Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;ртыккаг сæр



Æртыккаг сæр

Сæрды нын ые скъола сцалцæг кодтой. Кълæсты къултæ чъырæй сцагътой, æмæ ахæм сыгъдæг, ахæм дзæбæх уыдысты, æмæ сæм адæймаг кæсынæй не ’фсæсти. Алцыдæр уыди ноджы хуызæн. Æхсызгон у ахæм къласы ахуыр кæнын! Адæймагмæ кæсы рухсдæр, уæрæхдæр, стæй зæрдæ дæр хъæлдзæгдæр кæны.

Æмæ дын дыккаг бон къласмæ куы бацыдтæн, уæд кæсын æмæ фыссæн фæйнæджы фарсмæ æвзалыйæ конд чысыл матросы ныв. Йæ уæлæ дæргъытæ цъында хæдон, уæрæх хæлафы фадгуытæ йын дымгæ фæйлаудта, йæ сæрыл æнæ козырек худ, йæ дзыхы — лулæ, æмæ дзы фæздæг науы трубайы хуызæн хæрдмæ къæдз-мæдзытæй цыди. Чысыл моряк ахæм ракæнон æмæ хъæбатыр хуыз уыди, æмæ йæм æнæ худгæйæ кæсæн нæ уыд.

— Уыцы ныв Игорь Грачёв скодта, — фехъусын мын кодта Вася Ерохин. — Æрмæст, хъусыс, комдзог ма рацу!

— Æмæ, — зæгъын, — комдзог цæмæн хъуамæ рацæуон? — бафарстон æз.

Лæпнутæ партæтыл бадтысты, диссагау кастысты чысыл морякмæ, худтысты æмæ кодтой алы худæджы ныхас:

— Чысыл моряк немæ ахуыр кæндзæн! Гъе уый дын гъе!

Дзæнгæрæг ныццæгъдыны хæд размæ къласмæ æрбазгъордта Шишкин.

— Чысыл морячы федтай? — зæгъгæ, йын къулмæ амонын.

Уый æм бакасти.

— Уый Игорь Грачёв сныв кодта, — загътон æз. — Æрмæст ма схъæр кæн.

— Цæй хорз, мæхæдæг дæр æй зонын! Уырыссаг æвзаджы уроктæ скодтай?

— Бæгуыдæр скодтон, — дзуапп ын радтон æз. — Ау, æз мæ уроктæ не скæнгæйæ скъоламæ цæуын?

— Зоныс, æз сæ не скодтон. Нæ сæ базыдтон. Æри-ма дæ тетрад æмæ сæ сфыссон.

— Æмæ ма сæ, — зæгъын, — кæд сфысдзынæ? Ныртæккæ урок райдайдзæн.

— Ницы кæны. Урочы рæстæджы сæ сфысдзынæн.

Æз ын уырыссаг æвзаджы тетрад радтон æмæ уырдыгæй фыссын райдыдта.

— Байхъус-ма, — зæгъы, — дзырд «светлячок»-ы разæфтуаны бын иу хахх цæмæн бакодтай? Иу хахх уидаджы бын хъæуы.

— Бирæ, — зæгъын, — æмбарыс! — Уый уидаг куы у.

— Ныууадз дæ хорзæхæй. «Свет» уидаг у? Искуы ма дзырды разæй уидаг вæййы? Æмæ уæд, дæумæ гæсгæ, разæфтуан та кæм ис?

— Ацы дзырды разæфтуан уæвгæ дæр нæй.

— Дзырд æнæ разæфтуан дæр вæййы?

— Бæгуыдæр вæййы.

— Æз та знон цас фæхъуыды кодтон: разæфтуан дзы, зæгъын, ис, уидаг ис, фæлæ дзы кæрон ничердæм уади.

— Гъы, куысыфтæг сæр! — загътон æз. — Æмæ уый мах æртыккаг къласы куы ахуыр кодтам.

— Омæ сæ нал хъуыды кæнын. Уæдæ дын иууылдæр раст конд сты? Æз сæ афтæ сфысдзынæн.

Æз ын хъавыдтæн, уидаг, разæфтуан æмæ кæрон цы сты, уый радзурынмæ, фæлæ уалынмæ дзæнгæрæг ныццагътой æмæ къласмæ æрбацыди Ольгæ Николаевнæ. Уый уайтагъд чысыл морячы ауыдта æмæ йæ цæсгом фæтар.

