Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДАРД КÆМДÆР 1 страница



ДАРД КÆМДÆР

Повесть

Петр Ивлевы уæхсчытыл царды уæз раджы æрæнцад. Цыппар азы дæр ыл æхххæст нæма цыд, афтæ æвиппайды бынтон сидзæрæй баззад. Йæ фыд рæуджыты низæй амард, йæ мад та æртæ мæйы фæстæ — чызг аргæ-арын.

Лæппуйы раздæр йæ фыдымад ахуыдта, уый куы амард, уæд та йæ йæ мады идæдз хо хаста.

Петр тыххæй-фыдæй фæндзæм къласмæ схызт, стæй колхозмæ кусынмæ бацыд.

Цыди дыккаг дунеон хæст. Колхозы куыстой урсрихи зæронд лæгтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Уæззау рæстæг уыд.

Петькæ-иу зымæгон куыроймæ ацыд... Алы голлаг дæр фæндзай-æхсай килограммæй къаддæр нæ ласта. Де ’ккой-иу дын æй баппæрстаиккой æмæ йæ æмпъух. Хæссын та йæ асинтыл хъуыд хæрдмæ: къæхтыл-иу зыр-зыр бахæцыд, цæстыты-иу бурбынсырх зиллæччытæ фæзынд. Æртæ-цыппар фæйнæджы гæбазы-иу кæрæдзиуыл бахуыдтой, цæхгæрмæ та-иу сыл рекæйы лыггæгтæ ныкъкъуырдтой æмæ дын уый та асин. Зымæгон-иу цъыфимæ ныйих, къæхты бын-иу сбырынцъаг æмæ, фæбырыдтæ, зæгъгæ, уæд-иу голладжы бын фæуыдаис. Цæсгом-иу тугæй нал зынд. Дæ сæккатæ дæр не ’руадздзынæ. Иуæй, де ’мбæлттæ дæ цуры сты æмæ уыдоны цæсты дæхи куыд бафтаудзынæ, иинæмæй та дæ зæронд куыройгæс куы базона, уæд дæ худинаджы хъæр айхъуысдзæн. Мæ фыдгул уый дзыхы бахаудаид. Петькæ-иу цæхджын ныхæсаг тугæмхæццæ сæт ату кодта æмæ-иу æлгъитынмæ фæци. Æлгъитынмæ та хъæбæр дæсны уыд: йе ’мбæлттæ-иу ыл худæгæй сæхи схастой, куыройгæсы зæрдæмæ та цыд.

— Æгонгæй, Петькæ, æлгъитгæйæ лæгæн æнцондæр вæййы.

Кæнæ горæтæй артаг куы ластой, уæд та. Скъуыдтæ кæрц æмæ-иу æртыккаг зымæг кæй дардта, йæ æмпъызтытыл дæр æмпъузæнтæ æвæрын кæуыл бахъуыд, ахæм нымæт цырыхъхъытæ. Афтæмæй уазал та дыууиссæдз градусмæ хæццæ кодта. Адæймаджы улæфæнтæ-иу ахгæдтой. Цæуын та ссæдз, дæс æмæ ссæдз километры, мыййаг, нæ хъуыд, фæлæ æртиссæдзæй фылдæр. Петькæ-иу баргъæвст, дзоныгъæй-иу рагæпп ласта æмæ-иу километр — километр æмæ æрдæг фистæгæй фæтахт, цалынмæ-иу не стæвд, уæдмæ. Афтæ суанг горæты онг. Æмбис-иу дзоныгъы бадт, æмбис — згъоргæ. Æмæ-иу уазал дæр никуы ссис. Стæй канд Петькæ нæ, фæлæ йе ’мбæлттæ дæр.

