Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг сæр



 

Николай Носов. ВИТЯ МАЛЕЕВ В ШКОЛЕ И ДОМА

Перевел на осетинский язык Солтан Абаев

Северо-Осетинское книжное издательство. Орджоникидзе, 1955

 

Николай Носов

Витя Малеев скъолайы æмæ хæдзары

 

Фыццаг сæр. 1

Дыккаг сæр. 4

Æртыккаг сæр. 7

Цыппæрæм сæр. 10

Фæндзæм сæр. 13

Æхсæзæм сæр. 14

Æвдæм сæр. 16

Æстæм сæр. 18

Фарæстæм сæр. 20

Дæсæм сæр. 23

Иуæндæсæм сæр. 25

Дыууадæсæм сæр. 26

Æртындæсæм сæр. 28

Цыппæрдæсæм сæр. 31

Фынддæсæм сæр. 33

Æхсæрдæсæм сæр. 36

Æвддæсæм сæр. 38

Æстдæсæм сæр. 40

Нудæсæм сæр. 42

Ссæдзæм сæр. 44

Дыууын фыццæгæм сæр. 46

 

Фыццаг сæр

Æвæдза, ахъуыды кæн, уæд рæстæг куыд тагъд цæуы! Каникултæ куыд фесты æмæ скъоламæ цæуыны бон кæуылты æрхæццæ, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Сæрд-сæрды дæргъы æрмæст уынгты разгъор-базгъор кодтон, стæй футболæй хъазыдтæн, чингуытæ мæ фæсонæрхæджы дæр нал уыдысты. Ома чингуытæ бынтон æнæ кæсгæ нæ уыдтæн, æрмæст ахуыргæнæн чингуытæ нæ, фæлæ исты аргъæуттæ кæнæ радзырдтæ. Мæнæ уырыссаг æвзаг кæнæ арифметикæ сахуыр кæнон — уый нæ уыди. Уырыссаг æвзаг æнæуый дæр хорз ахуыр кодтон, арифметикæ та уарзгæ нæ кодтон. Хынцинæгтæ кæнынæй зындæр мæм ницы касти. Ольгæ Николаевнæ мын арифметикæйæ сæрдмæ куыст раттынмæ дæр хъавыди, фæлæ мын фæтæригъæд кодта æмæ мæ афтæмæй баивта цыппæрæм къласмæ.

— Дæ сæрд фенад кæнын мæ нæ фæнды, — загъта уый. — Æз дæ афтæ дæр баивдзынæн иннæ къласмæ, фæлæ мын дзырд ратт, сæрды арифметикæ кæй ахуыр кæндзынæ, уый тыххæй.

Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, дзырд радтон, фæлæ нæ куыддæр скъолайæ рауагътой, афтæ арифметикæ мæ сæрæй бынтон федде, æмæ мæ фæсонæрхæджы дæр нал æрцыдаид, скъоламæ цæуын афон куы нæ ралæууыдаид, уæд. Худинаг мæм каст, мæ дзырд кæй нæ сæххæст кодтон, уый, фæлæ ныр уæлдай нал у, донласт хуылыдзæй нæ тæрсы.

Гъе афтæмæй каникултæ уайтагъд аивгъуыдтой! Иу райдзаст райсом — уый уыдис фыццæгæм сентябры — æз раджыгомау фестадтæн, мæ чингуытæ мæ хызыны авæрдтон æмæ араст дæн скъоламæ. Уыцы бон уынгтæ, куыд фæзæгъынц, афтæ, æмызмæлд кодтой. Лæппутæ æмæ чызджытæ, чысылæй-стырæй, цыма сын исчи загъта, уыйау, ракалдысты уынгмæ æмæ скъоламæ цыдысты. Цæугæ та кодтой иугæйттæй, дыгæйттæй, стæй суанг æнæхъæн къордтæй. Чи мæнау сабыргай цыдис, чи та згъоргæ кодта, фæдисы уайæгау. Сабитæ хастой дидинджытæ сæ кълæстæ саив кæнынæн. Чызджытæ цъæхснаг хъæр кодтой. Лæппутæй дæр иуæй-иутæ хъæр кодтой æмæ худтысты. Сеппæт дæр уыдысты хъæлдзæг. Æз дæр хъæлдзæг уыдтæн. Æз цин кодтон, нæ пионерты отряды, нæ къласы лæппуты æмæ нæ фароны вожатый Володяйы та кæй фендзынæн, ууыл. Афтæ мæм касти, цыма æз дæн, раджы кæддæр дард балцы чи ацыд æмæ ныр йæ хæдзармæ чи æрцæйздæхы æмæ мæнæ ныртæккæ, кæм райгуырд, уыцы донбылтæ æмæ бинонты æмæ хæлæртты зонгæ цæсгæмттæ чи фендзæн, ахæм бæлццон.

