Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Цыппæрдæсæм сæр



Цыппæрдæсæм сæр

Костяйы мадæн æмæ фыды хойæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, Костя скъоламæ кæй нæ цæуы, уый. Йæ мад-иу куыстæй куы ’рбацыдис, уæд ын-иу æппæты разæй сбæрæг кодта йæ уроктæ, уымæн та-иу йæ уроктæ кæддæриддæр конд разындысты, уымæн æмæ-иу æм æз алы хатт дæр æрбацыдтæн æмæ йын-иу загътон, хæдзармæ нын-иу цы кусинæгтæ радтой, уый. Шишкин тынг тарсти, йæ мад ын йæ митæ куы базона, уымæй, æмæ уроктæ бирæ хуыздæр кæнын райдыдта, скъоламæ куы цыди, уымæй. Райсомæй-иу йæ хызын æд чингуытæ райста æмæ-иу скъоламæ ацæуыны рæстæг арасти горæты уынгты тезгъо кæнынмæ. Сæхимæ йын лæууæн нæ уыд, уымæн æмæ Зинæ ахуыр кодта дыккаг сменæйы æмæ-иу скъоламæ ацыд æрæгмæ. Фæлæ горæты уынгты дзæгъæл рацу-бацу кæнын дæр тæссаг уыдис. Иу хатт, чысыл ма бахъæуа, нæ англисаг æвзаджы ахуыргæнæгыл хæрхæмбæлд ма скæна æмæ ахуыргæнæгæй йæхи æмбæхсгæйæ уайтагъд цæхгæрмæ уынджы фæзылд. Дыккаг хатт та сæ сыхаг усы ауыдта уынджы æмæ кæйдæр фæсдуар амбæхсти. Костя уынгты цæуын нал уæндыди æмæ-иу горæтгæрон сыхтæм афардæг, цæмæй зонгæйыл ма сæмбæла, уый тыххæй. Æдзух æм афтæ касти, цыма уынгты чи цыд, уыдон æм иууылдæр кæсынц æмæ хъуыды кæнынц, скъоламæ барæй нæ ацыд, зæгъгæ. Уыцы рæстæджы скодта хъызт бонтæ æмæ уынгты дзæгъæл рацу-бацу кæнгæйæ уазал уыд, æмæ-иу уымæ гæсгæ иуæй-иу хатт бацыд искæцы магазинмæ, йæхи-иу чысыл схъарм кодта, стæй та-иу дарддæр ацыд.

Æз æмбæрстон, уыдæттæ хорз кæй не сты, уый, æмæ катайы бацыдтæн. Шишкин иу минут дæр мæ сæрæй нæ хицæн кодта. Къласы нæ партæйыл мæ фарсмæ афтид бынат кæй уыди, уый мын æй æдзух мæ зæрдыл лæууын кодта. Мæ цæстытыл уади, цалынмæ мах хъарм къласы фæбадæм, уæдмæ уый горæты къуымты иунæгæй къæрныхау куыд рауай-бауай кæны, зонгæтæй йæхи куыд æмбæхсы искæй фæсдуæртты, мскæцы магазинмæ куыд бацæуы йæхи атавынмæ, уый. Уыцы хъуыдытæ мын мæ сæр сдзæгъæл кодтой æмæ урокты ахуыргæнæгмæ хорз нал хъуыстон. Нæхимæ дæр иууылдæр ууыл хъуыды кодтон. Æхсæв мæ хуыссæг нал ахста, уымæн æмæ мæ сæры æвзæрдис алыхуызон хъуыдытæ æмæ архайдтон исты амæлттæй Шишкины фервæзын кæныныл. Æз уыдæттæ Ольгæ Николаевнæйæн куы радзырдтаин, уæд Ольгæ Николаевнæ Шишкины уайтагъд фæстæмæ скъоламæ æрбакодтаид, фæлæ тæрсгæ кодтон, иууылдæр мæ хахуыр хæссæг куы схоной, зæгъгæ. Тынг мæ фæндыди уый тыххæй искæимæ аныхас кæнын æмæ сфæнд кодтон Ликæимæ баныхас кæнын.

