Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;стæм сæр



Æстæм сæр

Æмæ мæнæ æрхæццæ, неппæт дæр рагæн афтæ тынг кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы бон, — æвдæм ноябрь, Стыр Октябры революцийы бæрæгбон. Æз райхъал дæн тынг раджы æмæ уайтагъд базгъордтон рудзынджы размæ. Хур нæма скасти, фæлæ уыд тынг рухс; Арв уыд сыгъдæг æмæ цъæх-цъæхид дардта. Æппæт хæдзæрттыл дæр уыд сырх тырысатæ æмæ Ленины æмæ Сталины портреттæ. Раст цыма уалдзæг ногæй ралæууыд, афтæ ныррухс и мæ зæрдæ. Ацы бæрæгбоны зæрдæ афтæ рухс у, афтæ æхсызгон у, æмæ диссаг! Зæрдыл æрлæууынц, тæккæ хуыздæрæй æмæ æхсызгондæрæй цыдæриддæр ис, уыдон. Адæймаг бæллы цавæрдæр диссагмæ æмæ йæ фæнды тагъддæр сырæзын, тынг тыхджын æмæ ныфсхаст суæвын, алыхуызон сгуыхтдзинæдтæ æмæ хъæбатырдзинæдтæ æвдисын: æдзæрæг тайгайы цæуын, адæймаг кæдæм нæ хæццæ кæны, уыцы хæхтæм бырын, хæдтæхæгыл цъæх арвыл тæхын, зæххы хуылфмæ ныххизын, æфсæйнаг æмæ æвзалы къахын, къанæуттæ аразын, хус тыгъд быдыртæ донæй æфсадын, хъæд садзын кæнæ заводы раззагдæр кусæг уæвын, исты диссаджы хорз ног машинæтæ аразын, цæмæй мæ мад æмæ мæ фыд мæнæй уой сæрыстыр, цæмæй мæ Ольгæ Николаевнæ дæр уа сæрыстыр, цæмæй мæ раппæла нæ тæккæ уарзондæр хæлар æмæ ахуыргæнæг цытджын Сталин.

Гъе уыдæттæм бæллын æз. Æмæ уым, мæнмæ гæсгæ, диссагæй yицы ис. Папæ афтæ зæгъы, мах бæстæйы, дам, алы адæймагæн дæр алцыдæр бантысдзæн, куы йæ бафæнда æмæ куыд æмбæлы, афтæ куы ахуыр кæна, уæд, уымæн æмæ, дам, бирæ азты агъоммæ гъе ацы бон, æвдæм ноябры, мах фæтардтам капиталистты, адæмы чи æфхæрдта, уыдоны, æмæ ныр алцыдæр у адæмы. Афтæмæй, уæдæ, æппæт дæр мæн у, уымæн æмæ æз дæр адæмæй дæн. Уыцы бон мын мæ фыд балæвар кодта нывæвдисæн фонар нывтимæ, мæ мад та мын балæвар кодта къахдзоныгътæ, Ликæ та мын балæвар кодта хъыбыллæ, æз та Ликæйæн балæвар кодтон алыхуызон ахорæнтæ нывтæ кæнынæн. Стæй уæд æз æмæ мæ фыд æмæ Ликæ ацыдыстæм, мæ фыд кæм кусы, уыцы заводмæ, уырдыгæй та ацыдыстæм демонстрацимæ, папæйы заводы æппæт кусджытимæ. Алырдыгæй нæрыд музыкæ, стæй иууылдæр зарыдысты. Æз æмæ Ликæ дæр зарыдыстæм, æмæ уыдыстæм тынг хъæлдзæг. Папæ нын балхæдта уæлдæфон шартæ: мæнæн сырх, Ликæйæн та цъæх. Стæй нæ горæты тæккæ стырдæр фæзмæ куы баххæццæ стæм, уæд нын папæ балхæдта дыууæ сырх чысыл тырысайы, æмæ мах уыцы чысыл тырысатимæ ацыдыстæм трибунæйы рæзты фæзыл кæрæй-кæронмæ.