— Уый та цавæр ныв у? — зæгъгæ, — æнæхъæн къласыл йæ цæст ахаста. — Чи скодта къулыл ацы ныв?

Лæппутæ иууылдæр ныхъус сты.

— Къул чи фехæлдта, уый хъуамæ сыста æмæ басæтта, — загъта Ольгæ Николаевнæ.

Иууылдæр бадтысты æнæ дзургæйæ. Ничи сыстад æмæ ничи басаст. Ольгæ Николаевнæ уыди мæсты.

— Лæппутæ, кълас сыгъдæг дарын хъæуы, уый нæ зонут? Алчи дæр уæ къултыл нывтæ куы кæна, уæд нæ кълас цæй хуызæн уыдзæн? Чъизийы бадын уæм хорз куы нæ кæсы. Æви уæм, мпйаг кæсы?

— Нæ, нæ! — райхъуыст цалдæр æнæныфс хъæлæсы.

— Уæдæ йæ чи скодта?

Ничи ницы дзуры.

— Глеб Скамейкин, ды къласы старостæ дæ æмæ хъуамæ зонай, ныв чи скодта, уый.

— Æз ын ницы зонын, Ольгæ Николаевнæ. Æз куы ’рбацыдтæн, уæд чысыл моряк къулыл уыд.

— Диссаг! — загъта Ольгæ Николаевнæ. — Уæддæр æй чидæр скодта. Знон къул сыгъдæг уыди, къласæй мæнæй фæстæдæр ничи ацыди. Абон къласмæ раздæр чи ’рбацыд?

Лæппутæй ничи састи. Алчи дæр дзырдта, къласы бирæ лæппутæ æрбаййæфтон, зæгъгæ.

Цалынмæ ууыл ныхæстæ цыд, уæдмæ Шишкин мæ тетрадæй гъæйттæй фыста йæ тетрадмæ. Фыст фæци, мæ тетрадыл мын чернилæ æркалдта æмæ мын æй фæстæмæ радта.

— Ай та, — зæгъын, — циу? Сыгъдæг тетрад айстай æмæ мын æй чъизийæ дæттыс!

— Барæй йæ не счъизи кодтон.

— Мæ хъуыддаг нæу, барæй йæ счъизи кодтай æви æнæбары! Цы кæнын æз чъизи тетрадæй?

— Омæ ма дын æй куыд радтон сыгъдæгæй, кæд счъизи ис, уæд? Æндæр хатт дын æй нал счъизи кæндзынæн.

— Уый та, — зæгъын, — цавæр æндæр хатты кой кæныс?

— Æндæр хатт, дæ тетрадæй та куы фыссон, уæд.

— Æмæ, — зæгъын, — алы хатт дæр мæн тетрадæй фыссынмæ хъавыс?

— Алы хатт цæмæн? Æрмæст иуæй-иу хатт.

Ууыл нæ ныхас ахицæн ис, уымæн æмæ раст уыцы минут Ольгæ Николаевнæ фыссæн фæйнæгмæ фæдзырдта Шишкинмæ æмæ йын радта, скъолайы къултæ чи ахуырста, уыцы малярты тыххæй хынцинаг. Хынцинаджы базонын хъуыдис, æппæт къæлидортæ æмæ кълæстæ сахорыныл скъола æхца цас бахардз кодта, уый.

Æз ахъуыды кодтон, мæгуыр Шишкин, зæгъын, бабын! Фæйнæгыл хынцинаг скæнын искæй тетрадæй сфыссыны хуызæн нæу!

Фæлæ мæм диссаг фæкаст, Шишкин хынцинаг скæнынмæ куыд хорз сарæхст, уый. Æцæг ыл бирæ фæцархайдта, урочы кæронмæ, уымæн æмæ хынцинаг уыдис даргъ æмæ зын кæнæн, фæлæ йын сусæгæй ничи амыдта, æмæ бæрæг уыд, йæхæдæг алцыдæр хорз кæй æмбæрста, уый.

Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, неппæт дæр бамбæрстам, Ольгæ Николаевнæ нын ахæм хынцинаг барæй кæй радта, стæй нæ ууыл кæй нæ ныууадздзæн, уый. Фæстаг урочы нæм къласмæ æрбацыди скъолайы директор Игорь Александрович.

