Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;МБÆСТÆГТÆ



ÆМБÆСТÆГТÆ

Æхсæвы уарыд къæвда. Дард кæмдæр арв нæрыди. Райсомæй раирд. Хуры алыварс иу мигъ дæр нал аззад. Бæлæсты хуылыдз сыфтæртыл къæвдайы æртæхтæ тад æвзистау ивæзтысты. Тæрфыты æврæгътæ сæхи зивæггæнгæ хæрдмæ истой.

Зæронд адæм иууылдæр æмхуызон сты — йæ мæлæт дзы кæмæн æрхæстæг вæййы, уый йæ базоны æмæ йыл йæхинымæр сабыргай хъуыды кæнын байдайы. Ахæм рæстæг царды диссаджы æмбæхст æнусон рæсугъддзинад уæлдай æргомдæрæй разыны. Æрæджиау ма царды рисæй ныттыппыр уæвын æмæ афтæмæй амæлын кæй фæнды.

Æмæ ацæуынц. Йæ фæстаг фæндагыл чи араст вæййы, уыдоны къахдзæфтæ фæллад бæхты тæвд згъæллаггæмтты уынæрау фæхъуысынц. Цæй диссаджы хорз уыди цæрын. Фæлтау куы нæ ацыдаид.

Æртæхдзыд фæндагыл фæцæйцыд урссæр зæронд лæг йæ хъугæн кæрдæг кæрдынмæ.

Хъæу фæсте обæутты фæстæ аззад. Кæдæм рараст, уыцы зæххыл уыди бирæ обæуттæ. Йæ фале та рæгътæ райдыдтой. Ацы фæндагыл куы ацæуай, уæд дæ ахондзæн бæрзонд обаугондмæ. Уырдыгæй дæм дæлвæз дзæбæх разындзæн. Дæлвæзы алыварс æртæрдыгæй æрæхгæдтой хæхтæ. Диссаджы уæгъдибар цъæх-цъæхид бæстæ. Рагæй нырмæ дæр дзы хосгæрстытæ уыд.

Ахæм кæрдæг дзы зад, æмæ бæхæн йæ гуыбыныл ныдзæвыди. Бынæй сатæг у, арфдæр куы бацæуай, уæд æмбыд тæф фындзыхуынчъытыл сæмбæлы. Уым зæххы бынæй хæрдмæ æнхъизынц диссаджы суадæттæ. Æнахуыр хæрзад дон дзы. Йæ фарсмæ абадын йæхæдæг дзæнæт у. Талынггомау æмæ сатæг, адæймаг дзы цæмæдæр гæсгæ иунæгæй йæхимæ хъусыныл фæвæййы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм адæмтæ ис, æмæ сæ цуры кæй дæ, уымæ æцæгæлон цæстæй ницыхуызы ракæсдзысты. Ахæм диссаджы рæсугъддзинады райгуырд цæмæн хъуыд, уымæн адæймаг йæхæдæг дæр дзуапп раттын нæ бафæраздзæн. Цы йын чындæуа?.. Йæ рæзты æнæвдæлонхуызæй ацу æмæ йын йæ рæсугъддзинад ма бафиппай, уый æвгъайуаг хъуыддаг уаид.

Фæстæмæ куы раздæхай, уæд дæм, æнкъарддзинады бын кæй фæдæ, уый тыххæй фæсмон æрцæудзæн. Афтæ дæм фæкæсдзæн, цыма дæ зæрдæйы цавæрдæр рухс бæллицтæ сæвзæрд æмæ сын сæ æхсызгондзинад нырма ныр æмбарын райдыдтай. Уыцы бæллицтыл дарддæр дæр цин кæныны ныфс риуы райгуыры, фæлæ сыл уайтагъд æндæр æнкъарæнтæ фæтых вæййынц æмæ йын йæ фæндæгтæ æрæхгæнынц.

Хур бæрзондæй-бæрзонддæр цæуы. Мигътæ сæхи систой æмæ сæ фæд æрбайсæфт. Зæхх æхсызгонæн улæфыди. Йæ тæф рухс нæ ныхъуырдта, фæлæ арвæй зæххы ’хсæн бацыди æмæ афтæ зынд, цыма рухсы зæххæй байсынмæ хъавыд æмæ уæлдæфмæ хаста.

