Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Иуæндæсæм сæр



Иуæндæсæм сæр

Нæ кълас æмхуызонæй рагæй фæнд кодтам цпркмæ ацæуын. Володя загъта, неппæтæн дæр билеттæ балхæндзæн, зæгъгæ, æмæ тынг æнхъæлмæ кастыстæм уыцы бонмæ. Мах æнæхъæн къласæй цалдæр хатты уыдыстæм кинойы, фæлæ цирчы иу хатт дæр нæма уыдыстæм. Æз мæхæдæг цирчы рагæй нал уыдтæн, Шишкин та дзы афтæ тынг раджы уыдис, æмæ дзы чысыл цыдæртæ йеддæмæ йæ зæрдыл ницыуал дардта. Хъуыды ма дзы кæны æрмæст цавæрдæр сырдтæ, кæнæ, дам, тигртæ уыдысты, кæнæ домбайтæ, кæннод та, чи зоны, бæхтæ, уымæй дарддæр дзы йæ зæрдыл ницыуал лæууыд. Уæд ма хæрз чысыл уыди. Уæлдай тынгдæр фенын нæ фæндыдис мотоциклыл бадæджы. Горæты къултыл ныхæст афишæтæ раджы федтам, стæй уыцы мотоциклыл цæуæджы чи федта, уыдон дæр нын дзырдтой. Фидар æфсæйнæгтæй арæзт егъау къорийы хуылфмæ бахизы мотоциклыл цæуæг æмæ уым мидæгæй фæзилы мотоциклыл. Къорийæн йæ бинаг æмбис уæллаг æмбисæй фæхицæн вæййы æмæ йæ бынмæ æруадзынц. Мотоциклыл цæуæг баззайы къорийы уæллаг æмбисы æмæ уым йæ цыд дарддæр фæкæны.

Тæккæ диссагдæр та уый уыд, æмæ мотоциклыл цæуæг къорийы уыцы æмбисæй æддæмæ нæ хаудта, кæд уый уæлдæфы йæ бын хæрдмæ ауыгъдæй лæууыд, уæддæр. Афтæ дзырдтой, цыма мотоциклыл цæуæг тынг тагъд куы аскъæры мотоцикл, уæд дзы рауайы цавæрдæр æдтæскъæф тых, æмæ уый мотоциклы балхъпвы къоримæ, æмæ йæ дæлæмæ хауын нæ уадзы. Фæлæ мотоцикл йæ цыд куы фæсындæгдæр кæна, уæд æдтæскъæф тых фесæфдзæн æмæ мотоцикл бынмæ æрхаудзæн.

Лæппутæй иутæ дзырдтой, циркмæ, дам, неппæты нæ акæндзысты, уымæн æмæ, дам, Володяйæн йæ бон нæ бауыдзæн не ’гасæн билеттæ самал кæнын, æмæ, дам, акæндзысты, иттæг хорз чи ахуыр кæны, æрмæст уыдоны. Иннæтæ та дзырдтой, неппæты дæр акæндзысты, æрмæст, дам, Шишкины нæ акæндзысты, зæгъгæ. Аннæтæ та дзырдтой, æппындæр никæй акæндзысты, уымæн æмæ, дам, билеттæ, æвæццæгæн, раджы уæйгонд фесты.

