Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДАРД КÆМДÆР 7 страница



— Лæг...

— Уæдæ йын чи у?

— Уый аккаг нæу, бамбæрстай? — срæцыгъта ус. — Æрласта йæ! Ахæмтæ нæхимæ, цас дæ хъæуы, уый бæрц!

— А-а-а! — Фонякин бамбæрста, йæ ус исты куы зона, уæддæр æй кæй бамбæхсдзæн, уымæн æмæ йе сиахс йæ зæрдæмæ нæ цыди.

Æмæ йæ зæрдæ риссын райдыдта.

«Петькæйы ныхмæ мацы ’рхъуыды кæной, уый гæнæн нæй».

Иуахæмы йæ ус æмæ чызджы цæуылдæр хъæрæй ныхасгæнгæ баййæфта. Куы йæ ауыдтой, уæд æваст фæхъус сты. Ольгæ йæхи уатмæ ацыд.

— Цы сфæнд кодтат? — комкоммæ сæ бафарста Фонякин.

Ус ыл йæхи сцагъта:

— Цытæ дзурыс?!. Цы хъуамæ сфæнд кæнæм? Хуыцау, табу дæхицæн!.. Ды дзы куы нæ зæгъай.

— Æнцад æрбадут, — бавзыста сæм Фонякин. — Уыцы лæппуйы уын æфхæрын нæ бауадздзынæн. Бамбæрстай?

Фæндзæм бон дын ын йæ кабинетмæ писмо куы ’рбахæссиккой. Комкоммæ йæхи номыл фыст.

 

«Зынаргъ æмб. Фонякин!

Мах дæуæн æцæгæй дæр кæнæм стыр аргъ, ам дæу аххос æппындæр ницы ис. Фæлæ дæ сыл-бæхæн исты хос ссар. Худинаг æмæ аллайаг. Цыфæндыйæ дæр уыцы лæппу нæ сывæллæтты ахуыргæнæг у. Стæй, куыд фехъуыстам, афтæмæй чызг йæхæдæг дæр ахуыргæнæгæй кусын райдайынмæ хъавы. Уæд уыдон, фæзмыны аккаг чи у, ахæмтæ сты?..»

 

Фонякин писмо кæронмæ каст нал фæци; йæ кабинеты бирæ адæм уыд. Цыма йыл исчи æхсæнтæ дон бакалдта, уый хуызæн адæмы цæстытæм бакæсын нал уæндыд.

«Худинагæй мæ фесафдзæн, — сæры гуырыдысты алыхуызон хъуыдытæ. — Уæддæр уый нырма йæ райдайæн у».

Йæ бон цас уыд, уыйбæрц хъæддых лæууыд стæй куынæуал фæрæзта, уæд загъта:

— Æмбæлттæ, куыддæр... мæ чемы нæ дæн... Нæ фæразын... Хæдзары иучысыл мæхи æруадзон. Абон уал ууыл фæуæм.

Сæхимæ цыди тагъд къахдзæфтæй. Рахиз къух йæ дзыппы, писмо йæ къухы афтæ тынг нылхъывта, æмæ-иу йæ армытъæпæн дæр схид.

«Æнæхъæн хъæу дæр æй базыдтой. Æнаккæгтæ! Æрмæстдæр ма йæ æз æмæ Петькæ... Фæлæуут!..»

Сæхимæ уыцы хъуынтызæй æрбацыд.

Йæ ус æй куы ауыдта, уæд хорзау нал фæци.

— Цы кодтай? Срысти та? Уæд та дохтырмæ фæдзурон?..

— Ольгæйæн-ма зæгъ. Дæхæдæг искуыдæм ацу, мæ цæстæй дæр дæ куыннæуал фенон, афтæ.

— Цы ’рцыди, Павел?

— Кæмæ дзурын æз?

Ус уавæр бамбæрста æмæ йын æнæ коммæ бакæсгæ нал уыд.

Ольгæ уыцы сабырхуызæй æрбацыд, æрмæст иннæ хæттытæй уæлдай йæхи чысыл æлхъывддæр дардта.

«Раст фæндагыл лæуд куы фæуыдаид, — загъта йæхинымæр Фонякин, — уæд дзы цы диссаджы сылгоймаг... бинойнаг, мад рауадаид».

— Цы кæныс, папæ?