Бæрзы сыфты кæрæттæ хус кæнын райдыдтой, фæлæ ма уæддæр сæ кæддæры æвзонгдзинад хурмæ æрттывта. Сæумæрайсомы æнцойдзинад, цæст кæй нæ уыдта, уыцы цъиуты цъыбар-цъыбур хæлдта.

Хур тынгдæр æндæвта. Фæхстæй хъарм уымæл дæлвæзтæм ивылын райдыдта. Алыхуызон цъæх-цъæхид зайæгойты тæф зæххы хъардта.

Зæронд лæг йæ цыдыл бафтыдта. Фæлæ афтæ тагъд нæ цыд, æмæ бафæллайа. Йæ хъару бирæ нал у æмæ йыл ауæрдын хъæуы.

Ацы фæндагыл фистæгæй дæр æмæ уæрдоны дæр бирæ фæцыди, зæгъæн ис, йæ цæргæ-цæрæнбонты. Алы фæзилæн дæр дзы зыдта, зыдта, бæхы кæм фæцагайын, кæнæ йын йæ рохтыл æрбахæцын кæм хъæуы, уыцы бынæттæ, цæмæй уый дæр цуаны райсомæй ма бафæллайа æмæ уый фæстæ тыххæй ласæгау ма цæуа. Ныр æм бæх нæ уыди. Хъусæг æм куы уаид, уæд дын, цæрæнбонты йæм цы бæхтæ уыд, уыдон иууылдæр ранымаид, бæстон радзурид, кæмæ дзы цавæр миниуджытæ уыд, уый. Йæ бæхты-иу куы ’рымысыд, уæд-иу йæ зæрдæ сындæггай риссын райдыдта. Æппæты тæригъæддагдæр фæстаг уыд: уæй йæ, мыййаг, нæ акодта, ивгæ дæр — афтæ, уæдæ йын æй цигантæ дæр нæ адавтой, уый, мæгуыр, йæ быны амард.

Уый уыди æртын æртыккæгæм азы. Зæронд лæг уæд зæронд нæма уыди, фæлæ æвзыгъд лæг Квасов Анисим, Анисимкæ йæ хуыдтой) уæдмæ колхозмæ бацыди, быдыры зæхгæсæй куыста. Æвирхъау æххормаг аз уыд уæд. Адæм футæг хордтой, пысыра фыхтой, мусы, зымæг æддæ чи баззад, уыцы хоры нæмгуытæ цъылынæй иу ранмæ марзтой. Ног хормæ æнхъæлмæ кастысты: уый тыххæй сæрды истæмæй аирвæзын хъуыд. Сæ сæйраг ныфс уыдысты хъуццытæ: сыдæй чи ныррæсыд, уыцы сывæллæттæн æхсыр уыдон дардтой.

Иуахæмы, хосгæрдæны заман, иу хъæууон хъомгæс, æнæуи дæр лæмæгъ чи уыд, ахæм лæг, бынтон æгуыдзæгмæ æрцыд. Хъомты фæстæ згъоргæйæ ахауд æмæ йæ зæрдæ бахъарм. Уым цас фæхуыссыдаид, хуыцау йæ зонæг, фæлæ, куыд дзырдтой, афтæмæй — бирæ. Хъомтæ сæхи бар уыдысты æмæ æртæсыфон кæрдæгмæ баирвæзтысты. Хъомгæс æрæджиау æрчъицыдта æмæ йæ фос хъæумæ изæрæй æнафон æрыскъæрдта, ныддæнгæл сты, афтæмæй. Фыццагдæр кæуыл амбæлд, уыдонæн загъта: «Æртæсыфон бахордтой æмæ сын исты хос!..» Бæстæ сызмæлыд!.. Сылтæ ниуынмæ фесты, нæлгоймæгтæ æддæг-мидæг ауадысты. Кæмæн цы йæ къухы фæци, уымæй хъомы уынгты сæ разæй айстой. Стыр æнамонд хабар æрцыд æнæхъæн хъæуыл, бæстæ хъæрæй байдзаг. Хъомтæ-иу афæлдæхтысты, адæм дæр фæлладысты æмæ уыдон дæр хаудысты. Анисиммæ бæх уыд (Анисимы зæхгæсæй куы сæвæрдтой, уæд ын, раздæр йæхи чи уыд, уыцы бæх Мишкæйы раттой). Анисим хъуыддаг куы бамбæрста, уæд Мишкæйыл йæхи баппæрста æмæ уый дæр хъуццыты йæ разæй айста. Æхсæв-бонмæ сæ иу ран не ’руагътой. Бонырдæм Мишкæ Анисимы бын йæ раззæгтыл æрбадт. Цы нæ йын фæкодта, фæлæ йын йæ бон ницуал баци. Анисим йæ уæлхъус мардыл кæуæгау куыдта, йæхи йыл мардта... Знаггаддзинадыл ын æй банымадтой. Мæй æмæ æрдæджы бæрц районы къаланчойы абадт, фæлæ йæ уый фæстæ рауагътой.

