Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дæсæм сæр



Дæсæм сæр

Дыккаг бон, куы райхъал дæн, уæд рудзынгæй ауыдтон, зымæг кæй ралæууыдис, уый. Æруарыди мит. Алырдыгæй урс адардта: зæхх дæр æмæ уæлхæдзæрттæ дæр, бæлæстæ та кружæваты хуызæн уыдысты — къалиутыл сеппæтыл дæр мит ныххæцыди. Фæндыдис мæ уыцы сахат, мæ мад мын кæй балæвар кодта, уыцы къахдзоныгътыл бырынмæ ауайын, фæлæ мæ скъоламæ цæуын хъуыдис, скъолайы фæстæ та фыццагдæр сбадтæн мæ уроктæ кæныныл, уый фæстæ та Ликæйы хынцинæгты чиныгмæ гæсгæ хынцинæгтæ кодтон. Æртыккаг къласæн чиныджы цы хынцинæгтæ ис, уыдон сеппæт скæнын мæ зæрды æрæфтыдис. Уыдис дзы æнцон хынцинæгтæ бирæ æмæ сæ æнцонæй кодтон, мæнæ æхсынæнтæ æхсынæгау, фæлæ дзы уыдис, сæр кæуыл риссын хъуыдис, ахæмтæ дæр, æрмæст уыдонæй ныр æз нал тарстæн. Мæхицæн ахæм æгъдау сæвæрдтон, цалынмæ хынцинаг скæнон, уæдмæ дарддæр нæ цæудзынæн, зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт хынцинæгтæ иу бон конд нæ фæдæн, фæлæ сыл бадтæн дыууæ æви æртæ къуырийы. Къахдзоныгътыл бырынмæ-иу цыдтæн æрмæст изæрыгон, бынтон-иу куы æрталынг, уæд. Фæлæ æртыккаг къласы хынцинæгтæ сеппæт куы скодтон, уæд тынг фæзондджындæр дæн, æмæ мæ бон уыдис, Ольгæ Николаевнæ нын цыппæрæм къласæн цы хынцинæгтæ лæвæрдта, уыдон æнæ искæй æххуысæй кæнын. Цыппæрæм къласы хынцинæгты чиныджы бирæ уыдис æртыккаг къласы хынцинæгты хуызæн, æрмæст уыдон уыдысты зындæр кæнæн, фæлæ ныр æз зыдтон зын хынцинæгтæ кæнын. Зындæр хынцинæгтæ кæнын мæм ноджы хуыздæр касти. Арифметикæйæ раздæр куыд тарстæн, афтæ дзы ныр нал тарстæн. Цыма ме ’ккойæ цавæрдæр уæззау уаргъ ахаудта, афтæ мæм касти, æмæ мын цæрын фенцон ис.

Ольгæ Николаевнæйæн æхсызгон уыдысты мæ æнтыстдзинæдтæ æмæ мын æвæрдта хорз бæрæггæнæнтæ. Лæппутæ мын уайдзæф нал кодтой. Хорз ахуыр кæнын кæй райдыдтон, ууыл цин кодтой мæ мад æмæ мæ фыд. Айстой мæ баскетболы командæмæ, æмæ лæппутимæ бонцухæй дыууæ сахаты ахуыр кодтон баскетболæй хъазыныл. Уый-иу куы нæ уыди, уæд та-иу къахдзоныгътыл бырыдтæн, цыдтæн лыжæтыл, лæппутимæ-иу хоккейæ хъазыдтæн — цы ми кодтаин, уый уыдис.