— Мæнæ!.. — Фонякин йæ чызджы къæхты бынмæ писмо баппæрста. — Диссаджы уацмыс мæм æрбарвыстой. Ахуыргæнæг суæвынмæ хъавыс? Бакæс æй! — Фонякин тынгæй-тынгдæр фыхт. — Уым, æвæццæгæн, грамматикон рæдыдтæ уыдзæн, фæлæ цæсгомыл дзæбæх ту кæнынц...

Ольгæ писмомæ йæ цæстæнгас дæр нæ аздæхта.

— Æнæном писмо? Кæсын дæр æй нæ хъуыди...

— Уæдæ?! — ныхъхъæр кодта Фонякин. — Æви мæ цæстытæ скъахон?

— Йæ кæсыны сæр ницæмæн хъуыд, æз дын æй мæхæдæг радзурдзынæн.

Фонякин уый æнхъæл нæ уыд æмæ уымæ гæсгæ куыддæр фæци.

— Цы радзурдзынæ?

— Æз базонгæ дæн ахуыргæнæг Юрий Алыксандыры фыртимæ æмæ бахæлæрттæ стæм...

«Цыма æппындæр ницы æрцыд, уый хуызæн сабыргай куыд дзуры!» — Фонякины маст ноджы фæфылдæр.

— Æмæ уæд йед та... — Ольгæйы хуызæн сабыргай райдайынмæ хъавыд уый дæр. — Æмæ уæд Петькæ та?.. — Йæ хъæлæс-иу фескъуыд, æнцадæй дзурын йæ бон нæ уыд. Йæхиуыл хæцын кæй нал бафæраздзæн, уый æмбарын райдыдта. Уый æмбæрста Ольгæ дæр, фæлæ йæхи сабыр дардта. Фонякин æм уый тыххæй ноджы тынгдæр мæсты кодта. — Дæ лæг та, зæгъын?

— Æз æй никуы уарзтон. Уый йæхæдæг дæр зоны.

Фонякин слæууыд.

— Ардæм-ма рауай, — загъта уый.

Ольгæ иу уысм йæ бынатæй нæ фезмæлыд, стæй йæм бацыд.

Йæ фыд ын йæ уæлхъус ныццавта. Стæй ма ноджыдæр иу хатт, æртыккаг хатт. Ольгæ фæстæдæр алæууыд.

— Ноджыдæр-ма, — сдзырдта уый.

Фонякин та йæм бацыд æмæ та йæ ныццавта.

— Лæппутус.

— Ноджыдæр-ма мæ ныццæв!

— Лæппутус! Фесæф ар... — Фонякины хурхы уадындзтæ ахгæдтой.

— Ноджыдæр-ма! — куырдта Ольгæ.

Фонякин йæ зæрдæйыл фæхæцыд, йæ цæстæнгасæй агуырдта, кæм æрбада, ахæм бынат. Ныффæлурс, йæ былтæ бацъæх сты...

— Папæ! — фæхъæр ласта Ольгæ. — Папæ, цы кæныс?

Йæ мад æрбатахт.

— Пашæ!

— Ма хъæр кæнут! — тыххæй-фыдæй сдзырдта Фонякин, арæхстгай йæхи къæлæтджыныл æрцæйуадзгæйæ. — Æри-ма глицерин. Тагъддæр. Банкæйы...

Ус нитроглицерин ссардта. Фонякин дзы иу таблеткæ аныхъуырдта, къæлæтджыныл йæхи фæстæдзæг ауагъта, йæ цæстытæ сæхгæдта. Сылгоймæгтæ йæ уæлхъус нындзыг сты.

Дзæвгар рæстæг сæ иуæй дæр ныхас нал схауд.

— Мæ урс хилтæн дæр мын нæ батæригъæд кодтай, — сабыргай сдзырдта Фонякин, цæстытæ ’хгæдæй. — Нæ сыл бацауæрстай...

— Папæ, ды та дзы цы аххосджын дæ?

Мад йæ чызджы дысыл рахæцыд æмæ йын цæстæнгасæй дуармæ ацамыдта. Ольгæ ацыд.

— Фыд дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, ницы аххосджын у. Гъе, уæууæй, гъе!..

— Пашæ, æрсабыр у. Ныртæккæ уыдæттыл дзурын нæ хъæуы...

— Банцай! — Фонякин арф сулæфыд æмæ йæхæдæг ныхъхъус. Æрмæст арæх æмæ бынозæй улæфыд.

Изæрæй Ольгæ сæ хæдзарæй ацыд. Бынтондæр.

