Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;ртындæсæм сæр



Æртындæсæм сæр

Фæсурокты æз бацыдтæн Шишкинмæ æмæ йын радзырдтон, уый тыххæй Ольгæ Николаевнæйы кæй асайдтон, уый. Уый та мын райдыдта дзурын, скъоламæ ацæуыны бæсты æнæхъæн райсом горæты куыд лекка кодта, уый, уымæн æмæ фæтарсти йæ мадæн басæттынæй, æнæ гæххæттæй та скъоламæ бацæуын дæр нæ уæндыд.

— Цы кæнынмæ хъавыс, уæдæ? — фæрсын æй æз. — Дæ мадæн абон дæр нæ зæгъдзынæ?

— Нæ зонын. Æз цы хъуыды кæнын, уый зоныс: фæлтау циркмæ бацæудзынæн.

— Куыд циркмæ? — фæдис кодтон æз.

— Афтæ, бацæудзынæн циркмæ æмæ артист уыдзынæн.

— Æмæ цы ми кæндзынæ цирчы?

— Цы... Иннæ артистытæ цы кæнынц, уый. Лобзичы нымайын сахуыр кæндзынæн æмæ-иу рацæудзынæн, уыцы артисткæйы хуызæн.

— Æмæ дæ куы нæ айсой, уæд та?

— Айсдзысты.

— Уæд скъола та куыд?

— Скъоламæ æппындæр нæ цæудзынæн. Дæ хорзæхæй, æрмæст мæ ды Ольгæ Николаевнæйæн ма схъæр кæн, у мын хæлар!

— Æмæ йæ дæ мад уæддæр базондзæни, скъоламæ кæй нæ цæуыс, уый.

— Нырма мæ нæма базондзæни, стæй иугæр циркмæ куы бацæуон, уæд ын мæхæдæг зæгъдзынæн, æмæ хъуыддаг хорз уыдзæн.

— Цы нæ вæййы, Лобзичы сахуыр кæнын дæ къухы куы нæ бафта, уæд та?

— Бафтдзæни. Цæуылнæ бафтдзæни? Ныртæккæ йæ мах бафæлвардзыстæм. Лобзик! — фæхъæр æм кодта.

Лобзик æм æрбазгъордта, æмæ йæ алыварс цъилау зылди.

— Лобзик, ныртæккæ ды ахуыр кæндзынæ нымайын. Кæд хорз нымайай, уæд дын сæкæр. Æвзæр куы нымайай, уæд та дын — ницы.

Лобзик сæкæрдон федта æмæ йæ былтæ астæрдта.

— Фæлæу уал, дæ былтæ ма-ма стæр. Уый фæстæ стæрдзынæ дæ былтæ.

Шишкин сæкæрдонæй систа дæс къæртты сæкæр æмæ загъта:

— Фыццаг уал ахуыр кæндзыстæм дæсы онг нымайын, уый фæстæ та дарддæр ацæудзыстæм. Мæнæ мæнмæ ис дæс къæртты сæкæр. Кæс, æз сæ нымайдзынæн, ды та сæ дæ зæрдыл бадарыныл бацархай.

Лобзичы раз бандоныл æвæрын райдыдта сæкæры къæрттытæ æмæ сæ хъæрæй нымадта: «Иу, дыууæ, æртæ...» Афтæ дæсы онг.

— Уыныс, æдæппæт дæс къæртты. Бамбæрстай?

Лобзик йæ къæдзил батылдта æмæ сæкæрмæ йæхи баивæзта.

Костя йын йæ фындз æрцавта æмæ загъта:

— Фыццаг уал нымайын сахуыр у, стæй уæд сæкæрмæ дæхи иваз.

Æз ын загътон:

— Дæсы онг нымайын æвиппайды куыд сахуыр уыдзæни? Уый онг сывæллæтты дæр куы нæ ахуыр кæнынц æвиппайды.

— Уæд та уал æй фыццаг фондзы онг кæнæ æртæйы онг сахуыр кæнæм?

— Уæдæ, — зæгъын, — æртæйы онг ын æнцондæр уыдзæни.

— Цæй, уæдæ уал фыццаг дыууæйы онг, — загъта Костя. — Уæд ын бынтон æнцон уыдзæни.

