Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыккаг сæр



Дыккаг сæр

Чызджытæ сеппæт дæр афтæ æнхъæлынц, цыма тынг зондджын сты. Нæ зонын, цæмæн афтæ æнхъæл сты! Мæ кæстæр хо Ликæ бахызти æртыккаг къласмæ æмæ ныр, æнхъæл у, зæгъгæ, йæ бон у мæ коммæ æппындæр нæ кæсын, цыма æз йæ хистæр æфсымæр дæр нæ дæн æмæ æппындæр ницыуал дæн. Цал æмæ йын цал хатты загътон, скъолайæ куы æрцæуай, уæд-иу æвиппайды уроктæ кæныныл ма сбад, зæгъгæ. Уый тынг зиан у! Скъолайы цалынмæ ахуыр кæнай, уæдмæ сæры магъз бафæллайы, æмæ уый хъуамæ раздæр сахат æмæ æрдæг — дыууæ сахаты йæ фæллад суадза, стæй уый фæстæ уроктæ сахуыр кæн. Фæлæ Ликæйæн фæнды дзур, фæнды ма, ныхас æм нæ хъары.

Мæнæ та ныр дæр афтæ: нæхимæ æрцыдтæн, кæсын æмæ Ликæ дæр скъолайæ æрыздæхти, æмæ ахуыр кæныныл абадт.

Æз æм дзурын:

— Уый цы ми кæныс? Скъолайы фæстæ сæры магъзæн йæ фæллад суадзын кæнын хъæуы, уый нæ зоныс?

— Уый, — дам, — æз зонын, фæлæ мæм афтæ хуыздæр кæсы. Уроктæ уайтагъд акæндзынæн, стæй мæ бар мæхи: тезгъо мæ фæнда — тезгъо, цы мæ бафæнда, уый кæндзынæн.

— Цавæр æдылы къоппа дæ, — зæгъын, — фарон дын чысыл фæдзырдтон! Фæлæ дын цы бакæнон, кæд дæ хистæр æфсымæрмæ нæ хъусыс, уæд? Куы ницы дæ рауайа, уæд æй бамбардзынæ!

— Æмæ уæдæ куыд кæнон? — загъта Ликæ. — Иу минут дæр мæ бон æнцад бадын нæу, цалынмæ мæ уроктæ скæнон, уæдмæ.

— Цыма сын уый фæстæ скæнæн нал вæййы! — дзуапп ын радтон æз. — Хъуамæ лæг йæхиуыл хæцын зона.

— Нæй, æз фæлтау раздæр мæ уроктæ скæндзынæн, æмæ мæ зæрдæ ницæмæуал æхсайдзæн. Уроктæ та æнцон сты. Цыппæрæм къласы уроктау не сты мыййаг.

— О, — зæгъын, — махмæ сымахмæйы хуызæн нæу. Мæнæ цыппæрæм къласмæ куы бахизай, уæд æй базондзынæ.

— Абон та дын хæдзармæ куыстæн цы радтой? — афарста мæ Ликæ.

— Уый дæ хъуыддаг нæу, — дзуапп ын радтон æз. — Ды йæ уæддæр нæ бамбардзынæ, фæнды дын æй дзур, фæнды ма.

Ахуыргæнæг мын хатткæнынады таблицæ ногæй сахуыр кæнын кæй бафæдзæхста, уый йын куыд схъæр кодтаин! Таблицæ дыккаг къласы ахуыр кæнынц.

Æз сфæнд кодтон ахуыры азы тæккæ райдианы зæрдиагæй ахуыр кæнынмæ бавналын. Æмæ уайтагъд сбадтæн хатткæнынады таблицæ ахуыр кæныныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз æй мæхи нымæр ахуыр кодтон, цæмæй мæ Ликæ ма фехъуыстаид, фæлæ уый уалынмæ йæ уроктæ фæци æмæ азгъордта йе ’мбæлттимæ хъазынмæ. Уæд æз таблицæ ахуыр кæнынмæ бавнæлдтон, куыд æмбæлы, афтæ, хъæрæй. Афтæ хорз æй сахуыр кодтон, æмæ мæ тарф фынæйæ куы райхъал кæнай æмæ мæ куы афæрсай, авд хатты авд кæнæ аст хатты аст цас уыдзæн, зæгъгæ, уæддæр æнæкъуыхцыйæ дзуапп ратдзынæн.