Шишкин та, ахуыр кæнынмæ куыд æмбæлы, афтæ бавналыны бæсты, балхæдта алыхуызон денджызон свинкæтæ, урс уырытæ, уæртджын хæфсытæ. Æрмæст уызынтæ йæм уыдис æртæ! Æмæ-иу æнæхъæн бонтæ уыдонимæ архайдта: хæринаг сын лæвæрдта, зылди сæм, уыдон та йын арæх рынчын кодтой æмæ йын мардысты. Ноджы ма кæмдæр самал кодта Лобзик. Уыцы Лобзик уыдис хуымæтæджы æнæхæдзар къæбыла, уæвгæ, раст куы зæгъæм, уæд, æппындæр къæбыла нæ, фæлæ бынтон стыр куыдз уыдис, фæлæ ма, æвæццæгæн, уыд æрыгон, бынтон нæма схъомыл: уыдис тынг хъуынджын, сау, йæ хъустæ та залмысыфтау зæбултæ. Кæмдæр ыл уынджы сæмбæлди, йæ фæдыл æй расайдта æмæ йæ сæ хæдзармæ æрбакодта, æмæ йын æрхъуыды кодта ном «Лобзик», кæд Лобзик куыдзы номæн æппындæр нæ бæззы, уæддæр, уымæн æмæ лобзик у чысыл хырх, фæйнæгыл исты нывæфтыдтытæ лыг кæныны тыххæй. Фæлæ Шишкин нæ зыдта, лобзик цы у, уый, æмæ банхъæлдта, уый куыдзы ном у, зæгъгæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы æппæт хъуыддæгтæй Шишкины йæ уроктæ кæнынмæ нал æвдæлди, æмæ-иу уроктæ кæныныл æрбадти, йæ мад ын-иу ссæдз хатты бæрц куы загъта, æрмæст уæд. Йæ мад-иу æрбацыди йæ куыстæй æмæ-иу æй афарста:

— Дæ уроктæ скодтай?

— Нæма. Ныртæккæ сæ кæндзынæн.

— Ныртæккæ сбад дæ уроктæ кæныныл!

— Ныртæккæ, ныртæккæ, мамæ, мæнæ ма уæртджын хæфсæн хæринаг радтон.

Мад-иу йæхи куыстытыл фæци, уый та-иу уæртджын хæфсæн хæринаг радта, стæй та-иу пæ зæрдыл æрбалæууыд, денджызон свинкæйæн къалати аразинаг кæй уыди, уый, æмæ та-иу ууыл архайын райдыдта. Цасдæр рæстæджы фæстæ та-иу мад уроктæ зæрдыл æрлæууын кодта:

— Кæд ма кæндзынæ дæ уроктæ?

— Ныртæккæ.

— Кæд «ныртæккæ»? Æдзух «ныртæккæ, ныртæккæ», кæныс, фæлæ дæ бынатæй не ’змæлыс.

— О, ныртæккæ. Къалати саразын хъæуы.

— Къалати? Уый дын æртæ боны куыст куы у! Уый ныртæккæ ныууадз æмæдæ уроктæ кæныныл сбад!

— Хорз, — æвæндонæй загъта Шишкин. — Къалати райсом конд фæуыдзынæн. Ныртæккæ ма мæнæ уызынтæн æрмæст дон æрбадавон, стæй уæд мæ уроктæ кæныныл сбаддзынæн.

Кружкæ райста æмæ уызынтæн донмæ араст. Уый фæстæ бæрæг кæнын байдыдта, иннæ цæрæгойты цур дон ис æви нæ. Уалынмæ рабæрæг, уызынтæй иу цыдæр кæй фæци, æмæ йæ Шишкин æппæт хæдзары къуымты агурын байдыдта. Мад та йæ сахаты æрдæджы фæстæ урокты тыххæй афæрсы:

— Ныртæккæ, — фæзæгъы Шишкин. — Мæнæ æрмæст уызыны ссарон. Уызын цыдæр фæци.

