Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫУУÆ ФЫСТÆДЖЫ



ДЫУУÆ ФЫСТÆДЖЫ

Адæймаг йæ фыны федта йæ райгуырæн хъæу. Цыма доны былты фæцæйцыд... Дон ацы ран мал у. Дуне ныссабыр. Иу цъиуызмæлæг дæр никæцæй зыны. Хъæу ардæм хæстæг у, æмæ уый дæр хасты хуызæн ныссабыр. «Ай цы хабар у, æппындæр дзы ничиуал ис?» — дисы бацыд адæймаг. Доны дур ныппæрста. Уый æнæуынæрæй бынмæ аивгъуыдта. Ноджыдæр та дзы ныппæрста. Ацы хатт — дынджыр. Дур та æнæуынæрæй аныгъуылд. Адæймаджы тас бацыд. «Цы ’рцыдис?» — ахъуыды кодта йæхинымæр. Æмæ райхъал. Æмæ бафынæй уæвын йæ бон нал баци. Хабæрттæ радыгай йæ зæрдыл лæууын райдыдтой: хъæу, фæныкхуыз хæдзæрттæ, рыгæйдзаг уынг, кауы рæбынты пысыратæ, кæрчыты бæгъдулæг рыджы, æркæлынæввонг бырутæ... Хъæуы фале та лæгъз быдыр. Арвы æмбис зæрæхсидæй сырх-сырхид. Искуы иу хатт ма дзы гыццыл цадтыл дæр фембæлдзынæ; изæрыгæтты дон уыцы лæгъз вæййы æмæ дзы зæрæхсид æнæхъæнæй дæр айдæны хуызæн разыны. Уыцы гыццыл цадты былгæрон бадын хорз у, хъуыдыты аныгъуылд... Сабырдзинадимæ иумæ адæймаджы зæрдæйы æппæт дунемæ дæр райгуыры цавæрдæр æнæрынцой уæздан æнкъарæнтæ. Иучысыл æнкъардгомау у, фæлæ цыма чидæр адæймаджы хъусы афтæ дзуры: фæлæуу, фæлæуу, мæ хæлар.

Дард кæмдæр бæхты рæгъау дугъы æхсæвхизмæ фæцæйтæхы. Рыг фæндаджы сæрмæ сысты æмæ дзæвгар рæстæг нал æрбады. Æмæ та бæстæ ныссабыр вæййы. Куыд ныссабыр вæййы афтæ зæхх?

Зæрæхсид сындæггай фæтайы. Афтæ дæм кæсы, цыма зæххыл бынтон иунæгæй баззадтæ. Ницæмæй тæрсыс, дæхи иунæг дæр нæ хоныс... фæлæ зæрдæ æппындæр æнцад нæу.

Адæймаг бафынæй кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ бон нæ баци. Сындæггай, цæмæй йæ бинойнаг ма райхъал уа, афтæ сыстад, йæ пижамæ скодта æмæ иннæ уатмæ ацыд. Цырагъ ссыгъта, стъолы цур æрбадт æмæ арф хъуыдыты аныгъуылд.

— Хæйрæг æй бахæра! — сдзырдта уый. — Ай цы хабар у?.. — Зæронд кæнын райдыдтон æви? Цыма дунейæн хæрзбон зæгъын.

Йæ зæрдæ æнкъард хъуыдытæй байдзаг, цыдæр тæригъæдæй йæ цæстытæ доны зылдысты. Цыма уæд, тынг раджы, гыццыл цадты былгæрон цæмæ бæллыд, уыцы бæллицтæй ницы рауад.

Адæймаг — хуыдтой йæ Николай Иваны фырт — гæххæтт райста æмæ йæ кæддæры æрдхордмæ писмо фыссын райдыдта.

 

