Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фарæстæм сæр



Фарæстæм сæр

Нæхимæ æрбацыдтæн æмæ уайтагъд сбадтæн мæ уроктыл. Уый бæрц ныфс мæм æрцыди, æмæ мæхæдæг дæр дис фæкодтон. Ольгæ Николаевнæ нæ куыд ахуыр кодта, афтæ сфæнд кодтон раздæр зындæр уроктæ скæнын, стæй та æнцондæртæм бавналын. Уыцы бон нын лæвæрд уыд арифметикæйæ хынцинаг. Æвæстиатæй рафæлдæхтон хынцинæгты чиныг æмæ райдыдтон кæсын хынцинаг:

«Магазины уыди 8 хырхы, фæрæттæ та æртæ хатты фылдæр. Пълотникты бригæдтæй дзы иуæн 84 сомыл ауæй кодтой фæрæтты æмбис æмæ 3 хырхы. Фæрæттæй æмæ ма хырхытæй чи баззад, уыдон 100 сомыл ауæй кодтой пълотникты дыккаг бригадæн. Цæй аргъ у иу фæрæт, стæй иу хырх?»

Фыццаг кастæн дзы æппындæр ницы бамбæрстон æмæ йæ райдыдтон кæсын дыккаг хатт, стæй æртыккаг... Куыдфæстæмæ бамбæрстон, хынцинæгтæ чи фæаразы, уый сæ барæй кæй ныссуйтæ кæны, цæмæй сæ ахуыргæнинæгтæн ма уа уайтагъд сæ бон скæнын. Хынцинаг зæгъы: «Магазины уыдис 8 хырхы, фæрæттæ та дзы уыдис æртæ хатты фылдæр». Гъемæ йæ æнæ ракæ-бакæйæ ныффыстаиккой, фæрæттæ дзы уыд 24, зæгъгæ. Кæд дзы хырхытæ 8 уыд, фæрæттæ та æртæ хатты фылдæр, уæд æй алчи дæр æмбары, фæрæттæ дзы 24 кæй уыди, уын. Ракæ-бакæтæ ма цæмæн хъæуы! Стæй ма: «Пълотникты фыццаг бригадæн 84 сомыл ауæн кодтой фæрæтты æмбис æмæ 3 хырхы». Æргомæй йæ загътаиккой: «Ауæй кодтой 12 фæрæты». Цыма бæлвырд нæу: кæд фæрæттæ 24 уыдысты, уæд се ’мбис та 12 у! Гъемæ уыдон сеппæты ауæй кодтой 84 сомыл. Дарддæр та хынцинаджы фыст ис, хырхытæй æмæ фæрæттæй ма чи баззад, уыдон ауæй кодтой пълотникты дыккаг бригадæн 100 сомыл, зæгъгæ. Цы ма сæ баззад та цы хонынц? Цыма йын адæймаджы загъдæй зæгъæн нæй? Кæд дзы æдæппæт 24 фæрæты уыд æмæ дзы 12 ауæй кодтой, уæд ма дзы баззад 12. Хырхытæ та дзы уыд æдæппæт 8; 3 дзы иу бригадæн ауæй кодта, иннæ бригадæн та 5. Гъе афтæ йæ ныффыстаиккой, кæннод æй уыдон ныссуйтæ кæнынц, стæй уæд, æвæццæгæн, фæзæгъынц, сывæллæттæ ницы æмбарынц, хынцинæгтæ кæнын нæ зонынц, зæгъгæ!

Цæмæй æнцондæр æмбарæн уыдаид, уый тыххæй æз хынцинаг рафыстон мæхи рдыгонау æмæ мын рауад мæнæ афтæ:

«Магазины уыди 8 хырхы æмæ 24 фæрæты. Пълотникты иу бригадæн 84 сомыл ауæй кодтой 12 фæрæты æмæ 3 хырхы. Пълотникты иннæ бригадæн та 12 фæрæты æмæ 5 хырхы 100 сомыл. Цæй аргъ у иу хырх, стæй иу фæрæт?».

