Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;вдæм сæр



Æвдæм сæр

Нæ вожатый Володя сфæнд кодта хихъæппæрисады изæр саразын. Иуæй-иу лæппутæ сфæнд кодтой æмдзæвгæтæ сахуыр кæнын æмæ сæ сценæйæ радзурын. Иннæтæ та сфæнд кодтой сценæйы физкультурон хъæзтытæ равдисын æмæ пирамидæ скæнын. Гришæ Васильев загъта, æз, дам, балалайкæйæ цæгъддзынæн, Павлик Козловский та гопак акафдзæн. Фæлæ хæрз хорз хъуыддаг та Ваня Пахомов æмæ Игорь Грачёв æрхъуыды кодтой. Уыдон сфæнд кодтой Пушкины поэмæ «Руслан æмæ Людмилæ»-йæ скъуыддзаг «Русланы тох сæримæ» равдисын. Уыцы скъуыддзаг уыд цыппæрæм къласы нæ кæсыны чиныг «Мадæлон æвзаджы». Мах æй раст хæрзæрæджы кастыстæм. Игорь Грачёв загъта, уæйыджы сæры ныв ралыг кæндзынæн фанерæйæ æмæ дзы тынгдæр куыд фæтæрсой, афтæ йæ сахордзынæн, мæхæдæг йæ фæстæ бамбæхсдзынæн æмæ цы хъæуы, уый дзурдзынæн, зæгъгæ. Ваня та Руслан уыдзæн. Уый йæхицæн хъæдын арц сараздзæн æмæ сæримæ тох кæндзæн.

Шишкины дæр тынг бафæндыд сценæмæ рацæуын, æмæ мæн сразы кодта, цæмæй Ольгæ Николаевнæйæ иумæ бар ракурæм сценæйы исты равдисынæн. Фæлæ нын Ольгæ Николаевнæ бар нæ радта.

— Сымах уал, — загъта уый, — раздæр уе ’взæр бæрæггæнæнтæ сраст кæнут, стæй уый фæстæ сценæйы дæр хъаздзыстут.

Æмæ лæппутæ сеппæт дæр райдыдтой сæ рольтæ ахуыр кæнын æмæ сценæйы репетицитæ кæнын, æз æмæ Шишкин та залы къуымты дыууæрдæм кодтам æмæ сæм хæлæг кæнгæйæ кастыстæм. Игорь æнæхъæн фанерæй скодта уæйыджы сæр. Йæ бинаг æфсæр ын сарæзта æндæр фанерæй æмæ йæ зæгæлтæй бафидар кодта, сæр йæ дзых гом куыд кодтаид, афтæ. Уый фæстæ сæр ахорæнтæй сахуырста æмæ йын скодта дзагъыр цæстытæ. Игорь-иу сæры фæстæ куы бамбæхсти æмæ-иу фанерæй конд æфсæр куы сызмæлын кодта, йæхæдæг та-иу богътæ кæнын æмæ дзурын куы райдыдта, уæд афтæ зынди, цыма сæр йæхæдæг богътæ кодта æмæ дзырдта, уыйау. Кæнæ куыд диссаг уыд Русланмæ, ома Ванямæ кæсын, сæрыл-иу йæхи арцимæ куы ныццавта, сæр та-иу ыл куы бафутт кодта æмæ-иу æй тыхджын дымгæйау иуварс куы аппæрста, уæд.

Иу хатт Шишкинмæ фæзынд диссаджы хорз хъуыды.

— Æз, — дам, — знон кастæн «Руслан æмæ Людмилæйы», æмæ уым фыст ис, Руслан бæхыл бадти, зæгъгæ, махæн та сценæйы фистæгæй цæуы.

— Æмæ, — зæгъын, — бæх та кæцæй æрбахæсдзынæ. Бæх куы уаид, уæддæр æй сценæмæ не ’рбакæндзынæ.

— Мæнмæ ис диссаджы хъуыды, — загъта Шишкин. — Æз æмæ ды нæхицæй бæх скæндзыстæм.