Фæлæ мæ дыккаг бон Ольгæ Николаевнæ урочы бафарста, хатткæнынады таблицæ куыд сахуыр кодтон, уымæй.

— Кæсыс, — загъта уый, — куы дæ бафæнды, уæд дæ бон у, куыд æмбæлы, афтæ ахуыр кæнын! Æз зонын, кæй арæхсис, уый.

Мæ хъуыддаг хорз уыдаид, Ольгæ Николаевнæ мæ æрмæст таблицæйæ куы бафарстаид, уæд, фæлæ ма йæ бафæндыд, цæмæй ма фыссæн фæйнæгыл хынцинаг дæр скодтаин. Æмæ мын уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ хъуыддаг фехæлдта.

Æз фыссæн фæйнæджы цурмæ рацыдтæн, æмæ мын Ольгæ Николаевнæ радзырдта хынцинаг, хæдзар чи арæзта, ахæм цавæрдæр пълотникты тыххæй. Æз хынцинаг фæйнæгыл мелæй ныффыстон æмæ хъуыды кæнын байдыдтон. Фæлæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст дзургæ афтæ кæнын, хъуыды кæнын байдыдтон, зæгъгæ. Ахæм зын хынцинаг мæм æрхаудта, æмæ йыл цыфæнды хъуыды куы фæкодтаин, уæддæр мын дзы ницы рауадаид. Æрмæст ме ’рфгуытæ банцъылдтон, Ольгæ Николаевнæ афтæ куыд банхъæлдтаид, цыма тынг хъуыды кæнын, уыйау, мæхæдæг та сусæгæй бакæс-бакæс кодтон лæппутæм, цæмæй мын ацамыдтаиккой, хынцинаг куыд кæнын хъæуы, уый. Фæлæ фæйнæджы цур чи лæууа, уымæн сусæгæй ацамонын тынг зын у, æмæ ме ’мбæлттæ ницы дзырдтой.

— Гъы, хынцинаг куыд кæндзынæ? — бафарста мæ Ольгæ Николаевнæ. — Фыццаг фарст цавæр уыдзæн?

Æз æрмæст ме ’рфгуытæ тынгдæр нылхынцъ кодтон, æмæ лæппуты ’рдæм фæзилгæйæ мæ тых-мæ бонæй мæ цæст ныкъулын байдыдтон. Лæппутæ бамбæрстой, мæ хъуыддаг хорз кæй нæу, уый, æмæ мын сусæгæй амонын байдыдтой.

— Басабыр ут, лæппутæ, ма йын амонут! Æз ын мæхæдæг баххуыс кæндзынæн, куы хъæуа, уæд, — загъта Ольгæ Николаевнæ.

Йæхæдæг мын æмбарын кæнын райдыдта хынцинаг æмæ загъта, фыццаг фарст куыд кæнын хъæуы, уый. Æз кæд ницы бамбæрстон, уæддæр фæйнæгыл скодтон фыццаг фарст.

— Раст у, — загъта Ольгæ Николаевнæ. — Ныр дыккаг фарст та цавæр уыдзæн?

Æз ногæй ныхъуыды кодтон æмæ лæппутæм цæст ныкъулын байдыдтон. Лæппутæ та мын сусæгæй амонын байдыдтой.

— Басабыр ут! Мæнмæ уæ алы сыбыртт дæр хъуысы, сымах æй æрмæст хъыгдаргæ кæнут! — загъта Ольгæ Николаевнæ æмæ мын амонын байдыдта дыккаг фарст.

Гъе афтæмæй куыдфæстæмæ Ольгæ Николаевнæйы æххуысæй æмæ лæппуты сусæг амындæй æз æппынфæстаг хынцинаг скодтон.

— Бамбæрстай ныр, ахæм хынцинæгтæ куыд кæнын хъæуы, уый? — бафарста мæ Ольгæ Николаевнæ.

— Бамбæрстон, — дзуапп радтон æз.

Æцæгæй та æппындæр ницы бамбæрстон, фæлæ мæм худинаг каст мæ хуырымдзинадыл басæттын, стæй тæрсгæ дæр кодтон, нæ бамбæрстон куы зæгъон, уæд мын Ольгæ Николаевнæ æвзæр бæрæггæнæн сæвæрдзæн, зæгъгæ. Æз мæ бынаты сбадтæн, хынцинаг рафыстон мæ тетрадмæ æмæ сфæнд кодтон, хæдзары ма йыл куыд æмбæлы, афтæ ахъуыды кæнын.