Хынцинаг куы рафыстон, уæд та йæ ногæй бакастæн æмæ бамбæрстон, чысыл кæй фæцыбырдæр ис, уый, фæлæ уæддæр хынцинаг куыд скæнын хъуыд, уый мæ сæр нæ ахста, уымæн æмæ цифрæтæ мæ сæры æмхæццæ кодтой æмæ мæ хъуыды кæнын нæ уагътой. Æз сфæнд кодтон хынцинаг искуыд фæцыбырдæр кæнын, къаддæр цифрæтæ дзы куыд уыдаид, афтæ. Хырхытæ æмæ фæрæттæ магазины цал уыди, уый уæлдай нæу, кæд сеппæты дæр ауæй кодтой, уæд. Æз хынцинаг фæцыбырдæр кодтон æмæ рауад афтæ:

«Иу бригадæн ауæй кодтой 12 фæрæты æмæ 3 хырхы 84 сомыл. Дыккагæн та ауæй кодтой 12 фæрæты æмæ 5 хырхы 100 сомыл. Цæй аргъ у иу фæрæт, стæй иу хырх?»

Хынцинаг фæцыбырдæр и æмæ æз хъуыды кæнын байдыдтон, куыд ма йæ фæцыбырдæр кæнæн ис, ууыл. Уыцы хырхытæ æмæ фæрæттæ кæмæн ауæй кодтой, уый уæлдай нæу. Мах хъæуы, цасыл сæ ауæй кодтой, уый. Æз хъуыды кодтон, ахъуыды кодтон æмæ хынцинаг рауад ахæм:

«12 фæрæты æмæ 3 хырхы сты 84 сомы аргъ.

12 фæрæты æмæ 5 хырхы сты 100 сомы аргъ.

Цæй аргъ сты иу фæрæт стæй иу хырх?»

Дарддæр ын нал уыд цыбырдæр кæнæн æмæ уæд хъуыды кæнын байдыдтон, хынцинаг куыд скæнын хъæуы, ууыл. Раздæр афтæ ахъуыды кодтон, кæд 12 фæрæты æмæ 3 хырхы сты 84 сомы аргъ, уæд фæрæттæ æмæ хырхытæ кæрæдзимæ бафтауын хъæуы æмæ цы рауайа, ууыл 84 байуарын хъæуы, зæгъгæ. 12 фæрæты æмæ 3 хырхы бафтыдтон кæрæдзимæ æмæ сæ рауад 15. Стæй уæд 84 уæрстон фынддæсыл, фæлæ байуарын нæ рауад, уымæн æмæ дзы баззайæггаг баззади. Æз бамбæрстон, цавæрдæр рæдыд кæй рауад, уый, æмæ агурын байдыдтон æндæр мадзал. Æндæр мадзал разынд ахæм: 12 фæрæты æмæ 5 хырхы бафтыдтон кæрæдзимæ æмæ рауад 17, æмæ уæд 100 уарын байдыдтон æвддæсыл, фæлæ та мын афтæмæй дæр рауад баззайæггаг. Уæд æппæт 24 фæрæты кæрæдзимæ бафтыдтон, стæй сæм 8 хырхы дæр бафтыдтон, сомтæ дæр кæрæдзимæ бафтыдтон, æмæ сомтæ фæрæттыл æмæ хырхытыл иумæ уарын байдыдтон, фæлæ та уæрстæй ницы рауад. Уæд æз хырхыты фæрæттæй рахицæн кодтон, цы рауад, ууыл æхца уæрстон, фæлæ мын уæддæр нæ рауад. Стæй ма ноджыдæр бафæлвæрдтон хырхытæ æмæ фæрæттæ хицæнтæй кæрæдзимæ бафтауын, æмæ æхцайæ фæрæттæ аппарын, цы дзы баззад, уый та хырхытыл уарын. Цы нæ фæкодтон, цы нæ, фæлæ мын ничердæм уади. Уæд æз хынцинаг райстон æмæ Ваня Пахомовмæ ацыдтæн.

