Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДАРД КÆМДÆР 3 страница



— Ольгæ дæр уыдонимæ ацыд?

Петр ын дзуапп нæ ратта. Йæ агуывзæ райста æмæ йæ банызта. Ольгæйы коймæ та йæ зæрдæ срыст.

Чызг сыстад, йæ дзыккутæ адзæбæхтæ кодта, сынтæгыл йæ худ æмæ йæ плащ ссардта... Æддæмæ ахизыны размæ къæсæргæрон æрлæууыд.

— Цытæ дзырдтай, уыдоныл дын ничи баууæнддзæн. Дзæгъæл ныхæсты тыххæй та...

— Цы?

— Ницы. Адæмыл тугтæ ма мыс.

— Мæнмæ адæмы кой нæ уыд, æз, искæй фæллойæ чи цæры, уыдонæй загътон.

— Уый дын иу æмæ дыууæ. Кæннод дын дæ дзых æхгæнæг фæуыдзæн.

— Цæугæ ардыгæй, — æнæрвæссонхуызæй сабыргай загъта Ивлев. — Цæугæ, цæугæ.

Чызг ацыд.

Ольгæ фæзынд дыккаг бон изæрæй.

Петр уæттæ бафснайдта, къусæй, уидыгæй сæ иууылдæр ныхсадта, мидæмæ сыгъдæг уæлдæф бауагъта... Йæ роцъо йæ тымбылкъухтыл сæвæрдта, афтæмæй йæ цæстæнгас уынгмæ сарæзта — йæ усмæ æнхъæлмæ каст. Бон-сауизæрмæ дæр æм æнхъæлмæ каст. Райсомæй арæзтадмæ ацыд, бригадирæй йæхи ракуырдта, фæстæмæ æрбаздæхт æмæ æнхъæлмæ каст.

Ольгæ бацыди æнæуынæрæй... Уынджы ’рдæм дуар гом уыд. Мидæмæ куыд бацыд, уый Петр нæ базыдта. Ольгæ схуыфыд. Петр хæрдмæ фæхауд, фæстæмæ фæкаст... Æвæццæгæн, иу минуты бæрц кæрæдзимæ фæкастысты.

— Куыд у?

— Цы?

— Тезгъо кæнынæй бафсæстæ?

Петр сыстад, йæ усмæ бацыд, йæ къухтæй йын йæ сæрыл фæхæцыд æмæ йын уыцы æнæфсисæй йæ фæлмæн былтæн ныпъпъа кодта. Уый коммæгæсæй лæууыд æмæ уæнгмард, цымыдисхуызæй йæ лæгмæ каст.

— Кæм уыдтæ?

— Уым, — йæ сæрæй ацамыдта уый, — Петя... Цæрынæй тæрсын райдыдтон. Тæрсын нæ, фæлæ мын куыддæр зын у.

— Бафæлладтæ, иу ныхасæй. Уый психикæ у, — хъуыддагмæ дæсны лæгау загъта Ивлев. — Баулæф æмæ дæ фæллад ссæуа.

— Куыд баулæфон?

— Афтæ. Сабыр уавæрты ацæр, куынничи дæ хъыгдара, æхсæв-бонмæ æрра хъæр куыннæ хъусай.

— Сабыр, ома æнкъард? Афтæ мæ нæ фæнды.

— Æрбад-ма, аныхас кæнæм, — загъта Петр. — Æххормаг дын нæу?

— Петя, ды, æвæццæгæн, хорз лæппу дæ, стæй дæ, æвæццæгæн, хорз ус хъæуы...