Бандонæй сæкæр иууылдæр айста, ныууагъта ма дзы æрмæст дыууæ къæртты.

— Кæс, Лобзик, ам ныртæккæ ис æрмæст дыууæ къæртты — иу, дыууæ, мæнæ уыныс? Иу дзы куы сисон, уæд ма дзы баззайдзæн иу. Фæстæмæ йæ куы æрæвæрон, уæд та фæстæмæ уыдзысты дыууæ. Цæй, зæгъ, цал къæртты дзы ис сæкæр?

Лобзик сыстади, йæ къæдзил атылдта, стæй йæ фæстаг къæхтыл сбадти æмæ йæ былтæ астæрдта.

— Куыд ын дæттын кæныс дзуапп? — загътон æз. — Мæнмæ гæсгæ, нырма адæймагау дзурын нæма зоны.

— Адæймагау цæмæн? Куыдзау дзурæд, цирчы цы куыдз уыди, уый хуызæн. Гъæу! Гъæу! Æмбарыс, Лобзик, «гъæу-гъæу» — уый ома «дыууæ». Цæй, зæгъ «гъæу-гъæу»!

Лобзик-иу æнцад куы мæнмæ æрбакасти, куьь Шишкинмæ.

— Цæй, цы ныхъус дæ? — загъта Шишкин. — Æви дæ сæкæр нæ хъæуы?

Лобзик та дзуапп раттыны бæсты сæкæрмæ йæхи баивæзта.

— Нæй æвналæн! — тызмæгæй схъæр кодта Шишкин.

Лобзик фæтарст æмæ фæсыдзмыдзы кодта.

— Цæй, зæгъ «гъæу-гъæу»! Зæгъ «гъæу-гъæу», — баздæхтыстæм æм нæ дыууæ дæр.

— Не ’мбары! — мæстыйæ сдзырдта Шишкин. — Исты æгъдауæй йæ сцыбæл кæнын хъæуы. Хъус-ма, ныртæккæ æз дæу ахуыр кæндзынæн, уый та нæм уадз æмæ кæса æмæ ахуыр кæна.

— Æмæ мæ куыд ахуыр кæндзынæ?

— Куыд вæййы, афтæ. Дæ цыппæртыл æрлæу æмæ куыдзау рæй. Лобзик дæумæ кæсдзæни æмæ сахуыр уыдзæни.

Æз Лобзичы фарсмæ æрлæууыдтæн мæ цыппæртыл.

— Цæй-ма, зæгъ: цал сæкæры ис ам? — бафарста мæ Шишкин.

— Гъæу! Гъæу! — хъæрæй радтон дзуапп.

— Афтæ, гъе! — Шишкин мæ раппæлыдис æмæ мын мæ дзыхы сæкæры къæртт атъыста.

Æз райдыдтон сæкæр хæрын æмæ йæ барæй хъæрæй мыртт-мыртт кодтон, Лобзик хæлæг цæмæй кодтаид, уый тыххæй. Лобзик мæм хæлæггæнгæйæ касти, суанг ма йæ комы дæттæ дæр рауадысты.

— Лобзик, кæс ныр, ам ма баззади иу сæкæры къæртт. Гъæу — иу. Æмбарыс? Цæй, зæгъ: цал сæкæры ис ам?

Лобзик йæхи нал урæдта æмæ ныффутт кодта, йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ къæдзилæй пъол хойын райдыдта.

— Цæй, зæгъ, зæгъ! — дзырдта йын Шишкин.

Фæлæ йæ рæйын хъуыдис, уый Лобзик ницы хуызы æмбæрста.

— Гъы, хуырым! — загъта йын Шишкин æмæ та мæнмæ æрбадзырдта: — Цæй, ды зæгъ!

— Гъæу! — схъæр кодтон æз æмæ та сæкæр мæ дзыхы февзæрд.

Лобзик æрмæст йæ былтæ астæрдта æмæ ныффутт кодта.

— Ныртæккæ йæ мах смондаг кæндзыстæм, — загъта Шишкин.

Æмæ та фæстæмæ бандоныл сæкæры къæртт æрæвæрдта.

