Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДУН-ДУНЕ, НЕРВОН СИСТЕМÆ ÆМÆ ФИУ



ПЕТЯ

Чысыл горæт Н-йы фысымуаты дуæртты уынæр, адæмы хъæрæй ныхас, цъæтджын сынтæджыты хъыс-хъыс, бæгæнынуазджыты хъæлæба дардмæ хъуысы...

Абон хуыцаубон у. Куыст мын ницы ис. Мæ чъылдым, дуар æмæ фысымуаты цæрджыты ныхас кæцæй хъуысы, уырдæм сарæзтон æмæ Петямæ кæсыныл фæдæн.

Уый мæ бакомкоммæ цæры дæргъæццон дæлæмæдзыд агъуысты. Мæ номыры рудзгуытæ йæ кæрты ’рдæм сты.

Петя у ныллæджытæ, стæвддæарæзт, фæтæнриу нæлгоймаг, йæ хъустæ фæрæтæнгæс, йæ бинаг æфсæр иннæмæй фæраздæр... Петя, кæй зæгъын æй хъæуы, хæдзары лæг у. Æртæ боны йæм мæ цæст дарын æмæ ахæм хатдзæгмæ æрцыдтæн.

Абон Петя кæртмæ иу-дæс сахатыл рацыд. Йæ цæсгом уыцы райдзаст æмæ худæндзаст уыд. Дысон-бонмæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн фæфынæй кодта. Куыддæр рацыд, афтæ цалдæр хатты дзуццæджы æрбадт, йæ къухтæ-иу фæйнæрдæм айвазгæйæ ныккæрзыдта, дæргъвæтингомау йæ ком айвæзта, стæй хихсæнмæ йæхи ’хсынмæ ацыд. Йæхи бирæ фехсадта, йæ футтытæ хъуыстысты, йæ къухы ’нгуылдзтæй йæ хъустæ къахта, йæ армытъæпæнæй-иу йæ бæрзæй æхсызгонæн æрцавта. Петя ныртæккæйы хуызæн къæхтæхæбæццæй гуыбырæй куы фæлæууы æмæ йе ’нгуылдзтæй йæ хъустæ куы фæкъахы, уæд æм, чи зоны, æмæ æцæгæй дæр афтæ фæкæсы, цыма йæ фæсонтыл цармы бын хъандзалау æлвæст хæцъæфтæ дыууæрдæм рауай-бауай сисынц. Афтæмæй та дзы хæцъæфтæн сæ кой дæр нæй. Ис дзы бæзджын нард фæлтæр æмæ уый, æцæгæйдæр, сындæггай фезмæлы. Петяйæн йæ дзыгъуыр буар йæ зæрдæмæ цæуы. Сабат æмæ хуыцаубоны ронбасты онг бæгънæгæй суанг сихорафонмæ кæрты къуымты рацубацу байдайы. Уыимæ йæхи иуырдæм, иннæрдæм сæрфтытæ сисы, йæ буар куы иу ран ныцъцъыкк ласы, куы иннæ ран, цыма, адæймаг кæй нæ уыны, ахæм лыстæг бындзытæ æмæ къогъотæ фæмары, уый хуызæн. Кæнæ та афтæ дæр вæййы, æмæ æваст йæ армытъæпæнæй йæ риу ныццæвы æмæ йæ уый фæстæ дзæвгар рæстæг феууæрды.

— Лялькæ, хисæрфæн! — ныхъхъæр кодта Петя, йæхи æхсад куы фæци, уæд.

Лялькæ Петяйы ус у. Йæхицæй бæрзонддæр, лыстæджытæ... Йæ лæджы кæй уарзы, уый æргомæй æвдисыныл нæ ауæрды.

— Нæ хъусыс?!

— Цы кæныс?

— Хисæрфæн-ма, зæгъын, радав!

— Фæцæуын.

Петя, йæ къухтæ ныппака кæнгæйæ, саст сугты рагъы цурты сдыууæрдæм. Уыцы хæлиу-мæлиу къахдзæфтæ систа. Афтæ мæм кæсы, цыма кæйдæр фæзмы.

Лялькæ йын хисæрфæн рахаста.

— Цавæр хæдон дæ хъæуы? Æрвхуызцъæх æви урс? — Лялькæйы уæллаг æфсæрыл дыууæрдыгæй дæр фæйнæ сызгъæрин дæндаджы ис æмæ йын фадат фæци, зæгъгæ, уæд сæ æнæравдисгæ ницы хуызы фæвæййы. Бынтон æмбисонд та йæ цæстытæ сты. Уыцы чысыл рæстæджы йын цал раны балæууыдысты. — Мæнмæ гæсгæ, æрвхуызцъæх хуыздæр у...

Петя сындæггай сæрфы йе уæнгтæ, йæ уæхсчытæ... Æмæ хъуыды кæны...

— Æрвхуызцъæх.

— Мæнмæ дæр уый хуыздæр кæсы. Бирæ æрыгондæрхуыз дзы зыныс. — Æмæ та йæ цæстыты тъæбæртт ссыд. Ацы Лялькæ бирæ чи федта, ахæм у.

Петя йæ цæсгом сæрфы; Лялькæ йæ уæлхъус лæууы, æнхъæлмæ йæм кæсы.

Петя цы хытъын рауагъта. Æрыгон, æмдымбыл, сæгълæууæны хуызæн. Петя йæ рон дæлдæр æруагъта, цæмæй йæ гæлдæр тынгдæр разына, уый тыххæй. Уадз æмæ адæм уыной, цардæй къæртт кæй æппары.

— Кæцы запонкæтæ дын раттон: янтарь æви æвзист? — бафарста Лялькæ тыхстхуызæй.

Петя та иуцасдæр хъуыдытыл фæци.

— Янтарь.

