Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДАРД КÆМДÆР 6 страница



Кинойæн райдайыны хъомыс нал уыд.

Лæппу йæ галстучы баст суагъта, йæ сахатмæ æркаст.

— Мæлæты æрæгмæ кæнынц...

— Ам рагæй дæ? — æвиппайды йæ афарста Ольгæ. Сдзурдзæн, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта.

— Ам, клубы? — Ольгæмæ раздæхгæйæ уыцы æнæхинæй бафарста лæппу. Ольгæмæ афтæ фæкаст, цыма цæстæй хорз нæ уыны. — Иу-фынддæс минуты бæрц.

— Ам нæ-а, хъæуы?

— Ацы хъæуы? — ногæй та фæбæлвырддæр кодта фарста лæппу. — Ацы хъæуы — афæдз.

Ольгæ бахъæлдзæг йæ фарстатæ йын куыд бæлвырд кодта, уый йæм худæг фæкаст.

— Махмæ дæ зæрдæмæ цæуы?

— «Махмæ» та цæмæн? Ды дæхæдæг дæр æрцæуæггаг куы дæ.

— Æз ам райгуырдтæн.

— Æцæг? Уæдæ отпусчы дæ?

— Нæ, нæхимæ æрцыдтæн. Бынтондгар.

— Уый хорз у. — Йæ сахатмæ та æркаст. — Ахæм ма дзы киномеханик уыдзæн! Хæлиудзых.

Ольгæйы дарддæр дзурын фæндыд.

— Махмæ дæ зæрдæмæ цæуы?

Лæппуйы ных æрбанцъылдтæ, йæ астæуккаг æнгуылдзæй æнцъылдтæ дæргъмæ ахафта. (Ахæм миниуæг æм уыд.)

— Цæуы. Æрмæст алцы нæ.

— Фæцахуыр уыдзынæ. — Ольгæ йæ тутт ныхæстæй фæкуыддæр. Цæмæдæр гæсгæ йæ уæндондзинад æрбайсæфт. Кæимæфæнды дзургæйæ дæр-иу æнцонæй ссардта æлхыскъæмхæццæ, æдзухдæр мæнг æмæ æдзухдæр æцæг, цыргъзондгомау æмæ уайдзæфæмхæццæ ныхæстæ. Лæппуйы ныхæстæ уыдысты хуымæтæг æмæ, дыууæрдæм æмбарæн кæмæн нæ уыдис, ахæмтæ.

— Сахуыр уыдзыстæм, — сразы лæппу. Æнхъæлдæн, æмæ йæм даурын уыйас тынг нæ цыд. Уый Ольгæйæн фæхъыг. Чызг æнхъæл уыд горæтаг хабæрттæ йæ зæрдыл æрлæудзысты æмæ ныртæккæ йæхицæй æппæлын райдайдзæн, ома мах дæр, кæд хъæуы цæрæм, уæддæр цыдæртæ ’мбарæм, зæгъгæ. Эдит Пиаф? Табуафси: заргæ хорз кæны, фæлæ чингуытæ фыссын нæ зоны. Сылгоймæгты литературæ нæй. Йæ зæрдæйы сагъæстæ йын чи бакастаид, уыцы алы æртæ сылгоймагæй дæр иу загътаид: «Æз уын куы радзырдтаин!..» Чехов æмæ Толстойы уацмыстæ бакæсыны фæстæ афтæ ничи ахъуыды кæндзæн. Æндæр ма цы? Поэзи? Нæхи? Зын зæгъæн у...

Иу рæстæг Ольгæйы сæр ахæм ныхæстæй сæнау зылди, уый фæстæ сæ йæхæдæг дзурын дæр фæцалх, стæй сæм уæд йæ маст фыцын райдыдта. Уыдон иууылдæр хорз сты, зæрдæмæ цæуынц, фæлæ адæймагæн æгæр зынаргъ сыстынц.

Ольгæ ма æнæнхъæлæджы иу хатт лæппумæ бакаст. Кæцытæй уыдзæн цымæ? Йе ’ддаг бакаст, йæ костюммæ гæсгæ, адæймаджы сæр æваст чи разилын кæны, уыдонæй нæу. Нæ фæлæ фыццаг адæймаг тæригъæды кæмæн бацæуы, уыдоны æнгæс тынгдæр у. Уыдонмæ дæр ахæм миниуджытæ вæййы: лæмæгъгомау, раздæр æппындæр ницæуыл феууæндынц, цард «цъымара» рахонынц, уый фæстæ сæ уарзондзинад раргом вæййы. Сæ хъуыддæгтæ та фæвæййынц уымæй, æмæ та цард ногæй «цъымара» рахонынц æмæ абортæн æхца раттынæй æфсæрмы байдайынц.

