Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СТЕПКÆЙЫ УАРЗОНДЗИНАД



СТЕПКÆЙЫ УАРЗОНДЗИНАД

Уалдзæджы, апрелы мæй Емельянов Степаны, зæрдæйы уарзондзинад ссыгъд. Бауарзта, зæрæстон зæххытæм кусынмæ чи æрцыд, уыцы Эллæйы. Æдæппæт æй дыууæ хатты йеддæмæ нæ федта. Иу хатт æй горæтæй хъæумæ æрласта. Кæрæдзи фарсмæ бадтысты, ничи сæ ницы дзырдта. Тоннæ æмæ æрдæг чи ласы, ахæм машинæйы цыдысты. Къуыппытæ æмæ дзыхъхъыты хæрдмæ хаудысты. Чызг-иу Степаныл андзæвыд æмæ-иу æм алы хатт дæр уыцы æфсæрмхуызæй бакаст, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Мæхи кæй нæ фæфæнды, уый ды, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбарыс». Æмæ та-иу бадæны тæккæ кæронмæ абадт. Степанæн та ницы уæлдай уыд, суанг ма чызгмæ кæсгæ дæр нæ кодта. «Амуры уылæнтæ» æхсидтæй зарыд æмæ дзы йæ аккумуляторы сагъæс бацыд (йæ аккумулятор фæхъыгдард æмæ йæм йæ зæрдæ æхсайдта).

Хъæумæ æрбахæццæ сты. Чызг йæ хызынмæ ’хца исынмæ нывнæлдта.

— Ныууадз...

— Цæуыннæ? — æрбакаст æм чызг йæ кæрдæгхуызцъæх æрттывдгæнаг сыгъдæг цæстытæй.— Цы кæны?

— Ницы.— Степан газ алхъывта æмæ афардæг.

«Ахæм ма дзы рæсугъд уыдзæн!» — загъта йæхинымæр æмæ ууыл хъуыддаг ахицæн. Чызг дзы уайтæккæ дæр æрбайрох.

Цалдæр къуырийы алтайаг зын фæндæгтыл фæцыди, кæм-иу ыл баталынг, уым-иу бафысым кодта, æндæр чызджыты дæр уыдта, се ’хсæн алыхуызæттæ дæр уыди: рæсугъдтæ дæр, фыдындтæ дæр. Зæххыл чызгæй фылдæр цы ис! Се ’ппæт дæ зæрдæмæ хæстæг куы исай, уæд дæ сæр куы бахъуыди.

Апрель ралæууыд.

Иу сабаты Степан сæхимæ æрбацыди. Абанайы йæхи ныннадта, йæ уæлæ скодта нывæфтыдтæ хæдон, дзыхъхъынног фæлмæн хром цырыхъхъытæ, куысийы дзаг хъæбæр бæгæны банызта æмæ клубмæ спектакль уынынмæ ацыд. Хъуамæ хъазыдаиккой сæхиуæттæ, хъæууон артисттæ. Степаны зæрдæмæ тынг цыди, сæхиуæттæ-иу куы хъазыдысты, уæд. Уыдонмæ кæсын уæлдай диссагдæр вæййы. Гыццылæй фæстæмæ кæй зоныс, уыцы лæппумæ клубы бакæс, æмæ дæ цæстытыл нал баууæнддзынæ. Зæгъæм, Новоселов Гришкæйы райсæм. Астæумæ зачъетæ йыл, афтæмæй сценæйы сдыууæрдæм, кæмæдæр тызмæг хъæлæсæй дзуры: «Æз дыл арт бандзардзынæн, фосы мыггаг!..»

Гришкæйыл ахæм сахат худын бахæцы. Алы хатт дæр ыл-иу йæ сыхæгтæ уайдзæфтæй ралæууыдысты, чысыл-ма фæсабыр у, зæгъгæ. Сценæйы цытæ цæуы, уымæн ницы ’мбарыс, зæгъгæ, дæр ын-иу загътой.

