Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;хсæзæм сæр



Æхсæзæм сæр

Шишкин цы ми кодта, уымæн ницы зонын, фæлæ æз сфæнд кодтон æвæстиатæй мæ дзырд æххæст кæнынмæ бавналын. Сæйрагдæр у, ахъуыды кодтон æз, режим, дæ бон куыд арвитын хъæуы, уый зонын. Схуысдзынæн-иу раздæр, иу дæс сахатыл, Ольгæ Николаевнæ куыд дзырдта, афтæ, стгæ дæр-иу раздæр скæндзынæн æмæ-иу мæ уроктæ скъоламæ ацæуыны агъоммæ ногæй мæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн. Скъолайы фæстæ-иу иу сахат æмæ æрдæджы бæрц футболæй ахъаздзынæн, стæй-иу æвæлладæй мæ уроктæ скæндзынæн. Мæ уроктæ-иу куы скæнон, уæд мæ цы фæнда, уый кæндзынæн, кæнæ-иу лæппутимæ хъаздзынæн, кæнæ-иу чиныджы кæсдзынæн, цалынмæ хуыссын афон æрцæуа, уæдмæ.

Гъе афтæ ахъуыды кодтон æмæ уроктæ кæныны агъоммæ ацыдтæн футболæй хъазынмæ. Æз мæхицæн радтон фидар дзырд, фæхъаздзынæн æрмæст сахат æмæ æрдæг, гæнæн нал и, уæд дыууæ сахаты, зæгъгæ, фæлæ куыддæр футболæй хъазæн фæзмæ бахæццæ дæн, афтæ мæ фæндтæ иууылдæр мæ сæрæй федде сты æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты, бынтон куы æризæр ис, æрмæст уæд. Мæ уроктæ та кæнын райдыдтон æнафоны, мæ сæр та куы ницыуал æмбæрста, уæд, æмæ дыккаг бон афтæ æнафонмæ кæй нал хъаздзынæн, уый тыххæй мæхицæн дзырд радтон. Фæлæ та дыккаг бон дæр мæ хъуыддаг раст афтæ рауад. Куы хъазыдыстæм, уæд мæхинымæр дзырдтон: «Куыддæр ма сын иу гол бакъуырæм, афтæ нæхимæ араст уыдзынæн», фæлæ-иу куыддæр гол бакъуырдтам, афтæ та-иу загътон, æххæст ма иу гол бакъуырæм æмæ гъе уæд нæхимæ цæуын. Афтæмæй та суанг изæрмæ баззадтæн. Уæд мæхицæн загътон: «Фæлæуу! Ай мæ хъуыддаг куы нæ уайы!» Æмæ хъуыды кæнын байдыдтон, мæ хъуыддаг афтæ цæмæн рауайы, ууыл. Бирæ фæхъуыды кодтон æмæ æппынфæстаг бамбæрстон, мæ дзырдæн æппындæр хицау кæй нæ дæн, уый. Ома мæ дзырдæн хицау дæн, фæлæ бынтон нæ. Исты кæнын мæ куы фæхъæуы, уæд æм зивæг фæкæнын, фæстæдæрмæ йæ фергъæвын, хъæугæ цы нæ фæкæны, уый нæ бакæнын та мæ бон нæ вæййы. Дзырдæн зæгъæм, исты хорз чиныг кæсын куы райдайон, уæд æй кæсдзынæн æмæ кæсдзынæн, мæ бон æй ныууадзын нæ вæййы. Уроктæ кæнын мæ хъæуы, кæнæ хуыссын афон у, уæддæр æз баддзынæн æмæ кæсдзынæн. Мамæ мын дзурын байдайы, ацу æмæ схуысс, папæ фæзæгъы, хуыссын афон у, зæгъгæ, фæлæ сæм æз нæ фæхъусын, цæмæй чиныджы кæсын ныууадзон, уый тыххæй цалынмæ рухс ахуыссын кæнынц, уæдмæ. Гъе, афтæ рауайы футболæй хъазгæйæ дæр. Нæй мæм афойнадыл мæ хъазт ныууадзыны фаг хъару, нæй æмæ нæй!