— Бæх та куыд скæндзыстæм нæхицæй?

— Мæнмæ ис журнал «Затейник», уым фыст ис, дыууæ лæппуйы сценæйы сæхицæй бæх куыд скæнынц, уый. Уый тыххæй хъуымацæй скæнынц бæхы цармы хуызæн. Разæй скæнынц бæхы сæр, фæсте къæдзил, бынæй та цыппар къахы. Æз, æмбарыс, уыцы цармы бабырдзынæн разæй, æмæ мæ сæр бæхы сæры атъысдзынæн, ды та цармы фæсте бабырдзынæ, ныггуыбыр кæндзынæ æмæ мын мæ роныл дæ къухтæй хæцдзынæ, гъемæ дæ астæуæй рауайдзæн бæхы рагъы хуызæн. Бæхæн ис цыппар къахы, махæн дæр нæ дыууæйæн цыппар къахы. Æз кæдæм цæуон, ды дæр уырдæм, æмæ гъе афтæмæй рауайдзæн бæх.

— Æмæ, — зæгъын, — ахæм царм куыд бахуыйдзыстæм? Чызджытæ куы уаиккам, уæд, чи зоны, сарæхсиккам йæ бахуыйынмæ. Чызджытæ кæддæриддæр хуыйын зонынц. Уыдон скъолайы хуыйыныл дæр ахуыр кæнынц.

— Дæ хо Ликæйæн зæгъ, уый нын баххуыс кæндзæн.

Мах нæ фæндтæ иууылдæр Ликæйæн радзырдтам æмæ йын балæхстæ кодтам баххуыс кæныны тыххæй.

— Хорз, — загъта Ликæ, — æз уын баххуыс кæндзынæн, фæлæ уæ уый тыххæй хъуымац ссарын хъæуы.

Мах бирæ фæхъуыды кодтам, хъуымац кæм ссарæм, зæгъгæ, стæй уалынмæ Шишкин сæ цары ссардта, чи нал хъуыд, ахæм цавæрдæр зæронд гобан. Мах ын, йæ хуылфы цы уыд, уый иууылдæр ракалдтам æмæ йæ Ликæмæ равдыстам. Ликæ загъта, амæй, чи зоны, исты рауайа, зæгъгæ. Ликæ гобаны цъары хуыдтытæ райхæлдта æмæ дзы рауад хъуымацы дыууæ стыр гæбазы, загъта нын, иу гæбазыл стыр бæхы ныв куыд скодтаиккам, афтæ. Мах райстам мелы къæртт æмæ хъуымацыл скодтам бæхы ныв æд сæр, æд къæхтæ, бæх куыд вæййы, афтæ. Стæй Ликæ дыууæ гæбазы кæрæдзиуыл сæвæрдта æмæ сæ хæсгардæй ралыг кодта æмæ сæ рауад бæхы дыууæ нывы. Уыцы дыууæ нывæн сæ сæртæ æмæ се рæгътæ кæрæдзиуыл бахуыдта. Æз æмæ Костя дæр судзинтæ райстам æмæ йын хуыйынмæ æххуыс кодтам. Уæлдай фылдæр тухæн фæкодтам къæхтыл, уымæн æмæ сæ хицæнтæй хæтæлты хуызæн хуыйын хъуыд. Мах нæ къухтæ судзинæй ныххуынчъытæ кодтам. Æппынфæстаг иууылдæр хуыд фестæм. Дыккаг бон мах ссардтам цъолоби æмæ хос æмæ дарддæр кодтам нæ куыст. Бæхы сæр цæмæй хъæддыхдæр лæууыдаид, уый тыххæй дзы ныннадтам хос, цъолобийæ та йын къæдзил æмæ барц скодтам. Куы йæ срæвдз кодтам, уæд ын гуыбыны ’рдыгæй цы хуынкъ ныууагътам, ууылты бабырыдыстæм, куыд цæудзыстæм, уый афæлварыны тыххæй. Ликæ ныххудти æмæ загъта, бæх хорз рауад, æрмæст ма дзы иуæй-иу рæтты хъæуы бæмбæг бавæрын, кæннод йæ фæрстæ тынг мæллæг рауадысты, стæй ма йæ хъæуы сахорын, уымæн æмæ зыны, хъуымацæй конд кæй у, уый, зæгъгæ. Уæд мах рабырыдыстæм бæхы цармæй. Ликæ хуыйын байдыдта, бæмбæг бавæрын кæмыты хъуыд, уыцы бынæттæ, Шишкин та сæхицæй пъолтæ ахорæн æрбахаста æмæ дзы бæх сахуырстам. Æмæ дзы рауад раст сырхбын бæх. Стæй ахорæнтæ райстам æмæ йын йæ сæрыл скодтам цæстытæ, фындзы хуынчъытæ, дзых. Йæ къæхтыл ын скодтам сæфтæджыты нывтæ. Ликæ та ма æрхъуыды кодта бæхы сæрыл хъустæ бахуыйын, уымæн æмæ æнæ хъустæй йæ сæр хорз нæ фидыдта. Уый фæстæ мах ногæй бабырыдыстæм бæхы цармы.