Степан сценæмæ хæстæгдæр сбадт æмæ кæсын райдыдта. Уæлæ сценæмæ рацæуы, горæтæй кæй æрласта, уыцы чызг. Ныр дæр та уæды хуызæн рæсугъд, æрмæст æнцад, фæлæ сæрыстырхуыз, йæ сæр фæстæмæ æппæрст, йæ бур дзыккутæ йæ астæумæ æрхæццæ сты, сырх цырыхъхъытæ йыл. Цæуы сындæг къахдзæфтæй, йæ сæр дæр сындæггай разилы, йæ хъæлæс та йын цыдæр уарзон у. Степан цæмæдæр гæсгæ тыхсын райдыдта. Чызджы уайтагъддæр базыдта. Фæлæ афтæ рæсугъд у, уый æнхъæл нæ уыди. Уæвгæ рæсугъд у, уый зыдта, фæлæ йын уæддæр афтæ тынг рæсугъд æнхъæл нæ уыд.

Уый фæстæ сценæмæ рацыд иу къæйных лæппу, Семенов Васькæ, колхозы хыгъдхæссæг. Йæ сæрыл — чъилджын худ, кæсæнцæстытæ йыл, уый дæр сæрыстырхуыз. Æндæр хатт Степан ахæм нывмæ кæсгæйæ æнæныххудгæ ницы хуызы фæуыдаид, фæлæ йæ ныр уыдæттæм нал æвдæлд. Уый цымыдисæй нымдзаст чызгмæ æмæ æнхъæлмæ каст, Васькæимæ се ’хсæн цы рауайдзæн, уымæ. Чызджы цæстытæ æваст куыд æрбатымбыл сты, уый Степан ауыдта æмæ йын фæтæригъæд кодта.

— Цæмæ ’рбацыдтæ? — бафарста йæ чызг.

— Æнæ дæу мæ бон цæрын нал у! — сдзырдта уыцы сæрхъæн, æмæ йæ хъæлæс æнæхъæн залыл ныццарыдта.

— Ацу, — дзуры йæм чызг, фæлæ йæ хъæлæсмæ гæсгæ æнцон рахатæн у, тынгдæр ын афтæ кæй зæгъы: «Ма ацу».

— Нæ ацæудзынæн, — зæгъы йын Васькæ æмæ йæм хæстæгдæр бацыд.

Степан фæхсбандоны кæроныл ныззæгæл. Уыцы Васькæ афтæмæй кæй нæ ацæудзæн, уый бамбæрста. Йæ цæст æрныкъулын дæр ын нал бантыст, хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдзæн, ууыл ахъуыды кæныны фадат дæр ын нал фæци, афтæ хыгъдхæссæг чызгыл йæхи атыхта, йæ галиу къухыл æй æрæвæрæгау кодта æмæ сæ былтæ кæрæдзиуыл андзæвыдысты. Степан пъайы фæстæ чызджы былтæ федта: арæсыдысты, уымæлгомау, æрдæггом, æфсæрмхуыз, амондджын мидбылхудтæй зыр-зыр кодтой. Степаны цæстытæ атартæ сты. Йæ бынатæй сыстад æмæ клубæй рацыд.

Уынджы телыхъæдыл йæхи бауагъта æмæ дзæвгар рæстæг йæ чемы нал æрцыд.

«Уый та куыд у?» — дисхуызæй фарста йæхи.

Æртæ боны, кæм уыд, уый дæр нæ зыдта (йæ машинæ цалцæг кæнынмæ сæвæрдта). Чызджы ном Эллæ кæй хуыйны, Воронежæй кæй æрцыд æмæ тракторон бригады хыгъдхæссæгæй кæй кусы, уый зыдта, æндæр ницы. Семенов Васькæйæн зæгъынмæ рахъавыд, дæхимæ æгæртæ ма ис, зæгъгæ, фæлæ афоныл йæхиуыл фæхæцыд: исты, мыййаг, æцæг уарзæттæ куы не сты. Адæм ыл сæхи худæгæй схастаиккой.

Иу изæр Степан йæ хром цырыхъхъытæ æрттивыны онг ныссæрфта æмæ араст... Эллæмæ. Сæ кулдуары цурмæ бахæццæ (Куксинты зæронд ус æмæ лæгмæ цард), иучысыл алæууыд æмæ фæстæмæ раздæхт. Хъæугæронмæ ацыд, доныбыл уымæл зæххыл сбадт, йæ уæрджытыл йæ къухтæ æрбатыхта æмæ сыл йæ сæр æруагъта, афтæмæй боныцъæхтæм уым фæбадти, сагъæстæ кодта.

