Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДАРД КÆМДÆР 2 страница



— Хъус-ма, йæ ном цы хуыйны?

Иннæ ницы дзырдта.

Петр Ольгæйы фæстæ араст.

Саулагъз æй аййæфта æмæ йын йе ’фцæгготыл фæхæцыд... Петр фæстæмæ фæзылд, æмæ саулагъз иуварс агæпп ласта — тас дзы бацыд. Æнæзонгæ лæппуйы хивæнддзинадæй æцæгæй дæр фæтæрсæн уыд. Æвæццæгæн, Оля дæр уымæн фæцæуæг, — фæтарсти.

Петр æй фæцæйæййæфта.

Саулагъз ма иуцасдæр сæ фæдыл фæцыд. Петр цæугæ-цæуын кауæй иу мих сласта, саулагъз фæсте баззад.

Петрæн йæ зæрдæ йæ хъуырмæ схæццæ; разæй хæстæгæй æрттывта Ольгæйы урс кофтæ.

Петр æй баййæфта.

— Фæлæуу-ма! Ма мæ тæрс.

— Цы дæ хъæуы? — Ольгæйы цыд фæсындæгдæр.

— Хъус-ма... — Ивлев ын йæ къухыл фæхæцыд æмæ йæ æрурæдта. — Мæнимæ дæ аныхас кæнын уæд та цæуыннæ фæнды? Фыдгæнæг исты, мыййаг, куы нæ дæн... Цы мыл æрцыд, уый æз мæхæдæг дæр нæ зонын.

Ольгæ иуцасдæр рæстæг хъусæй лæууыд. Йæ къух дæр нæ айста.

— Ныртæккæ дæ фæнæмдзысты, — загъта уый.

— Уадз æмæ мæ фæнæмой. Нæ мæ фæнæмдзысты.

— Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы...

— Дæ ном цы хуыйны?

— Æнахуыр адæймаг! — Ногæй та йæ цæстыты ферттывта цымыдисдзинад, ацы хатт уыцы цымыдисдзинад уыди лæмбынæг æмæ бæлвырд. — Цавæр дæ, уымæн ницы æмбарын.

— Бауарзтон, — загъта Петр. — Афтæ никуыма уыди...

Ольгæ ныххудти.

— Афтæ чи кæны, æдылы?

— Куыд?

— Афтæ... Æз дæр адæймаг куы дæн.

— Уæдæ куыд хъæуы?

Ольгæйы уæхсчытæ, нæ зонын, зæгъгæ, базмæлыдысты.

— Мæ ном, цы хуыйны, уый дæр куы нæма зоныс æмæ мын дæ уарзондзинадыл дзурын куы райдыдтай...

Уынджы райхъуыст къæхты хъæр.

— Лидзгæ! — ныллæг хъæлæсыуагæй сдзырдта Ольгæ. Йæ къух ратыдта æмæ тагъд-тагъд фæцæуы. Фæстæмæ ракаст æмæ ма йын иу хатт загъта:

— Цæугæ!

Æппæты разæй тахт саулагъз лæппу...

Уайтагъд баиу сты. Æнæдзургæйæ. Саулагъзимæ ма уыдысты абоны дыууæ лæппуйы. Алкæмæ дæр дзы — фæйнæ михы. Петрæн дæр йæ мих йæ къухы баззад — йæ аппарын æй ферох.

Цæфты уынæр уыцы фæлмæн æмæ æмырæй хъуыст. Сæ сым-сым æмæ хъæрзын цыд. Ныллæг хъæлæсæй æлгъыстой. Петр æртæ михы астæу мамазила кодта. Йæхи михæй-иу куы иуыл æрцыд, куы — иннæуыл, куы та — æртыккагыл. Цæфтæ æппæты арæхдæр уадысты саулагъзыл. Чидæр ын йæ сæр ныссæрфта. Æртæйæ чи уыд, уый Петр нæ базыдта. Йæ цæстыты раз цæхæрæй конд къори тæгæлтæ ахауд æмæ схъисгай фæйнæрдæм фæтахт. Петр æваст фæкъуырма, йæ мих æрхауд æмæ, йæ дыууæ къухæй йæ сæрмæ фæлæбургæйæ, фæндагыл æрцæйбадт. Кауы рæбынмæ йæ аластой æмæ сæ фындзтæ мæрзгæ æмæ хуыфгæ ацыдысты.

