Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДАРД КÆМДÆР 4 страница



Бон цъæхтæ кæнын райдыдта.

... Æртæ боны фæстæ Оляйы фыд хæдтæхæгæй æрбатахт.

Петр йæ куыстæй æрбацæйздæхт. Сæ дуармæ ауыдта æнæзонгæ ацæргæ адæймаджы. Чи уыд, уый бамбæрста.

— Æгас цу.

— Дæ бон хорз. Æз Ольгæйы фыд дæн — мæ ном хуыйны Павел Николайы фырт.

— Æз æй базыдтон. Ныртæккæ дын хабæрттæ иууылдæр радзурдзынæн. — Петр дæгъæлæй дуар байгом кодта æмæ йæ разæй Фонякины бауагъта.

— Цæй, — Фонякины цæстытæ æнæхуыссæгæй ссырх сты, — цы ’рцыди?

— Ольгæ ам йæхи æвзæр адæмимæ сбаста... Цыбыр ныхасæй, ахæстоны бахауынæй йын тас у.

Фонякинæй цыма исты срыст, уыйау йæ цæсгом æрбанцъылдтæ.

— Цæуыл хæст уыдысты... уыцы адæм?

— Давтой. Цы давтай, уый та Олямæ æмбæхстой?

Фонякины дзыхы галиу къуым фыркатайæ змæлын райдыдта, йæ бапъироз йæ дæндæгты ’хсæн нылхъывта.

— Куыд бамбæрстон, афтæмæй ды йæ лæг дæ?

— О.

Дзырдтой лæугæйæ.

— Уыйонг æй куыд æруагътай?

— Æз ын ницы зыдтон. Мæ размæ дæр семæ зонгæ уыд.

— Ныртæккæ кæм и? Бады?

— Нæ. Фæлæ кæм ис, уый нæ зонын. Ардыгæй... ацыд. Милицæйы йæ зондзысты.

— Цом милицæмæ.

Фæндагыл цыдысты æнæдзургæйæ. Тæккæ бахизæны Петр Фонякины къухмæ февнæлдта æмæ æрлæууыдысты. Йæ цæстытæм ын комкоммæ каст, афтæмæй загъта:

— Исты хуызы йæ ахæстонæй фервæзын кæн. Уым бынтондæр фесæфдзæн.

Фонякин йе сиахсмæ фæлладхуызæй æдзынæг ныккаст.

— Куыд цардыстут иумæ? Рагæй?

— Æвзæр.

Фонякин иннæрдæм азылд. Дæс азы размæ йæ чызджы горæтмæ институтмæ ахуыр кæнынмæ рарвыста. Афæдз æмæ æрдæджы фæстæ сæм ныффыста, чындзы ацыдтæн, зæгъгæ. Уый фæстæ институт ныууагъта æмæ сæхимæ æрыздæхт. Иу афæдз дзы фæци, æгуыстæй фæбадт æмæ та фæстæмæ горæтмæ ссыд. Ногæй та чындзы ацыд. Цавæрдæр курдиатджын ахуыргондмæ. Æмæ та йæ уыцы мой дæр нæ фæрæстмæ — ахицæн сты. Кусын райдыдтон, зæгъгæ, фыста, æхца нæ куырдта. Æппæт уыдæттæ, йæ чызджы æнæхъола цæрдтытæ лæджы катайыл бафтыдтой. Йæ бон цас уыд, уыйбæрц сæ адæмæй æмбæхста. Ныр та — ахæстон. Мæнæ дын уый та йæ цавæрдæр ног лæг, дæ разы лæууы.

— Тел мæм раздæр раттын хъуыд.

— Афтæ рауайдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн.

— Цом. Бæстæ фесæфтат, хуыцау уыл йæ бæллæх сæвæра.

Хицаумæ Фонякин бацыд иунæгæй. Ивлев диваныл æрбадт æмæ йæм æнхъæлмæ каст.

Æнхъæлмæ кæсын æй бирæ бахъуыд.

Æрæджиау Фонякин рацыд... Ивлевы ауыдта, йæ цурмæ бацыд æмæ уый дæр диваныл æрбадт.

— Куыд у?

— Æвзæр, — сабыргай загъта Фонякин.

— Ныртæккæ йæм æз дæр бацæудзынæн. Банхъæлмæ мæм кæс.