Æмæ æдзух дæр кæны афтæ. Куы иу, куы иннæ, куы аннæ. Мад йæ куыстмæ куы ацæуы, уæд Шишкинæн йæ хъуыдыйы дæр нæ вæййы йæ уроктæ ахуыр кæнын, фæлæ æнхъæлмæ кæсын байдайы хуыссын афонмæ æмæ æрмæст гъе уæд райдайы истытæ архайын. Кæй зæгъын æй хъæуы, алцыдæр-иу кодта тагъд-тагъд, куыдфæндыйæ, йæ уроктæй, куыд æмбæлы, афтæ бæстон ницы ахуыр кодта, фæлæ-иу уæддæр куыддæртæй райста тройкæтæ, хаттæй-хатт та суамг четвёркæтæ дæр. Уæвгæ-иу афтæ уыд стæм хатт. Уæлдай тынгдæр тарсти уырыссаг æвзагæй, фæлæ-иу æй, стæм хаттæй фæстæмæ, æдзух сусæг амынд ирвæзын кодта. Нæ къласы лæппутæ урочы кæрæдзийæн æппындæр сусæгæй нал амыдтой, уымæн æмæ дзы къулы газетмæ бахауын никæй фæндыд, фæлæ æз уæддæр Шишкинæн сусæгæй амыдтон хæлардзинады охыл алы хатт дæр. Фæлæ, раст куы зæгъæм, уæд ын уымæй ницы пайда уыдис. Кълас райсом диктаит кæнæ æндæр исты фысдзысты, зæгъгæ, уæд-иу Шишкин рагацау зыдта, двойкæ кæй райсдзæни, уый, æмæ-иу уыцы бонты скъоламæ æппындæр нæ цыдис. Æмæ дын иу хатт, Ольгæ Николаевнæ куы загъга, райсом диктант фысдзыстæм, зæгъгæ, уæд дыккаг бон Шишкин йæхи рынчын скодта æмæ йæ мадæн загъта, мæ сæр риссы, зæгъгæ. Йæ мад ын радта уыцы бон скъоламæ нæ ацæуыны бар æмæ йын загъта, куыстæй куыддæр æрбацæуон, афтæ дохтырмæ фæдзурдзынæн, зæгъгæ. Фæлæ мад сæхимæ куы ’рбаздæхти, уæд ын Шишкин загъта, мæ сæр нал риссы, зæгъгæ, æмæ дохтырмæ дзурын нал хъуыд. Мад скъоламæ ныффыста, Костя рынчын уыдис æмæ скъолайæ уый тыххæй фæцух, зæгъгæ, æмæ хъуыддаг хорз рауадис. Дыккаг хатт дæр та, къласы фысгæ куы хъуамæ кодтаиккам, уæд дæр та Шишкин сæфсон кодта, мæ сæр риссы, зæгъгæ. Мад та йын бар радта скъоламæ нæ ацæуынæн, фæлæ фæскуыст сæхимæ куы æрбаздæхт, уæд фæдис кодта, Костя та ацы хатт дæр тагъд кæй адзæбæх, ууыл. Фæлæ уæд ницыма бафиппайдта æмæ та ногæй скъоламæ ныффыста, Костя рынчын уыди, зæгъгæ. Æртыккаг хатт дæр та афтæ куы рауад, уæд мад бафиппайдта, Костя скъоламæ цæмæй ма цæуа, уый тыххæй йæ сайгæ кæны, уый. Костя фыццаг нæ састи, фæлæ йын йæ мад загъта, мæхæдæг скъоламæ ацæудзынæн æмæ цы хабар у, уый сбæрæг кæндзынæн, зæгъгæ. Костя бамбæрста, мад хъуыддаг уæддæр кæй базондзæни, уый, æмæ йæ митыл басасти.

Мад куы фехъуыста, Костя уыдæттæ иууылдæр ахуырæй йæхи фæливыны тыххæй кæй мысыди, уый, уæд тынг смæсты. Уый уыди, Шишкин сæ хæдзармæ Лобзичы куы æрбакодта, раст уыцы бон. Мад æдзух мæсты кодта Костямæ, хæдзармæ алы цæрæгойты кæй хæссы æмæ, йæ уроктæ кæныны бæсты, уыдонимæ кæй архайы, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ Костя Лобзичы рагацау бамбæхста къæбицы, мад æй æвиппайды куыд нæ федтаид, афтæ. Æмæ Костя йе ’взæр митыл куыддæр басасти æмæ мад смæсты, афтæ дын Лобзик къæбицæй рабырыди æмæ комкоммæ уатмæ бацыди.