— Хъус-ма, — зæгъын, — Ваня, 12 фæрæты æмæ æртæ хырхы иумæ сты 84 сомы аргъ, 12 фæрæты æмæ 5 хырхы та сты 100 сомы аргъ. Цæй аргъ у иу фæрæт, стæй иу хырх? Дæумæ гæсгæ куыд кæнгæ у ацы хынцинаг?

— Æмæ ды куыд зæгъыс? — фæрсы мæ уый.

— Мæнмæ гæсгæ, 12 фæрæтмæ 3 хырхы бафтауын æмæ 84 фынддæсыл байуарын хъæуы.

— Фæлæуу-ма! Хырхытæ æмæ фæрæттæ кæрæдзимæ цæмæн æфтауыс?

— Базондзынæн, æдæппæт цал уыдысты, уый, стæй 84 байуардзынæн, цал уыдысты, ууыл æмæ базондзынæн, иу цæй аргъ уыд, уый.

— Цавæр «иу»? И ’у хырх æви иу фæрæт?

— Кæнæ, — зæгъын, — хырх кæнæ фæрæт.

— Уæд дын афтæ рауайдзæн, цыма хырхæн æмæ фæрæтæн сæ аргъ у æмхуызон.

— Æмæ сын æмхуызон аргъ нæй?

— Нæй, кæй зæгъын æй хъæуы. Хынцинаджы афтæ загъд куы нæй, æмхуызон аргъ сын ис, зæгъгæ. Уый нæ, фæлæ хынцинаг фæрсы бынтон æндæр хуызы, хырх цæй аргъ у, стæй фæрæт цæй аргъ у хицæнтæй. Уымæ гæсгæ нæ бон нæу уыдон кæрæдзимæ ’фтауын.

— Æмæ сæ, — зæгъын, — кæрæдзимæ фæнды æфтау, фæнды ма, уæддæр дзы ницы уайы!

— Гъе уымæн дын дзы ницы уайы.

— Омæ уæдæ куыд кæнын хъæуы? — фæрсын æй æз.

— Ахъуыды кæн.

— Æмæ дыууæ сахаты куы фæхъуыды кодтон!

— Æркæс-ма хынцинагмæ дзæбæх, — загъта Ваня. — Цы дзы уыныс!

— Уынын дзы, — зæгъын, — 12 фæрæты æмæ 3 хырхы кæй сты 84 сомы аргъ, 12 фæрæты æмæ 5 хырхы та 100 сомы аргъ.

— Æмæ фыццаг хатт дæр æмæ дыккаг хатт дæр фæрæттæ æмбæрц кæй балхæдтой, хырхытæ та дыууæ фылдæр, уый уыныс?

— Уынын, — загътон æз.

— Дыккаг хатт 16 сомы фылдæр кæй бафыстой, уый дæр уыныс?

— Уый дæр уынын. Фыццаг хатт бафыстой 84 сомы, дыккаг хатт та 100 сомы. 100-æй 84 куы раппарай, уæд уыдзæн 16.

— Æмæ дæумæ гæсгæ дыккаг хатт 16 сомы фылдæр цæмæн бафыстой?

— Уый алкæмæн дæр бæлвырд у, — дзуапп радтон æз.

— 2 хырхы уæлдай балхæдтой æмæ сæ бахъуыд 16 сомы уæлдай бафидын.

— Уæдæ 16 сомы 2 хырхыл бафыстой?

— О, — зæгъын, — дыууæ хырхыл.

— Уæд иу хырх та цæй аргъ у?

— Кæд 2 хырхы 16 сомы аргъ сты, уæд иу хырх та у 8 сомы аргъ.