— Ныууадз, дæ хорзæхæй, зондджын ныхæстæм хъусын мæм нæ цæуы. Сбад. — Ивлев æй сынтæгыл сбадын кодта, йæхæдæг та уаты сдыууæрдæм. — Бынтон раст цæрын нæ райдыдтай, — дзырдта дарддæр Петр. — Æз дæ хорз æмбарын. Иуæй-иу хатт вæййы афтæ: хъæды кæнæ быдыры цæугæйæ ахæм ранмæ бахæццæ уыдзынæ, æмæ фæндаг кæм фæсаджил уыдзæн. Ныр, кæм дæ, уымæн ницы зоныс. Кæцы фæндаг равзарай, уый не ’мбарыс. Цæуын та дзы искæцыйыл æнæмæнг хъæуы. Кæцыдæр равзарын дзы тынг зын вæййы. Цæуын ыл райдыдтай, уæддæр ма дæ дызæрдыгдзинад æвдæрзы. Хъуыдыты ацæуыс: «Кæд, мыййаг, раст нæ бакодтон, кæд мæ ацы фæндагыл цæуын нæ хъуыд». Царды дæр, мæнмæ гæсгæ, афтæ у: хъуамæ адæймаг йæ фæндаг зона...

— Ды йæ зоныс?

— Æз?.. — Петрмæ йæхи тыххæй ахæм хъуыдытæ никуыма ’рцыд. — Æз иу хъуыддат зонын: раст фæндагыл нæ цæуыс.

— О, хуыцау, мæнæ цы зондджынимæ базонгæ дæн. «Дæ фæллад суадз», «Раст фæндагыл нæ цæуыс»... Уæдæ цавæр фæндагыл цæуын хъæуы, зæгъ-ма мын æй? — Ольгæ базыл йæхи ауагъта æмæ йæ цæстытæ сæхгæдта.

Петр иу-дыууæ минуты бæрц уаты дыууæрдæм рацу-бацуйыл сси. Ницы дзырдта. Йæ хъуыдытæ иу ранмæ æрæмбырд кæныныл архайдта. Ныхас ахсджиаг кæй у, уый æмбæрста.

— Уыдон та... Де ’мбæлттæй зæгъын, ницы азымджын сты, — хъавгæйæ дзурын райдыдта Ивлев. — Иуæй-иу хатт хорз адæймаг дæр фæрæдийы æмæ ма йæ фæдыл иннæты дæр аласы. Æз сæ æвзæр никæмæй зæгъын.

— Æз уыдонæй хистæр дæн... Фылдæр федтон. Йæ рæстæджы газеттæ кастæн...

— Уый диссаг нæу. Æз дын равдисдзынæн, уыдон сæ фæндагæй кæй фæцудыдтой, уый. Фыццаджыдæр: æппындæр ницы кусынц. Афтæмæй цæрæн куыд ис? Дзырдæн-ма райсæм незаманты æхсæнады цæрæг адæмы: иууылдæр куыстыл хæст уыдысты. Чи-иу дзы нæ куыста, уымæн-иу йæ сæр золочъийæ ныддаудтой.

— Мах ахæм æхсæнады нæ цæрæм, — нæвæндонгомауæй йæ ныхмæ сдзырдта Ольгæ.

— Æмæ йæ мардæрцыд дæр уый у.

— Ома, куыд ницы кусынц? Иутæ дзы ахуыры лæуд сты, иинæтæ кусынц... Сæ уæгъд рæстæг куыд æрвитынц, уыимæ та никæй ницы хъуыддаг ис.

— Давджытæ сты! — æгæр хъæрæй сдзырдта Ивлев, фæлæ уый фæстæ йæхиуыл фæхæцыд. — «Кусынц»... Хæрз стæмтæй фæстæмæ алы бон коньяк кæм нуазай, уый цавæр куыст у? Марадз-ма кусæг адæмæй искæйты афæрс, кæддæра коньяк арæх нуазынц?

— Хъуамæ дæ уæхсчытыл сæр уа.

— Дæумæ гæсгæ мæныл куысыфтæг ис? Уæдæ уыдонæй æз цæмæй æвзæрдæр дæн? Мæнæ уыйасæй фæстæмæ куы кусын...