Æппынфæстаг, билеттæ балхæдтой, æмæ неппæт дæр ацыдыстæм циркмæ, суанг ма Шишкин дæр ацыдис. Бахæццæ стæм раздæр, æмæ уый ницы кæны: фæлтау чысыл раздæр æрбацу, байрæджы кæныны бæсты, уымæн æмæ дæ уæд æппындæр нал бауадздзысты. Сбадтыстæм нæ бынæтты æмæ ракæс-бакæс кодтам аренæмæ, егъау гауызæй æмбæрзт чи уыдис, уымæ. Нæ сæрмæ ивæзт цавæрдæр бæндæнтæ. Уæле, цирчы куполы бынмæ, ауыгъд уыдысты трапецитæ, цæгтæ, бæндæнæй асинтæ æмæ æндæр алы дзаумæттæ. Цирчы егъау агъуыст куыдфæстæмæ дзаг кодта адæмæй, æмæ мæм фæстагмæ афтæ кæсын байдыдта, цыма æнæхъæн горæт иууылдæр ам æрæмбырд и. Æз сфæнд кодтон, цирчы адæм цас уыдис, уый банымайын, банымадтон дыууæ сæдæ æртыны онг, стæй фæкъуыхцы дæн æмæ та ногæй райдыдтон. Уалынмæ дæсгай егъау цырæгътæ ссыгъдысты, æмæ цирк ныррухс и, мæнæ бон куыд уа, афтæ. Иууылдæр цыма райхъал сты, аив æмæ бæрæгбонхуыз систы. Тынг бирæ адæмы алыхуызон дарæс æрттывта. Æз æнхъæлдтон, райдианмæ ма бирæ ис, зæгъгæ, æмæ адæммæ ракæс-бакæс кодтон, уалынмæ литаврæты зæлланг фæцыди, барабаны хъæр райхъуыст, скрипкæтæ ныхъыллист кодтой, трубатæ ныууасыдысты æмæ дын... аренæмæ разгъордтой бирæ акробаттæ. Уыдон райдыдтой гæппытæ æмæ сæрбихъуырæйттæ кæнын, кæрæдзийы уæлæмæ къухтæй æппарын, æмæ та-иу сæ сæ къæхтæй рацахстой, цалхау-иу тылдысты. Сæ алы хъазт дæр афтæ рог цыдис, æмæ цирчы бадджытæй алкæй дæр фæндыди аренæмæ разгъорын æмæ акробаттимæ иумæ гæппытæ æмæ сæрбихъуырæйттæ кæнын. Æз дæр фæгæпп ластон мæ бынатæй аренæмæ азгъорыны тыххæй, фæлæ мæ Ольгæ Николаевнæ баурæдта æмæ мын загъта, цæмæй мæ бынаты сбадтаин, уымæн æмæ иннæты хъыгдардтон, нæ сæ уагътон кæсын. Аренæмæ ничи згъоры, уый куы федтон, уæд мæ бынаты сбадтæн. Фæлæ уæддæр уыцы гæпгæнæгтæм-акробаттæм кæсгæйæ мæ бон æнцад бадын нæ уыди. Фæндыдис мæ, æнæхъæн изæр дæр сæм куы кастаин, уый, фæлæ уайтагъд азгъордтой, уыдон бæсты та æрмахуыргæнæг рацыдис йæ æрсытимæ. Æмæ куыд цæрдæг разындысты æрсытæ! Бæндæнтыл цыдысты, херыйыл дзедзрой кодтой, боцкъатыл цыдысты: боцкъа тулы, афтæмæй йыл арс уырдыг слæууыд йæ фæстаг къæхтæй æмæ йæ къæхтæ равæр-бавæр кæны æмæ йæ дзæмбытæй размæ схойы. Дыууæ арсы та дзы велосипедтыл цыдысты.

Æрсыты фæстæ та хъазыдысты эквилибристтæ. Уыдон зæххыл схуыссыдысты, сæ къæхтæ хæрдмæ схъил кодтой æмæ цавæрдæр алыхуызон ахуырст хъæдын тумбæтæ уæлæмæ сæ къæхтæй æппæрстой. Тылдтой сæ, алырдæм сæ зылдтой, къæхтæй сæ кæрæдзимæ æппæрстой. Иуæй-иу адæймаг йæ къухтæй афтæ нæ сарæхсдзæни, уыдон сæ къæхтæй цытæ кодтой.