— Æмæ гъе ныр ды базыдтай, иу хырх цæй аргъ у, уый.

— Гъе уый дын, — зæгъын, — гъе! Бынтон æнцон хынцинаг куы у! Мæхи сæр æй куыннæ ’рцахста?!

— Фæлæуу, дæу ма базонын хъæуы, иу фæрæт цæй аргъ у, уый.

— Уый та, — зæгъын, — бынтон æнцон куы у. — 12 фæрæты æмæ 3 хырхы сты 84 сомы аргъ. 3 хырхы сты 24 сомы аргъ. 84-æй 24 куы раппарæм, уæд рауайдзæн 60. Уæдæ 12 фæрæты сты 60 сомы аргъ, иу фæрæт та — 60 байуар 12-ыл, уыдзæн 5 сомы.

Æз ацыдтæн нæхимæ æмæ мæм тынг хардзау каст, уыцы хынцимаг мæхæдæг кæй не скодтон, уый. Фæлæ сфæнд кодтон, иннæ хатт хынцинаг æнæмæнг мæхæдæг скæндзынæн, зæгъгæ. Фондз сахаты дæр фæбаддзынæн, уæддæр æй скæндзынæн.

Дыккаг бон нын арифметикæйæ ницы радтой, æмæ цин кодтон, уымæн æмæ хынцинаг кæнын афтæ тынг æхсызгон хъуыддаг нæу.

«Ницы кæны, — хъуыды кæнын мæхинымæр, — арифметикæйæ иу бон фервæзын дæр мæнæ нæй».

Фæлæ куыд æнхъæл уыдтæн, хъуыддæгтæ афтæ нæ рауадысты. Куыддæр уроктыл æрбадтæн, афтæ мæм Ликæ дзуры:

— Витя, абон нын хынцинаг радтой æмæ йæ мæ бон скæнын нæу. Баххуыс мын кæ.

Куыддæр хынцинагмæ æркастæн, афтæ ахъуыды кодтон:

«Бæллæх уыдзæн, йе скæнын мæ бон куы нæ бауа, уæд! Ликæйы цæсты фегад уыдзынæн».

Æмæ йын афтæ зæгъын:

— Ныртæккæ мæ æппындæр не ’вдæлы. Мæхицæн бирæ уроктæ ис. Ауай æмæ уал иу-дыууæ сахаты атезгъо кæн, стæй куы рбацæуай, уæд дын баххуыс кæндзынæн.

Æмæ хъуыды кæнын:

«Цалынмæ уый тезгъо кæна, уæдмæ хынцинагыл ахъуыды кæндзынæн, стæй йын æй бамбарын кæндзынæн».

— Цæй, æз уал ме ’мбалмæ цæуын, — загъта Ликæ.

— Ацу, — зæгъын, — ацу, æрмæст-иу æгæр тагъд ма фездæх. Дæ бон у дыууæ кæнæ æртæ сахаты атезгъо кæнын. Иу цыбыр дзырдæй дæ цас фæнды, уый бæрц тезгъо кæн.

Ликæ ацыди, æз та хынцинæгты чиныг райстон æмæ хынцинаг кæсын:

«Лæппу æмæ чызг хъæды тыдтой æхсæртæ.

Уыдон æдæппæт æртыдтой 120 æхсæры. Чызг æртыдта лæппуйæ дыууæ хатты къаддæр. Цал æхсæры уыди лæппумæ, стæй чызгмæ?»