— И-гъи-гъи-гъи! — бæхау смыр-мыр кодта Костя.

Ликæ йæ къухтæ ныццагъта æмæ бакъæцæл ис фырхудæгæй.

— Раст æцæг бæхы хуызæн рауади! — хъæр кодта Ликæ.

Мах бафæлвæрдтам уаты цæуыныл, чъыллиппытæ æмæ зæвæтдзæгъдæн кæныныл. Æвæццæгæн нын уый хорз рауад, уымæн æмæ Ликæ йæ худынæй не ’нцад. Уалынмæ мамæ æрбацыди æмæ уый дæр нæ бæхыл йæхи худæгæй схаста. Стæй папæ дæр йæ куыстæй æрбаздæхт æмæ уый дæр худтис.

— Цæмæ йæ сарæзтат? — бафарста папæ.

Мах ын радзырдтам, не ’скъолайы кæй уыдзæн спектакль æмæ дзы æз æмæ Костя кæй уыдзыстæм бæх.

— Уый тынг хорз у, уе ’скъолайы сывæллæттæн ахæм ирхæфсæн мадзæлттæ кæй аразынц. Сывæллæттæ афтæмæй ахуыр кæнынц хорздзинæдтыл. Спектакль кæд уыдзæн, уый-иу зæгъут æмæ уæм æз дæр бацæудзынæн, — загъта папæ.

Стæй уæд мах Шишкинтæм ацыдыстæм, бæх ын йæ мадæн æмæ йæ фыды хойæн равдисыны тыххæй.

— Ныр, — зæгъын, — куыд уыдзæн, папæ æрбацæудзæн, фæлæ нæ хъазын куы нæ бауадзой, уæд та!

— Дæ дзыхыл хæц, — загъта Шишкин. — Æппындæр макæмæн мацы дзур. Мах раздæр бацæудзыстæм æмæ сценæйы фæстæ бамбæхсдзыстæм æмæ Ваня Пахомовæн рагацау зæгъдзыстæм, цæмæй сценæмæ рацæуыны агъоммæ сбада бæхыл.

— Раст зæгъыс! Æнæмæнг афтæ бакæндзыстæм.