Уый фæстæ та хъазыдысты ахуыр куыйтæ. Гæппытæ кодтой, сæрбихъуырæйттæ кодтой, сæ фæстаг къæхтыл цыдысты, чысыл уæрдæтты кæрæдзийы ралас-балас кодтой, футболæй хъазыдысты. Иу куыдз та дзы ахæм х ьæбатыр уыди, ахæм! Уæлæмæ йæ систой суанг цирчы куполы онг, æмæ уырдыгæй парашютимæ рагæпп кодта. Стæй куыйты æрмахуыргæнæг загъта, хынцын чи зоны, ахæм куыдз уын равдисдзынæн, зæгъгæ. Æмæ рахастой бандон, сбадын ыл кодтой чысыл сау къæбылайы. Æрмахуыргæнæг ын йæ разы æрæвæрдта æртæ хъæды лыггаджы æмæ йын загъта — нымай. Мах хъуыды кодтам, куыдз дзурын куы нæ зоны, уæд куыд нымайдзæни, зæгъгæ, фæлæ куыдз рæйын райдыдта æмæ срæйдта æртæ хатты. Адæм сцин кодтой æмæ æмдзæгъд кæнын райдыдтой. Æрмахуыргæнæг куыдзæй раппæлыд æмæ йын сæкæры къæртт авæрдта, стæй йын йæ разы æрæвæрдта фондз лыггаджы æмæ та йын загъта:

— Нымай!

Куыдз срæйдта фондз хатты.

Уый фæстæ та йын æрмахуыргæнæг æвдиеын райдыдта хъæбæр гæххæттыл фыст цифрæтæ. Куыдз алы хатт дæр лæвæрдта раст дзуапп.

Уый фæстæ йæ æрмахуыргæнæг райдыдта фæрсын:

— Дыууæ хатты дыууæ цас уыдзæни?

Куыдз цыппар хатты срæйдта.

— Æртæмæ цыппар бафтау, уæд цас уыдзæни?

Куыдз авд хатты срæйдта.

— Дæсæй цыппар раппар, уæд цас уыдзæни?

Куыдз æхсæз хатты срæйдта.

Мах бадтыстæм æмæ дис кодтам: куыдз бафтауын дæр æмæ раппарын дæр зыдта!

Хъазыдысты ма жонглёртæ. Уыдон хъазыдысты авджын тæбæгътæй æмæ æндæр алы дзауматæй. Уæлæмæ сæ æппæрстой æмæ сæ сæ къухтæй ахстой. Сæ иу уæлæмæ уыцы иумæ æппæрста цыппар тæбæгъы, иннæ дæр — цыппар тæбæгъы. Стæй та уыцы тæбæгътæ кæрæдзимæ æппарын райдыдтой. Тынг рæвдз арæхстысты! Фыццаг сæ æппары дыккагмæ, уыцы рæстæджы сæ дыккаг та æппары фыццагмæ, афтæмæй тæбæгъгæ æдзух иу адæймагæй иннæмæ тæхынц. Æмæ дзы иу тæбæгъ дæр нæ асастой!

Цирчы ма уыдис клоун, йæ уæлæ цъæх хæлаф, бур пиджак æмæ кæрдæгхуыз шляпæ, йæ фындз та уыдис сырх-сырхид. Уый æппындæр артист нæ уыди, фæлæ артистытæ куыд кодтой, уый дæр афтæ кодта, æцæг артистыты хуызæн хорз нæ арæхсти. Жонглёрты фæстæ уый дæр рацыдис, æртæ суджы лыггаджы рахаста æмæ сæ хъазын райдыдта. Фæлæ йын хорз нæ рауади, суджы лыггагæй йæ сæрæн иу хафг фæкодта æмæ ацыдмс.