Стæй уæд нæхимæ æрбаздæхтыстæм æмæ нæм уалынмæ цæуын байдыдтой уазджытæ. Æппæты разæй æрбацыди Шурæ. Йæ къухы уыд дыууæ тыхтоны æмæ уайтагъд бамбæрстам, махæн лæвæрттæ кæй æрбахаста, уый. Фæлæ Шурæ раздæр бафарста, уæхи хорз дарут æвп нæ, зæгъгæ. Мах загътам, хорз, зæгъгæ.

— Мамæйы коммæ кæсут?

— Бæгуыдæр кæсæм, — загътам мах.

— Ахуыр та куыд кæнут?

— Хорз, — загъта Ликæ.

Æз дæр загътон:

— Хорз.

Уæд уый мæнæн балæвар кодта конструктор, Ликæйæн та — арæзтадон кубиктæ.

Уый фæстæ нæм æрбацыдысты Лидæ æмæ Серёжæ, уыдоны фæстæ та Надя æмæ Юрæ æмæ ма Нинæ. Сеппæт дæр мæ фарстой, куыд ахуыр кæныс, зæгъгæ. Æз сеппæтæн дæр дзырдтон — хорз, зæгъгæ, æмæ мын сеппæт дæр лæвæрттæ кодтой, æмæ мæм фæстагмæ æрæмбырд ис тынг бирæ лæвæрттæ. Ликæмæ дæр æнæхъæн рагъ уыд лæвæрттæ. Æз бадтæн æмæ кастæн мæ лæвæрттæм æмæ куыдфæстæмæ мæ зæрдæ æрынкъард. Мæ зæрдæ мæхиуыл æрхудт, уымæн æмæ мын арифметикæйæ уыдис двойкæ, æз та сеппæтæн дæр афтæ дзырдтон, хорз ахуыр кæнын, зæгъгæ. Æз ууыл бирæ фæхъуыды кодтон, стæй фæстагмæ мæхицæн дзырд радтон, мырæй фæстæмæ куыд æмбæлы, афтæ ахуыр кæндзынæн, зæгъгæ. Æмæ мыл уæд ахæм хъуыддæгтæ царды æппындæр никуыуал æрцæудзæн. Æз афтæ куы сфæнд кодтон, уæд мын æнцондæр кæнын байдыдта æмæ куыдфæстæмæ схъæлдзæг дæн.

Æстæм ноябры дæр уыд бæрæгбон. Æз нæ къласы лæппутæй бирæтæм уыдтæн уазæгуаты, лæппутæй дæр бирæтæ уыдысты махмæ. Мах кодтам алыхуызон хъæзтытæ, изæрæй та ныв æвдисæн фонары нывтæм кастыстæм къулыл. Куы хуыссыдтæн, уæд мæ лæвæрттæ иууылдæр мæ сынтæджы цур бандоныл сæвæрдтон. Ликæ дæр йæ лæвæрттæ бандоныл сæвæрдта, нæ сæрмæ та цары бынмæ æрттывдтытæ калдтой, демонстрацийы немæ кæй хастам, уыцы дыууæ уæлдæфон шары. Афтæ æхсызгон уыд уыдонмæ кæсын, æмæ диссаг!

Дыккаг бон райсомæй куы райхъал дæн, уæд кæсын æмæ уæлдæфон шартæ пъолыл лæууынц. Нынцъылдтæ сты æмæ фæкъаддæр сты. Рог газ сæ хуылфæй рацыди æмæ сæ бон уæлæмæ ссæуын нал уыди. Фæлæ уыцы бон скъолайæ куы ’рцыдтæн, уæд катай кодтон, мамæйæн мæ двойкæйы тыххæй куыд зæгъон, зæгъгæ, фæлæ мамæйæн табель йæхи зæрдыл æрлæууыди æмæ мын загъта, равдис мæм æй, зæгъгæ. Æз æнæдзургæйæ табель хызынæй систон æмæ йæм æй радтон. Мамæ кæсы, цавæр бæрæггæнæнтæ мын ис, уымæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уайтагъд ауыдта двойкæ.

