Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Цыппæрæм сæр



Цыппæрæм сæр

Рацыди æртæ, кæнæ цыппар боны, чи зоны, æмæ фондз, ныртæккæ хорз нал лæууы мæ зæрдыл, афтæ дын иу хатт нæ редактор Серёжæ Букатин урочы загъта:

— Ольгæ Николаевнæ, нæ редколлегийы уæнгтæй нывкæнын хорз ничи зоны. Фарон нын-иу нывтæ æдзух Федя Рыбкин кодта, ныртæккæ нæм нæй, нывтæ чи кæна, уый, æмæ къулы газет зæрдæмæдзæугæ нал уайы. Нывгæнæг нæравзарын хъæуы.

— Нывгæнæгæй æвзарын хъæуы, нывтæ кæнынмæ дæсны чи у, ахæмы, — загъта Ольгæ Николаевнæ. — Бавдæлæм æмæ бакæнæм афтæ: райсом алчи дæр йæ нывтæ æрхæссæд. Æмæ гъе уæд равзардзыстæм, нывтæ хуыздæр чи кæны, уый.

— Æмæ нывтæ кæмæ нæй, уый та? — бафарстой лæппутæ.

— Æмæ абон скæнут нывтæ, фæйнæ иу нывы уæд та скæнут. Уый зын нæу.

— Бæгуыдæр, — сразы стæм неппæт дæр.

Дыккаг бон неппæт дæр нывтæ æрбахастам.

Чи зæронд нывтæ æрбахаста, чи та ног нывтæ скодта. Иуæй-иутæм нывтæ уыди æнæхъæн æргъом, Игорь Грачёв та æрхаста æнæхъæн альбом. Æз дæр иу цалдæр нывы æрбахастон.

Неппæт дæр нæ нывтæ нæ партæтыл равæрдтам æмæ ныл Ольгæ Николаевнæ зылди æмæ уыдта нывтæ. Фæстагмæ бацыди Игорь Грачёвмæ æмæ йын кæсын байдыдта йæ альбоммæ. Игоры альбомы уыдысты æппæт денджызты, науты, лодкæты нывтæ.

— Игорь Грачёв уеппæтæй дæр хуыздæр кæны нывтæ, — загъта Ольгæ Николаевнæ, — æмæ нын ды уыдзынæ нывгæнæг.

Игорь фырцинæй йæ мидбылты худти. Ольгæ Николаевнæ альбомы иу сыф рафæлдæхта æмæ дзы ауыдта, йæ, уæлæ дæргъытæ хæдон, йæ дзыхы лулæ кæмæн уыд, ахæм морячы ныв, раст къулыл цы ныв уыдис, уый хуызæн. Ольгæ Николаевнæ йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта æмæ Игормæ æдзынæг ныккаст. Игорь скатай, асырхи æмæ загъта:

— Къулыл æз скодтон морячы ныв.

— Гъе уый дын хъуыддаг, гъе, фæлæ фæрсгæ куы кодтам, уæд нæ састæ! Уый хорз нæу, Игорь, хорз нæу! Цæмæн афтæ бакодтай?

— Мæхæдæг дæр æй нæ зонын, Ольгæ Николаевнæ! Афтæ куыддæр æнæбары рауад. Нæ йыл ахъуыды кодтон.

— Цæй, хорз фæуæд, æгайтма йыл ныр басастæ. Фæсурокты директормæ бацу æмæ дзы хатыр ракур.

Фæсурокты Игорь бацыд директормæ æмæ дзы хатыр куырдта. Уæд ын Игорь Александрович загъта:

— Паддзахад скъола сцалцæг кæныныл бахардз кодта бирæ æхца. Дыккаг хатт æй ничиуал сцалцæг кæндзæн. Ацу уæхимæ æмæ сихор куы бахæрай, уæд-иу æрбацу.

Фæссихор Игорь скъоламæ æрбацыд, ведрайы йын ахорæн радтой. Игорь къул афтæ сахуырста, æмæ чысыл моряк нал зынди.