«Мæ хæлар, Иван Семены фырт! — райдыдта уый. — Салам дын! Æрфæндыд мæ дæумæ писмо ныффыссын. Æрдæбон чысыл раздæр нæ хъæу мæ фыны федтон æмæ фырæнкъардæй мæ бон нал у. Мæнæ бадын æмæ æхсæвыгон Бальзачы хуызæн фыссын. Мæ зæрдыл æрлæууыд, дыууæйæ дæр институт каст куы фестæм, уыцы рæстæг. Хъуыды ма йæ кæныс? Дипломтимæ куы ’рцыдыстæм... Фæстаг хатт ма нæ райгуырæн хъæу фенынмæ. Нæхи къахæй къухмæ сарæзтам, мæныл цавæрдæр фæсарæйнаг урс хæдон уыд, ды та цæмæдæр гæсгæ дæ уæлæ тельняшкæ ссæрфтай. Уынгты дын ма фæцæйцæуæм. Дыууæ къуыдиппы. Тæккæ хорæфснайын афон. Мæ зæрдыл ма лæууы, Докучаев Минькæ ныл фембæлдис, æрлæууыдыстæм, салам ын раттам. Уый чъиллонæй нал зынд — цæст, хæмхуттæ бæрæг дзы нал уыд, куырдадзмæ цыди, мæнæугæрдæны хырх асаст æмæ уый саразынмæ. Сдымдтам. Фæлæ цæуыл дзурæм, уый нын нæ уыд. Уыимæ кæрæдзийæн цыдæр æцæгæлон сыстæм. Аджитæнтæ кодтам, уый йæ машинæйы абадт, мах та хъæугæронмæ ацыдыстæм, кæддæр мæкъуылтæ кæцæй ластам, хос кæм ссывтам, родтæ кæм хызтам, похци кæм ластам, уыцы бынæттæн хæрзбон зæгъынмæ. Æрдæбон Митькæ мæ зæрдыл æрлæууыд æмæ мæхицæй фефсæрмы дæн. Цымæ уæд нæхи афтæ цæмæн сарæзтам? Адæм сæ къухтæм æмхасæнтæ кодтой, мах та дыууæ хиппæлойы. Уыцы рæстæг мæм ахæм хъуыды æмгæрон дæр не ’рцыди. Цыма æцæгæй дæр афтæ æмбæлди. Исты хæрзбон зæгъынмæ, мыййаг, нæ цыдыстæм! Мæлæты хъабедзентæ! Мæнæн мæ дзыппы уыди арахъхъы авг, дæуæн та — портвейн. Дыууæйæн иу агуывзæ. Бæрзыты бын ауæдзыл сбадтыстæм, фæйнæ анызтам... Æмæ нæхицæй æппæлынмæ бавнæлдтам — куыд зондджын стæм: институттæ каст фестæм, адæмы рæгъы рацыдыстæм. Æз цыдæр сæрхъæн æмдзæвгæтæ кастæн, ды та, хъуыды ма йæ кæнын, дæ къухтыл слæууыдтæ æмæ иуцасдæр ауадтæ. Стæй дзæвгар рæстæг тымбылкъухæй дæ риу хойгæйæ дæ хъæлæсыдзаг хъæр кодтай: „Ахъуыды-ма кæн, нæ фыдæлтæ чи уыдысты? Чи? Мах та — инженертæ!“ Ноджыдæр банызтам. Æмæ та нæхицæй æппæлын райдыдтам. О, хуыцау, афтæ æппæлгæ дзы никуыма федтон! Нæ хъæуы æппæты фыццаг уæлдæр ахуыргонддзинад мах кæй райстам, уымæй хуымæтæджы сæрыстыр уыдыстæм. Æмæ кафгæ нæ кодтам, æмæ зарыныл нæ балæууыдыстæм... Нæ фарсмæ та мæнæу æнæкарстæй лæууыд. Махмæ уый хъаргæ дæр нæ кодта. Æз ма мæнæуы хуыммæ афтид авг дæр ныззыввытт ластон. Мæ зæрдыл ма абоны хуызæн лæууы, уыцы уысм куыд ахъуыды кодтон, уый: „Мæнæугæрдæн ыл куы рауадзой, уæд карст хуымы авг ферттивдзæн. Æмæ исчи, чи зоны, Минькæ дæр уа, зæгъдзæн: „Ам чидæр нызта“. Уый фæстæ бафынæй стæм.

Хур ныгуылынмæ куы хъавыд, уæд райхъал стæм. Мæ фæсарæйнаг хæдон йеды хуызæн нынцъылдтæ. Мæ сæр рысти, æгад мæм касти. Нæ хъæлæсыдзаг фæхъæр кодтам, ныхас фæсте нал ныууагътам. Ды мын мæ цæстытæм нал кастæ, мæн дæр нæ фæндыд. Уыдæттæ иууылдæр цæмæдæр гæсгæ мæ зæрдыл хорз бадардтон»...

 

— Коля!

— Хъусын дæ.

— Цы кусыс?

— Ницы. Æнцад хуысс.

— Мæ зæрдæйæ ма искæдæм ацыдтæ.

— Æнцад хуысс.