— Уайтагъд æй мæ зæрдæ зыдта! — загъта мамæ хъуынтъыз æрфыгæй. — Æппынæдзух лекка кодтай, æмæ дын ныр ахуыры азы цыппæрæм хайы двойкæ! Цæмæн афтæ рауад? Уымæн æмæ æппындæр коммæ нæ кæсыс! Цал æмæ дын цал хатты загътам, афойнадыл дæ уроктæ кæ, зæгъгæ, фæлæ дæуæн фæнды дзур, фæнды ма, æппындæр дæм ницы хъары. Кæд дæ, мыййаг, дыккаг аз иу къласы баззайын фæнды?

Æз загътон, нырæй фæстæмæ хуыздæр ахуыр кæндзынæн æмæ мын æвзæр бæрæггæнæн æппындæр никуыуал уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ мæм мамæ дзуаппæн æрмæст мæсты худт бакодта. Бæрæг уыд, мæ зæрдæвæрæн ныхæстыл мын æппындæр кæй нæ баууæндыд, уый. Æз мамæйæн загътон, мæ табелыл мын дæ къух бафысс, зæгъгæ, фæлæ мын уый загъта:

— Нæ, уадз æмæ дын дзы дæ фыд бафыссæд йæ къух.

Уый уыд æппæтæй фыддæр! Æз афтæ æнхъæлдтон, æмæ мын мамæ мæ табелы йæ къух бафысдзæн æмæ йæуæд мæ фыдмæ æвдисгæдæр нал ракæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ мæ ныр хъуыди мæ фыды уайдзæфтæм байхъусын дæр. Афтæ æрынкъард дæн, æмæ мæм мæ уроктæ кæнын дæр нæ цыди.

«Уадз æмæ мæм, — зæгъын, — мæ фыд фæзагъд кæнæд, æмæ уæд ахуыр кæндзынæн».

Уалынмæ мæ фыд йæ куыстæй æрбацыд. Æз банхъæлмæ кастæн, цалынмæ сихор бахордта, уæдмæ, уымæн æмæ сихоры фæстæ кæддæриддæр зæрдæхæлардæр вæййы, æмæ табель стъолыл æрæвæрдтон, мæ фыд æй куыд федтаид, афтæ, Мæ фыд уайтагъд ауыдта йæ цуры стъолыл табель æмæ бæрæггæнæнтæм кæсыныл фæци.

— Гъей-гъи, куыд фесæфтæ, куыд! — загъта мæ фыд, двойкæ куы ауыдта, уæд. — Де ’мбæлтты раз дын худинаг нæу?

— Цыма мæн йеддæмæ двойкæтæ ничи исы! — дзуапп ын радтон æз.

— Кæмæн ма дзы ис двойкæтæ?

— Шишкинæн.

— Æмæ Шишкины цæмæн фæзмыс? Хуыздæр чи ахуыр кæны, уыдон фæзмын хъæуы. Æви уæм Шишкин афтæ кадджын у?

— Æппындæр нæу кадджын, — загътон æз.

— Гъемæ хуыздæр куы ахуыр кæнис, уæд Шишкинæн дæр баххуыс кæнис. Иннæты фæстæ кæй стут, уый уæ дыууæмæ дæр хорз кæсы?

— Æппындæр мæм, — зæгъын, — хорз нæ кæсы. Æз мæхæдæг сфæнд кодтон хуыздæр ахуыр кæнын райдайын.

— Ды раздæр дæр афтæ дзырдтай.

— Нæ, раздæр зæрдиагæй нæ дзырдтон, фæлæ ныр фидар дзырд радтон мæхицæн.

— Гъемæ хорз, фендзыстæм, дæ дзырд куыд сæххæст кæндзынæ, уый.

