Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыууадæсæм сæр



Дыууадæсæм сæр

Дыккаг бон бацыдтæн Шишкинмæ, уызыны цæмæй хæссын хъæуы, уый базоныны тыххæй, уымæн æмæ уызын зымæгон фынæйы фæнд нал кодта. Æхсæвы райхъал æмæ уаты рацу-бацу кодта, цавæрдæр гæххæттытæй сыр-сыр кодта æмæ хуыссын никæй уагъта. Куы бацыдтæн, уæд федтон Шишкины уаты астæу, пъолыл хуысгæ, йæ къæхтæ хæрдмæ хъилæй, йæ къухты та чемодан, афтæмæй.

— Пъолыл та цы ныхъил дæ? — афарстон æй æз.

— Эквилибрист суæвынмæ хъавын, — загъта уый. — Ныртæккæ чемодан мæ къæхтæй зилдзынæн.

Чемодан йæ къухтæй уæлæмæ систа æмæ йæ йæ къæхтæй айсынмæ хъавыди, фæлæ йын дзы ницы уади.

— Æз ыл, — зæгъы, — æрмæст мæ къæхтæй куы фæхæст уаин. Цæй-ма, аххуыс мын кæн: чемодан сис æмæ мын æй мæ къæхтыл сæвæр.

Æз систон чемодан æмæ йын æй йæ къæхтыл сæвæрдтон. Йæ къæхтæ ныттынг кодта, афтæмæй йыл иу цасдæр фæхæцыд, стæй йæ сындæггай рацæйзылдта, æмæ уæд чемодан фæбырыди æмæ пъолмæ æрхаудта.

— Нæй, — загъта Шишкин, — афтæмæй ницы рауайдзæни! Дзабыртæ раласын хъæуы, кæннод æгæр бырынцъаг сты.

Раласта йæ дзабыртæ, уæлгоммæ та схуыссыди æмæ йæ къæхтæ уæлæмæ схъил кодта. Æз та йын чемодан йæ къæхтыл сæвæрдтон.

— Гъе ныр, — зæгъы, — бынтон æндæр хъуыддаг у!

Фæлвæрдта та йæ йæ къæхтæй азилыныл, фæлæ та чемодан æрхаудта, йæ гуыбыныл ын сæмбæлди æмæ йын тынг фæрыст. Шишкин йæ I уыбыныл ныххæцыд æмæ оххытæ кæны.

— Ох, ох! — зæгъы, — афтæмæй мæ куы амардзæни! Ацы чемодан æгæр уæззау у. Фæлтау æндæр исты зилдзынæн, рогдæр.

Райдыдтам агурын æндæр исты, рогдæр. Ницы ссардтам. Уæд уый диванæй баз райста, тымбыл тыхт æй бакодта æмæ йæ синагæй фидар стыхта, ставд тахынæджы хуызæн.

— Гъе ныр хорз, — зæгъы, — баз фæлмæн у, куы æрхауа, уæддæр йæ цæф нæ фæрисдзæни.

Ногæй та пъолыл схуыссыди æмæ йын æз уыцы «тахынæг» йæ къæхтыл æрæвæрдтон. Азилыныл та йыл фæлвæрдта ногæй, фæлæ та дзы ницы рауади.

— Нæ, — загъта уый, — уæртæ цирчы эквилибрист куыд кодта, афтæ уал æй мæ къæхтæй ахсын ахуыр кæндзынæн. Ды мæм æй дардæй æппар, æз та йæ мæ къæхтæй ахсдзынæн.

Æз систон баз, иуварс ацыдтæн æмæ йæ уыцы-иу зыввытт бакодтон! Баз атахти, йæ къæхтыл нæ, фæлæ сæмбæлд йæ сæрыл.

— У, хæлиудзых! — схъæр кодта Шишкин. — Нæ уыныс, кæдæм æй æппарыс? Къæхтæм æй æппарын хъæуы!

Уæд æз систон баз æмæ йын æй йæ къæхтæм баппæрстон. Костя йæ къæхтæ батылдта, фæлæ уæддæр баз æрцахсын йæ бон нæ баци. Афтæ иу ссæдз хатты бæрц баппæрстон баз, æмæ йæ иу хатт ацахста йæ къæхтæй æмæ йæ баурæдта.

— Федтай? — ныхъхъæр кодта уый. — Раст æцæг эквилибрист куыд фæкæны, афтæ рауади!