Фæстаг рæстæг зынгæ фæкъæсхуыр, йæ цæстыты æнахуыр æнкъарддзинад ныббадт. Йæ дзыхмæ къæбæр нал иста, æрмæст тамако тамакойы фæдыл дымдта. Алыхуызон хъуыдытæ йæ сæ быны æрнорстой.

— Цы дыл æрцыд? — бафарста йæ йæ фыд.

— Ницы... — Степан йæ тамако йæ цырыхъхъы бын аууæрста æмæ та йæ дзыпмæ ног бапъирозмæ нывнæлдта. Иуварсырдæм кæдæмдæр ныккаст.

Эллæчкæйы уæдæй нырмæ иу хатт дæр нæма федта, клубмæ та нал ацыди.

Цыппæрæм бон Степан йæ фыдæн цæхгæр загъта:

— Ус курын.

— Æцæг? Чи у нæ чындзаг? — цымыдисхуызæй йæ афарста Егор Северяны фырт, Степаны фыд.

— Уæртæ... ног... хыгъдхæссæг, — йæ фыды иувæрсты рудзынгæй кæсгæйæ, уыцы нæвæндонхуызæй ныллæг хъæлæсæй дзуапп ратта Степан.

Егор Северяны фырт хъуыдыты аныгъуылд.

— Зоныс æй?

— Мæгъа... — æнæбæрæг дзуапп ратта Степач. — Нæгъ.

— Уæдæ æз усгур нæ цæуын, — фидарæй загъта Егор.

— Цæуыннæ?

— Зæрондæй мæхицæй хынджылæггаг нæ аразын.

Ахæм ускуырдтытæ ме ’нæ зонгæ не сты: бацу æмæ дын чызг зæгъдзæн: «Ахæм хабар мæ хъусы кæронæй дæр никуы фехъуыстон». Раздæр уал дæхæдæг йемæ бадзур, иннæты хуызæн кæрæдзиуыл фембæлдтытæ кæнут, стæй дын уæд усгур чи ацæуа, уый — æз. Кæннод... Æдзухдæр, Вася, талф-тулфæй архайыс. Цæйбæрц дын фæцамыдтон, фæлæ дзы дæ сæрмæ ницы бацыд.

Ацы ныхæстæ хъуыста зæронд Северян, Егоры фыд. Уый пецы сæр хуыссыди рынчынæй.

— Кæсут-ма уымæ, уæ хорзæхæй, усгур нæ ацæудзæн, — мæстыхуызæй загъта Северян. — Егор, æвæццæгæн, дæ ферох, дæ бæсты нæ чындзаджы фæстæ куыд фæцыдтæн уый? Уæд дын æй æз дæ зæрдыл æрлæууын кæнон?

Егор Северяны фырты æрфгуытæ æрбалхынцъ сты. Тамако сдымдта. Иудзæвгар хъусæй фæлæууыд. Лæг хъуамæ раст зæгъа, Егор дæр æрыгонæй Степаны хуызæн уыди, чызгмæ комкоммæ бакæсын нæ уæндыди.

— Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, ацæудзынæн, — райдыдта Егор, — фæлæ дын мæнмæ гæсгæ нæ бакомдзæн.

— Бакомдзæн! — загъта зæронд Северян. — Ахæм лæппуйæн цавæрфæнды чызг дæр бакомдзæн.

— Цæмæн дæм афтæ кæсы, нæ бакомдзæн, зæгъгæ? — бафарста Степан æмæ, йæ буарыл ихæнриз куыд бахæцыд, уый банкъардта.

— Ацы горæтæгты ничи бамбардзæн, цы сæ хъæуы, уый сæхæдæг дæр нæ зонынц. Фæстæзад дæ, зæгъгæ, дын зæгъдзæн.

— Фæстæзад дæхæдæг дæ, Егор, — фæзылд та йæм зæронд Северян. — Ныртæккæ уыдæттæм ничиуал кæсы. Ныртæккæ чызджытæ зондджындæр сты. Æз зæронд куы дæн æмæ ма йæ æз дæр куы ’мбарын.