Мæ табелыл мын мæ фыд йæ къух æрæвæрдта æмæ мæм ницыуал сдзырдта. Мæнмæ хардзау дæр æркаст, афтæ чысыл мæм кæй хæцыд, уый. Æвæццæгæн хъуыды кодта, мемæ бирæ ныхас кæнын хъæугæ дæр ницæмæн кæны, зæгъгæ, кæд æз алы хатт дæр æрмæст зæрдæ сæвæрын, кæнгæ та ницы кæнын, уæд. Уымæ гæсгæ æз ацы хатт сфæнд кодтон, фидардзинад мæм кæй ис, уый равдисын æмæ ахуырмæ зæрдиагæй бавналын. Хъыгаг у, уыцы бон нын арифметикæйæ кæй ницы радтой, уый, æндæр æз мæхæдæг, æвæццæгæн, скодтаин хынцинаг.

Дыккаг бон Шишкины бафарстон:

— Гъы, куыд у, дæ мад дæм двойкæйы тыххæй хæцыд?

— Хæцыд! Мæ фыды хо Зинæ дæр ма мæм хæцыд. Уый фæлтау куы ныхъус уаид! Алы хатт та мын иу ныхас кæны: «Æз дæ, куыдæмбæлы, афтæ æрцахуыр кæндзынæн!» Æмæ мæ куыд æрцахуыр кæндзæн? Иу хатт та загъта:«Æздæ æрцахуыр кæндзынæн, алы изæр дæр бæрæг кæндзынæн, урок куыд скодтай, уый». Йæхæдæг иу-дыууæ хатты сбæрæг кодта, стæй йæхи ныффыста автозаводы драмон къорды æмæ куыддæр æризæр вæййы, афтæ йæ дæ цæст дæр нал фендзæн. «Æз, дам, дæ райсом сбæрæг кæндзынæн». Афтæ райсом-райсом фæкодта, стæй дзы бынтон æрбайрох дæн. Уалынмæ дын æваст афтæ: «Цæй-ма, равдис дæ тетрæдтæ, радзур-ма, райсоммæ дын цы лæвæрд ис?» Æз та ницы бацæттæ кодтон, уымæн æмæ мæ цæмæй исчи бæрæг кæна, ууыл ахуыр нал уыдтæн. Иу дзырдæй иу изæр дæр нæхимæ никуы вæййы. Драмкъорды ахуыр кæнынмæ йæ цæуын куы нæ фæхъæуы, уæд та театрмæ ацæуы.

— Уый театрмæ арæх цæуын хъæуы, театралон скъолайы кæй ахуыр кæны, уымæ гæсгæ, — загътон æз.

— Уый æз æмбарын, — загъта Шишкин. — Мæ мад дæр ахуыр кæны йæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсыты, стæй кусгæ дæр кæны, фæлæ уый нæ дзуры: «Æз дæ æрцахуыр кæндзынæн». Мæ мад мын сабырæй бамбарын кæны, ахуыр кæнын кæй хъæуы, уый, фæлæ мыл куы схъæртæ кæны, уæддæр æм никуы смæсты вæййын. Зинæмæ та кæддæриддæр мæсты кæндзынæн, уымæн æмæ кæд æххуыс кæныс, уæд æххуыс кæ, кæннод дзургæ дæр ма кæн. Æз, чи зоны, уымæ фенхъæлмæ кæсын, æмæ мæхæдæг уымæн ницы фæкæнын! Ахæм характер ис мæнæн!

— Уымæй, — зæгъын, — ды дæхи бæсты искæй зылын кæнынмæ хъавыс. Нæ фæлæ дæ характер аив.

— Æмæ ды дæхи характер аив. Цыма ды мæнæй хуыздæр ахуыр кæныс?

— Æз, — зæгъын, — бæгуыдæр хуыздæр ахуыр кæндзынæн.

— Æмæ æз дæр хуыздæр ахуыр кæндзынæн, — дзуапп радта Шишкин.