— Гъе ныр раздæр дзуапп чи радта, уымæн сæкæр. Цæй, нымайут!

— Гъæу! — схъæр кодтон æз.

— Афтæ, гъе! — раппæлыд Шишкин. — Ды та æнæзонд!

Сæкæры къæртт систа, Лобзичы фындзмæ йæ сындæггай бахаста, йæ цурты йын æй рахаста æмæ мын æй мæ дзыхы баппæрста. Æз та сæкæр хъæрæй смыртт-мыртт кодтон. Лобзик йæ былтæ астæрдта, æрыхснырста æмæ æфсæрмыгæнæгау йæ сæр батылдта.

— Агъа, бахæлæг кодтай! — сцин кодта Шишкин. — Чи рæйы, уымæн сæкæр дæр, чи нæ рæйы, уый та æнæ сæкæрæй бады.

Лобзичы раз та сæкæры къæртт æрæвæрдта æмæ загъта:

— Ныр та ды нымай!

Лобзик йæ былтæ астæрдта, йæ сæр батылдта, сыстади, стæй та сбадти, ныффутт кодта.

— Цæй, нымай, нымай, кæннод сæкæр нæ айсдзынæ!

Лобзик йæхи фæхъæддых кодта, йæхи фæфæстæмæ кодта æмæ уыцы-иу рæйд скодта!

— Бамбæрста! — ныхъхъæр кодта Шишкин æмæ йын сæкæры къæртт баппæрста.

Лобзик æй тæхгæ-тæхын ацахста æмæ йæ уайтагъд аныхъуырдта.

— Цæй-ма, иу хатт ма анымай! — схъæр кодта Шишкин.

— Гъæу! — дзуапп радта Лобзик.

Æмæ та сæкæры къæртт йæ дзыхмæ батахт.

— Цæй-ма, иу хатт-ма!

— Гъæу!

— Бамбæрста! — ’сцин кодта Шишкин. — Ныр нæ хъуыддаг ацæудзæни.

Уыцы рæстæджы æрбаздæхт Шишкины мад.

— Сæкæрдон та стъолыл цæмæн ис? — афарста йæ мад.

— Уый æз иу чысыл сæкæр райстон, Лобзичы нымайын сахуыр кæныны тыххæй.

— Уый та ма цы æрхъуыды кодтай?

— Æрмæст ма йæм хъусгæ бакæн, нымайын куыд зоны, уымæ.

Лобзичы раз Шишкин сæкæры къæртт æрæвæрдта æмæ йын загъта:

— Лобзик, цæй-ма, мæ мадæн равдис, нымайын куыд зоныс, уый.

— Гъæу! — дзуапп радта Лобзик.

— Æндæр ницы? — афарста мад.

— Ницы, — загъта Шишкин.

— Бирæ уын нæ сахуыр!

— Цы ма дæ фæнды? Лобзик адæймаг, мыййаг, куы нæ у. Нырма уал базыдта иуы онг нымайын, стæй та йæ сахуыр кæндзыстæм дыууæйы онг, уый фæстæ — æртæйы онг, дарддæр та цифрæтæ иууылдæр базондзæн.

— Æвæццæгæн мæ бахъæудзæн сæкæрдон дæуæй æмбæхсын, — загъта йæ мад.

— Æмæ æз мæхицæн куы нæ исын, — хъыг уыдис Шишкинæн. — Æз сæ наукæйæн куы исын.

— «Наукæйæн»! — схудти мад. — Дæ уроктæ скодтай?

— Нырма нæма, ныртæккæ сæ кæндзынæн.

— Афтæ мын куы загътай, де ’рбацыдмæ-иу мæ уроктæ алы хатт дæр конд уыдзысты, зæгъгæ.

— Уыдзысты, уыдзысты! Уый мæ æрмæст абон ферох сты Лобзичы тыххæй.

— Цæй, хорз! Афоныл дæ уроктæ куы нæ кæнай, уæд дын сæкæр исыны бар нæ ратдзынæн æмæ сæкæрдон бамбæхсдзынæн.