— Гъемæ кус. Алкæмæн дæр йæ домæнтæм гæсгæ. Аххосджын кæй хоныс? — Ольгæ, æнхъæлдæн, йæ лæджы барæй мæстæй мары, стæй йæхæдæг дæр мæсты кæнын райдыдта. — Ды кусæг дæ æмæ хъуамæ уымæй сæрыстыр уай. Уыдон та хæмпæлтæ сты, стилягæтæ... Цы сæм ныккомкоммæ дæ?

Петры зæрдыл æрбалæууыдысты арæзт къæйныхгомау лæппутæ, сæ зивæггæнаг мидбылхудт... Æмæ та йæ маст йæ хъуырмæ схæццæ.

— Адæмы фæдавтой! «Кусынц»! Æз æй уынын, куыд кусынц, уый. Де ’мбал чызг дæр кусы?!. Дæумæ гæсгæ, уый фылдæр базонынмæ тырны? Цæуыннæ! Уыцы æнаккагæн диплом йæ къухы бафтæд, æндæр æй ницы хъæуы, стæй искæй æккоймæ бахиздзæн. Æмæ уым йæхицæн хъарм бынат æрцахсдзæн. Дæумæ гæсгæ уыдон интеллигенттæ сты?

— Ай æцæг цъаммар куы дæ, — æргомæй цæхгæр æмæ мæстджынæй загъта Ольгæ. Рабадт æмæ йæ лæгмæ уыцы æнæуынон цæстæй бакаст. — Дæхæдæг раст загътай: де уæхсчытыл сæры бæсты куысыфтæг ис. Адæмы дæ ныхтæ цы ныссагътай?! Фæрæтимæ архайын базыдтай æмæ дæ куыст кæн.

Ольгæ йын цы ныхкъуырд ратта, уый йын ахæм æнæнхъæлæджы уыд, æмæ æваст хорзау нал фæци. Æнæдзургæйæ лæууыд.

Ольгæ сынтæгæй сыстад, уатыл уæлæнгай йæ цæст ахаста.

— Æз цæуын. Бынтондæр. Цы адæмы тыххæй дзурыс, уыдон сæ хæрзтæй не сты. Уый æз дæр зонын, стæй йæ сæхæдæг дæр æмбарынц. Ды та дæ æдылы. «Раст фæндагмæ» дæ батардтой æмæ йыл фæрнæй цу, æрмæст дæ дзыхыл хæц. Чи дын ратта кæйдæр хъуыддæгты дæ фындз тъыссыны бар?

Ивлевæн цыма йæ сæры зæгæлтæ къуырди, уый хуызæн йæхи æнкъардта.

«Ныртæккæ йæ ныццæвдзынæм», — скарста йæхинымæр, фæлæ йæ бынаты цавддурау лæууыд æмæ хъуыста, адæймаджы хъустæ кæмæй рæсийынц, ахæм ныхæстæм.

— Уыцы адæмæй цæмæй хуыздæр дæ? Уыдон дæуæй зондджындæр сты, стæй дæ кæд йæ зонын фæнды, уæд — æууæнкджындæр. Мæлæты æмбаргæ!.. Дæ куысты тыххæй дын дыууæ хатты фылдæр куы раттой, уæд ын йе ’мбис адæмыл байуардзынæ? Хæрæджы дымæг!.. Æз дын хорз лæппу æнхъæл уыдтæн, æнæхъæн лæг... Ды та нырма хъуымыздзых куы дæ. Дæс ныхасы дзурын дæ сахуыр кодтой æмæ уыдонимæ цæр, фаг дын сты. Рагзаманты æхсæнады уый дæр нæ зыдтой. Хæрзбон. — Ольгæ рацæйцыд.

Ивлев дуары цур æрлæууыд, æмæ Ольгæйы сынтæгмæ басхуыста.

— Сбад. Радзур-ма мын æй, мæхи бон æй бамбарын нæу: æцæгæй афтæ...

Чызг фестад æмæ йæ риу йæ разæй ахаста.