Петр æрчъицыдта æмбисæхсæв. Кæм æмæ цы ’рцыд, уый æрымысыныл бирæ фæцархайдта. Йæ сæр ын цыма исчи хырхæй фаста уый хуызæн рыст. Фыр рыстæй ма суанг йæ зæрдæ дæр хаста. Тыххæй-фыдæй сыстад, кауы рæбынмæ йæ фæсонтæ сарæзта, афтæмæй сбадт. Æмæ æваст иууылдæр йæ зæрдыл æрбалæууыдысты... Ольгæйы къухыл куыд хæцыд, уыцы ныв йæ цæстыты раз февзæрд, стæй куыд бахудт æмæ йын куыд загъта: «Афтæ чи кæны, æдылы?» Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты михджын æртæ лæппуйы.

«Хорз мын фесты».

Æваст ауыдта — ферттывта йæ зонгæ урс кофтæ. Ольгæ арæхстгай æрбацæйцыди кауы рæбынты.

Петр цæмæдæр гæсгæ æрæмбæхст. Æмæ цалынмæ уый, Петры нæ уынгæйæ, уымæ цыди, уыцы цалдæр минуты, цыма мæлæты тасы бахауд, уый хуызæн йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ цыбыр цард, йæ бæллицтæ æнæхъæнæй дæр. Æмæ иттæг æхсызгонæй ахъуыды кодта: «Ныр хъуыддæгтæ иууылдæр хорз уыдзысты».

— Æз мæнæ дæн, — загъта уый.

Ольгæ хæрдмæ фæхауд, йæ зæрдæйыл фæхæцыд.

— Цы кодтай?

— Рауай, мæ цуры сбад.

— Фæнадтой дæ? — Ольгæйы хъæлæсыл бæрæг уыд, тынг ын кæй тæригъæд кæны. Йæ фарсмæ æрбадти. Петяйыл æрбакалд æнахуыр зонгæ æмæ уарзон тæф — дзæвгар ын фенцондæр, суанг ма йæ сæры рыст дæр фенцад. — Бæргæ дын дзырдтон, фæлæ мæм нæ байхъуыстай.

— Райсом мах ардыгæй ацæудзыстæм.

Ольгæ йæм æдзынæг ныккаст.

— Цы загътай?

— Фендзыстæм. — Ольгæ йæ хъавгæ æрбахъæбыс кодта, йæ армытъæпæнæй йын йæ цæф сæр лæгъз æрфаста. — Тынг дæ ныццавтой?

— Ницы йын у, — загъта уый. — Адзæбæх уыдзæн. Æртыккаг бон дыууæйæ дæр хъæуæй ацыдысты.

Афтæ райдыдта йæ ног цард. Оля цы горæты куыста, Ивлев уырдæм ацыд. Арæзтады ныллæууыд æмæ лыстæг куыстытæгæнæг бригады куыста. Йæхи хæдзар кæмæн уыд, ахæм лæгмæ горæты кæрон фатер баххуырста. Æмæ райдыдтой иуæй иннæ æдзæлгъæддæр æмæ æнæсæрфатдæр бонтæ æмæ æхсæвтæ. Цыма Ивлевы зилгæ дымгæ фелвæста æмæ йæ йæ разæй хаста.