Фæлæ уæддæр æз бынтон хъæлдзæг нæ уыдтæн, уымæн æмæ зыдтон, скъолайы мын рагæй цы хæлæрттæ ис, уыдоны æхсæн кæй нал фендзынæн мæ хуыздæр хæлар Федя Рыбкины. Фарон иу партæйыл бадтыстæм. Уый æрæджы йæ ныййарджытимæ ацыдис нæ горæтæй æмæ, чи зоны, искуы ма сæмбæлдзыстæм æви нæ. Стæй ма æнкъард ноджы уымæн уыдтæн, æмæ нæ зыдтон, Ольгæ Николаевнæ мæ куы бафæрса, сæрды арифметикæ ахуыр кодтай æви нæ, зæгъгæ, уæд ын цы загътаин, уый. Оххай-гъе, уый дын арифметикæ, гъе! Арифметикæйы койæ бынтон æрæнкъард дæн, афтæмæй та тынг цин кодтон, скъоламæ кæй цыдтæн, ууыл. Скъола тынг мысыдтæн.

Ирд хур арвæй йæ рухс тынтæ уагъта, сæрд куыд вæййы, афтæ, фæлæ фæззыгон дымгæ бæлæсты бур сыфтæртæ тыдта. Уыдон уæлдæфы зилдух кодтой æмæ зæхмæ хаудысты. Дымгæ сæ тротуарыл размæ хаста, цыма уыдон дæр кæдæмдæр тагъд кодтой, уыйау.

Скъолайы дуары сæрмæ дардæй ауыдтон стыр сырх плакат. Йæ алыварс уыди дидинджыты бæстытæ. Йæ уæлæ та стыр урс дамгъæтæй фыст: «Табуафси, мидæмæ»! Мæ зæрдыл æрлæууыд, ацы бон фарон дæр, æндæраз дæр, стæй гыццылæй фыццаг хатт скъоламæ куы æрцыдтæн, уыцы бон дæр дзы ахæм плакат ауыгъд кæй уыдис, уый. Æмæ ивгъуыд азтæ иууылдæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты: фыццаг къласы ма куыд ахуыр кодтам, тагъддæр айрæзынмæ æмæ пионертæм бацæуынмæ куыд бæллыдыстæм, пионертæм нæ цы фыццаг æмбырды истой, кадджын дзырд куыд радтам, нæ хистæр пионервожатая Ася Георгиевнæ ныл йæхæдæг сырх галстуктæ куыд бабаста æмæ æцæг æвзонг пионертæ-ленинонтæ куыд систæм, уыдæттæ.

Уыдæттæ иууылдæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты, æмæ мын цавæрдæр циндзинад æваст мæ риу фæцагайдта, цыма мыл стыр исты хорздзинад æрцыд, уыйау! Мæ къæхтæ сæхи æгъдауæй тагъддæр санчъехтæ кæнын байдыдтой, æмæ, чысыл ма бахъæуа, цыппæрвадыгæй ма азгъорон. Фæлæ йæ мæ сæрмæ не ’рхастон: æз фыццаг къласы ахуыргæнинаг куы нæ дæн, кæд æппын ницы, уæддæр цыппæрæм къласы ахуыргæнинаг куы дæн!

Скъолайы кæрт лæппутæй уыд йедзаг. Лæппутæ æмбырдтæ кодтой къордтæ-къордтæй. Алы кълас дæр хицæнæй. Æз уайтагъд мæ кълас рацагуырдтон. Лæппутæ мæ куы ауыдтой, уæд мæ размæ цингæнгæ згъордтой, æмæ мæ схуыстытæ кодтой. Ме ’рцыд сеппæтæн дæр афтæ æхсызгон уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн.

