Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ИНÆЛАР МАЛАФЕЙКИН



ИНÆЛАР МАЛАФЕЙКИН

Толстых Мишкæ, æвдæм арæзтадон-монтажгæнæн управленийы пълотник, ныллæджытæ, тыппыррус даргъкъухджын адæймаг, фæсбайкалаг, æрбацæйздæхт мæскуыйаг уазæгуатæй сæхимæ. Йæ ленинградаг æфсымæрмæ уыди. Йе ’фсымæр æм æвзæр цæстæй ракаст, æваст ын зонд амонынмæ фæци, куыд цæрын хъæуы, ууыл ахуыр кæнынмæ йæм фæлæбурдта. Мишкæйæн уый фæхъыг, дзæбæх нынцъыхта, йæ усæн ын æвзæртæ фæдзырдта æмæ сæхимæ Мæскуымæ рафардæг.

Поездмæ иннæтæй раздæр æрбацыд. Купемæ бахызт, йæ чумæдан хæрдмæ сæппæрста æмæ проводницæйæ гобанæмбæрзæн æмæ хъæццул курынмæ фæци, фæлæ йын нæ ратта, куы араст уæм, уæд райсдзынæ, зæгъгæ. Мишкæ йæ батинкæтæ раласта æмæ уæллаг тæрхæгыл афтæ æнæуи йæхи гобаныл æруагъта. Æмæ бафынæй.

Райхъал æхсæвы. Йæ бынмæ талынджы сабыр ныхас кодтой дыууæ адæймаджы. Иуы хъæлæс дзы Мишкæмæ зонгæ фæкаст. Ныхас дæр фылдæр уыцы зонгæ хъæлæс кодта. Мишкæ сæм лæмбынæг ныхъхъуыста.

— Нæ, нæ, нæ, кой дæр æй ма скæн, — сындæггай дзырдта уый. — Дæуимæ сразы уæвын мæ бон нæу. Ахæм хабæрттæ мæм арæх вæййы: фæдзур уыцы цъаммармæ кабинетмæ æмæ йæ фæрсыс: «Дарддæр цы дæ зæрды ис?» Йæ дзыхæй сыпп дæр нал фæхауы. «Дарддæр, зæгъын, цы дæ зæрды ис?» Ницы дзуры. Æрмæст зына-нæзына йе уæхсчытæ базмæлынц. «Æви дарддæр дæр афтæ уыдзæн?» Сым дæр дзы нæ цæуы.

— Уымæ дæсны сты, сæхи ныхъхъус кæнынц, — загъта иннæ хъæлæс, асдæр, фæлладхуыз. — Уый сын амонын нæ хъæуы.

— Цытæ дзурыс! Раст цыма йæ дзыхы дон вæййы. «Дæумæ хъусын, — фæрсын æй, — афтæ бирæ лæудзыстæм?»

Мишкæйы зæрдыл æрбалæууыд, уыцы хъæлæс кæй хуызæн у, уый: Малафейкин Семен Иваны фырты йæ мæскуыйаг сыхаг, 37-æм хæдзарæй, мадзура ахорæг-шабашник, сахъат, пенсиисæг. Уыцы Семен Иваны фыртимæ Мишкæ иухатт æхца кусынмæ уыди: цавæрдæр стыр хицауæн йæ фатермæ зылдысты. Иу-дæс боны бæрц фæкуыстой æмæ уыцы рæстæджы дæргъы кæд Малафейкин дæс ныхасы загъта, уæд хорз. Суанг ма-иу кусынмæ æрбацæугæйæ дæр салам нæ лæвæрдта. Афтæ мадзурайæ цæмæн лæууыс, зæгъгæ, йæ куы бафарстам, уæд дзуапп ратта: «Сымахимæ дзæгъæл дзурынæй мæ зæрдæ риссы». Фæлæ ныртæккæ бынæй чи ис, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Малафейкин нæу... Афтæмæй сæ хъæлæс куыд диссаджы иухуызон у. Бынтон æнгæс.

— Æз дæ, цъаммар, Мæскуыйæ фæсурдзынæн! — бартхъирæн æм кæнын. — Куы мæ смæсты кæнай, уæд дæ æцæгæй фæсурдзынæн!» «Нæ хъæуы», — лæгъзтæмæ фæвæййы. «Ай дзурын дæр куы зоныс, дзурын!..»