Кино уæддæр нæма райдыдта.

— Ахæм ма дзы механик уа, — мæстджынæй загъта лæппу æмæ та йæ сахатмæ æркаст.

— Искуыдæм дæ цæуын хъæуы?

— Никуыдæм!.. Фæлæ уый дæр куыд раст у — адæмы æрбауадз æмæ сæ ам мæстæй мар.

— Уыныс, хъæуы куыд у, уый?

Лæппу æнæнхъæлæджы сындæггай ныххудт. Ольгæйы цæсгоммæ туг ныццавта.

— Шпионæй уæлдай нæ дæ: сабыргай мæ къахыс. — Лæппу худти зæрдиагæй, фæхæрам уæвæн æм нæ уыд. — Кæд хъæуы уымæй æвзæрдæр ницы ис, уæд ма æз ноджыдæр иу сахат æнхъæлмæ кæсыныл разы дæн.

— Уæдæ дзы тæккæ æвзæрдæр цы ис? — Ольгæ бынтондæр ныккуыддæртæ. Йæ ныхас йæ зæрдæйы фæндиаг нал цыд, афтæмæй та йæ дзурын фæндыд. Суанг ма йæхинымæр нæлгоймæгты хуызæн дæр ралгъыста. «Цы мыл æрцыд?»

— Иууылдæр хорз у. Кино уарзыс?

— Хорз куы уа, уæд.

— Æз та цавæрфæнды дæр. Хæйрæг æй базонæд: ницæйаг вæййы, уый фембарын, уæддæр æм фæкæсын бынтон ницæйаг куы вæййы, уæд та йыл мæхи худæгæй схæссын.

— Уыцы миниуæг дæр дæм хъæуæй фæхæццæ, — йæ хъуыдыйыл фидар хæцыд Ольгæ.

Кæрæдзимæ бакастысты æмæ дыууæйæ дæр ныххудтысты. Ольгæйæн фенцондæр.

— Ацы хъæуæй дæ дæ хурхмæ куыд скодтон.

— Ардæм цы кусынмæ æрцыдтæ?

— Æз дæр ахуыргæнæг дæн. — Ольгæ æгæр фæтагъд кодта. — Æрмæст æххæст ахуыргæнæг нæма. Фæсаууоммæ ма мæ афæдз æмæ æрдæг хъæуы.

— Уæдæ ма ныл иу бафтыд.

— Афтæмæй мæ айсдзысты?

— Айсдзысты. Нæ ахуыргæнджыты æртыккаг хай дæ хуызæттæ сты. Фæсаууонмæ ахуыр кæнынц. Дæ размæ ма дын æртæ чъирийы дæр рахæсдзысты. Нæ фаг кæнынц. Цавæр предмет дæттыс?

— Литературæ.

— Райсдзысты.

— Æцæг дæ фæрсын: ам дын æнкъард нæу? Сæрды ам цæмæн баззадтæ?

— Ам... Цыдæр хъуыддæгтæ мæ уыди. Ницы мын у æнкъард. Æцæг зæгъын. Æрмæст... йед хъæуы. Уæвгæ ууыл...

— Цы, цы?

— Исты æрымысдзыстæм, цæмæй æнкъард ма уа, уымæн. Скъолайы уыдтæ?

— Нæма.

— Тынг хорз скъола у. Ахæм скъолатæ нæ хъæуы.

— Сывæллæттæ та куыд сты?

— Кæмфæнды куыд у, афтæ — алыхуызæттæ. Бирæты дзы скъолайæ атæрин. Фæлæ, дам, уый гæнæн нæй. Афтæ, дам, æвзæр у.

— Сурæн сæ кæй нæй, уый?

— О. Цæмæн?.. — Лæппу бынтондæр Ольгæйы ’рдæм раздæхт æмæ йын уыцы тæвдæй дзурын райдыдта: — Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, цæмæн хъæуы уый дæр æмæ дæхи дæр хурхæй мар?