— Федя Рыбкин та кæм ис? — афарста Гришæ Васильев.

— Æцæг, Федя кæм ис? — схъæр кодтой лæппутæ. — Сымах-иу æдзух иумæ цыдыстут. Федя дын цы фæци?

— Федя нал ис, — дзуапп сын радтон æз. — Махмæ нал ахуыр кæндзæн.

— Цæуылнæ?

— Йæ ныййарджытимæ нæ горæтæй ацыд.

— Уый та куыд?

— Гъе афтæ.

— Нæ сайыс? — афарста мæ Алик Сорокин.

— Уый дын гъе! Æмæ уæ куыд хъуамæ сайон!

Лæппутæ мæм кастысты æмæ æнæууæнчы худт кодтой мидбылты.

— Лæппутæ, Ваня Пахомов дæр ам куы нал ис, — загъта Лёня Астафьев.

— Серёжæ Букатин дæр нæй! — фæхъæр кодтой лæппутæ.

— Чи зоны, уыдон дæр ацыдысты æмæ мах та уый зонгæ дæр нæ кæнæм, — загъта Толя Дёжкин.

Уалынмæ, цыма уыцы ныхасæн дзуапп лæвæрдта, уыйау, дуар байгом ис, кæсæм æмæ нæм Ваня Пахомов æрбацæуы.

— Ура! — ныхъхъæр кодтам мах.

Иууылдæр Ваняйы размæ азгъордтам æмæ йыл нæхи бакалдтам.

— Суадзут мæ! — йæхи тыдта Ваня махæй. — Адæймаг никуы федтат æви цы?

Фæлæ алкæй дæр фæндыди фырцинæй йæ басхуыстытæ кæнын. Мæн дæр фæндыд, фæлæ мæ къух æнæбары йæ къæбутыл сæмбæлд.

— А, цæвгæ дæр кæнут! — рамæсты ис Ваня æмæ йæ тых-йæ бонæй йæхи махæй тоны.

Фæлæ йыл мах ноджы æнгомдæр æртыхстыстæм.

Нæ зонын, хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдаид уый, фæлæ уалынмæ Серёжæ Букатин æрбацыди. Неппæт дæр Ваняйы иунæгæй фæуагътам æмæ Букатиныл нæхи ныццавтам.

— Æнхъæлдæн, гъеныр иууылдæр æрæмбырд стæм, — загъта Женя Комаров.

— Неппæт дæр, Федя Рыбкины куы нæ нымайæм, уæд, — дзуапп радта Игорь Грачёв.

— Æмæ ма йæкуыд нымадæуа, кæд ацыд, уæд?

— Кæд мæнг ныхас у, мыййаг. Мæнæ Ольгæ Николаевнæйы бафæрсдзыстæм.

— Кæд уæ фæнды, уæд мыл æууæндут, кæннод дæр бар уæхи. Цæмæн уæ хъуамæ сайон, — загътон æз.

Лæппутæ кæрæдзимæ аракæс-бакæс кодтой æмæ дзы, сæрд чи куыд арвыста, уый дзурын райдыдтой. Чи сæ пионерты лагеры уыд, чи та йæ ныййарджытимæ дачæйы цардис. Неппæт дæр сæрды сырæзыдыстæм, хурæй ссау стæм. Фæлæ хур æппæтæй тынгдæр басыгъта Глеб Скамейкины. Йæ цæсгом ын цыма артмæ фæдардтой, уыйау сси. Æрмæст ыл фæлурс æрфгуытæ æрттывтой.

— Дæхи афтæ кæм басыгътай? — бафарста йæ Толя Дёжкин. — Æвæццæгæн æнæхъæн сæрд пионерты лагеры цардтæ?

— Нæ. Фыццаг пионерты лагеры уыдтæн, стæй уый фæстæ Хъырыммæ ацыдтæн.

— Æмæ Хъырымы та куыд февзæрдтæ?