— Афтæ дæр вæййы, æмæ дзы искæй Мæскуыйæ расурыс?

— Тынг стæммæ. Цъаммартæ сты, фæлæ сын адæймаг уæддæр тæригъæд кæны. Цы фæуыдзысты!..

— Цытæ дзурыс? Мах кусæджы тыххæй сæфтмæ куы цæуæм!

— Æмæ сымах семæ цы кусдзыстут? Арахъхъ уадздзыстут?

Бынæй дыууæйæ дæр хицаухуыз хъæлæсæй ныххудтысты.

— Ахæм хабæрттæ... Уыцы хæзнатæй мах дæр хъуаг не стæм. Сæ ныхмæ та цы мадзæлттæ аразут?

— Цы мадзæлттæ... Дзурæм сын. Куы нæ фæкоммæ кæсынц, уæд сыл милицæйы дæр бацардауæм. Хурхæй нæ марынц, уæллæй. Семæ бафæллайæм. Мæ дачæмæ ма тыххæйты баирвæзын. Пецы бандзарын, артмæ кæсынæй нал фефсæдын — уымæй хуыздæр мæм ницы кæсы. Уырдыгæй мæм цыдæр хæмхуттæ разынынц. «Ме скæнæг хуыцау, — хъуыды байдайын, — ам дæр мæ нал ныууадздзыстут?!»

— Цавæр хæмхуттæ? — нæ йæ бамбæрста иннæ, йæ фæллад æмныхасгæнæг. — Дæ цæстытыл исты фæуайы, æвæццæгæн?

— Уæдæ, бон-сауизæрмæ сæм лæг фæкæсы æмæ цæстытыл нывгондæй баззайынц. Æмæ та кæцыранфæнды дæр лæджы раз фегуырынц. Дæуæн дæ дачæ агуыридурæй амад у?

— Мæнæн дачæ нæй, æз гыццыл куы февдæлон вæййын, уæд мæхи нæ хъæумæ айсын. Хъæу нæ хæдфарсмæ ис. Æмæ дæуæн агуыридурæй у?

— Æнæмæнг, агуыридурæй, дыууæуæладзыгон. Дзæгъæлы дæхи æнæ дачæйæ ныууагътай. Адæймагæн стыр удæнцой у. Дæ куысты цыфæнды тынг куы бафæллайай, уæддæр дачæмæ куы ацæуай, пецы арт куы бандзарай, уæд дæ фæллад æрбайсæфдзæн.

— Дæхи у?

— Дачæйæ зæгъыс?

— О.

— Кæй зæгъын æй хъæуы. Цытæ дзурыс! Дыууæ шофыры мын ис. Радыгай кусынц. Сæ иу ныр зоны: куыддæр фондз сахаты фынддæс минуты хъуаг свæййы, афтæ мæм телефонæй æрбадзуры: «Нæхимæ цæуæм, Семен Иваны фырт?» — «Нæхимæ, нæхимæ, Петя». Дыууæйæ дæр дачæ «нæхимæ» хонын райдыдтам.

Уæллаг тæрхæгыл Мишкæ базмæлыд — ныхасгæнæг дæр Семен Иваны фырт куы хуыйны! Малафейкины хуызæн. Ай цы диссаг у?

Семен Иваны фырт бынæй дарддæр дзырдта:

— Нæхимæ, зæгъын, нæхимæ, Петя. Хæйрæджыты амæттаг фæуæд уыцы Мæскуы, уыцы хъæлæба! Ацæуæм, пецы сугтæ бавæрæм...

— Сымах йеддæмæ дзы ничи вæййы?

— Лæггадгæнæгæй зæгъыс? Цытæ дæм цæуы! Æз мæхæдæг уарзын. Мæхæдæг сугтæ ныккалын, арт сыл бандзарын... Дзæнæт! Иуæй-иу хатт ахæм хъуыдымæ дæр æрцæуын: «Цæмæн мæ хъæуы уыцы кад æмæ намыс, ордентæ, персоналон лæггæдтæ?... Дæ зæрдæйы дзæбæхæн афтæ хъæуы цæр, пецы арт æндзар».

Фæллад æмныхасгæнæг сындæггай æнæууæнк худт бакодта.

— Нæ дæ уырны? — йæ хъæлæсыл бафтаугæйæ, сдзырдта Семен Иваны фырт, æвæццæгæн, уый дæр йæ мидбылты бахудт. — Æз дын æцæг зæгъын: иууылдæр сыл мæ къух сисин æмæ афардæг уаин!