— Омæ йæ аст къласы фæуын уæддæр нæ хъæуы?

— Аст ма фæуæд. Ууыл æз дæр разы дæн. Фæлæ æстæмæй фæуæлдæр, афтæмæй та ахуырырдæм нæу. Ныхъхъуытты йæ уадз! Кæд фæрæдийай æмæ дæм фæсмон æрцæуа — табуафси, изæрон скъола дын никуыдæм ирвæзы. Мах та сайыны фæндагыл ныллæууæм. Æвзæр бæрæггæнæны бæсты йын рæстæмбис сæвæрæм. Æвзæр нæ, фæлæ тынг æвзæр бæрæггæнæны бæсты.

— Афтæ у!..

— Фæлæ дзы хæрзтæ дæр ис. Адæймаг сæ цинæй райы. Хъæуы аххос дзы æппындæр ницы ис.

Æппынæрæджиау рухс ахуыссыд.

— Фæцагайдтам, — сдзырдта лæппу æмæ йæ пинджак раласта.

Раст зæгъгæйæ, кино хорз уыд. Фæлæ Ольгæйы, æрыгон лæппуйы фарсмæ кæй бадт, уый тынгдæр æндæвта. Йе уæхск йæ цонгыл æндзæвд æмæ йæ кинойы сагъæс нал уыд. Иуварс абадын йæ бон уыд æмæ уæд киномæ кæсыныл фæуыдаид. Ольгæ æцæгæй дæр афтæ бакодта. Ныр та йæ, йæ цæсгомæй цы шипры тæф калд, уый иу ран нал уагъта. Ольгæ йæ чемы нал уыд. Сыст æмæ ацу — æндæр хос йæхицæн ницуал зыдта. Йæ сæры цы нæ диссаджы фæндтæ уыди: æвиппайды йæ æрфæндыд лæппуйы йæхимæ фидар нылхъивын æмæ йын йæ хъусы уарзонæй бадзурын: «Ды нырма бынтон гыццыл дæ». Фыр тыхстæй ма йæ сæр дæр срысти. Йæ хъустæ дæр гуыр-гуыр кæнын райдыдтой. «Чызгай, цы дыл æрцыд, дæ хорзæхæй?» — йæхи рохтыл æрбахæцынмæ рахъавыд. Сеансы кæронмæ тыххæй фæбадти. Иумæ рацыдысты. Ольгæ арф ныуулæфыд.

— Цæй æнуд у.

— Хорз кино уыд. Куыд раиртæстон, афтæмæй искæй дисы бафтауыныл архайын ницæмæн хъæуы. — Лæппуйы ных сагъæсæй анцъылдтæ. Æрдæбоны хуызæн та æнгуылдзæй йæ ных ахафта. — Толстой Лев афтæ дзырдта: «Кæд исты зæгъынмæ хъавыс, уæд æй æргом зæгъ». Æмæ уый æцæгæй дæр раст у.

— Цом-ма доны былмæ. Дойныйæ фæмæлын. Цалынмæ нæхимæ цæуон, уæдмæ мæ гæккуыри схаудзæн.

Доны былмæ ацыдысты.

Ольгæ чысыл æрсабырдæр. Йæхи фæрсынмæ фæци: «Ай цы у? Уарзондзинад æви? О, хуыцау, табу дæхицæн!..»

— Дæ ном цы хуыйны?

— Юрий. Дæуæн та?

— Ольгæ.

— Ахæм хабæрттæ, гъе, Юрий. — Ольгæ та ногæй тыхсын райдыдта. — Толстой Лев куыд загъта, зæгъыс?

Юрий цыдæртæ æмбарын райдыдта. Ныхъхъус. Æвæццæгæн, хорзау нал уыд.

Талынг ран Ольгæ æрлæууыд. Юрий дæр. Ольгæйы зыр-зыр ссыд. Ныр йæ бон йæхиуыл хæцын нал баци — йæ хъæбысы йæ æрбакодта, йæ былтæ йын ссардта æмæ сыл йæхи былтæ рæвдаугæ андзæвыдысты. Чысыл ма бахъæуа, йæхи сыл зыдæй ма ныццæва.

— Уый дын... Толстой куыд амыдта, афтæ. Цæй куыд у? Исты дзур! — Ольгæ йæ йæ хъæбысæй нæма суагъта.