— Хъус-ма, Ликæ, — дзурын æм æз. — Уæ къласы чызджытæ кæрæдзиуыл комдзог рацæуынц?

— Уый та цавæр комдзог у?

— Зæгъæм, уæ къласы чызджытæй исчи исты фыдуагдзинад ракодта, уæд æй уæ чызджытæй исчи ахуыргæнæгæн схъæр кæндзæн? Уе скъолайы ахæм хабар уыди?

— Уыди, — загъта Ликæ. — Æрæджы Петрова рудзынгыл дидинæг асаста, Антонинæ Ивановнæ та йæ Сидоровайæ æнхъæл уыд æмæ йæ бафхæрынмæ хъавыд, загъта йын, йæ ныййарджытæ скъоламæ куыд æрцыдаиккой, афтæ. Фæлæ æз федтон, дидинæг Петрова кæй асаста, уый, æмæ йæ Антонинæ Ивановнæйæн радзырдтон.

— Æмæ йæ цæмæн загътай? Уæдæ ды дзырдхæссæг дæ!

— Цæмæн дæн! Æз, цы уыд, уый загътон. Æз куы нæ уыдаин, уæд Антонинæ Ивановнæ Сидоровайы бафхæрдтаид, афтæмæй уый та æппындæр аххосджын нæу.

— Дæхи цыфæнды рæстытæ куы кæнай, уæддæр дзырдхæссæг дæ, — загътон æз. — Нæ къласы лæппутæ кæрæдзийы нæ ардауынц.

— Уæдæ уæ къласы лæппутæ кæрæдзийы аххос фæкæнынц?

— Цæмæн кæрæдзийы аххос!

— Зæгъæм, ды къласы дидинæг асастай, ахуыргæнæг та йæ æндæр искæмæй æнхъæл уыд...

— Махмæ, — зæгъын, — дидинджытæ нæ зайынц. Нæ къласы æрмæст ис кактустæ.

— Уæлдай нæу. Ды кактус куы асастаис, ахуыргæнæг та йæ Шишкинæй æнхъæл куы уыдаид, къласы лæппутæ та куы ницы дзырдтаиккой, ды дæр куы ныхъус уыдаис, уæд афтæ уайы, æмæ йæ ды Шишкины аххос скодтай.

— Æмæ Шишкиныл дзых нæй? Уый, — зæгъын, — загътаид, æз нæ уыдтæн, зæгъгæ.

— Йæхæдæг загътаид, фæлæ йыл уæддæр гуырысхо кодтаиккой.

— Уадз æмæ йыл гуырысхо кодтаиккой. Иугæр кæд уый нæ уыди, уæд æй чи багæды кæндзæн.

— Мах скъолайы ахæм æгъдау нæй! — загъта Ликæ. — Кæй хъæуы, цæмæй искæуыл æнæхъуаджы гуырысхо кæной, уый? Аххосджын чи уа, уый хъуамæ басæтта, куы нæ басæтта, уæд алкæй бон дæр у зæгъын.

— Уæдæ сымахмæ иууылдæр ардауджытæ сты.

— Æппындæр нæ. Уæдæ Петрова раст бакодта? Антонинæ Ивановнæ хъавыд Петровайы бæсты æндæр кæйдæр бафхæрынмæ, уый та æнцад бады æмæ ныхъус, цин кæны, æндæр чызгыл кæй æрдау кодтой, уый тыххæй. Æз дæр куы ныхъус уыдаин, уæд æз дæр уыдаин уый хуызæн. Æмæ уый раст уыдаид?

— Цæй хорз, — загътон æз. — Уый бынтон æндæр хъуыддаг у. Фæлæ уе скъолайы нæ уыд ахæм хабар, æмæ уæ чызджытæй исчи скъоламæ не ’рбацыди, сæхимæ та загъта, скъолайы уыдтæн, зæгъгæ?