Лялькæ хисæрфæн райста, йæ лæджы фæсонтæй, æрмæстдæр уымæ чи зынд, уыцы доны æртæхтæ асæрфта æмæ мидæмæ ацыд. Сæ раздæры ныхæстæй куыд бамбæрстон, афтæмæй Лялькæ буфеты хицауæй кусы, фæлæ цы нæ бамбæрстон: йæ лæджы афтæ кæй нымайы, кадджын æм кæй у, уый афтæ тынг цæмæн æвдисы? Мæ нымадмæ гæсгæ Петя кæмдæр скълады кусы. Кæд, мыййаг, йæ фæдтæ æмбæхсынмæ хъавы? Æви искæй йæхицæй æдылыдæр хоны? Нæ зонын, фæлæ, йæ лæджы кæй уарзы, уый, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, адæмæн зонын кæныныл архайы.

— Петя, — радзырдта сылгоймаг, йæ сæр рудзынгæй радаргæйæ. — Галстук дæ хъæуы? Уæд ыл иту авæрон...

Петя та æваст дзуапп раттын нæ бафæрæзта.

— Нæ мæ хъæуы, — загъта Петя.

— Цæуыннæ? Хорз дыл куы фидауы.

— Гъемæ йыл сæвæр иту.

— Кæцыйыл, сырхыл?

— О.

Лялькæ сырх галстукыл иту æвæрынмæ ацыди.

Петя зæхкусæг кæй у, уый йæ февнæлдыл дæр зыны: фæйнæгæй быруйы михыл фæхæцыд æмæ йæ кæддæры хуызæн бауыгъта, фидардзинадæй йæ фæлвæрдта. Иуæй-иу рæтты змæлын райдыдта. Петя æрлæууыд, йæ армытъæпæнтæй йæ риу сæрфгæ, бырумæ кæсы æмæ хъуыдыты аныгъуылд.

— Петь!.. — Лялькæ та рудзынгæй ракаст. — Йед ма дæ зæрдыл лæууы? Мæнæ мæ йæ ном куыд æрбайрох. Дæ алыварс куы сдыууæрдæм: «Петя, æри-ма, æз дын халадец æрæвæрон! Петя, леткæ-енкæ нæ фæкафыс? Лярвæ...»

Петяйæ, чи зоны, æмæ ферох, йæ алыварс цъилау чи зылд, уый, фæлæ йын уыцы хабæрттæ хъусын æхсызгон уыд.

— Абон дæр та уым уыдзæн. Хъусыс, мацæмæй йын зæрдæ бавæр. Кæннод та йæ шифер бахъæудзæн.

Петя йе ставд цыбыр армытъæпæнæй йæ сæр æрфаста.

— Кæмæй зæгъыс?

— Йед... нæ зонын, — йæ мыггаг кæмæйдæр уыди, Колмаковты зонгæ. Æдзухдæр леткæ-енкæ куы фæкафы.

— А-а, — сдзырдта Петя. — Æмæ йæ цы хъæуы?

— Шифер.

— Йæ фындзæн æй иу цæф нæ хъæуы? — Петя сындæггай худы. Йæ буар иууылдæр змæлы: йæ гуыбын, йæ бохъхъыр, йæ нард æрттиваг бæрзæй, — иууылдæр сыл зыр-зыр бахæцыд.

Лялькæ дæр бакъæцæл, раст цыма хохаг хъæдуры хус нæмгуытæ зæхмæ хауынц, уый хуызæн. Фæлæуу-фæлæугæнгæ худт, ахæм худт худæг нæ вæййы.

— Мацæмæй йын зæрдæ бавæр, хъусыс! Кæннод ды нозтджынæй рæдау вæййыс.

— Уый æз? — Петяйы зæрдæмæ куыддæр йæ усы ныхас нæ фæцыд.

— Фарон Маковкинтæм куы уыдыстæм, уый ма æрымыс. — Лялькæйы хохаг хъæдуры нæмгуытæ та зæххыл гæр-гæрæй ралæууыдысты — ногæй та бакъæцæл.

— Уый кой дæр кæныс...

— Иунæг шифер дæр нæ! Кæннод æй æппæты фыццаг йæхæдæг дзурынмæ фæуыдзæн: «Мæнæн Петя шиферæй ныфс бавæрдта».

— Цытæ мын дзурыс, бынтондæр мæ æдылы хоныс?!

Петя сарамæ бацыд, зæгæлтæ æмæ дзæбуг æрбахаста. Быруйы фæйнæджытæй чи рацæйхауд, уыдоны зæгæлтæ ныкъкъуырдта æмæ йæ дзæбугæй хъазгæ заборыл йæ цæст ахаста, кæд ма йæм ноджыдæр исты зилын хъæуы, зæгъгæ.

Лялькæ та ногæй рудзынджы цур фæзынд.

— Петя, хъуыды-ма кæныс, иухатт дын дæ гуырæн бонмæ цы пластинкæ балхæдтон, уый. Семæ ма «Сау цæстытæ» дæр куы уыд.

— Цæй тыххæй фæрсыс?

— Цы фæци?

— Нæ зонын. Цæмæ дæ хъæуы?

— Немæ йæ ахæссынмæ хъавын. Чи зоны, иумæ азарæм. Цæмæй уыцы йед йæ леткæйы кой мауал скæна...

— Нæ, «Сау цæстытæ» нæ сисдзыстæм.

— Сисдзыстæм. Æз æй райдайдзынæн.

— Нæ зонын... Уым æй искуы фен.

Петя кулдуармæ бацыд, дзæбугæй йæ æрхоста.

— Ссардтон æй, Петь!..

— Цы?

— Ссардтон æй! Абон хъуамæ уыцы далачъи йæ куыдзы бон базона. Æз ме уæхсчытæ тилын зонын. Никуы мæ федтай?

— Нæ.

— Ныртæккæ-ма кæс... — Лялькæ хæдзары смидæг... Фæстæмæ фæзылд. Йе уæхсчытыл — зæлдаг, рæсугъд дидинæгджын хъуырбæттæн. — Кæс-ма, — æмæ цигайнагау йе уæхсчытæ базмæлыдысты. Йæ нарæг гуыр дæр сдыууæрдæм — зыр-зыр ыл бахæцыд. Мæлæты фыдынд уыд. Адæймаджы йæм кæсын дæр нæ фæндыд.

