».

— Гъа-гъа! — сцин кодта Костя. — Уæдæ «тижёлый» дæр нæ, «тежёлый» дæр нæ, фæлæ фыссын хъæуы «тяжёлый».

— Раст, — зæгъын, — зæгъыс. — Гъе ныр бавдæл æмæ фæлтæрæн ногæй скæн, уымæн æмæ йæ хатдзæгмæ гæсгæ нæ кодтай, æнæ уымæ гæсгæ фыссын та пайда нæу. Алкæддæр хъуамæ хъуыды кæнай, кæм цавæр дамгъæ фыссын хъæуы, ууыл.

— Цæй хорз, æндæр хатт хъуыды кæндзынæн, ныр та уал афтæ баззайæд.

— Гъей, мæ хæлар, — зæгъын, — хорз нæ кæныс! Дзырд кæд радтай мæ коммæ кæсыны тыххæй, уæд мæ коммæ кæс.

Шишкин арф ныуулæфыд æмæ ногæй кæнын байдыдта фæлтæрæн. Ацы хатт тынг тагъд кодта. Йæ дамгъæтæ тетрады уыдысты зылын-мылынтæ, дæлæ-уæлæтæ, чи хаххы дæле. Бæлвырд уыди, ахуыр кæнын æм кæй нал цыди, уый.

Уалынмæ нæм Юрæ æрбацыди. Ахуыргæнгæ нæ куы федта, уæд загъта:

— А-а, ай ахуыр куы кæнут, ахуыр! Уый хорз хъуыддаг у! Цы ми кæнут?

— Фæлтæрæн, — загътон æз. — Ольгæ Николаевнæ афтæ загъта.

Юрæ тетрадмæ æркаст:

— Ай цытæ фыссыс? «Зуб» фыссын хъæуы, ды та «зуп» ныффыстай.

— Æмæамта цавæр хатдзæг хъæуы? — фæрсы Шишкин. — Мæнмæ хатдзæг æнæцавд хъæлæсонты тыххæйис, ай та исты æнæцав дхъæлæсон у?

— Ам, — зæгъын, — ахæм хатдзæг ис, æмæ æнæрæдыдæй сфыссын хъæуы чиныгæй. Æркæс-ма чиныгмæ, цы дзы фыст ис? «Зуб»!

— Ам дæр хатдзæг ис, — загъта Юрæ. — Дзырд афтæ аивын хъæуы, цæмæй бæлвырд чи нæ хъуысы, уыцы æмхъæлæсоны фæстæ уа хъæлæсон дамгъæ. Гъе ныр ма дзырд аив.

— Æмæ йæ куыд аивон? Уæддæр гъе афтæ уыдзæн.

— Ахъуыды-ма кæ. Дæ дзыхы цы ис?

— Мæ дзыхы ис дæндæгтæ, стæй дзы æвзаг дæр ис.

— Æвзаджы тыххæй дæ ничи фæрсы. Ды аивтай дзырд: уыди «зуб» æмæ сси «зубы». Ам «б» хъуысы æви «п»?

— Кæй зæгъын æй хъæуы, «б»!

— Уæдæ йæ фыссын дæр хъæуы «зуб».

Уыцы рæстæг æрбацыд Ваня. Ахуыр кæнгæ нæ куы федта, уæд уый дæр загъта:

— А, ахуыр куы кæнут!

— Бæгуыдæр, ахуыр кæнæм, — загътам мах.

— Уый лæгдзинад у, гъе! Уый тыххæй уын æнæхъæн кълас дæр бузныг зæгъдзæн.

— Æмæ кæм фесгуыхтыстæм! — дзуапп радта Шишкин. — Алы ахуыргæнинагæн дæр йе хæс у зæрдиагæй ахуыр кæнын, æмæ бузныг цæй тыххæй загъдæуа, ахæмæй ницы ис.

— Цæй, уый æз афтæ æнæуый загътон. Æппæт къласы дæр фæнды, цæмæй неппæт дæр хорз ахуыр кæнæм. Æмæ иугæр кæд ахуыр кæнут, уæд хорз уыдзæн.

Дуар та байгом ис æмæ æрбацыд Вася Ерохин.

— А, ахуыр куы кæнут! — загъта уый.

— Ай цы хабар у? — загътон æз. — Алчи дæр æрбацæуы æмæ афтæ фæкæны: «А, ахуыр куы кæнут!», цыма нæ цæрæнбонты фыццаг хатт ахуыр кæнæм, амæй размæ та цыма æппындæр нæ ахуыр кодтам!

— Цæй, дæу тыххæй нæ загътон, Шишкины тыххæй загътон, — загъта Вася.

— Æмæ Шишкин цы? Цыма уый æппындæр нæ ахуыр кодта? Уырыссаг æвзагæй йеддæмæ йын иннæ предметтæй афтæ æвзæр бæрæггæнæнтæ нæй...