Фонякин æнæдзургæйæ йæ сæр разыйау батылдта. Куы фæцæйцыд, уæд Петр бафиппайдта, Фонякины цæсгом та куыд анцъылдтæ æмæ йæ пинджачы бын риу галиуырдыгæй куыд асгæрста, уый.

— Фæлæуу-ма!.. Æз ныртæккæ Ольгæмæ ацæудзынæн, æхсæвиуатмæ та дæумæ æрбаздæхдзынæн, — загъта уый стгæйæ.

— Ссардзынæ йæ? Мæ хæдзарæй зæгъын...

— О.

Ивлев хицаумæ бацыд.

— Фыды ды ссæуын кодтай?

— О.

— Цæй тыххæй? Ацæргæ адæймаджы... Æз дын куы загътон, ницы хос ын ис, зæгъгæ.

— Æмæ уым диссагæй цы ис? Йæ фыд нæу?

— Рынчын у. Йæхи йæ рынчындонæй раздæр рафыссын бахъуыд.

— Æз уый нæ зыдтон.

— Ницы бакæнæн ын ис. Зæгъ ын уый, кæннод фыд алырдæм рацу-бацуйыл суыдзæн æмæ бынтондæр æрхаудзæн. Раздæр æм æй ныффыссын хъуыд...

Телефоны дзæнгæрæг райхъуыст. Хицау хæтæл систа.

— Хæрзбонтæ, — мæстыйæ загъта Петр.

Хицау ын йæ сæрæй акуывта.

Ивлев сæхимæ ацыд.

... Фонякин æрбаздæхт æнафоны.

— Афтæтæ гъе, — загъта уый. — Æри-ма мæхи ныхсон. Уæ кæрты ахаудтæн...

Ивлев хихсæны дон ныккодта, хисæрфæн ын йæ цуры æрæвæрдта. Ольгæ куыд у, уымæй бафæрсын æй тынг фæндыд. Фонякин ын цыма йæ хъуыдытæ бамбæрста, уый хуызæн загъта:

— Дæ усæй мæ куыннæ фæрсыс?

— Куыд у?

— Уый куы ахицæн стут, æмæ йæ æз куы нæ зыдтон?

«Ныккуыйты уадздзынæн ацы горæт», — æваст афæнд кодта Ивлев.

— Æнхъæлдтон, фæстæмæ ма раздæхдзæн, — зæгътæ уый.

Фонякин арф ныуулæфыд, фæлæ ницы сдзырдта.

— Æхсæвæр хæрыс?

— Уыцы хорз хъуыддæгты фæстæ æз ныртæккæ иу баназыныл дæр разы дæн. Нозт искуы ссарæн ис?

— Мæнмæ ис.

... Стъолы уæлхъус бадтысты æнæдзургæйæ. Фæйнæ банызтой æмæ та ныхъхъус сты. Алцыдæр æмбæрстгонд уыд.

Æдде фæззыгон сæлфынæг лыстæг сасирæй луæрста. Уынгæй æнкъард змæлын хъуыст. Дард кæцæйдæр паровозы уасын цыд. Адæймагыл æрхæндæгдзинад æфтыдтой.

«Ацæудзынæн», — фæндтæ кодта Петр.

— Ардыгон дæ? — бафарста Фонякин.

— Нæ дæн.

— Уæдæ?

— Æз дæр сыбираг дæн.

— Уæдæ ардæм куыдæй æрбахаудтæ?

— Ам службæ кодтон... Ардæм хæстæг.

— Дæ ныййарджытæ Сыбыры сты?

— Ныййарджытæ мын нæй. Амардысты. Мæ мадыхо уым цæры.

Фонякин ма агуывзæты ’мбисты онг рауагъта.

— Уыцы æрдонгæн раздæр ныппырх кæнæн ницыхуызы уыди? — сабыргай бафарста Фонякин. — Уæд та искуыдæм куы ацыдаиккат. Аластаис æй... — Фонякин бынтон æрæнкъард. Ивлев дæр.

— Цæуыннæ, байхъуыстаид, мæм!

— Ды йæ лæг уыдтæ! Уыйонг æй куыд æруагътай?

— Ды йæ фыд куы дæ, ды йæ куыд æруагътай? Æви дзы дæумæ аххос нæ хауы?

— Омæ ды йæ фарсмæ уыдтæ...

— «Йæ фарсмæ уыдтæ»! Къуыри æмæ ’рдæг... Ды та цæрæнбонты.