— Оля, ай цы у? — Юрийæн йæ хъæлæс йæ коммæ нал каст. — Нæ йæ ’мбарын...

Ольгæ йæ хъизæмæрттæй фервæзт, цин æй йæ уæлныхты систа. Ныр йæ чемы æрцыд. Суагъта йæ æмæ риуы дзаг æхсызгонæн сулæфыд.

— Цом доны былмæ æмæ дзы æз мæхи ныппарон. Хъусæй ма лæуу, кæннод ныфсæрмы уыдзынæн.

— Æз хъусæй нæ лæууын. Фæлæ не ’мбарын...

— Æз æй мæхæдæг дæр не ’мбарын. Уæвгæ дзы æмбарын та цы хъæуы? Ныпъпъа кодтам æмæ цы? Ныронг никуы никæмæн ныпъпъа кодтай?

— Цæуыннæ.

— Уæдæ афтæ. Бауарзтон дæ. Хуыцау мæ фесафæд, цæй тыххæй, уый кæд зонын. Рæсугъд дæ æмæ уымæн? Искуы дæ исчи уарзта?

— Цытæ дзурыс? Исчи тюленæнгæсы фæуарзы!..

— Уæдæ æз та тюлентæ уарзын.

Доны былмæ бацыдысты. Ольгæ йæ къухтыл æрæнцад æмæ дон нуазын райдыдта.

— Ох-х!.. Ныртæккæ йæ иууылдæр баназдзынæн. — Ноджыдæр ма иу хатт ныггуыбыр кодта.

Юрий дуртыл æрбадт. Ныхъхъус. Æрдæбоны хабары фæстæ йæ чемы нæма ’рцыд.

— Цæй, цом. — Ольгæ слæууыд, йæ къухтæ доны атылдта. — Цы ’рцыд, уый дын æз радзурдзынæн. — Æцæг æм иучысыл худинаг кæсын райдыдта. «Тагъд кæнын. Æдзухдæр тагъд кæнын». — Цы ’рцыд, уый зоныс? Мæгъа! Æнхъæлдæн æмæ æцæгæй бауарзтон. Фæлæ ныртæккæ бынтон æдылы ми бакодтон. — Ольгæ дзырдта ныллæг хъæлæсæй. Цæмæдæр гæсгæ йæм кæуын æрцыд. — Бынтон, бынтон æдылы ми. Сæрхъæн.

— Афтæ дзурын нæ хъæуы, Ольгæ.

— Æндæрхуызон мæ бон нæ уыд. Афтæ мæм фæкаст, цыма дæ хъæуын. Æмбарыс? Канд ныртæккæ нæ, фæлæ æдзухдæр. Стæй мæ ды дæр хъæуыс. Фæлæ æз... афтæ бакодтон, æмæ ныртæккæ зын равзарæн у: афтæ мæм фæкаст æви æцæгæйдæр афтæ у?

— Ольгæ, — загъта æнæнхъæлæджы хъæддыхæй Юрий. — Æз æнцонтасæн адæймаг дæн, фæлæ мæ иуæй-иу хатт ничиуал бауромдзæн... Дæхи ма хæр. Æз æй æмбарын, дæхи цæй тыххæй хæрыс, уый: дæ зæрдæйыуаг раздæр дæхæдæг загътай. Стæй ма афтæ тагъд, Хуыцауы хатырæй, дæхи ма хæр. Фыццаджыдæр, мæнæн чызг йæхæдæг куы нæ зæгъа, уæд ын æз раздæр никуы зæгъдзынæн. Дыккагæй та... Хуыцау, нырма ме ’муд нæма ’рцыдтæн...

— Уæхимæ ацу. Не ’муд æрцæуæм.

— Фæлæуу-ма, Оля.

— Фæлæуу, ахъуыды кæнæм. Афтæ хуыздæр уыдзæн. Ацу. Хæрзæхсæв. — Ольгæ аздæхт æмæ сæхи уынджы араст. Цыди тагъд-тагъд, фæндагмæ нæ касти, афтæмæй. Йæ кæуын нал баурæдта. Бирæ азты дæргъы ма фыццаг хатт скуыдта. Фæстаг хатт ма дзы цæстысыг кæд æрхауд, уый йæ зæрдыл нал лæууы. Йæ кæуын нал урæдта, фæлæ цæуыл куыдта, уый йæ бон равзарын нæ уыд.