Велосипедтыл чи цыдис, уыцы æрсыты фæстæ уый дæр рацыди велосипедыл, фæлæ барьерыл йæхи скъуырдта æмæ йæ велосипед гæбазгай баци. Бæхыл хъазджытæ куы рацыдысты бæхтыл, уæд уый дæр куырдта, бæх ын цæмæй радтаиккой, уый. Æцæг тарсти бæхæй рахауынæй æмæ куырдта, цæмæй йæ бæндæнæй бабастаиккой. Æмæ уæле бæндæн æруагътой æмæ йæ фæсте йæ ронмæ бабастой. Уæд бæхмæ та хызти йæ къæдзилы ’рдыгæй, фæлæ бæх чъыллиппытæ систа. Азгъорынмæ хъавыди асин æрбахæссынмæ, бæхмæ асиныл цæмæй схызтаид, уый тыххæй, фæлæ йæ бон нæ баци, фæсте йæ ронмæ бæндæнæй баст кæй уыди, уымæ гæсгæ. Уæд барæгæй курын райдыдта, бæхыл æй цæмæй сæвæрдтаид, уый. Барæг ыл архайдта бæхмæ сæргъæвыныл, фæлæ бæхмæ сбырын нæ фæрæзта.

— Цæй сбад! Сбад бæхыл! — хъæр ыл кодта барæг, æмæ йæ йæ тых-йæ брнæй дæле уæлæмæ схуыста бæхмæ, фæлæ уый бæхыл сбадыны бæсты куыддæр æгъдауæй барæджы æккой абадт.

Барæг згъоры цирчы, уыцы æдылы та бур пиджачы мидæг йе ’ккой бæхбадт кæны. Барæг æм хъæр кæны:

— Æз дын бæхыл сбад куы загътон, ды та кæм сбадтæ? Мæ бæрзæйыл куы сбадтæ!

Фæстагмæ йæ барæджы æккойæ райстой æмæ йæ бæхыл сбадын кодтой. Бæх куы азгъордта, уæд уый бæхæйрахаудта, фæлæ зæхмæ не ’рхаудта, æмæ цирчы тахти, йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ ныххæлиу кæнгæйæ, уымæн æмæ уæлæмæ бæндæнæй баст уыди.

Иу ныхасæй, уый ахæм лæг уыдис: алцæуыл дæр фæлвæрдта, фæлæ йын дзы ницы уади. Адæмы дзæгъæлы худын кодта. Диссаджы адæймаг!

Æппæты фæстæ равдыстой «Хъæбатырдзинады къори». Перерывы никуыдæм цыдыстæм, нæ бынæтты бадтыстæм, æмæ федтам, куыд цæттæ кодтой, уый. Фыццаг бынæй æрæмбырд кодтой хицæн хæйттæй къорийæн йæ уæллаг æмбис. Уый ахæм егъау уыдис, æмæ дзы ссæдз адæймаджы бæрц уæгъдæй бацыдаид, стæй ма дзы, æвæццæгæн, бынат дæр баззадаид. Стæй уæд къорийæн йæ уæллаг æмбис хæрдмæ систой, цирчы куполы бынмæ, бынæй та æрæмбырд кодтой ахæм егъау æмбис — къорийæн йæ бинаг æмбис. Цæвæрдтой дзы дыууæ мотоциклы æмæ дыууæ велосипеды, æмæ уæд сеппæты систой уæлæмæ æмæ уым бинаг æмбис баиу уæллаг æмбисимæ. Къорийы бынæй уыдис мидæмæ бахизынæн хуынкъ, бынмæ та уагъд уыди бæндæнæй конд асин.

Перерыв фæци. Адæм та сæ бынæтты сбадтысты. Цырæгътæ та тынг срухс кодтой, æмæ аренæмæ рацыдысты мотоциклыл бадджытæ. Сæ уæлæ уыдис цъæх комбинезонтæ, сæ сæртыл та, тæхджытыл цы тымбыл шлемтæ вæййы, ахæмтæ. Уыдысты æртæйæ: дыууæ нæлгоймæгтæ, иу та сылгоймаг. Аренæйы кæрон æрлæууыдысты, æмæ сын адæм салам радтой тыхджын къухæмдзæгъдæй. Музыкæ æрцагъта, æмæ уыдон сæрыстырæй æмæ хъæбатырæй, сæ сæртæ бæрзонд даргæйæ, асиныл уæлæмæ хизын байдыдтой. Сæ кæрæдзийы фæдыл хуыккомыл бахызтысты къорийы хуылфмæ. Хуыкком мидæгæй æмбæрзæнæй сæхгæдтой æмæ къорийы хуылфы велосипедтыл цæуын райдыдтой. Велосипед цалынмæ сындæг цыди, уæдмæ къорийы бын кодта чысыл зиллæччытæ, фæлæ йæ цыд куыд тагъддæр кодта, афтæ уæлдæрæй-уæлдæр цыди æмæ бадæг дæр стæй велосипед дæр уыдысты къул, æмæ уымæ гæсгæ бамбарæн нæ уыд, цæуылнæ хауынц, уый. Уадысты иугæйттæй æмæ дыгæйттæй дæр, стæй сылгоймаг дæр нæлгоймæгтæй æвзæрдæр нæ уадис.