Дыууæ боны фæстæ Петр æрыздæхт. Йæ усымад сæхимæ нæ уыд. Петр Фонякины уатмæ бацыд.

Павел Николайы фырт хуыссыди сынтæгыл.

— Дæ зæрдæ та дæ хъыгдары? — салам дæр ын нæ ратта, афтæмæй бафарста Петр.

Фонякин ацы фæстаг дыууæ боны афтæ тынг аивта, æмæ йын базонæн дæр нал уыд: йæ цæстытæ бахаудысты, йæ фындз марды фындзы хуызæн ныццыргъ, йæ рустæ æмæ йе ’нцъылдтыл фæзынд цыдæр сау аууæттæ.

— Сбад, Петр, — загъта уый æмæ йæхæдæг йæ базыл уæлдæр æрхуыссыд, — Куыд сты уæхимæ?

— Мæ мадыхойы баныгæдтон. — Петр бандоныл хостыл фалдæр бахæцыд æмæ кæронæй æрбадт. Тамако ссудзынмæ хъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд.

— Дымгæ! Æри-ма, æз дæр бадымон.

— Кæд дæ, мыййаг, нæ хъæуы?

Сдымдтой.

— Дæ мадыхо цæмæй рынчын уыд?

— Йæ ахсæны рак фæзынд. Фынддæс килограммы йеддæмæ дзы нал баззад. Басыгъд.

— Æгасæй ма йæ сæййæфтай?

— О. Æрмæст мæ нал базыдта...

Дзæвгар рæстæг дзы ничиуал ницы сдзырдта.

— Хъæддых фæлæуу, Петро... Мард, дам, мæгуыры къонайыл фидауы. Ольгæ дæр ардыгæй ацыд. Ахуыргæнæгмæ... иу ахæм нæм ис...

Петр æй нæ бамбæрста.

— Кæдæм ацыд?

— Ацыд. Бынтондæр. Мой скодта. — Фонякин базтыл йæхи æруагъта. Уыцы ныхæстæ тынг зынæй кæй загъта, уый бæрæг уыд. Йæ цæстытæ æрæхгæдта, йæ арф улæфт райхъуыст. — Дæуæй ацыди, нæ мæ ’мбарыс æви?

Петры буары ихæнриз къахæй сæрмæ аивылд. Стæй æваст ихæнриз тæвдмæ рахызт. Уыцы æнæдзургæйæ лæууыд. Фонякин æм бакаст æмæ уайтагъд йæ цæстæнгас æндæрырдæм аивта.

— Кæм цæры? Ахуыргæнæг... — бафарста Петр.

— Зæронд ус Маланьямæ. Кæйфæнды дзы куы афæрсай, уæддæр дын æй бацамондзæн.

Петр сыстад.

— Петя... — Фонякин рабадт, йе сиахсы цæстытæм комкоммæ ныккаст. — Мацы фыдбылыз сараз... курын дæ. Ды зондджындæр разын... Уæддæр фæстæмæ ницуал раздахдзынæ. Мæ хъæбулы хуызæн дæ курын...

Ахуыргæнæгмæ куы фæцæйцыд, уæд æм Павел Николайы фырты ныхæстæ бахъардтой. Йæ цыд фæсындæгдæр. Йæхи куыд дардзæн, ууыл асагъæс хъуыд. Уæвгæ цы ’рымысдзынæ?! Ницы хъуыдымæ æрцыд, афтæмæй бараст.

— Уæ бон хорз.

Уыдон цæуылдæр хъæрæй дзырдтой, стæй цыма сæ ныхас цæхгæр уыд. Юрий уаты дыууæрдæм сцоппай, Ольгæ та, йæ иу къах иннæуыл æппæрст, афтæмæй стъолы цур бадт. Петр фыццагдæр цы ауыдта, уыдон уыдысты Ольгæйы тымбыл, къуымых, фидар зæнгтæ. Ольгæ йæхæдæг нæ, йæ цæстæнгас дæр, стæй Юрий Алыксандыры фырт дæр нæ, фæлæ йæ зæнгтæ. Æмæ йæ уыдон цæмæдæр гæсгæ йæ чемы æрцæуын кодтой, йе ’ррадзинад айсæфт. Уый фæстæ Ольгæйы дæр федта æмæ ахуыргæнæджы дæр... Йæ саламæн ын кæй ницы дзуапп раттой, уый тыххæй ма сын ноджыдæр иу хатт хъæрæй загъта:

— Уæ бон, зæгъын, хорз. Цавæр æнæуæздан адæм стут?