Сæ тæккæ ныфсджынтæй нæ уыди, фæлæ йæ тæппуд дæр ничи схуыдтаид. Быцæу-иу хылмæ куы асайдта, — уыцы рæстæг лæппутыл ахæм хабæрттæ арæх цыд, — уæд бар никуы никæмæн ратта, суанг-иу кæронмæ дæр хъæддых лæууыд. Стæй тынг хивæнд уыд: цы сфæрæзтаид, уый-иу æнæмæнг бакодта. Йæхицæн-иу бынат нал ардта, сагъæсты-иу аныгъуылд... Йæхи дæр-иу хурхæй амардтаид, фæлæ йæ фæнд æрдæгыл никуы ныууагъта. Иу заман та йæ зæрдæмæ фæцыд сау фæсмын костюм — горæты йæ ларечы федта. Æхсæвыгæтты-иу æй йæ фыны уыдта. Фæлæ йæм æхца нæ уыд. Хъуыды кодта, хъуыды кодта, стæй æрæджиау мæнæу ссынмæ аласта æмæ дзы иу голлаг зæронд ус Акулинæтæм аппæрста. (Зæронд ус арахъхъæй сæудæджер кодта). Базыдтой сæ. Акулинæйæн афæдз æнæбары бакусыны тæрхон рахастой, Петькæйæн ныббарстой, æвзонг ма кæй уыд, уый тыххæй, стæй йæ хорз куыст дæр нымад æрцыд. Уæддæр йæ фæндыл йæ зæрдæ не сивта. Уæгъд изæрты-иу (иуæй-иу хатт та-иу æхсæвыгæтты дæр) арынгтæ къахта. Хос ласынæй-иу æрбацæйздæхтаид æви афтидæй — хъæдмæ-иу базылд, тæккæ æмрастдæр бæрз-иу акалдта — ныллыгтæ-иу æй кодта, сæхимæ-иу æй æрбаласта, лыггæгтæ-иу ныффаста æмæ-иу дзы арынгтæ къахынмæ бавнæлдта. Куы-иу сцæттæ сты, уæд-иу сæ базармæ аласта. Афтæ иу-фондз хатты горæтмæ ссыд æмæ йæхицæн костюм балхæдта. Иу æнæкусгæ бон Петькæ йæ ног костюм йæ уæлæ скодта, йæ хæлафы къæхтæ хром цырыхъхъыты нытътъыста (уалдзæг уыд), йæ худ сæрыл зул æрсагъта — йæ худы бынæй зындысты йæ фæлмæн бур сæрыхъуынтæ, — æмæ хъæуы уынгты æрцыд. Уадз æмæ йæ йæ ног дарæсы феной. Уымæн та хъæуы уынгты иу хатт фæзынын дæр фаг у.

Чызджытæм хæстæг нæ цыд — семæ дзурынмæ дæсны нæ уыд. Иухатт кæфтытæй иу чызгимæ рацыд, уæхимæ дæ бахæццæ кæнон, зæгъгæ, æмæ дзы фæндагыл иу ныхас дæр не схауд. Удхарæй амард. Йæхимæ смæсты, ард бахордта, искуы ма чызгимæ куы рацæуон, зæгъгæ. Афтæмæй та-иу чызджытæ сусæгæй йæ фæдыл кæсгæйæ баззадысты. Петькæ йæ азтæй хистæрхуыз зынд, фидар, тыхджын æмæ йын дымгæхост цæсгом, йæ бакаст гыццыл æнкъардгомау уыд, фæлæ æргом, ныфсджын. Æнувыд.

Лæппутимæ дæр-иу æй арæх нæ федтаис. Æппæты хуыздæр æм каст иунæгæй. Æнæуи та фылдæр рæстæг куысты уыди. Хорæфснайæнты-иу бон-сауизæрмæ, хурыскастæй хурныгуылдмæ быдырæй не ’рбацыд. Къахæй сæрмæ-иу рыгæй нал зынд, афтæмæй-иу станмæ æрбаздæхт, тракторы уынæр-иу йæ хъусты гуыр-гуыр кодта... Адæмимæ-иу æхсæвæр бахордта æмæ-иу хæстæгдæр цъынайы схуыссыд. Иуæй-иу хатт-иу бафынæйы агъоммæ йæ фæсонтæ хъарм хъæмпы рагъмæ сарæзта æмæ-иу хъуыста æнафоны уæрццыты зардмæ, мæкъуылы мыстыты сыр-сырмæ, тарст бæхты тъæбæртты уынæрмæ. Цы хъуыдытæ-иу æм сæвзæрд?.. Зын равзарæн сты уыдон. Æмхæццæтæ. Фæндыд æй искæцы стыр райдзаст горæты фестын — артаг ласынмæ кæдæм цыд, уым нæ, фæлæ стыр, рæсугъд æмæ, ардæм дард чи у, ахæм горæты... Йæхæдæг дæр аив дарæсы куыд уа, хъæлдзæг. Горæтаг чызджы фарсмæ куыд цæуа æмæ йын истытæ куыд дзура, уый та худæгæй куыд мæла. Стæй ахуыргонд куыд уа... йæ къухтæ та фæлмæн куыд уой, йæ хъысмæты куыннæ ’лгъита, мæнæ мæ цард кæимæ сбастон, зæгъгæ. Цымæ ахæм чызджы кæм федта?..