— Уый та ма дын цы у? — Лобзичы куы ауыдта, уæд схъæр кодта мад.

— Уый ницы... Уый мæнæ афтæ, куыдз, — сдыбал-дыбул кодта Шишкин.

— Куыдз? — схъæр кодта мад. — Ныртæккæ йæ атæр! Æнæхъæн сырддон сарæзтай хæдзары! Алы сырдтимæ архайын йеддæмæ ницы кæныс, ахуыр кæнын дæ æппындæр нæ фæнды! Ныртæккæ уыцы сырдты сеппæты дæр ардыгæй ахæсс! Уырыты дæр, мыстыты дæр, уызынты дæр — сеппæты дæр ахæсс! Уыцы куыдзы дæр атæр, æгъгъæд мын у демæ утхар кæнын.

Гæнæн нал уыдис, Костя, йæ цæсты сыг калгæ, ацыдис йæ сырдтæ йæ зонгæ лæппутæн уарынмæ æмæ байуæрста сеппæты дæр, æрмæст ын йæ уызынтæй иуы ничи иста. Уæд уыцы уызынимæ мæнмæ æрбацыди æмæ мын радзырдта, сæ хæдзары цы рауадис, уый. Мæн нæ фæндыд уызыны райсын, уымæн æмæ нын цы мыстытæ балæвар кодта, уыдон тынг бирæ цот рауагътой, æмæ дзы цалдæр мысты къамоды æрцардысты, стæй ма уыцы уызын уыдис куыддæр уæнгмард, æвæццæгæн, рынчын уыди. Фæлæ Шишкин загъта, уызын æппындæр рынчын нæу, фæлæ, дам, бандзыг, уымæн æмæ, дам, уызынтæ зымæгон фынæй вæййынц æмæ, дам, уæдæ ацы уызын дæр, фынæй баци. Æмæ уæд сразы дæн уызын райсыныл, Шишкин та ма мын загъта, уалдзæджы уызын куы райхъал уа, уæд æй фæстæмæ нæхимæ ахæсдзынæн, зæгъгæ. Æрмæст Лобзичы искæмæн раттын Костяйы нæ фæндыд æмæ сфæнд кодта куыдзы йæ мады сусæгæй цары бамбæхсын. Цары йын пецы фæздæгдзоныл лыстæн бакодта, Лобзик лидзгæ цæмæй нæ акодтаид, уый тыххæй та йæ стъарапилмæ бæндæнæй бабаста. Цары уыдис уазал, фæлæ фæздæгдзоны уыди хъарм, æмæ Лобзикæн тынг уазал нæ уыди, уæвгæ, раст куы зæгъæм, уæд хаттæй-хатт тынг тыхсти уыцы-иу рæстæг уазалæй дæр æмæ тæвдæй дæр. Тынг хъызт заманы-иу фæздæгдзон æдзух цæмæдæр гæсгæ тынг тæвд уыдис, æмæ-иу Лобзик иуырдыгæй уазал кодта, иннæрдыгæй та-иу, тæвд къæйыл цыма уыди, уыйау сыгъди. Костя тынг мæт кодта, Лобзикæн йæ хъустæ куы басиой, кæнæ йæ рæуджытæ куы фæсахъат уой, зæгъгæ. Лобзикæн сусæгæй цармæ хæринаг хаста æмæ йæхæдæг дæр йæ уæгъд рæстæг цары æрвыста, Лобзик æнкъард цæмæй нæ кодтаид, уый тыххæй. Йæ мад-иу сæхимæ куы нæ уыди, уæд-иу Лобзичы хæдзармæ æркодта æмæ-иу йемæ хъазыди, мадæн-иу куыстæй йæ æрбацæуын афон куы уыди, уæд та-иу æй фæстæмæ цармæ скодта. Райдианы хорз цыди хъуыддаг, фæлæ йæ иу хатт ферох и Лобзичы афоныл хæдзарæй акæнын, æви, чи зоны, мад иннæ афонтæй раздæр æрбацыди йæ куыстæй, бæлвырд нæ зонын, фæлæ, мæнæ куыд фæзæгъынц, афтæ, Шишкин бахаудта йæ фыдгæнды уæлхъус. Мад Лобзичы ауыдта.