Игорь Александрович бакæсгæйæ æппындæр мæстыгæр нæу. Кæддæриддæр вæййы сабыр, йæ хъæлæс ныллæг, фæлмæнарæзт. Фæлæ æз Игорь Александровичæй кæддæриддæр тынг тæрсын, тынг стыр кæй у, уымæ гæсгæ. Асæй мæ фыды йас, æрмæст ноджы бæрзонддæр, йæ уæрæх, парахат пиджак, æртæ æгънæгыл æвæргæ, йæ фындзыл та кæсæнцæстытæ.

Æз æнхъæл уыдтæн, Игорь Александрович ныл хъæртæ кæндзæн, зæгъгæ, фæлæ нын сабырæй радзырдта, паддзахад алы ахуыргæнинагыл дæр цас хардз кæны, стæй хорз ахуыр кæнын, скъолайы исбон æмæ скъолайæн йæхи хъахъæнын дæр куыд ахсджиаг сты, уыдæттæ. Уый загъта, скъолайы исбон æмæ къултæ чи халы, уый адæмæн кæй кæны зиан, уымæн æмæ æппæт фæрæзтæ дæр скъолатæн дæттынц адæм. Фæстагмæ Игорь Александрович загъта:

— Къулыл ныв чи скодта, уый, æвæццæгæн, нæ фæндыд скъолайæн зиан æрхæссын. Æргомæй йыл куы басæтта, уæд равдисдзæн, æнæгæды адæймаг кæй у æмæ афтæ æнæ ахъуыдыйæ кæй бакодта, уый.

Игорь Александрович цыдæриддæр загъта, уыдон мæм тынг бахъардтой æмæ æнхъæл уыдтæн, ныртæккæ Игорь Грачёв сыстдзæн æмæ басæтдзæн, уый кæй уыди, ууыл, фæлæ Игоры, æвæццæгæн, æппындæр нæ фæндыд йæхи æнæгæды адæймагæй равдисын æмæ, æнæдзургæйæ, бадти йæ партæйыл. Уæд Игорь Александрович загъта, къул чи ныхъулæттæ кодта, уымæ ныртæккæ æвæццæгæн худинаг кæсы ууыл басæттын, зæгъгæ, фæлæ дам-иу йæ мийыл ахъуыды кæнæд æмæ уæд фæныфсджын уыдзæн æмæ мæм кабинетмæ æрбацæудзæн.

Урокты фæстæ нæ пионерты отряды советы сæрдар Толя Дёжкин Игорь Грачёвмæ бацыд æмæ йын загъта:

— Уый цавæр дæ? Чи дын загъта æмæ къултæ халай? Уыныс, цытæ рауадис, уый!

Игорь йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта:

— Омæ цы кодтон? Мæн афтæ фæндыд?

— Уæдæ цæмæн сныв кодтай?

— Мæхæдæг дæр æй нæ зонын. Æнæ ахъуыдыйæ бавдæлдтæн æмæ сныв кодтон.

— «Æнæ ахъуыдыйæ»! Æнæхъæн къласы дæр фæхудинаг кодтай!

— Æнæхъæн къласы та цæмæн?

— Уымæн æмæ алкæмæй дæр банхъæлдзысты.

— Æмæ кæд æндæр къласæй исчи æрбауад æмæ йæ уый сныв кодта, уæд та?

— Хъусыс, афтæ куыд никуыуал бакæнай, — загъта Толя.

— Хорз, лæппутæ, никуыуал бакæндзынæн, æз æрмæст афтæ хъавыдтæн, афæлварон, зæгъгæ, — йæхи раст кодта Игорь.

Сæрфæн хæцъил райста æмæ чысыл морячы хафын райдыдта, фæлæ къул ноджы фæфыддæр. Чысыл моряк ма уæддæр зынди, йæ алыварс та къул дардта чъизи. Уæд лæппутæ Игорæй хæцъил айстой æмæ йæ нал бауагътой къул дарддæр чъизи кæнын.

Фæсурокты та ацыдыстæм футболæй хъазынмæ æмæ та фæхъазыдыстæм суанг изæрдалынгтæм. Нæхимæ куы рацыдыстæм, уæд мæ Шишкин сæхимæ баласта. Уый дæр кæд цæры, æз кæм цæрын, уыцы уынджы, махмæ хæрзхæстæг, иу чысыл хъæдын дыууæуæладзыг хæдзары. Нæ уынджы хæдзæрттæ иууылдæр стыртæ сты, мах хæдзары хуызæн, цыппаруæладзыгон æмæ фондзуæладзыгон хæдзæрттæ. Æз рагæй хъуыды кодтон: ацы гыццыл хъæдын хæдзары чи цæры, уыдон цавæр адæм сты?