... Хæст фæцис. Йæ мадыхо, хæстæй сахъатæй чи сыздæхт, иу ахæм лæгмæ моймæ ацыд. Петр та, артаг кæцæй ласта, уыцы горæтмæ йæхи айста æмæ æрмдæсныты училищемæ ахуыр кæнынмæ бацыд.

Училищейы фæстæ куыста столярæй. Стæй йæм фæсидтысты æфсадмæ. Йæ службæ куы ахицæн, уæд, кæм службæ кодта, уыцы стыр горæты кусгæйæ баззад. Хъæумæ нал раздæхт.

Иу ацæргæ сылгоймагмæ фатеры цард, изæрыгæтты-иу цыди киномæ, иуæй-иу хатт-иу кæфтытæм дæр йæхи байста, фæлæ-иу кафыны бæсты иуварсæй каст, кæнæ та-иу лæппутимæ буфеты бæгæны нызта. Ацы горæты-иу кафæн фæзы дæр æмæ уынджы дæр арæх амбæлд, раджы кæддæр хъæуы йæ цæстытыл чи уад, ахæм арæзт, буц, æнæмæт чызджытыл. Семæ-иу уыдис уæздан æмæ хъæлдзæг æвзонг лæппутæ. Петр сæм цымыдисæй каст. Зынаргъæй хорз костюм балхæдта, стæй чъилджын худ æмæ театрмæ фæцалх. Иухатт антракты рæстæджы буфеты иу ахæм чызгмæ бацыд. Уый иуварс лæууыд æмæ сæлдæг хордта.

— Дæ хъуыртæ не суазал уыдзысты? — узæлæгау æй бафарста Петр æмæ бынæйласæгау бахудт.

Чызг æм дисхуызæй бакаст æмæ иуварс ацыд. Фæд-фæдыл æртæ «Беломор»-ы бадымдта.

«Семæ куыд дзырдæуа?» — стыхст йæхинымæр. Йæ мидбылты бахудт æмæ йæ æнæджелбетт фарстæй фефсæрмы. Чызг æй ницæмæн хъуыд, фæлæ йемæ куы базонгæ уыдаид, уый йæ фæндыд. Æмæ дзы ницы рауад. Маст ын уыйас тынг нæ уыд, худинаг æм цас æркаст. Хуыцау хорз, æмæ йæ размæ ницы нысан лæууыд, фæлæ уыцы чызг йæ зæрдæмæ æцæг куы фæцыдаид, уæд та? Ахæм хабæрттæ иу æмæ дыууæ вæййы?!.

Стæй чысыл фæстæдæр ахæм уавæры хаугæ дæр бакодта. Хъуыддаг уыдис афтæ.

Сæрд фæци. Фæззæджы Ивлевы иннæ кусджытимæ æрвыстой колхозонтæн картоф къахынмæ феххуыс кæнынмæ.

Цы хъæумæ ’рцыдысты, уый егъау уыд. Æххуысгæнджытæ сын, цас хъуыд, уымæй фылдæр разынд: кусджытæ, студенттæ, службæгæнджытæ... Бирæтæ дзы æргомæй сæ гуыбынтæ хурмæ тавтой, быдыры хæмпæлтыл арт æндзæрстой хынджылæг скъæрдтой.

Изæрыгæтты хъæуы уынæрыл дзæвгар бафтыд. Клубы цур-иу радиолæ хъæрæй сифтыгътой, æмæ-иу фæсивæд фæсахсæвæртæм йæ кафынæй нæ банцад.

Ноджы изæртæ дæр замманай хъарм æмæ мæйдар уыдысты. Арвыл-иу стъалытæ атахтысты, сæ ирд фæд-иу ферттывта æмæ та-иу амардысты.

Ивлев-иу дуармæ бадти (клубы тæккæ цур цард, колхозы бригадиримæ), тамако-иу сдымдта æмæ-иу радио æмæ сылгоймæгты худынмæ хъуыста...