— Уыцы куыдз та ам ис? — схъæр кодта мад. — Дæ уроктæ ахуыр кæнынæн дын, уæдæ, рæстæг уымæн нæй! Æз дын афтæ куы загътон, атæр æй, зæгъгæ, ды та йæ фæстæмæ æрбакодтай!

Шишкин уæд басасти, йæ мады коммæ кæй мæ бакаст æмæ Лобзик уыцы рæстæджы дæргъы цары кæй царди, ууыл, уым æм зылди æмæ йын хæринаг лæвæрдта, уымæн æмæ йæ бирæ уарзы, æддæмæ уазалмæ атæрын дæр æй йæ бон нæу, уымæн æмæ Лобзик зыбыты иунæг, æнæхæдзар куыдз у.

— Дæ уроктæ хуыздæр кæнын куы райдаис, уæд дын Лобзичы нæхимæ ныууадзыны бар раттин. Фæлæ коммæ куы нæ кæсыс! — загъта йын йæ мад.

— Æмæ куыд кæнон мæ уроктæ? — дзуапп радта Шишкин. — Мæ уроктæ кæныныл куы сбадын, уæд хъуыды фæкæнын, цымæ Лобзик цары цы ми кæны, зæгъгæ. Æвæццæгæн иунæгæй æнкъард кæны. Афтæмæй уроктæ мæ сæрмæ нæ фæцæуынц.

Уæд ын мад æртæригъæд кодта æмæ йын загъта:

— Кæд мын дзырд дæттыс, боныгон, скъолайæ æрцæугæйæ, дæ уроктæ иууылдæр биномыг кæй ахуыр кæндзынæ, ууыл, уæд дын уыцы куыдзы ам ныууадзыны бар ратдзынæн.

Костя дзырд радта.

— Фендзыстæм, дæ дзырд куыд сæххæст кæндзынæ, уый, — загъта йын йæ мад. — Æз дæ амæй фæстæмæ алы бон дæр фæскуыст бæрæг кæндзынæн.

Уыцы хабæрттæ мын иууылдæр фæдзырдта Костя, дыккаг бон скъолайæ куы æрбацæйцыдыстæм, уæд.

— Цом махмæ, фендзынæ, Лобзичы куыд ахуыр кæндзынæн, уый, — загъта Костя. — Фендзынæ, куыд зондджын куыдз у, уый. Ныридæгæн лæдзæгыл йæ дæндæгтæй хæцын зоны.

— Мæнмæ гæсгæ, дæндæгтæй лæдзæгыл хæцынæн стыр зонд нæ хъæуы, — дзуапп ын радтон æз.

— Уый кæмæн куыд, уымæ гæсгæ, — загъта Шишкин. — Кæй зæгъын æй хъæуы, ды дæ дæндæгтæй лæдзæгыл цæмæй хæцай, уый тыххæй дæ зонд ницæмæн хъæуы, фæлæ Лобзичы хъæуы.

Бацыдыстæм уыдонмæ. Шишкин буфетæй сæкæрдон райста æмæ Лобзикмæ фæсидт. Лобзик сæкæрдон ауыдта, æрбазгъордта æмæ йæ къæдзил хъæлдзæг ратил-батил кодта. Бæрæг уыдис, сæкæрыл хорз ахуыр кæй у, уый. Костя йын йæ фындзы бынмæ лæдзæг бадардта æмæ йын загъта:

— Мæнæ лæдзæгыл хæц æмæ дын сæкæр ратдзынæн.

Лобзик лæдзæгæй иуварс аздæхт æмæ сæкæрдонмæ зулмæ бакаст.