— Дæ цонг ма фелвæсæд, — загъта Петя æмæ йæ гуыбынæй схудти.

— Уайы мын? Петь...

— Уайы.

Мæнмæ гæсгæ, Петя йæ хъуыдыты арфы кæмдæр хæрзхуыз фидар сылгоймаг мысы. Фæлæ уыдон тыхсаг æмæ гæдымитæм афтæ дæсны не сты. Петя æмæ Лялькæ дæр кæрæдзиимæ уымæн бафидыдтой. Лялькæ Петяйæн козбау митæ кæнынмæ арæхсы æмæ сæ цæдис фæрæстмæ. Петя, цы у, уымæй иууылдæр у нард æмæ фыдæй арæзт. Куыстыл чи никуы фæцалх, ахæм зивæггæнаг, цытуарзаг. Уæвгæ, чи зоны, æмæ рæдийын. Ацы ран æз бирæ хъуыддæгтæ не ’мбарын.

— Петя!

— Цы кæныс?

— Дæхи дасынмæ дын дон тæвдмæ сæвæрон?

Петя йæ роцъо асгæрста.

— Сæвæр.

— Тынг тæвд дæ хъæуы?

— Бынтон тæвд нæ. Михеевы ма хъуыды кæныс?

— Цавæр Михеевы?

— Фæлхасцæдисы чи кусы, уыцы Михеевы... Хъуыды ма йæ кæныс, фынддæс æмæ йын ссæдз метры дæргъæн хæтæлтæ куы ссардтон. Шампайнаг сæны авгимæ нæм куы ’рбацыд, дæуæн ма сæн дæ хъуыры дæр куы фæбадт, худæгæй дыл нæхи куы схастам...

— А-а, Михеев! Лæгуын сæр ын, нæ?

— О, о. Майрæмбоны дын æм телефонæй дзурын: кæмæндæр мæ дыууæ гарнитуры ссарын хъæуы æмæ мын, зæгъын, феххуыс кæн. Мæ бон, дам, нæу, æрæджы, дам, нæм ревизи уыд... Хуыйы хъыбыл. Хорз, зæгъын, фæуæд, иннæ хатт ын æз дæр, цы дзуапп раттын хъæуа, уый базондзынæн.

Лялькæ йæ бынаты скафыд, чысыл ма бахъæуа, рудзынгæй ма рахауа.

— Иу йед дæ, æмæ диссаг. Уæд ахæм цæмæн дæ, ахæм? Æви адæмы нæма базыдтай? Дæ фæлмæн зæрдæ дын базыдтой æмæ дзы иууылдæр пайда кæнынц... Куыйтæ! Иучысыл йеддæр у... Æгæр фæлмæн та цæмæн хъæуы? Кæй цы хъæуы, уый ссарыныл нæ ауæрдыс, алкæй тыхстдæр аразыс. Æмæ ма сын бæсты дæр куы цæуид. Дæумæ гæсгæ дзы хорздзинад исчи йæ зæрдыл дары? Цæуыннæ!

Петяйы æрфгуытæ æддæг-мидæг ауадысты, йæхи иуварс азылдта, цыма аххосджын у, уый хуызæн. Уæвгæ аххосджын дæр куыннæ у: æгæр фæлмæн зæрдæ йын ис, æмæ йыл адæм дæр сахуыр сты. Уый æмбаргæ бæргæ кæны, фæлæ...

— Алкæуыл та ды тыхсыс, алкæй маст та дæумæ хъары. Дæхи йеддæмæ кæуыл нæ аудыс, ахæм нæй. Уæд дын цы фæуыдзысты? Адæмы сагъæстæй дæ æхсæв хуыссынмæ нал æвдæлы, — Лялькæйы хъæлæс фæбæрзонддæр, — уадз æмæ æдде чи ис, уыдон дæр æй фехъусой. — Дæхи хуызæн нал дæ. Æмæ дын исчи исты æрхæсдзæн? Æнхъæлмæ кæс!

Ацы дыууæ хъæуккаджы ницæмæйуал æфсæрмы кæнынц. Дынджыр мæлдзыджыты губаччы куыд цæрын хъæуы, уый базыдтой. Фæлæ семæ тæккæ хуыздæр миниуджытæ не ’рбахастой. Æвгъайуаг хъуыддаг. Худинаг. Адæймаг сæм мæстæй аскъуындзæн.

Æртæ сахаты уыдаид, афтæ Лялькæ æмæ Петя сæ фатерæй рацыдысты. Хуынды фæцæуынц.

Афтæ вæййы, æмæ адæймагыл йæ костюм тынг дзæбæх абады. Уынгты цыма костюм йæхæдæг фæцæйцæуы, адæймаг та йын æххуыс фæкæны, уый хуызæн. Петяйы хъуыддаг æндæр у. Петя цæуы йæхæдæг, хæлиу-мæлиу, йæ костюм ын æддæмæ тынг дзæбæх æвдисы, Петя æмбæхсынмæ кæй нæ хъавы, уыдон: йæ гæлдæр, æрттиваг сойджын бæрзæй æмæ, йæ цардæй разы кæй у, уыцы бакаст. Æнцойдзинад.

Цæуынц кæрæдзи къухтыл хæцгæ. Лялькæ Петяйыл афтæ ныхæст у, раст цыма æндæр бæласы хус къалиу тулдзыл ныххæцыд. Дымгæ йæ атонынмæ хъавы, йæхи йыл раскъæры, фæлæ йын йæ бон ницы у. Æрмæст йæ хус сыфтæрты тыр-тыр цæуы...

Мæ рудзынгæй чысыл æддæдæр бандоныл бады иу зæронд ус. Бон-сауизæрмæ бады æмæ, кæрты цыдæриддæр цæуы, уымæ кæсы.