— Нæ, махмæ ахæм хабар никуы уыди.

— Кæй зæгъын æй хъæуы, — загътон æз, — сымахмæ, чызджытæм, ахæм куыд хъуамæ уа! Чызджытæ иууылдæр хæрзæгъдау ахуыргæнинæгтæ сты.

— Бæгуыдæр афтæ, — загъта Ликæ, — нæ къласы чызджытæ иууылдæр хорз сты. Æмæ сымахмæ уыдис ахæм хабар?

— Нæ уыд. Махмæ, — зæгъын, — ахæм хабар никуы ма уыд.

— Уæдæ мæ цæмæн фæрсыс?

— Афтæ. Фæнды мæ зонын.

Æз Ликæимæ нал ныхас кодтон, фæлæ Шишкин мæ сæрæй нæ хицæн кодта. Тынг мæ фæндыдис, уыцы хъуыддаджы тыххæй мамæимæ аныхас кæнын, фæлæ тарстæн, мамæ уыцы хъуыддаг уайтагъд скъоламæ куы бахæццæ кæна, уымæй, æмæ уæд бабын стæм. Мамæ йæхæдæг дæр бафиппайдта, æз мæхинымæр цæуылдæр кæй катай кæнын, уый. Иуæй-иу хатт-иу мæм афтæ æдзынæг æрбакаст, цыма зыдта, æз йемæ цæуылдæр аныхас кæнынмæ кæй хъавын, уый. Мамæйæн исты зæгъынмæ куы фæхъавын, уæд мæ алкæддæр фæзоны. Фæлæ мæ никуы бафæрсы, мæхимæ мын æнхъæлмæ фæкæсы, цалынмæ йын æй мæхæдæг радзурын, уæдмæ. Афтæ мын фæзæгъы: исты куы ’рцæуа, уæд ыл дæхæдæг куы басæттай, уæд уый хуыздæр у. Нæ зонын, мамæ мæ цæмæй базоны, уый. Æвæццæгæн мæ цæсгом афтæ конд у, æмæ мæ сæры цы хъуыдытæ ис, уыдон ыл фыст сты. Бадын æмæ та-иу мамæмæ бакастæн æмæ хъуыды кодтон, зæгъон ын æй æви нæ, мамæ дæр та-иу мæм æрбакасти, цыма мæм сдзурынмæ æнхъæлмæ касти, уыйау. Афтæ кæрæдзимæ бирæ фæракæс-бакæс кодтам æмæ нæ дыууæ дæр нæхи афтæ дардтам, цыма æз чиныг кастæн, уый та цыма хæдон хуыдта, уыйау. Уый, æвæццæгæн, худæг уыдаид, Шишкины тыххæй мæ сæры æнкъард хъуыдытæ куы нæ æвзæрдаиккой, уæд. Æппынфæстаг, мамæ йæхи нал баурæдта, бахудти æмæ загъта:

— Цæй, радзур, цы хабар дæм ис?

— Цы дын радзурон? — цыма йæ не ’мбарын, уыйау мæхи скодтон.

— Цæй, зæгъ, цы зæгъынмæ хъавыс, уый.

— Цы зæгъынмæ хъавын? Æз ницы зæгъынмæ хъавын, — ракæ-бакæ кæнын байдыдтон æз, мæхæдæг та хъуыды кæнын, ныртæккæ хабæрттæ иууылдæр радзурдзынæн, зæгъгæ, æмæ мын тынг æхсызгон уыд, мамæ мæ йæхæдæг кæй бафарста, уый, уымæн æмæ дæ куы фæрсой, уæд æнцондæр у зæгъын, æппын дæ куы нæ фæрсой, уымæй.

— Афтæ ’нхъæлыс, æмæ нæ уынын, цыдæр зæгъынмæ кæй хъавыс, уый! Ныр æртæ боны дæргъы сæргуыбырæй цæуыс æмæ дæм афтæ кæсы, цыма дæ ничи фиппайы. Цæй, радзур, радзур! Уæддæр куы радзурдзынæ. Скъолайы исты ’рцыди?