Изæрыгæтты-иу йæ фатеры кæй нæ федта! Цавæрдæр æнæфснайд лæппутæ фæлурс цæсгæмттимæ, сæ цæстыты æнахуыр уымæл æдзæсгомдзинад æрттывта, ноджы цавæрдæр чызджытæ къуындæг юбкæтимæ. Чызджытæ-иу æд туфлитæ диванмæ схызтысты æмæ-иу сын Петр сæ фæлурсгомау къуымых уæраджы сæртæм кæсгæйæ мæстæй марди. Кæсын æмæ фыссын дæр тыххæй чи зыдта, ахæм сырхцæсгомджын лæгтæ-иу æрбацыдысты æмæ-иу æнæмæт чыр-чыр систой... Цыма кæцæйдæр цыдæртæ давтой æмæ сæ æрыгæтты æххуысæй сусæгæй уæй кодтой, афтæ зынд. Уæдæ сæм уыйбæрц æхца кæцæй цыд. Арæх нызтой зынаргъ коньяк, шампайнаг сæн. Лæппутæ уыдысты фæстаг модæмæ гæсгæ арæзт, сæ дзæнгæдайæн-иу кæрон нал уыд: дзырдтой сæ иумæйаг зонгæтæ, кинотæ, артисттæ, зарæггæнджыты тыххæй... Пленкæйыл фыстæй-иу алыхуызон зарджытæ æрбахастой, æмæ-иу фатер иууылдæр цъæхахст, хъыллист, хъæрзын æмæ ниуд ссис. Æрыгæттæ-иу зæрдиагæй хъуыстой. Ивлевы хъуыдымæ гæсгæ барæй афтæ сæхи дардтой. Сæ цыргъзонд ныхæстæн-иу кæрон нал уыд, сæ хъæрæй худт дардмæ хъуыст. Цæуыл хæст сты, уый базонын Петры бон нæ баци. Иуæй-иутæ дзы цыма кæмдæр ахуыр кодтой, иннæтæ та Ольгæйы хуызæн куысты лæуд уыдысты. Фæлæ кæм — хæйрæг йæ зонæг. Сæ куысты тыххæй ницы дзырдтой. Лæгтæ коньяк æнцъыхтой, чызджытæм-иу сæхи хæстæг байстой.

Раздæр-иу Петя дисы бацыд, афтæ куыд цæрæн ис, зæгъгæ. Стæй сæм уæд йæ маст фыцын райдыдта.

Ивлев æмæ йе ’нахуыр уазджыты æхсæн бацайдагъ æнауæрдон хæст.

Уый райдыдта сæ чындзæхсæвæй.

Сарæзтой йæ, ардæм куы ’рцыдысты, уымæй къуыри фæстæдæр.

Тынг бирæ фæнызтой. Куы срасыг сты, уæд сæ сæ фæсарæйнаг зарджытæ ферох сты æмæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцгæйæ, иумæ зарын райдыдтой:

 

Лизæ, Лизæ, Лизаветæ,

Уарзын дæ æз уымæн афтæ,

Стæй ма ноджыдæр гъеуымæн,

Æмæ ахицæн ис ууыл.

 

Уалынмæ расыг лæппутæй иу, йæ цъæх цæстыты хуыз кæмæн сивта, уый тæбæгътæ сæттынмæ куы бавналид. Йæ къухтыл ын ныххæцыдысты æмæ йын дзырдтой:

— Афтæ гæнæн нæй, бамбæрстай?

Стырриуджын чызг кафгæйæ æртæ лæппуйы раивта, цыппæрæймагимæ дæр райдыдта, фæлæ йæ бон нал баци æмæ зæххыл ахауд. Бæстæ худт æмæ цъæхахст ссис... Чызг та зæххыл хуыссы. Æрæгмæ куы стад, уæд сæм бахъардта, йæ уавæр сæ хæрзтæй кæй нал у æмæ йæ æддæмæ рахастой. Сыгъдæг уæлдæфмæ.

Куы иу къуымæй, куы та иннæйæ æрра хъæртæ æмæ æртхъирæнтæ хъуысын райдыдта. Фæхыл уæвынмæ сæ бирæ нал хъуыд.

Ольгæ уыцы æнæхъола расыггæнджыты æхсæн дæр йæ рæсугъддзинадæй бæрæг дардта. Йæ уæззау дзыккутæ йæ фæсонтыл æркалдта, йæ кофтæйы дыстæ мидæмæ бафæлдæхта æмæ йæ уазджытыл узæлын систа, семæ худти, хынджылæг скъæрдта. Цыма уыцы дзолгъо-молгъо йæ зæрдæмæ цыд, афтæ зынд. Кафгæ-кафын-иу йе стыр буар афтæ æнæфсарм змæлд кодта, æмæ, æрыгон уæвгæйæ ныридæгæн бирæ чи федта, уыцы лæппутæ дæр-иу æм хæлиудзыхæй баззадысты. Петры судзгæ уарзондзинад-иу æм уыцы заман уæлдай тынгдæр сыгъд, кæд-иу æм мæстæй пихлæйттæ уагъта, уæддæр.