— Уæдæ ма каст цæмæ у?

— Мæгъа... Уыдон, куыд зыны, афтæ æнцон не сты. Чи дæ ауадздзæн?

— Уый дзы и, уый, — арф ныуулæфыд æмныхасгæнæг. — Мæнмæ дæр ахæм фæндтæ...

— Уадзгæ нæ, фæлæ ма мæ сæ зæрды уæддæр бынатмæ ивын дæр ис. Уæллæй, ницы сын дзы рауайдзæн. Мæнæн уыцы сагъæстæй мæ сæр куыройы фыдтау куы разылд. Бузныг, зæгъгæ, сын зæгъдзынæн.

— Ныр, æвæццæгæн, уыцы æмбырды уыдтæ... Мæнæ уыцы... цыдæр ныхæстæ мæ хъустыл æрцыд...

— Нæ, æз æндæр хъуыддæгты фæдыл уыдтæн... Ничердæмуал сыл æххæссæм. ...Уæдæ, зæгъыс, уæхимæ хъæуы суадзыс дæ фæллад? Сæрды дæр?

— Зæгъæн ис, æмæ алы хатт дæр. Мæ фыдмæ ацæуын æмæ кæсаг фæахсæм...

— Уæдæ æз та санаторийы вæййын.

— Кæм? Кисловодскы?

— Кисловодскы дæр.

— Сæйраг корпусы?

— Нæ, махæн уым нæхи корпус ис.

— Кæм?

— Кисловодскмæ куы нæма бахæццæ уай, уæд уым.

— Кæцы ран ис уый? Æз дзы цы къуым нæ басгæрстон, ахæм нал баззад.

Семен Иваны фырт схудти.

— Нæ, уыцы корпус ды нæ зоныс. Уый фæндагæй нæ зыны.

Ныхъхъус сты.

— Быруйы фæстæ, — бамбарын кодта Семен Иваны фырт.

— А-а... — куыддæр æбæлвырдæй загъта фæллад æмныхасгæнæг. Æмæ та ныхъхъус.

Афтæ зынд, цыма иннæ кæй ницы дзырдта, уый Семен Иваны фырты тыхсын кодта.

— Æрмæст дзы, раст зæгъгæйæ, æнкъардгомау у, — дзырдта дарддæр уый. — Кæй зæгъын æй хъæуы, буфет дзы ис, шампайнаг сæн, дыргътæ, æндæр алцытæ... Хъуыддаг уый мидæг нæй. Адæймаг уыдæттæй дæр схъыг вæййы.

— Уымæй раст зæгъыс, — куыддæр æбæрæг хуызы та загъта фæллад. — Ацы ран мæ бон дæ ныхмæ дзурын нæу. Кино дзы нæ вæййы?

— Куыннæ!.. Фæлæ, мах цы бакæнæм, уый зоныс? Уыцы хуымæтæджы кинонывтæм нæ фæцæуæм, фæлæ æрæмбырд вæййæм æрмæст нæлгоймæгтæ æмæ фæзæгъæм, исты ахæм ныв нын куыд равдисой, мадард бæгънæгæй сылгоймаг кæм уа... Дæ зæрдæмæ нæ цæуы? — Семен Иваны фырт хъавгæйæ бахудт.

Иннæ йын æппындæр ницы дзуапп ратта. Хъусæй лæууыд.

— Ы? — бафарста йæ тарстхуызæй Семен Иваны фырт.

— Цы? — загъта йе ’мныхасгæнæг.

— Æз уыдон... Йед у... бирæ хæттыты сæ нæ федтон.

— Æвгъайуаг! Уый æгæр диссаг у. Уыцы тасгæ-уасгæ куы рацæйцæуы, йæ мард фесæфа! Тилын æй байдайы, тилын... Нæ, цыфæнды куы дзурай, уæддæр уый æгæр диссаг у.

— Мадард бæгънæг вæййынц?

— Уæдæ!

— Уый та куыд? Ау, махмæ ахæм кинотæ исынц?

Семен Иваны фырт йæ зæрдæйы дзæбæхæн ныххудти.

— Махуæттæ не сты. Фале сæ ’рбаласынц.

— А-а, — загъта иннæ. — Уым ис, уым ахæмтæ ис, кæй зæгъын æй хъæуы.