— Ахæм ма дзы узæлаг сыл уыдзæн, — зæгъы зæронд ус йæхицæн. — Сæумæрайсомæй дзы изæрдалынгтæм адæймаг æндæр ницы фехъусдзæн: «Петя! Петя!» Табу хуыцауæн, хæларæй цæрынц. Æмуд бинонтæ...

Изæрæй Петя æмæ Лялькæ æнафон æрбаздæхтысты. Петя иучысыл фæйед... фæразуæз. Асинтыл æрбадт æмæ мидæмæ нал комы.

— Петя, Петенькæ, цом! — дзуры йæм Лялькæ.

— Нæ цæуын, — зæгъы. Петя. — Нæ мæ фæнды.

— Петя!.. — Лялькæйы скæуынмæ бирæ нал хъæуы. — Æнæуи дæр бафæлладтæн. Куыд уæззау дæ, уый зоныс?! Петенькæ, цом. Цы? Тæригъæд дæр мын нæ кæныс. Цом, цом, мæ зæрдæйы рухс, хуыссæны дæхи æруадздзынæ æмæ гуысси кæндзынæ. Ы?

— Нæ мæ фæнды, — тыххæйты райхъуыст Петяйы хъæлæс.

— Цом-ма, цæй, Петенькæ. Фест, мæнæ афтæ, цæй. «Æз æмæ Петя фестадыстæм æмæ фæцæуæм. Фæцæуæм, фæцæуæм, фæцæуæм. Мæ æрттивгæ стъалы».

Тыххæй-фыдæй йæ мидæмæ бахуыдта.

— Иучысыл йæхи фæнд атардта, фæлæ уæддæр йæ бинойнагмæ байхъуыста, — æмбаргæ хъæлæсыуагæй сдзырдта зæронд ус. — Замманай бинонтæ, æмуд. Сæ цæрæнбон бирæ уæд.

Мæнæн та мæ сæры ахæм хъуыды февзæрд: уарзы йæ цыфæндыйæ дæр, Лялькæйæ зæгъын, Петяйы. Афтæ: бирæтæ федта, фæлæ йæ уарзгæ дæр кæны. Æмæ уыцы уарзондзинадæй сæрыстыр у, æппæлы дзы, уымæн æмæ йæ уарзы.

СЫДЫВД

Фæлладуадзæн хæдзары автобусы адæм цыдысты диссаджы рæсугъд фæндагыл. Иууылдæр рудзгуытæй æддæмæ кастысты, сæ зæрдæйы дзæбæхæн æрдзыл фæлгæсыдысты. Фæстаг бадæныл чи бадт, уыцы дыууæ адæймаджы та æппындæр æрдзы мæт нæ уыд, уыдон сæ кæрæдзи йеддæмæ ницы уыдтой.

Раздæр нæлгоймаг райдыдта, æгъуыз, гуымыфындз, азтæ кæуыл фæбæрæг сты, ахæм сыдывд... Ахæм гуымыфындз, тымбылцæстджынтæ курортмæ куы бахауынц, уæд сæ æрдзæйрахæсгæ æнæныфсхастдзинадыл куыддæр æгъдауæй фæуæлахиз вæййынц æмæ сæ хъазæн ныхæстæн кæрон нал вæййы, æрыгон сылгоймæгты иу ран нал фæуадзынц. Уыимæ, куы фæдзурынц, уæддæр хъæрæй, хъæлдзæгæй. Цыма курорты афтæ æмбæлы. Фæстаг бадæны чи бады, уымæн ныртæккæ исчи афтæ куы зæгъид: «Хъус-ма, æфсымæр, дæ ныхæстæ иууылдæр сты, адæймаджы зæрдæ кæмæ хæццæ кæны, ахæмтæ», уæд фырæфсæрмæй зæххы скъуыды ныххауид. Фæлæ... æнæныфсхаст адæмы амонд хæрæгыл бады: иу ахæм зæгъæг ын нæ фæци. Сыдывд, цæмæй нын æнцондæр уа, уый тыххæй йæ ардыгæй фæстæмæ афтæ хондзыстæм, кæд æцæгдзинадæй сыдывд нæу, уæддæр, гъемæ уыцы Сыдывд, æвæццæгæн, афтæ æнхъæлы, æмæ йæ алы ныхас дæр цыргъзонд, худæг æмæ зæрдæисгæ у. Фæстаг бадæныл чи бадт, уыцы сылгоймагмæ æцæгдæр афтæ каст. Уыцы сылгоймаг... Схонæм æй æрыгон Лæгой, къленц митæ кодта, худти, чи зоны, лæджы зæрдæмæ куы нæ фæцæуа, уымæй дæр тарст. Ахæм сылгоймæгтæ арæх фæлæууынц стыр фæндæгты былгæрон кæнæ станцæты, стæвдтæарæзт, гуымыдзатæ схонæн сын нæй, фæлæ сæ зондджынтæй дæр не сты, æмæ сæ рæзты цæуæг машинæтæ æмæ поездтæм фæкæсынц, цæмæдæр фенхъæлмæ кæсынц. Сæ цæсгæмттыл æрхæндæгдзинад уыйбæрц нæ вæййы, цæмæдæр æнхъæлмæ кæсыны æнкъарæнтæ дзы цæйбæрц фæзыны. Чи зоны æмæ мæнæ ныртæккæйы хуызæн фенхъæлмæ кæсынц, исчи семæ хъæрæй, куыд æмбæлы, ахæм хуызы хъазæн ныхæстæ кæнын куы райдаид, цæмæй уымæн дæр, æппынфæстаг, йæ бон равдисын бауа, уый дæр хъазын кæй æмбары æмæ йæ бон искæй зæрдæмæ фæцæуын кæй у.