Урок куы фæци, уæд лæппутæн загътон:

— Ольгæ Николаевнæ уæ куыд хъуыстаид, афтæ цæмæн амыдтат? Æнæхъæн къласыл цы хъæр кодтат. Исчи ма сусæгæй афтæ амоны?

— Æмæ дын куыд бацамындæуыдаид уæдæ, кæд æмæ фæйнæджы раз лæууыдтæ, уæд! — загъта Вася Ерохин. — Дæ бынаты дæ куы фарстаид, уæд...

— «Дæ бынаты, дæ бынаты»! Уæдæмæ сабыргай дзурын хъæуы.

— Æз дын раздæр сабыргай амыдтон, фæлæ æнцад лæууыдтæ, нæ дæм хъуысти.

— Ды, æвæццæгæн, дæ фындзы бын гуым-гуым кодтай.

— Уый дын гъе! Дæуæн хъæрæй куы дзурай, уæддæр хорз нæу æмæ сабырæй куы дзурай, уæддæр! Хæйрæг æй базонæд, куыд дын дзурын хъæуы, уый!

— Æппындæр никуыд, — загъта Ваня Пахомов. — Искæй сусæг амындмæ хъусын нæ хъæуы, фæлæ хъуамæ дæхæдæг хъуыды кæнай.

— Мæ сæр та ма, — зæгъын, — цæмæн риссын кæнон, кæд æмæ уыцы хынцинæгтæ не ’мбарын, уæд?

— Хъуыды кæнын дæкæй нæ фæнды, æмбаргæ дæр сæ уымæн нæ кæныс, — загъта Глеб Скамейкин. — Дæ зæрдæ искæй сусæг амындыл дарыс æмæ ахуыр дæр уымæн нæ кæныс. Æз сусæгæй никуы никæмæн бацамондзынæн. Афтæ бакæнын хъæуы, цæмæй къласы æгъдау уа, кæннод нын уый æрмæст зиан хæссы.

— Æнæ дæу дæр мын, — зæгъын, — сусæгæй амонджытæ разындзæн.

— Куыд фæнды дзур, фæлæ æз уæддæр тох кæндзынæн сусæгæй амонджыты ныхмæ, — загъта Глеб.

— Дæхи æгæр схъæл куы нæ кæнис! — дзуапп ын радтон æз.

— Æгæр схъæл та цы хоныс? Æз къласы старостæ дæн! Цыфæнды куы фæуа, уæддæр хъуамæ æз скæнон афтæ, æмæ сусæгæй куыд ничиуал амона.

— Дæхиуыл, — зæгъын, — æгæр фервæссыдтæ, старостæ дæ кæй равзæрстой, уый тыххæй. Абон ды дæ старостæ, райсом та æз уыдзынæн.

— О, куы дæ равзарой, уæд, фæлæ дæ нæма равзæрстой.

Уæд иннæ лæппутæ дæр сæхи фæтъыстой нæ ныхасы æмæ быцæу кæнын байдыдтой, сусæгæй амонын хъæуы æви нæ, зæгъгæ, фæлæ мах быцæуæй ницы рауад, дзæгъæлы фæдзырдтам. Æрбазгъордта Димæ Балакирев. Уый базыдта, сæрды хистæр лæппутæ скъолайы æдде уæгъд быдыры футболæй хъазæн фæз кæй сарæзтой, уый. Мах сфæнд кодтам фæссихор уырдæм æрæмбырд уæвын æмæ футболæй ахъазын. Фæссихор æрæмбырд стæм футболæй хъазæн фæзы, фæдих стæм дыууæ командæйыл, куыд æмбæлы, афтæ ахъазæм, зæгъгæ. Фæлæ нæ командæйы хъаугъа рауад, вратарь чи хъуамæ уа, ууыл. Вратарь лæууын никæй фæндыд. Алкæй дæр фæндыд футболæй хъазын, æппæт фæзы згъорын æмæ голтæ бакъуырын. Иууылдæр дзырдтой, цæмæй вратарь уыдаин æз, фæлæ мæн та фæндыдис центр кæнæ та полузащитник уæвын. Мæ амондæн Шишкин сразы ис вратарæй. Йæ къурткæ феппæрста, æрлæууыд, æмæ хъазт райдыдта.