Кæрæдзимæ уазал цæстæй бакастысты.

— Лæг бæргæ хуыйныс... Мой... — мæстджынæй загъта Фонякин. — Къуыри ’мæ ’рдæг дæ фарсмæ давтой, нызтой, ды та сæм хæлиудзыхæй кастæ. Дзидзидайтæ!

Фонякины ныхæсты рæстдзинад дæр уыд. Уымæй Петрæн ноджы фæзындæр. Йæхимæ тынгдæр смæсты.

— Нуазын ахуыр æй æз кодтон?

— Уæдæ дæумæ гæсгæ æз уыдтæн?!.

— Æз дæр нæ уыдтæн!

— Искæцырдыгæй йыл фæхæцын хъуыд!.. Дæ уарзондзинады тыххæй. Хъуыди æви нæ? — Фонякины хъæлæс фæбæрзонддæр.

— Хъуыди! — Петр дæр сдзырдта хъæрдæрæй.

— Фæлæ дзы дæу æппындæр ницы ’фсæрм уыд?

Фонякин йæ мæстджын сиахсмæ бакаст, тамакойы фæздæгæй бур æнгуылдзтæй йæ къæмисæнтæм бавнæлдта.

— Хорз фæуæд. Æрæджиау ма цы дзурæм?

Ног та ныхъхъус сты.

— Цас ын ратдзысты?

— Иу афæдз æмæ йын æрдæг ныххафдзысты. Худинаг æмæ аллайаг... Цымæ цы хъуаг уыд?!. — Фонякины ’рфгуытæ ’рбанцъылд сты. Йæ бапъирозтæм нывнæлдта. — Хабар-иу мæм ныффысс.

— Æз дæр цæугæ кæнын...

— Кæдæм?

— Кæм цардтæн, уырдæм. Ацы горæты мæ бон нал у... Мæ цæстысындз фестад. — Петр дæр сдымдта.

— Æ, мæгуыр уæ бон, — ныуулæфыд Фонякин. — Фæсивæд... Æдзухдæр уæхи фæнд тæрут, фæлæ уæ хъуыддæгтæ нæ рæстмæ кæнынц.

— Сымах хъуыддæгтæ иууылдæр хорз цыдысты?

— Цыфæндыйæ дæр сымах хуызæн æгуыдзæг нæ уыдысты. Бафæндыд сæ — баиу сты, нал сæ фæнды — фæхицæн сты. Уæд уый цы хуыйны?

— Уымæй йын йæхи бафæрс.

— Дæумæ æппындæр ницы хауы?

— Уый тыххæй дзурын мæ нæ фæнды, — фидарæй загъта Ивлев, — Уæддæр нæ ныхас кæрæдзиуыл не сбаддзæн. Æз иуырдæм дзурын, ды — иннæрдæм. Æз æй æмбарын: зын дын у. Мæнæн дæр æнцондæр нæу. Дæу разы мæхи сраст кæнон, уый та никæй хъæуы. Фæлтау схуыссæм.

— Схуысс. Æз ма иучысыл абадон.

— Ды сынтæгыл схуысс, æз та — диваныл.

Фонякин йæ сæр батылдта, хорз, зæгъгæ, æмæ стъолмæ кæсгæйæ бадгæйæ баззад.

Райсомæй раджы кæрæдзийæн хæрзбон загътой.

— Фæйнæ ма дзы сдымæм, — загъта Фонякин æмæ йæ чумæданыл æрбадт. Сæ тамакотæ ссыгътой.

— Уæд та уал, цалынмæ хъуыддæгтæ сбæлвырд уой, уæдмæ цæуыныл фæфæстиат уаис? Æз фæлæууин, фæлæ... Мæ чемы нæ дæн. Ам куы ’рхуыссон, уæд ноджы æвзæрдæр уыдзæн.

Петр фæллад рынчын адæймагæн тынг фæтæригъæд кодта. Йæ хуыз, æцæгæйдæр, тынг æвзæр уыд.

— Фæлæудзынæн. Тæрхон рахæссыны онг. Ныффысдзынæн дæм.

— Æрмæст нæхимæ нæ. Мæнæ дын æй ам ныффысдзынæн... — Фонякин йæ блокнотæй сыгъдæг сыф сыскъуыдта æмæ дзы кърандасæй йæ адрис ныффыста. — Кæннод йæ мад сæрра уыдзæн. Æз ын ницы зæгъдзынæн. Рынчын уыди æмæ фæдзæбæх и, зæгъгæ, йын зæгъдзынæн. Стæй адæмæй дæр худинаг у...