— Иуварс. Фесæф! — Йæ цæстытæ — æцæгæлон, æнæуынон.

Петры схуыстæй ногæй фæстæмæ хуыссæныл æрбадт. Уый та фестад æмæ фæцæйцыд... Æртæ хатты сдзырдта:

— Мæ фæндагæй дæхи айс! Фесæф! Ме ’нæуынон дæ!

«Уый кæрон у», — бамбæрста Ивлев.

Ольгæ рацыд.

Петры риуы маст иннæрдæм ахызт... Афтæ йæм фæкаст, цыма уыцы æвирхъау цæф бауромын йæ бон нæ бауыдзæн.

Ольгæ дыккаг бон не ’рбацыд. Не ’рбацыд æртыккаг æмæ цыппæрæм бон дæр. Петр-иу æм изæрыгæтты æнхъæлмæ каст, уый та нæ цыди.

Фæндзæм бон уый бæсты æд чумæдан фæзынд, чындзæхсæвы фæстæ Ивлев кæимæ ныхæстæ кодта, уыцы чызг.

— Дæ бон хорз, — уæздангомауæй загъта уый.

Петрмæ йæ уæздандзинад диссаг фæкаст.

— Æгас цу. — Йæ усы тыххæй йын исты радзурдзæн, зæгъгæ, йæхи хъусынмæ æрцæттæ кодта. «Æвæццæгæн, йæ зæрды балымæн уæвын ис. Хуыцау, табу дæхицæн».

— Ольгæ мæ йæ дзаумæттæм æрбарвыста, ам ма йын цыдæртæ баззад. Хъуамæ...

— Йæхæдæг сæм æрбацæуæд.

— Йæхæдæг сæм никуы æрбацæудзæн.

Ивлевы зæрдæ фæкуыддæр.

— Уæдæ дзы ницы рауайдзæн. — Уыцы ныхæстæ зæгъгæ кодта, фæлæ цæмæн, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста.

Чызг æм уайдзæфгæнæгау бакаст.

— Худинаг дын фæуæд.

— Худинаг сымахæн фæуæд. Адæймаджы фенамонд кодтат æмæ ма уæддæр уæ цæсгом дзурын хъæцы. Ныртæккæ феддæдуар у.

Ничиуал сæ ницы дзырдта.

«Дзæгъæлы мæ сызгъæрин доны калын, — ахъуыды кодта Ивлев. — Кæимæ дзурын? Чи мæ бамбардзæн?»

— Цы дæ хъæуы, уый ахæсс æмæ ацу.

— Æрмæст дæ курын, æмæ иу минут æддæмæ ацу.

— Цæмæн?

— Хъæуы... Сылгоймаджы дзаумæттæ хæсдзынæн.

— Омæ сæ ахæсс, дæхицæй ногдзау цы аразыс? Юбкæтæ æмæ бюстгалтертæ? Райс сæ, æфсæрмы ма кæн. Æз ахæм дзаумæттæ фыццаг хатт нæ уынын.

— Уæддæр дæ курын, æмæ иу минут æддæмæ акæс, — йæхи фæнд тæры чызг.

Ивлевы зæрдæ йæм фæкъæпп ласта: «Цымæ йæ æцæг юбкæтæ хъæуы? Кæд нæ».

— Мæ цуры сæ райс.

— Нæ.

— Уæдæ бар дæхи.

— Худинаг дын фæуæд!

— Худинаджы кой куы нæ кæнис, уæд хуыздæр уаид.

— Иу-фондз минуты ма æддæмæ ацу. Æви дын уый афтæ зын у?

— Зын мын у, зын.

— Уæдæ нæ ацæудзынæ?

— Нæ.

— Омæ дæ æз куыд лæг, куыд джентльмены, афтæ курын.

— Æз «хъæуккаг» дæн, уыдæттæ не ’мбарын.

— Фосы мыггаг. — Чызг цæхгæр фæзылд æмæ ацыд, дуар йæ фæдыл тынг ныггуыпп кæнгæйæ.