Мах æнхъæлдтам, ныр æй Ольгæ Николаевнæ нывгæнæгæй нал бауадздзæн, зæгъгæ, фæлæ Ольгæ Николаевнæ загъта:

— Къултæ халыны бæсты фæлтау къулы газетæн нывгæнæг у.

Уæд æй мах редколлегимæ нывгæнæгæй равзæрстам, æмæ иууылдæр цин кодтой, æз дæр цин кодтон, æрмæст мæнæн, раст зæгъгæйæ, цин кæнын не ’мбæлд, æмæ цæуылнæ, уый радзурдзынæн.

Шишкины фæзмгæйæ, æз хæдзары æппындæр нал кодтон хынцинæгтæ æмæ æдзух архайдтоп уыдон лæппутæй сфыссыныл. Мæнæ куыд фæзæгъынц, афтæ рауад: «Кæуыл сахуыр уай, уый фæзмдзынæ».

«Ацы хынцинæгтыл мæ сæр цæмæн сæттон? — хъуыды кодтон æз. — Уæддæр сæ куы нæ æмбарын. Фæлтау сæ искæмæй сфысдзынæн æмæ хъуыддаг рæвдз уыдзæн. Афтæ тагъддæр дæр у, стæй хынцинæгтæ кæнын нæ зоныс, зæгъгæ, мæм уый тыххæй нæхимæ мæсты дæр ничи кæндзæн».

Алы хатт дæр-иу мæ къухы бафтыд хынцинæгтæ лæппутæй искæмæй сфыссын, фæлæ мын æй нæ отряды советы сæрдар Толя Дёжкин мæ цæстмæ дардта.

— Ды хынцинæгтæ кæнын никуы сахуыр уыдзынæ, иудадзыг сæ цæттæйæ лæппутæй куы фыссай, уæд! — загъта Толя.

— Æмæ мæ хъæугæ дæр ницæмæн кæны, — дзуапп ын лæвæрдтон æз. — Æз арифметикæйæ никуы ницы бамбардзынæн. Кæд æнæ арифметикæйæ искуыд фæцæрин.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хæдзармæ куыст искæмæй æнцон сфыссæн уыд, фæлæ мæм къласы фыссæн фæйнæгмæ куы фæдзурой, уæд зæрдæ дарæн ис æрмæст искæй сусæг амындыл Хорз у æмæ лæппутæ сусæгæй ацамонынц. Æрмæст Глеб Скамейкин, сусæгæй амоныны ныхмæ тох кæндзынæн, зæгъгæ, куы загъта, уæдæй нырмæ хъуыды кодта æмæ кодта æмæ æппынфæстаг æрхъуыды кодта ахæм хъуыддаг: къулы газет чи уагъта, уыцы лæппуты сардыдта, цæмæй мыл карикатурæ скодтаиккой. Æмæ, дын, мыл иу бон къулы газеты фæзынд карикатурæ даргъ хъустимæ, æмæ мæ сныв кодтой фыссæн фæйнæджы раз, цыма хынцинаг кодтон, уыйау, мæ хъустæ та дæргъæй-дæргъмæ. Уый та уымæн афтæ скодтой, цæмæй сусæг амынд хуыздæр хъусон. Стæй ма уыцы карикатурæйы бын ныффыстой мæнæ ахæм æнад æмдзæвгæгæндтæ:

Махæн Витя сусæг амынд

Бирæ уарзы, сты хæлар,

Фæлæ уымæн сусæг амынд

Зиан æрхæсдзæн тагъд, хæрз тагъд.

Кæнæ æндæр ахæм цыдæртæ, хорз сæ нал хъуыды кæнын. Иу цыбыр дзырдæй, цавæрдæр æнæхъола митæ. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг рамæсты дæн æмæ уайтагъд бамбæрстон, уыцы ныв мыл Игорь Грачёв кæй скодта, уый, уымæн æмæ цалынмæ уый къулы газеты нæ уыд, уæдмæ дзы карикатурæ æппындæр никæд уыд.

