Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





АБАНА ÆМÆ ЦÆХÆРАДОНЫ ХИЦАУ



АБАНА ÆМÆ ЦÆХÆРАДОНЫ ХИЦАУ

Сабаты изæрырдæм хæдзары дуармæ бадтысты дыууæ лæджы, дыууæ сыхаджы æмæ æнхъæлмæ кастысты абанайы доны стæвдмæ. Иу дзы иннæмæ æрбацыди найынмæ, уымæн æмæ йæхи абана цалцæг кодта. Тамако дымдтой. Уыди хъарм, сабыр изæр. Хъæуы цæрджытæ сæ абанаты арт бандзæрстой: сæ фæздæджы хъæхъхъаг тæф цыди.

— Сæнар æфтауынмæ нæ хъавыс ацы аз? — бафарста, йæхи найынмæ чи ’рбацыд, уыцы лæг. Уый иннæмæй æрыгондæр уыд, нуарджын, тыппыррус, саулагъз.

— Суарийæн дæр мæ ницæмæн хъæуы... — уæзбынæй æрæджиаугомау дзуапп ратта хистæр. Уый уынгмæ каст, фæлæ йæ цæст ницæуыл æрхæцыд. Афтæ зынд, цыма хъуыдыты аныгъуылд, чи зоны, исты хабæрттæ йæ зæрдыл æрлæууыд.

— Куыд бакæнон, нæ зонын. Æфтауин, æмæ гъа...

— Дон-дон сæ, сакъадах йæ былгæрæттæй кæм анхъæвзта, уый онг ауадз.

— Нæ зонын, цы чындæуа... Уæд та сæ æцæгдæр ауадзин.

— Уæдæ.

— Дæуæн та цы дæ зæрды ис?

— Чи зоны, æвзалы балхæнон. Фендзынæн.

— Сакъадахæй уадзгæ мын æрцæудзысты. Ацы сæнаримæ архайынæй æнаддæр мын ницы ис.

Хистæр чи у, уый, сабыр, стæвдтæарæзт, йæ тамако зæхмæ æрæппæрста æмæ йæ йæ къахы бын аууæрста. Хъуыдыты аныгъуылгæйæ зæхмæ ныккаст, стæй йæ сæр систа.

— Фæнды дæ, уæд дын, куыд мæ ныгæндзысты, уый радзурон? — бахудынмæ кæй хъавыд, уый, йæ цæстыты алыварс цы ’нцъылдтæ фæзынд, уымæй бæрæг уыд.

— Уый дын гъе! — ныддис кодта къæсхуыртæ, саулагъз. — Цы загътай, цы?

— Фæнды дæ?

— Цы дæ зæрды ’рæфтыд? Мæлынмæ рахъавыдтæ?

— Ницы рахъавыдтæн. Æз уырдæм нæ тагъд кæнын. Фæлæ мæ куыд ныгæндзысты, уый мæ фондз æнгуылдзы хуызæн зонын. Радзурон дын æй?

— Уæуу, дæ рыг скæла! Адæймагмæ дзы ахæм хъуыдытæ æрцæугæ нæма федтон. Уый цытæ дзурыс, дæ хорзæхæй? — бафарста æрыгондæр.

— Уæдæ уыдзæни афтæ: амæлдзынæн. Ныннайдзысты мæ, уæдæ цы. Уаты мæ æрæвæрдзысты, къухтæ мæнæ афтæ... — Ныхасгæнæг, къухтæ куыд уыдзысты, уый ацамыдта. Дзырдта сындæггай, йæ чысыл зондджын цæстытыл зынди худæндзаст. — Мæ бинойнаг æрдиаг сисдзæн, сывæллæттæ дæр кæудзысты... Адæм лæудзысты... Зæгъæм, нылæудзынæ æмæ де стырдæр сагъæс уыдзæн: «Цымæ мæ хистмæ бахондзысты æви нæ?»

— Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй! — фæхæрам æм ис саухил. — Афтæ цæмæн дзурыс?

— Уый хъазгæйæ зæгъын, — бафиппайдта ныхасгæнæг æмæ та дарддæр æцæгæй дзурын райдыдта: — Ды лæудзынæ æмæ хъуыды кæндзынæ: «Колькæйыл цы ’рбамбæлд? Æз дæр искуы уый хуызæн...»

— Иууылдæр афтæ фæхъуыды кæнынц.

— Мæ бинойнаг хъарæг кæндзæн: «О, нæ дарæг, æнæ дæу ма цы уыдзыстæм. Кæсынæй дæр дæм куы нæ бафсæстыстæм, о мæ базырджын цæргæс». Æгас куы вæййы, уæд цы ныхæстæ нæ фехъусы, уыдон ын йæ марды рæстæг радзурынц: «цæргæс», «бæлон»... Афтæ цæмæн у?

— Адæймагæн йæ фæстаг бон ницуал фæхæлæг кæнынц. Стæй ма ахæм ныхæстæ дæр фæдзурынц: «гæккытæ», «гуккытæ», «гоппа». «О, мæ бон бакæла, дæ гæккытæй зæххыл цæуынæй куы нæ бафсæстæ». Къахыдарæс фондз æмæ дыууиссæдзæм размер чи хæссы, уымæн дæр гæккытæ ис?

— Уый уымæн афтæ у, æмæ йын тæригъæд фæкæнынц. Тæригъæд кæмæн фæкæнынц, уый та адæймагмæ гыццыл фæкæсы.

— Ы-ы, дарддæр та?

— Уый фæстæ мæ уæлмæрдтæм ахæсдзысты. Æхсæз туманæй мын горæты оркестр баххуырсдзысты. Æртæ туманы мæ ус бафиддзæн, æртæ туманы та мæ хæстæджытæй байсдзæн. Уæд цымæ оркестрæй цы кæнын? Æз æй уæддæр нæ хъусдзынæн.

— Иу иннæмæн йæхицæй æппæлын байдайы. Исчи йæ мард оркестримæ бавæрæд, æндæр æй иннæтæ дæр бафæзмынц. Уый бæсты-иу уыцы æхцатæй хистмæ куы фæкæсиккой...

— Æз дæр дын уыдæттæ дзурын: адæм фæдисмæ, ды та хистмæ. — Ныхасгæнæг йæ мидбылты бахудт.

Æрыгоны цæсгом нæ фендæрхуызон.

— Омæ уæдæ иу хатт марды фæдыл æрцæгъдыны бæсты рухсаг зæгъын, чи амард, уый æрымысын, йæ кой ракæнын хуыздæр нæу? Ацагътой æмæ цы? Дæхæдæг æй куы зæгъыс: «Суарийæн дæр мæ ницæмæн хъæуы!»

— Ам ныхас мардыл нæ цæуы, фæлæ æгæстыл. Уыдоны дæр равдисын хъæуы амæлæджы кæй нымадтой, аргъ ын кæй кодтой. Æхцайыл дæр уымæн нал фæауæрдынц...

— Нæ фæауæрдынц, зæгъыс? Ау, уæд дæ бинойнагмæ æхсæз туманы нæ разындзæн?

— Разындзæн. Æмæ цы?

— Уæдæ ма уæд дæ хæстæджытæй оркестрæн æртæ туманы цæмæн исдзæн? Уый бæсты сæ йæхæдæг бафидæд, æмæ ууыл ахицæн уа, кæд дын æцæгæй аргъ кæны, уæд. Кæйдæр æхца та ма цæмæн исы?

— Æз æм чырынæй, мыййаг, куы не сдзурдзынæн: иууылдæр сæ дæхæдæг бафид, зæгъгæ.