Ивлев, чызг цæмæ ’рцыд, уый агурынмæ фæлæбурдта æмæ йæ уайтагъддæр ссардта: диваны бадæны бын разынд сылгоймаджы туфлиты æрмæг. Иу-ссæдз фæлысты фаг. Ивлев уыцы хъæздыгдзинадмæ бирæ фæракæс-бакæс кодта. Хром уыди тынг хæрзхъæд, ирдморæхуыз, æрмадзы уагъд.

«Цырыхъгæнджытæ, — мæсты худт бакæнгæйæ сдзырдта Ивлев. — Æз уын бацамондзынæн». Ольгæ давджытимæ æмдзæхдон у, уыцы хъуыды йæм цæмæдæр гæсгæ не ’рцыд. Нæ фæлæ йын сæ хабæрттæ тагъддæр куы радзырдтаид, уый йæ бафæндыд, уадз æмæ сæ йæхи цæстæй фена, цавæр хорз æмæ зондджын сты, уый.

Æппæт сæрак дæр æккойы хæсгæ хызыны сæвæрдта, цалынмæ æрталынг, уæдмæ банхъæлмæ каст æмæ йæ хызынимæ милицæмæ араст.

— Мæн хицау хъæуы, — хъæддыхæй загъта радылæууæг афицерæн.

— Цæмæн?

— Йæхицæн ын æй зæгъдзынæн.

— Мæнæн дæр æй зæгъ, цы уæлдай у? — фæхъыг афицерæн. — Цы ’рцыди уагæры?

— Нæ фехъуыстай: æрмæстдæр æй хицауæн зæгъдзынæн.

— Ныртæккæ ам нæй.

— Уæдæ йæм райсом æрбацæудзынæн.

— Фæлæуу-ма. Исты ахсджиаг хъуыддаг у?

— Æргом дзургæйæ... чысыл хъуыддаг нæу.

— Ам фæлæуу, ныртæккæ йæм æз фæдзурдзынæн.

— Хорз.

Хицау уайтагъд рацыд. Ивлевимæ йæ кусæн уатмæ бацыдысты, стъолы уæлхъус æрбадт æмæ хызынмæ бакаст.

«Адоны куыст дæр диссаг у, — æнæнхъæлæджы йæ сæры фæмидæг Ивлевæн, хызын æвдæлон кæнгæйæ. — Чи зоны, сæхимæ телевизормæ каст æмæ йæ æнæбары ардæм цæуын бахъуыд».

— Уыдон цы сты? — бафарста хицау, йæхæдæг æргуыбыр кодта, иу фæлыстхор дзы фелвæста, дзæвгар æм фæкаст, стæй загъта: — Хорз сты!

— Фыццаг сорт. Æвæццæгæн сæ фæсарæнтæм æрвитдзысты.

Хицау йæ сæр разыйау батылдта.

— Хъуыддаг цæй мидæг и?

— Давæггаг сты, — загъта Ивлев. — Мæ хæдзары сæ ссардтон.

— Чысыл бæлвырддæр дзур.

Ивлев хъуыддæгтæ иууылдæр сæрæй бынмæ радзырдта. Йæ мыггаг дзы кæмæн зыдта, уый дæр загъта.

— Дæумæ гæсгæ дзы дæ ус ницы архайæг у?

— Ницы. Ууыл æз æууæндын. Махмæ сæ æмбæхстой, фæлæ сæ уый нæ зыдта.

— Д-а-а. — Хицау рудзынгæй æддæмæ бирæ фæкаст. — Цæй, хорз. Бузныг. Ницæмæй тæрсыс?

— Цы?

— Исчи дæм дзы, зæгъын, куы фæзына адонмæ. — Хицау йæ цæстытæй хызынмæ ацамыдта. — Ахæм хæзна хуымæтæджы хъуыддæгтæй нæ ныууадздзысты.