Æз æм бацыдтæн æмæ йын загътон:

— Ныртæккæ рафтау уыцы карикатурæ, кæннод дын æвзæр уыдзæни!

Уый мын загъта:

— Мæ бон нæу йæ райсын. Æз нывгæнæг йеддæмæ ницы дæн. Мæнæн загътой æмæ дæ æз сныв кодтон, фæлæ йæ рафтауын мæ хъуыддаг нæу.

— Уæдæ кæй хъуыддаг у?

— Редакторы хъуыддаг. Алцæмæн дæр уынаффæ уый кæны.

Уæд Серёжæ Букатинæн загътон:

— Уæдæ уый ды бакодтай? Дæхиуыл нæ рауагътай карикатурæ, фæлæ мæныл рауагътай!

— Афтæ æнхъæлыс, æмæ мæ кæуыл бафæнды, ууыл мæхæдæг рауадзын? Редколлеги нæм ис. Æмæ хъуыддаг неппæт иумæ алыг кæнæм. Глеб Скамейкин дыл æмдзæвгæ ныффыста æмæ загъта, карикатурæ куыд скæнæм, афтæ, уымæн æмæ сусæгæй амоныны ныхмæ тох кæнын хъæуы. Мах отряды советы бауынаффæ кодтам, цæмæй ахуыргæнæг куы фæфæрсы, уæд-иу сусæгæй мачиуал амонæд, зæгъгæ.

Уæд æз Глеб Скамейкинмæ бауырдыг дæн:

— Ныртæккæ йæ, — зæгъын, — рафтау, кæннод дæ фысы сыкъа фестын кæндзынæн!

— Уый та куыд — фысы сыкъа? — нæ бамбæрста уый.

— Фысы сыкъа дæ фестын кæндзынæн æмæ дæ ныррыг кæндзынæн!

— Кæс-ма, кæс! — загъта Глебкæ. — Тынг дæ фæтарстыстæм!

— Уæдæ æз газетæй карикатурæ мæхæдæг раскъуындзынæн, кæд нæ фæтарстыстут, уæд.

— Йæ раскъуынын дæ бон нæу, — загъта Толя Дёжкин. — Раст дыл куы нæ ныффыстаиккой, уæд дæр йæ раскъуынын дæ бон нæу, фæлæ хъуамæ йæ ныхмæ ныффыссай, раст нæу, зæгъгæ.

— А, — зæгъын, — йæ ныхмæ ныффыссон, раст пæу, зæгъгæ? Ныртæккæ уын æз афтæ афысдзынæн.

Лæппутæ иууылдæр æрæмбырд сты къулы газетыл, карикатурæмæ кастысты æмæ худтысты. Фæлæ æз уыцы хъуыддаг ныууадзынмæ нæ хъавыдтæн æмæ сбадтæн йæ ныхмæ фыссыныл, раст нæу, зæгъгæ. Æрмæст мын дзы ницы рауад, уымæн æмæ нæ зыдтон, куыд ныффыстаин, уый. Уæд æз бацыдтæн нæ пионервожатый Володямæ, радзырдтон ын æмæ йæ фæрсын байдыдтон, куыд фыссын хъæуы, уымæй.

— Хорз, æз дын бацамондзынæн, — загъта Володя. — Ныффысс, хуыздæр ахуыр кæнын кæй райдайдзынæ æмæ дын сусæгæй амонын кæй нал хъæудзæн. Дæ уацхъуыд дын къулы газеты рауадздзысты, æз та сын зæгъдзынæн, карикатурæ куыд рафтауой газетæй, афтæ.

Æмæ гъе афтæ бакодтон æз. Газетмæ ныффыстон уацхъуыд æмæ уым дзырд радтон, хуыздæр ахуыр кæнын райдайдзынæн æмæ мæ зæрдæ сусæг амындыл нал дардзынæн, зæгъгæ.