Мызыхъхъарæзт лæг, йæ мыггаг — Шкурупий иннæтæй æрвонгдæр, хин æмæ зондджын, графины фарс вилкæйæ бахоста:

— Са-быр! Ныртæккæ нын сиахс азардзæн! Табуафси.

Уыцы æнаккагæн чи загъта, сиахсы зæрды зарын ис, зæгъгæ? Æви дзы ахъазынмæ хъавы?

Ныронг сиахсы уынгæ дæр ничи кодта, ныр сæм ничи кæсы — иууылдæр æм раздæхтысты æмæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой.

— Цæй! Дæ лæгдзинад равдис! Сиахсыхъо зардзæн, райдай!..

Чидæр, ныхас цæуыл цæуы, уый нæ бамбæрста æмæ ныццарыдта:

— Цалынмæ сиахс æмæ чындз кæрæдзийæн апъа кæной, уæдмæ мын мæ нозт маст у. Маст у!

— Чидæр ныззарыд:

Мæнæ дын мæ хæдзар, Мæнæ дын мæ хъæу!!!

— Фæсабыр-ма ут! — ногæй та хъæрæй загъта Шкурупий. — Сиахс, дæумæ дзурæм! Табуафси!

Уыцы хъæртæ айхъусгæйæ Петя афæлурс, йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъивгæйæ бадт æмæ адæммæ тызмæг цæстытæй каст.

— Сиахс, дæумæ æнхъæлмæ кæсæм! — бæстæ йæ сæрыл систа хивæнд чындзæхсæв.

Ольгæ йæ лæгмæ бакаст, йæ цурмæ бацыд, йæ уæззау тæвд къух ын йæ уæхскыл æрæвæрдта æмæ дзы бадомдта:

— Азар, Петя. — Петяйыл цыма фыцгæ дон бакалдæуыд, уыйау фæци.

— Ныууадз, — ныллæг хъæлæсæй загъта уый.

Йæ цъæх цæстыты хуыз кæмæн сивта, уыцы лæппу цудтытæгæнгæ сæ цурмæ бацыд æмæ, арахъхъы тæф калгæ, Петяйы фæсонтыл йæ къух æнахъинонæй æруадзгæйæ, сдзырдта:

— Есенины зоныс? Есенинæй ма исты азар. — Æмæ иннæтыл йæ цæст ахæсгæйæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр ласта: — Байхъусут Есенинмæ!

Фæлæ ницы фехъуыстой.

Петя расыджы къух йæхицæй æрриуыгъта, йæ бадæнæй фестад æмæ уынгмæ ацыд.

Уыдис цыдæр æнæзæрдæмæдзæугæ мынæг æхсæв. Фæззыгон изæры хуызæн хъарм дæр нæ уыд. Фæззæг æнувыдæй йæ хъуыддаг кæронмæ хæццæ кодта. Ацы уалдзæг Ивлев Петрæн уыди йæ фондз æмæ ссæдзæймаг, йæ царды тæккæ æнæхъоладæр æмæ æппæты тынгдæр кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы уалдзæг.

Кæрты арфдæр къуыммæ бацыд, хъæды лыггагыл æрбадт, йæ рæмбыныкъæдзтæ йæ уæрджытæм сарæзта æмæ хъуыдыты аныгъуылд... Уæвгæ йæм хъуыдытæ дæр ницы уыд. Ардæм дæр æм кæй цъæхахст, хъæлæба æмæ уынæр хъуыст, уыцы адæммæ йæм сæвзæрд, йæ хурхыуадындзтæ йын чи æлхъывта, ахæм æнæуынондзинад.

Хæдзарæй чидæр рацыд. Петр æм ныккаст. Ольгæйы базыдта. Фæдзырдта йæм.

Уый йæм бацыд. Йæ разы дзуццæджы æрбадт.

— Цæй куыд у?

— Ацы лæппутусты фæсурын хъæуы, — загъта Петр. — Абон ма кафæнт æмæ зарæнт, фæлæ дзы ардыгæй фæстæмæ ам иуы къах дæр куыд никуыуал аныдзæва, афтæ.

Ольгæ йын дзуапп æваст нæ ратта.

— Мæнæн уыдонимæ хъæлдзæг у, — загъта æнæбарыгомау.

— Раст нæ зæгъыс. Æнкъард дын кæй у, уымæ гæсгæ дæм афтæ кæсы.