— Уадз æмæ æрбацæуой.

— Дзурдзыстæм сæм...

— Бамбæрстон.

... Дыууæ къуырийы фæстæ сын сæ талынг хъуыддæгтæ хурмæ ракалдтой. Уыдон хуымæтæджы хъуыддæгтæ нæ уыдысты, фæлæ куырмæлхынцъ къуыбылой.

Ивлевмæ иу-æртæ хатты слестгæнæгмæ фæдзырдтой. Иу хатт дзы Шкурупийы дæр баййæфта. Уый æндæрхуызон дæр нæ фæци, йæ гыццыл зондджын цæстытæй сабыр каст, суанг ма дзы цыдæр хъæлдзæгдзинад дæр æрттывта.

«Бирæ цæмæндæрты чи бафæраздзæн, ахæм у», — ахъуыды кодта Петр.

Шкурупий, Ивлевы ауынгæйæ, фæхъæлдзæгдæр.

— Мæнæ! Уый дæр дын зæгъдзæн! — фæхъæр кодта Шкурупий, Петрмæ æнгуылдзæй ацамонгæйæ. — Дæ зæрдыл-ма лæууы, дæ чындзæхсæвы иуы куыд ныццавтон, уый? Дæумæ хыл кæнынмæ куы фæцæйцыд. Семенæй зæгъын!

— Æмæ? — Петр хорз хъуыды кодта Семены дæр, стæй йæ Шкурупий куыд ныццавта, уый дæр.

— Уый ныр аххос иууылдæр ме ’ккой баппарынмæ хъавы. Æмбарыс?.. Цъаммар! Йæ маст мæ исынмæ хъавы.

Ивлев слестгæнæгмæ бакаст. Уый цыдæр гæххæттытæ фæлдæхта æмæ, Шкурупиймæ хъусгæйæ, йæ мидбылты худти.

— Ацы адæймаджы-иу уæхимæ арæх федтай? — бафарста Ивлевы.

— Иу-цыппар хатты.

— Йемæ-иу никуы ницы ’рбахаста? Кæнæ та-иу, чи зоны, фæстæмæ исты ахаста?

— Æмæ исты æдылы у, мæ цуры цæмæн хъуамæ хастаид?

— Семены æцæг ныццавта?

— О.

— Цæй тыххæй?

— Уый рамæсты æмæ мыл йæхи æцæг ныццæвынмæ хъавыд...

— Цымæ цæй тыххæй хъуамæ дæ сæрыл рахæцыдаид?

Ивлев слестгæнæджы ныхæстæм мæсты кæнын райдыдта.

— Ау, уый афтæмæй бамбарæн нæй: уæлдай хъæлæбайæ тарсти...

Шкурупий æртхъирæнгæнæгау Ивлевмæ бакаст. Уыцы кастмæ Петры маст рафыхт.

— Мæнмæ гæсгæ, ды сæ раздзог уыдтæ, — загъта уый Шкурупиймæ кæсгæйæ. — Афтæмæй Семены сæрыл слæууынмæ хъавыс, цæмæй фæдæлдон уа.

Шкурупийы бон сдзурын ницуал баци, æрмæст схуыфæгау кодта æмæ йæ сæр батылдта.

— Адон лæджы ницæй тыххæй дæр сбадын кæндзысты... Ахæм ма дзы адæм уыдзæн!

— Ахонут æй, — загъта слестгæнæг милиционерæн.

Шкурупийы акодтой.

Слестгæнæг æлхынцъæрфыгæй гæххæттытæ змæста.

— Цы дын зæгъынмæ хъавын, уый зоныс?..

— Цы?

— Дæ ус дæр дзы архайæг у.

— Цытæ дзурыс!..

— О, о.

— Æмæ уый дæр æрцахстой?

— Нæ, уый нырма æдде ис. Шкурупийы хуызæтты уал сбадын кодтам.