Æз дæр сфæнд кодтон бафæлварын — уæлгоммæ схуыссыдтæн æмæ хъавыдтæн баз мæ къæхтæй ахсынмæ. Æрмæст мын йе ’рцахсын иу хатт дæр нæ бантысти. Фæстагмæ мæ боп нал уыди, бафæлладтæн. Цыма ме ’ккой исчи бæхбадт кодта, афтæ фæрыстысты мæ фæсонтæ.

— Цæй хорз, — загъта Шишкин, — абон уал æгъгъæд уæд базæй хъазынæн. Цæй, ныр та бандæттæй бафæлварæм.

Сбадти бандоныл æмæ йæ сындæггай фæстæрдæм хъил кæнын райдыдта, æрмæст йæ фæстаг дыууæ къахыл цæмæй лæууыдаид, уый тыххæй. Бандон хъил кæны, хъил кæны, стæй фæстагмæ бандон фæфæлдæхт, Шишкин пъолмæ атахт æмæ йæхи тынг ныццавта. Уæд уый фæстæ та æз райдыдтон фæлварын, цымæ мæнæн та куыд рауайдзæни, зæгъгæ. Фæлæ мæнæн дæр раст афтæ рауади. Æд бандон пъолмæ асхъиудтон, мæ къæбут ныццавтон æмæ арæсыд.

— Махæн нырма ахæм хъæзтытæ кæнынæн, æвæццæгæн, раджы у, — загъта Костя. — Цæй æмæ фæлтау хæрдмæ æппарыныл ахуыр кæнæм.

— Æмæ цы æппарæм?

— Тæбæгътæ, цирчы жонглёртæ куыд кодтой, афтæ.

Йæхæдæг скъапп бакодта æмæ дзы райста дыууæ тæбæгъы.

— Мæнæ, — зæгъы, — ды мæнмæ æппар, æз та дæумæ. Æз дæм мæ тæбæгъ куыддæр баппарон, афтæ мæм ды уайтагъд дæхи тæбæгъ æрбаппар, мæ тæбæгъ ацахс, æз та дæ тæбæгъ ахсдзынæн.

— Фæлæуу-ма, — загътон ын æз, — мах тæбæгъты уыцы-иу саст ныккæндзыстæм, æмæ дзы ницы рауайдзæни.

— Уый раст у, — загъта уый. — Цæй æмæ афтæ бакæнæм: раздæр уал иу тæбæгъ æппарæм. Иу тæбæгъ, куыд æмбæлы, афтæ ахсын куы сахуыр кæнæм, уæд райдайдзыстæм дыууæйæ, стæй æртæйæ, уый фæстæ цыппарæй, æмæ афтæ дарддæр, æцæг жонглёртæ куыд кæнынц, афтæ.

Мах иу тæбæгъ кæрæдзимæ æппарын райдыдтам æмæ йæ уайтагъд асастам.

— Нæ, афтæ нæ бæззы, — загъта Шишкин. — Афтæмæй мах тæбæгътæ иууылдæр ныппырх кæндзыстæм, æмæ дзы ницы рауайдзæни. Ссарын нæ хъæуы исты æфсæйнаг дзаума.

Кухнæйы кæмдæр ссардта иу чысыл тас. Райдыдтам уыцы тас хæрдмæ æппарын, фæлæ нын æнæбары рудзынгыл сæмбæлд. Нæ амонд уыд, æмæ рудзынджы авг бынтон нæ ныппырх — æрмæст афасти.

— Гъе уый дын бæллæх! — загъта Костя. — Исты æрхъуыды кæнын хъæуы.

— Авджы хъæны гæххæтт куы баныхасиккам, уæд цы кæны? — загътон ын æз.

— Нæ, уый ноджы æвзæрдæр уыдзæни. Цæй æмæ афтæ бакæнæм: тыргъы рафтауæм авг æмæ йæ ам бакæнæм, ацы авг та тыргъы бакæнæм. Авджы фаст уым ничи бафиппайдзæн.

Рудзынджы сæрст скъахтам æмæ райдыдтам саст авг æфтауын. Авг тынгдæр афаст æмæ дыууæ дихы фæци.

— Ницы кæны, — загъта Шишкин. — Тыргъы дыууæ дихæй æвæрд куы уа авг, уæддæр ын ницы у.

Уый фæстæ ацыдыстæм æмæ тыргъы рудзынджы авг рафтыдтам, фæлæ уыцы авг разынд бирæ стырдæр æмæ уаты рудзынджы нæ цыдис.

— Ралыг кæнын дзы хъæуы, — загъта Шишкин. — Нæ зоныс, лæппутæй искæмæ алмаси ис?

Æз ын загътон:

— Æнхъæлдæн, Вася Ерохинмæ ис.