Æмæ кæд цæры ам Шишкин. Æнафон кæй уыд, уымæ гæсгæ мæ Шишкинтæм цæуын нæ фæндыд, фæлæ мын афтæ зæгъы:

— Зоныс, нæхимæ мæм хæцдзысты, æнафонмæ кæй фæхъазыдтæн, уый тыххæй, фæлæ ды мемæ куы ’рбацæуай, уæд мæм афтæ загъд нæ кæндзысты.

— Мæнмæ дæр, — зæгъын, — нæхимæ хæцдзысты.

— Ницы кæны. Кæд дæ фæнды, уæд уал раздæр махмæ бауайæм, стæй та сымахмæ æмæ нæ иумæ дæр æмæ ме ’ннæмæ дæр нæ хæцдзысты.

— Гъемæ хорз, — сразы дæн æз.

Мах бацыдыстæм параднæйыл, схызтыстæм хъысхъысгæнæг, дзыгъуыр гæзæнхъæдджын асинтыл æмæ Шишкин бахоста, иуæй-иу рæтты бур нымæты гæппæлтæ кæй бынæй зындысты, ахæм сау клеёнкæйæ æмбæрзт дуар.

— Уый цы хабар у, Костя! Афтæ æнафонмæ кæм уыдтæ? — афарста йæ йæ мад, дуар нын гом кæнгæйæ.

— Мамæ, базонгæ у ме ’мбал Малеевимæ, скъолайы иумæ ахуыр кæнæм. Иу партæйыл бадæм.

— Цæй, мидæмæ рацæут, мидæмæ, — загъта мад, йæ хъæлæсы уаг фæныллæгдæр кæнгæйæ.

Мах бахызтыстæм къæлидормæ.

— Мæ къонайыл! Цъыфæй уæхи афтæ кæм самæстат? Уæхимæ-ма бакæсуг!

Æз Шишкинмæ бакастæн. Йæ цæсгом иууылдæр уыд сырх. Йæ уадултыл æмæ йæ ныхыл чъизийы лæдæрсæнтæ. Йæ фындзы къоппа уыд сау. Æз дæр, æвæццæгæн, хуыздæр нæ уыдтæн, уымæн æмæ пурти мæ цæсгомыл сæмбæлди. Шишкин мæ йæ рæмбыныкъæдзæй басхуыста:

— Цом нæхи ныхсæм, кæннод уыцы хуызæнæй уæхимæ куы бацæуай, уæд дын фенын кæндзысты.

Уатмæ бахызтыстæм æмæ мæ Шишкин йæ фыды хоимæ базонгæ кодта:

— Зинæ, уый ме скъолайы æмбал Малеев у. Иу къласы ахуыр кæнæм.

Зинæ уыд хæрзæрыгон, æмæ йæ раздæр æз Шишкины хистæр хо фæхуыдтон, фæлæ разынд йæ фыды хо. Зинæ мæм касти æмæ худти. Æвæццæгæн тынг худæг уыдтæн, мæ чъизимæ гæсгæ. Шишкин мын мæ фарс бакъуырдта. Хихсæнмæ бацыдыстæм æмæ райдыдтам нæхи æхсын.

— Ды сырдтæ уарзыс? — фарста мæ Шишкин, цалынмæ мæ цæсгом сапонæй æууæрстон, уæдмæ.

— Уый, — зæгъын, — цавæр сырдтæ уой, уымæ гæсгæ. Кæд тигртæ æмæ кæфхъуындартæ, уæд ахæмтæ нæ уарзын. Уыдон хæцгæ кæнынц.

— Æз дæ ахæм сырдтæй нæ фæрсын. Мыстытæ уарзыс?

— Мыстытæ дæр, — зæгъын, — нæ уарзын. Уыдон дзаумæттæ халынц: цæуылдæриддæр фæхæст уой, уый æхсынынц.

— Ницы æхсынынц. Цытæ мысыс?