— Куыд æмбæлы, афтæ бакæндзынæн.

Иучысыл ма абадтысты, стæй сыстадысты.

— Цæй... дзæбæхæй баззай. — Фонякин Петры къух нылхъывта. — Чи зоны, æмæ ма фембæлæм. — Дзурын ын зын уыд. Сыстад æмæ æнæ фæстæмæ ракæсгæйæ араст. Уынджы куы фæцæйцыд, уæд дæр, йæ чызг кæм цард, уыцы хæдзармæ иу хатт дæр нал ракаст.

Петр, йæ къухтæ йæ нывæрзæн бакæнгæйæ, диваныл йæхи ’руагъта. Йæ куысты райдайынмæ ма уыди дыууæ сахатæй чысыл фылдæр. Иуцасдæр ма йæ бон афынæй кæнын уыд. Дысон-бонмæ хуыссæджы цъыртт нæ федта.

... Аст мæйы рацыд.

Петр Ивлев куыста, цалынмæ Ольгæимæ нæма базонгæ сты, уæдмæ кæм цард, уыцы горæты. Фатер баххуырста æндæр сылгоймагмæ. Уый дæр фыццаджы хуызæн уыди зæрдæхæлар, сабыр ус. Йæ уат чысылгомау уыд, фæлæ райдзаст, йæ рудзгуытæ — быдырмæ.

Изæрыгæтты-иу киномæ куы нæ ацыд, уæд касти, фабричы библиотекæйæ кæй иста, уыцы чингуытæ. Балцыты тыххæй фыст кæм уыд, ахæм чингуытæ кæсын уарзта.

Уыцы æнудгомау июны изæр дæр гом рудзынджы цур бадт æмæ чиныг каст. Æрталынг, фæлæ цырагъ ссудзынмæ зивæг кодта. Петр йæ чиныг иуварс æрæвæрдта æмæ дард кæдæмдæр нымдзаст. Быдыртыл калди æрдæгфынæй гыццыл цæугæдон, доны фале цъæх-цъæхид къулау зынди хъæд. Цæст цæйбæрц æххæссыд, уый иууылдæр уыди хъæд. Йæ кæрон кæмдæр æрвгæронимæ баиу. Горæты ацы хайы тынг сабыр уыд. Раст хъæуы хуызæн.

Йæ фысымты ус æрбахызт.

— Петь, иу чызг дæ агуры.

— Цавæр чызг?

— Нæ зонын. Сæхимæ, дам, и? Æз дзаумæттæ ’хсыныл фæдæн æмæ мæ æрбайрох ам дæ æви нæ, уый? Ныртæккæ йæ, зæгъын, æз фенон.

«Чи у, цымæ?» — дисы бацыд Петя æмæ цырагъ ссыгъта.

Ольгæйы æваст нæ базыдта. Кæнæ æнæнхъæлæджы кæй уыд, уый тыххæй, кæннод та йæ хуыз аивта. Цыфæндыйæ дæр йæ хуыз аивта: чысыл фæхæрзхуыздæр, йæ цæстытæ фыццагау — ныфсджын æмæ зондджын, æрмæст дзы ныр цыдæр дæрзæг къæйныхдзинад фæзынд, загъдкъахæг, зынæрвæссондзинад æмхæццæ, фæлæ æнувыд.

— Уый дын гъе! — сфæрæзта Петр.

Ольгæ йæ мидбылты бахудт. Йæ мидбылхудты дæр цыдæр ногдзинад фæзынд: чысыл аххосы фæд сыл бæрæг дардта, æмбæхсынмæ кæй фæхъавынц, ахæм азым сыл фыст уыд.

— Кинойы дæр ма афтæ вæййы, — загъта Ольгæ.

— Æцæг зæгъыс... — Петр ахæм æнæнхъæлæджы фембæлдæй фæкуыддæр. Стыхст: бандон ын æрæвæрдта, фæлæ йæм къæсæргæронмæ хæстæг æвæрд фæкаст æмæ йæ стъолмæ æввахсдæр æрбайста. — Сбад, цæмæ лæууыс!

— Ам цæрыс уæдæ? — Ольгæ æрбадт, йæ алывæрсты йæ цæстæнгас ахæсгæйæ.