Цыппæрæмы райсомæй раджы фыд æмæ фырт сæхи цæттæ кодтой усгур ацæуынмæ.

Степан та йæ нывæфтыд хæдон скодта, кæсæны раз дзæвгар рæстæг йе ’мраст хъис сæрыхъуынтæ фæфаста.

Егор Северяны фырты цæсгом нынцъылдтæ, афтæмæй йæ зынтасæн сау æнгуылдзтæй архайдта йæ хæлафы бырынцъаг чысыл цæппæр сæвæрыныл. Тыххæй-фыдæй йын бантыст сæхтæг æрцахсын, æрæджиау æй уæддæр сæвæрдта.

— Афтæ-ма дзы бахуыйгæ уыдзæн! — хæцыди Егор. — Цæппæр сæхтæджы нæ цæуы, мæ куыдз ыл амæла!

Степан ма йæ сæрыхъуынтæ иу хатт афаста, хæдзары астæу æрлæууыд, кæд ма мæ исты ферох, зæгъгæ.

— Галстук бабæтт, — дзуры йæм Северян.

— Нывæфтыд хæдонимæ нæ фидауы, — дзуапп ын ратта Степан.

Æппынфæстаг срæвдз сты.

Егор Северяны фырт йæ дынджыр армытъæпæнтæй йæ бæрзæймæ бавнæлдта æмæ йæ фыдмæ фæрсæгау бакаст.

— Авджыдзаг дæр немæ хæссæм? Ныр ног æгъдæуттæ фæзынд æмæ сын ничиуал ницы бамбардзæн.

Зæронд Северян ахъуыды кодта.

— Дæ дзыппы йæ сæвæр, — бацамыдта уый. — Куы дæ бахъæуа, уæд цæттæйæ лæудзæн.

Ацыдысты.

Уыдис диссаджы хъæлдзæг хур бон. Уынгты дæттæ заргæ згъордтой. Цъыфдзæстыты арвы цъæх айдæнау зынди. Апрель уалдзыгон фæндæгтыл барджынæй абухта.

Цыдысты æнæдзургæйæ. Цъыфдзæстыты иувæрсты-иу азылдысты, цæмæй сæ цырыхъхъытæ ма самæнтой.

Куксинтæн уыди дынджыр хæдзар.

Фыццаг дыууæ уаты ничи разынд. Егор Северяны фырт æрæнкъард: æнхъæлдта, ныртæккæ зæрæдтимæ æрбаддзæн æмæ йæ ныхасы исты хуызы фæтъысдзæн: «Мах хъуыддаджы фæдыл æрбацыдыстæм». Зæронд лæг ын исты феххуыс уыдаид. Ныр та сæ комкоммæ цæуын хъуыд, Эллæ кæм цард, уыцы уатмæ.

Фыд æмæ фырт кæрæдзимæ бакастысты æмæ дарддæр ацыдысты.

Егор йæ амонæн æнгуылдзы фæкъæдзгæнæнæй аивæй дуар бахоста.

— Мидæмæ! — дзуапп раттой уатæй.

Степаны зæрдæ йæхи къултыл ныххоста.

Егор Северяны фырт дуар æмбисы онг базыхъхъыр кодта æмæ тыххæйты мидæмæ бацыд. Степан дæр — йæ фæдыл. Къæсæргæрон æрлæууыдысты.

Сæ бакомкоммæ стъолы уæлхъус бадт Семенов Васькæ, йæ хæдфарсмæ — Эллæчкæ.

Цай цымдтой. Васькæ уыд æнæ пинджакæй, бур цыллæ хæдон ыл, йæ ногдаст цæсгом æрттывдтытæ калдта. Раст цыма сæхимæ бады, уый хуызæн йæхи ауагъта. Емельяновтæм уыцы хъæлдзæгæй хуырым каст кодта.

Эллæчкæ йæ бынатæй рогæн фестад æмæ уазджытæн бандæттæ радавта.

— Табуафси, мидæгдæр рахизут æмæ сбадут.

Егор Северяны фырт Васькæмæ каст, афтæмæй фалдæр бацыд æмæ ’рбадт. Уый фæстæ йæ фыртмæ ракаст. Степаны рустæ сырх-сырхид хъулон дардтой. Цыма йæ зæхмæ бахуыдæуыд, уый хуызæн цавддурау лæууыд.