— Нæ, скъолайы нæ, — загътон æз. — О, зæгъын, скъолайы.

— Цы хабар та у, двойкæ та райстай, æвæццæгæн?

— Ницы райстон.

— Уæдæ дыл цы ’рцыдис?

— Мæныл нæ. Мæныл ницы æрцыдис.

— Уæдæ кæуыл цы ’рцыдис?

— Шишкиныл.

— Æмæ цы кодта?

— Ахуыр кæнын æй нæ фæнды.

— Уый та куыд — нæ фæнды?

— Куыд, куы, ахуыр кæнын æй нæ фæнды, æндæр ницы!

Уайтагъд фембæрстон, мæ сусæгдзинад кæй схъæр кодтон, уый, æмæ ахъуыды кодтон: «Æллæх, мæнæ цы бакуыстон? Мыййаг мамæ райсом скъоламæ куы бацæуа æмæ ахуыргæнæгæн куы радзура!»

— Æмæ куыд у, Шишкин йæ уроктæ нæ ахуыр кæны? — афарста мæ мамæ. — Двойкæтæ исы?

Æз фембæрстон, нæ сусæгдзинад кæронмæ кæй не схъæр кодтон, уый, æмæ загътон:

— Нæ ахуыр кæны. Уырыссаг æвзагæй йын двойкæ ис. Уырыссаг æвзаг ахуыр кæнын æй æппындæр нæ фæнды. Æртыккаг къласæй нырмæ лæмæгъ у уырыссаг æвзагæй.

— Уæдæ афтæмæй цыппæрæм къласмæ куыд бахызт?

— Æмæ йын æз цы зонын, — загътон æз. — Æндæр скъолайæ нæм æрбаивта. Æртыккаг къласы махмæ нæ ахуыр кодта.

— Æмæ йæм уæд ахуыргæнæг цæуылнæ фæкæсы? Баххуыс кæнын ын хъæуы.

— Æмæ, — зæгъын, — уый рувасау хин у! Хæдзармæ кусинаг куы раттынц, уæд æй искæмæй сфыссы, къласы диктант кæнæ æндæр исты куы фæфыссæм, уæд та скъоламæ æппындæр не ’рбацæуы.

— Уæд та йын ды феххуыс кæн. Де ’мбалыл мæт кæныс, фæлæ йын æххуыс нæ кæныс.

— Ахуыр кæнын æй куы нæ фæнды, уæд ын куыд баххуыс чындæуа!

— Дзæбæх ын бамбарын кæ, ахуыр кæнын æй кæй хъæуы, уый, сразы йæ кæн ахуыр кæныныл. Кæсыс, ды дæхæдæг райдыдтай ахуыр кæнын, уымæн та æххуыс кæнын хъæуы. Хорз æмбал ын куы фæуа, уæд æй раст фæндагыл сараздзæн æмæ дзы æцæг лæг рауайдзæн.

— Æмæ йын æз æвзæр æмбал дæн? — загътон æз.

— Æвзæр æмбал ын куы уаис, уæд ыл нæ тыхсис.

Мæнмæ тынг худинаг æркаст, мамæйæн хабæрттæ иууылдæр кæй нæ радзырдтон, уый, æмæ уымæ гæсгæ тагъддæр мæ дзаумæттæ акодтон æмæ Шишкинмæ ацыдтæн, цæмæй йемæ дзæбæх æрдзурон, уый тыххæй.

Диссаджы хъуыддаг! Цæмæдæр гæсгæ гъе уыцы бонты Шишкинимæ тынг схæлар дæн æмæ-иу æнæхъæн бон-изæрмæ ууыл хъуыды кодтон. Шишкин дæр æнæ мæн нал фæрæзта. Уый мысыд йе скъолайы æмбæлтты æмæ-иу загъта, ныр мын дæу йеддæмæ ничиуал ис, зæгъгæ.