Уæдæй фæстæмæ æнхъæлмæ кастыстæм спектакльмæ æмæ уый тыххæй куыд æмбæлы, афтæ ахуыр дæр нæ бон нал уыд. Алы бон дæр мах фæлвæрдтам бæхы цармы бырыныл æмæ цæуыныл, нæхи бацæттæ кæныны тыххæй. Ликæ-иу цармыл мидæгæй куы иу ран, куы иннæ ран ахуыдта бæмбæджы цъупп, æмæ бæх фæстагмæ рауад лæгъз, хæрзхаст. Йæ хъустæ залмысыфтау зæбул цæмæй ма уыдаиккой, уый тыххæй Костя æрхъуыды кодта, мидæгæй дзы хъандзалтæ бакæнæм, зæгъгæ, æмæ уæд хъустæ куыд æмбæлы, афтæ хъилæй лæууыдысты. Костя ма æрхъуыды кодта бæхы хъустæм æндах бабæттын. Аивæй-иу сæ рариуыгъ-рариуыгъ кодта æмæ-иу бæх æцæг бæхау йæ хъустæ базмæлын кодта.

Æппынфæстаг, æрхæццæ ис, бирæ кæмæ фенхъæлмæ кастыстæм, уыцы бон.

Мах бæхы царм, куыд ничи йæ федтаид, афтæмæй бахастам æмæ йæ сценæйы фæстæ бамбæхстам. Стæй федтам Ваня Пахомовы. Костя йæм хибармæ фæсидти æмæ йын загъта:

— Хъус-ма, Ваня, сценæмæ рацæуыны æмæ сæримæ тох кæныны агъоммæ-иу сценæйы фæстæмæ рауай. Уым дын цæттæ уыдзæн бæх. Уыцы бæхыл-иу сбад æмæ рацу сценæмæ.

— Уый та цавæр бæх у? — фæрсы Ваня.

— Ууыл ма тыхс. Бæх хорз бæх у. Сбад-иу ыл æмæ дæ кæдæм хъæуа, уырдæм ахæсдзæн.

— Нæ зонын, — загъта Ваня. — Мах æнæ бæхæй куы репетици кодтам.

— Худæг куы дæ, — загъта Шишкин. — Бæхыл бирæ хуыздæр у. Суанг Пушкинмæ дæр афтæ фыст куы у, Руслан саргъы бæхыл бадти, зæгъгæ. Уым афтæ фыст ис: «Цæуын, цæуын æнæуынæрæй, фæлæ дыл куы амбæлон, уæд хъахъæ!»

Цæуыл цæуы, кæд бæхыл нæ бады, уæд. Нæ «Мадæлон æвзаджы» чиныджы дæр Русланы ныв ис бæхыл бадгæйæ.

— Омæ хорз, — загъта Ваня. — Мæхимæ дæр хорз нæ кæсы сценæйы фистæгæй цæуын. Искуыдæр ма афтæ уыд — бæгъатыр, æмæ æнæ бæхæй.

— Æрмæст макæмæн зæгъ, кæннод цæсты нал сахаддзæн — загъта Костя.

— Хорз.

Æмæ дын куыддæр адæм æмбырд кæнын райдыдтой, афтæ мах, куыд ничи нæ бафиппайдтаид, афтæ, сценæйы фæстæмæ бацыдыстæм, срæвдз кодтам бæхы царм æмæ æнхъæлмæ кæсæм. Лæппутæ сценæйы дыууæрдæм кодтой, бæрæг кодтой декорацитæ. Æппынфæстаг, ныццагътой фæстаг дзæнгæрæг æмæ райдыдта лæппуты хъазт. Мах уынгæ дæр æмæ хъусгæ дæр хорз кодтам: æмдзæвгæтæ дæр куыд кастысты, уый дæр æмæ физкультурон хъæзтытæ куыд кодтой, уый дæр. Мæнæн мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты физкультурон хъæзтытæ. Лæппутæ хъазыдысты музыкæйы цагъдмæ, аив æмæ рæсугъд, раст цыма сценæйы иу лæг змæлыд, уыйау. Дыууæ къуырийы сæхи дзæгъæлы нæ цæттæ кодтой. Стæй æмбæрзæн сæхгæдтой, сценæйы уайтагъд авæрдтой фанерæй конд сæр дынджыр дзыхимæ, йæ фæстæ бамбæхсти Игорь Грачёв. Уалынмæ нæм фæзынд Ваня. Йæ сæрыл уыд хъæбæр гæххæттæй конд æрттиваг шлем, йæ къухы æвзист хуызы ахорæнæй ахуырст хъæдын арц.