— Сбад, цæмæн лæууыс! — хъæлдзæгæй сдзырдта Эллæчкæ. — Никуы йæ федтай?

Иуцасдæр ничиуал ницы сдзырдта.

Эллæчкæ йæ худын тыххæй урæдта, афтæмæй-иу куы Степанмæ бакаст, куы Егормæ, куы та Васькæмæ. Васькæ дæр хъуыддагæн ницы ’мбæрста.

— Хъусын уæм, æмбæлттæ! Æз ма дæу хъуыды кæнын, — Степанмæ раздæхгæйæ, хъæлдзæгæй загъта Эллæ. — Иухатт горæтæй демæ æрцыдтæн. Уæд цыдæр мæстыхуыз уыдтæ...

Степан æнæбары бахудт.

Васькæйы зæрдæ та хъазын æрцагуырдта.

— Уæдæ, зæгъыс, æхцатæ куыстай, Степан Егоры фырт? Уый æнхъæл дын нæ уыдтæн!..

Егор Северяны фырт ма Васькæйы булкъдаст цæсгоммæ иу хатт бакаст æмæ галы хуызæн, йæ сæр размæ адаргæйæ, комкоммæ загъта:

— Хорз чызг, мах дæу курæг æрбацыдыстæм.

Эллæчкæйы дзых фырдиссагæй байгом.

— Куыд?..

— Куыд вæййы, афтæ. Мæнæ мæ фырты, — Егор йæ сæрæй Степаны ’рдæм ацамыдта, — фæнды, цæмæй йын бакомай, уый. Кæд дæ фæнды, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы.

Эллæ Степанмæ бакаст.

Уый йæ тымбылкъухтæ йæ тых-йæ бонæй нылхъивгæйæ йæ уæрджытыл æруагъта æмæ сæм æдзынæг ныккаст. Йæ ныхæй хиды лыстæг æртæхтæ рахъардта, фæлæ сæ нæ сæрфта.

— Ома, ныхас чындзы цæуыныл у?.. — бафарста Эллæ æмæ бахудт.

— Уæдæ, уæдæ, — сулæфыд Степан æмæ Васькæйы цæстытæм бакаст.

Васькæ схудт æмæ йæ бынаты базмæлыд. Эллæмæ ныккаст. Уый стъолы уæлхъус лæууы, фырæфсæрмæй ныссырх, афтæмæй æнувыдæй йæ лыстæг æнгуылдзтæй йæ къабайы рыгтæ цагъта.

— Æрæджиауы хорзæх дæ уæд, Степæ, — хъæрæй загъта Васькæ æмæ та йæ бынаты сызмæлыд. — Байрæджы кодтай.

Степан æм ацы хатт йæ цæстæнгас нал раздæхта, уый комкоммæ домаг цæстытæй каст чызгмæ, æнхъæлмæ йæм каст. Йæ фырнымддзинад цыдæр æрбаци.

Эллæчкæ æваст йæ сæр хæрдмæ фелвæста, æмæ йæ кæрдæгхуыз сыгъдæг цæстытæй Степанмæ бакаст. Чызджы цæстæнгасыл уыцыиу рæстæг бакæсæн уыд æфсарм æмæ рæвдыд, уайдзæф æмæ разыдзинад, стæй ма ноджыдæр цыдæр диссаджы рæсугъд æнкъарæн, æргом зæгъын кæй нæ фæуæндынц, ахæм æхсызгондзинадхæссæг æнкъарæн. Степаны зæрдæ фырцинæй срæхуыста. Сæ дыууæйы астæу цы æнкъарæн райгуырд, стæй цæмæн, уый раиртасын никæй бон бауыдаид. Уый æмбæрстой æрмæстдæр сæхæдæг. Стæй йæ, раст зæгъгæйæ, сæхæдæг дæр не ’мбæрстой. Уыдон æй æрмæстдæр æнкъаргæ кодтой.

Уыцы тæккæ минут Васькæ срæцыгъта:

— Тагъд нæ чындзæхсæв уыдзæн, Степан...