Сыдывд райдыдта уымæй, æмæ разæй йæхи бынат ныууагъта æмæ фæсте йæ фарсмæ æрбадт. Комкоммæ йæ цурмæ бацыд. Йæ хъуыддæгтæй æмбæхсынмæ ницы хъавыд. Уый нæ, фæлæ ма йæ хъæлдзæг цæстæнгас афтæ дæр дзырдта: «Сылгоймагмæ фæцæуын. Аивæй мæм уæ цæст дарут». Йæ цуры æрбадт.

— Дæ бон хорз.

— Арфæгонд у, — загъта Лæгой дисгæнæгау.

— Иунæг цæмæн дæ?

— Цæмæн дæ, зæгъыс? Æз рудзынгæй кæсын.

— Афтæ кæсынæй ницы пайда ис. Æрдзы рæсугъддзинадмæ искæимæ кæсын хъæуы... — Сыдывд-иу фыццаг куы иутæм бакаст, куы — иннæтæм, ома, ныртæккæ а лæппуйы арæхстдзинæдтæ фендзыстут, зæгъгæ, фæлæ Лæгой афтæ æнцонæй йæ коммæ каст, æмæ Сыдывды æнæнхъæлæджы цинæн кæрон нал уыд, стæй йæ иннæтæм кæсынмæ та æвдæлгæ нал кодта. Цыбыр рæстæгмæ сæ дыууæйы цин дæр баиу.

— Цыфæндыйæ дæр ды раст нæ зæгъыс.

— Цæмæй нæ зæгъын раст?

— Хæснаг скæнæм æмæ дын æй уæд зæгъдзынæн.

— Ы-ы-ы... Скæнæм. Цæуыл?

Сыдывд иу дыууæ-æртæ секунды ахъуыды кодта, стæй срæцыгъта:

— Американкæйыл.

— Уый та цавæр у?

— Чи фембылд уа, уый... Цыбыр дзырдæй, æз куы рамбулон, уæд; цы мæ зæрды и, уый бакæндзынæн, ды куы рамбулай, уæд та — ды. — Ацы ран Сыдывд йæ æгæр къæйныхдзинадæй куыддæр фæци æмæ ’ппæт адæмыл дæр йæ цæст уæлæнгай ахаста. — Цæй, дæ зæрдæмæ цæуы?

— Цы зондджын дæ!

— Æмæ цы? Цы? Цы? Фæтарстæ, нæ?

— Æз ницæмæй тæрсын!

— Тæрсыс, тæрсыс. Æз та æнхъæлдтон...

— Уæддæр цæмæй бæрæг у?

— Цы «цæмæй бæрæг у?»

— Æрдзы рæсугъддзинадмæ искæимæ кæсын хъæуы, уый.

— Америкаг хæснаг скæнæм æмæ дын зæгъдзынæн.

— Цы зондджын дæ!..

— Цæй зондджын дæн. Хуымæтæг адæймаг дæн, фæлæ, æрдзы рæсугъддзинадмæ иунæгæй кæсын æвзæрдæр кæй у, уый дын зæгъдзынæн. Фæнды дæ?

— Æнæ хæснагæй йæ зæгъ.

— Афтæмæй, диссаг нæу. Афтæмæй... Уый ницы у. Уый бæсты — хæснаг.

— Зæгъæм, куы рамбулай, уæд цы дæ зæрды ис?

— Цы мæ зæрды ис, зæгъыс?

— О.

— Нæ дын æй зæгъдзынæн...

— Зæгъ æй. Кæннод афтæмæй...

— «Афтæмæй» цы?

— Афтæмæй тæссаг у! Уый бæсты мын æй æнæ хæснагæй зæгъ.

— Æрмæстдæр хæснаджы фæстæ.

Автобусы адæмæн Сыдывд сæ цæсты сындз фестад.

Иу зæрондгомау интеллигентарæзт æндыснæгæй рынчын нæлгоймаг йæхицæн æмæ, йæ фарсмæ юбилейон майдан йæ риуыл кæмæн уыд, уыцы стыртæ лæгæн загъта:

— Ахæм дзы максималист нæма райгуырд: кæнæ иууылдæр, кæнæ æппындæр ницы.

— Цы загътай?

— Дæлæ фæсте чи бады, уыцы максималистæй зæгъын.

— Уый максималист нæу. Ссардтай максималист. Уый цъаммар у. — Дынджыртæ лæг фæстæмæ дæр нæ ракаст. — Ахæмты æрцахуыр кæнын хъæуы.

— Ницы сæм бахъардзæн, — загъта зæронд лæг.

— Йæ фарсмæ чи бады, уый дæр сæрхъæн у, — загъта домбæйттæ, майданджын лæг, йæ сæрæй фæстæмæ ацамонгæйæ.

Сыдывд æмæ Лæгой æппындæр никæй уыдтой, никæй хъуыстой æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн худтысты, ныхас кодтой, хъазыдысты.

— Ахсæв киномæ цæудзынæ? — дзырдта дарддæр Сыдывд. — Ы?

— Цæудзынæн.

— Иумæ цом.

— Æмæ дæхæдæг иунæгæй фæндаг нæ зоныс?

— Нæгъ.

— Зоныс... Барæй афтæ дзурыс.

— Нæ зонын. Æцæгæй дын зæгъын!

— Ма мæ худын кæн.

— Æви дын фæндаг бацамонын афтæ зын у?

— Хорз. Фæндаг дын бацамондзынæн. Фæлæ нæ билет алчи хицæнæй æлхæндзæн. Хорз?

— Афтæ фæуæд. Ды кæцы рæнхъмæ исдзынæ...

— Æ, гæды-къинто! Ы-ы-ы!..

Сыдывд дæр зæрдиагæй ныххудти.

— Цæмæн гæды-къинто?

— Уымæн æмæ хин дæ.

— Хин нæ, фæлæ иунæг. Гъер дын нæ равдыстон, иунæгæн æвзæр кæй у, уый. Цæмæй иунæг ма уон, уый тыххæй алцы дæр куыд аразын, уымæ кæсыс.

— Æз уыцы иунæгæн ныртæккæ йæ бæрзæйæн иу ратдзынæн, — зæронд лæджы хъусы бадзырдта стыртæ нæлгоймаг.