Ваня нæм æрбацыд æмæ нæм дзуры:

— Гъы, кæм и уæ бæх?

— Ныртæккæ, — загътам мах.

Тагъд-тагъд бабырыдыстæм бæхы цармы æмæ йæ разы бæх фестади.

— Сбад, — загътон ын æз.

Ваня сбырыд æмæ мын ме ’рагъыл сбадт. Йæ уæз мæныл куы ’руагъта, уæд бамбæрстон, бæхæн æнцон кæй нæу, уый. Ваняйы уæзæй мæ астæу бынтон æртасыди æмæ æз дæр Шишкины роныл фидардæр ныххæцыдтæн. Уалынмæ æмбæрзæн дæр байгом и.

— Но! Араст стæм! — скоманды кодта Ваня, ома. Руслан.

Æз æмæ Шишкин сценæйы фæмидæг стæм, залы цы лæппутæ бадти, уыдон ныл иууылдæр ныххудтысты. Бæрæг уыд, нæ бæх сæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый. Мах нæхи комкоммæ сæрмæ баскъæрдтам.

— Тпру! Тпру! — ныккæрзыдта Руслан. — Кæдæм басхъæл стут? Чысыл ма бахъæуа сæры уæ быны акæнат! Чысыл фæфæстæмæ кæнут!

Мах сыдзмыдзы ацыдыстæм. Адæм залы хъæрæй ныххудтысты.

— Фæстæмæ мауал цæут! Сæрхъæнтæ! — загъд нæм кодта Ваня. — Разилут æмæ сценæйы астæумæ бацæут. Монолог мæ дзурын хъæуы.

Мах фæзылдыстæм æмæ баскъæрдтам сценæйы астæумæ. Уалынмæ Ваня дзурын байдыдта, цыма уæрмæй хъуысти, ахæм хъæлæсæй:

О, быдыр, быдыр, дæу, зæгъ, чи Байдзаг кодта мæрдты æстджытæй?

Ваня бирæ фæкаст æмдзæвгæтæ, раст тын нывæндæгау ныхæстæ ивазгæйæ, Шишкин та æндæхтæ рариуыгъ-рариуыгъ кодта æмæ бæх йæ хъустæ тылдта æмæ уый тынг худæг каст адæммæ. Æппынфæстаг Ваня дзырд фæци йæ монолог æмæ пæм сусæгæй дзуры:

— Гъе ныр сæры цурмæ бацæут.

Мах фæзылдыстæм æмæ сæры ’рдæм араст стæм. Сæрмæ ма нæ фондз санчъехы бæрц куы хъуыди, уæд Щишкин хуыррыттытæ кæнын байдыдта, къæхтæ ныббыцæу кодта æмæ-иу йæ фæстæгтыл слæууыд. Æз дæр чъыллиппытæ кæнын райдыдтон, цыма бæх уæйыджы сæрæй фæтарст, уыйау. Уæд Руслан шпорæтæй бæхы агайын райдыдта, ома мын йæ каблуктæй мæ фæрстæ надта. Уæд мах бацыдыстæм сæры цурмæ. Руслан ын арцæй йæ фындзы хуынчъытæ хъыдзы кæнын байдыдта. Уæд сæр йæ дзых фегом кодта æмæ ахæм æхснырст æркодта, ахæм! Æз æмæ Шишкин иуырдæм агæпп кодтам æмæ сценæйы цъилау æрзылдыстæм, цыма нæ дымгæ ахаста, уыйау. Гыццыл ма бахъæуа, Руслан бæхæй расхъиуа. Шишкин мын мæ къахыл фæлæууыд. Афтæ мын фæрысти æмæ иу къахыл ачепп-ачепп кодтон, стæй къуылых цæуын байдыдтон. Ваня та мæ ногæй агайын байдыдта шпорæтæй. Мах та ногæй базгъордтам сæры ’рдæм, уый дæр та ныл футтытæ кæнын байдыдта, æмæ та нæ йæ дымгæ иуварс ахаста. Афтæ йæм цалдæр хатты бабырстам, æппынфæстаг, æз загътон:

— Фæут, — зæгъын, — тагъддæр, кæннод мæ бон нал у. Æнæуый дæр мæ къах риссы!