— Нæ, цыфæндыйæ дæр уыдон зонынц, ахæм хъуыддæгтæм сæ ничи амбулдзæн. Фæлæ дын уыдонæн се ’ппæты тыххæй дæр цы зæгъынмæ хъавын, уый зоныс: рæсугъд сæ сисынц.

— Æмæ æз куы ницы зæгъын, — тарстхуызæй сдзырдта йе ’мныхасгæнæг.

— Æвæццæгæн, дæм мидæгæй æндæр хъуыдытæ ис?

— Æз? Цæмæн дæм афтæ кæсы?

— Афтæ у, афтæ. Фæлæ дзæгъæлы. Æгæр тагъд ма кæн. Семен Иваны фыртмæ ма хæлæг кæн... Исты, мыййаг, Семен Иваны фырт уый фæстæ стъолыл куыд æркув-æркув байдайы, уый куы нæ феныс. Цас тых æмæ хъарутæ домы адæймагæй куыст! Иу хъуыддаг саразыныл цæйбæрц хид акæлы... Демæ æргомæй дзурæн ис?..

— Нæ хъæуы, — тагъдгомау, йæ хъæлæсыл фæллады фæд нал зынд, афтæмæй сдзырдта ныхасгæнæг. — Æз æй тынг дзæбæх æмбарын. Мæхæдæг ахæм уавæры иу æмæ дыууæ хатты куы нæ бахауын, мыййаг.

— Кæй зæгъын æй хъæуы! Кæй зæгъын æй хъæуы, ды дæр æнæхуыссæг аззайыс, æххормаг дæр баййафыс... Нæ фæлæ, цы мæгуыр стæм. Афтæмæй иннæрдæм азилгæйæ æнгуылдзæй амонæм: инæлар цы гуыбын рауагъта. Æмæ-ма раст зæгъ: гуыбын рауадзгæ мæ федтай?

— Нæ федтон! Цæмæн зæгъыс? — ныхасгæнæг хорзау нал фæци. Æз уый тыххæй ныхмæ куы ницы зæгъын... Хъуыддаг уый мидæг нæй...

— Уæдæ? — хъæддыхæй йæ бафарста Семен Иваны фырт.

— Куыд «уæдæ»?

— Уæдæ цæй мидæг ис?

— Хъуыддаг, инæлар дæ æви нæ дæ, ууыл нæу. Æппынфæстаг, мах иууылдæр иу хъуыддаг кæнæм.

— Мæнæ диссæгтæ! Æмæ йæ æз куы нæ зыдтон. Æцæгæй, иууылдæр иу хъуыддагыл кусæм?

Ныхасгæнæг ныхъхъус.

— Дæумæ дзурын? — загъта Семен Иваны фырт. Цæуыл æм фæхæрам, уый бæрæг нæ уыд.

Æмныхасгæнæг ницы дзырдта.

— Ныхъхъус стæм! Кæйдæр хуызæн мах дæр ницы дзурæм, нæ?

— Æрбайхъус-ма!.. — Æмныхасгæнæг кæй сыстад, уый бæрæг уыд. — Цы дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Исты дæ бахъыгдардтон?

— Хуыцау ме ’вдисæн! — цæстыфæныкъуылдмæ йын дзуапп авæрдта Семен Иваны фырт. — Æппындæр ницы. Афтæ дæ æнæуи бафарстон. Æз афтæ банхъæлдтон æмæ ды истæмæн мæ ныхмæ дæ. Нæ дæ?

— Нæ дæн, кæй зæгъын æй хъæуы. Уæвгæ ныр хуыссын афон дæр у. Цас у ныртæккæ? Цал сахатмæ ’ввахс у?

— Цалмæ хæстæгдæр у?.. Ехх, ме ’рттиваг циферблатджын сахат нæхимæ ныууагътон... Æвæццæгæн, дыууæ сахаты уыдзæн.

— Хъуамæ уый бæрц уа. Æвæццæгæн, схуыссын хъæуы. Ы?

— Хъæуы, æнæмæнг хъæуы. Æз ма абон иучысыл нуазгæ дæр акодтон... Ме ’мбæлттимæ кæрæдзийæн хæрзбон загътам. Хуыссæм, хуыссæм.

Æмæ æваст сæ дзурынæй банцадысты. Иу ныхас дæр сæ никæмæйуал райхъуыст.