Раздæр ныл тых кодтой нæ ныхмæлæуджытæ. Уыдон æппынæдзух бырстой махмæ. Нæ командæ иу ран сдзыгуыр сты. Мах футболæй хъазæн быдыры æнæ пайда ратæх-батæх кодтам æмæ æрмæст кæрæдзийы хъыгдардтам. Нæ амондæн Шишкин разындис диссаджы хорз вратарь. Уый йæхи æхста гæдыйау кæнæ франкау, æмæ нæм иунæг пурти дæр не ’рбауагъта. Æппынфæстаг, пурти нæхи бакодтам æмæ йæ нæ разæй ахастам нæ ныхмæлæуджыты ’рдæм. Нæ командæйæ йæ чидæр ныццавта æмæ уыдонмæ скуыси. Хыгъд сси 1:0 мах пайдайæн. Мах фæныфсджындæр стæм æмæ ног тыхтимæ бырсын байдыдтам иннæты ’рдæм. Уайтагъд та сæм пурти ныццавтам æмæ хыгъд ссис 2:0 мах пайдайæн. Фæлæ та хъазт цыдæр хуызы æрбахастой махы ’рдæм. Ногæй та нæ æлхъивын байдыдтой, æмæ ницыуал фæрæзтам пурти нæхи цурæй аппарынæн. Уалынмæ Шишкин пуртимæ къухæй фæлæбурдта, фелвæста йæ æмæ йæ ных комкоммæ сарæзта иннæты ’рдæм. Уый пурти уым зæххыл æрæвæрдта æмæ пурти бацæвынмæ куыддæр хъавыд, афтæ йын Игорь Грачёв, цæрдæг февналгæйæ, пурти йæ разæй аскъæфта æмæ йæ Славæ Ведёрниковмæ балæвæрдта, уый та Ваня Пахомовмæ, æмæ пурти махмæ куыд фæмидæг, уый зонгæ дæр нæ бакодтам. Хыгъд ссис 2:1. Шишкин йæ тых-йæ бонæй азгъордта йæ бынатмæ, фæлæ цалынмæ уый згъордта, уæдмæ та пурти махмæ скуыси. Хыгъд ссис 2:2. Мах Шишкинæн алыввыд акалдтам, йæхимæ кæй нæ каст, уый тыххæй, фæлæ уый йæхи рæстытæ кодта æмæ дзырдта, ныр куыд æмбæлы, афтæ хъаздзынæн, зæгъгæ. Фæлæ йæ зæрдæвæрæн ныхæстæй ницы рауад. Йæ бынатæй-иу разгъордта æмæ та-иу нæм уæд пурти смидæг кодтой. Нæ хъазт ахаста суанг изæрмæ. Мах сын бакъуырдтам æхсæрдæс голы, уыдон та нын дыууын иу гол бакъуырдтой. Мах ма бæргæ фæндыди ахъазын, фæлæ афтæ æрталынг, æмæ пурти нал уыдтам æмæ уæд бар-æнæбары ныууагътам нæ хъазт æмæ афардæг стæм нæ хæдзæрттæм. Фæндагыл иууылдæр æмдзыхæй дзырдтой, мах Шишкины аххосæй фембылд стæм, зæгъгæ, уымæн æмæ уый йæ бынатæй æдзух рагæпп-багæпп кодта.

— Ды, Шишкин, тынг хорз вратарь дæ, — загъта Юрæ Касаткин. — Ды рæвдз куы лæууис, уæд нын нæ командæйыл никуы ничи фæтых уаид.

— Мæ бон æнцад лæууын нæу, — дзуапп радта Шишкин. — Æз баскетболæй хъазын уарзын, уымæн æмæ уым алы лæджы бон дæр у хъазæн фæзы згъорын. Уым дзæгъæлы вратартæ ницæмæн хъæуы, алкæй бон дæр у пурти къухтæй ацахсын. Уæдæмæ баскетболы командæ саразæм.

Шишкин нын райдыдта дзурын, баскетболæй куыд хъазын хъæуы, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы хъазт футболæй æвзæрдæр нæу.

— Нæ физкультурæйы ахуыргæнæгимæ аныхас кæнын хъæуы, — загъта Юрæ. — Кæд нын баскетболы фæз саразынæн баххуыс кæнид.

Цæхæрадонмæ куы бахæццæ стæм, нæ уынджы фæзилæнмæ, уæд Шишкин æрлæууыди æмæ ныхъхъæр кодта:

— Гъе уый дын бæллæх, гъе! Мæ къурткæ быдыры баззад.

