Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДАРД КÆМДÆР 5 страница



— Æгас цæут, æгас, — загъта æмыр хъæлæсæй Фонякин æмæ йæ чызджы æнарæхст хъæбыс æрбакодта. Ивлевмæ йæ къух ратта. Уый дæр æй нырма ныр базыдта. — А-а!.. Уый дын гъе! Хъуыддæгтæ куыд рауадысты, уымæ кæсыс? Æгас цу, æгас. Цомут.

Петр чумæдантæ хаста æмæ иуварсырдыгæй Ольгæмæ каст. Ольгæ æрсабыр, нал худти. Петрæн та цæмæйдæр йæ зæрдæ схъæлдзæг.

«Цæуыл хъуамæ æнкъард уон?» — ахъуыды кодта йæхинымæр.

Крутоярскимæ сахатæй чысыл фылдæрмæ бахæццæ сты. Фæндагыл кæрæдзи цæмæйдæрты афарстой.

— Куыд æрцыдыстут? — загъта Фонякин.

— Куыд «куыд»? Цæуыл æрцыдыстæм, уымæй нæ фæрсыс? — Нæ йæ бамбæрста Ольгæ. — Поезды.

— Нæ-а, бынтондæр æви уазæгуаты?

Ольгæ, йæ лæгмæ бакæсгæйæ, фидарæй загъта:

— Бынтондæр.

Фонякинæн уыцы дзуапп фехъусын æхсызгон кæй уыд, уый йæ цæсгомыл фæбæрæг. Уый разæй бадти, ныхас кодта, фæстæмæ нæ кæсгæйæ.

— Гъемæ тынг хорз у, — загъта сындæггай уый.

— Мамæ дзæбæх у?

— Ницы йын у.

— Ды та?.. Цыдæр къæсхуыр дæ. Ницы хъыгдарæг дæ ис?

— Куыст — къубалмæ, — ныхас æндæрдырдæм аздахгæйæ, загъта Фонякин. — Ныртæккæ совхозы директор дæн.

Фонякины шофыр фондз æмæ ссæдз-æхсæз æмæ ссæдзаздзыд мызыхъхъарæзт лæппу Ольгæмæ куыд тынг цымыдисæй каст, уый Петр бафиппайдта. Ольгæимæ сæ цæстæнгастæ иу дыууæ хатты фемдзаст сты æмæ-иу чызг йæхицæн бахудт.

«Адæймагмæ афтæ куы фæкæсынц, уæд ын цы тынг æхсызгон вæййы», — йæхинымæр мæстыхуызæй ахъуыды кодта Петр.

... Изæрæй Фонякинтæм æрбацыд бирæ уазджытæ.

Ивлев хъæууон адæмыл ахуыр нал уыд. Уæвгæ ахæм хъæууон адæмыл ахуыр дæр никуы уыд: совхозы парторг, хъомты дохтыр, скъолайы директор, райкомы дыккаг секретарь... Иууылдæр сæ устытимæ. Фонякинты хæстæджытæй дæр дзы чидæртæ уыди. Æдæппæт иу-ссæдз адæймаджы бæрц. Петр сæм цымыдисæй каст, стæй йын йæхиуыл дæр сæ цæст æрæвæрдтой.

Бадт бынтон хъæлдзæг нæ уыди. Нæлгоймæгтæ дзырдтой, тагъд цы партион конференци уыдзæн, уый тыххæй, сæ иумæйаг зонгæтыл, командировкæтыл. Сылгоймæгтæ змæлыдысты къæбицы. Ивлев Фонякинты хуызистыты альбоммæ каст. Иу хатт æй фæлдæхт фæци, тамако сдымдта æмæ та йæ дыккаг хатт райдыдта. Ольгæ уæттæй иуы (сæ хæдзары уыди цыппар уаты) йæхи дзæбæх кодта.

Фынг фæхъæлдзæгдæр. Анызтой. Фонякин дæр банызта, кæд æй йæ ус æруромынмæ хъавыд, уæддæр.

— Цытæ дзурыс? — загъта Фонякин. — Абон æмбæлы.

Петр бирæ банызта. Уый йе стæвдтæ, æрыгон уæвыныл архайæг усы мады зæрдæмæ нæ фæцыд. Нызта, фæлæ йыл никуыцæй зынди. Адæм йæ зæрдæмæ фæцыдысты, æрмæст, семæ цæуыл дзырдтаид, уый нæ зыдта. Уæддæр хъæлдзæг уæвыныл архайдта, чи-иу æм сдзырдта, уыимæ-иу сразы.