Иухатт сабаты суанг сæумæцъæхтæм афтæ бадгæйæ баззад. Фыр тамако дымдæй йæ зæрдæ схæццæ æмæ хъæугæрон цадмæ ацыд. Былгæрон сбадт æмæ кæлддзаг, рохуаты баззайæг чысыл аргъуаны цъуппыл хуры фыццаг тынтæ арт куыд суагътой, уымæ каст. Аргъуан цъæхцъæхцд доны, аргъæутты куыд вæййы, афтæ рæсугъдæй кæй разынд, уый тыххæй уыд æви уыцы райсом йæ хуыз бынтон кæй скалдта æмæ дуне афтæ сабырæй кæй зынд, уый тыххæй уыд, нæ, фæлæ Петры зæрдæ цыдæр нылхъывта. Йæ цæсгом бынмæ, афтæмæй зæххыл æрхуыссыд, йе ’нгуылдзтæй кæрдæгыл ныххæцыд æмæ йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд... Аргъуаны тыххæй уыд, цы — йæ зæрды хуыцауы кой æрæфтыд. Цæмæдæр гæсгæ йæм афтæ фæкаст, цыма сылгоймаг хуыцауæй хуыздæр у. Уый кæмдæр дард и, адон та дæ цуры рауай-бауай кæнынц. Стæй уыдоны ’хсæн æнæуæвгæ нæй, дæуæн æнцон кæимæ уыдзæн, цард дæм рæсугъддæр кæимæ фæкæсдзæн, ахæмæн.

Дыккаг бон дæр та цады былмæ, аргъуан хуры фыццаг тынты хъæбысы куыд судзы, уый фенынмæ ацыд. Æмæ уынджы Ольгæ Фонякинæйыл куы амбæлид. Хорзау нал фæци: ахæм сылгоймаг йæ цæсты кæронæй дæр никуыма федта. Йæ фæдыл ацыд. Æппындæр ницæуыл уал ахъуыды кодта, афтæмæй, фæстæдæр та йæм йæ митæ худинаг кæй æркæсдзысты, уый дæр дзы æрбайрох. Ольгæ фæстæмæ ракаст.

— Дæ бон хорз, — фæцарæхст Петя.

— Æгас цу.

Петр, йæ бон цæйбæрц уыд, уыйбæрц йæ мидбылты бахудт, — цæмæдæр гæсгæ йыл сылгоймаджы рæсугъддзинад тас бафтыдта. Стæй дис дæр. Æнцад лæууыд æмæ Ольгæмæ каст. Чызг дæр æм бакаст, сабыр хуыз ын, бæрзондгомау, урс цæсгом.

— Искæй хуызæн дæм фæкастæн?

— Нæ-а. — Петр, цы дзырдтаид, уый нæ зыдта.

Ольгæйы былы кæрæттæ худæнхуыз зылын фесты: иуварс азылд æмæ дарддæр араст.

Ивлев сæхимæ раздæхт, йæ бæрæгбоны костюм скодта æмæ клубы цурмæ ацыд.

Ольгæйы чызджытимæ лæугæ баййæфта. Сæ алыварс лæппутæ змæлыдысты. Радиолæ нæма сифтыгътой, фæлæ йыл архайдтой.

Ивлев Ольгæмæ бацыд.

— Дыууæ ныхасæн мæ хъæуыс, — уæзданæй загъта Петр æмæ йын иуварсырдæм ацамыдта.

Ольгæмæ уыцы ныхæстæ диссаг нæ фæкастысты, зонгæмæ куыд бахудай, афтæ йæм бахудт, фæлæ та йæ худт ногæй зынæрвæссонхуыз рауад, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Зыдтон æй, кæй мæм æрбацæудзынæ, уый, æмæ мæм мæнæ æрбацыдтæ».

— Цавæр ныхасæн?

— Æрмæстдæр дыууæ ныхасæн... — Петрæн фырадæргæй йæ ком ахус. Дзурын йæ бон нал уыд, фæлæ Ольгæмæ йæ кæсын нæ ныууагъта.