Фæстæмæ фæзылди æмæ згъорынмæ фæци. Диссаджы адæймаг уыд уый! Алы хатт дæр ыл-иу исты бæллæх æрцыд. Вæййы ахæм адæймæгтæ!

Æз нæхимæ æрбаздæхтæн изæры фарæстæм сахатыл. Афтæ æнафоны кæй æрбацыдтæн, уый тыххæй мæм мамæ хæцыди, фæлæ æз загътон, æнафон нæма у, зæгъгæ, уымæн æмæ ныр фæззæг у, фæззыгон та сæрдæй раздæр æрталынг вæййы. Сæрдыгон уыцафон куы ’рбаздæхтаин, уæд æнафон никæмæ фæкастаид, уымæн æмæ сæрдыгон бон бирæ даргъдæр у, рухс ма уыдаид æмæ алкæмæ дæр кастаид, нырма раджы у, зæгъгæ.

Мамæ мын загъта, ды алы хатт дæр исты æфсæнттæ ссарыс, зæгъгæ, фæлæ, дам, дæ уроктæ скæн. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ уроктыл сбадтæн. Ома уроктæ кæныныл уайтагъд не сбадтæн, уымæн æмæ футболæй хъазгæйæ тынг бафæлладтæн æмæ мæ фæндыд иу чысыл мæ фæллад суадзын.

— Дæ уроктæ цæуылнæ кæныс? — афарста мæ Ликæ. — Дæ сæры магъз, æвæццæгæн, раджы баулæфыди.

— Сæры магъзы цас баулæфын хъæуы, уый мæхæдæг зонын! — дзуапп ын радтон æз.

Ныр мæм мæ уроктыл æрбадын æппындæр нал цыди, Ликæ йæхицæй ма фæбузныг уа, æз æй сбадын кодтон йæ уроктыл, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ ма сфæнд кодтон ноджыдæр иучысыл аулæфын æмæ сын райдыдтон Шишкины хабæрттæ кæнын, йæ хæлиудзых митæ, стæй дзы йæ къурткæ куыд ферох ис, уый. Уалынмæ папæ йæ куыстæй æрбацыд æмæ дзурын байдыдта, сæ завод Куйбышевы гидроузелæн ног машинæтæ аразыны заказ кæй райста, уый тыххæй. Æмæ та мæм мæ уроктæ кæнын нал цыди, фæндыдис мæ папæмæ байхъусын.

Мæ фыд кусы æндонуадзæн заводы моделтæ аразæгæй. Уый аразы моделтæ. Модель цы у, уый æвæццæгæн ничи зоны, фæлæ йæ æз зонын. Цæмæй машинæйы хæйттæ джиппы рауадзой, уый тыххæй машинæйы уыцы хай раздæр саразын хъæуы хъæдæй. Гъе, машинæйы ахæм хъæдын хай хуыйны модель. Цæмæн хъæуы модель? Цæмæн цæ: модель райсынц æмæ йæ нывæрынц æнæбын æфсæйнаг асыччы хуызæны, стæй уым сыджыт ныккалынц æмæ моделы куы сисынц, уæд сыджыт, моделы формæ куыд у, афтæ дзыхъæй баззайы. Уыцы дзыхъы ауадзынц тад металл æмæ куы ныууазал вæййы, уæд дзы рауайы машинæйы хай, модель цыхуызæндæриддæр у, ахæм. Заводмæ заказ куы ’рбацæуы машинæйы хæйттæ скæнынæн, уæд инженертæ чертёжтæ скæнынц, моделаразджытæ та уыцы чертёжтæм гæсгæ моделтæ саразынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, моделтæ аразæг хъуамæ тынг зондджын уа, уымæн æмæ уый хъуамæ хуымæтæджы чертёжмæ гæсгæ бамбара, цавæр модель аразын хъæуы, уый. Æвзæр модель куы сараза, уæд дзы машинæйы хæйттæ рауадзæн нæ уыдзæн. Мæ фыд тынг хорз моделаразæг у. Уый гыццыл тæнæг электрон хырх дæр æрхъуыды кодта, хъæдæй алыхуызон чысыл хæйттæ ралыг кæнынæн. Ныр та кусы хъæдын моделтæ лæгъз кæнынæн ног дзаума æрхъуыды кæныныл. Раздæр моделтæ къухæй лæгъз кодтой, фæлæ мæ фыд ахæм дзаума куы сараза, уæд моделгæнджытæ моделтæ лæгъз кæндзысты уыцы дзаумайæ. Папæ йæ куыстæй куы ’рбацæуы, уæд кæддæриддæр чысыл аулæфы, стæй уæд йæ лæгъзгæнæны чертёжтæ аразыныл сбады, кæнæ та чингуытæ фæкæсы, йæ прибор æй куыд саразын хъæуы, уый тыххæй, уымæн æмæ уый хуымæтæджы хъуыддаг нæу — лæгъзгæнæн æрхъуыды кæнын.