— Цæй, мæсты ма кæн, æз æнæуый загътон. Æз афтæ æнхъæлдтон, нæ ахуыр кæны, уый та ахуыр кæны, гъе æмæ уымæн загътон.

— Æмæ æндæр исты загътаис. Нæ, цыма дунейыл æндæр дзырдтæ нæй!

— Цæмæй æнхъæл уыдтæн, æмæ уын афтæ хъыг уыдзæн, уый? Мæнмæ гæсгæ мæстагæй ницы загътон.

Дуар та байгом ис æмæ къæсæрæй æрбазынд Алик Сорокин.

— Уый дæр ныртæккæ, æвæццæгæн, зæгъдзæн: «А, ахуыр куы кæнут!» — мынæг хъæлæсæй сдзырдта Шишкин.

— А, ахуыр куы кæнут! — мидбылты бахудти Алик Сорокин.

Мах неппæт дæр худæгæй бакъæцæл стæм.

— Цæуыл худут? Мæ ныхас уæм цы худæг фæкаст? — фефсæрмы ис Алик.

— Ницæуыл. Мах дæуыл нæ худæм, — дзуапп ын радтон æз. — Фæлæ ды та цæмæ ’рбацыдтæ?

— Афтæ æнæуый æрбауадтæн. Ме ’ххуыс, зæгъын, куы бахъæуа.

— Шахмæттæ дæр демæ æрбахастай? — бафарстон æз.

— Мæнæ цы хæлиудзых дæн! Æрбайрох мæ ис шахмæттæ ’рбахæссын! Ахъазиккам бæргæ!

— Нæ, фæлтау дæ шахмæттимæ дарддæр ацу ардыгæй, — загъта Юрæ. — Цомут, лæппутæ, нæ хæдзæрттæм, ма сæ хъыгдарæм.

Лæппутæ ацыдысты.

— Уыдон нæм æрбацыдысты, ахуыр кæнæм æви нæ, уый бæрæггæнæг, — загъта Костя.

— Гъе мæ цы? — зæгъын æз. — Уым хъыгагæй ницы ис.

— Хъыгагæй та дзы цы ис? Æз дæр афтæ куы нæ зæгъын. Хорз лæппутæ сты, сæ хъус мæм дарынц.

— Ольгæ Николаевнæ дæ мадæн загъта, ды скъоламæ кæй нæ цыдтæ, уый? — бафарстон æз Костяйы.

— Загъта. Мамæнæн дæр æй дзырдта æмæ мæ фыды хо Зинæйæн дæр! Зоныс, куыд тынг мæм хæцыдысты, хæрдты мæ схауын кодтой! Афтæ мын фæуайдзæфтæ кодтой æмæ мæ цæрæнбонты дæр никуы ферох уыдзæн! Фæлæ ницы кæпы! Æгайтма сæ фервæзтæн. Цалынмæ скъоламæ нæ цыдтæн, уæдмæ афтæ тынг тыхстæн æмæ йæ куыд зæгъон. Мæ сæры цы нæ хъуыды фæмидæг уыцы бонты! Лæппутæ сты лæппутау: райсомæй сыстынц, скъоламæ ацæуынц, æз та дзæгъæл къæбылайау рабыр-бабыр кодтон горæты уынгты, мæ сæры та алы хъуыдытæ. Мамæйæн дæр тæригъæд кæнын! Куыд мæ хъуамæ фæнда уый сайын? Фæлæ йæ сайдтон æмæ сайдтон, æмæ мæхи бауромын мæ бон нал уыд. Иннæ мадæлтæ сæрыстыр сты сæ сывæллæттæй, æз та ахæм дæн, æмæ мæнæй сæрыстыр уæвæн нæй. Æмæ мæ тыхстæн кæрон нæ уыд: куыд дарддæр, афтæ тынгдæр тыхстæн.

— Ды афтæ тыхстæ, уый æз нæ бафиппайдтон, — загътон æз.

— Уый та куыд зæгъыс! Бæгуыдæр тыхстæн! Уый æз æрмæст мæхи афтæ дардтон, цыма мæм ницы хъары, уыйау, мæ зæрдæ та фæйнæрдæм тонæгау кодта.

— Æмæ уæд дæхи афтæ цæмæн дардтай?

— Æмæ гъа. Ды-иу мæм куы ’рбацыдтæ, уæд-иу мын уайдзæфтæ кæныныл фæдæ, мæнмæ-иу худинаг æркаст æмæ-иу цыма хъуыддæгтæ иууылдæр хорз сты, цыма алцыдæр куыд хъæуы, афтæ у, уый хуызæн мæхи дардтон. Ныр уыцы митæн кæрон æрцыд, афтæ нал уыдзæн. Цыма мыл уæд тымыгъ сыстади æмæ ныр æрсабыр, æрынцад, афтæ мæм кæсы. Æз хъуамæ архайон хуыздæр ахуыр кæныныл.

— Гъемæ архай, — загътон æз.

— Æмæ ныридæгæн куы райдыдтон архайын.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.