Ольгæ хъæлдзæг уыд. Ивлев æм дзæбæх куы бакаст, уæд бамбæрста, йæхи йæ ныййарджыты тыххæй барæй афтæ кæй дары.

Патефон сифтыгътой æмæ кафын райдыдтой.

Фонякин æмæ Ивлев сыхаг уатмæ ацыдысты, аивæй семæ иу сæны авг дæр айстой.

— Аныхас кæнæм, — загъта Фонякин. — Мæнæ ацы ран цæрдзыстут. Дæ зæрдæмæ цæуы?

Петр уатыл йæ цæст ахаста.

— Хорз у. Уæдæ ма хуыздæр цы вæййы?!

— Нырма уал... Стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Сбад.

Сдымдтой. Æнæдзургæйæ фæйнæ банызтой.

— Ныронг цы архайдтай?

— Куыстон.

— Столярæй?

— О.

— Йæхæдæг дæ ссардта?

— Йæхæдæг.

— Æмæ куыд у? Ныр та дæм цы фæнд и? — Фонякин æй йæ чызгæй фарста.

— Дыууæ ныхасæй дзургæйæ, мæнмæ гæсгæ, хъуыддаг хуыздæр у... Æваст нæ рауайдзæн... Нæ зонын, фæлæ цыма раст зондыл ныллæууыд. Æз ыл æууæндын. Ахуыр кæнын æй фæнды.

— Ам дæр столяры куыстмæ бацæуынмæ хъавыс?

— Уæдæ дзы æндæр цы и?

Фонякин та агуывзæты сæн рауагъта. Дуармæ акаст.

— Ам нæ не ’рбаййафдзысты?

— Нуазæн дын нæй?

— Куыд дын æй зæгъон... Цæй.

Сæ нуазæнтæ анызтой.

— Ы-ы, æмæ кæцы ран кусынмæ хъавыс?

— МТС-ы.

— РТС-ы. Ныр емтыестæ нал ис.

— Омæ РТС дæр фæуæд. Цы уæлдай у?

Иучысыл æдзæмæй алæууыдысты.

— Кæй æрцыдыстут, уый мын æхсызгон у, — загъта Фонякин. — Æвæццæгæн, фæзæронд дæн... Цыдæр фыдфынтæ уыдтон.

— Иунæг уын уыди?

— Ницы дын радзырдта?

— Нæ.

— Нæ лæппу фæмард... Курскы бынмæ. Николай йæ ном. Цу-ма Ольгæмæ фæдзур... Уадз æмæ азара. Йæ зардмæ байхъусын мæ фæнды.

Ольгæ уатмæ æрбацыд æмæ фæрсæгау йæ фыдмæ бакаст.

— Сбад, мæ хъæбул. Рагæй дæ нал федтон... — Фонякины хъæлæс цыдæр курæгау хъуыст, стæй йæхæдæг æнæхъæнæй дæр йе стыртæарæзт, рæсугъд чызджы цур цыдæр æнæбон зынд.

«Мах дыууæйæ дæр йæ цуры цыдæр лыстæг стæм, — йæхицæн басаст Петр. — Æмæ цы кæнæм, уымæн ницы зонæм. Ахæм ма дзы адæймаг уа!»

— Азарон?

— Азар. Ныртæккæ гитарæ æрбахæсдзынæн. — Фонякин сыстад æмæ уатæй рацыд.

— Дæ фыд йæ къамтæ æрæвæрдта, — загъта Петр.

Ольгæ йæ къухтæ йæ дæлæрмтты тъыстæй сагъæсхуызæй талынг рудзынгæй æддæмæ каст. Петрæн ницы дзуапп ратта.

— Де ’фсымæры-ма мын равдис, — загъта Петр.

Ольгæ йын цæстæй фестырдæргонд къаммæ ацамыдта. Къулыл уыдис æрыгон, тымбылдзæсгом, Ольгæйы цæрмыстыгъд чи бакодта, ахæм лæппуйы хуызист. Йæ цæстæнгас — комкоммæ, фидар, æргом. Петр æм кæсынтыл фæцис.

«Уый йæм дзы бæргæ æрлæвæрдтаид», — ахъуыды кодта Петр.

