Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;хсæрдæсæм сæр



Æхсæрдæсæм сæр

Дыккаг бон дын Шишкин къласы фæзынд. Тарстхуызæй йæ мидбылты худт æмæ æфсæрмыгæнгæ каст лæппутæм, фæлæ йын куы ничи уайдзæф кодта, уæд æрæууæндыди æмæ мæ фарсмæ æрбадти. Мæ фарсмæ афтид бынат нал уыди, æмæ мын фенцондæр ис, раст цыма мæ зæрдæ ме ’муд æрцыд, уыйау.

Ольгæ Николаевнæ Шишкинмæ ницы сдзырдта æмæ уроктæ иннæ бонтау цыдысты æнæуæлдай ныхас. Переменæйы нæм æрбацыд Володя, æмæ йын лæппутæ уыцы хабар радзырдтой. Æз афтæ ’нхъæлдтон, Володя уайдзæфтæ кæндзæн Шишкинæн, зæгъгæ. Уый та мæнæн райдыдта уайдзæфтæ кæнын.

— Ды куы зыдтай, де ’мбал раст кæй нæ кæны, уый, уæд ын цæуылнæ баххуыс кодтай йæ рæдыд сраст кæнынæн? — загъта Володя. — Йемæ куыд æмбæлы, афтæ ныхас кæнын хъуыд æмæ дæ коммæ куы нæ бакастаид, уæд та загътаис ахуыргæнæгæн, кæнæ мæнæн, кæннод та къласы лæппутæн. Ды та йæ алкæмæй дæр сусæг кодтай.

— Цыма æз йемæ никуы аныхас кодтон! Æз ын цал æмæ цал хатты дзырдтон уый тыххæй! Цы йын мæ бон уыд? Йæхæдæг куы сфæнд кодта скъоламæ нал цæуын.

— Æмæ цæмæн сфæнд кодта скъола ныууадзын? Уымæн æмæ æвзæр ахуыр кодта. Æмæ йын цы баххуыс кодтай, цæмæй хуыздæр ахуыр кæна? Нæ зыдтай, æвзæр кæй ахуыр кæны, уый?

— Зыдтон, загътон æз. — Уыдæттæ йын иууылдæр уырыссаг æвзаджы тыххæй рауадысты. Уырыссагау куыст-иу алы хатт мæнæй сфыста.

— Кæсыс, ды дæ хæларыл æцæгæй куы тыхстаис, уæд æй дæ тетрадæй фыссын нæ уагътаис. Æцæг æмбал хъуамæ домаг уа æмæ йе ’мбалæн йæ хъæндзинæдтæ хатыр ма кæна. Цæй æмбал ис дæуæй, кæд æмæ де ’мбалы æвзæр митæм фидауцы цæстæй кæсыс, уæд? Уый æцæг хæлардзинад нæу, уый у мæнг хæлардзинад.

Лæппутæ иууылдæр дзурын байдыдтой, ды мæнг æрдхорд дæ, зæгъгæ, Володя та загъта:

— Лæппутæ, цæй æмæ урокты фæстæ æрæмбырд уæм æмæ æппæт уыдæттыл æрныхас кæнæм.

Мах сфæнд кодтам урокты фæстæ æрæмбырд уæвын, фæлæ куыддæр уроктæ фесты, афтæ æз æмæ Шишкинмæ фæдзырдта Ольгæ Николаевнæ æмæ нын загъта:

— Костя æмæ Витя, ныртæккæ цæугæут директормæ. Уемæ йæ фæнды аныхас кæнын.

— Цæуыл? — фæтарстæн æз.

— Йæхæдæг уын радзурдзæн, цæуыл, уый.

Ауайут, мацæмæй тæрсут! — йæ мидбылты худгæйæ загъта Ольгæ Николаевнæ.

Мах бацыдыстæм директоры кабинетмæ, къæсæрыл æрлæууыдыстæм æмæ загътам:

— Дæ бонтæ хорз, Игорь Александрович!

Игорь Александрович бадти стъолы цур æмæ цыдæр фыста.

— Æгас цæут, лæппутæ! Æрбахизут æмæ мæнæ диваныл сбадут, — загъта нын уый æмæ йæхæдæг дарддæр кодта йæ фыссыны куыст.

Фæлæ сбадын нæ уæндыдыстæм, уымæн æмæ диван æвæрд уыдис директоры тæккæ цур æмæ лæууыдыстæм дуары раз. Уым нæм æдасдæр касти. Игорь Александрович фыст фæци, йæ кæсæнцæстытæ систа æмæ загъта:

— Сбадут. Цæмæн лæуут?