Папæ æхсæвæр бахордта æмæ сбадти чертёжтæ кæныныл, æз та мæ уроктæ кæныныл сбадтæн.

Æз раздæр сахуыр кодтон географи, уымæн æмæ уый æппæты æнцондæр у. Географийы фæстæ бавнæлдтон уырыссаг æвзагмæ. Уырыссаг æвзагæй мæ хъуыд фæлтæрæн сфыссын æмæ дзырдты уидаг, разæфтуан æмæ кæроны бын бахахх кæнын. Уидаджы бын хъуыд иу хахх бакæнын, разæфтуаны бын — дыууæ хаххы, кæроны бын та — æртæ хаххы. Уый фæстæ сахуыр кодтон англисаг æвзаг стæй уæд бавнæлдтон арифметикæмæ. Хæдзармæ нын ахуыргæнæг ахæм æвзæр хынцинаг радта, æмæ йæ куыд скæнын хъæуы, уый мæ сæр ахсгæ дæр нæ кодта. Æз фæбадтæн æнæхъæн сахат, мæ цæстытæ хынцинæгты чиныджы ныццавтон, мæ сæры магъз дæр æндæр ницы куыста, фæлæ мын ницы æнтысти. Ноджы мæ хуыссæг дæр тынг ахста. Мæ цæстытæ дудыдтой, раст сæ цыма исчи змис ныккодта, уыйау.

— Æгъгъæд бад, — загъта мамæ, — афон дын у бафынæй кæнынæн. Дæ цæстытæй куы нæ уал кæсыс æмæ ма афтæмæй бадгæ куы кæныс!

— Æмæ, — зæгъын, — мæ хынцинаг не скæнгæйæ, райсом скъоламæ ацæуон?

— Бон дæ ахуыр кæнын хъæуы, — дзуапп радта мамæ. — Æхсæв бадыныл дæхи ма ахуыр кæн! Ахæм ахуырæй ницы рауайдзæн, тыххæй ма куы кæсыс.

— Гъемæ уадз æмæ бада, — загъта папæ. — Дыккаг хатт зондзæн, уроктæ æхсæвмæ уадзын кæй нæ хъæуы, уый.

Афтæмæй бадтæн æмæ хынцинагмæ кастæн, цалынмæ мын хынцинаджы дамгъæтæ сæ сæрæй кувын байдыдтой, стæй кæрæдзийы фæстæ æмбæхсынтæй хъазæгау æмбæхсын байдыдтой, уæдмæ. Мæ цæстытæ асæрфтон æмæ та мæ хынцинаг мæ кæсын байдыдтон ногæй, фæлæ дамгъæтæ нæ басабыр сты, хæрдмæ хауын байдыдтой, цыма гæлæмытæй хъазыдысты, уыйау.

— Куыд у, нæ уайы дæ хынцинаг? — бафарста мæ мамæ.

— Æмæ гъа, цыдæр æвзæр хынцинаг, — зæгъын, — у.

— Æвзæр хынцинæгтæ нæ вæййы. Æрмæст вæййы æвзæр ахуыргæнинæгтæ.

Мамæ хынцинаг бакасти æмæ мын æй æмбарын кодта, фæлæ мæ бон бамбарын нæ уыд.

— Ау, скъолайы уын нæ бацамыдтой, ахæм хынцинæгтæ куыд кæнын хъæуы, уый? — бафарста мæ папæ.

— Нæ, — зæгъын, — нæ нын бамбарын кодтой.

— Уый дын диссаг! Æз куы ахуыр кодтон, уæд-иу нын ахуыргæнæг хынцинаг раздæр къласы бамбарын кодта, стæй та-иу нын хæдзармæ куыст радта.