Фонякин гитарæ æрбахаста, йæ хъистыл ын йæ æнгуылдзтæ æнарæхст уагъд æркодта æмæ йæ йæ чызгмæ балæвæрдта.

— Дæхи гитарæ у. Зоныс ма йæ?

— Цæуылнæ. — Ольгæ гитарæ райста, бандоныл æрбадт, йæ иу къах иннæуыл баппæрста. Йæ уынгæг юбкæ, чысыл ма бахъæуа, ма ныпъпъæртт ласа.

— Цы уæ зæрдæ зæгъы? — йæ фыд æмæ йæ лæгмæ худызмæлæй бакæсгæйæ, загъта Ольгæ. Афтæ-иу куы бахудт, уæд-иу йæ ирд, тæргайхуыз дзыхы сæрмæ дзæбæх разындысты йæ сау рихитæ.

— Цыфæнды дæр уæд, — загъта Фонякин.

Петр ын йæ хъæлæс нымадæй дыууæ хатты фехъуыста æмæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыд.

Ольгæ гитарæ сарæзта æмæ цæгъдын райдайыны агъоммæ ахъуыды кодта. Йæ фыд æмæ йæ лæгмæ бакаст... Æмæ сындæггай базарыд:

 

Лæууы ма мæ зæрдыл

Кæддæр бонты аргъау,

Куыд равзæрди артмæ гæлæбуйы уарзт,

Фæцæй-иу æм тахти йæ базыртыл маргъау,

Фæлæ-иу æй зынгтæ нæ уагътой æввахс.

 

Зарæджы фыццаг мыртæ айхъусгæйæ, Петры зæрдæйы цыдæр рæсугъд æнкъарæнтæ райгуырд, уат дæр фæрайдзастдæр. Ольгæ зарыд ныллæг сытъдæг хъæлæсæй, сæрибарæй, цыма йæ нæ фæндыд, уый хуызæн. Фæлæ зарæг цыд зæрдæйæ æмæ зæрдæмæ дæр уымæн хъардта!.. Æрдæгрох, дард æвзонгдзинады æнкъарæн — адæймагмæ цæмæдæр гæсгæ кæуын куы фæцæуы, ахæм диссаджы æнкъарæн зæрдыл æрлæууыд.

Гитарæйы цагъд адæймаджы хъуыдытыл æфтыдта.

 

Уæд иу изæр рудзынгыл батахти рухсмæ,

Фæмидæг и цæхæры сонтау æмраст,

Йæ рис дæр дзы айрох, гормойнаг, æнусмæ

Фæцыдæр, хъæмпыхалау атад æваст.

Мæ уарзондзинад дæр у рагбонты аргъау...

 

Петр йæ усы фыдмæ бакаст. Уый хъуынтъызæй стъолы уæлхъус бадт æмæ æнкъардæй йæ акомкоммæ каст. Йæ зарджыты тыххæй йæ чызгæн бирæ цыдæртæ барста. Уарзта йæ, йæ хъысмæтыл ын тынг тыхсти.

Ольгæ зарæг кæронмæ акодта, йæ дынджыр урс армытъæпæн хъистыл æрæвæрдта æмæ йæ мидбылты худгæйæ сæ дыууæмæ дæр бакаст.

— Уæ фындзтæ цы ’руагътат?

Фонякин æрчъицыдта, йæ сæр хæрдмæ фелвæста.

— Афтæ æнæуи.

— Уый бæсты ма æртæйæ иумæ азарæм, — фæндон бахаста Ольгæ.

— Уымæй ницы рауайдзæн! — йæ хъуыды нæ фæцыд Петры зæрдæмæ. Фонякин дæр загъта:

— Цæмæн? Дæхæдæг ма ноджыдæр азар.

 

Æз мæ ивгъуыдмæ нал бæллын абон,

 

— ныззарыд Ольгæ æмæ та Ивлев æрхæндæгдзинад æмæ хъынцъымы уацары бахауд. Ноджы æрхæндæгдзинад дæр цыдæр æнахуыр уыд, лæг уыциу рæстæг æнкъард дæр куы вæййы, кæуын дæр æм куы фæцæуы, фæлæ йæм кæугæ-кæуын худын дæр æмæ уарзын дæр уыцы иумæ куы фæцæуы, ахæм æрхæндæгдзинад. Ахæм заман адæймаджы фæфæнды барон уæвын, искæмæн тæригъæд кæнын. Йæ зæрды вæййы афтæ зæгъын: «Мæ зынаргъ, мæ уарзон адæм, æппындæр мацæуыл тыхсут. Хъуыддæгтæ иууылдæр хорз куы сты».