Дыккаг бон Юрий райсомæй раджы Фонякинтæм æрбацыд.

Фонякин сенæйы телефонæй кæимæдæр загъд систа.

— Дæ райсом хорз.

— Æгас цу. Ныртæккæ, иу минут. — Фонякин æппынфæстаг базыдта, хосгæрстмæ кусджытимæ цал машинæйы ацæудзæн, уый æмæ хæтæл æрæвæрдта.

— Ольгæ Павелы чызг уæхимæ ис?

— Ольгæ? Æвæццæгæн ма фынæй у. Ныртæккæ йæ фендзынæн.

Юрий сенæйы баззад.

— Ныртæккæ рацæудзæн, — загъта Фонякин æмæ цæлгæнæнмæ бацыд. — Бадгæ уал нæм скæн.

— Ницы мын у, бузныг. — Юрий сенæйы иу гыццыл банхъæлмæ каст, стæй кæртмæ рахызт æмæ дыууæрдæм рацу-бацуйыл куыд фæци, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста.

Ольгæ халаты фæзынд... Æвæццæгæн, дыууæйæ дæр кæмæ æнхъæлмæ кастысты æмæ кæмæй тарстысты, уыцы рæстæг ралæууыд. Цас ахаста уыцы удхайраг рæстæг?.. Кæрæдзи цæстытæм кастысты...

— Æз нырма æнæхсад дæн, — йæхи растгæнæгау загъта Ольгæ. Уыцы ныхæстæ сындæггай сдзырдта.

Юрий йæм хæстæг бацыд æмæ йын йæ къух райста.

— Оля...

— Фæлæуу-ма, нæ хъæуы. Ма дзур. Æз ныртæккæ... хисæрфæн райсон.

— Оля, мæн æрмæстдæр зæгъын фæнды...

Оля йæм нал байхъуыста: мидæмæ бацыд.

Фæстæмæ рог джиппæйфыст къабайы раздæхт. Ноджы йыл мæлæты хорз фидыдта. Йе уæхскыл — хисæрфæн æппæрст.

— Оля...

— Нæ хъæуы! Цы зæгъинаг уыдтæ, уый загътай. Юрæ, æз алцы дæр бамбæрстон.

— Æз нырма ницыма загътон. Дысон-бонмæ нæ бафынæй дæн...

— Ныр та ды тагъд кæныс. Нæ хъæуы. Уый бæсты сабыргай цом... Дысон-бонмæ æз дæр хуыздæр уавæры нæ уыдтæн.

— Кæдæм цæуæм?

— Доны былмæ, нæхи найынмæ.

— Хæдæгай, дысон мæ пинджак уым баззад.

Ольгæ ныххудт.

Диссаджы райсом скодта. Хур хæхты фæсте скаст æмæ йе ’рттивгæ тынтæй зæхх бамбæрзта. Æхсæвы сатæджы цыдæриддæр сумæл — хæдзæртты сæртæ, фæйнæгæй бырутæ, бæлæстæ — сæ тæф калди, цыди æмбыд фæйнæджы хъыхъхъаг тæф, цъæх æвзартæ æмæ, хус кæнын чи райдыдта, уыцы зæххы смаг. Хур скасти, æмæ æрдз æнæуынæрæй йæ мидбылты худти. Адæймаг дæр-иу афтæ куы уаид!

— Тæхæм? — загъта Ольгæ. Æмæ разæй атахт.

Юрий йæ фæдыл фæцагайдта.

— Аив нæу, Уæлинка! — сдзырдта йæ фæдыл уый тæхгæ-тæхын.

— Ома, дам, ахуыргæнæг дæн?.. Æмæ сылгоймаджы фæстæ сæуæмцъæхæй куыд ныббындз уон?! — Ольгæ афтæ хъæрæй ныххудт, æмæ йæ бон тæхын нал уыд. Йæ сæр фæстæмæ аппæрста æмæ худæгæй бакъæцæл.

Юрий йæ фарсмæ лæууыд æмæ йæ мидбылты худти. Ацы сæумæрайсомы хуызæн йæ худт сатæг, æнæниз æмæ сыгъдæг кæй уыди, ууыл зæрдиагæй цин кодта. — Ольгæ, ацы рæсугъд райсомы хуызæн мæм кæсыс, — загъта уый.