— О.

Петр æм кæсынæй нал æфсæст, — Ольгæ йæ бакомкоммæ бады, уый йæ нæма уырныдта.

— Æдзухдæр афтæ куы цæрин, уый мæ фæнды, фæлæ дзы ницы уайы, — загъта Ольгæ.

— Куыд? — нæ йæ бамбæрста Петр.

— Æдзухдæр, зæгъын, ахæм райдзаст уаты цæр иунæгæй, горæты кæрон. Зымæгон, æвæццæгæн, уад йæ ниуынæй нал фенцайы, мидæгæй та хъарм вæййы. — Ног та йæ мидбылты бахудт. — Æцæгæй дын зæгъын: дæ цард мæ зæрдæмæ цæуы. Ахæм уавæры æмдзæвгæтæ фыссæн дæр ис. Нæ фæлвæрдтай?

— Нæ.

— Дзæгъæлы.

Ольгæйы фæстаг хатт куы федта, уæдæй абонмæ дзы иу хатт дæр æвзæр у, зæгъгæ, никуыма загъта. Йæ хъуыдыты йæ уыдта рæсугъдæй, бæллиццагæй æмæ уыцы иу рæстæг æцæгæлонæй. Цæмæдæр гæсгæ уыцы хъуыддаг ныртæккæ йæ зæрдыл æрбалæууыд.

— Ацы ус дæ фысым у? — йæ сæрæй дуары ’рдæм ацамонгæйæ, бафарста Ольгæ.

— О. Раздæр куыд суæгъд дæ?

— Уый фæстæ дын æй зæгъдзынæн. Цу, æмæ-ма сæн æрбахæсс. Æмæ уæд аныхас кæндзыстæм.

— Ныртæккæ.

— Æхца дын раттон?

— Цытæ дзурыс! — Ивлев йæ пинджак скодта æмæ федде.

Иунæгæй кæй аззайдзæн, уый йын æхсызгон уыд. Цы уавæры бахауд, ууыл æй ахъуыды кæнын хъуыд, фæлæ йæ хъуыдытæ иу ранмæ нæ цыдысты. Æхсызгон ын уыд æви хъыг, уый раиртасын нæ фæрæзта. Кæй зæгъын æй хъуыд, æхсызгон ын уыд. Фæлæ йæм цымæ Ольгæ цавæр зæрдæимæ æрбацыд?.. Дуканийæ фæстæмæ згъорæгау кодта. Фæндыди йæ Ольгæйы тагъддæр фенын, йæ зæрдæйы уаг ын базонын.

... Фынджы уæлхъус æрбадтысты, æдде бынтон куы ’рталынг, уæд.

Сæн æнæнхъæлæджы хорз рауад, афтæмæй йæ Петя æвзаргæ дæр нæ ракодта: куыддæр бацыд, афтæ, йæ цæстыты комкоммæ цы авг фæци, уымæ къухæй ацамыдта.

— Хорз у, нæ?

— Ницы йын у. — Ольгæ ахæстонæй æмгъуыдæй раздæр цæмæн суæгъд, уый базонын Петры тынг фæндыд (Дыууæ азы йын раттой), стæй ам цæмæн ис, ацы горæты, куыд æмæ йæ цæмæн ссардта.

Ольгæ йæ хабæрттæ дзурыныл нæ тагъд кодта.

— Ам хорз у, мæ зæрдæмæ фæцыд.

— Раздæр дæ цæмæн рауагътой? — æнхъæлмæ кæсын куы нал фæрæзта, уæд бафарста Петр.

— Мæ рæсугъд цæстыты тыххæй.

— Æцæгæй дæ фæрсын.

— Æз дæр дын æцæг зæгъын.

— Раджы суæгъд дæ?

— Иу-дыууæ къуырийы йыл цæудзæн...

— Мæн та куыд ссардтай?

— Ы!.. Мах рæстæджы адæймаджы ссарын хабар дæр нæу. Уырдыгæй цæмæн ацыдтæ? Фæтарстæ, нæ?

— Нæ. Мæ зæрдæмæ нал цыд.

Ольгæ хъуыдыты аныгъуылд. Йæхи барæй афтæ нæ дардта, фæлæ та йын царды цыдæр тынг нæ фаг кодта, ныр дæр та, йæ алыварс цыдæриддæр уыдис, уыдон ын иууылдæр æцæгæлон кæй сты, æмæ йæ дзы кæй ницы хъæуы, уый æмбæхсынмæ нæ хъавыд. Уæд æй, цымæ, уагæр цы хъæуы?