«Мæн дæ æви нæ дæ? Ды дæ зарджытимæ иууылдæр мæн куы уаис, уæд мæ ацы зæххыл æндæр бæргæ ницы хъæуы», — хъуыдытæ кодта Петр...

Ольгæ зард фæци.

Иуцасдæр æртæйæ дæр хъусæй бадтысты, зарæгмæ сæм цы æнкъарæнтæ сæвзæрд, уыдон фæдыл адзæгъæл сты. Зарджытæ сæ цы æбæрæг, тæссонд æнæкæрон хæлар æмæ æнкъард дунемæ ахуыдтой, уырдыгæй раздæхын сæм æвгъау каст.

Уатмæ æрбацыд скъолайы директор, ныллæггомау уæнгуагъд фыдцъылыз адæймаг, бостон костюмы, æмæ хъæрæй загъта.

— Мæнæ кæм бамбæхстысты! Ольгæ Павелы чызг, æнæ дæу хъуыддæгтæ нал цæуынц. Цомут кафынмæ. — Петрмæ фæрсæгау бакаст.

— Æз нæ кафын, — загъта уый.

Ольгæ гитарæ стъолыл æрæвæрдта æмæ йæ бадæнæй фестад. Петр ыл æдзухдæр дис кодта, стæвдтæ уæвгæйæ, йæ фезмæлд куыд рог у, зæгъгæ.

— Цомут.

Уыдон ацыдысты.

— Афтæтæ, — затъта Фонякин. Æмæ дзæвгар рæстæг ницуал сдзырдта.

Петр хъуыста патефонмæ, сыхаг уаты хъæлдзæг ныхас æмæ худтмæ. Йæ ног цард та райдыдта.

— Уæдæ столяры куыст, нæ? — æнæнхъæлæджы бафарста Фонякин.

— Æмæ цы?

— Афтæ æнæуи. Ахуыр... дæ зæрды нал и? Цал къласы дæм ис?

— Фондз.

— Д-а. Бирæ не сты. Фæлæ дыл азтæ дæр уый бæрц нæма цæуы.

«Цымæ йæ уыдæттæ цæмæн хъæуынц?» — йæхинымæр стыхст Петр.

— Цы кæныс? — бафарста та йæ Петр.

— Ницы... Ныртæккæ рæстæг ахæм у, æмæ адæм иууылдæр ахуыры фæндагыл лæуд сты. Махмæ хорз изæрон скъола ис. Техникум уæддæр... Цард даргъ у.

— Фендзыстæм, Павел Николайы фырт.

... Дарддæр цард рауадис афтæ.

РТС-ы Петрæн столяры куыст нæ разынд. Хуымæтæджы лыстæг куыстытыл хъæуы æххæстысты зæрæдтæ — пенсиисджытæ. Стæй ахæм митæ кæнын йæ сæрмæ дæр нæ хаста. Уыйхыгъд æй фосдоны арæзтады пълотникты бригадмæ иттæг зæрдиагæй айстой.

Ольгæ чингуытæй йæ сæр уæлæмæ нал иста.

Петр-иу райсомæй раджы хъавгæ йæ сынтæгæй сыстад, кæрты-иу хихсæны йæхи ныхсадта, йæ дзаумæттæ-иу скодта, цæлгæнæны-иу уырыдзыджын æнад гуылтæ бахордта, цæмæдæр гæсгæ сæ йæ усы мад арæх æмæ бирæ фыхта, æмæ-иу æхсыр банызта... Фонякин-иу сæхимæ куы уыд, уæд-иу сенæйы телефонæй искæимæ загъд систаид. Искуы иу хатт-иу уырыдзыджынтæ иумæ дæр хордтой.

Уыцы рæстæг ма-иу йæ усы мад æмæ Ольгæ хуысгæ кодтой.

— Куыд сты хабæрттæ? — бафарста-иу æй Фонякин.

— Ницы сын у. Дæхиуæттæ та?

— Уыдонæн дæр ницы у.

Æмæ-иу дзы алчидæр сагъæсты ацыд.