— Куыд вæййы, афтæ. Папæйæн заводы фæлладуадзæн хæдзармæ путевкæ радтой, æмæ сфæнд кодта, æз æмæ мамæ дæр йемæ куыд ацыдайккам, афтæ.

— Уæдæ ды Хъырымы уыдтæ?

— Уыдтæн.

— Æмæ денджыз федтам?

— Денджыз дæр федтон. Алцыдæр федтон.

Лæппутæ Глебы алыварс æрæмбырд сты æмæ йæм кастысты, æнахуыр диссагмæ кæсæгау.

— Æмæ уæдæ радзур, денджыз цавæр у. Цы ныхъус дæ? — загъта Серёжæ Букатин.

— Денджыз стыр у, — райдыдта дзурын Глеб Скамейкин, — ахæм стыр у, æмæ йæ иу былыл куы слæууай, уæд иннæ был зынгæ дæр нæ кæны. Иуырдыгæй йын был ис, иннæрдыгæй та был æппындæр нæй. Уыйас бирæ дон дзы ис, лæппутæ! Иу дзырдæй, иууылдæр дон у. Хур та дзы афтæ судзы, æмæ мæ царм иууылдæр астыгъсти.

— Гæды зæгъыс!

— Бауырнæд уæ! Раздæр æз тæрсгæ дæр фæкодтон, стæй уый фæстæ афтæ рауад, æмæ ма мын уыцы цармы бын ис ноджыдæр иу царм. Æмæ ныр цæуын уыцы дыккаг цармы.

— Цармы кой ма кæн, фæлæ ма денджызы тыххæй дзур!

— Ныртæккæ радзурдзынæн... Денджыз тынг егъау у! Йæ мидæг донæн та кæрон дæр нæй! Иу дзырдæй, денджыз иууылдæр у дон.

Бæрæг нæу, Глеб Скамейкин ма нын денджызы тыххæй цы радзырдтаид, уый, фæлæ нæм уалынмæ æрбацыд Володя. Æмæ бæстæ хъæр æмæ ахст сси! Иууылдæр йæ алыварс амбырд стæм. Алчи дæр тагъд кодта йæхи тыххæй Володяйæн истытæ радзурынмæ. Иууылдæр æй фарстой, ацы аз ма нын вожатый уый уыдзæн, æви нын æндæр искæй ратдзысты, зæгъгæ.

— Уанцон нæу, лæппутæ! Æз уæ æндæрискæмæн куыд хъуамæ радтон? Фаронау та сымахимæ иумæ кусдзыстæм. Кæд сымах уæхæдæг схъыг уат, уæд уый æндæр хъуыддаг у! — бахудти Володя.

— Дæуæй? Схъыг уыдзыстæм?.. — схъæр кодтам æмдзыхæй. — Мах дæуæй нæ цард-цæрæнбонты дæр никуы схъыг уыдзыстæм! Мах дæуимæ нæ рæстæг кæддæриддæр хъæлдзæгæй фервитæм!

Володя нын радзырдта, сæрды йе ’мбæлттимæ-фæскомцæдисонтимæ цæугæдоны резинæ лодкæйы балцы куыд ацыдис, уый. Стæй нын загъта, фендзынæн ма уæ, зæгъгæ, æмæ бацыд йе ’мбæлттæм, хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæм. Уый дæр йæ хæлæрттимæ аныхас кæнын фæндыдис.

Махæн йæ ацыд хъыг уыди, фæлæ нæм уалынмæ æрбацыд Ольгæ Николаевнæ. Неппæт дæр тынг бацин кодтам, куы йæ ауыдтам, уæд.

— Æгас цу, Ольгæ Николаевнæ. — ныхъхъæр кодтам æмхъæлæсæй.

— Æгас цæут, лæппутæ, æгас! — загъта, йæ мидбылты худгæйæ, Ольгæ Николаевнæ. — Гъы, фаг баулæфыдыстут сæрды?

— Фаг, Ольгæ Николаевнæ!

— Уæдæ уын хорз уыди?

— Хорз.

— Фæллад уадзынæй не схъыг стут?

— Схъыг стæм, Ольгæ Николаевнæ! Ахуыр кæнын нæм цæуы!

— Гъе уый тынг хорз хъуыддаг у!