— Цы кусыс?

Ольгæ йæ хъуыдытæ фæуагъта, сæн анызта æмæ йæ агуывзæ стъолмæ фидар нылхъывта.

— Цом мемæ. Хъæумæ... Махмæ. — Дарддæр цы дзырдта, уый Петрмæ нал хауд: — Мæ куыйтæ йыл амæлæнт! Нæ рауад æмæ нæ рауад! Ногæй цæрын райдайдзынæн. Æппындæр фау æрхæссæн кæмæ нæ уа, ахæм цардæй, раст цардæй, — Ольгæ худæндзастæй Петрмæ бакаст, йæ цæсгом анцъылдтæ æмæ дарддæр дзырдта: — Æрмæст ахæм раст нæ уыдзæн, æмæ зæрдæмæ чи нæ цæуа. Нæ. Уый раст цард уыдзæн!.. Æмбарыс? Адæмы ахуыр кæндзынæн, цæмæй уыдон уой ныфсджын, сæрибар, тыхджын... Нæ дæ уырны?

— Æз куы ницы зæгъын.

— Æндæр мæ ницуал хъæуы.

— Æз та дын чи уыдзынæн? Хъазæнхъул? Азмæц?

— Хъус-ма, æцæг дын зæгъын. Æз ууыл бирæ фæхъуыды кодтон. Уарзондзинад нæй æмæ йæ кой кæнын дæр нæ хъæуы. Дæхимæ гæсгæ ды уарзыс?

— Бамбæрстон дæ.

— Цы бамбæрстай?

— Ахæм ахуыргæнджытæ дын ахæстоны фæзынд?

— Æцæгæй дын зæгъын, Петро. Иумæ куыд хорз цæрдзыстæм, уый зоныс? Æппынфæстаг, мæ институт дæр каст фæуыдзынæн — фæсаууонмæ, афæдз æмæ ма мын æрдæг баззад, — ахуыргæнæг суыдзынæн. Сыбирæгты ахуыр кæндзынæн... Æз институты ахуыр кодтон. Ныууагътон æй. Ныр æй фæуыдзынæн. Мемæ ацæудзынæ?

— Цæмæн дæ хъæуын æз?

— Хъæуыс. Æппынфæстаг, мæн дæр лæг хъæуы. Æз дын æцæгæй зæгъын: кæуылдæриддæр нæ фембæлдтæн, уыдонæй иу дæр дæ хуызæн нæ уыд. Æрмæст мæ, дæ хуыцауы хатырæй, æнаккаг ма кæн. Æз, сусæгæй чи архайы, уыдонæй нæ дæн. Мæхæдæг ахæмтыл куы худын. Куыд дæ ус, афтæ дæ никуы афæливдзынæн. — Ольгæ сыстад æмæ сагъæсхуызæй къуындæг уаты сдыууæрдæм. — Нæ, Петя, уый цыфæндыйæ дæр хорз уыдзæн. Ацы ран цы кусæм? Ам къуындæг у, сулæфæн дзы нæй. Уым куыд хорз у, уый-ма æрымыс! Цы диссаджы адæм дзы цæры... æууæндаг, хуымæтæг, зондджын...

Ивлев цыдæр æгъдауæй бамбæрста, Ольгæйы ныхæстæ былалгъæй загъд кæй не сты. Стæй йæм уыцы хъуыдытæ ахæстоны дæр не ’рцыдысты. Уырдæм бахаугæйæ адæймаг сæрибар царды хорздзинад æмæ æнцойдзинадæн тынгдæр аргъ кæнын байдайы. Фæлæ Оля, ахæстоны фæуæвгæйæ, ахæм хъуыдытæ кæмæ æрцæуа, уыдонæй нæ уыд. Кæд афтæ у, уæд Новосибирскмæ ныххæццæ уыдзæн, фæстæмæ раздæхдзæн æмæ та ногæй фырæнкъардæй йæ гаччы абаддзæн, фырæнкъардæй цы фæуа, уый нал зондзæн. Петры цæмæдæр гæсгæ бауырныдта, Ольгæйы уæнгты цы диссаджы хъару змæлыд, уый йæхицæн æддæмæ фæндæгтæ кæй агуырдта æмæ сæ æппынфæстаг кæй ссардта, уый.