— Мæ зæрдиаг, — узæлгæйæ сдзырдта Ольгæ æмæ йын йæ сæр æмæ йæ рус йæ фæлмæн хъарм армытъæпæнæй æрсæрфта. — Мæхи зондджын, мæхи гыццыл лæппу...

Юрийы уыцы зæрдиаг, уарзон ныхæстæ æнæнхъæлæджы басыгътой æмæ, йæ «гыццыл лæппу» кæй схуындæуыд, уый тыххæй æппындæр нæ фæхæрам.

Доны былмæ æрбацыдысты. Юрийы пинджак йæ бынаты разынд.

— Дæхи найыс? — ныххудынмæ та цæттæ уыд, афтæмæй Юримæ бакæсгæйæ, бафарста Ольгæ.

— Найæн хæлаф нæ рахастон, — загъта Юрий.

Ольгæ та ныххудт: абон æм худын мæлæты тынг цыд.

— Юрæ, цал азы дыл цæуы? — бафарста Оля, йæ дзаумæттæ ласгæйæ.

— Цы дзы кæныс? — йæ æрдæггом буар ын ауынгæйæ Юрий фæсырх, фæлæ æппæт тыхтæй дæр архайдта, цæмæй йæ чызг ма бамбара.

— Цы дзы кæныс?

— Афтæ æнæуи. Зæгъ-ма йæ.

— Æхсæз æмæ ссæдз. — Йæ азтыл ма афæдз æмæ æрдæг бафтыдта.

— Мæныл та — фараст æмæ ссæдз. — Ольгæ йæ къаба дуртыл баппæрста, æмраст слæууыд, стæй иучысыл фесхъæл, йæ къухтæ фæйнæрдæм айвæзта. — Фараст æмæ ссæдз, дæс æмæ ссæдз, фынддæс æмæ ссæдз, дыууиссæдзы æмæ ууыл сылгоймаджы цард фæцис. Йæ уарзондзинады кæрон ралæууыд.

— Гæды ныхæстæ, — загъта Юрий, йæхæдæг та хъуыды кодта, йæ дзаумæттæ ласа æви ма ласа, ууыл. Нæ сæ ласын, зæгъгæ, уыцы хъуыдымæ æрцыд.

Ольгæ доны был алæууыд, стæй уырдæм кæсгæйæ, сæрбынмæ ныцъцъыввытт ласта... Фæстæмæ скаст, хъæрæй сулæфыд æмæ иу къухæй змæлгæйæ, фаллаг фарсмæ баленк кодта. Уырдыгæй йæ хъæр райхъуыст:

— Куыд хорз у, уый зоныс? Уазал мын мæ буар басыгъта.

Юрий æмбæрста, йæ дзаумæттæ ласын æй кæй нæ хъæуы, уый — мæлæты диссаджы гуырыконд ын куы нæ ис, фæлæ йæм, сылгоймаг йæхи куы найы, уыцы рæстæг доны был æдылыйы хуызæн бадын дæр бынтон аив нæ каст. Цалынмæ йæм Ольгæ дæрддзæф уыд, уæдмæ тагъд-тагъд йæ дзаумæттæ феппæрста æмæ уый дæр ихджын доны аныгъуылд. Æцæгæйдæр уазал буар сыгъта.

Ардæм раленк кæн!

Юрий фæцæйленк кодта, фæлæ фæстæмæ раздæхт. «Уæд та ма мæ къахы нуæрттæ фелхынцъ сты», — фæтарст Юрий.

... Хъарм дуртыл æрхуыссыдысты. Юрий-иу иуæй-иу хатт æнæнхъæлæджы Ольгæмæ бакаст. Йæ æхсырхуыз, лæгъз, фидар буарыл ма доны лыстæг урс æртæхтæ хъазыдысты æмæ хуры тынтæм цæппузыртау æрттывтой.

«Ахæм ныронг никуыма федтон», — басаст йæхицæн Юрий.

«Петр куы ’рцæуа, уæд хъуыддаг æнæ фыдбылызæй нæ ахицæн уыдзæн, — хъуыдытæ кодта уыцы рæстæг Ольгæ. — Искæй нæ амардзæн: кæнæ мæн, кæнæ — уый».

— Юрæ, æз чындзыцыд дæн, уый зоныс? — загъта æцæгхуызæй Ольгæ. Æмæ Юрий цы зæгъдзæн, уымæ æнхъæлмæ каст. Йæ армытъæпæнæй хураууон куыд дардта, афтæмæй баззад.