Ацыдыстæм Вася Ерохинмæ, райстам дзы алмаси, фæстæмæ раздæхтыстæм æмæ райдыдтам авг агурын, фæлæ цыдæр фæци.

— Цæй гъа, — хъуыр-хъуыр кодта Шишкин, — ныр та авг фесæфт.

Авг уыдис пъолыл æмæ йыл уый йæ къахæй æрлæууыдис. Авг ныммур.

— Уый цавæр æдылы уыди, авг пъолыл чи æрæвæрдта? — ныхъхъæр кодта Шишкин.

— Чи йæ цæвæрдта? Дæхæдæг æй цæвæрдтай, — загътон ын æз.

— Ды нæ уыдтæ?

— Нæ, — зæгъын, — æз æм æвналгæ дæр нæ бакодтон. Пъолыл дын æй æвæрын нæ хъуыдис, уымæн æмæ пъолыл авг нæ зыны æмæ йыл къахæй æнцон æрлæууæн у.

— Уый мын уæд цæуылнæ загътай?

— Уæд мæ хъуыдыйы дæр нæ уыд.

— Де ’нæрхъуыдыдзинады тыххæй мын ныр мæ мад бацамондзæни! Ныр цы бачындæуа? Авг фондз дихы фæци. Фæлтау æй баныхасæм æмæ йæ фæстæмæ тыргъы сæвæрæм, ам та, чи дзы уыди, уый сæвæрæм, — уæддæр къаддæр дихтæ уыдзæни.

Райдыдтам тыргъы авг æвæрын хицæн гæбазгай, фæлæ кæрæдзиуыл нæ хæцыдысты. Фæлвæрдтам сæ сасмæй баныхасыныл, фæлæ уазал уыдис æмæ сасм нæ ныхæсти. Уæд уый ныууагътам æмæ уаты рудзынджы авг дыууæ гæбазæй æвæрын райдыдтам. Иу гæбаз дзы Шишкины къухæй пъолмæ æрхаудта æмæ лыстæг мур ныцци. Раст гъе уыцы рæстæджы йæ мад куыстæй æрбацыд сæхимæ. Шишкин ын дзурын райдыдта, цы ’рцыди, уый.

— Раст чысыл сывæллонæй фыддæр дæ! — загъта мад. — Тæссаг у дæу иунæгæй хæдзары ныууадзын! Кæс æмæ та исты бæллæх бакæныс!

— Æз æй сæвæрдзынæн, фендзынæ, — дзырдта Шишкин. — Æз æй иууылдæр гæбæзтæй сараздзынæн.

— О, уый хъуаг ма стæм! Гæбæзтæй! Авгæвæрæджы æрбакæнын хъæуы. Адон та ма цæп сæстытæ сты?

— Тæбæгъ асастон, — загъта Шишкин.

— Уæу-уæу-уæу! — æрмæст афтæ бакодта мад.

Йæ цæстытæ бацъынд кодта, йæ дыууæ ’къухы йæ къæмисæнтыл авæрдта, цыма æвиппайды йæ сæр срысти. Уый фæстæ йæ къухтæ æруагъта æмæ загъта:

— Адон ахæсс ныртæккæ — æмæ цæугæ дæ уроктæ ахуыр кæнынмæ! Дæ уроктæ ахуыр кæнын дæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, æвæццæгæн!

Костяимæ пъолыл авджы сæстытæ æрæмбырд кодтам æмæ сæ бырæтты асыкмæ ахастам.

— Дæуæн дæ мад фæлмæнзæрдæ у, — загътон Костяйæн. — Æз нæхимæ афтæ куы бакодтаин, уæд æнæхъæн бон загъд нæ банцадаид.

— Уый тыххæй ма тыхс, нырма ныхас уыдзæни. Фæлæуу, тагъд Зинæ æрбацæудзæни, æмæ мын уый бацамондзæн. Дæуыл дæр ма дзы ауайдзæни.

Зинæйы æрбацыдмæ нал фæкастæн æмæ тагъддæр нæхимæ ацыдтæн.

Дыккаг бон райсомæй Шишкиныл уынджы амбæлдтæн, æмæ мын загъта, æз абон скъоламæ нæ ацæудзынæн, амбулаторимæ цæуын, уымæн æмæ, дам, цыма рынчын дæн, уыйау, дам, мæм кæсы. Æз ацыдтæн скъоламæ, æмæ мæ Ольгæ Николаевнæ куы бафарста, Шишкин ам цæуылнæ ис, зæгъгæ, уæд ын загътон, уый, æвæццæгæн, абон не ’рбацæудзæни, уымæн æмæ йыл æз уынджы амбæлдтæн æмæ мын загъта, амбулаторимæ, дам, цæуын.