Мах Костяимæ иумæ сбадтыстæм уроктæ кæныныл, уымæн æмæ Костя зонгæ дæр нæ кодта, цы уроктæ нын лæвæрдуыдис, уый. Уый фæстæ та райдыдтам Лобзичы дарддæр ахуыр кæнын.

— Ахуыр æй кæнын хъæуы, канд сæкæр нымайыныл нæ, фæлæ цифрæтæ куыд æмбара, афтæ, — загъта Костя.

Райстам хъæбæр гæххæтты чысыл гæбаз, ныффыстам ыл цифрæ — «иу» æмæ йæ Лобзикмæ равдыстам.

— Лобзик, мæнæ уый у цифрæ «иу». Иу сæкæры къæрттæй уæлдай нæу, — загъта Шишкин. — Цæй, зæгъ: уый цавæр цифрæ у?

— Гъæу! — дзуапп радта Лобзик.

— Афтæ гъе! Уый уайтагъд бамбæрста, — сцин кодта Шишкин. — Ныр та рахизæм цифрæ дыууæмæ.

Лобзичы раз æрæвæрдта дыууæ сæкæры къæртты æмæ загъта:

— Банымай!

— Гъæу! — дзуапп радта Лобзик.

— Раст нæу! Ды зæгъыс — иу, ам та дыууæ ис. Цы дзуапп дæттын хъæуы?

— Гъæу! — ногæй та дзуапп радта Лобзик.

— «Гъæу»! — сфæзмыдта йæ Костя. — Кæм ис ацы ран «гъæу», кæд æмæ дзы «гъæу-гъæу» ис, уæд? Дæ уæлæ сæр ис æви къабуска?

— Гъæу! — дзуапп радта Лобзик.

— Яковы гæркъæраг алцæмæн дæр иу дзуапп лæвæрдта. Кæм уыныс ацы ран иу? — схъæр кодта Шишкин.

Лобзик фæтарст æмæ фæстæмæ алæууыд.

— Хъæр ыл ма кæн, — загътон ын æз. — Куыдзмæ æнцадæй дзурын хъæуы, кæннод тæрсгæ кæндзæни æмæ ницæуыл сахуыр уыдзæни.

Шишкин та Лобзикæн ногæй æмбарын кæнын райдыдта, иу кæй у иу, дыууæ та — дыууæ.

— Цæй, нымай! — загъта Лобзикæн.

— Гъæу! — ногæй та срæйдта Лобзик.

— Иу хатт ма! Иу хатт! — бадзырдтон æм æз.

Лобзик мæм тигъмæ æрбакасти. Æз мæ сæр батылдтон æмæ мæ цæстытæ фæныкъуылдтон. Уый та уæд нæуæндагау срæйдта ноджыдæр иу хатт.

— Гъе ныр — дыууæ! — сцин кодта Шишкин æмæ йын сæкæры къæртт баппæрста. — Цæй, ноджыдæр ма анымай.

Лобзик та ногæй иу хатт срæйдта.

— Иу хатт ма! Иу хатт! — сабырæй та йæм сдзырдтон æз.

— Ма йын дзур ды! — загъта Шишкин. — Уый йæхæдæг хъуамæ зона. Дзуапп ратт, Лобзик!

Лобзик та срæйдта ноджыдæр иу хатт.

— Раст у! — загъта Шишкин. — Æрмæст ды хъуамæ дыууæ хатты фæд-фæдыл срæйай.

Ногæй та йын нымайын кодта. Лобзик та ацы хатт дæр срæйдта иу хатт, фæлæ куы федта, мах ма йæм цæмæдæр æнхъæлмæ кæй кæсæм, уый, уæд дыккаг хатт срæйдта. Дыууæ хатты йæ фæд-фæдыл срæйын кæнын нын куыдфæстæмæ бантыст. Æмæ уæд рахызтыстæм цифрæ «æртæмæ». Ахуыр афтæ рæвдз ацыдис, æмæ уыцы бон цифрæтæ иууылдæр дæсы онг сахуыр кодтам, фæлæ йæ дыккаг бон ногæй куы нымайын кодтам, уæд афтæ рауад, æмæ цифрæтæ Лобзичы сæры иууылдæр сæмхæццæ сты. Цифрæ «æртæ» йын-иу куы æвдыстам, уæд-иу æй цыппар кæнæ фондз, кæнæ дæс схуыдта. Дæс ын-иу куы æвдыстам, уæд-иу дзуапп радта, дыууæ у, зæгъгæ, иу ныхасæй, сæ схæццæ кодта иууылдæр. Костя мæсты кодта, Лобзикыл хъæртæ кодта æмæ æнхъæлдта, цыма йын фыддæрадæн зыгъуыммæ дзуапп дæтты. Лобзик-иу иуæй-иу хатт радта раст дзуапп, фæлæ йын-иу уый, æвæццæгæн, æнæбары рауади, Костя та-иу афтæ загъта:

— Уыныс, раст дзуапп радта — чи дзы цы цифрæ у, уый зоны, фæлæ йæ æндæр хатт куы бафæрсай, уæд дын ницæй тыххæй ратдзæн дзуапп.

Костяйæн æм йæ зæрдæ æхсайдта, Лобзикæн ахуырæй йæ зæрдæ фæцъæх æмæ раст дзуаппытæ барæй нæ дæтты, цæмæй йæм мауал дзурой, уый тыххæй, зæгъгæ. Зæгъæм, Костя йæм æвдисы «фондз», Лобзик та йын дзуапп дæтты, уый «цыппар» у, зæгъгæ.

— Лобзик, уый цыппар нæу, дзæбæх ма йæм бакæс, — лæгъстæйæ йын дзуры Костя.

Лобзик та ногæй дзуапп дæтты, уый цыппар у, зæгъгæ.

— Цæй, æдылы митæ ма кæн, Лобзик, дæхæдæг æй куы уыныс, цыппар кæй нæу, уый, — сабырæй йын дзуры Костя.

«Цыппар», — хивæндæй дзуапп дæтты Лобзик.

— Æдылы! — мæсты кæны Костя. — Раст нымай, зæгъгæ, дын куы дзурын!

«Цыппар», — дзуапп дæтты Лобзик.

— Ныртæккæ дын дæ бæрзæй цыппар цæфы куы ныккæнон, уæд базондзынæ, адæймаджы куыд мæсты кæнын хъæуы, уый. Цыппар ма куыддæр зæгъай, афтæ дын æз фенын кæндзынæн!

«Цыппар», — уæддæр та дзуапп радта Лобзик.

— Уыныс, цытæ мын кæны, уый? — мæсты кодта Костя.

Райста цифрæ «цыппар» æмæ йæ Лобзикмæ æвдисы:

— Дæумæ гæсгæ уый цавæр цифрæ у?

Лобзик ын дзуапп дæтты, уый фондз у, зæгъгæ.

— Гъе, уыныс! — схъæр кодта Костя. — Фондз æм куы æвдыстам, уæд æдзух дзуапп лæвæрдта, уый цыппар у, зæгъгæ, цыппар æм куы æвдыстам, уæд та дзуапп лæвæрдта, фондз, зæгъгæ. Ды та афтæ зæгъыс, дæ фыддæрадæн афтæ нæ кæны. Æз зонын, цæуыл мæм мæсты кæны, уый. Райсомæй йын æнæбары йæ къахыл æрлæууыдтæн, уый йæ зæрдыл бадардта æмæ мæ ныр йæ маст исы.

Лобзик хин митæ кодта æви нæ, уый æз нæ зыдтон, фæлæ бæрæг уыди, нæ ахуырæй кæй ницы рауадис, уый. Чи зоны æмæ Шишкин æмæ æз æвзæр ахуыргæнджытæ уыдыстæм, чи зоны æмæ Лобзик йæхæдæг ницæййаг ахуыргæнинаг уыдис, арифметикæмæ зæрдæргъæвд чи нæу, ахæм.

— Цымæ хуыздæр нæ уаид, дæ мадæн дæ митыл куы басæттис æмæ скъоламæ куы цæуис, уæд? — загътон æз Костяйæн.

— Нæ, нæ! Мæ бон нæу! Ныр кæдæй нæ уыдтæн скъолайы. Мæ мад мæ куы базона, уæд, нæ зонын, цы кæндзæни, уый. Уый хъазт нæу! Иу бон ма куы фæцух кодтаин, фæлæ...