Мæнæ æппынфæстаг зæронд лæджы зæххы хаймæ æрбахæццæ. Фæндагæй чысыл иуварсгомау, фæуырдыггæнæны — суадон.

Хур иу лæдзæгбæрц суад. Æгæр ын айрæджы. Тагъд-тагъд æрдæгцæхджын джитъри æмæ дзул ахордта æмæ йæ цæвæг райста. Цалдæр хатты йыл цыргъгæнæн дур æруагъта æмæ кæрдынмæ бавнæлдта.

Хос кæрдынæй ма хуыздæр куыст уыдзæн! Зæронд лæгмæ иу миниуæг уыд — хос кæрдын иунæгæй уарзта. Бон-сауизæрмæ адæймаджы сæрмæ цы нæ хъуыды æрцæуы!

Цæвæджы æхсызгон æхситт цæуы, кæрдæг бындзарæй дасы. Раздæр йæ мидбынат базмæлы, стæй зивæггæнгæ æрхауы. Разæй иу-æртæ метры æддæдæр, калм йæ сæр сдардта... Стæй æваст йæ тасаг æлгъаг буар æрттывдтытæ калгæ кæрдæджы аныхст. Ногæй та ивгъуыд нывтæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты: иухатт, лæппу ма уыдис, афтæмæй бæхыл сæппæй фæцæйцыд. Æваст бæх калмы ауыдта æви йæ æнæуынгæйæ банкъардта, цы! — йæхи иуварс фехста. Анисимкæ цыма бæхыл фыццаг хатт сбадт, уыйау ахауд. Æмæ дын йæ фæстагæй уыцы æнæбайрайгæйы калмыл куы ’рхауид. Æнæхъæн къуыри йыл тæллæх бахæцыд.

Йæ цæстыты раз йæ царды рæсугъддæр æмæ амондджындæр цаутæ кæрæдзи фæдыл радыгай уайынц. Афтæ ма змæст цады бынæй сыгъдæг суадæттæ фæгуырынц. Ацы кæлмытимæ дæр ын дзæвгар хабæрттæ уыд... Сæ хъæуы иу лæг уыд, Куделькæ, зæгъгæ. Лæппутæн-иу афтæ дзырдта, иу калм, дам, чи амара, уымæн йæ тæригъæдтæй дыууиссæдз хатыргонд æрцæудзысты. Калмы, дам, арты куы баппарай, уæд ын йæ гуыбыны фендзыстут, куыд бирæ къæхтæ йын ис, уый. Æмæ дын лæппутæм бакæсын. Сæ тæригъæдтæй фервæзыныл нал ауæрстой. Кæлмыты сыгътой. Æмæ-иу, æцæгдæр, цæхæрыл куы скафыд, уæд-иу йæ гуыбыны цыдæр ферттывта — урсгомау, лыстæг æмæ бирæйæ. Лæппуты хъæр-иу дардмæ хъуыст: «Уыныс! Дæлæ сты!» Æмæ-иу ын иууылдæр йæ къæхтæ федтой.

Сихормæ, цалынмæ кæрдæг бынтон нæ бахус, уæдмæ зæронд лæг хос фæкарста. Хур бынтон æндавын райдыдта. Адæймаджы сæрыл цыма исчи тæвд лауыз æрæвæрдта, уыйау сыгъта.

— Табу хуыцауæн! — загъта зæронд, йæ фæстæ акæсгæйæ: хорз ын бантыст. Йæ зæрдæ барухс.

Кæрдæг уынынмæ куы ’рбацыд, уæд мусонггонд сарæзта æмæ ныр уырдæм йæхи байста. Хъуамæ йæхи хорз федтаид, уымæн æмæ никæдæмуал тагъд кодта.