Æз сæм куы бацыдтæн, уæд Костя, йæ мад æмæ Зинæ стъолы уæлхъус бадтысты æмæ цай цымдтой. Стъолы сæрмæ стыр æрвхуыз абажуры бын сыгъди электрон цырагъ, æмæ уыцы абажур куыддæр талынггомау дардта, раст сæрдыгон нзæр хур куы аныгуылы, фæлæ æдде бынтон куы нæма æрталынг вæййы, уый хуызæн. Мæ бацыд сын уыди тынг æхсызгон. Мæн дæр стъолы цур сбадын кодтой æмæ мын æрæвæрдтой цай æмæ къренделитæ. Костяйы мад æмæ мæ Зинæ фæрсын байдыдтой мæ мадæй, мæ фыдæй, кæм кусы æмæ цы кусы, уымæй. Костя нын нæ ныхæстæм æнцад хъуыста. Йæ цайы къренделийы æрдæг ауагъта. Кърендели агуывзæйы хуылфы чысылгай нæрсыди æмæ ставдæй-ставддæр кодта. Фæстагмæ ма агуывзæйы тыххæй цыд, Костя та цæуылдæр хъуыдытæ кодта æмæ йæ цыма кърендели бынтон æрбайрох и.

— Цæуыл ныхъуыды кодтай? — бафарста йæ йæ мад.

— Куы ницæуыл. Мæ фыд мæ зæрдыл æрлæууыд. Исты ма мын дзы радзур.

— Цы дын радзурон? Æз дын папæйы тыххæй алцыдæр радзырдтон.

— Омæ ма мын дзы ноджыдæр исты радзур.

— Куыд диссаг у, æппынæдзух ын йæ фыды кой куы кæниккой, уый йæ фæнды, зонгæ та йæ уæвгæ нæ кæны, — загъта Зинæ.

— Нæ, хъуыды йæ кæнын.

— Кæцæй йæ хъуыды кæныс? Хæст куы райдыдта æмæ дæ фыд фронтмæ куы ацыд, уæд ды дзидзидай сывæллон уыдтæ.

— Хъуыды йæ кæнын, кæнын, — хъæддыхæй дзырдта Шишкин. — Мæ зæрдыл лæууы: æз хуыссыдтæн мæ гыццыл сынтæджы æмæ мæм папæ æрбацыд, систа мæ йæ хъæбысмæ æмæ мын ныбба кодта.

— Уый хъуыды кæнын дæ бон нæу, — загъта Зинæ. — Уæд дыл æртæ къуырийы йеддæмæ нæ цыди.

— Нæ. Афæдз мыл цыд, папæ иу хатт хæстæй куы æрбацыд, уæд.

— Гъемæ уæд иу минут æрбауад нæхимæ, йæ æфсæддон хай нæ горæтыл куы цыди, уæд. Уый дын мамæ радзырдта.

— Нæ, æз æй мæхæдæг хъуыды кæнын, — фæхъыг ын, афтæмæй загъта Костя. — Æз фынæй уыдтæн, стæй райхъал дæн æмæ мæ папæ йæ хъæбысмæ систа æмæ мын аба кодта, йæ цинел та уыд дæрзæг æмæ хъисджын. Стæй уый ацыд æмæ йæ æндæр никуал федтон.

— Афæдздзыд сывæллон цы фены, уый йæ зæрдыл никуы фæлæууы, — загъта Зинæ.

— Мæ зæрдыл лæууы. — йæ цæстытæ доны разилгæйæ, загъта Костя. — Æццæй, мамæ, мæ зæрдыл нæ лæууы? Мамæ-ма зæгъæд, уæдæ!

— Дæ зæрдыл лæууы, лæууы, — рæвдаугæ хъæлæсæй йын загъта йæ мад. — Йæ цинел дæрзæг кæй уыд, уый кæд дæ зæрдыл бадардтай, уæд æй хорз хъуыды кæныс.