Уыдæттыл куы ахъуыды кодтон, уæд мæхимæ дæр диссаг фæкаст. Æз æнхъæлдтон, тыхджын хъару æмæ фидар характеры хицау дæн, зæгъгæ, фæлæ разындтæн æнæхъару, æнæныфс, раст Шишкины хуызæн. Æз сфæнд кодтон хъаруджын, ныфсхаст суæвын. Уый тыххæй цы хъæуы? Уый тыххæй кæндзынæн, цы мæм цæуы, уый нæ, фæлæ мæм æппындæр цы нæ цæуы, уый. Нæ мæм цæуы райсомæй зарядкæ кæнын, фæлæ йæ кæндзынæн. Футболæй хъазынмæ ацæуын мæ куы фæнда, уæд-иу нæ ацæудзынæн. Хорз чиныг акæсын-иу мæ куы фæнда, уæд-иу æй нæ кæсдзынæн. Уыцы бонæй фæстæмæ сфæнд кодтон гъе афтæ кæнын.

Уыцы бон изæры мамæ цаимæ хæрынæн скодта, æз бирæ кæй уарзын, ахæм пирожнæ. Мæнмæ дзы æрхаудта æппæты хуыздæр хай — йæ астæуæй. Фæлæ æз мæхицæн загътон, кæд мæм уыцы пирожнæ хæрын цæуы, уæд æй нæ бахæрдзынæн. Цай бацымдтон æрмæст дзулимæ. Пирожнæ та афтæ баззад.

— Пирожнæ та цæуылнæ бахордтай? — бафарста мæ мамæ.

— Пирожнæ ам афтæ лæудзæн иннæбон изæрмæ — раст дыууæ боны, — загътон æз. — Иннæбон æй изæрæй бахæрдзынæн.

— Ау, сомыгонд дæ?! — загъта мамæ.

— О, — зæгъын. — Кæд амынд æмгъуыдæй раздæр нæ бахæрон, уæд стыр хъаруйы хицау дæн.

— Куы йæ бахæрай, уæд та? — бафарста Ликæ.

— Куы йæ бахæрон, уæд та, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæхъару дæн. Цыма йæ дæхæдæг не ’мбарыс!

— Мæнмæ гæсгæ йæм ды нæ фæлæудзынæ, — загъта Ликæ.

— Уый фендзыстæм.

Дыккаг райсом сыстадтæн, æппындæр мæм нæ цыд зарядкæ кæнын, фæлæ æз уæддæр зарядкæ скодтон, стæй ацыдтæн æмæ кърантæй мæхиуыл уазал дон раскъæрдтон, уымæн æмæ мæм афтæ кæнын дæр нæ цыди. Уый фæстæ аходæн скодтон æмæ скъоламæ ацыдтæн. Пирожнæ та тæбæгъы куыд уыд, афтæ баззади. Æз куы æрбацыдтæн, уæд афтæ тæбæгъы уыди, æрмæст æй мамæ сæкæрдоны авджын сæрæй бамбæрста, райсоммæ цæмæй ма ныххус уыдаид, уый тыххæй. Æз æй сыгом кодтон, фæлæ уый хус кæнын нæма райдыдта. Æз æм афтæ смондаг дæн, фæлæ уæддæр мæхи баурæдтон.

Уыцы бон загътон, футболæй хъазынмæ нæ ацæудзынæн, фæлæ иу сахат æмæ æрдæг куы аулæфон, уæд мæ уроктæ кæныныл сбаддзынæн, зæгъгæ. Æмæ фæссихор мæ фæллад уадзын байдыдтон. Фæлæ куыд суагъдæуа фæллад? Уæлгоммæ схуысгæйæ, мыййаг, куы нæ суадздзынæ фæллад. Фæллад суадзæн ис хъазгæйæ, кæнæ исты зæрдæмæдзæугæ ми кæнгæйæ. «Цы ми чындæуа? — хъуыды кæнын мæхи нымæр. — Цæмæй ахъазон?» Стæй сфæнд кодтон: «Цон æмæ лæппутимæ футболæй ахъазон».