Мусонджы карст кæрдæджы тæфæй бацæуæн нæ уыди. Кæцæйдæр лыстæг бындзы дыв-дыв цæуы. Цъысцъысаджы иугæндзон зарæг сæрдыгон тæвд боны æнцойдзинадмæ бырсы. Бæрзондæй уæлдæфæй зæхмæ схъиудтытæгæнгæ хауынц гоппой цъиуы зæрдиаг зарæджы мыртæ.

Адæймагыл базыртæ базад. Атæхынмæ йæ бирæ нал хъæуы. Адæймаг амондджын у, уый йæхæдæг арæх нæ фенкъары. Истæуыл куы фæтыхсæм, уæд нæхинымæр фæзæгъæм: «Адæм иууылдæр мæн хуызæн не сты. Амондджынтæ дзы бирæ ис». Фæлæ амондджын куы вæййæм, уæд афтæ никуы фæзæгъæм: «Кæмдæр æнамонд адæмтæ дæр ис». Нæхæдæг амондджын вæййæм æмæ нæм искæй сагъæс нал фæхъары.

Зæронд лæг сыгъдæгæхсад хæцъил зæххыл райтыгъта æмæ йыл джитъритæ, дзул æмæ æхсад батунок æрæвæрдта... Уый фæстæ суадонмæ ныццыд æмæ донæй, йæ сæр хæцъилæй æхгæд кæмæн уыд, ахæм æхсыры авг систа. Суадоны былмæ йæ къухтæ фæбыцæу сты æмæ сындæггай бирæ дон фæнызта. Суадоны згæбын змисы æрттиваг муртæ куыд кафыдысты, уый дæр уыдта.

«Цыма сын удтæ ис», — загъта йæхицæн зæронд. Тыххæйты сыстад. Авг райста æмæ мусонгмæ ссыд. Мусонджы дуармæ бæласы бындзæфхадыл иу зæронд лæджы бадгæ сæййæфта, чъилджын худ ыл, лæдзæгимæ. Тамако дымдта.

— Дæ бон хорз, — салам ратта чъилджынхудджын. — Дæ фæллад уадзынмæ æрбадтæ, уый бамбæрстон æмæ дæм æрбаздæхтæн. Кæд æмбæлы, уæд.

— Цæуыннæ, цæ? — загъта Анисим. — Æрмæст мидæгдæр рахиз. Ам уæддæр чысыл къаддæр æндавы.

— Тæвдæй тæвд у. — Чъилджынхудджын дæр мусонгмæ бацыд æмæ кæрдæгыл æрбадт. — Æгæр тæвд.

«Замманай хæлаф кæрдæгыл сцъæх уыдзæн», — ахъуыды кодта Анисим.

— Кæд дæ фæнды, уæд мæ сихорæй саход, — загъта, «фынгмæ» ацамонгæйæ, Анисим.

— Бузныг, чысыл раздæр бахордтон. — Чъилджынхудджын зæронд лæг æм афтæ æдзынæг каст, æмæ Анисим æфсæрмы бацыд. — Хос кæрдыс?

— Уæдæ. Ардыгон нæ дæ, æвæццæгæн?

— Уæллæй, ардыгон.

Анисим уазæгмæ бакаст, фæлæ ницы сдзырдта.

— Ардыгоны хуызæн нæ дæн?

— Цæуыннæ. Алыхуызæттæ нæм æрцæуы. — Анисимы дæндæгты æхсæн джитърийы уынæр ссыд... Йæ цæстæнгас æрхæцыд, уазæг зæхкусæджы хуымæтæг сихормæ куыд, æхсызгонæй каст, ууыл æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма йæ зæрдæмæ цæуы.

— Хæстæгдæр æрбабад, — дыккаг хатт æм æрхатыд Анисим.

— Хæргæ, дæу нырма изæрмæ кусын хъæуы.

— Нæ дыууæйы фаг дæр у.

Горæтаг лæг йæ худ систа æмæ йе ’рттиваг лæгуын сæр байгом. Хæстæгдæр æрбабадт, джитъри систа æмæ дзулæй расаста.

— Газет дæм нæй? — бафарста Анисим.

— Цæмæн дæ хъæуы? — дисхуызæй загъта уазæг.

— Дæ хæлаф нал бæздзæн, замманай хæлаф кæрдæгыл сцъæх уыдзæн.

— Мур дæр ын нæу. Ахæм ма дзы джитъритæ уыдзæн!..