Ольгæ та дзæвгар рæстæг хъусæй фæлæууыд.

— Уæдæ дæуимæ хъæлдзæгдæр у, Петя? Нæу.

Йæ ныхæстæй Петяйы игæртæ артыл бадардæуыд.

— Æцæгæй зæгъыс?

— О.

— Ы-ы... — Цы сдзура, уый нал зыдта. Фæлæ йæхиуыл хæцыныл архайдта. — Къуыри йеддæмæ нæма цæрæм æмæ... мæй нын ахæсдзæн?

— Нæ зонын. — Ольгæ дзырдта æцæгæй.

Петры буар сындæггай ризын райдыдта. Цы нозт æм уыд, уый æрбайсæфт. Ольгæйы ныхæстæ йæ сагъæстыл бафтыдтой.

— Цы дзурыс, уый æмбарыс? Хъуыды йыл акодтай?

Ольгæ арф ныуулæфыд, йæ сæр Петяйы уæрджытыл æрæвæрдта æмæ уыцы фидарæй загъта:

— Мæ цард мын бынтондæр сæнад! Æппындæр никæй уарзын, стæй мæ æппындæр ницуал хъæуы... Ме сæфт сæ федтон. Уарзын мæ бон нæу. Æнхъæлдтон, мæ бон бауыдзæн, фæлæ ницы.

Петр бынтон фæуыргъуыйау.

— Æгæр банызтай. Æз ныртæккæ се ’ппæты дæр феддæдуар кæндзынæн æмæ сынтæгыл дæ фæллад суадздзынæ... Баулæфын дæ хъæуы. — Уыцы ныхæстæ дзырдта, фæлæ сыл йæхæдæг дæр не ’ууæндыди.

— Хъуыддаг уый мидæг нæй.

— Уæдæ?

— Бафæлладтæн.

«Цымæ цæмæй? — йæхинымæр дисы бацыд Петя, фæлæ йæ афтæ æргомæй бафæрсынмæ йæ ныфс нæ бахаста. Мидæгæй чи уыд, уыдоны тыххæй та ахæм хатдзæгмæ æрцыд: — Къуырццæвæнмæ йæ батардтой, цъаммартæ, йæ сæр ын разилын кодтой».

— Ам фæлæуу, æз ныртæккæ рацæудзынæн.

— Кæдæм цæуыс?

— Спичкæтæ мæм нал и æмæ мæ тамако ссудзон.

Ольгæ хъæды лыггагыл æрбадт, уый дæр йæ сæр йæ уæрджытыл æруагъта æмæ сабыргай æнкъардхуызæй загъта:

— Ма мын хуый, ныййарæг, къаба.

Ивлев мидæмæ бацыд.

— Ардæм хъусут! — адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ, хъæрæй загъта уый. — Алчи уæ йæ дзаума райсæд æмæ иууылдæр феддæдуар ут!

Чи йæ фехъуыста, уыдон фæхъус сты æмæ йæм дисхуызæй кастысты.

— Кæмæ дзурын æз? — ноджы хъæрдæрæй бафарста Ивлев. — Скъæргæут ардыгæй! Æмæ уæ иунæг æнаккаджы дæр ам куыд никуыуал фенон, афтæ!

Ныр æй иууылдæр хъуыстой. Йæ тæккæ акомкоммæ лæууыди, йæ цæстыты цъæх кæмæн ссыди, уыцы лæппу æнæ пинджакæй.

— Кæуыл хъæртæ кæныс, кæ, лукъафындз? — бафарста йæ уый уыцы æрвонгхуызæй. — Ы? Кæуыл, зæгъын, хъæртæ кæныс, сыстбæрзæй? Абондæргъы цы нуазыс æмæ хæрыс, уыдон кæй уыдысты? Ы?

— Семен! — фыдбылызæй хъахъхъæнæгау сдзырдта Шкурупий.

Семен Ивлевмæ фæцæйцыд.

— Ды, зæгъын, кæуыл хъæртæ кæныс?

