Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;стдæсæм сæр



Æстдæсæм сæр

Дыккаг бон Ольгæ Николаевнæ сбæрæг кодта, Костяйæн хæдзармæ цы фæлтæрæн радта, уый, æмæ йæм ссардта рæдыдтæ, æз дæр кæй нæ бафиппайдтон, ахæмгæ. Дзырдты цух цы дамгъæтæ уыд, уыдон æппынфæстаг раст ныффыста, уымæн æмæ йæм æз мæ цæст дардтон, фæлæ рæдыдтæ скодта чиныгæй фысгæйæ. Куы дамгъæ фæуадзы, куы дзырд кæронмæ нæ ныффыссы, куы та иу дамгъæйы бæсты æндæр ныффыссы. «Кастрюля»-йы бæсты йын рауади «карюля», «опилки»-йы бæсты та «окилки».

— Уый зæрдиагæй кæй нæ архайыс, уый аххос у, — загъта Ольгæ Николаевнæ. — Зæрдиагæй та уымæн нæ архайыс, æмæ дæ æвæццæгæн куыд æмбæлы, афтæ ахуыр кæнын нæма фæнды. Бæлвырд у, ды тынг тагъд кæй кæныс, уый. Тырныс, уроктæй куыд амал ис, афтæ тагъддæр фервæзынмæ.

— Нæ, æз тынг тагъд куы нæ кæнын, — загъта Костя.

— Куыд нæ тагъд кæныс? Уæдæ дæ дамгъæтæ афтæ фыдуынд цæмæн сты? Кæс-ма сæм: зылынтæ-мылынтæ, алырдæм афæлдæхынмæ сæ бирæ нал хъæуы. Зæрдиагæй куы архаис, уæд фысгæ дæр хуыздæр кæнис. Ахуыргæнинаг йæ уроктæ зæрдиагæй, биноныг куы фæкæны, уæд фæархайы, рæдыдтытæ цæмæй не скæна, канд ууыл нæ, фæлæ йæ фыст дзæбæх, рæсугъд цæмæй уа, ууыл дæр. Гъемæ басæтт, ахуыр кæнын дæ кæй нæма фæнды, ууыл.

— Фæндгæ мæ кæны, фæлæ æрмæст бадын фæразон æмæ ахуыр кæнон, уымæн мæм фаг ныфсы хъару нæй. Цæмæдæр гæсгæ мæ фæфæнды мæ урок тагъддæр скæнын. Цæмæн, уый мæхæдæг дæр нæ зонын.

— Уымæн æмæ ды нæма бамбæрстай, алцыдæр къухы фæллойы руаджы кæй æфты, уый. Æнæ фæллой дæм нæ уыдзæн ныфсы хъару дæр, стæй дæ хъуагдзинæдгæ дæр нæ аиуварс кæндзынæ, — загъта Ольгæ Николаевнæ.

Уæдæй фæстæмæ Костяйы тетрадмæ кæсгæйæ бæрæг уыдис, йæ лæмæгъдзинадимæ куыд тох кодта, уый. Иуæй-иу хатт-иу фæлтæрæнтæ фыссын райдыдта аив, рæсугъд дамгъæтæй æмæ-иу æхсызгон уыд уыдонмæ кæсын. Уый уымæн афтæ уыдис, æмæ-иу райдианы зæрдиагæй æрбадти йæ уроктыл, фæлæ-иу фæстаджы ’рдæм сфæлмæцыд æмæ-иу уæд йæ дамгъæтæ алырдæмты схъиудтытæ кодтой, кæрæдзийы æккойы-иу абадтысты, алырдæмыты-иу фæцæйфæлдæхтысты, фæстагмæ та-иу систы цавæрдæр зылын-мылын хæххытæ, цы фыста, уый дæр-иу зын равзарæн уыд. Куы та-иу иннæрдæм рауадис: йæ фæлтæрæн-иу райдыдта зылын-мылын фыстытæй, уайтагъддæр-иу бæрæг уыдис, Костяйы уыцы æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыддагæй тагъддæр фервæзын кæй фæндыдис, уый, фæлæ-иу куыд дарддæр фыста, афтæ-иу ныфсы хъару фидар кодта, йæ дамгъæтæ аивдæр æмæ рæсугъддæр кодтой, æмæ-иу фæлтæрæны кæрон ахæм ныфсджынæй фыст фæци, цыма фæлтæрæн иу адæймаг райдыдта, кæронмæ та йæ иннæ ахæццæ кодта, уыйау.