 

... «Мæ ус райхъал. Æфсæстæй хуыссы, нæрдæй хæлы, хуыцау, табу дæхицæн, æмæ раст парфюмерон фабричы тæф скъæры. Ахæм хабæрттæ, гъе, Ваня. Цæмæдæр гæсгæ бынтон æрæнкъард дæн. Чи зоны æмæ уæд нæ цин дзæгъæлы уыд? Уæдæй нырмæ цал азы рацыд? Æстдæс азы бæрц. Куыд аивгъуыдтой, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Афæдзæй афæдзмæ нæрсгæ цыдтæн. Мæ усæн уайдзæфтæ кæнын, фæлæ мæхицæн дæр мæ дæргъæй, мæ уæрхæй уæлдай нал и. Курорттæ æмæ санаторитыл зилын, мæ хур... Цардыл цин кæныны фадат мын нæма фæци. Сывæллæттæ рæзынц, фæлæ дын æргом куы зæгъон, уæд мын уыйас цины хос не сты. Ныртæккæйы адæм æгæр бирæ зонынц, куы сæм байхъусай, уæд хуымæтæг сты. Мæнмæ гæсгæ, мах хуыздæр уыдыстæм. Кæд мæм зæронды миниуджытæ фæзынд, уæддæр нæ зонын. Дæумæ та куыд кæсы? Иу-дыууæ ныхасы мæм искуы уæддæр куы ныффыссис. Кæннод лæджы афтæмæй инфаркт дæр æрцахсдзæн, æмæ фæци. Искуы куы фембæликкам, и? Нæ сабийы бонтæ æрымысиккам. Цы æрымысæм, уый нын куы ис. Кæннод куыст, куыст æмæ куыст! Цæрæнбонты кусæм, фæстæмæ фæкæсыны фадат дæр нын нæй. Рæстæг ссар æмæ-ма мæм ныффысс. Мæ алыварс ничи ис, дæу хуызæн мæ ничи бамбардзæн. Уæвгæ, æвæццæгæн, дæ уавæр дæр хуыздæр нæу? О, сæйраг инженер дæ, уый зонын, сыкъаджын хæйрæг дæ, уый дæр æмбарын! Дарддæр та цы? Æмбарыс? Ресторан, музыкæ — цыма адæймаджы сæры зæгæлтæ фæкъуырдæуы, фæлæ дарддæр та цы? Æмæ, дам, уый афтæ амоны, æмæ мах адæмы рæгъы рацыдыстæм, и? Ех!.. Æхсæвыгон, бæхты хизгæйæ, арты картофтæ куы фыхтам, уый мæ зæрдыл куы ’рбалæууы, уæд мыл цыма цыдæр хъарм æрбакæлы. Тæхуды, æмæ ма уырдæм фæстæмæ раздæх, быдырмæ: чысыл арт, хæйрæджыты кой... Ваня, Ваня... Уый цы у? Куыд дæм кæсы? Æви æмбæлы афтæ? Æви мæ сæрызонд цæуын байдыдта. Дæуыл ахæм бон никуы акæны? Æрмæст мын æй раст зæгъ. Сæрды кæдæм фæцæуыс? Сыстæйдзаг Гагрæмæ? Мæ зæрдæ дзы фæцъæх, уынын дæр мæм æй нал цæуы. Æмæ ма нæхимæ хъæумæ цæуын, зæгъгæ, зæгъ. Цытæ дзурыс? Бæстæ хъæрæй байдзаг уыдзæн. Фæлæ мын ацы хатт æнæстохгæнгæ нæй — цы уа, уый уæд. Хъæумæ цæудзынæн. Дарддæр афтæмæй мæ бон нал у. Иумæ цæуæм? Ныффысс мæм æмæ иумæ адымæм. Бар сæхи, уадз æмæ уыдон Гагрæмæ цæуой, мах та хъæумæ ацæуын хъæуы. Кæннод мæхимæ цыдæр тæригъæдджын кæсын. Мæ хъуыдытæ мæ æргомæй дзурын фæнды. Иу ныхасæй, Иван, дзæбæх нæ цæрын. Æнæуи цыма хорз у, мæ куысты дæр ницæмæй хъæстаг дæн, фæлæ нырау иуæй-иу хатт æнтъыснæгдзинады ахæсты куы бахауын, уæд цы фæуон, уый нал фæзонын. Иван, курын дæ, æмæ мæм иу-дыууæ ныхасы ныффысс. Мæ адрис ныр æндæр у — мæ цæрæнуат фæхуыздæр. Хуымæтæг дæн! Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн.

Николай».

 

Николай Иваны фырт рухс ахуыссын кодта, йæ пижамæ раласта æмæ йæ сæвджын усы фарсмæ æрхуыссыд. Дзæвгар рæстæг нал бафынæй.