— Нæ хъæуы, цытæ дзурыс? — йæ ныхмæ сдзырдта зæронд.

— Ам, автобусы нæ, фæлæ куы ныххæццæ уæм, уæд. Уынгæ дæр мæ ничи фæкæндзæн.

— Нæ хъæуы, цæмæн?

— Мæ бон æм хъусын нал у. Йæ ныхæстæм мæ зæрдæ схæццæ.

Зæронд лæг йæ сыхаджы хъусмæ йæхи баивæзта æмæ йын загъта: — йæ ныхæстæ сылгоймаджы зæрдæмæ цæуынц.

Дынджыр лæг ницы сдзырдта. Йæ ацы ныхæстæн ын цы дзуапп раттаид, уый нæ зыдта.

— Стæй йын йæ бæрзæйæн иу цæмæн ратдзынæ? Цæй тыххæй?

— Йе ’наккагдзинады тыххæй. Фæлладуадзæн хæдзары йæ усы кæй сайы, уый тыххæй...

— Бынтон дзæгъæлы... Уый гæнæн нæй. Цытæ дзурыс?!

— Ницæйаг чи у, уый.

— Нæ фæлæ афтæ бакæнæм: æз дыууæ билеты балхæндзынæн, мæхицæн æмæ ме ’мбалæн æмæ уæ дыууæмæ дæр кинотеатры дуармæ æнхъæлмæ кæсдзынæн. Ды æрбацæудзынæ... Мидæмæ иумæ бацæудзыстæм, æмæ фæрсæй-фæрстæм сбаддзыстæм.

— Цæмæн фæрсæй-фæрстæм?

— Уымæн æмæ мæнæн ам иу æмбал дæр нæй!

— Æ, гæды-къинто!

Дыууæйæ дæр та ныххудтысты.

— Ех-х! — йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд стыртæ лæгæн. — Адæймаг æм мæстæй аскъуындзæн!

Йæ сыхаг зæронд лæг хъуызгæ йæ мидбылты бахудт.

Стыр лæг æм дисхуызæй бакаст. Зæронд лæг йæ армытъæпæнæй йæ дзых бамбæрзта æмæ худти. Куы банцад, уæд та стыр лæджы хъусмæ йæхи байвазгæйæ, загъта:

— Хъус-ма йæм, хъус, тынг худæг у.

— Уым худæгæй цы ис? — уый дæр ныллæг хъæлæсæй æцæгхуызæй бафарста стыр лæг.

— Тынг худæг у! Цытæ дзурыс? Уымæй ма дæ худæгдæр цы хъæуы? Байхъус-ма йæм.

— Дæ ус дæ курортмæ иунæгæй куыд рауадзы? — бафарста Лæгой.

— Æмæ уым диссагæй цы ис? Ды дæ лæджы нæ рауадзис? Фæлæуу-ма, фæлæуу! — фæхъæр ласта Сыдывд. — Æмæ дын дæхи та куыд рауадзы дæ лæг?

— Мæнæн лæг нæй æмæ мæ уымæ гæсгæ уромæг дæр нæ вæййы. Фæлæ, зæгъын, дæу куыд рауадзынц?

— Мæн дæр раст уый тыххæй.

— Цæй тыххæй?

— Уый тыххæй.

— Нæ, нæ, цæй тыххæй, цæй тыххæй?

— Ус мын кæй нæй, уый тыххæй...

— Хъус-ма, Сыдывдыхъо! — фæстæмæ разылд стыр лæг. — Æз æмæ ды почтæйы иумæ куы уыдыстæм, уæд та йæ усмæ тел чи ныццавта, æхца мын рарвит, зæгъгæ?

Сыдывд фæтарст... Фæуыргъуыйау æмæ фæтарст. Автобусы бадджыты цæстæнгас æй йæ бынатмæ нылхъывта æмæ йæ бон фезмæлын дæр нал уыд.

— Цавæр тел? — бафарста уый.

— Æхцайы тыххæй... — тызмæгхуызæй йæхи ныллæмæрста стыр лæг. — Æз ма дæ фæрсгæ дæр куы бакодтон: «Куыд тагъд уыди?» Æмæ мын афтæ та чи загъта: «Мæ усимæ ныхасгонд уыдыстæм: мемæ æрмæст фæндаггаг рахæсдзынæн, стæй мын уæд уый фæстæ почтæйæ æрæрвитдзæн?» Æви уый ды нæ уыдтæ?

Сыдывд адæмыл йæ цæст ахаста... Сæ цæсгæмттыл сын тызмæгдзинад куы федта, уæд æнæдзургæйæ сыстад æмæ йæ сыхагмæ дæр нал бакаст, афтæмæй размæ йæ фыццаг бынатмæ рацыд. Сбадти... æнæдзургæйæ йæ акомкоммæ æмраст каст. Йæ тымбыл къухмæ уæздан хуыфт æркодта æмæ иннæты хуызæн уый дæр рудзынгæй æрдзы рæсугъддзинадмæ кæсын райдыдта. Йæ чъилджын худ ын стыргомау уыд æмæ-иу автобусы змæлдмæ йæ ныхыл дæлиау æрбырыд. Сыдывд-иу йæ гыццыл фындз бæрзонддæр систа, афтæмæй-иу иуцасдæр æддæмæ фæкаст, стæй та-иу худыл йе ’нгуылдзæй хæрдмæ схæцыд цалынмæ та-иу фæстæмæ цæстытæм не ’рхæццæ, уæдмæ.

— Хæйрæг æй бахæра!.. — фæсмонгæнæгау ныллæг хъæлæсæй йæ дынджыр сыхагæн загъта æндыснæгæй рынчын зæронд лæг. — Ныр та тæригъæд у.

— Чи? — нæ йæ бамбæрста йæ сыхаг.

— Уæртæ уымæй зæгъын... чъилхудджынæй.

Йæ сыхаг размæ акаст...