— Æз та, Ольгæ Николаевнæ, мæ фæллад афтæ тынг уагътон, æмæ ма фæллайгæ дæр бакодтон! Чысыл ма бахъæуа, мæ хъару бынтон ма асæтта, — загъта Алик Сорокин.

— Куыд кæсын, афтæмæй, Алик, ды æндæрхуызон дæр нæ фæдæ. Фарон куыд уыдтæ, ахæм хъазаг дæ ныр дæр.

— Ахæм, Ольгæ Николаевнæ, æрмæст чысыл сырæзтæн.

— О, рæзгæ хорз скодтай, — бахудт Ольгæ Николаевнæ.

— Æрмæст дæ зомдыл нæ бафтыд, — баппæрста йæ ныхас Юрæ Касаткин.

Æнæхъæн кълас дæр хъæрæй ныппыррыкк кодтой.

— Ольгæ Николаевнæ, Федя Рыбкин мах мæ нал ахуыр кæндзæн, — загъта Димæ Бабушкин.

— Зонынæй. Йæ ныййарджытимæ Мæскуымæ ацыдис.

— Ольгæ Николаевнæ, Глеб Скамейкин та Хъырымц уыдис æмæ денджыз федта.

— Æмæ уый хорз у. Исты куы фыссæм, уæд Глеб денджызы тыххæй ныффысдзæн.

— Ольгæ Николаевнæ, йæ царм растыхстис.

— Кæй царм?

— Глебы царм.

— Цæй, хорз фæуæд. Уый тыххæй фæстæдæр аныхас кæндзыстæм, ныр та уал рæнхъ æрлæуут, тагъд нæ къласмæ цæуын хъæуы.

Мах рæнхъ ралæууыдыстæм. Æппæт кълæстæ дæр иууылдæр рæнхъ ралæууыдысты. Скъолайы тыргъы фæзындис директор Игорь Александрович. Уый нын ахуыры ног азы тыххæй раарфæ кодта æмæ загъта, æппæт ахуыргæнинæгтæн дæр йæ зæрдæ кæй зæгъы ацы ахуыры ног азы хорз æнтыстдзинæдтæ. Уый фæстæ кълæсты разамонджытæ ахуыргæнинæгты сæ кълæстæм кæнын райдыдтой. Раздæр бацыдысты æппæты къаддæр скъоладзаутæ — фыццаг кълæсты ахуыргæнинæгтæ, уыдон фæстæ дыккаг кълас, стæй æртыккаг, уый фæстæ мах, мах фæстæ та бацыдысты хистæр кълæстæ.

Ольгæ Николаевнæ мах бакодта къласмæ. Лæппутæ иууылдæр баныхас кодтой, сæ фароны бынæтты куыд сбадой афгæ, уымæ гæсгæ æз партæйыл баззадтæн иунæгæй, æмбал мын нæ уыдис. Неппæтмæ дæр афтæ касти, цыма нæм ацы аз æрхауд чысыл, фаронæй бирæ къаддæр кълас.

— Кълас у фароны къласы хуызæн, раст уыйас, — бамбарын нын кодта Ольгæ Николаевнæ. — Уеппæт дæр сæрды дæргъы сырæзыдыстут æмæ уæм афтæ кæсы, цыма кълас къаддæр у.

Уый æцæг афтæ уыди. Æз уый фæстæ переменæйы барæй бацыдтæн æртыккаг кълас фенынмæ. Уый уыди, раст цыппæрæм кълас цæййас у, уыйас.

Фыццаг урочы нын Ольгæ Николаевнæ загъта, цыппæрæм къласы мах кæй хъæудзæн фаронæй бирæ фылдæр кусын, уымæн æмæ нæм уыдзæнис бирæ предметтæ. Фарон цы предметтæ уыдис — уырыссаг æвзаг, арифметикæ æмæ æндæр предметтæ, уыдонæй уæлæмæ сыл ныр æфты географи, истори æмæ æрдззонынад. Уымæ гæсгæ ахуыр кæнынмæ куыд æмбæлы, афтæ бавналын хъæуы азæн йæ тæккæ райдайæнæй фæстæмæ. Мах ныффыстам урокты расписани. Стæй нын Ольгæ Николаевнæ загъта, къласæн нæ старостæ æмæ уымæн æххуысгæнæг равзарын кæй хъæуы.