Уыцы бон нын нæ физкультурæйы ахуыргæнæг Григорий Иванович загъта, спортивон зал, дам, баскетболæй хъазынæн рæвдз у æмæ, дам, уæ кæй фæнды, уымæн йæ бон у йæхи ныффыссын баскетболы командæйы. Лæппутæ иууылдæр бацин кодтой æмæ сæхи фыссын райдыдтой. Æз æмæ Шишкины дæр бæргæ фæндыд, фæлæ нæ Григорий Иванович нæ ныффыста.

— Баскетболы командæйы хъазыны бар ис, хорз чи ахуыр кæны, æрмæст уыдонæн, — загъта нын уый.

Шишкин тынг рамæсты ис. Уый рагæй æнхъæлмæ каст, баскетболæй хъазæн кæд уыдзæн, уымæ, æмæ ныр иннæ лæппутæ хъазгæ куы кæндзысты, уæд мах та, куыд фæзæгъынц, афтæ, дуары æдде баззадыстæм. Мæнæн афтæ тынг хъыг нæ уыд, уымæн æмæ сфæнд кодтон хуыздæр ахуыр кæнын æмæ мæ баскетболы командæмæ цæмæй айсой, ууыл цыфæндыйæ дæр бацархайын.

Урокты фæстæ нæм къласы уыд æмбырд. Ольгæ Николаевнæ загъта, бирæ лæппутæ рæвдздæр бавнæлдтой æмæ хуыздæр ахуыр кæнын байдыдтой, зæгъгæ. Æппæтæй хуыздæр уыд фыццаг звенойы хъуыддаг. Уыдонæй двойкæтæ иуæн дæр нæ уыдис, тройкæтæ та дзы уыдис æрмæст дыууæйæн. Ольгæ Николаевнæ загъта, уыдон сæ тройкæтæ куы аивой, уæд звено сæххæст кæндзæн, ахуыры æрмæст четвёркæтæ æмæ пятёркæтæ исыны тыххæй цы дзырд радта, уый, зæгъгæ. Нæ звенойæ æвзæрдæр дзы ничи ахуыр кодта, уымæн æмæ нæм двойкæтæ уыд дыууæ — мæнæн æмæ Шишкинæн.

Юрæ загъта:

— Федтат! Сымахимæ æппæты фæстæ баззадыстæм! Исты æрхъуыды кæнын хъæуы ацы æгады уавæрæй фервæзыны тыххæй.

— Утæппæт нын мæнæ ацы дыууæ бакодтой! — загъта Лёня Астафьев, мæнмæ æмæ Шишкинмæ амонгæйæ. — Цы ми кæнутуый? Худинаг кæнут æгас звенойы дæр! Лæппутæ сеппæт дæр архайынц хуыздæр ахуыр кæныныл, адонæн та цыфæнды кæн, уæддæр сæм ницы хъары! Малеев, ды æвзæр цæмæн ахуыр кæныс?

Уæд иууылдæр сæхи мæныл ныццавтой:

— Хуыздæр дæ ахуыр кæнын кæй хъæуы, уый не ’мбарыс?

— Æз не ’мбарын, цæуыл дзурут, уый! — загътон æз. — Æз мæхæдæг куы сфæнд кодтон хуыздæр ахуыр кæнын, сымах та ногæй æмæ ногæй ныхас систат!

— Сфæнд кодтай, уæд ахуыр кæнын хъæуы! Дæуæн та цавæр бæрæггæнæнтæ ис? — бафарста Алик Сорокин.

— Бæрæггæнæнтæ, — зæгъын, — ивгъуыд рæстæгæн сты, æз та æрмæст æндæрæбон сфæнд кодтон.

— Гъы, æмæ уæд раздæр кæм уыдтæ!