— Æгас цу, — загъта Юрий.

Ольгæ Петрмæ — уыцы зонгæ цымыдисдзинадимæ! — æдзынæг каст.

— Сбадын уæм æмбæлы? — хъæлдзæгæй бафарста уазæг. Æмæ, дзуапмæ нал банхъæлмæ кæсгæйæ, æрбадт.

Йæ зæрдыл æрбалæууыд, кæддæр, сывæллоны дуджы иунæгæй æндæр сыхы лæппуты æнæхъæн рæгъауимæ лæгæй-лæгмæ тохы куы бацыд, уыцы хабар. Уæд дæр æм раст ахæм хъуыдытæ сæвзæрд: раздæр цæсты фæныкъуылды бæрц фæуыргъуыйау, уыцы уавæр кæд цыфæнды чысыл рæстæг ахаста, уæддæр йæ бон баци йæ алыварсмæ акæсын: йæ цуры цы кау уыд, уый бæрзонд цæстæнгасæй сбарын, йæ сæрты асæррæтт ласын бафæлварын. Петр бафиппайдта, Юрий хорзау кæй нал у, кæд тæрсгæ нæ фæкодта, уæд. Ольгæ йæхи цæттæйæ дардта — Петр фæстæмæ хуымæтæджы кæй нæ аздæхдзæн, уый æмбæрста æмæ æгасæй дæр цæст фестади, фæлæ йæхиуыл хæцыныл архайдта, йæ цæстыты æнæрвæссондзинад фæзынынмæ бирæ нал хъуыд.

— Цæй базонгæ уæм! — Петр сыстад æмæ Юрийы цурмæ бацыд. Æмæ та, Ольгæйы цæстыты тас куыд февзæрд, уый ауыдта. Фæстæмæ та æрхуыссыд. Петр ма Юрийы ’рдæм иу ныфсджын къахдзæф куы бакодтаид, кæнæ йæ дзыпмæ куы нывнæлдтаид, уæд Ольгæ кæнæ йæ бынатæй фæтæррæтт ластаид, кæнæ ныхъхъæр кодтаид. — Ивлев Петр, — йæхи бацамыдта уый.

— Юрий.

Петр æрбадт.

— Ацы чызджы уарзыс? — комкоммæ бафарста Юрийы.

— О, — дзуапп ратта Юрий, — уыцы хуымæтæг фарстайæн цы дзуапп раттын æмбæлд, уымæй ныфсджындæр, стæй иучысыл хъæрдæрæй. Уый дæр, æвæццæгæн, дзыхъхъы æрлæууыд. Уый Ольгæйы зæрдæмæ нæ фæцыд.

— Ды та, Ольгæ?

— Ногдзау ма куы уыдтæн, уæд мæ афтæ ахуыр кодтой, фарсты рæстæг-иу дæ дзыхыл хæц, зæгъгæ. Æз...

— Уарзыс æй? — бафарста та йæ Петр, йæ цæсгомы хуыз аивгæйæ. Ольгæ зыдта, йæ цæсгомы хуыз ивын цы амоны, уый.

— О, — загъта уый.

— Æндæр мæ ницы хъуыд, — загъта Петр.

«Амарын æй хъæуы!» — сæры ферттывта æбуалгъ хъуыды æмæ йæ риуыл æрбакалд æвирхъау фыды уазал тæф, калмау йæ буарыл атыхст.

— Æндæр мæ ницы хъуыд, — загъта та уый. Æмæ йæ дзыпмæ тамакомæ нывнæлдта. — Ууыл нæ ныхас ахицæн. — Петр тынг бафæллад æмæ йын уæлдай нал уыд. Йæ бапъирозтæ фæстæмæ йæ дзыппы ныппæрста, сыстад æмæ рацæйцыд. — Хæрзбонтæ ут, — загъта ма цæугæ-цæуын. Æмæ йæ фæдыл дуар ныггуыпп ласта.

Кæрты йæ Ольгæ раййæфта.

— Æз дæ ахæццæ кæндзынæн.

— Цæмæн?

— Афтæ мæ фæнды.

— Цом уæдæ.

Дзæвгар рæстæг æнæдзургæйæ фæцыдысты. Ольгæ йæ тыххæй æййæфта.

— Мæ фыды федтай?

— О.

— Куыд у?

— Хуыссы.

— Дæ мадыхо та?