Хынцинаг бакастæн æмæ мæ худæг нал урæдтон. «Гъе уый дын хынцинаг, гъе! — хъуыды кæнын мæхи нымæр. — Ам зынæй цы ис? Бæлвырд у, 120 адих кæнын хъæуы дыууæйыл, рауайдзæн дзы 60. Уæдæ чызг æртыдта 60 æхсæры. Ныр базонын хъæуы, лæппу та цал æхсæры æртыдга, уый: 120-æй раппар 60, уый дæр æртыдта 60. Æрмæст уый куыд хъуамæ афтæ уа? Уæд афтæ цæуы, цыма сæ дыууæ дæр æмхуызон æртыдтой. Хынцинаг та зæгъы, чызг лæппуйæ дыууæ хатты къаддæр æртыдта, зæгъгæ. Æгъæ! — хъуыды кæнын мæхп нымæр. — Уæдæ 60 адих кæнын хъæуы дыууæйыл, рауайдзæн 30. Уæд лæппу æртыдта 60 æхсæры, чызг та 30». Дзуапмæ æркастæн æмæ дзы фыст уыди: лæппу æртыдта 80, чызг та 40. Фæлæуут-ма, зæгъын! Уый та куыд? Мæнмæ 30 æмæ 60 уайы, ам та 40 æмæ 80. Бæрæг кæнын райдыдтон — æдæппæт æртыдтой 120 æхсæры. Кæд лæппу 60 æхсæры æртыдта, чызг та 30, уæд уыдон иумæ цæуынц æдæппæт 90. Уæдæ афтæ раст нæу! Ногæн та кæнын байдыдтон хынцинаг. Æмæ та мын 30 æмæ 60 рауади! Уæдæ дзуаппы 40 æмæ 80 куыд рауадысты? Ай, зæгъын, диссаджы хъуыддаг нæу!

Гъе мæ уæд ныхъуыды кодтон. Хынцинаг иу дæс хатты бакастæн фæд-фæдыл æмæ мæ бон ссарын нæ уыд, йæ бæллæх кæм ис, уый.

«Уый дын, — зæгъын, — гъе, æртыккагкъласонтæн дæттынц, цыппæрæмкъласонтæн дæр сæ бон кæнын кæй нæу, ахæм хынцинæгтæ! Афтæмæй куыд ахуыр кæнынц, мæгуырæг?»

Хъуыды кæнын байдыдтон ацы хынцинагыл.

Худинаг мæм каст йæ не скæнын. Ликæ хæрзаг зæгъдзæн, цыппæрæм къласы бады æмæ æртыккаг къласы хынцинаг скæнын йæ бон нæ баци! Тынгдæр хъуыды кæнын райдыдтон. Ницы мын дзы уайы. Раст мæ сæр разылди. Бадын æмæ нæ зонын, цы кæнон, уый. Хынцинаджы загъд ис, æхсæртæ æдæппæт кæй уыдысты 120, гъемæ сæ байуарын хъæуы афтæ, цæмæй иумæ уа иннæмæй дыууæ хатты фылдæр. Æндæр исты цифрæтæ куы уаид, уæд исты æрхъуыды кæнæн уыд, фæлæ 120 цасфæнды уардыууæйыл, 120-æй цасфæнды æппар 2, 120-ы цасфæнды ахатт кæн 2-ыл, уæддæр дзы 40 æмæ 80 нæ рауайдзæн.