Петр, цалынмæ йыл Семен йæхи ныццæва, уымæ нал банхъæлмæ каст, фæлæ йæ размæ рауад æмæ йын йе ’фсæры къæдзæн иу ныллæвæрдта. Семены къухтæ хæрдмæ фæхъил сты æмæ голлагау зæхмæ æрцæйхауд. Чидæр ыл фæхæцыд. Цыма сын исчи бардзырд ратта, уыйау æваст Петрыл цыппарæй сæхи ныццавтой. Афтæ æмзондæй ма фæлæбурынц, сæхи куывды æцæгæлон адæймаджы куы баййафынц, уæд. Ивлев йæхи иуварс аппæрста, къулæй дыууæхстон топп раскъæфта æмæ йын йæ мæнгвæдджытæ сæргъæвта.

— Уе ’ппæты дæр ныццæгъддзынæн, цъаммар куыйтæ! — сындæггай загъта Петр.

Чи йæм æрбацæйлæбурдта, уыцы цыппар лæппуйы топпы дзыхæй сæхи фæстæмæ айстой. Фæлæ уæдмæ Семен æрчъицыдта æмæ та хæдзары хицаумæ фæцæйцыд. Фæсте йæ Шкурупий рацахста... Семен йæ гæндзæхтæ тылдта. Шкурупий йæ суагъта, стæй йæ къух дард фæхаста æмæ йын тымбылкъухæй йæ хæмхуттæн иу ратта. Семен та сысджыйы голлагау пъолыл æрхауд.

— Цомут. Æцæгæйдæр æнафон у, — сабыр хъæлæсыуагæй загъта Шкурупий, Ивлевмæ йæ гыццыл хуынкъгæнаг цæстытæй кæсгæйæ. — Бузныг, фысым, дæ минасæй.

«Уый мæ йæ маст райсдзæн», — ахъуыды кодта Петр.

Цалынмæ сæ дзаумæттæ агуырдтой, сæ уæлæ сæ кодтой, уæдмæ уый лæууыди иуварс æмæ лæппутæй алкæй змæлдмæ дæр йæ цæст дардта. Чидæр бахудт æмæ сындæггай загъта:

— Тынг хъæлдзæг уыди.

Уалынмæ Ольгæ фæзынд. Æнахуыр уавæр фенгæйæ цавддурау фæци. Петямæ бакаст, фæлæ йæм дзургæ ницы скодта, æрмæст йæ цæстытæ æрбагыццылтæ сты. Уый дæр йæ дзаумæттæ райста æмæ семæ рацыд. Уыцы хабæрттæ иууылдæр мæлæты тагъд æрцыдысты.

Æхсæв ыл ныддаргъ. Петр раздæр уаты дыууæрдæм рацу-бацу систа, фырмæстæй йе ’рра богътæ хъуыстысты. Ольгæ кæй ацыд, уый йæм бынтон диссаг нæ каст. «Фæстæмæ ’рбаздæхдзæн, цы фæуыдзæн? Мæлæты хорз адæмы куы нæ бафхæрдтон, мыййаг?»

Стæй та, цы фæуыдаид, уый нал зыдта. Фынджы уæлхъус æрбадт æмæ нуазын байдыдта. Фæлæ, кæд цыфæнды бирæ банызта, уæддæр æм нæ бахъардта. Æрмæст йæ маст тынгæй-тынгдæр фыхт. Дзæбæх нылгъыста æмæ та уаты дыууæрдæм цæуын райдыдта.

«Ау, бынтондæр ацыдаид?»

Топп райста, бакасти йæм: йæ дыууæ хæтæлы дæр афтид. Æрдæбоны лæппутæ уый куы зыдтаиккой. Сынтæджы бынмæ бабырыд — чумæданы йын гилдзытæ æвæрд уыд. Систа сæ æмæ дыууæ хæтæлы дæр сифтыгъта.

— Дарддæр та цы? — бафарста йæхи, уаты астæу æрлæугæйæ.

Тыргъты цыдæр уынæр райхъуыст. Петр токæй цæфау хæрдмæ фæхауд.... Тыргътæм рауад: æрдæбон йæ зæрдæ кæмæн бахъарм, уыцы чызг дзы лæууыд. Къулы æмбуар æрбацæйцыд æмæ йæ уырзтæй дуар агуырдта.

Петр дуары тарвазыл банцад æмæ йæм ныккаст.

— Цы мæм ныккастæ?

— Æрчъицыдтай?

— Æмæ иннæтæ кæм сты?

— Ацыдысты. Æгæр дзы дæхимæ фæкастæ, гормойнаг.