— Ы! — дисгæнæгау бакодта стыр лæг æмæ уый дæр ныллæг хъæлæсæй хъæлдзæгхуызæй загъта: — Æз ма йын йæ бæрзæйæн дæр иу ратдзынæн. Куы ныххæццæ уæм, уæд. Гæды ныхæстæ кæй лæхуры, уый тыххæй.

Фæстæмæ фæстаг бадæнмæ ничиуал каст. Чи зоны, æфсæрмы кодтой, кæнæ та уыдон дæр тæригъæды бацыдысты. Фæлæ зæронд лæг акаст... уайтагъд фæстæмæ разылд, йæ бынаты стæлфыд æмæ тымбылкъухæй йæ уæраджы сæр æрцавта.

— Нæ хъуыди, дзæгъæлы бакодтай афтæ!.. Цæмæн дæ хъуыди уый? Уадз, æмæ...

— Цæуыл тыхсыс, дæ хорзæхæй? — бафарста йæ стыр лæг.

— Нæ хъуыди! Цæмæн сæ... бахъыгдардтай?

Стыр, йæ дис не ’мбæхсгæйæ, зæронд лæгмæ каст.

— Цы дыл æрцыд?

— Ацу! Ныр та сыл мæ зæрдæ риссы. Фæлтау уадз æмæ цин кодтаиккой, куыд зонынц, афтæ.

Стыр лæг ницуал загъта. Аивæй гуымыфындз Сыдывдмæ бакаст, стæй та фæстæмæ разылд. Йе уæхсчытæ базмæлыдысты. Æппындæр ницы бамбæрста. Æмæ та рудзынгæй æддæмæ кæсын райдыдта — æрдзы рæсугъддзинадмæ.

ДУН-ДУНЕ, НЕРВОН СИСТЕМÆ ÆМÆ ФИУ

Зæронд лæг Наум Евстигнейы фыртæн фæснозт йæ сæр тъæппытæ хауд. Пецы сæр схуыссыд æмæ хъæрзыдта.

Алы мæй дæр-иу иу хатт йæ пенсийы æхцатæй Евстигнейы фырт дзæбæх нычъчъырхта æмæ-иу уый фæстæ æртæ боны йæ къæхтыл нал слæууыд. Хуыцауы-иу æлгъыста.

— Хæйрæджытæ мын сæ дзæмбытæй мæ зæрдæ тонынц, сæ мадыл сын... — Мæлын...

Алыхуызон чингуытæй дзаг стъолы уæлхъус бадти æстæмкъласон Юркæ, Евстигнейы фыртмæ фатеры цæрæг, æмæ йæ уроктæ цæттæ кодта.

— Мæлын, Юркæ, йæ мæрдтæ йын мæ куыдз бахæрæд!

— Уæд дзы къаддæр нуазын хъуыди.

— Зонд амонынмæ дын нырма æгæр раджы у.

Ничиуал ницы дзуры. Юркæйы пъеройы уынæр хъуысы. Зæронд лæгмæ дзурын цæуы, афтæмæй йын чысыл æнцондæр у.

— Уæдæ цы кусон? Нуазгæ дæр ма ма кæнон? Мæй иу хатт уæддæр...

— Цæмæн дæ хъæуы?

— Ау, æз адæймаг нæ дæн?

— Дæ ныхæстæм цагъайраг дуг мæ зæрдыл æрлæууыд. — Юркæ венæйаг бандоныл йæхи фæстæуæз ауагъта æмæ йæ фысыммæ былысчъилæй бакаст. — Алы адæймаг дæр хъуамæ нуазгæ кæна, зæгъгæ, афтæ уыцы заман нымадтой.

— Ды та йын цы зоныс цагъайраг дугæн?

Зæронд лæг уыцы тыхстæй бынмæ цымыдисхуызæй кæсы. Иуæй-иу хатт æй Юркæ йæ зонындзинæдтæй дисы бафтауы æмæ, кæд йæхи састыл никуы банымайы, уæддæр лæппумæ хъусын уарзы. — Ды та, зæгъын, уыцы дугæн цы ’мбарыс? Зæххæй уæлæмæ куы нæма зыныс.

— Цыдыстæм æй.

— Ахуыргæнджытæ уын æй дзырдтой æви?

— О.

— Æмæ йæ уыдон та цæмæй зонынц? Иу дæр дзы зæронд куы нæ у.

— Уыдон иууылдæр ахуыр кодтой. Чингуыты йæ фыссынц...

— Чингуыты... Æмæ дзы, мыййаг, адæймаг фæснозт мæлынмæ цæмæн æрцæуы, уый ничи зоны?

— Адæймаджы буар йæ чемы нал вæййы: сивушон зети йын йæ хъару асæтты.

— Кæм и зети? Арахъхъы?

— О.

Евстигнейы фыртæн кæд йæ зæрдæ хæццæ кæны, уæддæр æнæбары бахудт:

— Уый та дын ахуыргонд адæм.

— Фæнды дæ, уæд дын æз йæ формулæ дæр ныффысдзынæн? Ныртæккæ-ма кæс... — Юркæ химийы чиныгмæ февнæлдта, фæлæ зæронд лæг йæ дыууæ къухæй йæ сæрыл ныххæцыд æмæ ныхъхъæрзыдта:

— Æллæх, æллæх! Мæ сæры тенка мæхицæй нал у, мæ куыйтæ йыл амæлой!

— Омæ дын кæд афтæ тынг риссы, уæд баназ. Кæдмæ хъизæмар кæндзынæ?