Фæсаходæн-иу Петр уынгмæ рацыд, дуармæ-иу бандоныл сбадт æмæ-иу тамако сдымдта. (Арæзтад хъæуæй фондз километры дарддæр уыд æмæ кусджыты уырдæм æмæ фæстæмæ машинæты ластой). Автобусмæ-иу æй цы сахаты æрдæг æнхъæлмæ кæсын хъуыд, уый нымадта боны тæккæ хуыздæр афоныл. Хур-иу хохы фæсте йæ был нæма сдардта, фæлæ-иу дзæбæх æрбарухс æмæ-иу æнæхъæн хъæу дæр базмæлыд. Хъомты рæгъауæн-иу рыг сæ сæрмæ сбадт. Рæгъау-иу сæ цуры гыццыл уыд. Хъæуы кæрон-иу сыстыр. Кулдуæртты уынæр-иу хъуысти, æгæр чи ахуыссыд, уыцы сылгоймæгтæ-иу сæ хъомты сæ разæй тагъдгомау скъæрдтой, хъомгæсы куынæуал аййафой, уымæй тæрсгæйæ.

— Зайгæ кæныс æви, размæ дын къахдзæф куынæуал æнтысы?!. — хæцынц сæ хъуццытæм. Цыма сын уыдоны аххос у. Фондз минуты раздæр сæ хъарм хуыссæнæй куы фестадаиккой, уæд сæ ныр дугъы уайын нæ хъуыдаид.

Уынгты-иу бæхуæрдон æрызгъордтаид. Лæг-иу, чи афæстиат, ахæм усыл ныхъхъæр кодтаид, фæлæ-иу дзы ус дæр хъæстагæй нæ баззадаид. Худын-иу сыл бахæцыд. Хъæлæстæ цыдæр фæсус уыдысты — хуыссæгхъæлдзæг, хъарм. Адæм æххæст нæма райхъал сты. Адæймагмæ-иу дуне уæрæхдæр каст, рухсдæр, кæдæмфæнды дæр-иу акæс, æмæ дæ алыварс уыцы сыгъдæг æмæ райдзаст уыд. Адæймаджы-иу æрфæндыд фæндаджы иннæ фарсмæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кæнын:

— Дæ райсом хорз, мæ сыхаг!

— Салам! Де ’хсæв куыд арвыстай?

— Ницы йын уыд! Мæ ус мæ куы нæ райхъал кодтаид, уæд ма афонмæ дæр хъæлдзæг фынтæ уыдтаин. Хъуджы уасынмæ лæджы хуыссæг тынг ахсы.

Уырдыгæй чысыл дарддæр иннæ дыууæ сыхаджы кауы сæрты кæрæдзимæ дзурынц.

— Изæры цы кусдзынæ?

— Цы кæныс? Бæлвырд куыст мын ницы ис.

— Уæд та сакъадахмæ цуаны ауаиккам? Иучысыл рындзыл абадæм.

— Æвзæр бæргæ нæ уаид, фæлæ ницæмæй рæвдз дæн. Косой Семкæйæн бæргæ загътон, горæтæй мæнæн дæр иу килæ æрхæсс, зæгъгæ. Æмæ куыдзы хъыбылæй ферох!

— Мæнмæ ма иучысыл ис. Æз дын ратдзынæн.

— Йемæ хорз. А дыууæ боны мæхæдæг цæуын æмæ балхæндзынæн. Нæмгуытæ мæхæдæг æрцæттæ кæндзынæн...

— Нæмгуытæ мæнмæ ис. Раст зæгъгæйæ, уыдон дæр дуканийы æлхæд не сты...

— Нæмыгыл ма тыхс. Æз лæппуйæн зæгъдзынæн, æмæ зды къæйыл стайын кæндзæн.

— Йемæ ацæудзыстæм. — Дарддæр йæ ныхас æрмынæг. — Иу литры аргъ мемæ айсон?.. — Дыууæ ахуыргæнæджы кæм цæрынц, уыцы хæдзармæ йæ сæрæй ацамонгæйæ сдзырдта лæг. — Иу-æхсæз нæ къухы бафтдзæн?

— Бафтдзæн, райс.

