Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Нудæсæм сæр



Нудæсæм сæр

Тынг хардзау мæм æркаст, Костя Лобзичы æнæ мæн кæй сахуыр кодта, уый, уымæн æмæ мæн дæр фæндыди Лобзичы ахуыр кæнын, фæлæ ма ныр цы гæнæн ис.

— Ууыл та цы тыхсыс, — загъта Костя. — Æз та искæд уынджы исты дзæгъæл куыдзыл сæмбæлдзынæн æмæ дын æй балæвар кæндзынæн æмæ йæ уæд дæхæдæг сахуыр кæндзынæ.

— Мæнмæ иунæгæй диссаг нæ кæсы, — загътон æз. — Æз уарзын алцыдæр иумæ кæнын, иунæгæй мæм ницы кæнын цæуы.

— Æмæ дын æз æххуыс кæндзынæн куыдз ахуыр кæнынæн. Мах æй иумæ ахуыр кæндзыстæм, æмæ дæумæ дæр уыдзæн ахуыр куыдз.

— Нæ, — зæгъын, — афтæ хорз нæу. Куыддæр ног куыдз фæзына, афтæ та уый ахуыр кæныныл фæуыдзынæ, дæ уроктæ кæныны бæсты. Фæлтау уыцы хъуыддаг сæрдмæ ныууадзæм.

— Уæдæ хорз, кæддæ нæ фæнды, уæд æй ныууадзæм. Лæппутæн та зæгъдзыстæм, Лобзичы нæ дыууæ сахуыр кодтам, зæгъгæ. Ахуыр кæнын æй иумæ куы райдыдтам. Ногбоны хъазтизæры дæр æй иумæ равдисдзыстæм, куыд æй сахуыр кодтам, уый.

— Æмæ йæ сценæмæ куы бакæнæм, уæд, — зæгъын, мыййаг куы фæтæрса? Раздæр æй афтæ сахуыр кæнын хъæуы, цæмæй адæмæй ма тæрса.

— Æмæ йæ куыдæй сахуыр кæнæм?

— Бирæ адæм кæм уа, ахæм ранмæ йæ акæнын хъæуы. Мæнæ уроктæ куы скæнæм, уæд æй махмæ акæндзыстæм, нæхимæ равдисдзыстæм, нымайын куыд зоны, уый.

Уроктæ куы скодтам, уæд Костя Лобзичы хъуырыл гæрз бакодта æмæ йыл бос бабаста æмæ махмæ араст стæм. Куыддæр нæхимæ бахæццæ стæм, афтæ Надя æмæ Серёжæ махмæ æрбацыдысты.

— Ныртæккæ уын, — зæгъын, — мах равдисдзыстæм ахуыр куыдз. Алчи дæр уæ, мæнæ театры куыд вæййы, афтæ йæ бынаты сбадæд æмæ дзæбæх кæсут.

Мах Лобзичы табуреткæйыл сбадын кодтам. Костя йæ дзыппæй систа таблицæ цифрæтимæ æмæ Лобзикæн дзурын байдыдта, нымай, зæгъгæ. Лобзик рæйдта раст. Уалынмæ мæ сæры февзæрди диссаджы хорз хъуыды. Лобзикæн иу цифрæ дæр нал æвдыстон, фæлæ йæ бафарстон:

— Цæй-ма, Лобзик, дыууæ хатты дыууæ цас уыдзæн?

Лобзик срæйдта цыппар хатты. Кæй зæгъын æй хъæуы, æзме ’нгуылдзтæй афоныл фæкъæрцц кодтон.

Ликæ сцин кодта:

— Мæнæ диссаг! Хатткæнынады таблицæ дæр зоны!

Иууылдæр нæ æппæлыдысты, куыдзы афтæ хорз кæй сахуыр кодтам, уый тыххæй. Мах сын загътам, ногазы хъазтизæры скъолайы кæй æвдисдзыстæм, Лобзичы куыд сахуыр кодтам, уый.

— Æмæ уын хъазтизæрмæ сценæйæн костюмтæ ис? — афарста Ликæ.

— Æмæ цыма æнæ костюмтæй гæнæн нæй, — загътон æз.

— Æнæ костюмтæй афтæ диссаг нæу, — загъта Ликæ. — Фæлтау уын æз алыхуызон хъулон колпактæ скæндзынæн. Æмæ сæ уæ уæлæ куы скæнат, уæд цирчы дыууæ клоуны хуызæн уыдзыстут.

— Æмæ колпактæ цæмæй скæндзынæ?

— Мæнмæ ис алыхуызон гæххæттытæ. Ёлкæйæн сæ балхæдтон.

— Гъемæ, — зæгъын, — скæн. Колпактæ ма нын куы уа, уæд ноджы хуыздæр уыдзæн.