Ольгæ сабыргай ныххудт. Хæстæг æм чи лæууыд, уыдон дæр ныххудтысты. Ивлевæн æфсæрмæй, уарзтæй æмæ мæстæй йæ къæбут æрбанцъылдтæ. Уый дæр бахудти æмæ, цы архайы, уый не ’мбаргæйæ, уæвгæ æдылы ми кæй кæны, уый æмбаргæйæ, сылгоймагæн йæ къухыл ахæцыд æмæ йæ хъавыд иуварс ахонынмæ. Ольгæ йæ асхуыста... Æваст, зæххы бынæй февзæрæгау, сæ уæлхъус алæууыд, йæ рæсугъддзинад цæсты кæмæн ахады, ахæм саулагъз лæппу. Йе ’ддаг бакастæй дæр рахатæн уыд, ардæм хуссарæй кæй æрбафтыд.

— Фæлæуу-ма, — сдзырдта уый æнахуыр ныхасыздæхтæй. — Цы хабар у?

Ольгæ цымыдисхуызæй касти Ивлевмæ.

Саулагъз Ивлевыл иуырдæм ахæцыд, йæ рæмбыныкъæдзыл ын фæхæцыд æмæ уыцы æнæрвæссонхуызæй загъта:

— Æфсымæр, ам дæу ницы хъуыддаг ис.

Ивлевы цæстыты раз лæууыди Ольгæ — каст æмæ йæм каст. Ныр ын йæ цæсгомы хуыз йæ зæрдыл бадардта — рæсугъд, цардæй разы, тынг æнцадхуыз. Чызг æм цымыдисæй каст. Петрмæ цæмæдæр гæсгæ афтæ фæкаст, цыма фæллад у.

— Бамбæрстай мæ?

— Нæ бамбæрстон.

Саулагъз ныфсджын худт бакодта.

— Бамбарын дын æй кæнон?

— О.

Саулагъз фырдиссагæй йæ алыварс йæ цæстæнгас ахаста, Ивлевы тæрттыл фæхæцыд æмæ йæ бауыгъта.

— Æз дын афтæ зæгъын, æмæ ардыгæй дæ гуыры конд айс.

Петр саулагъзы къух йæхицæй атонынмæ хъавыд, фæлæ йыл мæлæты тынг ныддæвдæг — æвæццæгæн, хъæддых лæппу уыд.

— Суадз, — загъта Ивлев, — нæ хъæуы... Кæннод æз цæвын дæр зонын.

— Æцæгæй? — Лæппу йæ йæхимæ тынг æрбасхуыста, стæй йæ суагъта æмæ йын уæраджы сæрæй йæ фæстагæн иу ратта. — Ам дæ куыд никуал фенон, афтæ!

Хыл кæнын æм нæ цыди — йæ маст не сфыхт. Йæ цæстыты раз лæууыди худæндзаст, зондджын, рæсугъд Ольгæ æмæ йæм уымæ гæсгæ ницы хъардта, алцæуыл дæр разы уыд: — хыл уæд хыл, хъæбыс — уæд хъæбыс; уыцы рæстæг саулагъз лæппуйæн суанг ахъæбыс кæнынмæ дæр цæттæ уыд... Йæ зæрдæ фырцинæй кафыд. Цæмæдæр гæсгæ йæм уыцы уысм афтæ фæкаст, цыма йын йæ риу уарзондзинад ныххоста. Афтæмæй та уыцы уавæр уарзондзинады райгуырдæн бынтон хорз фадат нæ уыд.

Саулагъзæн йæ къухыл ахæцыд.

— Чысыл дарддæр ацæуæм æмæ уым алцыдæр бамбардзынæ.

Ацыдысты.

Саулагъз æнæ иу ныхасæй йæ тых-йæ бонæй Петры риу ныццавта. Уый дæр ын, фæстæмæ нæ разилгæйæ, бынæй йе ’фсæрыкъæдзæн иу ратта. Зæрдиагæй нæ хыл кодтой... Саулагъз боксеры хуызæн цæвыныл архайдта, фæлæ йын дзы ницы уад, хæрдмæ хауд, сайæн цæфтæ кодта, афтæмæй йæхи сæрыл фылдæр цæфтæ уади. Баиргъæвтой сæ. Саулагъзы бон баци Петры ног хæдон бичъы онг æрфадын æмæ йын йæ былты сырх рауадзын. Фæлæ уыйхыгъд йæхи галиу цæст тымбылкъухы йас ныддымст.

Куыддæр сæ баиргъæвтой, афтæ Ивлев сæхимæ ацыд, йæхи ныхсадта æмæ ног хæдон скодта... Æмæ та клубы цурмæ æрцыд. Ног та Ольгæйы цур февзæрд.

— Мæ ном хуыйны Петя, — загъта уый. — Дæ ном та?