Мишкæ сдыууæрдæм: бынæй чи ис, уый Малафейкины хъæлæсы хуызæн æнахуыр тынг у. Йæ ном дæр Семен Иваны фырт хуыйны. Æмæ уæд адæттæ цытæ сты? Сыхаджы тыххæй цыдæриддæр зонæн ис, уыдон Малафейкины тыххæй Мишкæ, зæгъæн ис, æмæ иууылдæр зыдта, кæд сæрмагондæй ууыл никуы архайдта, уæддæр. Кæддæр Малафейкин сарайы сæрæй рахауд æмæ йæхи тынг ныццавта... Уæд куыд иунæг уыд, афтæ иунæгæй баззади. Сабыр, мадзура. Хуыцаубонты-иу æм цавæрдæр сылгоймаг, йæхицæй хистæр, æд чызг æрбацыди. Малафейкинæн цы бавæййынц, уый Мишкæ нæ зыдта. Малафейкин-иу кæрты чызгимæ куыд тезгъо кодта, уый федта. Чызг-иу змисыл хъазыди, Малафейкин та-иу газеты касти. Чи зоны, йæ хо æмæ йæ хойы чызг уыдысты, уымæн æмæ се ’хсæн æндæр ахастдзинæдтæ уыд зæгъынмæ йæ ныфс ничи бахастаид. Уый дын, зæгъæн ис, Малафейкины хабæрттæ цыбырæй. Фæлæ бынæй цы инæлар ис, уый... Нæ, цыфæндыйæ дæр сæ ивддзаг кæны. Ахæм ма дзы æнгæс уыдзæн!

Мишкæ уæллаг хатæнæй хъавгæ æрхызт, уазæгдонмæ ацыд, фæстæмæ та схызт æмæ йæ цæстытæ сæхгæдта. Купейы уыди сабыр. Мишкæ та бафынæй.

Райсомæй Мишкæ райхъал æппæты фæстæ, Мæскуымæ сæ бирæ нал хъуыд, афтæ. Йæ цæстытæ байгом кодта, бынмæ æркаст æмæ дын бынæй рудзынджы цур Семен Иваны фырт Малафейкины куы ауынид. Рудзынджы цур ма, уый та йæ бакомкоммæ иннæрдыгæй фарс, ноджыдæр бадти иу лæг, цыдаид ыл иу-дæс æмæ дыууиссæдз азы, сырхцъар цæсгом ын. Бадтысты æмæ рудзынгæй æддæмæ кастысты. Стæй ма цавæрдæр чызг, — лæппуйы хæлаф ыл — чысыл иуварсгомау чиныг касти. Иу ныхас дæр дзы никæмæй хауд.

Мишкæ йæм уæле æрдзурынмæ хъавыд, салам, мæ сыхаг, зæгъгæ, фæлæ дысон йæхи фынæй æфсон кæй скодта, уый йæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд ма къуымы йæхи ноджы арфдæр нордынмæ фæци. Хорзау нал уыд. Хуысгæйæ хъуыдыты аныгъуылд: кæд, мыййаг, дысоны ныхæстæ йæ фыны федта?

Цалынмæ уыдон мысыныл хъизæмар кодта, уæдмæ сырхцъар нæлгоймаг йæхи айвæзта, уый æнæкæсгæйæ дæр бæрæг уыд, æмæ загъта, дзæвгар рæстæг хъусæй чи фæлæууыд, ахæм адæймæгтæ куыд фæзæгъынц, афтæ:

— Æнхъæлдæн, фæхæццæ кæнæм. — Цавæрдæр гæххæтты сыр-сыр райхъуыст, æвæццæгæн, газет батыхта æмæ купейæ ахызт.

Мишкæ бынмæ рафæлгæсыд. Чызг æм скаст, стæй йæ цæстæнгас рудзынджы ’рдæм аздæхта æмæ та чиныджы кæсын райдыдта. Малафейкинæн уыд схъæл фындз, чысыл æнæцæстыхау цæстытæ, галстук ыл, йæ сæрыхъуынтæ уæлæмæ лæгъз фаст. Йæ рахиз къухы ’нгуылдзтæй сындæггай стъол хойгæйæ рудзынгæй каст.

— Салам инæларæн! — сындæггай йæм уæле æрдзырдта Мишкæ.