— Скъолайæ куы ацæуай, уæд-иу æй бабæрæг кæн, — загъта Ольгæ Николаевнæ.

Уыцы бон нæм къласы уыдис диктант. Скъолайæ куы æрбацыдтæн, уæд фыццаг мæ уроктæ скодтон, уый фæстæ та Шишкинмæ ацыдтæн. Йæ мад йæ куыстæй æрбацыди сæхимæ. Шишкин мæ ауыдта æмæ мын нысантæй цыдæр амыдта; æнгуылдзæй-иу былтæ балхъывта, сæр-иу батылдта. Æз бамбæрстон, цыдæр сусæггаг дзы кæй ис, уый, æмæ йемæ тыргъмæ рацыдтæн.

— Абон скъолайы кæй нæ уыдтæн, уый мæ мадæн ма зæгъ, — загъта уый.

— Æмæ цæуылнæ уыдтæ? Амбулаторийы дын цы загътой?

— Ницы загътой.

— Цæуылнæ?

— Уым цавæрдæр æнæхатыр дохтыр ис. Æз ын дзурын, рынчын дæн, зæгъгæ, уый та мын афтæ зæгъы: «Нæ, ды æнæниз дæ». Æз ын афтæ зæгъын: «Абон афтæ æхснырстон, æмæ чысыл-ма бахъæуа мæ сæр ратона», уый та мын афтæ зæгъы: «Ахснырсдзынæ æмæ банцайдзæн».

— Æмæ, чи зоны, æцæг рынчын нæ уыдтæ?

— Уæдæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рынчын нæ уыдтæн.

— Æмæ уæд амбулаторимæ цæмæн ацыдтæ?

— Райсомæй мæ мадæн загътон, рынчын дæн, зæгъгæ, æмæ мын уый афтæ: «Кæд рынчын дæ, уæд амбулаторимæ ацу, æз дын скъоламæ гæххæттытæ нал фысдзынæн, ды æнæуый дæр бирæ фæцухтæ кодтай».

— Æппындæр рынчын куы нæ уыдтæ, уæд дæ мадæн цæмæн загътай, рынчын дæн, зæгъгæ?

— Ныр æй куыд не ’мбарыс? Ольгæ Николаевнæ куы загъта, абон диктант кæй уыдзæн, уый. Цæмæ цæуон? Двойкæ та куы райсон, уæд мæ уый тынг хъæуы!

— Уæдæ ныр цы кæнынмæ хъавыс? Райсом дæ Ольгæ Николаевнæ фæрсдзæни, скъоламæ цæуылнæ æрбацыдтæ, зæгъгæ.

— Нæ зонын, цы чындæуа, уый! Æз, æвæццæгæн, райсом дæр нæ ацæудзынæн скъоламæ, æмæ Ольгæ Николаевнæ куы фæрса, уæд ын-иу зæгъ, фæрынчын, зæгъгæ.

— Байхъус-ма, — дзурын ын æз, — уый æдылыдзинад у. Фæлтау дæ мадæн басæтт æмæ дзы ракур, цæмæй дын скъоламæ гæххæтт ныффысса.

— Нæ зонын... Мæ мад мын загъта, скъоламæ, дам, дын гæххæттытæ нал фысдзынæн, цæмæй, дам, цухтæ кæныныл ма ахуыр кæнай.

— Омæ цы, — дзурын ын æз, — афтæ кæд рауад, уæд. Райсом дæр нæ ацæудзынæ, иннæбон дæр — цы дзы рауайдзæнис? Зæгъ дæ мадæн, бамбардзæн дæ.

— Цæй хорз, æз ын зæгъдзынæн, кæд бауæндон, уæд.

Дыккаг бон дæр та Шишкин скъоламæ не ’рбацыди, æмæ æз бамбæрстон, йæ мадæн басæттын кæй нæ бауæндыди, уый. Шишкины тыххæй мæ Ольгæ Николаевнæ бафарста, æмæ йын æз загътон, рынчын у, зæгъгæ. Фæлæ мæ куы бафарста, цæмæй рынчын у, зæгъгæ, уæд æрбаймысыдтæн æмæ загътон, грипп ыл ис, зæгъгæ.

Гъе афтæ Шишкины тыххæй æз стæн сайæгой. Уæдæ йын цы бакодтаин, макæмæн мацы радзур, зæгъгæ, мын лæгъстæ куы кодта, уæд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.