— Фæлæуут, лæппутæ, загъд ма кæнут, — загъта Ольгæ Николаевнæ. — Фæсте чи зайы, уыдонæн баххуыс кæнын хъæуы. Уæ звеиойы ис хорз ахуыргæнинæгтæ. Æмæ дзы искæйты равзарын хъæуы, цæмæй баххуыс кæной Шишкинæн æмæ Малеевæн.

— Æз Малеевæн æххуыс кæнон? — бафарста Ваня Пахомов.

— Æз та Шишкинæн æххуыс кæндзынæн, — загъта Алик Сорокин, — ис афтæ бакæнæн?

— Кæй зæгъын æй хъæуы, ис, — загъта Ольгæ Николаевнæ. — Æгайтма уæхи фæнды уе ’мбæлттæн баххуыс кæнын.

Æмбырды фæстæ Ольгæ Николаевнæ мæнмæ æмæ Шишкинмæ ахуыргæнджыты уатмæ йæхимæ фæдзырдта æмæ немæ бирæ фæныхас кодта. Ольгæ Николаевнæ загъта, мах нæ хæдзæртты уроктыл фаг кæй нæ кусæм, тагъд-тагъд кæй акæнæм, цæуыл кусæм, ууыл бынтон кæй нæ ахъуыды кæнæм, уымæ гæсгæ хорз кæй нæ бамбарæм, цы фæахуыр кæнæм, уый. Цы сахуыр кæнæм, уымæй нæ зæрдыл бирæ нæ бадарæм, нæ зæрдыл цы бадарæм, уый та нæ уайтагъд ферох вæййы. Шишкинæн Ольгæ Николаевнæ загъта, цæмæй йын уырыссаг æвзагæй хæдзармæ цы куыстытæ уа, уыдон æххæст кæна сындæггай, цы дзырдтæ фысса, уыдонæй алкæуыл дæр хъуыды кæнгæйæ, хатдзæгтæ сахуыр кæна, чиныгмæ нæ кæсгæйæ сæ куыд зона, афтæ, фылдæр кæса чингуытæ, стæй йын загъта, лæмбынæг йæ хъус кæй дардзæн, хæдзармæ лæвæрд уроктæ куыд ахуыр кæна, уымæ.

— Витя, ды та хъуамæ дæхæдæг фылдæр кусай, — загъта мын Ольгæ Николаевнæ. — Дæ хынцинаг дын аразын куы нæ фæкомы, уæд æвæццæгæн уайтагъд афæрсыс дæ фыды кæнæ та дæ мады?

— Нæ, — зæгъын, — æз ныр мæ фыды никуыуал бафæрсын, йæ куыстæй йæ цæмæн къуылымпы кæнон? Æз бауайын ме ’мбалмæ æмæ йæ афæрсын.

— Уый уæлдай нæу. Мæн уый зæгъын фæнды, цæмæй дæхæдæг архайай. Хынцинаг кæнгæйæ дзæбæх куы ахъуыды кæнай æмæ йæ куы равиарай, уæд истæуыл сахуыр уыдзынæ. Фæлæ дæ бæсты алы хатт исчи хынцинæгтæ куы кæна, уæд дæхæдæг хынцинæгтæ кæнын никуы сахуыр уыдзынæ. Хæдзармæ хынцинæгтæ дæтгæ дæр уымæн ракæнынц, цæмæй ахуыргæнинаг йæхæдæг сахуыр уа хъуыды кæнын.

— Хорз, — загътон æз. — Ныр сæ мæхæдæг кæндзынæн.

— Афтæ гъе, бацархай. Æрмæст æндæр гæнæн куы нæ уа, хынцинаг скæнын дæхы бон куы нæ уа, уæд æххуыс агур де ’мбалæй кæнæ мæнæй.

— Нæ, — зæгъын. — Мæнмæ гæсгæ ныр мæхи бон бауыдзæн, фæлæ-иу мæ бон куы ницы хуызы уа, уæд-иу Ванямæ бацæудзынæн.

— Куы дæ фæнда, уæд дæ бон бауыдзæн, — загъта Ольгæ Николаевнæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.