Малафейкин æваст йæ сæр хæрдмæ фæзылдта... Фемдзаст сты. Малафейкины гыццыл цæстытæ æмдымбылтæ аисты, Мишкæмæ куыд фæкаст, афтæмæй дзы фырдисæй æнахуыр тас февзæрд.

— Уый дын гъе! — загъта нæвæндонæй Малафейкин. — Æгас цу, дæ фæрв сугтимæ! Кæцæй цæуыс?

Мишкæ ницы дзырдта, йæ сыхагмæ хъазгæ цæстæнгасæй касти.

— Цы дыууæрдæм кæныс? — бафарста йæ цыдæр мæстыхуызæй æмæ дуары ’рдæм цырдгомау акаст.

Сыгъдæгæйдæр, дысон уыцы агуыридур дачæты кой уый кодта. Мæгуырæг, бафæллади уыцы хæрзиуджытæ æмæ кæдтæй.

— Дысон цытæ лæхурд... — райдайынмæ хъавыди Мишкæ, фæлæ уæдмæ сырхцъар лæг æрбацыд, æмæ Малафейкин тагъдгомау уыцырдæм азылд. Стæй сыстади æмæ сдзырдта:

— Фæхæццæ кæнæм, уæдæ, и? — Катайгæнгæ рудзынгæй акаст, йæ сæр йæ къухтæй сфаста. — Уæллæй, фæхæццæ кæнæм. Мæнæ Яузæ. Афтæ, афтæ... — йæ мидбынаты сцоппай, купейæ ацæуынмæ рахъавыд, фæлæ фæстæмæ фæзылд, чумæданимæ цыдæртæ ацархайдта.

«Уый дын цæстфæлдахæг!» — дисы бацыд Мишкæ. Уæле йæм хорз зынди, Малафейкины хъустæ куыд сырх сты, уый. Ахорæг-шабашникмæ ницуал дзырдта. Æрмæст æм уæле цымыдисæй каст.

— Горæты астæуы ’рдæм нæ цæуыс? — бафарста йæ сырхцъар бæлццон, — æмæ Малафейкинмæ бакаст.

— Цы? — фестъæлфыд Малафейкин. — Æз? Нæ, нæ... Мæн... Нæ, æз æндæрырдæм цæуын.

— Кæннод, зæгъын, мæн дæр демæ аластаис.

— Нæ, нæ, æз уыцырдæм нæ цæуын.

— Мах Свибловойы ’рдæм цæуæм, — хъæрæй загъта Мишкæ, йæхи айвæзта æмæ тæрхæгыл сбадти, йæ худын тыххæй уромгæйæ.

— А-а, не ’мбæлццон дæр райхъал? — бафарста сырхцъар лæг. — Дæ райсом хорз, хорз лæг! Дæ хуыссæгмæ дын хæлæг кæнын. Мæнæн та фæндагыл бафынæйы хъомыс нæй. Мæхимæ хæцын райдайын, цæуыннæ хуыссыс, фадат дын куы ис, зæгъгæ, фæлæ никуы æмæ ницы.

Мишкæ йæ мидбылты худгæйæ, Малафейкинмæ каст.

— Æз ма ноджыдæр иу уыйбæрц фæхуыссыдаин.

— Æрыгон дæ нырма. Дæу карæнæй та адæймаджы хуыссæгæй чи ’фсады.

Малафейкин йæ хъинцгæнаг чумæдан сæхгæдта. Йæ рæттæ йын балвæста, фелвæста йæ æмæ йæ тыргъты æрæвæрдта... Мидæмæ дæр нал æрбахызт, афтæмæй рагъæнмæ йæхи æрбайвæзта, йæ сæрак палто æмæ йæ худ райста æмæ тыргъы кæронмæ йæ дзаумæттæ кæнынмæ ацыд.

«Тæрсы, куы йæ фæкойаг кæнон, уымæй, — загъта йæхицæн Мишкæ, — æхсызгон мæ хъæуыс!»

Малафейкин купемæ нал æрбацыд. Йæ дзаумæттæ скодта, йæ чумæдан райста æмæ тамбурмæ ацыд.

Фæлæ йæ перроны Мишкæ ссардта. Баййæфта йæ æмæ йæ фарсмæ цыди.

— Куыд у? Дысон, æвæццæгæн, æгæр бирæ банызтай? — бафарста йæ сабыр хъæлæсыуагæй Мишкæ. — Цы дзæнгæда цагътай дысон? Цæмæн дæ хъуыд?