— Уый куыд уыдзæн уæд? — Ивлев йæ хъуыры цæппæртæ суагъта. — Ы?

— Тæрсын нæ хъæуы, — зæрдæтæ йын æвæры слестгæнæг. — Уыйас стыр фыдраконддзинад нæу... Давæггаг æмбæхста æмæ йæ уæй кодта...

Ивлев графинæй дон рауагъта æмæ йæ анызта. Арф ныуулæфыд.

— Диссæгтæ! Ницыхуызы мæ уырны. Уый дæр дзы уæй кодта?

— Давæггаг йæ хæдзары æмбæхста.

— Давд сты, уый нæ зыдта. Æз дын æппæты фыццаг дæр куы загътон...

— Зыдта.

— Уый дын хъуыддаг...

— Хицаумæ-ма бауай, агуырдта дæ.

Ивлев милицæйы хицауы кусæн уатмæ бацыд.

— Базыдтай ма мæ? — бафарста йæ уый, Ивлевы тыхстхуызæй ауынгæйæ. — Сбад.

— Кæд, мыййаг, Ольгæ раст нæ дзуры? Иннæты бахъахъхъæныны тыххæй. Ы? Уый ахæм у — йæхимæ йæ райсынмæ...

— Нæ сайы, нæ.

— Уый æнхъæл никуы уыдтæн.

— Куы уыдаис, уæд нын æй нæ загътаис?

Ивлев иучысыл хъусæй алæууыд æмæ æргомæй загъта:

— Нæ загътаин.

— Дæхæдæг кæцон дæ?

— Барнаулмæ хæстæг иу хъæуæй... Давæггаг æмбæхсæгæн цы вæййы?

— Ахæстон.

— Уæдæ йæ сбадын кæндзысты?

— Уæдæ куыд æнхъæлдтай?

— Æмæ йын цас ратдзысты?

— Гыццыл, æвæццæгæн... Фыццаг хатт кæй бахауд, уымæ гæсгæ.

«Фесæфдзæн. Ахæстоны бынтондæр галиу зондыл ныххæцдзæн, — хъуыды кодта Петр. — Мæхæдæг æй сæрсæфæнмæ фесхуыстон».

— Ницы хос ын ис?

Хицау бензинæй кусгæ судзæнмæ йæ тамако бадардта.

— Ницы.

— Бæллæх! — Ивлев дæр бапъироз систа. — Уым бынтондæр фехæлдзæн.

— Афтæ дзæгъæлы зæгъыс. Ды кæм кусыс?

— Фæндзæм арæзтадон-монтажгæнæн управленийы.

Дыууæйæ дæр ныхъхъус сты. Хицау рудзынгæй æддæмæ кæсгæйæ хъуыдыты аныгъуылд, йæ къухæй йæ лæгъздаст дæллагхъуыр сæрфта.

— Ацы горæты дын зонгæтæ ис?

— Нæй. Цы кæныс?

— Афтæ æнæуи... — Хицау сыстад. — Хæрзбон. Дæ фæдыл зилынц... Дæ фæдыл исчи зилы, уый куы бамбарай, уæд нын æй æвæстиатæй зæгъ. Сæ маст райсыныл бафæлвардзысты. Дæ усимæ... Уæвгæ уый дæхи хъуыддаг у, куыд дæ фæнды, афтæ архай. Æппæты хуыздæр уаид, ныртæккæ уал ардыгæй куы ацæуис, уæд. Уый фæстæ дæ йе ссарын куы бафæнда, уæд мах бар уадз. Куыд зæгъыс?

— Æз ницы зæгъын. Мæ хъуыдытæ фæлыгъдысты. Аххосджын æнхъæл ын нæ уыдтæн. Нæ, нырма мын цæуæн нæй. — Ивлев сыстад. — Хæрзбон.

— Дзæбæх у.

Ивлев милицæйæ рацыд... Æрлæууыд, цы бакæна, ууыл сагъæсы бацыд. Йæ хъуыдытæй йæм ницуал аззад. Сæр сафтид.