Уæд мах фæстаг хатт нæхи сæрмæ баскъæрдтам, æмæ йæ Ваня арцæй ахæм цæлхъ скодта, æмæ-ма раст йæ ахорæнтæ дæр æрызгъæлдысты. Сæр афæлдæхт, спектакль фæци, æмæ бæх къуылых-къуылых ацыди сценæйæ. Лæппутæ нымдзæгъд кодтой. Ваня бæхæй æргæпп кодта æмæ адæммæ разгъордта йæ сæрæй акувынмæ, æцæг артистау.

Шишкин мын афтæ:

— Мах дæр сценæйы куы хъазыдыстæм. Махæн дæр æмбæлы адæмæн салам раттын.

Уалынмæ иууылдæр федтой, бæх сценæмæ кæй разгъордта æмæ адæмæн салам кæй лæвæрдта, ома йæ сæр кæй тылдта. Уый адæмæн сеппæты зæрдæмæ дæр фæцыди, зал æмдзæгъд ссис, лæппутæ къухæмдзæгъд ноджы стынгдæр кодтой. Мах сæрæй салам радтам æмæ азгъордтам, стæй та ногæй рауадыстæм æмæ та сæрæй салам радтам. Уæд Володя загъта, тагъддæр æмбæрзæн куыд сæхгæдтаиккой, афтæ. Æмбæрзæн уайтагъд сæхгæдтой. Мах хъавыдыстæм ралидзынмæ, фæлæ Володя бæхы йæ къухтæй ацахста æмæ загъта:

— Тагъд ма уырдыгæй рабырут! Ам чи хынджылæг кæны?

Мах рабырыдыстæм бæхы цармæй.

— А, ай сымах куы стут! — загъта Володя. Чи уын загъта æмæ ам хынджылæг кæнат?

— Ау, æмæ æвзæр бæх рауад? — бадис кодта Шишкин.

— Бæх бæргæ хорз сарæзтат, — загъта Володя. — Фæлæ куыд æмбæлы, афтæ нæ ахъазыдыстут: сценæйы ахсджиаг ныхас цæуы, бæх та йæ къæхтæ тилы, куы йæ къах сисы, куы та йæ иуварс авæры. Кæм федтат æмæ бæхтæ афтæ кæной?

— Ау, — зæгъын, — лæг æфсæйнаг, мыййаг, нæу, иу ран лæууынæй фæлмæцгæ кæны. Уæлдайдæр Ваня ме ’ккой бæхбадт куы скодта, уæд. Куыд уæззау у, уый зоныс. Афтæмæй бæх æнцад куыд лæууа!

— Иугæр сценæмæ рацыдыстут, уæд лæууын хъуыди. Стæй ма... Руслан кæсы æмдзæвгæ: «О, быдыр, быдыр дæу, зæгъ, чи байдзаг кодта мæрдты стджытæй?» — æмæ дын адæм ныххудтысты. Хъуыды кæнын, цæуыл худынц? Ам худæгæй цы и? Кæсын æмæ дын уыцы рæстæг бæх йæ хъустæ тилы!

— Æмæ цы, бæхтæ хъусгæ куы фæкæнынц, уæд сæ хъустæ фæтилынц, — загъта Шишкин.

— Æмæ ам та цæмæ бахъуыд хъусын?

— Цæмæ, цæ, æмдзæвгæтæм... Хъуыста, Руслан æмдзæвгæтæ куыд каст, уымæ, æмæ йæ хъустæ батылдга.