— Æмæ уæд та Ольгæ Николаевнæйæн зæгъæм æмæ йæ бафæрсæм, куыд бакæнын хъæуы, уымæй.

— Нæ, худинаг мæм кæсы Ольгæ Николаевнæйæн дзурын.

— Цæй, кæд дæумæ худинаг кæсы, уæд та йын æз зæгъин?

— Ды мыл комдзог рацæуынмæ хъавыс? Мæ цæст дæр дæ куыннæ уал фена, афтæ!

— Цæмæн, — зæгъын, — комдзог? Дæу схъæр кæнынмæ æппындæр нæ хъавын. Дæхæдæг куы зæгъыс, худинаг дæм кæсы, зæгъгæ, æмæ дæуæн худинаг цæмæй нæ уа, гъе уый тыххæй æз загътаин.

— «Худинаг цæмæй нæ уа»! — сфæзмыдта мæ Шишкин. — Ды куы зæгъай, уæд мын ссæдз хатты худинагдæр уыдзæни! Хуыздæр æрхъуыды кæнын кæд дæ бон нæу, уæд æнцад лæу!

— Цы бачындæуа, уæдæ? — фæрсын æй æз. Лобзикимæ ницы рауади. Циркмæ дæ уæддæр нæ айсдзысты. Æви ма, чи зоны, Лобзичы сахуыр кæныныл дæ зæрдæ дарыс?

— Нæ, ууыл мæ зæрдæ нал дарын. Мæнмæ гæсгæ, Лобзик кæнæ бынтон хинæйдзаг у, кæннод та бынтон æдылы у. Уымæй уæддæр ницы рауайдзæни. Æндæр куыдз мæ самал кæнын хъæуы. Кæннод та цы, уый зоныс: фæлтау акробат суыдзынæн.

— Æмæ акробат та куыд суыдзынæ?

— Сæрбихъуырæйттæ кæндзынæн, стæй мæ къухтыл цæудзынæн. Æз бафæлвæрдтон æмæ мын дзы чысыл цыдæртæ уайы. Æрмæст нæ фæразын мæ къæхтæ хæрдмæ даргæйæ иудадзыг лæууын. Фыццаг уал мын мæ къæхтыл исчи куы хæцид, уæд уый фæстæ мæхæдæг арæхсин. Мæ къæхтыл ма мын фæхæц — æз бафæлварон.

Йæ цыппæртыл æрлæууыди, æз ын йæ къæхтыл хæрдмæ схæцыдтæн, æмæ уаты йæ къухтыл цæуын райдыдта, фæлæ йæ къухтæ тагъд бафæлладысты, æрхаудта æмæ пъолыл йæ сæр ныццавта.

— Уый ницы кæны, — загъта Шишкин, куы сыстад æмæ йæ сæры цæф куы аууæрста, уæд. — Куыдфæстæмæ мæ цæнгтæ сфидар уыдзысты, æмæ уæд æнæ искæй æххуысæй мæхи бон уыдзæни цæуын.

— Æмæ акробат суæвыныл бирæ ахуыр кæнын хъæуы, — загътон ын æз.

— Ницы кæны, тагъд зымæгон каникултæ уыдзысты. Каникултæм искуыдтæй аирвæздзынæн.

— Каникулты фæстæ та цы кæнынмæ хъавыс? Зымæгон каникултæ тагъд фæуыдзысты.

— Уый фæстæ сæрдыгон каникултæм дæр искуыдтæй аирвæздзынæн.

— Бирæ æнхъæлмæ кæсын дæ бахъæудзæни.

— Ницы кæны.

Диссаджы адæймаг уыдис Шишкин. Алцæмæн дæр æм уыцы-иу дзуапп уыди: «Ницы кæны». Исты хъуыддаг-иу куы æрæмысыди, уæд æм-иу афтæ касти, цыма хъуыддаг арæзт фæци, уыйау. Фæлæ æз та уынгæ кодтон, уыдон иууылдæр сур хъуыдытæ кæй уыдысты æмæ-иу фæндтæ цалдæр боны фæстæ бынтон кæй æрбайрох уыдаиккой, уый.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.