Тынг æнæджелбетт рауадысты уыцы ныхæстæ. Суанг ма йæхи зæрдæмæ дæр нæ фæцыдысты: афтæ дзурын æй ницæмæн хъуыд.

Егор Северяны фырт сыстад æмæ уатæй рацæйцыд, фæлæ Эллæ æваст йæ бынаты фестъæлфыд æмæ ма йын æгæр рагацау дæр загъта:

— Кæдæм цæуыс? Усгур ма дзы хуыздæр цы уа. Æз уын мæхæдæг куы ницыма дзуапп раттон.

Чызг тагъд фæстæмæ йæ чемы æрцыд. Уый Степанмæ нæ каст, фæлæ Степан... Степанæн уæлдай нæ уыд: фæнды йæм кæсæд, фæнды — ма: Степан артау сыгъд фырæфсæрм æмæ фырамондджынæй. Ницавæр тыхты бон бауыдаид уый йæ бынатæй сыстын æмæ ацæуын кæнын.

Егор Северяны фырт æрлæууыди. Васькæ ныссырх, фæуыргъуыйау. Уый дæр цыдæртæ ’мбарын райдыдта.

— Сбадут. Цай уæддæр бацымæм.

Эллæчкæ фыццаг фæкуыддæр, фæлæ куыдфæстæмæ йæ ныхас фæуæндондæр, фæзынди дзы æндæрхуызон хъæлдзæгдзинады зæлтæ. Ныр йæ хъæлдзæгдзинад уыди ныфсджындæр.

Иууылдæр æнхъæлмæ кастысты, ныртæккæ цы ’рцæудзæн, уымæ.

— Уæд та æз ацæуон? — хъæрæй бафарста Васькæ æмæ йæ хъæлæс тæргай къуыхцы фæцис. Васькæ фæцæймард, фæцæймард адæмы цæстыты раз, уынгæ-уынын. Йæхи фервæзын кæныныл дæр нæ бафæлвæрдта.

— Мæнмæ гæсгæ, дæ ацыд хуыздæр уыдзæн, — Васькæйы хуызæн хъæрæй загъта Степан.

Иучысыл батагъд кодта. Уымæн дæр афтæ не ’мбæлдис. Фæлæ дзы æндæр гæнæн нæ уыд. Дыууæ уыдысты æмæ дзы хъуамæ иу ацыдаид. Дыууæйæ дæр къæйныхæй архайдтой. Сæ дыууæйæ дзы иуæн хъуамæ Эллæ ныббарстаид.

Васькæ дæр ацы хатт Степанмæ йæ цæстæнгас нал аздæхта: уый каст Эллæмæ. Эллæ та фæсырх æмæ Егор Северяны фыртмæ бакаст. Уый ма лæууыди уаты астæу æмæ-иу йæ цæстæнгас куы иуыл æрæвæрдта, куы иннæуыл, куы та æртыккагыл. Йæ цуры цытæ цæуы, уый равзарынхъом нæ уыди. Эллæчкæйы цæсгомыл фæзынд уазал мидбылхудт.

— Ахæм ма дзы уавæры бахаугæ уыдзæн! Уæд та нын исчи куы баххуыс кæнид. Цæмæ лæууыс? Сбад!

Чызг ма зæхх йæ къахæй дæр æрцавта. Æнцон ын нæ уыди.

Васькæ бандонæй сыстад. Йæ пинджак райста. Мæлæты сабыргай йæ кодта. Иууылдæр уымæ æнхъæлмæ кастысты.

— Уæллæй, Степан, тæригъæд дын кæнын, — загъта Васькæ.

Æмæ уатæй рацæйцыд. Къæсæргæрон ма иу хатт фæстæмæ ракаст, се ’ппæты дæр къахæй сæрмæ сбарста æмæ йæ фæдыл дуар ныггуыпп кодта.

Уаты иуцасдæр уыди сабыр.

Степан аивæй йæ ныхы хид асæрфта æмæ бахудт.

— Сымахæн уæ бар уæхи, фæлæ æз ныртæккæ бануаздзынæн, — загъта Егор Северяны фырт, стъолмæ фæцæйцæугæйæ. Ахæм ускуырдæй мæ хъару фæцыдæр.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.