Уый куыддæр ахъуыды кодтон, афтæ мæ мæ къæхтæ дуары æдде фæкодтой, пирожнæ та афтæ тæбæгъы баззади.

Фæцæуын уынджы æмæ æвиппайды ахъуыды кодтон: «Фæлæуу! Ай цы ми кæнын? Кæд мæм футболæй хъазын цæуы, уæд хъазын нæ хъæуы. Лæг афтæмæй хъаруджын кæны?». Æз хъавыдтæн фæстæмæ фездæхынмæ, фæлæ ахъуыды кодтон: «Цон æмæ бакæсон, лæппутæ куыд хъазынц, уымæ, мæхæдæг нæ ахъаздзынæн». Мæ бацыдмæ лæппутæ гъæйттæй хъазыдысты. Шишкин мæ куы ауыдта, уæд мæм хъæр кæны:

— Цы фæдæ? Дæс голы нын куы бакъуырдтой! Тагъд нын феххуыс кæн!

Мæхæдæг дæр æй нал бамбæрстон, футболæй хъазын куыд райдыдтон, уый.

Нæхимæ та æнафоны æрбацыдтæн æмæ ахъуыды кодтон:

— «Ехх, цæй æнæхъару дæн, цæ! Райсомæй бæргæ фидар лæууыдтæн мæ хъуыдытыл, фæлæ сæ ныр ацы æнæхайыры футболы тыххæй фехæлдтон!»

Кæсын æмæ пирожнæ лæууы тæбæгъы. Æз æй райстон æмæ йæ бахордтон.

«Уæддæр, — зæгъын, — мæ дзырдæн хицау нæ дæн».

Ликæ æрбауад, кæсы æмæ тæбæгъ афтид.

— Дæхи йæм нал баурæдтай? — бафарста мæ.

— Цæмæ «нал баурæдтон»?

— Пирожнæ бахордтай?

— Æмæ дзы дæу та цы кæсы? Бахордтон æмæ цы. Дæ пирожнæ, мыййаг, куы нæ бахордтон!

— Æмæ цæуыл мæсты кæныс? Æз куы ницы зæгъын. Æгæр дæр ма йæм фæлæууыдтæ. Стыр хъаруйы хицау дæ. Æз та бынтон æнæхъару дæн.

— Цæмæн æнæхъару дæ?

— Мæхæдæг дæр æй нæ зонын. Дæ пирожнæ ма райсоммæ куы ныууагътаис, уæд дын æй, æвæццæгæн, мæхæдæг бахордтаин.

— Уæдæ мæн хъаруджын хоныс?

— Кæй зæгъын æй хъæуы, дæхи уромын фæразыс.

Æз гыццыл фæныфсджындæр дæн æмæ сфæнд кодтон, райсомæй фæстæмæ та дарддæр мæ хъарутыл кусын, абон кæд нæ фæрæстмæ дæн, уæддæр. Нæ зонын, хорз бон куы скодтаид, уæд ацы хатт куыд рауадаид, уый, фæлæ уыцы бон райсомæй уарын райдыдта æмæ футболæй хъазæн фæз сцъыф æмæ дзы хъазæн нæ уыд. Хъазæн дзы, иугæр, нæ уыд, уæд уырдæм мæ зæрдæ нал æхсайдта. Æвæдза адæймаг диссаг у! Вæййы афтæ: хæдзары бадыс, лæппутæ та уыцы рæстæг футболæй хъазынц; ды та бадыс æмæ хъуыды кæныс: «Цы мæгуыр дæн, цы мæгуыр, хæрзæнамонд! Лæппутæ иууылдæр хъазгæ кæнынц, æз та хæдзары бадын». Фæлæ хæдзары куы бадай æмæ куы зонай, иннæ лæппутæ дæр хъазгæ нæ кæнынц, фæлæ иууылдæр сæ хæдзæртты бадынц, зæгъгæ, уæд дæм æппындæр ахæм хъуыдытæ не ’рцæудзæн.