— Куыд не ’хсынынц? Иу хатт ма мын тæрхæгыл мæ чиныг дæр куы бахсыдтой.

— Æмæ сын ды, æвæццæгæн, хæринаг нæ лæвæрдтай?

— Æндæр мæ мæт нæй! Мыстыты дæр ма куы хæссин!

— Уæдæ куыд? Æз сын алы бон дæр ныккæнын хæринаг. Хæдзар дæр ма сын сарæзтон.

— Дæ зонд, — зæгъын, — фæцыди! Мыстытæн та хæдзæрттæ чи аразы?

— Уыдон дæр хъуамæ искæм цæрой. Цом-ма уæдæ æмæ фенæм мыстыты хæдзар.

Нæхи æхсад фестæм æмæ кухнямæ бацыдыстæм. Уым стъолы бын уыдис спичкæйы къоппытæй арæзт чысыл хæдзар, бирæ рудзгуытæ æмæ дуæрттимæ. Цавæрдæр гыццыл урс сырдтæ-иу куы рудзгуытæй, куы та-иу дуæрттæй рабырыдысты æмæ къултыл цæрдæг хылдысты, стæй та-иу фæстæмæ бабырыдысты чысыл хæдзармæ. Хæдзары сæрыл уыд труба, трубайæ дæр йæ сæр радар-радар кодта иу чысыл урс сырд.

Æз дисы бацыдтæн.

— Цавæр сырдтæ, — зæгъын, — сты?

— Цавæр куы зæгъай, уæд мыстытæ.

. — Æмæ мыстытæ цъæх куы сты, адон та цыдæр æнахуыр урс куы сты.

— Гъемæ адон урс мыстытæ сты. Ау, урс мыстытæ никуы федтай?

Шишкин иу мысты лæппын рацахста æмæ мын æй мæ къухмæ радта.

Мысты лæппын уыд урс-урсид, миты хуызæн, æрмæст ын уыд даргъ фæлурссырх къæдзил, цыма йын астыхсти, уыйау.

Уый æнцад бадти мæ армы тъæпæны æмæ йæ фæлурс сырх фындз ракæ-бакæ кодта, цыма уæлдæф цæй тæф кæны, уымæ смыста, уыйау, йæ цæстытæ дæр уыдысты сырх-сырхид, кораллы чысыл фæрдгуытау.

— Мах хæдзары, — зæгъын, — урс мыстытæ нæй, махмæ ис æрмæст цъæх мыстытæ.

— Адон хæдзæртты нæ вæййынц, — ныххудти Шишкин. — Æлхæнын сæ хъæуы... Æз дзы зоомагазины цыппар балхæдтон, æмæ кæсыс, цал баисты. Кæд дæ фæнды, уæд дын дзы дыууæ балæвар кæнон?

— Æмæ сæ цæмæй хæсдзынæн?

— Уыдон алцыдæр хæрынц. Къурупа зæгъай, дзул, æхсыр.

— Цæй, хорз, — сразы дæн æз.

Шишкин хъæбæр гæххæттæй конд чысыл къопп рацагуырдта æмæ дзы дыууæ мысты нывæрдта æмæ къопп йæ дзыппы атъыста.

— Æз сæ мæхæдæг ахæссон, кæннод сæ ды æвæлтæрдæй ныцъист кæндзынæ, — загъта Костя.

Мах нæ къурткæтæ кæнæм, цæмæй махмæ араст уæм, уый тыххæй.

— Кæдæм та цæуыс? — афарста Костяйы йæ мад.

— Æз ныртæккæ фездæхдзынæн, æрмæст иу минут Витятæм бауайон, зæрдæ йын бавæрдтон.

Мах уынгмæ рацыдыстæм æмæ иу минутмæ уыдыстæм нæхимæ. Мамæ куы федта, иунæгæй нё рбацыдтæн, уый, уæд мæм ницыуал сдзырдта, æрæгмæ кæй æрбаздæхтæн, уый тыххæй.

— Уый, — зæгъын, — ме скъолайы æмбал Костя у.

— Ды ног ахуыргæнинаг дæ, Костя? — бафарста мамæ.

— О, æз æрмæст ацы аз бацыдтæн.

— Æмæ ай размæ кæм ахуыр кодтай?

— Налцыччы. Мах уым цардыстæм, æмæ мæ фыды хо Зинæ дæсæм кълас каст куы фæци, уæд сфæнд кодта театралон скъоламæ бацæуын. Æмæ уæд ардæм ралыгъдыстæм, Налцыччы театралон скъола нæй.