Зæронд лæг æм ницы ’ргом раздæхта. Баназыныл нæ бацауæрстаид, фæлæ дзы æхца не ’нтыст. Чъындыйæ йæ разæй никæй ауадздзæн. Ницыхъуаг у, хорз пенси йын ис, йæ фырттæ æмæ йын йæ чызг горæтæй æххуыс кæнынц. Йæ уæрмы цы нæ хæринаг ис, — æндæраз цы хуы аргæвста, уымæн ма йæ нард æнæхъæн у, цæхджын джитъритæ, къабуска, харбызтæ, къозотæ... Тъæпæнджытæ, чъыбылатæ, къоппытæ æмæ боцкъатæ скълады дæр уыйбæрц нæ вæййы. Йæ цæлгæнæны æнæхъæн голлаг æмæ æрдæг урс-урсид дзуллаг, цары иу пут æмæ æрдæджы бæрц ауыгъдæй лæууы хуыйы фыд хусгондæй. Цæхæрадоны — уæрмы дзаг картоф, уый дæр ма йæм фаронæй баззад. Хуытæ, бабызтæ æмæ йæ кæрчытæн дæтты. Рынчын куы нæ вæййы, уæд æмбисæхсæв сысты æмæ йæ суанг изæрмилтæм хæдзары куыстытæй нæ равдæлы. Арæх уæрммæ ныххизы æмæ асиныл æнæдзургæйæ бирæ фæбады: «Æдылы къоппатæ! Цымæ сæм цæмæй æвзæр кæсы ам?» — сдзуры йæхинымæр æмæ та рухсмæ схизы. Уый йæ фырттæ æмæ йæ чызгæй зæгъы. Горæтмæ кæй ацыдысты, уый тыххæй сæм мæстæй судзы.

Юркæйы уавæр æндæр у. Уый сыхаг хъæуы цæры, уым дæсазон скъола нæй. Йæ фыд мард у. Афтæмæй ма йæхицæй фæстæмæ йæ мадæн æртæ сывæллоны ис. Йæ фыд хъæдæрмæг доны дæлæмæ уадзгæйæ фæдæлдон. Иннæ сывæллæттæ Юркæйæ кæстæр сты. Мад йæ удæй арт цæгъды, цæмæй Юркæ дæс къласы фæуа, ууыл. Юркæйæн йæхи дæр фæнды дæс къласы фæуын. Стæй канд дæс къласы нæ, фæлæ бæллы уый фæстæ институтмæ бацæуынмæ дæр. Медицинон институтмæ.

Зæронд лæг йæхи афтæ дары, цыма, Юркæ мæгуыр кæй цæры, уый не ’мбары. Алы мæй дæр дзы фондз сомы фатеры мызд райсы. Хæринаг хицæнтæй кæнынц. Зæронд лæг — йæхицæн, Юркæ — йæхицæн. Иуæй-иу хатт мæйы кæрон Юркæйы хæринæгтæ фæвæййынц. Юркæ, мæгуыр, афтид дзулы къæбæр хæрыныл куы балæууы, уæд æм зæронд лæг аивæй иудзæвгар йæ цæстызулæй фæкæсы, стæй йæ бафæрсы:

— Ницуал дæм баззад?

— Ницуал.

— Æз дын ратдзынæн... Уый фæстæ-иу мын хъæуæй æрбалас.

Зæронд лæг ын хъандзалджын барæнтыл иу-дыууæ килограммы еуу сбары æмæ дзы Юркæ йæхицæн кас сфыцы.

Райсомæй сын пецы цур ныхас бацайдагъ вæййы.

— Дæ ахуыр ныууадзыны зонд дæм нæй, зæгъыс, нæ?

— Нæй. Хирург уыдзынæн.

— Цас ма дæ хъæуы?

— Аст. Уымæн æмæ медицинон институты иннæты хуызæн фондз нæ, фæлæ æхсæз азы у.

— Цалынмæ хирург суай, уæдмæ дæ къæхтæ адаргъ уыдзысты. Дæ мад дын уыйбæрц æхца кæцæй æрхæсдзæн?

— Стипендийæ цæрдзынæн. Иннæтæ куы фæразынц... Нæ хъæуæй дыууæ лæппуйы афтæ ахуыр кæцынц.

Зæронд ницы дзуры, артмæ кæсы. Æвæццæгæн, йæ цот йæ зæрдыл æрлæууыдысты.

— Уыцы горæты уын мыд ныччындæуыди, уæ бæттæнтæ йæм цы тонут?!

— Ахуыр... «Уæ бæттæнтæ». Уый фæстæ хирургæй хъæуы дæр кусæн ис. Мæнмæ ма хъæуы хуыздæр дæр кæсы.

— Исты, мыййаг, мæлæты бирæ куы нæ исынц?

— Чи? Хирургтæ?

— О.

— Нæ-а, гыццыл сын фидынц. Æппæтæй къаддæр. Ныр сын, раст зæгъгæйæ, сæ мыздыл бафтыдтой, фæлæ...

— Æмæ уæд уал азы дæхи цы удхарæй марыс? Фæлтау шофырыл сахуыр кæн æмæ машинæйы сбад. Уыдон цас кусынц, уый зоныс! Стæй ма кæмæн йæ хъæдæрмæг баппарынц, кæм совхозы хос æрбаласынц æмæ сын уый дæр æхца. Дæ мадæн дæр йæ къух фæрогдæр уаид. Дæу æдде ма йын ноджыдæр æртæ даринаджы куы ис.

Юркæ иуцасдæр хъусæй лæууы. Йæ мад æмæ кæстæр æфсымæрты коймæ куыддæр фенкъард. Йæ мадæн, кæй зæгъын æй хъæуы, зын у... Зæронд лæгмæ йæ маст фыцын райдыдта.

— Ницы нын уыдзæн, — цæхгæр сдзырдта лæппу. — Уыимæ никæй ницы хъуыддаг ис.

— Ацы ахуырæй уын уæ сæрызонд фæцæуын кодтой æмæ хæдзар уымæн нал агурут, — загъта зæронд. — Дунейы кæрæтты йедтау хъеллау систат... — Кæйау хъеллау систой, уымæн ныхас нал ардта. — Раздæр æнæ ахуырæй тынг дзæбæх цардысты, хуыцауы фæрцы æнæкъæбæр нæ уыдысты.

— Ацæуыс, æрцæуыс æмæ та дæ ныхæстæ «раздæр»-ыл



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.