— Цы загътай?

— Диссаджы джитъритæ...

— Ардыгон дæ, зæгъыс? Кæцы хъæуккаг дæ?

— Ардæм æввахс у...

Анисимы нæ уырныдта, уазæг ардыгон у, уый.

— Ныртæккæ ам нæ цæрын, фæлæ гуыргæ ам ракодтон.

— А-а. Уазæгуаты æрцыдтæ?

— Райгуырæн бæстæ фенын хъæуы, кæннод мын тагъд мæлын афон у. Дæхæдæг та кæцы хъæуæй дæ?

— Лебяжьяйæ. Мæнæ йæм ацы фæндагыл цæугæ у.

— Дæ зæронд æфсинимæ иунæгæй цæрыс?

— О.

— Цот дæр дын ис?

— Ис. Æртæ. Дыууæйæ хæстæй нал сыздæхтысты.

— Æгас ма дзы чи у, уыдон кæмыты сты? Горæты?

— Иу дзы горæты ис, Колькæ. Чызджытæ та моймæцыд сты... Иу дзы Чебурлачы цæры. Йæ лæг колхозы бригадирæй кусы. Дыккаг та ноджыдæр дарддæр ис. — Иннæ чызгæн уырыссаг мой кæй нæй, уый йын нæ загъта. — Нинкæ а уалдзæджы ам уыди... Йæ цот ныр дынджыртæ сты.

— Колькæ та кæцы горæты ис?

— Уæллæй, горæты ис, зæгъгæ, зæгъын, фæлæ бынтон горæт дæр нæу. Йæ куыст ахæм у: иу ран ын æрбадæн нæй. Цæугæцард кæны. Æфсæйнаг агурынц.

— Уæддæр йæ горæт цавæр у?

— Ленинград. Писмотæ нæм фыссы. Æхца нын æрвиты... Æнæуи йæ цард æвзæр нæу. Уый дæр суайынмæ хъавы, фæлæ йæ нæма февдæлд. Чи зоны, тагъд фæзына.

Горæтаг зæронд лæг æхсырæй ахуыпп кодта æмæ йæ былтæ, къухмæрзæнæй асæрфта.

— Бузныг. Мæхи хорз федтон.

— Куыннæ стæй!

— Кæрдынмæ цæуыс?

— Нæма, чысыл ма банхъæлмæ кæсон. Нырма æгæр тæвд у.

— Колькæ дын кæцы азы гуырд у? — ногæй та йæ бафарста уазæг.

— Ссæдзæм, — Анисиммæ хардзау æркаст: «Уый йын цавæр хынцфарст у?» Æмæ уазæгмæ бакаст. Уый бынтон æнкъард нæ, фæлæ уæддæр æрхæндæггомауæй бахудт.

— Ахæм хабæрттæ, ме ’мзæххон, — загъта уый.

«Цыдæр æнахуыр у, — загъта йæхицæн Анисим. — Ахæм кары уыдæттæ нæ фидауы».

— Де ’нæниздзинад куыд у? — дарддæр фарста горæтаг.

— Табу хуыцауæн, нырма сæрæгас стæм. — Мæ сæр фæриссы. Нæ хъæуы ’мбис сæ сæртæй хъæрзынц, суанг ма æрыгæттæ дæр.

— Хæстæджытæ ма дын ис? Æфсымæртæ, хотæ...

— Нæй, рагæй дæр...

— Мæлгæ акодтой?

— Хотæ амардысты, ме ’фсымæр та хæстæй нал сыздæхт.

— Фæмард?

— Уæдæ? Хæстæй цæуыннæуал раздæхынц?

Горæтаг сдымдта. Цъæх-цъæхид фæздæджы къуыбылæйттæ дуармæ фæцагайдтой. Ам мусонджы, кæрдæгхуызцъæх аууоны фæздæг дзæбæх зынд, фæлæ-иу æдде уайтагъд æрбайсæфт, афтæмæй дымгæйæн йæ кой дæр никуы уыд. Цъырцъырæгтæ нал æнцадысты, цъиуты æхситт кæрдæгæй цыди, зæххы хъарм риумæ згъæлдысты гоппой цъиуты æнæрынцой зарæджы зæлтæ.