Фыркатайæ тетрады скодтон æхсæр бæласы ныв, йæ бынмæ та чызг æмæ лæппу сныв кодтон, бæласыл та 120 æхсæры. Æз уыцы æхсæртæ ныв кодтон æмæ кодтон, мæхæдæг та хъуыдыты бацыдтæн. Æрмæст мæ хъуыдытæ кæдæм æмбæлди, уырдæм нæ цыдысты. Раздæр хъуыды кодтон, лæппу дыууæ хатты фылдæр цæмæн æртыдта, зæгъгæ, ууыл, стæй бамбæрстон, æвæццæгæн лæппу бæласмæ схызт, чызг та бынæй тыдта, æмæ уымæн къаддæр æртыдта. Стæй уæд æз æхсæртæ тонын байдыдтон, ома сæ резинкæйæ халын байдыдтон æмæ сæ лæвæрдтон лæппуйæн æмæ чызгæн, ома сын сæ сæрмæ кодтон æхсæрты нывтæ. Стæй уæд хъуыды кæнын байдыдтон, уыдон æхсæртæ дзыппыты кæй æвæрдтой, уый. Лæппуйыл уыд къурткæ æмæ йыл дыууæрдыгæй скодтон дыууæ дзыппы, чызгыл та уыд раздарæн. Æз ын йæ раздарæныл скодтон иу дзыпп. Уæд æз хъуыды кæнын байдыдтон, чи зоны, зæгъын, чызг æхсæртæ къаддæр æртыдта уымæн, æмæ йын уыдис æрмæст иу дзыпп. Æмæ бадын æмæ сæм кæсын: лæппуйæн дыууæ дзыппы, чызгæн иу дзыпп, æмæ мæ сæры цавæрдæр хъуыдытæ æвзæрын байдыдтой. Æз сын сæ сæрмæ æхсæртæ резинæйæ фехæлдтон æмæ сын сæ дзыппытæ сныв кодтон, цыма æхсæртæй седзаг сты, уый хуызæн. 120 æхсæры дæр ныр уыдысты сæ æртæ дзыппы: лæппуйы дыууæ дзыппы æмæ чызджы иу дзыппы, æдæппæтæй та, зæгъын, æртæ дзыппы. Стæй мæ сæры æвиппайды, арвы æрттывдау, февзæрди хъуыды: «120 æхсæры адих кæнын хъæуы æртæ хайыл! Чызг йæхицæн райсдзæн иу хай, дыууæ хайы та лæппуйæн баззайдзысты, æмæ йæм уыдзæн дыууæ хатты фылдæр!» Æз 120 тагъд адих кодтон 3-ыл, æмæ рауади 40. Уæдæ дзы иу хай у 40! Чызгмæ уыд 40 æхсæры, лæппумæ та уыд дыууæ хайы. Æмæ 40 ахатт кæнæм 2-ыл æмæ уыдзæн 80! Раст куыддæриддæр дзуаппы у, афтæ. Æз фырцинæй зæххыл дæр нал хæцыдтæн æмæ уайтагъд азгъордтон Ваня Пахомовмæ, мæхæдæг хынцинаг скæнын куыд базыдтон, уый йын радзурыны тыххæй.

Уынгмæ куы рауадтæн, уæд кæсын æмæ Шишкин æрбацæуы.

— Хъус-ма, — зæгъын, — Костя, лæппу æмæ чызг хъæды тыдтой æхсæртæ, æртыдтой 120 æхсæры, лæппу дзы йæхицæн райста дыууæ хатты фылдæр. Цы бакæнын хъæуы дæумæ гæсгæ?

— Йæ бæрзæй, дам, ын ныххойын хъæуы, цæмæй чызджыты зæрдæхудты ма цæуа!

— Æз дæ уымæй нæ фæрсын! Куыд сын сæ байуарын хъæуы, цæмæн лæппумæ уа дыууæ хатты фылдæр?

— Уадз æмæ сæ байуарæнт, сæхи куыддæриддæр фæнды, афтæ. Цы мæ баййардтай! Æмхуызон сæ байуарæнт.

— Æмхуызон уарæн сын нæй. Уый хынцинаг у ахæм.

— Цавæр хынцинаг?

— Хынцинаг арифметикæйæ.

— Уый дын гъе! — загъта Шишкин. — Мæнæн мæ денджызон свинкæ ныххæдмæл, нырма йæ æндæрæбон балхæдтон, ды та мæ хынцинæгтæй баййардтай!

— Бахатыр, — зæгъын, — кæ, ахæм зианджын дæ, уый нæ зыдтон.

Æмæ азгъордтон дарддæр.

Бауадтæн Ванямæ.