— Æрмæст сæ тилгæ куы бакодтаид, уæд ницы кæны, фæлæ сæ афтæ бауыгъта, цыма бындзытæ сырдта, уыйау.

— Уый æз чысыл фегæр кодтон, — загъта Шишкин. — Синаг æгæр риуыгътон.

«Фегæр кодтон»! — афæзмыдта йæ Володя. — Нæ фæлæ дыккаг хатт æнæ бафæрсгæйæ сценæмæ мауал рацæут.

Мах тынг фенкъард стæм, стæй загътам, ныр нæм Ольгæ Николаевнæ дæр загъд кæндзæн, зæгъгæ, фæлæ нын Ольгæ Николаевнæ æппындæр ницы загъта, æмæ мын уый бынтон фæхъыг, фæлтау нæм куы хæцыдаид, кæй йæм нæ байхъуыстам, уый тыххæй. Æвæццæгæн банхъæлдта, æз æмæ Шишкин бынтон фехæлдыстæм æмæ махимæ дзурын ницыуал пайда у, зæгъгæ, Уыцы спектакльмæ цæттæгæнгæйæ, стæй уыцы шахмæтты тыххæй æз ахуыр дæр нал кодтон, куыд æмбæлы, афтæ, æмæ нын цалдæр боны фæстæ фыццаг цыппæрæм хайы табельтæ куы радтой, уæд кæсын æмæ мын арифметикæйæ двойкæ.

Æз раздæр дæр зыдтон, цыппæрæм хайы мын арифметикæйæ двойкæ кæй уыдзæн, уый, фæлæ æнхъæл уыдтæн, афæдзы цыппæрæм хай тагъд нæма фæуыдзæн æмæ иннæты баййафдзынæн, зæгъгæ. Фæлæ ахуыры азы цыппæрæм хай куыд фæци, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Шишкинæн дæр афæдзы цыппæрæм хайы уырыссаг æвзагæй нывæрдтой двойкæ.

— Цымæ тæккæ бæрæгбоны размæ табель цæмæн дæттынц? Ныр мæ бæрæгбон бынтондæр æнкъардæй ацæудзæн! — загътон Шншкинæн, нæхимæ куы æрцæйздæхтыстæм, уæд.

— Цæмæн? — бафарста Шишкин.

— Цæмæн куы зæгъай, уæд уымæн, æмæ двойкæ нæхимæ равдисын хъæуы.

— Æз бæрæгбоны размæ двойкæ нæ равдисдзынæн,-загъта Шишкин. — Мамæйæн йæ бæрæгбон цæмæн фенад кæнон?

— Æмæ йæ, — зæгъын, — фæсбæрæгбон уæддæр равдисын куы хъæудзæн.

— Гъемæ йæ фæсбæрæгбон, кæй зæгъын æй хъæуы, равдисдзынæн. Бæрæгбоны иууылдæр хъæлдзæг вæййынц, фæлæ двойкæ куы равдисон, уæд та иууылдæр æнкъард уыдзысты. Нæ, уадз æмæ фæлтау хъæлдзæг уой. Мæ мадæн цæмæн смаст кæнон дзæгъæлы. Æз мæ мады бирæ уарзын.

— Куы йæ уарзис, уæд, — зæгъын, — хуыздæр ахуыр кæнис.

— Æмæ ды хуыздæр ахуыр кæныс? — дзуапп радта Шишкин.

— Æз — нæ, фæлæ ахуыр кæндзынæн.

— Æмæ æз дæр хуыздæр кæндзынæн ахуыр.

Ууыл нæ ныхас фæци æмæ æз дæр, Шишкинмæ гæсгæ, сфæнд кодтон, бæрæгбон куы фæуа, уæд табель равдисдзынæн, зæгъгæ. Куы вæййы афтæ дæр, æмæ табельтæ ахуыргæнинæгтæн раттынц фæсбæрæгбон. Ам уа диссагæй ницы ис.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.