— Амард.

Дзæвгар рæстæг та ницуал сдзырдтой, суанг цалынмæ Фонякинты хæдзары цурмæ бахæццæ сты, уæдмæ.

— Петр... мæ зæрдæйы тугтæ тæдзынц... Мæхи æлгъитын... Дæуæн æмæ мæ фыдæн тæригъæд кæнын...

— Уыдæттæ ницы сты. Ныууадз.

— Цыфæнды куы фæуа, уæддæр æппæтæй хуыздæр стут, мæнæн сымахæй зынаргъдæр нæй...

— Ныууадз, Ольгæ! Цытæ дзурыс?.. Ахæм митæ дæуыл нæ фидауынц. Æз æмæ дæу кæуыны сагъæс нæй.

— Æз нæхимæ нæ цæуын.

— Цæуыннæ?

— Нæ хъæуы, мæ фыдæн зын уыдзæн. Ам дæм фæлæудзынæн.

Петр куы бацыд, уæд Фонякины хуыссæны бадгæ баййæфта.

— Куыд у? — бафарста йæ тарстхуызæй. — Æгæр тагъд фездæхтæ...

— Ницы йын у. Бафидыдтам. Ма тыхс. — Петр йæ сынтæджы кæрон æрбадт. Цæуыл дзырдтаиккой, уый сын нал уыд. Цæйфæнды тыххæй дæр сын зын дзурæн уыд.

— Цæй, æз цæуын, — загъта Петр æмæ сыстад. — Адзæбæх у.

Фонякин ын йæ сæрæй акуывта.

— Мæ фæллойы чиныг мын уый фæстæ рарвитдзыстут.

— Хорз. Ныр кæдæм цæуыс?

— Мæ фыдыфсымæрмæ. Базæронд ис... сахъат у.

Фонякин та йæ сæр бынмæ-уæлæмæ батылдта.

— Дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд, Петро. Ацы ран мæ бон ницы бакæнын уыд.

— Цытæ дзурыс! Адзæбæх у, сæйрагдæр æнæниздзинад у. Æз нæ фесæфдзынæн. — Петр йæ усыфыды стыр лæмæгъ къух нылхъывта. Кæддæр — куыд æмæ цæй тыххæй, уый зонгæ дæр нæ бакодта, — Петр бауарзта ацы фæлмæнзæрдæ фæллойгæнæджы. Афтæ кæй уыд, уый йæм нырма ныр бахъардта. Æмæ йын уый дæр йæ зæрдæйæ атонын зын уыд. — Дзæбæх у.

— Фæндараст. — Фонякин Петры фæстæ фæкаст, цалынмæ йæ фæдыл дуар не ’рбахгæдта, уæдмæ.

Ольгæ йæм æнхъæлмæ каст.

— Афтæ, гъе, Ольгæ.

— Куыд у? — Цалынмæ мидæгæй уыд, уæдмæ Петр дзæвгар æрсабыр.

— Ницы йын у. Æвæццæгæн, фæхыл стут?

— О. Ноджы фыддæр — ныццавта мæ. Мæ царды фыццаг хатт...

— Дæхи цæф риссагдæр у.

— Ныртæккæ кæдæм цæуыс?

— Нæхимæ. Мæ фыдыфсымæр дæр тыхст рынчын у... Тыхсгæ ма кæн, Ольгæ, хъуыддæгтæ иууылдæр хорз уыдзысты.

— Кæдæм тагъд кæныс, сындæгдæр цу?

Петры цыд фæсабырдæр.

— Хорз адæймаг у? Ахуыргæнæгæй зæгъын?

— О, — иучысыл афæстиат уæвгæйæ, дзуапп ратта Ольгæ. — Фæлæ та... уый дæр, мæн чи хъæуы, ахæм нæу. Цы ма кæнон, нæ зонын. — Хъаст нæ кодта, фæсмон дæр — афтæ.

Петрмæ йæ ныхæстæ никæцырдыгæй бахъардтой. Хъæуы кæронмæ рахæццæ сты, æмæ байгом æнæкæрон тыгъдад. Къуыппытæ æмæ дзы хъæдтæ, фæлæ æнæкæрон æмæ парахат. Петры цæстытыл ауад, уыцы æнæзонгæ, уæрæх тыгъдадмæ йæ цæуын кæй хъæуы. Æнахуырæй чысыл тæссаггомау у, фæлæ ныридæгæн йæ хъуыдытæ уыдысты УЫМ, ДАРД РАН кæмдæр куыд уыдзысты, ууыл. УЫРДÆМ фæцæйцыд æмæ йын бауромæн ницуал хуызы уыд. Æнахуыр æмæ æнæзонгæ, стæй æнæкæрон уæрæх кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ сайдта йæхимæ.