— Ды, — зæгъын, — куы ахуыр кодтай, уæд афтæ уыд, фæлæ махæн Ольгæ Николаевнæ ницы бацамоны. Æрмæст нæ æдзух фæрсы æмæ фæрсы.

— Диссаг у, куыд уæ ахуыр кæнынц, уый!

— Гъе, афтæ нæ, — зæгъын, — ахуыр кæнынц.

— Ольгæ Николаевнæ уын къласы цы радзырдта?

— Ницы нын радзырдта. Къласы фыссæн фæйнæгыл хынцинаг кодтам.

— Равдис-ма мын, цавæр хынцинаг кодтат.

Æз ын равдыстон, тетрады цы хынцинаг сфыстон, уый.

— Кæс-ма амæ, дæхæдæг та ма ахуыргæнæгæй хъаст кæныс! — загъта папæ. — Ай дæр, хæдзармæ уын цы хынцинаг радтой, раст ахæм у. Ахуыргæнæг уын бамбарын кодта, ахæм хынцинæгтæ куыд кæнын хъæуы, уый, — Уый, — зæгъын, — исты ахæм хынцинаг у? Уым ныхас цæуы, хæдзар чи арæзта, уыцы пълотникты тыххæй, ам та ныхас цæуы, ведратæ чи аразы, ахæм цавæрдæр тасмачъигæнджытыл.

— Гъе уæууæй, уæууæй! — загъта папæ. — Скъолайы цы хынцинаг кодтат, уым базонын хъуыд, дыууын фондз пълотничы цал бонмæ сараздзысты аст хæдзары. Хæдзармæ уын цы хынцинаг радтой, уым та базонын хъæуы, æхсæз тасмачъигæнæджы цал бонмæ сараздзысты æртын æхсæз ведрайы. Дыууæ хынцинаджы дæр сты иу хуызы кæнгæ.

Папæ мын амонын райдыдта, хынцинаг куыд кæнын хъæуы, уый, фæлæ мæ сæр бынтондæр сдон ис, ницыуал æмбæрстон.

— Цавæр æдылы дæ! — смæсты ис æппынфæстаг папæ, — дæ хуызæн æдылы никуыма федтон!

Мæ фыд хынцинæгтæ амонын æппындæр нæ зоны. Мамæ афтæ зæгъы, папæмæ, дам, педагогон арæхстдзинæдтæ æппындæр нæй, ома, дам, ахуыргæнæгæн нæ бæззы. Фыццаг дын сабырæй амондзæн, стæй мæсты кæнын райдайы. Куыддæр мæсты кæнын райдайы, афтæ æз æппындæр ницыуал фембарын, æмæ бандоныл раст къодахы бадт фæкæнын.

— Ау, цы дзы не ’мбарыс? — загъта папæ. — Алцыдæр дзы бамбарæн ис.

Папæ куы базоны, ныхасæй мын æй нæ бамбарын кæндзæн, уый, уæд райсы гæххæтт æмæ фыссын райдайы.

— Кæсыс, — загъта уый. — Хæрз æнцон у. Кæс-ма, фыццаг фарст цавæр уыдзæн, уымæ.

Фарст гæххæттыл ныффыста æмæ йæ скодта.

— Гъе уый бамбæрстай?

Раст зæгъгæйæ дзы æппындæр ницы бамбæрстон, фæлæ хуыссæгæй фæцæймардтæн æмæ уымæ гæсгæ загътон:

— Бамбæрстон.

— Кæдæй-уæдæй! — бацин кодта папæ. — Куыд æмбæлы, афтæ хъуыды кæнын хъæуы æмæ уæд алцыдæр æмбардзынæ.

Дыккаг фарст дæр та скодта гæххæттыл:

— Бамбæрстай?

— Бамбæрстон, — загътон æз.

— Кæд æй не ’мбарыс, уæд зæгъ, æмæ ма дын æй иу хатт радзурон.

— Нæ, бамбæрстон æй, бамбæрстон.

Стæй скодта фæстаг фарст. Æз хынцинаг тетрадмæ сыгъдæг рафыстон æмæ йæ нывæрдтонмæ хызыны.

— Кæд фæдæ, уæд тезгъо кæн, — загъта Ликæ.

— Ницы кæны, дæуимæ æз райсом аныхас кæндзынæн! — бахъуыр-хъуыр кодтон æмæ хуыссынмæ ацыдтæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.