Дыккаг бон карикатурæ газетæй систой, мæ уацхъуыд та мын рауагътой тæккæ зынгæдæр ран. Уый мæнæн уыд тынг æхсызгон æмæ æцæгæй дæр сфæнд кодтон хуыздæр ахуыр кæнын райдайын, фæлæ йæ фæстæмæ-фæстæмæ æргъæвтон, цалдæр боны фæстæ та нæм арифметикæйæ уыдис фысгæ куыст æмæ двойкæ райстон. Раст зæгъын хъæуы, двойкæ канд æз нæ райстон. Сашæ Медведкинæн дæр двойкæ уыд. Дыууæйæ «фесгуыхтыстæм». Ольгæ Николаевнæ нын уыцы двойкæтæ ныффыста нæ дневникты æмæ загъта, нæ ныййарджытæ дневникты сæ къухтæ куыд æрæвæрой, афтæ.

Æнкъардæй цыдтæн æз уыцы бон нæхимæ æмæ хъуыды кодтон, уыцы двойкæйæ куыд фервæзон, кæнæ мамæ цæмæй тынг ма смæсты уа, уый тыххæй йын куыд зæгъон, ууыл.

— Ды бавдæл æмæ бакæ, Митя Круглов куыд кодта, афтæ, — фæндагыл мын загъта Шишкин.

— Митя Круглов та чи у?

— Чи куы зæгъай, уæд Налцыччы мемæ ахуыр кодта.

— Æмæ-иу куыд кодта?

— Уый кодта афтæ: двойкæ-иу куы райста, уæд-иу сæхимæ æрцыд æмæ-иу ницы дзырдта. Æнкъард хуызæй-иу сбадт, æмæ-иу ницы дзырдта. Афтæ мадзурайæ бады сахат, дыууæ, хъазынмæ никæдæм цæуы. Уæд æй йæ мад фæрсы:

«Цы кæныс, цы?» «Куы ницы».

«Уæдæ цæуыл æнкъардæй бадыс?» «Афтæ, æнæуый».

«Кæд, мыййаг, скъолайы исты бæллæх бакодтай?»

«Ницы бакодтон».

«Искæимæ фæхыл дæ?»

«Ницы фæхыл дæн».

«Уæд та скъолайы рудзынг асастай?»

«Нæ асастон».

«Ай дын диссаг!» — загъта-иу мад. Сихорыл-иу куы сбадт, уæд-иу ницы хордта.

«Цæуылнæ исты хæрыс?» «Нæ мæм цæуы». «Хæрын дæм нæ цæуы?» «Нæ».

«Ауай, дæхи аирхæфс æмæ дæм уæд хæрын дæр æрцæудзæн». «Нæ цæуын». «Уæдæ цы кæныс?» «Ницы».

«Кæд, мыййаг, рынчын дæ?» «Нæ дæн».

Йæ мад ын-иу йæ ныхыл авæрдта йæ къух, йæ тæвд-иу ын сбарста. Стæй-иу ын загъта:

«Тæвд куы нæ дæ. Уæд цы кæныс? Дæ мæтæй сæрра уыдзынæн!»

«Арифметикæйæ двойкæ райстон». — «Оххай! — загъта-иу мад. — Æмæ уæдæ двойкæйы тыххæй æрхъуыды кодтай ацы комеди?»

«Комеди аразыны бæсты сбад æмæ дæ уроктæ ахуыр кæн. Æмæ дын уæд двойкæ дæр нæ уыдзæн», — дзуапп-иу радта мад. Æндæр ын-иу ницы загъта. Кругловы та-иу æндæр ницы хъуыд.

— Омæ, — зæгъын, — хорз. — Иу хатт афтæ бакæнæд, фæлæ йæ дыккаг хатт йæ мад уайтагъддæр базондзæн, двойкæ кæй райста, уый.

— Дыккаг хатт та æндæр исты æрæмысдзæн.

— Æвæццæгæн, уыцы Круглов тынг зондджын уыди, — загътон æз.