Мусонгмæ бацæуæны бæрзонд кæрдæгыл хæрдмæ сцæйхылд майрæмыкарк. Уыцы ныфсджынæй цыд размæ. Зæронд лæгтæ йæм кæсыныл фесты. Майрæмыкарк тæккæ цъупмæ сбырыд, йæ бынаты базмæлыд, йæ базыртæ фæпака сты æмæ кæрдæджы сæрты зулаив атахт.

— Гъе, афтæ фæцардыстæм, — загъта горæтаг лæг. Анисим фестъæлфыд. Уыцы ныхæстæ йын цыдæр тынг зонгæ уыдысты. Ныхæстæ нæ, фæлæ сæ цы хъæлæсыуагæй загъта, уый. Йæ фыд-иу, хъуыдыты аныгъуылгæйæ, афтæ дзырдта. Чысыл худæгауæй, дисхуызæй. Йæ фыд сыл дарддæр æнæбафтаугæ нæ фæуыдаид: «Йæ мадыл къалостæ скæна!» Хъæлдзæгдæрæй.

— Æнкъард нæ кæныс, ме ’мзæххон?

— Æнкъард кæнай, нæ кæнай — цы дзы рамбулдзынæ?

— Адæймагæн хъуамæ ахæм заман исты æххуыс кæна?

— Дæуæй исты риссы, мыййаг?

— Риссы. Мæ зæрдæ. Иучысыл. Æвгъайуаг... Цæрынæй нæ бафæлладтæн. Кæйдæр загъдау, цæттæ нæ дæн.

— Уæллæй, худæгæй марыс. Дæумæ гæсгæ, иннæтæй чи бафæллад? Барвæндонæй чырыны чи ’рхуысдзæн?

— Ис ахæмтæ дæр. Йæхи чи амары, уыдон...

— Уыдон рынчын вæййынц. Æдде сæм бакæс, æмæ — æгас, сæ зæрдæмæ ныккæс, æмæ — мард.

— Цыдæртæ мын нæ бантыст... Мæхæдæг мæхиуыл худын: цы мæ бон уыд, уый сарæзтон. — Горæтаг йæ дзурынæй фенцад. — Афтæ сабыр уæвын мæм куыддæр хардзау кæсы. Цæрæнбонты æнцой нæ зыдтон. Фæлæ ныр мæ бынат искæмæн раттын хъæуы. Хъæуы æви нæ?

— Хъæуы, уæллæй!

— Уый дзы куы нæ уаид, уæд искуы фæсвæдмæ дæхи айс, куынникæмæуал зынай, афтæ æмæ иу-дыууæфондзыссæдз азы ацæр! Куыд зæгъыс? — Зæронд лæг хъæрæй ныххудт. Йæ худын дæр та йæм цыдæр тынг зонгæ фæкаст. — Ы?

— Хорз дæм нал фæкæсид. Стыхсис.

— Не стыхсин, уæллæй.

— Рагацау уыдæттыл ма хъуыды кæн æмæ уæд мæлæтæй афтæ тынг нæ тæрсдзынæ. Куы ралæууа, уæд та, куыд фæзæгъынц: адзалæн мадзал нæй. Чи зоны, бирæ фæсæйай. Къуырийæ фылдæр чи нæ ахæссы, ахæмтæ дæр — бирæ.

— Уый дæр раст у.

— Ды фидæныл хъуыды кæныс, æз та арæхдæр мæ ивгъуыд цардмæ раздæхын, æмæ уый дæр хорз нæу. Адæймаг сагъæсты бын фæвæййы.

— Ивгъуыд бонтæ дæ зæрдыл арæх æрлæууынц?

— Уæдæ!

— Уый хорз у.

— Æвзæр нæу, фæлæ адæймаг йæхи зæрдæ къахы. Æмæ уый цæмæн хъæуы?

— Уæллæй, хъæуы. Зæрдыл цы ’рлæууы? Сабидуг?

— Фылдæр — сабидуг.

— Истытæ-ма мын радзур. Фыдуаг митæ кодтай?

— Æфсымæр мын уыдис, Гринькæ. Бæсты иблис. — Анисимы зæрдыл цыдæр æрбалæууыд æмæ ныххудт. — Цынæ диссаг-иу æрбаймысыд!.. Хæсты дæр, æвæццæгæн, æппæты разæй фæци...

— Бæлвырддæр ма мын дзы истытæ радзур, — цымыдисхуызæй загъта горæтаг зæронд лæг. — Дæ хорзæхæй. Цалынмæ дæ фæллад уадзыс, уæдмæ.