— Кæм дæм хуыздæр кæсы: амæви Налцыччы?

— Налцыччы хуыздæр у, фæлæ ам дæр хорз у. Мах ма Краснозаводскы дæр цардыстæм, уым дæр хорз уыди.

— Уæдæ дын хорз характер ис, кæд дæм злы ран дæр хорз кæсы, уæд.

— Нæ, хорз характер мын нæй. Мамæ афтæ зæгъы, лæмæгъ характер, дам, дын ис æмæ, дам, царды хорзæй никуы ницы сараздзынæ.

— Æмæ дын мамæ цæмæн афтæ зæгъы?

— Уымæн æмæ æз уроктæ афоныл никуы скæнын.

— Уæдæ ды дæр нæхи Витяйы хуызæн дæ. Уый дæр нæ уарзы уроктæ афоныл кæнын. Бавдæлут æмæ уæ дыууæ дæр иумæ уæ характер аивут.

Уыцы ныхæстæ куыд кодтам, афтæ Ликæ æрбацыди æмæ æз загътон:

— Уый та дын мæ хо Ликæ, базонгæ у.

— Æгас цу! — загъта Шишкин.

— Æгас цу! — дзуапп радта Ликæ æмæ цыма лæппу нæ, фæлæ равдысты æвæрд цавæрдæр ныв уыди, уыйау æм ракæс-бакæс кодта.

— Мæнæн хо нæй, — загъта Шишкин. — Стæй мын æфсымæр дæр нæй. Ничи мын ис, бынтон иунæг дæн.

— Æмæ дæ фæнды, хо кæнæ дын æфсымæр уа, уый? — бафарста йæ Ликæ.

— Бæгуыдæр мæ фæнды. Æз сын хъазæнтæ саразин, сырдтæ-иу сын балæвар кæнин, мæ хъус сæм-иу дарин, аудин сыл. Мамæ афтæ акæны, ды, дам, æнæмæт дæ. Æмæ æнæмæт цæмæн дæн? Уымæн æмæ кæуыл мæт кæнон, уый мын нæй.

Дæ мадыл мæт кæн.

Куыд ыл мæт кæнон? Йæ куыстмæ куы ацæуы, уæд æм æнхъæлмæ кæс æмæ кæс, изæры æрбацæуы, фæлæ изæрæй дæр арæх фæстæмæ ацæуы.

— Æмæ дæ мад цы куыст кæны?

— Мæ мад шофёр у.

— Уæд та дæхиуыл мæт кæн, æмæ уæд дæ мадæн æнцондæр уыдзæн.

— Уый зонын, — дзуапп радта Шишкин.

— Дæ къурткæ ссардтай? — бафарста Ликæ.

— Цавæр къурткæ? О, хæдæгай! Ссардтон, куыннæ ссардтон. Кæм æй ныууагътон футболæй хъазгæйæ, раст уым лæууыди.

— Афтæмæй дæ иу хатт уазал бацæудзæн, — загъта Ликæ.

— Нæ, уанцон нæу!

— Кæй зæгъын æй хъæуы, уазал дæ бацæудзæн. Зымæджы дæ худ кæнæ дæ пъалто искуы куы ферох кæнай...

— Нæ, пъалто нæ ферох кæндзынæн... Мыстытæ уарзыс?

— Мыстытæ... м-м-м, — фæуыргъуыйау ис Ликæ.

— Дыууæ мысты дын балæвар кæнон?

— Нæ, уанцон нæу!

— Тынг хорз сты, — загъта Шишкин æмæ йæ дзыппæй фелвæста, урс мыстытæ кæм уыдысты, уыцы къопп.

— О, мæнæ цы дзæбæх сты! — ныхъыллист кодта Ликæ.

— Мæ мыстытæ йын дæттыс? — фæтарстæн æз. — Раздæр сæ мæнæн балæвар кодтай, ныр та уымæн!

— Адоны йын æрмæст æвдисгæ кæнын, лæвар та йын æндæрты ракæндзынæн, ноджыдæр ма мæм куы ис, — загъта Шишкин. — Кæнæ дæ кæд фæнды, уæд ын адон балæвар кæнон, дæуæн та æндæртæ балæвар кæндзынæн.