— Ды сæкæрдонмæ ма кæс, лæдзæгыл хæц дын куы зæгъын! — схъæр ыл кодта Костя.

Лобзик уæддæр нæ иста лæдзæг. Уæд Костя бавдæлд, æмæ йын йæ дзых тыхæй бахæлиу кодта æмæ йын дзы лæдзæг батъыста, фæлæ йæ къухтæ куыддæр феуæгъд кодта, афтæ Лобзик йæ дæндæгтæ фегом кодта æмæ лæдзæг пъолмæ æрхауд.

— Цæй гъе, знон æй цæуыл ахуыр кодтон, уый дзы ныр ферохи, — схъуыр-хъуыр кодта Костя. — Ногæй йæ ахуыр кæнын райдайын хъæуы.

Лобзикæн лæдзæг йæ дзыхы батъыста, мæн та Лобзичы фындзыл ныххæцын кодта, йæ дзых цæмæй нæ фæхæлиу кодтаид, уый тыххæй.

Афтæмæй Лобзик иу цасдæр рæстæг лæдзæг йæ дзыхы адардта, æмæ йын уый тыххæй мах сæкæры къæртт радтам. Афтæ цалдæр хатты бакодтам. Лобзик куыдфæстæмæ бамбæрста, йæ дæндæгтæй лæдзæгыл куы хæца, уæд ын уый фæстæ сæкæр кæй ратдзысты, уый, æмæ лæдзæг йæ дæндæгты æхсæн дарын райдыдта йæхæдæг, æнæ искæй æххуысæй. Æцæг-иу хъавыдис лæдзæг тагъддæр æрæппарынмæ æмæ сæкæр райсынмæ, фæлæ-иу ын уæд Костя сæкæр нæ лæвæрдта æмæ-иу æй лæдзæгыл ногæй ныххæцын кодта.

Уыцы бон нæхимæ æрæгмæ æрбацыдтæн æмæ федтон, мæ боны фæтк æппæтæй дæр кæй фехæлдтон, уый. Æз сфæнд кодтон, сæрды, каникулты рæстæджы, æз дæр куыдз самал кæндзынæн æмæ йæ ахуыр кæндзынæн, зæгъгæ, мыртæккæ та, цалынмæ ахуыр кæнæм, уæдмæ, уымæн гæнæн нæй, уымæн æмæ куыдз ахуыр кæнынæн тынг бирæ рæстæг хъæуы. Кæдæй-уæдæй арифметикæ куыд æмбæлы, афтæ ахуыр кæнын райдыдтон æмæ та двойкæтæ исын куы райдайон, уæд хорз нæу. Фыццаджыдæр, адæймаг хъуамæ йæхи ахуыр кæныныл куса, уый фæстæ та куыйты ахуыр кæнæн дæр ис.

Шишкин та йæ уæгъд рæстæджы иудадзыг Лобзикимæ архайдта æмæ йæ сахуыр кодта, канд йæ дæндæгтæй лæдзæгыл хæцыныл нæ, фæлæ ма лæдзæг йæ фæдыл хæссыныл дæр. Раст зæгъын хъæуы, Лобзик уыдæттæ лæвар нæ кодта, сæкæрыл сæ кодта, фæлæ уæддæр тынг зæрдиагæй архайдта. Иу чысыл сæкæры къæртты тыххæй-иу лæдзæг кæнæ суанг суджы лыггаг дæр ахастаид ардыгæй цæхгæрмæ уынджы онг. Шишкин афтæ дзырдта, æз, дам, Лобзичы канд ууыл нæ, фæлæ йæ бирæ æндæр цæуылдæртыл дæр сахуыр кæндзынæн, фæлæ йæ æндæр ницæуыл ма сахуыр кодта, уымæн æмæ дзы схъыг, стæй æнæуый дæр иу хъуыддагыл бирæ кусын нæ уарзта, иу хъуыддаг-иу фæуагъта æмæ-иу иннæ райдыдта, афтæмæй дзы иу дæр кæронмæ нæ хæццæ кодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.