— О, — загъта Шишкин, — тынг зондджын уыд, двойкæтæ арæх иста æмæ-иу алы хатт дæр алыхуызон хабæрттæ æрæмысыд, цæмæй йæм йæ мад тынг ма загъд кодтаид.

Æз нæхимæ æрбаздæхтæн æмæ сфæнд кодтон уыцы Митя Кругловы бафæзмын: куыддæр бахæццæ дæн, афтæ бандоныл абадтæн сæргуыбырæй æмæ тынг æнкъардхуызæй. Мамæ уый уайтагъд фæфиппайдта æмæ мæ афарста:

— Цы кæныс, цы? Двойкæ, мыййаг, райстай?

— О, — зæгъын.

Æмæ мæм гъе уæд райдыдта загъд кæнын.

Уый дзурын диссаг дæр нæу.

Дыккаг бон Шишкин дæр райста двойкæ уырыссаг æвзагæй æмæ йæм сæхимæ афтæ тынг хæцыдысты, æмæ йæ раст хæрдты схауын кодтой, стæй та иу боны фæстæ нæ дыууæйыл дæр къулы газеты фæзынд карикатурæ. Цыма æз æмæ Шишкин уынджы фæцæуæм æмæ нæ фæдыл двойкæтæ къæхтæй згъорынц.

Æз уайтагъд рамæсты дæн æмæ Серёжæ Букатинæн загътон:

— Уый цавæр хабар у! Нал нæ ныууадздзыстут?

— Цæуыл тæвд кæныс? — фæрсы мæ Серёжæ. — Гæды ныхасæй дзы куы ницы ис, двойкæтæ куы райстат.

— Цыма нæ дыууæ йеддæмæ ничи райста! Сашæ Медведкин дæр двойкæ куы райста æмæ дзы уый кой цæуылнæ ис?

— Уыцы хъуыддаг æз нæ зонын. Мах Игорæн загътам, цæмæй уе ’ртæйы дæр сныв кодтаид, фæлæ æрмæст уæ дыууæйы цæмæн сныв кодта, уый нæ зонын.

— Æз хъавыдтæн æртæйы дæр сныв кæнынмæ, — загъта Игорь, — фæлæ æртæйæ газеты нæ бацыдыстут. Гъемæ уæд скодтон æрмæст уæ дыууæйы ныв. Иннæ номыры та æртыккаджы сныв кæндзынæн.

— Уæддæр, — зæгъын, — æз ацы хъуыддаг афтæмæй нæ ныууадздзынæн. Æз йæ ныхмæ ныффысдзынæн, раст кæй нæу, уый тыххæй!

Шишкинæн загътон:

— Цæй ныффыссæм.

— Уый та куыд?

— Куыдкуы: къулы газетмæ ныффысдзыстæм æмæ хуыздæр кæй ахуыр кæндзыстæм, уый тыххæй дзырд раттæм. Ай размæ мын Володя афтæ бацамыдта.

— Гъемæ хорз, — сразы ис Шишкин. — Ды уал ныффысс, стæй йæ æз дæуæй рафысдзынæн.

Æз сбадтæн æмæ ныффыстон, хуыздæр ахуыр кæндзынæн æмæ двойкæ никуыуал райсдзынæн, зæгъгæ. Шишкин æй мæнæй рафыста æмæ ма йыл йæхицæй афтыдта, четвёркæйæ дæлдæр бæрæггæнæн нал райсдзынæн, зæгъгæ.

— Уый, — дам, — сæ тынгдæр бауырндзæн.

Мах дыууæ уацхъуыды дæр Серёжæ Букатинмæ радтам æмæ йын æз загътон:

— Дæ бон у æмæ карикатурæ рафтауай, нæ уацхъуыдтæ та нын æппæты зынгæдæр ран баныхас.

Уый нын загъта:

— Хорз.