Афтæ рауад абон дæр. Уынджы уарыди фæззыгон лыстæг къæвда, æз та нæхимæ бадтæн æмæ æнцад ахуыр кодтон. Мæ ахуыр рæвдз цыди, цалынмæ арифметикæмæ нæ бахæццæ дæн, уæдмæ. Фæлæ уæд афæнд кодтон, мæ сæр цæуыл хойын, зæгъгæ, фæлтау цон нæ лæппутæй искæмæ æмæ мын баххуыс кæна арифметикæ скæнынæн.

Æз уайтагъд мæхи арæвдз кодтон æмæ араст дæн Сорокин Аликмæ. Нæ звенойы арифметикæ уымæй хуыздæр ничи ахуыр кæны. Арифметикæйæ йын кæддæриддæр пятёркæтæ вæййы. Бацыдтæн æм сæхимæ, кæсын æмæ дын стъолы уæлхъус бады æмæ йæхæдæг йæхиимæ шахмæттæй хъазы.

— Æгайтма æрбацыдтæ! — загъта уый. — Ныртæккæ æз æмæ ды шахмæттæй ахъаздзыстæм.

— Æз, — зæгъын, — шахмæттæй хъазынмæ не ’рбацыдтæн. Фæлтау мын арифметикæ скæнынæн баххуыс кæн.

— Агъа, хорз, ныртæккæ. Æрмæст цы, уый зоныс? Арифметикæ нын бирæ кæнинаг нæу. Æз дын сæ иууылдæр цæсты фæныкъуылдмæ бамбарын кæндзынæн. Цæй æмæ уал раздæр шахмæттæй ахъазæм. Уæддæр дæ шахмæттæй хъазын сахуыр уæвын хъæуы, уымæн æмæ шахмæттæ тынг æххуыс кæмынц арифметикæ базонынæн.

— Нæ, — зæгъын, — сайыс?

— Нæ, æцæг зæгъын! Ды зоныс, æз арифметикæйæ хорз цæмæн ахуыр кæнын, уый? Уымæн æмæ шахмæттæй хъазын.

— Гъемæ кæд афтæ у, уæд хорз, — сразы дæн æз.

Фигурæтæ равæрдтам æмæ хъазын байдыдтам. Æрмæст æз уайтагъд бамбæрстон, йемæ æппындæр хъазæн кæй нæй, уый. Хъазтмæ йæ бон æнцад кæсын нæ уыд æмæ-иу æз раст куы нæ ацыдтæн, уæд-иу смæсты ис æмæ мыл æдзух хъæртæ кодта.

— Исчи ма афтæ хъазы? Кæдæм бабырыдтæ? Искуы ма афтæ цæугæ федтай? Уый дын гъе! Цавæр цыд у уый?

— Цæуылнæ у цыд? — фæрсын æй æз.

— Уымæн æмæ дын дæ пешкæ ахæрдзынæн.

— Æмæ йæ, — зæгъын, — ахæр, хæлар дын уæд, æрмæст мыл ма хъæртæ кæн, дæ хорзæхæй!

— Куыннæ дыл хъæртæ кæнон, ахæм æдылы цыд куы кæнай, уæд!

— Дæуæн, — зæгъын, — пайдадæр у: тагъддæр мæ амбулдзынæ.

— Мæн, — дам, — фæнды зондджын лæджы амбулын, дæу хуызæн хъазæгæй рамбулын та мæм ницы кæсы.

— Уæдæ дæумæ гæсгæ æз зондджын нæ дæн?

— О, тынг зондджын нæ дæ.

Афтæ мæ алы къахдзæфæн дæр æфхæрдта, цалынмæ парти нæ рамбылдта, уæдмæ, стæй загъта:

— Ноджыдæр ма ахъазæм.

Æз мæхæдæг дæр сцыбæл дæн æмæ мæ йæ амбулын тынг фæндыд, цæмæй йæхицæй мауал æппæлыдаид.

— Хорз, — зæгъын, — æрмæст æнæ хъæртæй, фæлæ мыл куы хъæртæ кæнай, уæд ныууадздзынæн æмæ ацæудзынæн.