Мах бацыдыстæм æмæ сбадтыстæм. Диваны цъар уыдис сæракæй æмæ цæхæртæ калдта. Сæрак уыдис бырынцъаг æмæ-иу диванæй æрбырыдтæн, уымæн æмæ диваны былыл дзæбæх сбадын нæ уæндыдтæн. Тухи кодтон, цалынмæ ныхас фестæм, уæдмæ. Ныхас та рауади даргъ! Иу къахыл лæугæйæ афтæ не сфæлмæцыдаин, бадынæй куыд сфæлмæцыдтæн.

— Гъы, Шишкин, радзур-ма, скъолайæ фæцух уæвыны хъуыды дæ сæрмæ куыд æрцыди? — бафарста Игорь Александрович, мах куы сбадтыстæм, уæд.

— Нæ зонын, — фæуыргъуыйауæй загъта Шишкин.

— Гм! — зæгъгæ, бакодта Игорь Александрович. — Дæумæ гæсгæ йæ чи хъуамæ зона уæдæ?

— Н-нæ зонын, — ногæй та сдзырдта Шишкин.

— Æвæццæгæн æй дæумæ гæсгæ æз зонын? — бафарста Игорь Александрович.

Шишкин йе ’рфгуыты бынты бакаст Игорь Александровичмæ, цæмæй базона, æцæг дзуры, æви хъазгæйæ зæгъы, фæлæ директор кодта тызмæг каст. Æмæ та уæд ногæй дзуапп радта:

— Нæ зонын.

— Уый та куыд, мæ лымæн, æппæт фæрстытæн иу дзуапп куы дæттыс: «нæ зонын». Кæд ныхас кæнæм, уæд зæрдиагæй æрныхас кæнæм. Æз дæ цымыдисдзинады охыл мыййаг куы нæ фæрсын, скъоламæ цæуылнæ цыдтæ, уый тыххæй.

— Афтæ. Тæрсгæ кодтон, — дзуапп радта Шишкин.

— Цæмæй тарстæ?

— Æз тарстæн диктантæй æмæ иу бон фæцух кодтон, стæй уый фæстæ æрбацæуын нал уæндыдтæн, Ольгæ Николаевнæ мамæйæ гæххæтт агурдзæн, зæгъгæ, æмæ уæд нал цыдтæн.

— Æмæ диктантæй цæмæй тарстæ? Ау, афтæ тынг тæссаг дзы у?

— Æз тарстæн двойкæ райсынæй.

— Уæдæ уырыссаг æвзаджы уроктæм дæхи æвзæр цæттæ кодтай?

— Æвзæр.

— Æмæ æвзæр цæмæн цæттæ кодтай дæхи?

— Зын мын у.

— Иннæ предметтæ дæр дын зын ахуыр кæнæн сты?

— Иннæ предметтæ мын æнцондæр сты.

— Æмæ дын уæдæ уырыссаг æвзаг зын цæмæн у?

— Æз фæсте баззадтæн. Дзырд куыд фыссын хъæуы, уый нæ зонын.

— Ды хъуамæ де ’мбæлтты баййафай, ды та, æвæццæгæн, бирæ нæ ахуыр кæныс уырыссаг æвзаг?

— Бирæ нæ ахуыр кæнын.

— Цæмæн уæд?

— Æмæ гъа, нæ йæ æмбарын. Истори кæнæ географи куы бакæсын, уæд сæ базонын, уырыссаг æвзагæй та куы ныффыссын, уæд мæ фысты æнæмæнг вæййы рæдыдтæ.

— Æмæ гъе уымæ гæсгæ уырыссаг æвзаг хъуамæ фылдæр ахуыр кæнай. Кæнын хъæуы, æнцон цы у, канд уый нæ, фæлæ зын цы у, уый дæр. Зындзинæдтыл уæлахиз кæнын хъæуы. Кæд дæ фæнды сахуыр уæвын, уæд хъуамæ фыдæбон дæр бакæнай... Зæгъ-ма, Малеев, — афарста мæ Игорь Александрович, — ды раздæр арифметикæйæ æвзæр куы ахуыр кодтай?

— Æвзæр.

— Æмæ ныр хуыздæр ахуыр кæныс?

— Хуыздæр.

— Æмæ уый дæ къухы куыд бафтыдис?

— Мæхи бафæндыди. Ольгæ Николаевнæ мын загъта, цæмæй мæ бафæндыдаид, æмæ мæ бафæндыд æмæ куыд æмбæлы, афтæ ахуыр кæнынмæ бавнæлдтон.

— Æмæ дæ къухы бафтыдис?

— Бафтыдис.

— Фæлæ дын, æвæццæгæн, райдианы зын уыди?

— Райдианы мын зын уыди, фæлæ мын ныр бынтон æнцон у.