— Ы-ы!.. — Анисим йæ сæр батылдта æмæ иуцасдæр ницуал сдзырдта. — Цæстфæлдахæг уыд... Иухатт нæ нæ сыхæгты лæг Чалышев Егор йæ цæхæрадоны æрцахста æмæ нæм дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, æрлæвæрдта. Хъæугæ нын афтæ кодта. Искæй аххос нын нæ уыд. Сæ харбызтæ ма хæрынæн дæр куы бæззыдаиккой: сæ фылдæр — цъæх. Мах-иу æй нæ уæраджы сæрыл æрцавтам, æхсæвыгон æй цæмæй уыдтам, фен æй æмæ та-иу цъæх разынд. Иуварс та-иу æй фехстам. Æмæ ныл дзæбæх æрлæууыд. Стæй ма ныл нæхимæ уæд нæ фыд дæр бафтыдта. Гринькæ тынг смæсты. Йæ маст райсыны зонд æм æрцыд. Æмæ цы сарæзта? Хуыйы мисындзæг райста — уыцы бон хуы аргæвстам, — фæнычы йæ сæвдылдта... Зоныс, куыд вæййы, уый?

— Зонын, зонын.

— О. Бахус æй кодта, стæй йæ ныддымдта æмæ йыл тæрсынгæнæны ныв сарæзта. — Анисим ныххудт. — Ахæм хæмхуттæ уынгæ та кæм фæкодта?.. Куы ’рталынг, уæд сындæггай Егорты тыргътæм бахъуызыдыстæм æмæ хуыйы мисындзæг тæккæ рахизæны сауыгътам. Райсомæй Егор дуарæй куы ракаст æмæ уыцы хæмхуттæ куы ауыдта, уæд чысыл ма бахъæуа, фыртæссæй йæ сыдзæг ма байдзаг кæна. Дуар ахгæдта æмæ фæстæмæ фæлидзæг. Йæ хъæлæсыдзаг дын фæдис куы сисид: «Хорз адæм! Мæ тыргъты хæйрæг!»

Горæтаг зæронд лæг хъæрæй ныххудт. Йæ цæстысыгтæ дæр ма æркалдысты.

— Фæтарст, мæгуыр. Ы? Ха-ха!..

— Æгæр, æгæр. Уæдæй фæстæмæ йæ «Егор, дæ тыргъты хæйрæг фæзынд», зæгъгæ, хонын райдыдтой.

— Иннæ хатт та — уæд стырдæртæ уыдыстæм — раст ацафон уыд, уæд дæр хос карстой. Рогодин Миколай, зæгъгæ, нæм иу хинæйдзаг лæг уыди. Искæй фæллоймæ гæппæввонг лæууыд. Иу изæр дын ме ’фсымæрæн куы зæгъид: «Гринькæ, бæхыл абад, кæд дæ фæнды, уæд мæноныл дæр, æмæ хъæумæ скъæргæ æмæ искæй кæрчытæ расæрф. Мæ зæрдæ карчы фыд æрцагуырдта. Гринькæ æнæ ай, æнæ уыйæ бæхыл абадт æмæ хъæумæ фæцагайдта. Иучысыл рæстæг рацыд, афтæ дын фондз карчы, сæ къубæлттæ тынд, афтæмæй куы ’рбалæууын кæнид. Нæ цинæн ма кæрон кæм уыд. Уайтæккæ сæ уæларт бавæрдтам. Хуымæтæджы хæрзад уыдысты! Миколай хæргæ-хæрын дæр йе ’ппæлынæй не ’нцад, лæг, дам, дæ, Гринькæ. Гринькæ дæр ын афтæ: «Хæргæ, Миколай, раст цыма дæхи кæрчытæ сты, афтæ дæм кæсæд».

Дыууæ зæронд лæджы дæр тынг зæрдиагæй фæхудтысты. Горæтаг сдымдта:

— Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фæстæ йæ фелгъыста, фæлæ йын кæй аххос уыд: йæхæдæг æй арвыста.

— Афтæтæ... — Горæтаг зæронд лæг йæ цæстытæ асæрфта. Хъуыдыты аныгъуылд. Дзæвгар рæстæг сæ иуы дзыхæй дæр ныхас нал схауд. Алчи дæр дзы йæхи сагъæсты ацыд. Мусонджы æдде та цард цæджджинагау фыхти, хуры æрттивгæ тынтæм дуне йæ хуыз скалдта.