Иннæ хæттыты хуызæн та Николай Иваны фырт йæ куыстмæ æрцыди афоныл: дæс сахаты фондз минуты хъуаг. Ногдастæй, хæрзарæзтæй. Уæвгæ йæ сæр цыдæр уæззау уыди. Дысон хуыссæджы хостæ æгæр бирæ банызта. Тыргъты фæцæйцыд, кæуыл æмбæлд, уыдонæн салам лæвæрдта, йæ мидбылты-иу бахудт. Йæхимæ дæр ын-иу бахудтысты. Кæйдæр баурæдта, цæмæйдæр æй бафарста, чидæр ын йæхи дæр бафарста æмæ йын дзуапп ратта. Цыбыр, бæлвырд дзуапп. Йæ куысты йын аргъ кодтой. Зæрдæмæдзæугæ секретарь ын йæ бынатæй фестад, йæ мидбылхудт ферттывта. Николай Иваны фырты сæры аленк кодта: «Æвæдза, рæсугъд сылгоймаг у». Уæвгæ йæм-иу уыцы хъуыды æрцыд алы райсом дæр.

— Цæй, куыд сты нæ хабæрттæ?

— Æппæты фыццаг: телефонæй дзырдтой...

Дзырдтой, домдтой, куырдтой, лæгъзтæ кодтой, æртхъирæн кодтой... Кæрон дæр сын нæй. Иу æнкъарæн иннæйы ивта. Куы-иу загътой: «Байхъус-ма! Æз демæ гаккырисæй нæ хъаздзынæн! Фæстаг хатт ма дын зæгъын!..» Куы: «Мæ зынаргъ, мæ уарзон... Цы мæ бон у? Ахъуыды-ма кæн: цы? Мæнæй аразгæ куы уаид...» Кæнæ: «Æмбарын, иууылдæр мын æмбæрстгонд у. Æргомæй дын куы зæгъон, уæд — аст æмæ ссæдзæммæ. Ы? Æфсæйнагау фидар! Мæ хицауы загъдау, мæ ныхас æфсæйнагæй фидардæр уыдзæн. Нæ тыхтыл нæ бацауæрддзыстæм. Хъæстагæй уæ нæ баззайдзыстæм». Фæлæ æппæты тынгдæр йæ зæрдæмæ цыди: «Хъус-ма! Исты, мыййаг, драмкъорды куы нæ стæм, „Отелло“ куы нæ репетици кæнæм. Ма мын сомытæ кæн, æз дингæнæг нæ дæн. Дæ куывдтытæ мæнмæ никуыцæй зынынц. Мæн хъæуы æр-мæг! Æндæр ницы!» Йæ зæрдæмæ ма ноджыдæр цыдис: «Куыд? Афтæ... Уæдæ цы чындæуа? Æз дæр æй нæ зонын! Дæ фыстытæ мæ ницæмæн хъæуынц. Ахæм гæххæттытæй ме стъол дæлæмæ тасы. Подшипникты бæсты дæ гæххæттытæ æвæрдзынæн? Бафæлварут-ма, чи зоны, сымахæн бантыса. Нæ зонын. Кæмдæриддæр уæ фæнды, уым».

Хъуыддæгты зилдух Николай Иваны фырты йæ быны аууæрста æмæ йæ дысоны писмо айрох. Афтæмæй та йæ райсомæй, куыстмæ цæугæйæ, йемæ рахаста. Фæлæ йæ писмомæ нал æвдæлд. Облæсты газетæй йæм уацхæсджытæ æрцыдысты.

— Цытæ дзурут, æмбæлттæ?.. Нæхицæй раппæлыны фаг нæм ницыма ис. Пълан æххæст кæнæм... о, фæлæ... — Фæлмæн гауызыл цыппар къахдзæфы иуырдæм, цыппар — иннæрдæм, уацхæсджыты раз æрлæууы, бахуды, уыцы мидбылхудт цæрæнбонты йе ’ххуысгæнæг уыд. Чи йæ нæ уарзта, уыдон йæ мидбылхудтæй афтæ дзырдтой: «Мидбылхудт — ирвæзынгæнæг».

— Пълан пълан у, фæлæ нæ хъару фылдæры фаг дæр у. Сымахæй йæ куы нæ æмбæхсæм, уæд хæстæгдæр рæстæджы нæ зæрды ис хæслæвæрд сæдæ дæс, сæдæ фынддæс проценты онг схæццæ кæнын. Уый тыххæй нæм бæлвырд хъуыдытæ дæр ис. Нæ кусджытæ цы райдайой, æмæ цы нæ сараздзысты.