— Кæсыс, Шишкин! Малеевы бафæзм. Раздæр дын зын уыдзæн, фæлæ зындзинадыл куы фæуæлахиз уай, уæд та дын æнцон уыдзæн. Бавнал ахуырмæ, æмæ дæ хъуыддаг рауайдзæн.

— Хорз, — загъта Шишкин, — бафæлвардзынæн.

Фæлварын дæр дзы нæ хъæуы. Ахуыр кæнынмæ куыд æмбæлы, афтæ бавналын хъæуы, æмæ уæд хъуыддаг хорз уыдзæн.

— Хорз, бавзардзынæн, — дзуапп радта Шишкин.

— Бафæлварынæй бавзарынæй уæлдай нæй, — загъта Игорь Александрович. — Бæлвырд у, ды æнæныфс кæй дæ, уый. Цæмæй тæрсыс? Ис дын æмбæлттæ. Ау, уыдон дын нæ баххуыс кæндзысты?.. Ды, Малеев, Шишкины хæлар нæ дæ?

— О, — загътон æз.

— Гъе мæ йын баххуыс кæн уырыссаг æвзагæй. Уыцы предметæй æгæр фæсте баззадис æмæ иунæгæй ницы бакæндзæн.

— Уый мæ бон у, — загътон æз, — уымæн æмæ мæхæдæг дæр фæсте задтæн æмæ ныр зонын, хъуыддагмæ кæцырдыгæй бавналын хъæуы, уый.

— Афтæ, афтæ! Уæдæ бафæлвардзынæ, и? — мидбылты бахудти Игорь Александрович.

— Нæ, — зæгъын, — фæлваргæ нæ кæндзынæн, æвæстиатæй йын æххуыс кæнын байдайдзынæн.

— Хорз. Уый мæ зæрдæмæ цæуы, — загъта Игорь Александрович. — Исты æхсæнадон куыст дын ис?

— Нæй, — загътон æз.

— Гъе уæдæ уал дын уый уыдзæн æхсæнадон куыст. Æз ныхас кодтон Ольгæ Николаевнæимæ, æмæ мын Ольгæ Николаевнæ загъта, ды кæй базондзынæ Шишкинæн баххуыс кæнын. Кæд æмæ дæхæдæг дæхицæн баххуыс кæнын базыдтай, уæд де ’мбалæн дæр баххуыс кæндзынæ. Æрмæст ацы хъуыддагыл зæрдиагæй бацархай.

— Зæрдиагæй йыл архайдзынæн, — загътон æз.

— Дæ хъус æм дар, цæмæй æппæт уроктæ дæр кæна йæхæдæг, афойнадыл, цæмæй алцыдæр кæна кæронмæ. Йæ бæсты макуы мацы бакæ. Науæд уый дæуы ’рдыгæй æвзæр æххуыс уыдзæн. Йæхæдæг кусын куы фæцахуыр уа, уæд æм ныфс дæр фæзындзæн, æмæ йæ уæд де ’ххуыс нал хъæудзæн. Бамбæрстай мæ?

— Бамбæрстон, — загътон æз.

— Ды та, Шишкин, дæ зæрдыл бадар, адæм иууылдæр зæрдиагæй кæй хъуамæ фæллой кæной, уый.

— Æмæ æз нырма куы нæма фæллой кæнын... — йæхимидæг сдыгъал-дыгъул кодта Шишкин.

— Куыд нæ фæллой кæныс? Æмæ ахуыр кæнын фæллой нæу? Ахуыр кæнын дæуæн у æцæг фæллой кæнын. Ас адæм кусынц заводты æмæ фабрикæты, колхозты æмæ совхозты, аразынц электростанцæтæ, къанæуттæй иу кæнынц дæттæ æмæ денджызтæ, æдзæрæг хус быдыртæм дон уадзынц, садзынц бæлæстæ. Кæсыс, куыд бирæ хъуыддæгтæ ис!.. Сывæллæттæ та ахуыр кæнынц скъолаты, цæмæй фидæны суой ахуыргонд адæм æмæ уæд уыдон дæр нæ Райгуырæн бæстæйæн æрхæссой, куыд амал ис, афтæ фылдæр пайда. Ау, дæу нæ фæчды Райгуырæн бæстæйæн пайда хæссын?

— Фæнды.

— Уыныс! Дæумæ гæсгæ, чи зоны, «фæнды мæ» зæгъын æгъгъæд у? Лæг хъуамæ уа фидар, домбай, уымæн æмæ домбай нæ уæвгæйæ къухы ницы бафтдзæн.

— Ныр æз домбай уыдзынæн.