— Цæй, æз цæуон... — загъта Анисим. — Чысыл цыма фæсатæгдæр.

— Тæвд ма у...

— Ницы йын у.

— Хъуг æнæдаргæ дзы нæй?

— Нæй.

Анисим йæ цæвæг райста, цыргъгæнæн дур ыл дыууæрдæм ахафта. Йæ карст уистыл йæ цæст ахаста — хорз ын бантыст абондæргъы. Горæтаг зæронд лæг дзы йæ цæст нал иста. Æдзынæг æм каст. Æнкъардæй.

— Цæй, æз цæуын, — иу хатт ма загъта Анисим.

— Цæй, уæдæ, — загъта горæтаг. — Афтæмæй хæрзбон рау. — Æмæ ма Анисимы цæстытæм ноджыдæр иу хатт æдзынæг ныккаст, æрмæст зæгъгæ ницуал кодта, йæ къух ын тынг нылхъывта æмæ хохы ’рдæм араст. Уайтагъд фæндагмæ бахызт, фæстæмæ ма ракаст, иу чысыл алæууыд æмæ араст. Æмæ та фæзилæны фæтар.

Зæронд лæг æнафонмæ фæкарста.

Стæй сæхимæ ацыд.

Сæхимæ йæм йе ’фсин зæрдиагæй кæй æнхъæлмæ каст, уый бæрæг уыд.

— Цавæрдæр лæг дæ агуырдта!.. — сдзырдта зæронд ус, куыддæр лæг кулдуарæй æрбахызт, афтæ. — Дæргъæй-дæргъмæ автомобилы. Дæумæ ’рцыди. Уæ зæронд лæг, дам, кæм и?

Анисим асиныл æрбадт, йæ дзæкъул йæ фарсмæ зæххыл æрæвæргæйæ.

— Чъилджын худ ыл уыди? Зæрондгомау лæг...

— О, æцæг ыл ахæм худ уыд. Стæй ма йыл костюм. Ахуыргæнæджы хуызæн.

Зæронд лæг, зæхмæ йæ къæхты бынмæ кæсгæйæ, æнæдзургæйæ бирæ фæлæууыд. Абон æм зонгæ цы хъæлæс фæкаст æмæ тынг кæуыл фæдис кодта, уый базыдта. Йæ зæрдыл нырма ныртæккæ ’рлæууыдис, фæлæ цымæ уый æцæг уыдзæн?!.

— Гринькæ, мыййаг, нæ уыд? Уый хуызæнæй йæм ницы раиртæстай?

— Цытæ дзурыс! Æви дæ сæрызонд фæцыд? Мæрдтæй дæм раздæхт?

Ахæм хъуыддæгты фæдыл сылгоймагимæ цас нæ дзурай, уыйас хуыздæр, нæ дæ бамбардзæн. Цалынмæ æрыгæттæ вæййынц, уæд ма сын цыфæнды æдылы ныхæстæ дæр дзур æмæ дыл уæддæр æууæнддзысты, зæрондæй та сын æнæнхъæлæджы хъуыды сæ хъусы бацæгъд æмæ дæхæдæг уайтæккæ сæрхъæнæй агæпп ласдзынæ.

— Ацыди?

— О. Фæссихор уыдаид, афтæ.

«Ау, Гринькæ уа? Гринькæ уыди, цымæ?»

Æхсæв-бонмæ зæронд лæг йæ цæстытæ не ’рцъынд кодта. Хъуыдыты бын фæци. Боныцъæхтыл ахæм хъуыдымæ æрцыд: уый хуызæн у.

Æмæ хуызæттæй фылдæр цы ис! Стæй йæхи та цы ’мбæхстаид? Кæд æй йæ риссаг хъæдгом рæхойын нæ фæндыд? Æрыгонæй дæр ахæм уыд...

«Ау, Гринькæ уа?»

Къуырийы фæстæ зæронд лæг æмæ ус райстой тел: «Квасов Анисим Стъепаны фыртмæ.

Де ’фсымæр Григори Стъепаны фырт амард дыууадæсæмы. Сымахæн фехъусын кæнын нын бафæдзæхста. Квасовы бинонтæ».

Йе ’фсымæр уыд. Гринькæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.