Йæ кусæн уаты йын йæ хуыз систой, стæй цехмæ ацыдысты, уым дæр та йæ систой. Æрмæст уым Николай Иваны фырт фылдæр кусджытæ æмæ мастертимæ дзырдта. Стæй уацхæсджыты фæстагмæ бынтондæр сæйраг инженеры бар ныууагъта, йæхæдæг фæстæмæ йæ кусæн уатмæ æрбацыд.

— Василий Дмитрийы фырт дæм дзырдта. Æз ын, цехтæм ацыди, зæгъгæ, загътон.

— Телефонæй ма нæ баиу кæн.

Василий Дмитрийы фыртимæ сæ ныхас хорз рауад. Йæ зæрдæ бынтондæр бахъæлдзæг.

Цæуджытæ æмæ телефоны дзæнгæрджытæ сарæх сты.

— Верочкæ!

— Хъусын, Николай Иваны фырт.

— Æз ам нæ дæн. Цехтæм ацыдтæн.

— Хорз.

Николай Иваны фырт дысоны писмо систа, æркæстытæ йæм кодта æмæ йæ чысыл ахъуыдыйы фæстæ фæстæмæ йæ дзыппы нывæрдта, æндæр писмо фыссын райдыдта.

 

«Иван Семены фырт! Дæ бон хорз! Мæ зæрдыл æрлæууыдтæ æмæ дæм ныффыссынвæнд скодтон. Куыдтæ цæрыс? Дæ куыст куыд цæуы? Арæх нæ фыссæм кæрæдзимæ, зивæг кæнæм, мачи дзы уа! Мæнæн ницы у. Кусæм, архайæм. Куы мæхæдæг искæмæ бауæлæтæ вæййын, куы та мын мæхимæ фæвæййынц. Афтæ цæрæм. Æнкъард кæнынмæ нæ не ’вдæлы. Иу ныхасæй, хæбæцц лæууын. Сæрды кæцырдæм у дæ арæзт? Ныффысс мæм, чи зоны, иумæ искæдæм ацæуæм. Дыууæйæ иумæ нæхи хъæумæ ацæуыны зонд мæм бæргæ уыдис, фæлæ нæ бар нæхи нæу, куыд фæзæгъынц, баст не стæм, афтæмæй нæ хъыллист цæуы. Нæ устытæ хъаугъа кæндзысты. Нæ хъæу та мæ фыны арæх уынын. Нæ фæлæ-ма æцæг искæдæм иумæ ныццæвæм. Æрмæст Гагрæмæ нæ, зæрдæцъæх дзы дæн. Волгæмæ искæдæм. Дæ усимæ ма аныхас кæн, æз та нæхионимæ афæлварон. Æртытæ, кæсаг ахсын æмæ сæ æндæр истæмæйты кæд сразæнгард кæниккам. Доны былгæрон искæцы хъæуы æрбынæттон уыдзыстæм. Хæдзар баххуырсдзыстæм. ...Ы? Сразы у. Хуыцауæй дын ард хæрын, хъæлдзæгæй арвитдзыстæм нæ рæстæг. Ахъуыды кæн. Мæнæн ницы у, мæ хъуыддæгтæ цæуынц мæхи фæндиаг, сывæллæттæ рæзынц. Цыбыр ныхасæй, иу къæмы хуызæн! Мæ хицау дæр афтæ фæзæгъы. Дæ сæр бæрзонддæр сис, дæ фындзæй улæф. Заводы адрисыл мæм фысс — афтæ хуыздæр у.

Мæ хъæбысы дæ кæнын. Дæхи Николай».

 

— Верочкæ!

— Хъусын, Николай Иваны фырт.

— Æз мæхимæ дæн.

— Хорз.

Æмæ та райдыдтой: «Æз дын бар нæ дæттын!..», «Табуафси! Арфæ дын кæнын!», «Ацы ран та ахъуыды кæнын æмбæлы. Бæстондæр æм æркæсын хъæуы. Ауынаффæ кæндзыстæм».

... Изæрæй цалынмæ æхсæвæр фыхти, уæдмæ Николай Иваны фырт йæ уаты дыууæ писмойы дæр бакаст. Бакасти сæ æмæ æнæсдзургæйæ бирæ фæбадти. Стæй, дыууæ писмойы дæр стъолмæ баппаргæйæ, хъæрæй загъта:

— Хæйрæг йæ зонæг, куыд хуыздæр у, уый.

— Цы зæгъыс? — бафарста йæ йæ ус.

— Ницы, афтæ мæхинымæр дзурын. Æхсæвæр кæм и?

— Ныртæккæ цæттæ уыдзæн. Цыма цыдæр кæныс?

— Нæ, куыд вæййын, афтæ дæн. Газеттæ ма мын æрбадæтт, дæ хорзæхæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.