— Глеб Скамейкины старостæйæ! Глеб Скамейкины! — схор-хор кодтой лæппутæ.

— Басабыр ут! Цавæр хъæр у уый! Куыд февзарынц, уый нæ зонут? Зæгъын кæй фæнды, уый хъуамæ йæ къух сдара.

Мах æвзарын райдыдтам, куыд æмбæлы, афтæ, æмæ старостæйæ равзæрстам Глеб Скамейкины, уымæн æххуысгæнæгæй та — Шурæ Маликовы.

Дыккаг урочы нын Ольгæ Николаевнæ загъта, фыццаджыдæр, фарон цы ахуыр кодтам, уый нæ зæрдыл кæй лæууын кæндзыстæм, уый, стæй кæй бæрæг кæндзæн, сæрды чи цы ферох кодта, уый. Уый фæдыл нæ фæрсын райдыдта, æмæ куыд рауад, афтæмæй æз суанг хатткæнынады таблицæ дæр ферох кодтон. Кæй зæгъын æй хъæуы, бынтон æй нæ ферох кодтон, фæлæ æрмæст кæронæй ранымайгæйæ. Авд хатты авд куы райсай, уæд цыппор фараст кæй уыдзæн, уый онг хорз хъуыды кодтон, фæлæ дарддæр къуыхцы кодтон.

— Ехх, Малеев, Малеев! — загъта Ольгæ Николаевнæ. — Бæрæг у, сæрддæргъы чиныг дæ къухмæ дæр кæй нæ райстай, уый!

Малеев мæ мыггаг у. Ольгæ Николаевнæ мæсты куы фæкæны, уæд мæм мæ мыггагæй фæдзуры, мæсты куы нæ вæййы, уæд та мæ Витя фæхоны.

Æз куыд бафиппайдтон, афтæмæй афæдзы райдианы ахуыр кæнын цæмæдæр гæсгæ зындæр вæййы. Уроктæ адæймагмæ фæкæсынц даргъ, цыма сæ исчи барæй аивазы, уыйау. Æз скъолатæн сæйраг хицау куы уаин, уæд исты хуызы афтæ бакæнин, цæмæй-иу ахуыртæ райдайой, уыцы-иу æвнæлдæй нæ, фæлæ куыдфæстæмæ, цæмæй лæппутæй чысылгай ферох уа тезгъо кæнын æмæ чысылгай фæцахуыр уой уроктыл. Зæгъæм, бакæнæн уаид афтæ, цæмæй фыццаг къуыри уа æрмæст иугай уроктæ, дыккаг къуыри — дыгай уроктæ, æртыккаг къуыри — æртыгай уроктæ æмæ афтæ дарддæр. Стæй ма афтæ бакæнæн дæр уаид, цæмæй фыццаг къуыри уа æрмæст æнцон уроктæ, зæгъæм, физкультурæ, дыккаг къуыри физкультурæмæ бафтауæн уаид зарыны урок, æртыккаг къуыри сæм бафтауæн ис уырыссаг æвзаг æмæ афтæ дарддæр, цалынмæ арифметикæмæ ахæццæ уа, уæдмæ. Чи зоны, исчи банхъæла, зæгъгæ, æз зивæггæнаг дæн, стæй ахуыр кæнын нæ уарзын, фæлæ уый раст нæу. Æз тынг уарзын ахуыр кæнын, фæлæ мын æвиппайды кусын райдайын зын у: æнæхъæн сæрддæргъы тезгъо кодтон, стæй æвиппайды — машинæйау æрлæуу: ахуыр кæн.