Петя уынджы кæрон цъай ауыдта æмæ йæм баздæхт.

— Чысыл мæм банхъæлмæ кæс, æз дон аназон.

Ольгæ дæр цъайы цурмæ бацыд. Бедрайы рæхыс цы къуыдырыл тыхт уыд, уый дзæвгар рæстæг фæзылд, æрæджиау дæлиау бынæй къæртайы тъæпп доны фæцыд. Доны хъуыр-хъуыр ссыд. Къæрта куыд дзаг кодта, уый дзæбæх уæлæмæ хъуыст. Хуылыдз рæхысы цæгты уæгъд змæлд цыд. Уый фæстæ рæхыс ныттынг — уый къæрта байдзаг æмæ доны аныгъуылд. Цалх кæуæгау ныхъхъæрзыдта æмæ йыл ивæзт рæхыс æнахъинон хъыс-хъысимæ йæхи тухын райдыдта. Фæстæмæ цы доны ’ртæхтæ хауд, уыдонæн-иу бынозæй сæ тъæпп фæцыд.

Петр уæззау къæртамæ фæлæбурдта, цъайы уæхскыл æй æрæвæрдта, йæ къæхтæ ныххæбæцц кодта æмæ зæрдиагæй дон нуазын райдыдта.

— Ухх, — æмраст слæугæйæ, æхсызгонæй сдзырдта Петр. — Уазал у. Дæндæгтæ дзы нæ лæууынц. Нæ дæ хъæуы?

Ольгæ нæ бакуымдта.

Петр ма къæртамæ ноджыдæр иу хатт ныггуыбыр кодта æмæ дзæвгар фæнызта. Уый фæстæ сабыргай дон акалдта. Дыууæйæ дæр лæууыдысты æмæ кастысты, чъизи, над зæхмæ сыгъдæг дон куыд калд, уымæ.

— Афтæ, гъе, Ольгæ... уарзондзинады хъуыддаг дæр афтæ у, — загъта Петр, дон куыд кæлы, уымæ йæ кæсын нæ ныууадзгæйæ. — Æнæхъæн къæрта дзы фелвас, цалдæр хуыппы дзы скæн, иннæ цъыфмæ акал. Афтæмæй та уый цæрæнбонты фаг уаид.

— Афтæ у, — сразы Ольгæ. Уый хъуыдытæ дæр дард кæмдæр уыдысты. — Ныххатыр мын кæн, Петр, афтæ кæй рауад, уый тыххæй.

— Ныууадз...

— Цæмæй амондджын уай, уый мæ куыд тынг фæнды, уый зоныс! Æцæгæй дын зæгъын, адæм иууылдæр цæмæй амондджын уой, уый мæ сæхицæй тынгдæр фæнды, фæлæ та куыд рауад...

— Ахæм ныхæстæ дзурыс, цыма дын мæ зæрдæ æвзæр исты зæгъы. Мæн дæр фæнды, цæмæй дæ хъуыддæгтæ иууылдæр хорз ацæуой.

— Бузныг. Хорзæй тас сын нæу.

— Хорз уыдзысты. Ма тыхс.

Хъæуæй иу машинæ разынд. Петр æм йæ къух фæдардта. Машинæ æрурæдта.

— Хæрзбон.

— Дзæбæх у.

Петр Ольгæйæн ныпъпъа кодта. Йæ армытъæпæнтæй йын йæ рустыл фæхæцыд, йæ цæстытæм ын ныккаст... Ноджыдæр ма йын иу хатт ныпъпъа кодта.

— Хæрзбон.

Машинæ куы араст, уæд Петр йæхи ныффидар кодта, фæстæмæ нæ каст. Стæй уæд ракаст. Ольгæ фæндагыл лæууыд, йæ фæдыл джихæй каст...


[1] Чиныджы рæдыдæй фыст уыдис «Емельяны». (Скангæнæджы фиппаинаг)

[2] «Аэропорт» — англпсаг фыссæг Хейлийы роман (тæлмацгæнæджы фипп.).

[3] Вери вел (англ.) — тынг хорз (тæлмацгæнæджы фиппаинаг).



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.