Ольгæйы цæстытæ ферттывтой. Лæппуйы сонт хивæнддзинад йæ зæрдæмæ цыд. Петр йæхицæн ахæм къæйных æнхъæл никуы уыд. Йæ буар æнæхъæнæй дæр æмбу систа. Цы цыппар æмæ ссæдз уалдзæджы рацард, уый æнæхардзгонд судзгæ тыхтæ риуæй æддæмæ лæбурдтой, сæрмæ цавтой. Феррайау.

— Иу минут иуварс ацæуæм...

— Мæнæн ам дæр хорз у.

— Иу минут... Цы дын уыдзæн?.. — Ивлев йæ цæф былтæй æнарæхстæй бахудт. Иуварс куы ацыдаид, уæддæр ын цы загътаид, уый нæ зыдта. Фæлæ сæйрагдæр уыдон нæ уыдысты. Ольгæйы цæсгоммæ кастаид æмæ кастаид. — Тæрсгæ кæныс æви?

— Ды дæхæдæг нæ тæрсыс?

— Нæ тæрсын.

— Цыма æдзæсгом дæ, афтæ дæм нæ кæсы?

— Нæ. Цытæ дзурыс?!

— Уæдæ мæнмæ та кæсы.

— Ныууадз... Æз æдзæсгом никуы уыдтæн.

Кæцæйдæр та саулагъз фæзынд.

Ольгæ сæ цурæй иуварс ацыд.

— Æз æй абон сæхимæ хæццæ кæндзынæн, — барджынæй загъта Петр. — Бамбæрстай? Афтæ мæм ма кæс, кæннод де ’ннæ цæст дæр æрцъынд уыдзæн.

— Цы дæ хъæуы? — бафарста уый.

— Ницы. Мæ фæдыл цæугæ, — Ивлев клубы чъылдымы ’рдæм араст. Уым рухс нæ уыд. Саулагъз — йæ фæдыл.

«Фендзыстæм», — мæстыхуызæй хъæддыхæй загъта Петр. Ольгæйы хивæнддзинадмæ йæ маст сфыхт.

Саулагъзы фæстæ ма дыууæйæ кæй цæуынц, уый сæ къахдзæфты уынæрæй бамбæрста.

Дзæвгар фæцыдысты — адæмæй дарддæр. Петр йæ къæхты бынмæ нæ касти, афтæмæй талынджы размæ лæгæрста. Æртæйæ йæм дзы кæй æрдæтдзысты, уый æмбæрста, фæлæ йæ йæ цыдæй æруромын ницавæр тыхы бон бауыдаид, уымæн æмæ йæ цæстыты раз лæууыди Ольгæ.

Быруйы сæрты кæйдæр цæхæрадонмæ бахызтысты. Картофы сæртæ сæ къæхты бын ссыбар-сыбур кодтой:

«Æгъгъæд у», — скарста йæхинымæр Петр.

— Цæугæ, цæугæ, — сдзырдта зырзыргæнаг хъæлæсæй саулагъз æмæ йæ размæ басхуыста.

— Фæсте мæ куы ныццæвай, уæд дæ уыргæфтыд фæкæндзынæн, — загъта Петр. Йæхиуыл дæр сабыргай зыр-зыр бахæцыд.

Æнæнхъæлæджы æхсæвы сабырдзинад аскъуыдта милиционеры æхситт: фæсте сæ рацæйсырдтой.

Цыппарæй дæр æрлæууыдысты.

— Милицæ, — загъта лæппутæй иу. — Ницы дзы рауад. Чындзæхсæв фехæлд. — Цыма хыл кæй нал уыдзæн, уый йын æхсызгон уыд, уыйау сулæфыд лæппу. — Петр хъæддыхæй æгæр æвзæр зондыл ныххæцыд.

Милиционер сæ цурмæ бахæццæ.

— Ныртæккæ-ма хъеро-моцъо ныууадзут! Сымахмæ дзурын!.. Уæ хæдзæрттæм цæугæут.

Саулагъз æмæ йæ дыууæ ’мбалы ацыдысты.

Петр милиционеримæ тамако сдымдта... (Милиционер æрыгон лæппу уыд).

— Искæй бауарзтай æви? Мæнæн дзырдтой...

— Уæллæй, бауарзтон, — æргом басаст Петр.