Æртыккаг урочы нæм уыд географи. Æз æнхъæл уыдтæн, географи дæр арифметикæйау зын предмет у, зæгъгæ, фæлæ хæрз æнцон разынди. Географи у маукæ, цы Зæххыл цæрæм, уый тыххæй. Зæххыл цавæр хæхтæ æмæ цæугæдæттæ, денджызтæ æмæ океантæ ис, уый тыххæй. Раздæр æз афтæ æнхъæл уыдтæн, цыма Зæхх лауызау тъæпæн у, фæлæ Ольгæ Николаевнæ радзырдта, Зæхх æппындæр тъæпæн нæ, фæлæ къорийау тымбыл кæй у. Æз ма уый тыххæй раздæр дæр фехъуыстон, фæлæ æнхъæлдтон, чи зоны, уыдон аргъæуттæ кæнæ цавæрдæр æрæмысгæ ныхæстæ сты, зæгъгæ. Фæлæ ныр бæлвырд зындгонд у, уыдон аргъæуттæ кæй не сты. Наукæ сбæлвырд кодта, нæ Зæхх кæй у тынг стыр къори æмæ уыцы къорийыл алы ран дæр кæй цæрынц адæм. Куыд разынд, афтæмæй Зæхх йæхимæ æлвасы æппæт адæмы æмæ сырдты æмæ йыл цыдæриддæр ис, уыдон сеппæты дæр, æмæ уымæ гæсгæ Зæххæн йæ иннæрдыгæй, бынæй, цы адæм цæры, уыдон ничердæм хауынц. Ноджы ма дзы диссаг цы у: бынæй чи цæры, уыцы адæм цæуынц сæ сæрыл, ома сæ къæхтæ хæрдмæ, афтæмæй, æрмæст æй сæхæдæг нæ хатынц æмæ æнхъæл сты, цыма раст цæуынц. Сæ сæр куы æркъул кæной æмæ сæ къæхты бынмæ куы ’ркæсой, уæд фендзысты, цы зæххыл лæууынц, уый, хæрдмæ куы скæсой, уæд та сæ сæрмæ фендзысты арв. Гъе уымæ гæсгæ сæм афтæ кæсы, цыма раст цæуынц.

Географийы урочы мах гыццыл бахъæлдзæг стæм, фæлæ фæстаг урочы рауад диссаджы хабар. Дзæнгæрæг ныццагътой æмæ Ольгæ Николаевнæ къласмæ куыддæр æрбацыдис, афтæ æвиппайды дуар фегом ис æмæ къæсæрыл февзæрд бынтон æнæзонгæ ахуыргæнинаг. Уый дуары раз алæууыд æнæныфсæй, стæй йæ сæрæй акуывта Ольгæ Николаевнæйæн æмæ загъта:

— Уæ бонтæ хорз уæнт!

— Æгас цу, — дзуапп ын радта Ольгæ Николаевнæ. — Цы зæгъын дæ фæнды?

— Ницы.

— Уæдæ цæмæн æрбацыдтæ, кæд дæ ницы зæгъын фæнды, уæд?

— Афтæ æнæуый æрбацыдтæн.

— Нæ дæ æмбарын, цы кæныс, уый!

— Æз ахуыр кæнынмæ æрбацыдтæн. Ам дыппæрæм кълас ис?

— О, ам.

— Гъемæ мæн цыппæрæм кълас хъæуы.

— Ды, æвæццæгæн, ног æрбацæугæ дæ?

— Ног æрбацæугæ.

Ольгæ Николаевнæ æркаст журналмæ.

— Дæ мыггаг Шишкин у?

— Шишкин, мæ ном та у Костя.

— Æмæ афтæ æрæгмæ цæмæн æрбацыдтæ, Костя Шишкин? Скъоламæ райсомæй цæуын кæй хъæуы, уый нæ зоныс?

— Æмæ æз дæр райсомæй æрбацыдтæн. Æрмæст фыццаг урокмæ байрæджы кодтон.

— Фыццаг урокмæ? Æмæ ныр цыппæрæм урок куы у. Дыууæ урочы дæргъы кæм уыдтæ?

— Æз уым уыдтæн... фæндзæм къласы.

— Фæндзæм къласмæ та цæмæн бахаудтæ?

— Æз скъоламæ куы æрбацыдтæн, уæд хъусын æмæ — дзæнгæрæг, кæсын æмæ лæппутæ тыгуырæй згъорынц къласмæ... Æз дæр сæ фæдыл ныййарц дæн æмæ афтæмæй бахаудтæн фæндзæм къласмæ. Переменæйы мæ лæппутæ фæрсынц: «Ды ног æрбацæугæ дæ?» Æз сын загътон: «Ног æрбацæугæ». Уыдон мæм ницыуал сдзырдтой. Æз æрмæст иннæ урочы бамбæрстон, мæхи къласмæ кæй нæ бахаудтæн, уый. Æндæр ницы.