Фæлæ уый бæллæхæн йе ’мбис уыди. Сæйраг бæллæх уыдысты рæдыдтытæ. Раздæрау та кодта бирæ рæдыдтытæ æмæ къласы диктант куы уыди, уæд та двойкæ райста. Нæ къласы лæппутæ сеппæт дæр æнхъæл уыдысты, Костя ацы хатт уæд та тройкæ райсдзæм, зæгъгæ, уымæн æмæ иууылдæр зыдтой, зæрдиагæй ахуыр кæмын кæй райдыдта, уый, æмæ уымæ гæсгæ сеппæтæн дæр тынг хъыг уыди, двойкæ та кæй рамста, уый.

— Радзур-ма, Витя, Костяимæ куыд ахуыр кæнут, уый, — бафарста мæ Юрæ переменæйы.

— Куыд ахуыр кæнæм? Хорз ахуыр кæнæм, — загътон æз.

— Цæмæй бæрæг у? Уæдæ йæ ахуыр цæуылнæ фæхуыздæр ис?

— Мæн аххос нæу, афтæ кæй рауайы, уый! Алы бон дæр ын йæ ахуырæн æххуыс кæнын.

— Æмæ уæдæ нырыонг хуыздæр ахуыр кæнын цæуылнæ райдыдта?

— Мæн аххос нæу, кæй ницы фæхуыздæр, уый! Нырма чысыл рæстæг рацыди.

— Куыд чысыл рæстæг? Ныр дыууæ къуырийы куы рацыди. Уæдæмæ дæ бон нæу, Шишкины куыд æмбæлы, афтæ кусын кæнын. Аивын дæ бахъæудзæн. Мæнæ Ольгæ Николаевнæйæн зæгъдзыстæм, цæмæй дæ бæсты Костямæ сфидар кæна Пахомов Ваняйы. Уый базондзæн Шишкины фылдæр кусын кæнын.

— Уый тыххæй, — зæгъын, — бахатыр кæнут! Мæн Игорь Александровнч йæхæдæг снысан кодта. Сымах бон нæу мæн аивын.

— Ницы кæны. Мах райсом Ольгæ Николаевнæимæ аныхас кæндзыстæм. Афтæ æнхъæл дæ æмæ дæ кæд Игорь Александрович снысан кодга, уæд дын никæй бон ницы у?

— Сразы у, Малеев, — загъта Лёня Астафьев. — Уæддæр дæ Ольгæ Николаевнæ раивдзæн. Ды нæ сарæхстæ. Ваня нын дæуæй хуыздæр æххуыс кæндзæн.

— Кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр, — загъта Юрæ.

— Уый нырма бæрæг нæу, — загътон æз.

— Цæн, цы быцæу кæныс? Дæхæдæг куы уыныс, де ’ххуысæй цы рауад, уый.

Уæд мын иннæ лæппутæ дæр дзурын байдыдтой, цæмæй æз сразы уыдаин, фæлæ æз ныффæрск дæн:

— Уадз æмæ мæ, — зæгъын, — Ольгæ Николаевнæ раивæд, мæхæдæг не сразы уыдзынæн.

— Æмæ дæ Ольгæ Николаевнæ раивдзæн, фæлæ дæхицæн фыддæр уыдзæн, — загътой лæппутæ.

Нæ зонын, ахæм хивæнд цæмæн разындтæн, уый. Мæхæдæг дæр æмбæрстон, иугæр кæд афтæ рауад, æмæ Шишкин двойкæ райста, уæд дзы хивæнддзинад ницæмæн хъæуы. Мæ бынаты æндæр исчи куы уыдаид, уæд, чи зоны, хъуыддаг æппындæр афтæ нæ рауадаид, фæлæ уаид æндæр хуызы. Æмæ фæуæд афтæ, цы ма бачындæуа!

Уыцы бон æз æмæ Шишкин тынг æрынкъард стæм.