— Æмæ Лобзикæн дæр колпак скæнæн нæй? бафарста Костя.

— Нæ, Лобзикыл колпак не сфидаудзæн. Фæлтау ын æз сыгъзæринхуыз гæххæттæй æфцæггот скæндзынæн.

— Хорз, — зæгъын, — уæдæ, цы дæ фæнды, уый скæн.

— Ныр цом Глеб Скамейкинмæ æмæ йын равдисæм, нæ Лобзик нымайын куыд зоны, уый, — загъта Костя.

Мах ацыдыстæм Глебмæ, Глебæй — Юрæмæ, Юрæйæ та — Толямæ. Алы ран дæр æвдыстам Лобзичы дæсныдзинад, æмæ уый тыххæй Лобзикæн лæвæрдтам алыхуызон адджинæгтæ. Æппынфæстаг мах ацыдыстæм Ваня Пахомовмæ, Ваняйы ныййарджытæм та уыцы рæстæг уыд уазджытæ. Мах бацин кодтам æмæ банхъæлдтам, æцæг репитици нын уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ нæ цин дзæгъæлы фæци. Мах фæхудинаг стæм æмæ ма фырæфсæрмæй нæхи цы фæкодтаиккам, уый нал зыдтам. Лобзик раст дзуаппытæ дæттыны бæсты хæццæ æмæ гæды ныхæстæ кæнын райдыдта. Иунæг цифрæ дæр раст нæ загъта! Фæстагмæ æппындæр дзуапп нал лæвæрдта. Мах та раздæр нæхицæй раппæлыдыстæм, математикæ чи зоны, ахæм ахуыр куыдз æрбакодтам, зæгъгæ! Æгадæй фæстæмæ рацыдыстæм.

— Цымæ йыл цы ’рцыдис? — загъта Костя, уынгмæ куы рацыдыстæм, уæд.

Костя Лобзикæн радта сæкæры къæртт, фæлæ йæ Лобзик æрмæст аууылдта æмæ йæ уайтагъд рату кодта.

— Ныр æй бамбæрстон, — загътон æз. — Æгæр ын бахæрын кодтам. Æгæр бафсæсти, æмæ раст дзуапп дæттыныл уымæн нал архайы.

Костя загъта:

— Скъолайы йæ куы ’вдисæм, уæд ным мыййаг уым дæр афтæ куы рдуайа? Уæд æнæхъæн скъолайыл нæ худинаджы хъæр айхъуысдзæн! Уæд та йæ ныууадзиккам?

— Нæ, — зæгъын, — ныр ын ныууадзæн нал ис. Иугæр хъуыддагмæ бавнæлдтам, уæд æй кæронмæ ахæццæ кæнын хъæуы.

Ног азы хæд размæ æнæхъæн боны дæргъы Костя тыхсти æмæ æдзух фæлвæрдта Лобзичы ахуыр кæныныл.

— Ныууадз ма йæ, — зæгъын, — æнцад. Сфæлмæцын та йæ кæндзынæ бон-изæрмæ, æмæ куы хъæуа, уæд та йæ нал фæнддзæн дзуапп дæттын.

— Цæй хорз, нал æй бахъыгдардзынæн. Цæугæ æмæ баулæф, Лобзик!

Мах Лобзичы йæхи бар ныууагътам, мæхæдæг та нæхи цæттæ кæнын байдыдтам хъазтизæрмæ. Ликæ нын сцæттæ кодта дыууæ колпачы: мæнæн — цъæх колпак æвзмст стъалытимæ, Костяйæн та кæрдæгхуыз колпак сыгъзæрин стъалытимæ. Стæй ма нын скодта æвзист æфцæггæттæ æмæ сыгъзæринхуыз манжеттæ нæ дыстæн Мах уыдæттæ нæхиуыл абарстам æмæ нæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Нæ дзаумæтты уыдыстæм раст цирчы æцæг клоунты хуызæн. Лобзикæн дæр скодта сыгъзæрин æфцæггот.

Афон æрхæццæ ис æмæ мах Лобзикимæ араст стæм скъоламæ. Цалынмæ концерты фыццаг хай цыдис, уæдмæ мах Лобзикимæ залы бадтыстæм, цæмæй адæмыл фæцахуыр уыдаид, стæй уæд бацыдыстæм сценæйы фæстæмæ æмæ æнхъæлмæ кастыстæм нæ радмæ. Афтæмæй мах федтам æппæт концерт æмæ ницы фæцух кодтам. Рагацау нæ уæлæ скодтам нæ колпактæ, Лобзикæн дæр йæ хъуырыл бакодтам æфцæггот. Уалынмæ байгом æмбæрзæн æмæ иууылдæр федтой, æз æмæ Костя нæ алыхуызон колпакты сценæмæ куыд рацыдыстæм, уый. Костя цыдис разæй, йæ фæдыл, босыл баст уæвгæйæ, згъордта Лобзик, æз та уыдтæн фæсте, мæ къухы уыд чысыл чемодан. Чемоданы уыдысты, равдисынмæ цы дзаумæттæ сцæттæ кодтам, уыдон. Костя сценæйы астæу табуреткæйыл сбадын кодта Лобзичы æмæ загъта:

— Зынаргъ лæппутæ, ныртæккæ уын мах равдисдзыстæм ахуыр куыдз-математик, йæ ном хуыйяы Лобзик. Нырма уал сахуыр кодта дæсы онг нымайын, фæлæ дарддæр дæр ахуыр кæндзæн, æмæ та уын æй уæд равдисдзыстæм. Курæг уæ стæм, цæмæй уæхи сабыр дарат, уымæн æмæ Лобзик сценæйы фыццаг хатт ис æмæ хъæрæй фæтæрсдзæн.

Костя, æвæццæгæн, æфсæрмы кодта æмæ йæ хъæлæс зыр-зыр кодта. Æз дæр фефсæрмы дæн æмæ мæ дзурын куы бахъуыдаид, уæд, æвæццæгæн, мæ бон иунæг ныхас скæнын дæр нæ бауыдаид.

— Ныртæккæ уын равдисдзыстæм, нæ куыдз нымайын куыд зоны, уый, — ууыл йæ ныхас фæци Костя.

Æз чемоданæй систон æртæ хъæды лыггаджы æмæ сæ фæрсæй-фæрстæм стъолыл æрæвæрдтон, сеппæтмæ дæр куыд зындаиккой, афтæ.

— Ныртæккæ Лобзик банымайдзæн, стъолыл цал хъæды лыггаджы ис, уый, — фехъусын кодта Костя. — Цæй, нымай, Лобзик!

Лобзик срæйдта æртæ хатты.

Лæппутæ тынг сæмдзæгъд кодтой æмæ фырцинæй ныхъхъæр кодтой. Лобзик фæтарсти, табуреткæйæ рагæпп кодта æмæ лидзынмæ фæци. Костя йæ рацахста, йæ дзыхы йын сæкæры къæртт атъыста æмæ йæ фæстæмæ табуреткæйыл сбадын кодта. Лобзик сæкæр хæрынмæ фæци. Лæппутæ куыдфæстæмæ басабыр сты. Æз та чемоданæй систон ноджыдæр иу хъæды лыггаг æмæ йæ иннæты фарсмæ æрæвæрдтон.

— Ныр та цал хъæды лыггаджы сты? — бафарста Костя.

Лобзик срæйдта цыппар хатты.

Лæппутæ та æмхуызонæй сæмдзæгъд кодтой. Лобзик та табуреткæйæ рагæпп кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ Костя афоныл рацахста æмæ йын сæкæры къæртт йæ дзыхы атъыста.

Æз стъолыл æрæвæрдтон ноджыдæр æртæ хъæды лыггаджы.

— Ныр та цал хъæды лыггаджы баисты? — бафарста Костя.

Лобзик арæйдта авд хатты.

Æз чемоданæй систон чысыл таблицæ цифрæ «дыууæимæ» æмæ йæ адæммæ равдыстон.

— Ацы цифрæ цас у? — бафарста Костя.

Лобзик срæйдта дыууæ хатты.

Мах Лобзикæн æвдыстам алы цифрæтæ, стæй Костя фарста:

— Дыууæ хатты дыууæ цал уыдзæн? Дыууæ хатты æртæ цал уыдзæн? Æртæмæ цыппар куы бафтауай, уæд цас уыдзæн?

Лобзик дзуапп лæвæрдта раст. Лæппутæ æдзухдæр æмдзæгъд кодтой, фæлæ Лобзик къухæмдзæгъдыл куыдфæстæмæ фæцахуыр ис æмæ нал тарсти. Æз дæр фæуæндондæр дæн æмæ загътон:

— Лæппутæ, нæ Лобзик хынцинæгтæ кæнын дæр зоны. Кæй уæ фæнды, уымæн йæ бон у, æмæ Лобзикæн радта исты хынцинаг, стыр нымæцтæ дзы куыд нæ уа, афтæ, æмæ йæ Лобзик скæндзæн.

Уæд иу лæппу сыстади æмæ радта ахæм хынцинаг: «Авг æмæ пробкæ сты 10 капеччы аргъ. Авг пробкæйæ у 8 капеччы зынаргъдæр. Цæй аргъ сты авг æмæ пробкæ хицæнтæй?»