— Да-а... Æвæдза, диссаг у: чи бауарзы, уымæн чысыл йæ сæры зонд фæцæуы. Дæ бынаты æндæр исчи æртæйы ныхмæ ницы хуызы рацыдаид. Ды та сæ разæй расхъæл дæ. — Цæхæрадонæй рахызтысты æмæ клубмæ фæцæйцыдысты. — Мæхи кой дын ракæнон: æз куы бауарзтон, — уыцы чызг доны фале цард, ныртæккæ мæ ус у, — уæд-иу æм æхсæвыгон доны сæрты ленк кодтон. Мæйдар æхсæвы. Дон — уазал. Дæ къах кæнæ дæ къухы нуæрттæ фелхынцъ сты, зæгъгæ, уæд дæ балгъитæг афтæ. Фæлæ уæддæр мæ бауромын никæй бон бауыдаид. Уæд ма дæ мæнæй æдылыдæр хъуыди!

— Кæм цæры, уый нæ зоныс?

— Чи?

— Йед... Уыцы чызг...

— Далæ дæле, — æнæбæрæг ранмæ ацамыдта милиционер. Иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Мæнмæ байхъус: ныууадз æй.

— Цæмæн?

— Мæнмæ гæсгæ... хæйрæг йæ зонæг, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уый... иннæтæй у. Ам æй ныр дыккагимæ уынын. Ацы саулагъз лæппуйы размæ дæр ма дзы иу уыд. Уый ардыгæй ацыд. Цæмæн, нæ зонын. Рæсугъд у, кæй зæгъын æй хъæуы... Ацы рæсугъдтæ иууылдæр æгæр буц сты. Ахæмимæ хъизæмарæй амæлдзынæ. Искуыдæм куы ацæуай, уæддæр æм дæ зæрдæ ’хсайдзæн. Алы ран дæр ыл сæ цæст æрæвæрынц. Бирæйы фаг не суыдзынæ. Алы хатт хыл дæр кæм кæндзынæ...

— Кæцæй у?

— Секретаршæ у... Искæцы кусæндонæй уыдзæн. Фæлæ йын йæ бæлвырддзинæдтæн ницы зонын. Кæцæй нæм сæ не ’рвитынц, ахæм нæй. Фæсивæдæй бæстæ байдзаг æмæ дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, æгъдау дæр нæ уыдзæн.

— Æхсæв та кæм вæййы? — ногæй та йæ бафарста Петр.

— Иу зæронд усмæ цæры. Дуканийы цур. Дæ хорзæхæй, ныууадз æй, кæннод мæ æнæуи дæр æртæ боны размæ бафхæрдтой, æгъдаумæ, дам, куыд æмбæлы, афтæ нæ кæсыс. Сымах чи бахъахъхъæндзæн?

— Нæ, æз дæ æнæуи бафарстон.

Клубы цур ничиуал уыд. Иууылдæр ацыдысты.

Петр милиционерæн хæрзæхсæв загъта, æмæ уый дæр сæхимæ араст. Иу-ссæдз метры бæрц ауадаид, афтæ æрлæууыд æмæ, цалынмæ милиционер талынг цæхгæрмæуынджы фæаууон, уæдмæ банхъæлмæ каст, стæй тагъд къахдзæфтæй дуканийы ’рдæм араст. Цæугæ-цæуын йæхи фарста: «Цы ми кæнын?» Иу хатт ма йæ фæндыд Ольгæйы фенын. Уыцы фæндоны ныхмæ ницавæр тыхы бон æрлæууын бауыдаид.

Æмæ сыл æцæгдæр куы амбæлид.

Саулагъз Ольгæйы æрбахъæбыс кодта, афтæмæй йын ныллæг хъæлæсæй цыдæртæ дзырдта. Ольгæ йæм хъуыста. Ивлев сæ раздæр базыдта — саулагъзы йæ хъæлæсæй. Сæ фæндагыл æрлæууыд. Ольгæйы тарст хъæр фæцыд, саулагъз та сæлхæрау йе знагмæ ныккаст.

— Мæн дæуимæ аныхас кæнын хъæуы, — загъта Петр, Ольгæмæ комкоммæ кæсгæйæ.

Ольгæ сæ дыууæйы иувæрсты ахызт æмæ фæндагыл фæцæуæг. Саулагъз, чызджы аййафа æви Ивлевимæ хылы бацæуа, уый нал зыдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.