— Æз æмæ ды абон ахуыр кæнæм фæстаг хатт. Райсом Ольгæ Николаевнæ, æвæццæгæн, мæн аивдзæн, — загътон, скъолайы фæстæ йæм куы бацыдтæн, уæд.

— Æмæ дæ, чи зоны, Ольгæ Николаевнæ нæ аивдзæн, — загъта Костя.

— Куыннæ стæй, — зæгъын. — Уæддæр дын мæнæй, куыд зыны, афтæмæй бирæ пайда нæй. Æвæццæгæн, æз нæ зонын искæй ахуыр кæнын. Мæнæн æрмæст хъыг у, Игорь Александровичæй зæрдæхудтæй кæй баззадтæн, уый. Æз ын зæрдæ бавæрдтон ахуыры дыл размæ рахæцынæй, æмæ кæсыс? цы рауад, уымæ. Уæлдайдæр та мын афтæ загъта, уый дын æхсæнадон куыст у, зæгъгæ. Уæдæ æз æхсæнадон куысты нæ сарæхстæн æмæ мын ницы кад уыдзæн.

— Æмæ, чи зоны, уый кæд æппындæр дæу аххос нæу? Кæд мыййаг мæхи аххос у? -загъта Костя. — Мæн зæрдиагдæрæй ахуыр кæнын хъуыд. Хъус-ма, æз дын мæ сусæгдзинад зæгъон: мæнæн мæхи аххос у. Æз-иу алы хатт дæр тагъд кодтон æмæ уымæ гæсгæ æвзæр фыстон, кодтон бирæ рæдыдтытæ. Æз-иу тагъд куы нæ кодтаин, уæд хуыздæр ахуыр кодтаин.

— Æмæ цæмæн тагъд кодтай?

— Хорз, æз дын мæ сусæгдзинад радзурдзынæн: мæн-иу фæндыди алы хатт дæр уроктæ тагъддæр фæуын æмæ Лобзичы ахуыр кæнын.

— Æмæ-иу æй ахуыр кодтай?

— Кодтон.

— А, — зæгъын, — уæдæ-иу дæ дамгъæтæ алырдæмты уымæн ныкъæлæсытæ сты. Уæдæ-иу фысгæ-фыссын, цы фыстай, ууыл нæ, фæлæ дæ Лобзикыл хъуыды кодтай.

— Æз иуыл дæр хъуыды кодтон æмæ иннæуыл дæр. Æвæццæгæн хъуыддаг дæр гъе уымæн афтæ рауад.

— Уайгæ та, — зæгъын, — никуыд ракодта. Дыууæ тæрхъусмæ хъавæг иу дæр не ’рцахсы. Иу тæрхъус ахсын хъуыд.

— Æмæ дзы иу тæрхъусы куы ’рцахстон.

— Кæцыйы?

— Кæцыйы куы зæгъай, уæд Лобзичы сахуыр кодтон. Ныртæккæ ма кæс. Лобзик, ардæм-ма рауай!

Лобзик æм æрбазгъордта. Костя йæм равдыста, цифрæ «æртæ» фыст кæм уыд, ахæм табличкæ.

— Зæгъ-ма, Лобзик, цавæр цифрæ у ай?

Лобзик срæйдта æртæ хатты.

— Ай та?

Костя йæм равдыста цифрæ «фондз». Лобзик срæйдта фондз хатты.

— Кæсыс, сабырæй ме ’нгуылдзтæй къæрццытæ кæнын æмæ Лобзик зоны, кæд ныллæууын хъæуы, уый.

— Куыд дын бантыст, уый? — афарстон æз.

— Раздæр сигнал ницы хуызы æмбæрста. Æмæ йын уæд æз байдыдтон афтæ кæнын: цал хатты хъæуы, уал хатты-иу куы срæйдта, уæд-иу ын аппæрстон сæкæры къæртт, кæнæ къалбасы карст, кæнæ та дзулы къæбæр æмæ-иу уыцы минут ме ’нгуылдзтæй акъæрццытæ кодтон. Лобзик хæринаг ахсынмæ фæвæййы æмæ йæ рæйын фæуадзы. Афтæ йæ ахуыр кодтон цалдæр боны, стæй уæд бавзæрстон æрмæст æнгуылдзтæй къæрцц кæнын æмæ йын ницыуал лæвæрдтон. Лобзик-иу уæддæр йæ рæйынæй банцадн, уымæн æмæ фæцахуыр æнгуылдзты къæрццимæ исты адджын хæринаг исыныл. Куыддæр æнгуылдзты къæрцц фехъусы, афтæ рæйын фæуадзы æмæ æнхъæлмæ фæкæсы, цæмæй йын æз исты авæрон. Райдайæны хъæрæй къæрцц кодтон, стæй йæ гыццылгай сахуыр кодтон сабыр къæрццытыл.