Ногæй та хъазын байдыдтам. Ацы хатт хъæртæ нал кодта, фæлæ, æвæццæгæн, æнæ дзургæйæ хъазын дæр нæ зыдта æмæ тутийау дзæнгæда цагъта æмæ мæстæй марæн ныхæстæ дзырдта:

— Агъа! Мæнæ куыд ацыдтæ! Агъа! Угу! Мæнæ ныр цы зондджын стæ! Уый дын диссаг!

Йæ ныхæстæй мæ зæрдæ хæццæ кодта.

Ацы хатт дæр та æз фембылды дæн, стæй ма мæ цал хатты амбылдта, уый мæ зæрдыл нал лæууы. Стæй райдыдтам арифметикæ ахуыр кæнын, фæлæ та ам дæр йе ’взæр миниуæг равдыста. Æнцадæй исты бацамонын йæ бон нæ уыд:

— Ай æнцон куы у, уæд æй куыннæ ’мбарыс? Уый гыццыл сывæллæттæ дæр куы зонынц! Ам цы нæ бамбæрстæуа, ахæмæй цы ис? Цавæр дæ! Раппаринаг фæкъаддæргæнинагæй раиртасын дæ бон куы нæ у! Мах уый æртыккаг къласы куы ахуыр кодтам. Цавæр дæ, уæларвæй æрхаудтæ æви цы?

Æз æм дзурын:

— Кæд дын зын у æнцадæй бамбарын кæнын, уæд æз æндæр искæмæ дæр ацæудзынæн.

— Омæ дын æй æнцадæй куы æмбарын кæнын, фæлæ мæ ды не ’мбарыс!

— Ау, уый, — зæгъын, — æнцадæй æмбарын кæнын у? Куыд æмбæлы, афтæ мын æй бамбарын кæн. Арвæй æрхаудтæн æви нæ, уыимæ дæ цы хъуыддаг ис!

Цæй хорз, мæсты ма кæн, æз дын æй æнцадæй бамбарын кæндзынæн.

Фæлæ æнцадæй æмбарын кæнын нæ зыдта. Суанг изæрмæ йемæ фæцархайдтон, фæлæ уæддæр бирæ нæ бамбæрстон. Æппæтæй тынгдæр хъыг та уый уыд, æмæ йæ шахмæттæй иу хатт дæр кæй нæ амбылдтон. Йæхицæй афтæ куы нæ æппæлыдаид, уæд хъыг дæр нæ уыдаид. Ныр мæ фæндыди, æнæмæнг æй куы ам былдтаин, уый, æмæ йæм уæдæй фæстæмæ алы бон дæр цыдтæн арифметикæ ахуыр кæнынмæ, æмæ-иу æнæхъæн сахæттæ тох кодтам шахмæттæй.

Куыдфæстæмæ фæцахуыр дæн хъазын æмæ-иу æй иуæй-иу хатт æмбулгæ дæр акодтон. Афтæ-иу рауад, раст зæгъын хъæуы, стæм хатт, фæлæ-иу мын тынг æхсызгон уыд. Куы-иу фæцæйæмбылды кодта, уæд-иу, фыццаджыдæр, тутийау дзæнгæда нал цагъта; дыккагæй та, кодта тынг мæсты: куы-иу фестади, куы та-иу абадти, куы та-иу йæ сæрмæ фæлæбурдта. Иу ныхасæй худæг уыд уымæ кæсын. Æз афтæ нæ дæн. Æмбылды куы кæнон, уæд мæсты не суыдзынæн, ме ’мбал куы ’мбылды кæна, уæд та цин нæ кæндзынæн. Алик та афтæ нæу: куы рацæйæмбулы, уæд йæ цин уромын йæ бон нæ вæййы, куы фæцæйæмбылды кæны, уæд та йæ фырмæстæй йæ сæрыхъуынтæ тонынмæ бирæ нал фæхъæуы.