Дыккаг бон скъоламæ куы æрцыдыстæм, уæд кæсæм æмæ карикатурæ ауыгъдæй лæууы йæ бынаты, нæ уацхъуыдтæн та сæ кой дæр нæй. Æз мæхи Серёжæйыл ныццавтон. Уый мын загъта:

— Цы дзырд раттай, ууыл мах редакцион коллегийы æрныхас кодтам æмæ бауынаффæ кодтам, цæмæй йæ къулы газеты ма-ма рауадзæм, уымæн æмæ ма ды иу хатт дзырдрадтай, хуыздæр ахуыр кæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ нæ ахуыр кæныс, суанг ма двойкæ дæр райстай.

Æз загътон:

— Хорз. Мæ уацхъуыд рауадзын уæ кæд нæ фæнды, уæд æй ма рауадзут, фæлæ уæ хæс у карикатурæ рафтауын.

— Ницы, дам, у нæ хæс. Кæд дæм афтæ кæсы, æмæ алы хатт дæр дзырд ратт, фæлæ йæ æххæст кæнын нæ хъæуы, зæгъгæ, уæд рæдийыс.

Уæд Шишкин дæр йæхи нал баурæдта:

— Ау, æмæ æз нырма иу хатт дæр куы никуы радтон дзырд. Уæд мын мæ уацхъуыд цæуылнæ рауагътат?

— Дæ уацхъуыд рауадздзыстæм иннæ номыры.

— Æмæ цалынмæ иннæ номыр рацæуа, уæдмæ хъуамæ ауыгъдæй лæууон?

— Æнæмæнг.

— Гъемæ хорз, — загъта Шишкин.

Фæлæ æз ууыл банцайынмæ нæ хъавыдтæн.

Дыккаг переменæйы Володямæ бацыдтæн æмæ йын мæ хабæрттæ иууылдæр ракодтон.

Уый загъта:

— Æз лæппутимæ аныхас кæндзынæн, цæмæй къулы газет тагъддæр рацæуа æмæ дыууæ уацхъуыды дæр рауадзой. Тагъд нæм уыдзæн ахуыры æййафындзинады тыххæй æмбырд æмæ уæ уацхъуыдтæ сæ тæккæ афоныл рацæудзысты.

— Ау, æмæ карикатурæ ныртæккæ раскъуынæн æмæ йын йæ бынаты уацхъуыдтæ бакæнæн нæй? — бафарстон æз.

— Афтæ не ’мбæлы, — дзуапп радта Володя.

— Уæдæ иубон афтæ цæмæн бакодтат?

— Цæмæн цæ, уæд æнхъæл уыдыстæм, дæ ныхас сæххæст кæндзынæ, зæгъгæ, æмæ дын ныххатыр кодтам. Фæлæ алы хатт къулы газетæн халæн нæй. Нæ газетты сеппæты дæр æвæргæ кæнæм. Уыдонмæ гæсгæ уый фæстæ базонæн уыдзæн, кълас куыд куыста, скъоладзаутæ куыд ахуыр кодтой, уый. Чи зоны, ахуыргæнинæгтæй исчи куы сырæза, уæд суа зынгæ мастер, куыстады раззагдæр, тæхæг кæнæ ахуыргонд. Уæд къулы газеттæм æркæсгæйæ, базонæн уыдзæн, куыд ахуыр кодта, уый.

«Гъе уый хъуыддаг у, гъе! — ахъуыды кодтон æз. — Куы сырæзон æмæ, мыййаг, номдзыд бæлццон кæнæ тæхæг куы суон (рагæй сфæнд кодтон номдзыд тæхæг кæнæ бæлццон суæвын), уæд исчи ацы зæронд газет куы фена, уæд зæгъдзæн: „Гъе, æфсымæртæ, скъолайы уый двойкæтæ куы иста!“»

Уыцы хъуыдытæ мæ сæрæй налхызтысты æмæ иу сахат мæ чемы нал уыдтæн, æмæ Володяимæ дæр быцæу нал кодтон. Стæй уый фæстæ чысылгай æрсабыр дæн æмæ сфæнд кодтон, цалынмæ сырæзон, уæдмæ мæ амондæн кæд газет фесæфид æмæ афтæмæй кæд худинагæй фервæзин, зæгъгæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.