— Иуварс! — схъæр ыл кодта æваст Малафейкин æмæ цæхæрайау асырх. — Цы дæ хъæуы мæнæй? Цы мæ дæ ныхтæ ныссагътай?

Чидæртæ сæм æрыхъуыстой. Иуæй-иутæ ма суанг сæ цыд дæр фæсабырдæр кодтой, ныртæккæ ам дзæбæх хъаугъа уыдзæн, зæгъгæ.

Мишкæ, искуы йæ дзуапп дæттын куы бахъæуа, уымæй тæрсгæйæ, йæ сыхаджы фæстæ аззад. Фæлæ Малафейкинæй йæ цæст нæ иста. Тынг æм рамæсты.

Иумæ метройы сбадтысты. Мишкæ Малафейкины аивæй хъахъхъæдта, фæлæ уыцы æнаккагæн йæ хъуыддæгтæ хурмæ куыд ракала, уый нæ зыдта. Гыццыл дæр исты, уæд милицæмæ фæуыдзæн.

Вагоны Малафейкин аивæй фæстæмæ ракаст... Мишкæйы æнæуынон, иннæрдæм хуынкъгæнæг цæстæнгасыл йæхи скъуырдта. Мишкæ йæм йæ цæст фæныкъуылдта. Малафейкины хъустæ та сырх-сырхид афæлдæхтысты. Йæ сæрак палтойы дæрзæг æфцæггот ын фæсте йæ худыл хæрдмæ хæцыд... Малафейкин нал каст.

Метройы рацæуæны эскалаторы та Мишкæ ногæй Малафейкинмæ æрбахæстæг. Йæ хъусы йын бадзырдта:

— Æрмæст хъæр ма кæн... Иу фарста дæм ратдзынæн æмæ дæм уый фæстæ нал сдзурдзынæн. Мæнæн ме ’фсымæр Питеры цæры. Уый дæр дæу хуызæн æдылыбын у. Йæхицæй цыдæр аразы. Уæхицæй цы аразут? Уымæй цы рамбулынмæ хъавут? Ы? Æцæгæй дæ фæрсын.

Малафейкин ницы дзырдта. Куы-иу хæрдмæ скаст, куы размæ.

— Уый фæстæ уын æнцондæр фæвæййы æви цы?

Малафейкин ницы дзырдта.

— Уыцы лæджы цæмæн сайдтай дысон? Ы?

Эскалатор хæрдмæ куы схæццæ, уæд Малафейкины цæстытæ милиционеры агурынмæ фесты... Мишкæ йæ разæй фæци æмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæнгæйæ автобусы лæууæнмæ раздæр æрбахæццæ.

«Нæхимæ та мын кæдæм ирвæздзынæ, кæрты дын дæ фаг фæуыдзынæн», — скарста Мишкæ.

Сæ хæдзары цур автобусæй куы рахызтысты, уæд та Мишкæ Малафейкинмæ фæцæйцыд, фæлæ уымæн йæ цæсгом рынчыны æнцъылдтæ аци, йæ сæр афтæ тынг стылдта, æмæ чысыл ма бахъæуа, йæ худ ма ’рхауа. Йæ къах зæххыл ныццæвгæйæ ныхъхъæр кодта:

— Хæстæг ма цу! Хæстæг мæм ма цу! Ма мæм цу хæстæг! — Ныхъхъæр кодта, иуварс фæзылд æмæ тагъд къахдзæфтæй сæхимæ згъорæгау атындзыдта. Дынджыр бур чумæдан ын æд рæттæ йæ къæхтæ хоста. Сæрак палто æхсызгон уынæр кодта. Малафейкин цæугæ-цæуын йæ худыл уæлдæр схæцыд. Фæстæмæ иу хатт дæр нал ракаст.

Мишкæ йын цæмæдæр гæсгæ фæтæригъæд кодта.

— Дзæгъдзæгъаг, — сабыргай йæхицæн загъта Мишкæ. — Ничи йæм кæсы, дачæ йæм ис уымæ. Камин пецимæ, мачи дзы уа... Ахæм ма дзы дзæгъæлдзых искуы фенди! Ничи сæм кæсы, уыдон цæрын зонынц... Дзæгъдзæгъгæнджытæ!

Æмæ уый дæр араст. Дуканимæ. Сигареттæ æлхæнынмæ. Йæ сигареттæ фесты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.