Изæры бæлæгъы сакъадахмæ цуаны ацæуыныл бадзырдтой. Иу дзы иннæмæн топпыхос ратдзæн. Сæ нæмгуытæ та уыдзысты хиконд. Æхца дзы иумæ дæр нæй. Цуаны фæстæ та сæм нуазын кæй æрцæудзæн, уымæ гæсгæ дзы иу ахуыргæнджытæй æхсæз сомы райсдзæн, цы бабызтæ амарой, уыдоны хыгъдмæ (иу авгæн дыууæ бабызы), дыууæ авджы уырыссаг арахъхъ балхæндзæн æмæ сæ уæрмы бафснайдзæн. Талынджы фæстæмæ æрбаздæхдзысты, уынджы арт бандзардзысты, бабызты ныттондзысты, сæ хуылфы дзаумæттæ сын ракалдзысты æмæ сæ æнæхъæнæй суанцъыйы сæр цугуны сæвæрдзысты. Уый фæстæ ма дзæвгар рæстæг уынджы кæлдзæн фых дзидзайы тæф. Хæрзад æхсæвæры фæстæ дыууæ сыхаджы сæ зæрдæйы дзæбæхæн сæ минасæй æппæлдзысты.

— Нæ балц æвзæр нæ рауад, нæ?

— Ым.

— Иу мын дзы дзæгъæлы аирвæзт. Мæ тæккæ сæрмæ йæ бипп фæцыд. Талынг мæ бахъыгдардта.

— Хорз уыди, фаг сын фестæм.

Суанцъыйы бын, æрхуыссынмæ чи хъавы, уыцы арты гыццыл æвзæгтæ хъавгæйæ сыстыныл архайынц, фæлæ сын ницы æнтысы, кæд ма талынгæй дыууæ æндæрджы ратонын бафæразынц, уæддæр. Уынгæй æрбайхъуысы, сæ зард кæрæдзиуыл бынтон тынг кæмæн нæ бады, ахæм хъæлæстæ:

 

Цæуыл кæуыс, хорз чызг?

Цæуыл кæуыс, хорз чы-ызг!

Цæуыл кæуыс, хорз чы-ыз-ызг?..

 

Йæ хæлæгдзинад бамбæхсын чи нæ бафæразы, ахæм нæлгоймаджы хъæлæс сæм уынджы иннæ фарсæй æрбадзуры:

— Уый фæстæ-иу арт ахуыссын кæнут, хорз чызджы хицæуттæ.

«Хорз чызджытæ» куы нæ банцайынц, уæд сæ устытæ рацæуынц.

— Ныртæккæ-ма уæ хæдзæрттæм ахъуытты ут!

... Куысты фыццаг рæстæг Ивлевмæ иууылдæр куыддæр цæстæй кастысты, стæй уымæн æфсон дæр уыди. — директоры сиахсмæ æндæр цæстæй куыд хъуамæ ракастаиккой! Фæлæ уый фæстæ алцы дæр йæ гаччы сбадт. Петрæн кусын амонын нæ хъуыд, искæй фæстæ æмбæхсын ахуыр нæ уыд, хæрам зæрдæ никæмæ дардта, ахæм хъуыддæгтæ та адæм тагъд раиртасынц.

Ольгæ-иу йæ къæхтæ диванмæ систа æмæ бон-сауизæрмæ чингуытæ каст. Йæ лæджы æрбацыдыл-иу «уазалæй сæмбæлд» зæгъын раст нæ уыд, фæлæ-иу бынтон цин дæр нæ бакодта. Йæ сæр-иу чиныгæй атыдта, йæ хъуыдытæ-иу дард кæмдæр уыдысты.

— Пецы дын тебæйы картофы жаркой, цæлгæнæны — джитъритæ, къабуска, скъаппы та — дзул.

Ивлевы ахæм уавæр сагъæсы не ’фтыдта.

«Мур дæр ын нæу, — дзырдта йæхицæн. — Æрмæст та æрхæндæджы ма ныххауæд».

Йæхæдæг арæхæй-арæхдæр хъуыды кæнын райдыдта йæ усыфыды ныхæстыл: ахуырмæ йæ зæрдæ ахсайдта. Цард йæ гаччы бадын райдыдта, зæрдæмæ, афтæ тынг кæмæ бæллыд, уыцы æнцойдзинад æрбацыд. Изæрыгæтты-иу Ольгæйы чингуытæ фæлдæхта æмæ йæ фæндыди афтæ йæ усы фарсмæ бадын æмæ кæйдæр миддунемæ бынтон хæстæг æрбалæууын.

Æхсæвыгон-иу талынджы ныллæг хъæлæсæй ныхас кодтой.