— Æнæмæнг, — загъта Шишкин. — Цинел дæрзæг уыди æмæ мæ никуы ферох уыдзæни, уымæн æмæ уый мæ фыд уыд æмæ фæмарди хæсты.

Шишкин æнæхъæн изæр цæуылдæр хъуыдытæ кодта. Æмæ мæнæн мæ къухы нæ бафтыд йемæ, цæуыл мæ фæндыд, ууыл аныхас кæнын, стæй нæхимæ ацыдтæн.

Уыцы ’хсæв тынг æрæгмæ бафынæй дæн, Шишкиныл сагъæс кодтон. Æвæдза куыд хорз уаид, куыд æмбæлы, афтæ куы ахуыр кæнид, уæд ахæмæй йыл ницы ’рцыдаид! Æз дæр æвзæр ахуыр кодтон, стæй мæхиуыл æрхудтæн, куыд хъæуы, афтæ бавнæлдтон æмæ мæ цы фæндыд, уый мæ къухы бафтыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæн æнцондæр уыд Шпшкинæй: мæнæн ис фыд Æз кæддæриддæр уарзын мæ фыды фæзмын. Æз уынын, йæ куысты исты саразымыл куыд æнувыдæй фæархайы, уый, æмæ мæн дæр фæнды уый хуызæн уæвын.

Шишкинæн та фыд нæй. Хæсты йын фæмард, Костя ма хæрзчысыл куы уыдис, уæд. Тынг мæ фæндыд Костяйæн баххуыс кæнын, æмæ хъуыды кæнын байдыдтон, куыд æмбæлы, афтæ йын æххуыс кæнын куы байдаин, уæд, чи зоны, уырыссаг æвзагæй фæрæвдз уаид æмæ дарддæр хорз ахуыр кæнид, зæгъгæ. Æз уыцы хъуыдыты аныгъуылдтæн æмæ сфæнд кодтон Костяйæн алы бон дæр æххуыс кæнын, фæлæ уыцы минут мæ зæрдыл æрбалæууыд, æххуысы кой кæнын дæр кæй нæ хъæуы, цалынмæ скъоламæ не ’рбаздæха, уæдмæ. Хъуыды кодтон, куыд æй сразы кæнон, зæгъгæ, фæлæ бамбæрстон, сразы кæнынæй дзы кæй ницы рауайдзæн, уымæн æмæ Костя ныр нал бауæнддзæн йæ мадæн басæттын. Æз бамбæрстон, Костяимæ хъæбæрæй ныхас кæнын кæй хъæуы, уый. Уымæ гæсгæ сфæнд кодтон райсом æм скъолайы фæстæ бацæуын æмæ йемæ зæрдиагæй аныхас кæнын. Кæд æмæ йæ нæ бафæнда йæ мады раз йæ митыл басæттын æмæ йæхи фæндонæй скъоламæ цæуын нæ райдайа, уæд æм бартхъирæн кæндзынæн, Ольгæ Николаевнæйæн гæды ныхæстæ нал кæндзынæн, æмæ йæ сæрыл нал хæцдзынæн, зæгъгæ, уымæн æмæ уый æрмæст зиан у. Кæд æмæ нæ бамбара, афтæ бакæнын уымæн пайда кæй у, уый, уæд ын уадз æмæ фæхъыг уæд. Ницы кæны! Æз бабыхсдзынæн, стæй уæд йæхæдæг бамбардзæни, æз раст кæй кодтон, уый, æмæ та ногæй балымæн уыдзыстæм. Æз куыддæр афтæ сфæнд кодтон, афтæ мын фенцондæр ис, æмæ мæм худинаг æркаст, нырыонг мамæйæн кæй ницы схъæр кодтон, уый. Уыцы минут сыстынмæ хъавыдтæн, иууылдæр сæ радзурон, зæгъгæ, фæлæ æнафон уыд æмæ бинонтæ иууылдæр рагæй фынæй уыдысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.