— Нæ, нæ, — загъта Ликæ, — адон Витяйы уæнт.

— Гъемæ хорз, æз дын райсом æндæртæ æрбахæсдзынæн, адон та æрмæст уынгæ фæкæ.

Ликæ йæ къухтæ мыстытæм бадардта:

— Хæцгæ нæ кæнынц?

— Уанцон нæу! Бынтон æрмахуыр сты.

Шишкин куы ацыди, уæд æз æмæ Ликæ печениты афтид къопп райстам æмæ дзы рудзгуыты æмæ дуæртты хуызæн хуынчъытæ скодтам æмæ мыстыты уым бакодтам. Мыстытæ рудзгуытæй ракæс-ракæс кодтой æмæ уыдонмæ кæсын тынг диссаг уыд.

Уроктæ та кæнын райдыдтон тынг æрæджиау. Куыд фæкæнын, афтæ та æз раздæр скодтон, æнцондæр чи уыд, уыдон, æппæты фæстæ та райдыдтон арифметикæйы хынцинаг кæнын. Хынцинаг та разынди зын кæнæн. Уымæ гæсгæ æз хынцинæгты чиныг сæхгæдтон, мæ чингуытæ иууылдæр бафснайдтон мæ хызыны æмæ сфæнд кодтон, райсом æй ме ’мбæлттæй искæмæй сфысдзынæн, зæгъгæ. Æз мæхæдæг хынцинаг кæныныл куы схæцыдаин, уæд мамæ базыдтаид, мæ уроктæ уыцы æнафонмæ конд кæй не сты, уый, æмæ мын уайдзæфтæ кодтаид, мæ уроктæ æхсæвмæ кæй ныууадзын, уый тыххæй. Мæ фыд та мын хынцинаг амонын райдыдтаид æмæ йæ йæ куыстæй цæмæн къуылымпы кæнон! Уадз æмæ фæлтау йæ лæгъзгæнæн приборæн чертёжтæ кæна, кæнæ хъуыды кæнæд, исты модель куыд хуыздæр саразын хъæуы, ууыл.

Цалынмæ уроктæ кодтон, уæдмæ Ликæ мыстыты хæдзары бæмбæг нывæрдта, цæмæй сæхицæн ахстон скодтаиккой, уый тыххæй. Ныккодта сын къурупа, бассæста сын дзул, иу чысыл тæбæгъы та сын æхсыр ныккодта. Чысыл рудзынгæй сæм куы бакæсай, уæд фендзынæ, мыстытæ куыд бадынц æмæ къурупа куыд хæрынц, уый.

Иуæй-иу хатт-иу сæ исчи йæ фæстаг къæхтыл абадт æмæ-иу йæ раззаг дзæмбытæй йаехи æхсын райдыдта. Уый стыр худæг нæу? Йæ хæмхудтæ афтæ тагъд аууæрста дзæмбытæй, æмæ йæм мард дæр нæ фæлæууыдаид æнæ худгæ. Ликæ сæ разы бадти, рудзынгæй сæм бакæс-бакæс кодта æмæ худти.

— Цæй хорз æмбал дын ис, Витя! — загъта Ликæ, æз дæр сæм кæсынмæ куы бацыдтæн, уæд.

— Костяйæ, — зæгъын, — зæгъыс?

— О.

— Æмæ цæмæй у афтæ хорз?

— Æгъдауджын у. Куыд хорз ныхас кæны. Мæнимæ дæр ма аныхæстæ кодта.

— Æмæ цæуылнæ хъуамæ ныхас кæна дæуимæ?

— Уымæн æмæ æз чысыл чызг дæн.

— Уый та куыд, чызгимæ ныхасгæнæн нæй?

— Иннæ лæппутæ нæ ныхас кæнынц. Сæхицæй буц сты, æвæццæгæн. Æмæ семæ афтæмæй лымæн уæвæн куыд ис.

Æз ын зæгъынмæ хъавыдтæн, Шишкин уый бæрц хорз нæу, уроктæ йе ’мбæлттæй сфыссы, мæ тетрадыл мын чернилæ дæр ма ныккалдта, зæгъгæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ загътон:

— Цыма мæхæдæг нæ зонын, Костя хорз кæй у, уый! Мæнæн æвзæр æмбæлттæ нæй. Нæ къласы лæппутæ иууылдæр хорз сты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.