— Дæ фыд мын куыд зæгъы, уый зоныс? Ахуыры фæндагыл, дам, æрлæуу. Куыд дæм кæсы? Æз иугæр цæмæ фæкомкоммæ уон, уый...

— Тынг раст дын зæгъы. Уымæ, æвæццæгæн, æндæр хъуыды ис... йæхи... Мæхи бар ма дæ бауадз. Диссаг у, æвæдза, Петя! Цыма цыдтæн, цыдтæн æмæ æппынфæстаг денджызмæ бахæццæ дæн. Бынтон æнæнхъæлæджы. Мæ сæрæн ницуал хос зонын, уыцы æнæкæрон стыр тыгъдадæн цы кæнон, уымæн!.. — Æмæ ма-иу мæстыхуызæй бафтыдта: — Афтæмæй мыл тагъд дæс æмæ ссæдз азы сæххæст уыдзæн.

— Хъуыды дæр æй ма кæн. Адæм...

— Æз уый тыххæй нæ зæгъын. Тæригъæд мæм кæсы.

— Чи?

— Ничи. Дæуæн тæригъæд кæнын, кæй мæ не ’мбарыс, уый тыххæй.

— Æмбарын дæ, цæуылнæ дæ ’мбарын. Æрмæст иу хъуыддагыл мæ зæрдæ риссы: бирæ рæстæг дзæгъæлы фесæфтай.

— Бафынæй у. Æри-ма дæ къух... Нæ зонын: мыййаг, денджызæй куы фæтæрсон, æгæр дынджыр кæй у, уымæй.

— Ма тæрс. Хорз хъуыддаг дæ зæрды ис æмæ дызæрдыгдзинад иуварс фехс. Æз дæр демæ дæн: дыууæйæ хæйрæджы сыкъатæ дæр сыздухдзыстæм. Æз цыппæрдигъон лæппу дæн. Мæ сæры цы зонд фæзына, уый...

— Дæхицæй ма ’ппæл. Ахуыр та æнæмæнг байдайдзынæ. Уыцы хъуыды мæнмæ æнæ мæ фыдæй æрцыд. Цы хорз хиды тæф дæ кæлы — нæзыæмхæццæ. Бафынæй у.

Петр-иу амондджынæй схуыссыд. Афтæ-иу куы бафынæй, уæд-иу хатгай Ольгæ йæхицæн фидарæй мæстджынæй загъта:

— Мæ фæндтæй ницы рауайдзæн.

... Петр Крутоярскимæ куы ’рцыд, уæд йæ мадыхомæ писмо арвыста ног адрисимæ. Писмойы йын, хорз цæрын, зæгъгæ, раппæлыд. Æмæ дын йæ мадыхойы лæгæй æнæнхъæлæджы тел куы райсид: «Дæ мадыхо мæнæ-мæнæ кæны. Тагъд фæзын».

Петр уыцы бон йæ райгуырæн бæстæмæ ацыд.

Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ Петр цы бон ацыд, уыцы бон хъæумæ æрластой хорз кино. Уый Ольгæ фехъуыста æмæ изæрæй киномæ ацыд. Уымæй размæ уынджы иу-дыууæ хатты кæй федта, иу ахæм лæппуйы фарсмæ бадт фæци. Географи æмæ историйы ахуыргæнæгæй куыста, уый зыдта. Кæцæйдæр Ленинградæй уыд, зæгъгæ, уый дæр йæ хъустыл æрцыд. Къæсхуыртæ, рæстæмбис ас, фæлурс, дзæбæх арæзт. Ольгæйы зæрдыл цæмæдæр гæсгæ æрбалæууыд: «Цымæ Степан Разины тыххæй куыд фæдзуры! „Зынаргъ сывæллæттæ, Степан Тимофейы фырт уыди хъаруджын æмæ тынг лæджыхъæдджын...?“»

— Æгас цу, — уæзданæй загъта лæппу Ольгæйæн, йæ фарсмæ куы ’рбадт, уæд.

Ольгæ дæр ын загъта:

— Дæ салам бирæ.

Æндæр ницы. Кинойы райдайынмæ сæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыд. Ольгæйæн цыма æнæнхъæлæджы рауад, афтæмæй йæм иу-дыууæ касты бакодта: уый бандоныл йæхи ауагъта æмæ фæразонæй æнхъæлмæ каст.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.