«Цы чындæуа? Цы чындæуа?» — йæхи хордта Петр. Цыма мæйдар æхсæвы фæцæйцыд æмæ ныртæккæ сæрсæфæны аныгъуылдзæн æмæ æнæбын арфы хаудзæн æмæ хаудзæн, афтæ йæм каст. «Ольгæйæ пайда нал ис, стæй дзы уый фæстæ дæр нал уыдзæн. Ахæстоны йæ бакæндзысты...» — Уыцы хъуыдытæ йыл уæззау уаргъау æрæнцадысты.

Сæхимæ дуары зыхъхъыры гæххæтт ссардта:

«Æгæр ма цин кæн. Дæ бынат ссардзынæ. Дæхи бамбæхсын дын нæ бантысдзæн — мæлæт уæззаудæр у».

«Мæлæтæй куыд хъазынц, — фегуырыд Петры сæры. — Алы гæды дæр йæхи домбай æнхъæлы».

Хæдзары уыди уазал, афтид... Петр цырагъ ссыгъта, æд дзаумæттæ, йæ цæсгом бынмæ, афтæмæй сынтæгыл схуыссыд. Дуар сæхгæнынмæ рахъавыд, фæлæ йæ зивæг сыстын нæ бауагъта. Тасæн æм йæ кой дæр нæ уыд.

«Уадз æмæ æрбацæуой. Амарæнт мæ».

Цымæ ацы гæххæтт чи ныффыстаид. Цæмæдæр гæсгæ йæ цæстыты раз сыстад Шкурупийы цæсгомы хуызæн.

«Дæу, æнаккаг, дæ фæстагыл фаджысыл сбадын кæн æмæ дын гæды бæласы лыггагæй дæ ныхæстæ фæстæмæ дæ дзыхы ныкъкъуыр. Цæмæй дзы бафсæдай æмæ дзæгъæл макуал сдзурай».

Æнæкæрон æхсæв та йыл ныддаргъ. Иу-дыууæ сахатыл Петр сыстад, Ольгæмæ сæхицæй цы писмотæ æрвыстой, уыдон ссардта, адрис дзы систа æмæ йын йæ фыдмæ телы ныхæстæ ныффыста. Йæ фыд колхозы сæрдарæй куыста, уый зыдта. Æндæр ницы.

«Ольгæ зын уавæры ис. Тагъд фæзын». Бынæй дзы бафыста: «Ивлев».

Æмæ боны æрбацъæхмæ æнхъæлмæ каст. Уаты дыууæрдæм рацу-бацу кодта, йæ царды хабæрттæ æрымысыныл архайдта. Цæмæдæр гæсгæ йæ зæрдыл æрлæууыд, гыццыл лæппуйæ хос ласгæйæ, йæ бæх цæмæйдæр, — хæйрæг йæ зонæг, цæмæй, — куыд фæтарст, уый. Лæппуйы æдых къухтæй йæ рохтæ атыдта æмæ йæ ахаста. Йæ фæдыл иннæ бæхыл тахти мæкъуылтæ амайæг зæронд лæг. Уымæн дæр тарст бæхы аййафын йæ бон нæ уыд, фæлæ йæм хъæр кодта: «Йæ барцыл ын хæц, Петькæ! Æрмæст фидардæр, мацыхуызы йæ суадз!» Ныр дæр æй нæма ферох, уæд æм цы хъуыды уыдис, уый: «Цалынмæ мæ нæма аппæрста, уæдмæ уæд та мæхæдæг агæпп ласин». Фæлæ йæм зæронд лæджы хъæр тынгдæрæй æрбайхъуыст: «Фидар хæц, Петькæ! Ныртæккæ ’рлæудзæн!» Æмæ, æцæгæйдæр, бæх стайын райдыдта æмæ фæстагмæ æрлæууыд. Æвæдза, уыцы зæронд лæг хорз адæймаг уыд...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.