— Уый дын гъе, — зæгъын, — исты базоныны бæсты куыдзы сахуыр кодтай!

— О, — зæгъы, — мæнæн мæ хъуыддæгтæ иууылдæр зыгъуыммæ цæуынц. Æз æнæныфс адæймаг дæн! Ныр уæлдай нал у, Лобзичы сахуыр кодтон æмæ ныр мæхæдæг дæр ахуыр кæндзынæн хорз. Ныр мæ ницыуал хъыгдардзæн, фендзынæ!

— Фендзынæн, — зæгъын. — Æрмæст уый ныр æз нал фендзынæн, фæлæ нæ Ваня фендзæн.

Дыккаг бон Костя æрæмбырд кодта, Ольгæ Николаевнæ йын хæдзармæ цы фæлтæрæнтæ фæлæвæрдта, уыдон иууылдæр æмæ сæ скъоламæ ахаста. Уый сæ иууылдæр Ольгæ Николаевнæйæн равдыста æмæ загъта:

— Ольгæ Николаевнæ, адон сты, цыдæриддæр мын фæлтæрæнтæ радтай, уыдон. Мæнæ адон, кæс-ма, хорз конд сты, мæнæ адон та æвзæр конд. Адон сты, æз-иу фæлтæрæн æвзæр куы скодтон, уæд-иу мын Витя ногæй кæй скæнын кодта, уыдон. Зæгъ-ма, æвзæр мын æххуыс кодта?

— Витя дын хорз кæй æххуыс кæны, уын зонын, — загъта Олы æ Николаевнæ. — Фæлæ дæхæдæг дæр ахуырыл хъуамæ æнувыддæр уай. Ахуыр кæнынмæ ноджы зæрдиагдæрæй бавналын хъæуы. Витя дын æххуыс кæны, фæлæ дæ бæсты ахуыр кæнын йæ бон нæу. Ды хъуамæ дæхæдæг ахуыр кæнай.

— Ольгæ Николаевнæ, æз мæхæдæг ахуыр кæндзынæн, æрмæст бар ратт, цæмæй мын æххуыс кæна Витя. Мемæ мæн тыххæй цас рæстæг арвыста.

— Хорз, уадз æмæ дын æххуыс кæнæд. Æз уынын, Витя дын зæрдиагæй кæй æххуыс кæны, уый. Тагъд райдайдзысты зымæджы каникултæ, æмæ-иу мæм фыццаг бон уæ дыууæ дæр нумæ æрбацæут. Æз дын каникулты куыст ратдзынæн, Витяйæн та бацамондзынæн, куыд дын æххуыс кæнын хъæуы, уый, цæмæй равдисат хуыздæр æнтыстдзинæдтæ.

Цæмæй æз Костяйæн дарддæр дæр æххуыс кæнон, ууыл Ольгæ Николаевнæ куы сразы ис, уæд мах сцин кодтам, æмæ ма Костя загъта:

— Ольгæ Николаевнæ, махмæ ис æрмахуыр куыдз Лобзик. Бар нын ратт уыцы куыдзимæ ног азы хъазтизæры ахъазынæн.

— Æмæ уæ куыдз цы кæнын зоны?

— Арифметикæ зоны. Мæнæ цирчы цы куыдз федтам, уый хуызæн зоны нымайын.

— Æмæ йæ чи сахуыр кодта?

— Нæхæдæг.

— Гъемæ хорз. Ногбоны хъазтизæрмæ-иу æй æрбакæнут. Мæнмæ гæсгæ лæппутæм диссаг фæкæсдзæн ахуыр куыдз фенын.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.