— Цæй, — зæгъын, — Лобзик, ахъуыды кæ æмæ скæн хынцинаг.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Лобзик ницæуыл ахъуыды кодта. Афтæ барæй дзырдтон, цæмæй мæхæдæг ахъуыды кодтаин. Æз хыпцинаг уайтагъд акодтон: пробкæ у 2 капеччы аргъ, авг та у 8 капеччы аргъ, дыууæ иумæ та сты 10 капеччы аргъ.

— Цæй, Лобзик, зæгъ: цæй аргъ у пробкæ? — бафарстон æй æз.

Лобзик срæйдта дыууæ хатты.

— Авг та цæй аргъ у?

Лобзик срæйдта аст хатты.

Æмæ уæд ахæм хъæр райхъуысти, ахæм!

— Раст нæу! — хъæр кодтой лæппутæ. — Куыдз фæрæдыдис!

— Цæуылнæ у, — зæгъын, — раст? Авг æмæ пробкæйы аргъ иумæ у 10 капеччы. Гъе уæдæ афтæмæй авг у 8 капеччы аргъ, пробкæ та 2 капеччы аргъ.

— Уый та куыд? Хынцинаджы загъд ис, авг кæй у пробкæйæ 8 капеччы зынаргъдæр. Кæд пробкæ 2 капеччы аргъ у, уæд авджы аргъ та хъуамæ уа 10 капеччы, фæлæ сæ дыууæйы аргъ у 10 капеччы, — бацамыдтой лæппутæ.

Уæд æз бамбæрстон, кæй фæрæдыдтæн, уый, æмæ загътон:

— Хъус-ма, Лобзик, фæрæдыдтæ. Дзæбæх ахъуыды кæ æмæ раст скæн хынцинаг.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Лобзичы нæ, фæлæ мæнæн мæхи ахъуыды кæнын хъуыди, фæлæ æз загътон:

— Чысыл банхъæлмæ кæсут, лæппутæ, ныртæккæ ахъуыды кæндзæн æмæ йæ раст скæндзæн.

— Уадз æмæ ахъуыды кæна! — ныхъхъæр кодтой лæппутæ. — Ма йæ хъыгдарут. Куыдзæн уыцы хынцинаг, кæй зæгъын æй хъæуы, зын у.

Æз хъуыды кæнын байдыдтон: «Кæд авг пробкæйæ 8 капеччы зынаргъдæр у, уæд пробкæйы аргъ у 2 капеччы, авг та 10 капеччы. Фæлæ уæд дыууæйы аргъ иумæ уайы 12 капеччы, хынцинаджы та загъд ис, сæ дыууæйы аргъ иумæ кæй у 10 капеччы. Кæд æмæ пробкæ у 2 капеччы аргъ, авг та 8 капеччы, уæд авг пробкæйæ у æдæппæт æхсæз капеччы зынаргъдæр». Фыртыхстæй катайы бацыдтæн! Ай цавæр хынцинаг у? Хынцинаг нæ, фæлæ цавæрдæр сæрсæттæн.

— Чысыл-ма, — зæгъын, — банхъæлмæ кæсут, лæппутæ. Чысыл-ма ахъуыды кæна. Ныртæккæ йæ скæндзæн.

— Ницы кæны, уадз æмæ хъуыды кæна! — хъæр кодтой лæппутæ. — Куыдз адæймаг нæу. Уый бон афтæ тагъд кæнын нæу.

«О, — зæгъын мæхинымæр, — куыдзæн нæ, фæлæ адæймагæн дæр йæ бон нæу ацы хынцинаг тагъд акæнын!»

Ногæй хъуыды кæнын байдыдтон.

— Гъы, æдылы къоппа! — мæ хъусы мын æрбадзырдта Костя. — Пробкæ капеччы аргъ у!

Æз уæд бамбæрстон, хъуыддаг куыд у, уый: пробкæ у капеччы аргъ, авг та у 8 капеччы зынаргъдæр, ома 9 капеччы, пробкæ æмæ авг та иумæ сты 10 капеччы аргъ.

— Ис! — ныхъхъæр кодтон æз. — Байхъусут! Ныртæккæ Лобзик раст дзуапп ратдзæн.

Лæппутæ ныхъус сты.

— Цæй, зæгъ, Лобзик, цæй аргъ у пробкæ?

Лобзик срæйдта иу хатт.

— Басабыр ут, — загътон æз. — Хынцинаг нæма фæци. Ныр та зæгъæд, авг цасы аргъ у, уый.

Лобзик срæйдта фараст хатты.

Уæд лæппутæ ахæм хъæр систой, ахæм! Лæппутæ æмдзæгъд кодтой æмæ хъæрæй зал сæ сæрыл систой.

— Гъе уый куыдз у, гъе! — дзырдтой уыдон. — Кæд фæрæдыдис, уæддæр æппынфæстаг хынцинаг раст скодта.

Ууыл ахицæн хъазтизæр.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.