Цæмæй шахмæттæй хъазын хорз базонон, уый тыххæй нæхимæ хъазыдтæн Ликæимæ, папæ-иу нæхимæ куы уыд, уæд-иу уыимæ дæр ахъазыдтæн. Иу хатт папæ афтæ, мæнмæ, дам, кæмдæр уыд чиныг, шахмæттæй хъазыныл ахуыргæнæн, æмæ, дам, дæ кæд фæнды хорз хъазын, уæд æй бакæс. Æз æй уыцы минут агурын байдыдтон æмæ йæ ссардтон, алыхуызон зæронд чингуытæ кæм уыд, уыцы карзинкæйы. Раздæр афтæ æнхъæлдтон, ацы чиныджы ницы бамбардзынæн, зæгъгæ, фæлæ йæ кæсын куы байдыдтон, уæд разынд бынтон хуымæтæджы æвзагæй фыст æмæ æнцон æмбарæн. Чиныджы фыст уыди, шахмæттæй хъазын хæстæй уæлдай нæу, архайын хъæуы инициативæ хи къухтæм тагъддæр райсыныл, дæ фигурæтæ тагъддæр размæ ракæныныл, знаджы лæууæн бынатмæ баирвæзыныл æмæ йын йæ къаролмæ атакæйы бацæуыныл, зæгъгæ. Чиныджы фыст уыди, шахмæтты партитæ куыд райдайын хъæуы, ныббырсынмæ куыд бацæттæ кæнын хъæуы, хи куыд хъахъæнын хъæуы, уый, æмæ æндæр алыхуызон хорз хъуыддæгтæ. Уыцы чиныг æз фæкастæн дыууæ боны, стæй æртыккаг бон Аликмæ куы бацыдтæн, уæд æй фæд-фæдыл æмбулын байдыдтон. Алик дис кодта æмæ не ’мбæрста, цы хабар у, уый. Ныр хъуыддаг фендæрхуызон ис. Цалдæр боны фæстæ æз афтæ дæсны хъазын байдыдтон, æмæ мæ æнæнхъæлæджы дæр нал æмбылдта.

Шахмæттæй нæ арифметикæмæ бирæ нал æвдæлди, æмæ мын Алик амонын байдыдта тагъд-тагъд, мæнæ куыд фæзæгъынц, куыдфæнды уæд, зæгъгæ, афтæ. Шахмæттæй хъазын бæргæ базыдтон, фæлæ нæ бафиппайдтон, арифметикæйæ хуыздæр арæхсын байдыдтон, уый. Арифметикæйæ мæ хъуыддаг раздæры хуызæн æвзæр уыд, æмæ сфæнд кодтон шахмæттæй хъазын ныууадзын. Стæй шахмæттæй хъыг дæр стæн. Аликимæ хъазын мæм нал цыди, уымæн æмæ алы хатт дæр æмбылды кодта. Æз загътон, шахмæттæй нал хъаздзынæн, зæгъгæ.

— Уый та куыд! — загъта Алик. — Шахмæттæ ныууадзынмæ хъавыс? Ды шахмæттæй хъазынмæ диссаджы хорз куы арæхсыс! Дæуæй рауайдзæн номдзыд шахматист, хъазын куы нæ ныууадзай, уæд!

— Ницы, — зæгъын, — арæхсын! Мæхи зондæй дæ куы не ’мбылдтон. Æппæт уыдæттæ æз чиныджы сахуыр кодтон.

— Цавæр чиныджы?

— Ис ахæм чиныг — шахмæттæй хъазыныл ахуыргæнæн чиныг. Кæд дæ фæнды, уæд дын æй кæсынмæ авæрдзынæн æмæ мæнæй æвзæрдæр нæ хъаздзынæ.

Аличы бафæндыд уыцы чиныг тагъддæр бакæсын. Нæ дыууæ дæр нæхимæ рацыдыстæм. Æз ын радтон шахмæттæй хъазыныл ахуыргæнæн чиныг æмæ йæ цæмæй тагъддæр бакæса, уый тыххæй сæхимæ згъорыныл фæци. Æз та мæхицæн загътон, шахмæттæй нал ахъаздзынæн, цалынмæ арифметикæйæ фæхъæддыхдæр уон, уæдмæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.