Ольгæ йæ цæнгтæй йæ фæскъæбут нывæрзæн ацаразгæйæ, амондджынæй сдзырдта:

— Хосдоны-иу мæхи ауадздзынæн. Райсомæй-иу доны былмæ мæхи найынмæ ацæудзынæн. Нæ дон махæн ихы къæртты хуызæн у. Цæуыс?

— Цæуын.

— Æз æй æнæуи дæр зыдтон, кæй сразы уыдзынæ, уый. Фæйнæ баназæм. Цæй тыххæй, уый зоныс?.. Амонды тыххæй. Амонд зæххыл кæй ис, ууыл æз æууæндын. Тагъддæр ма куы райдаин архайын.

Банызтой.

— Дæ был куы ’руагътай, æви мæ хъуыды дæ зæрдæмæ нæ цæуы?

— Цæуы. Кæд уарзондзинад нæй, зæгъгæ, загътай, уæддæр æй куы зоныс: ис.

— Гъемæ, хуыцауæн табу! Æнæмæтæй бафынæй уыдзыстæм. Цу дæ фысымæн зæгъ, мæ ус мæм, зæгъ, æрцыди... Кæннод æз афтæтæ нæ уарзын. Райсом та куы райхъал уæм, уæд архайын райдайдзыстæм. Æз рæвдз дæн. Райсом алыхуызон гæххæттытыл зилдзыстæм, дæхи рафысдзынæ... Æппæты ницæйагдæр гæххæтт нæ къухы иуы бафта, уæд цыдæр сарæзтам, зæгъгæ, йæ афтæ нымайдзыстæм. Зæрдæйæн гыццыл цин дæр амонд хæссы. Раст нæ зæгъын? Уый фæстæ ацæудзыстæм. Чысыл хъæутæ æмæ станцæты рæзты згъордзыстæм... Быдыртæ, хъæдтæ... Уралæй ахиздзыстæм. Уый фæстæ мæхи Сыбыр райдайдзæн... Æз мæ дзаумæттæ ласынмæ бавнæлдтон. Цу, дæ усæн зæгъ. Цырагъ куы ахуыссын кæнæм, уæддæр ма адзурдзыстæм. Стæй бафынæй уыдзыстæм.

Петр йæ фысымты усмæ ацыд, цæмæй йын хабар фехъусын кæна.

Петр фырамондджынæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта. Фæндыд æй цы диссаджы цард саразæн ис, ууыл хъуыды кæнын æмæ дзурын. «Æвæдза, æз амондджын дæн, хъысмæт мын ахæм... рог æмæ уарзон адæймаг кæй ратта, уымæй!»

... Фæндагыл Ольгæ йæ худынæй нал æнцад, хынджылæг скъæрдта, Петрæн тыргъты анекдоттæ дзырдта. Алы хатт худæг нæ уыдысты, фæлæ-иу сыл Петя худти, цæмæй йæм Ольгæ ма фæхæрам уа, уый тыххæй. Петрмæ афтæ каст, цыма Ольгæ йæхи барæй хъæлдзæг дардта æмæ уый тыххæй кæмдæр йе уæны мигъ бадт. Кæнæ та-иу рудзынджы цур æнæдзургæйæ бирæ фæбадт. Йæ хъуыдытæ цæуыл уыдысты — хуыцау йæ зонæг. Ольгæ афтæ фæхур, фæкъæвда кæй уыд, уымæй Петр фæлмæцын райдыдта. Йæхæдæг дæр-иу хъуыдыты ацыд. «Бирæйы фаг та йын суа?» — йæхи фарста Петр. Фæлæ йыл-иу Ольгæйы уарзон цæстæнгас куы амбæлд, уæд-иу йæ сагъæс æрбайсæфт.

— Мæ зынаргъ... — дзырдта уый. — Сыстад æмæ мæ фæдыл рацыд. Æнæ иу ныхасæй. Стæй кæдæм!

Фæндагæй Крутоярскимæ тел ныццавтой. Бынæй дзы бафыстой: «Ольгæ. Петр».

... Вокзалы сæ размæ рацыд Фонякин.

Петр æй фыццаг нæ базыдта. Перроны лæууыди бæрзонд, рынчынхуыз къæсхуыр нæлгоймаг сæрак пъалтойы. Хъæлдзæг, æнувыд цæстæй сæм каст.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.