Чызг уатмæ бацыд, рухсы йæхимæ æркаст.

— Иууылдæр ацыдысты?

— О.

Петр топп йæ бынаты æрцауыгъта. Чызг нырма ныр бафиппайдта, фысымы къухы хæцæнгарз кæй уыд, уый, æмæ йæм фæрсæгау бакаст.

— Нуазын дæм цæуы? — бафарста Петр. Чызджы æрбацыдæй йын иучысыл фенцондæр. — Дæ сæр, æвæццæгæн, риссы?

— Дæхи марынмæ хъавыдтæ?

Петр уымæн дæр æмæ йæхицæн дæр коньяк рауагьта.

— Цæй.

— Исты æрцыдис? — бафарста чызг.

— Нæ-а.

— Исчи дзы фæхыл?

— Нæ. Ныккуыйты-ма мæ уадз, дæ хорзæхæй! Ницы йын зонын, мæхæдæг дæр расыг уыдтæн.

Чызг анызта, йæ цæсгом сæнцъылдтæ, йæ сæр ныттылдта. Петр ын лимоны карст фæцæйлæвæрдта, фæлæ йæ уый нæ бауагъта.

— Уый бæсты ма мын тамако ратт.

— Ехх! — нал æм фæлæууыд Ивлев. — Хицау дын нæй! Чызг ма дзы хуыздæр цы уа!

Чызг йæ тамако ссыгъта, цалдæр хатты дзы сулæфыд, арф ныуулæфыд æмæ æхсызгонæн загъта:

— Гъер мын фенцондæр... — æмæ бандоныл æрбадт.

— Афтæ цæрын дæм худинаг нæ кæсы? — бафарста йæ Петр. — Æви æфсармы тыххæй дæуимæ дзурын дæр нал æмбæлы?

Чызг æм, цыма къулмæ бакаст, уыйау йæ уазал цæстæнгас аздæхта.

— Дæумæ гæсгæ дæ Ольгæ уарзы? — бафарста йæ чызг, йæхæдæг йе ’нкъараг тыппыр былтæй бахудт. Йе ’рдæгфынæй цæстытыл хъазы æнцойдзинад æмæ коммæгæсдзинад. — Ницы дзы зæгъдзынæн — рæсугъд у. Дзæгъæлы дзы дæхицæн зæрдæтæ ма ’вæр — нæ дæ уарзы.

— Цъаммартæ! — ризгæ хъæлæсæй хъæрæй загъта Ивлев. — Йæ бынатæй фестад æмæ уаты сдыууæрдæм. — Ацы зæххыл сымах сынчъытæ стут, кæд уæ йæ зонын фæнды, уæд! — Чызджы цур æрлæууыд, цæмæй йæ зыр-зыр æрцæуа, уый тыххæй йæ дзыппыты йæ тымбылкъухтæ нылхъывта. — Даритæ мын скодта! Чъыллиппытæ базыдтай æмæ уымæй хъал дæ? — Йæ зыр-зыр нал æнцад: фырмæстæй йæ хуыз фæцыд, фæлæ, чызджы æд ныхæстæ бындзарæй чи афæлдаха, ахæм дзырдтæ нæ ардта. — Цы бамбæрстат царды?.. Æфтъæрын! Æнцъухын! Кæйфæнды бын дæр атулын! Цъаммартæ! — Уайтагъд афæллад æмæ бамбæрста, чызджы ныхмæ йæ бон кæй ницы бауыдзæн.

Чызг æм æнæуынон цæстæй бакаст æмæ бахудт.

— Ольгæмæ уæ чъизи къухтæй ма ’вналут! — ногæй та райдыдта Ивлев. — Йемæ уын иумæйагæй ницы ис. Æз уæ фæхицæн кæндзынæн.

— Фендзыстæм.

— Ацы горæты уæ хъæстæ дæр куыннæуал уа, афтæ уын бакæндзынæн. Æз æй зонын, сымах давæггагæй цæрут. Æнаккæгтæ. Уыцы хæмхутджынтæ давынц, сымах та сæ уæй кæнут. Тагъд уыцы хуынкъ æхгæд æрцæудзæн.

— Цас у рæстæг? — бафарста чызг.

— Нæ зонын. Бонырдæм æввахс. — Ивлев рудзынгæй акаст — æдде бон цъæхтæ кодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.