— Уæртæ дæ бынаты сбад æмæ искæй къласмæ макуал цу, — загъта Ольгæ Николаевнæ.

Шишкин мæ партæйы размæ æрбацыд æмæ мæ фарсмæ сбадт, уымæн æмæ æз бадтæн иунæгæй æмæ бынат уыдис уæгъд. Æнæхъæн урочы дæргъы йæм ахуыргæнинæгтæ бакæс-бакæс кодтой æмæ-иу сæ мидбынаты худтысты. Фæлæ Шишкин уый хъуыды дæр нæ кодта æмæ йæхи афтæ дардта, цыма йыл худæджы мийæ ницы ’рцыдис. Йæ бинаг был йæхи гыццыл размæ дардта, йæ фындз та цыдæр хуызон схъæл уыд. Æмæ афтæмæй йæ бакаст уыд цыдæр æнæрвæссон, цыма цæмæйдæр сæрыстыр уыд, уыйау.

Урочы фæстæ лæппутæ йæ алыварс æрæмбырд сты.

— Фæндзæм къласмæ куыд бахаудтæ? Ау, ахуыргæнæг лæппуты нæ фарста? — бафарста Славæ Ведёрников.

— Чи зоны æмæ сæ фарста фыццаг урочы, æз та дыккаг урокмæ бацыдтæн.

— Æмæ цæуылнæ бафиппайдта, дыккаг урочы ног ахуыргæнинаг кæй фæзынди, уый?

— Æмæ дыккаг урочы та æндæр ахуыргæнæг уыд, — дзуапп радта Шишкин. — Уым цыппæрæм къласы хуызæн нæу. Уым алы урочы дæр æндæр ахуыргæнæг вæййы æмæ цалынмæ ахуыргæнджытæ скъоладзауты нæ базонынц, уæдмæ ивддзæгтæ вæййынц.

— Уый æрмæст ды фæивддзаг дæ, уый йеддæмæ ницы ивддзæгтæ вæййы, — загъта Глеб Скамейкин. — Алчи дæр хъуамæ зона, кæцы къласмæ йæ цæуын хъæуы, уый.

— Æмæ ног æрбацæугæ куы уон, уæд та? — загъта Шишкин.

— Кæд ног æрбацæугæ дæ, уæд та æрæджы кæнын нæ хъæуы. Стæй дыл дзых нæй? Бафарстаис.

— Кæд ма хъуамæ бафарстаин? Кæсын æмæ лæппутæ згъорынц, æмæ æз дæр сæ фæдыл фæраст дæн.

— Ды афтæмæй дæсæм къласмæ дæр бахаудаис!

— Дæсæм къласмæ ницы бахаудаин. Уайтагъд бамбæрстаин: уым стыр лæппутæ ис, — йæ мидбылты бахудти Шишкин.

Æз мæ чингуытæ райстон æмæ араст дæн нæхимæ. Къæлидоры мыл сæмбæлди Ольгæ Николаевнæ.

— Гъы, Витя, куыд ахуыр кæнынмæ хъавыс ацы аз? — бафарста Ольгæ Николаевнæ. — Афон дын у, мæ къона, куыд æмбæлы, афтæ ахуыр кæнын райдайынæн. Арифметикæйыл дæ ныггуыбыр кæнын хъæуы, фæсте дзы зайыс фаронæй нырмæ. Хатткæнынады таблицæ нæ зонын та худинаг у. Дыккаг къласы йæ куы сахуыр кæнынц.

— Куы йæ зонын, Ольгæ Николаевнæ. Æрмæст ын йæ кæрон чысыл ферох кодтон.

— Таблицæ иууылдæр хорз зонын хъæуьк Таблицæ куы нæ зонай, уæд цыппæрæм къласы ахуыр кæнæн нæй. Райсоммæ таблицæ сахуыр кæн, æз дæ бафæрсдзынæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.