Стæй мотоциклтыл бадджытæй иу скусын кодта мотоцикл. Пулемётæй æхсæгау йæ къуыр-къуыр ссыди. Къорийы хуылфы уый мотоциклы ауагъта тынг тагъд. Йæ мотоциклимæ-иу куы бынæй февзæрд, куы уæле. Уымæй-иу мотоцикл слæууыди, къæхтæ бынтон хæрды ’рдæм саразгæйæ, æмæ мах æдзух тарстыстæм, йæ бадæг йæ бынатæй куы рахауа, уымæй, фæлæ нæ рахаудта. Иннæ мотоциклист дæр сифтыгъта йæ мотоцикл æмæ йæ иннæйы фæдыл аскъæрдта. Хъæр, къуыр-къуыр, гæрæхтæ! Дыккаг мотоциклист къорийы бынмæ йæхи æруагъта æмæ æрлæууыди, фыццаг мотоциклист та ма уæддæр згъордта къорийы уæллаг æмбисы.

Уалынмæ къорийы бинаг æмбис фæхицæни æмæ сындæггай бынмæ йæхи уагъта, мотоциклист та баззадис згъоргæйæ. Къорийы бинаг æмбис зæххыл куы æрынцад, уæд мотоциклист æмæ чызг уырдыгæй рахызтысты, фыццаг мотоциклист та ма уæддæр згъордта æмæ згъордта къорийы уæллаг æмбисы. Уый куы æрлæууыдаид, уæд мотоциклист бынмæ æрхаудтаид. Ныр йæ фервæзыны иунæг амал уыд мотоцикл фыццаджы хуызæн тагъд скъæрын æмæ скъæрын. Нæ уды катай цыдис, афтæмæй йæм кастыстæм. Уалынмæ ахъуыды кодтон: «Ныр мотор куы фехæлид кæнæ иунæг минут куы ныллæууид, уæд цы уаид? Йæ цыдуайтагъд фæсындæг уаид — æмæ мотоцикл уыцы-иу тыхсхуыстæй къорийæ ратæхид æмæ бынмæ æрхауид».

Рæстæгæй-рæстæгмæ мæм-иу афтæ касти, цыма дзæбæх нал кусы, фæлæ хъуыддаг хорз рауади. Къорийы бинаг æмбис та ногæй уæлæмæ систой. Мотоциклист йæ цыд фæсабыр кодта æмæ къорийы бинаг æмбисы зилын байдыдта. Зиллæгтæ къаддæрæй-къаддæр кодтой. Стæй уæд баурæдта, хуыккомыл рабырыдис æмæ бæндæн асиныл дæлæмæ æрцæйхызт. Мингай адæймæгтæ йын арфæ кодтой къухæмдзæгъдæй.

Ууыл ахицæн, цирчы цы æвдыстой, уый. Нал мæм цыдис циркæй рацæуын, ноджыдæр ма нæ абадын фæндыди. Æз афтæ сфæнд кодтон: куы сдынджыр уон, уæд алы бон дæр циркмæ цæудзынæн. Кæд алы бон нæ уа, уæд та къуыри иу хатт. Никуы схъыгуыдзынæн циркæй!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.