— Гъе уый хорз, — загъта Игорь Александрович. — Адæймаг хъуамæ æнæгæды уа. Æмæ ды та æнæгæды дæ? Ды сайдтай дæ мады, сайдтай ахуыргæнæджы, сайдтай де ’мбæлтты.

— Æз ныр нал сайдзынæн.

— Бацархай, — загъта Игорь Александрович. — Фæлæ хъуыддаг ууыл нæ хицæн кæны. Хъуамæ хъуыды кæнай æмбæлтты сæр æмæ сæ уарзай.

— Æмæ сæ исты нæ уарзын? — бадис кодта Шишкин.

— Кæм сæ уарзыс! Сеппæты дæр ныууагътай æмæ æнæ уыдон цæрынмæ хъавыдтæ. Уый цæй уарзондзинад у?

— Æмæ æз æнæ уыдон æнкъард куы кодтон! — йæ цæстытæ доны разилгæйæ, сдзырдта Шишкин.

— Æгайтма сæ мысгæ кодтай, фæлæ ноджы хуыздæр уыдзæн, æнæ де ’мбæлттæй дын фæцæрæн кæй нæй, уый куы æмбарай, уæд, цæмæй дæ фæсонæрхæджы дæр макуы æрцæуа де ’мбæлтты ныууадзын.

— Ныр сæ фылдæр уарздзынæн, — загъта Шишкин.

— Æмæ скъоламæ куы нæ цыдтæ, уæд та цы ми кодтай, мæ хур? — бафарста йæ Игорь Александрович.

Мах радзырдтам, Лобзичы нымайын куыд ахуыр кодтам, уый. Игорь Александровичмæ уый тынг диссаг фæкаст æмæ нæ бæстон рафæрс-бафæрс кодта, Лобзичы нымайын куыд ахуыр кодтам, уымæй.

— Искуы ма куыдзы нымайын сахуыр кæнæн ис адæймаджы хуызæн? — загъта æппынфæстаг Игорь Александрович.

— Æмæ уæдæ цирчы цы куыдз уыдп, уый куыд нымадта? — бафарстам æй мах.

Игорь Александрович ныххудтис:

— Уыцы куыдз æппындæр нæ зыдта нымайын. Уый сахуыр кодтой æрмæст рæйын æмæ сигналмæ гæсгæ банцайын. Куыдз куы срæйы, цал хатты фæхъæуы, уал хатты, уæд ын, æрмахуыр æй чи скодта, уый, адæм куыд нæ бафиппайой, афтæ ацамоны, æмæ куыдз банцайы, адæм та афтæ фенхъæлынц, куыдз йæхæдæг рæйы, цал хатты хъæуы, уал хатты.

— Æмæ йын куыд ацамоны куыдзæн йæ ахуыргæнæг? — бафарста Костя.

— Куыд куы зæгъай, уæд йæ сæр фæкъул кæны, кæнæ йæ къух атилы, науæд та йе ’нгуылдзтæй сабырæй къæрццытæ фæкæны.

— Фæлæ мах Лобзик иуæй-иу хатт æнæ сигналæй дæр раст нымайы, — загъта Костя.

— Куыйтæ алцыдæр хорз уынынц æмæ бафиппайынц, — загъта Игорь Александрович. — Лобзик цал хатты фæхъæуы, уал хатты куы срæйы, уæд ды, дæхæдæг æй нæ фæфиппайыс, афтæ зынанæ зына дæ сæр фæкъул кæныс кæнæ та дæхи искуыд базмæлын кæныс. Лобзик уый ауыны æмæ фæархайы, цы йын фæамоныс, уый бамбарыныл. Фæлæ дæ фезмæлдтытæ тынг зын бафиппайæн кæй сты, уымæ гæсгæ Лобзик арæх фæрæдийы. Цæмæй цал хатты хъæуа, уал хатты рæйа, уый тыххæй йæ сахуыр кæнут исты бæлвырд сигналыл, зæгъæм, цъыччытæ кæнут æнгуылдзтæй.

— Æз гъе афтæ бакæндзынæн, — загъта Костя, — æрмæст уал хъуамæ уырыссаг æвзагæй фæрæвдз уон, стæй уый фæстæ ахуыр кæндзыпæн Лобзичы.

— Гъе уый раст зæгъыс! Æмæ нæм скъолайы хъазтизæр куы уа, уæд уæ бон у, æмæ уе ’рмахуыр куыдз куыд нымайы, уый равдисат.

Мах афтæ тынг тарстыстæм Игорь Александровичæй, куы нæ бафхæра, зæгъгæ, фæлæ йæм мах бафхæрыны фæнд уæвгæ дæр нæ уыди, фæлæ йæ æрмæст фæндыд, хуыздæр ахуыр кæнын кæй хъæуы, уый нын бамбарын кæнын.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.