— Æмæ цы? — бафарста Юрий. — Афтæ никуы вæййы?..

— Вæййы, — сразы Ольгæ. — Институт фæуынмæ мын баххуыс кæндзынæ. — Ольгæ йæ армытъæпæн йæ ныхæй æриста æмæ йæ рæмбыныкъæдзыл рабадт. — Иууылдæр мæ ферох сты.

— Ногæй сæ æрымысдзыстæм! Уый дæр æххуысыл нымайыс!

— Тыххæй-фыдæй мæхи бон дæр у, фæлæ мæ афтæ нæ фæнды. Хъуамæ йæ хорз фæуон. Тынг хорз! Зæгъæн куыд нæй, афтæ! Хъуамæ мæм уа хъæздыг библиотекæ стæммæ чингуытимæ. Уаты æвæрд уа дыууæ стъолы...

Æхсæвыгон. Иу стъолы уæлхъус баддзынæ ды, иннæйы уæлхъус та — æз. Уыдзæн æрдæгталынг. Судздзысты æрмæстдæр стъолыл æвæргæ цырæгътæ. Æндæр ницы. Дыууæ стъолы, дыууæ бандоны, дыууæ сынтæджы... Нæ-а, дыууæ сынтæджы бæсты иу фæтæн сынтæг, бæмбæджджын хæцъилæй æмбæрзт. Базы цъæртæ — джиппæйфыст хъуымацæй, дидинджытæ нывгонд сыл... Дунейы ахуыргæндтæй æппæты фылдæр кæй уарзыс?

— Коперничы, — фыццагдæр йæ дзыхы цы мыггаг абадт, уый сдзырдта Юрий. Уыцы фарста йæ размæ никуыма æрлæууыд: Майрæм йæ хæдзары, фылдæр дзы кæй уарзы.

— Æз та — Циолковскийы. Калугæйы йын йæ хæдзар федтон... Уый, æвæдза, æгæр диссаг у. Цæргæ-цæрæнбонты дæ мачи нымайæд. Стæй йæ, æппынфæстаг, куы ницуал хъуыд, уæд ыл иууылдæр сæ цæст æрæвæрдтой... Ы?

— Уыдон сæхиуыл нæ ауæрстой, стæй сæ сæхи мæт дæр нæ уыди, — йемæ сразы Юрий. Уый дæр Ольгæйы æнкъарæнты уацары бахауынмæ бирæ нал хъуыд. Ольгæмæ ахæм миниуæг уыд. — Уый сыгъдæг уæрæсейаг фæзынд у.

— Дæуæн уый загъдæуа! Стæй-ма хъуамæ нæ хæдзары уа æрмадз.

— Цавæр æрмадз?

— Столярон æмæ зырнæйзилæн. Тынг бирæ алыхуызон кусæндзаумæттимæ. Стъолтæ нæхæдæг сараздзыстæм... — Ольгæ йæ сæр батылдта, йæ ныхыл цы доны æртах æрцæйзгъордта, уый иуварс фехсыны тыххæй. Юримæ афтæ æдзынæг ныккаст, æмæ лæппу куыддæр фæци. Ольгæ та уæлгоммæ æрхуыссыд æмæ йæм цæмæй хур ма кæса, уый тыххæй йæ армытъæпæнæй йæ цæстытæ бамбæрзта. Æмæ ныхъхъус.

... Ивлев Петр цыппар боны бафæстиат. Уыцы цыппар боны дæргъы-иу Ольгæ сæхицæй изæрыгон ацыд æмæ-иу фæстæмæ фæсахсæвæрты æрбаздæхт.

Фонякины зæрдæ цæмæдæр фехсайдта. Йæ усимæ аныхас кæныныл ацархайдта, фæлæ йæм уый йæ хъус не ’рдардта.

— Клубы вæййы, æндæр ма кæм хъуамæ уа!

— Алы изæр дæр?

— Æмæ уым диссагæй цы ис? Зæронд ус дын у æви цы?

— Лæг ын ис æмæ йæ диссаг уый у! — рамæсты Фонякин. — Дæ лæг дæ хæдзары нæй, уæд уынгты цъылын цы фестадтæ!

Усы былтæ æнæрвæссон зылын фесты:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.