— Хъус-ма, — зæгъын, — мæнæ цы хинæйдзаг хынцинаг ис: чызг æмæ лæппу æртыдтой 120 æхсæры. Лæппу дзы йæхицæн айста дыууæ хатты фылдæр. Адих сæ хъæуы æртæ хайыл. Раст æй базыдтон?

— Раст, — загъта Ваня. — Иу хай дзы чызг айсдзæн, дыууæ хайы та лæппу, æмæ йæм уыдзæн дыууæ хатты фылдæр.

— Уый, — зæгъын, — мæхæдæг базыдтон. Зоныс, скъæлæсытæ йæ кодтой, æнхъæл уыдысты, ничи йæ базондзæн, фæлæ йæ уæддæр æз базыдтон.

— Хорз сарæхстæ, сæрæн дæ!

— Ныр хынцинæгтæ кæддæриддæр мæхæдæг кæндзынæн, — загътон æз.

— Бацархай. Хынцинаг дæхæдæг куы кæнай, уæд хуыздæр у, — загъта Ваня.

Æз фæстæмæ нæхимæ азгъордтон. Уалынмæ мыл сæмбæлд Юрæ Касаткин.

— Хъус-ма, — зæгъын, — Юрæ, иу лæппу æмæ иу чызг хъæды тыдтой æхсæртæ...

— Адде у де ’хсæртимæ! Фæлтау мазæгъ, уынгты лекка кæныны бæсты ахуыр цæуылнæ кæныс?

— Бауырнæд дæ, ахуыр кæнын!

— Ныууадз дæ ныхæстæ! Æнæхъæн къласыл дæр фæстæмæ хæцыс! Ды æмæ дæ Шишкин.

— Бауырнæд дæ, ахуыр кæнын, Шишкинæн та йæ денджызон свинкæ ныххæдмæл. Ды та кæдæм цæуыс?

— Æз дæумæ цыдтæн, фенон, зæгъын, куыд ахуыр кæныс, уый, ды та уæ хæдзары нæ дæ, æмæ мæнæ уынын, дæ уроктæ куыд кæныс, уый.

— Бауырнæд дæ, æцæг дын зæгъын, хынцинаг кодтон, æмæ мын рауади, æмæ æрмæст иу минут ауадтæн Ванямæ, радзурон ын æй, зæгъын. Цом нæхимæ æмæ фендзынæ.

Мах нæхимæ бацыдыстæм æмæ йын æз æвдисын байдыдтон лæппу æмæ чызджы тыххæй хынцинаг.

— Æмæ уый æртыккаг къласы хынцинаг куы у! — загъта Юрæ.

— Уый, — зæгъын, — æз фароны хынцинæгтæ барæй фæлварын. Фарон арифметикæйæ хорз нæ ахуыр кодтон æмæ йæ ацы аз баххæст кæнынмæ хъавын.

— Уый хорз æрхъуыды кодтай. Раздæр цы ахуыр кодтам, уый куы зонай, уæд дын дарддæр æнцондæр уыдзæн ахуыр кæнын.

Юрæ ацыд. Уалынмæ Ликæ æрбаздæхт, æз ын уайтагъд хынцинаг амонын байдыдтон. Сныв ын кодтон бæлас æд æхсæртæ, лæппу дыууæ дзыппимæ, чызг та иу дзыппимæ.

— Куыд хорз, дам, амоныс! — загъта Ликæ. — Æз æй мæхæдæг ницы амалæй базыдтаин.

— Ай хæрзæнцон хынцинаг у. Куы дæ хъæуа, уæд-иу мын зæгъ, æмæ дын-иу цæсты фæныкъуылдмæ алцыдæр бацамондзынæн.

Афтæмæй æнæнхъæлæджы бынтон æндæрхуызон адæймаг фестадтæн. Раздæр мæнæн мæхицæн æххуыс кодтой, ныр та мæхæдæг иннæты ахуыр кæнын. Æмæ стырдæр хъуыддаг та уын у, æмæ мын арифметикæйæ двойкæ уыд!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.