— Чырынæй... Æгæсты цур сæ цы фæнды, уыдæттæ куы кæнынц, уæд ма мардæй фефсæрмы уыдзысты. Æгæр бирæ бартæ сын раттой! Нæ чызгæн йæ цæстытæ риссынц æмæ йын дзы хос тадзын фæхъæуы. Тынгдæр ын сриссынц, мæгуыр, æмæ кæуын байдайы. Мæ сæрхъæн ус та йæ хъæрты бын фæкæны. Æз ын иу хатт йæ ных бакъуырдтон. Уый мæм фæстæмæ фæлæбурдта, и!.. Сывæллон куы скæуы, уæд мæ зæрдæйы тугтæ ныккæлынц.

— Омæ дзы хос тадзын хъæуы æви нæ?

— Тадз дзы, дæ хуыцауы тыххæй, фæлæ ма йыл хъæртæ та цæмæн хъæуы? Уымæн æнæуи дæр риссынц, уый та ма фæдис сисы, «ма ку», зæгъгæ. Уæд куыннæ кæуа?

— Афтæтæ, гъе. — Ныхасгæнæг Николайы фæнды, куыд æй ныгæндзысты, уыцы хабар дарддæр радзурын. — Цæй хъус. Уæлмæрдтæм мæ рахæсдзысты. Уым ингæн цæттæйæ лæудзæн.

— Ингæн æз кæй къахдзынæн, уый дæ рох ма уæд. Ингæнтæ алкæмæн дæр æз къахын.

— Æвæццæгæн.

— Æз Стародубов Ефимæн къахтон... Стæй æрмæст иу ингæн нæ, фæлæ ма йын йæ фарсмæ йæ зæронд усæн дæр. Уыдон та бавдæлдысты, æмæ мæм хистмæ дæр нæ фæдзырдтой. Ингæн къахынмæ ма мæхæдæг куы нæ ацыдаин: зæронд лæджы бирæ уарзтон. Æмæ мæ хистмæ нæ бахуыдтой. Бамбæрстай?

— Уыдоныл дæр худæн нæй. Фырт æмæ чызг дардæй æрцыдысты æмæ хабæрттæн цы зыдтой. Ингæн чи къахта, чи нæ къахта, уый сын чи загътаид...

— А, уыдон æй ма зонæнт, фæлæ сын æй, кæмæн æмбæлд, уыдонæй цæуыннæ исчи загъта? Зæронд ус æй зыдта. Нæ фæлæ уыдон ахæм адæм сты. Сæхæдæг мын дыууæ сомы мæ дзыппы тъыссынц... Сæ фæйнæ мады сын ралгъитынмæ хъавыдтæн, фæлæ зианджын уыдысты æмæ мæхиуыл фæхæцыдтæн.

— Æхца та дын чи лæвæрдта?

— Ефимы хæрæфырттæй кæцыдæр. Уый дæр кæмдæр горæты цæры. Хисты хъуыддаггæнæг уыди. Дæ мæрдты хъис, зæгъын, дзы ссар уыцы дыууæ сомæй. Уый бæсты фæлтау мæхæдæг сæн балхæндзынæн æмæ йын иунæгæй рухсаг зæгъдзынæн. Зæронд лæджы бирæ уарзтон...

— Ды дæр раст нæ бакодтай. Фæлтау уыцы дыууæ сомы дæр райстаис æмæ дзы дæхицæн...

— Æз æхцайы тыххæй нæ къахтон! Куы зæгъын: зæронды бирæ уарзтон, иухатт, чысыл ма бахъæуа, ма фæдæлдон уæм. Æз колхозы фос хызтон, уый та йæ дыууæ рæуæды раскъæрдта. Æмæ сæ сфæнд кодтам Хус сакъадахмæ аскъæрын — уым къутæрты ’хсæн арф кæрдæг зад, стæй дзы сатæгдæр уыд. Доны сæ баскъæрдтам æмæ дын ын уылæн йæ рæуæды куы фæфæлдахид. Уый йæ рæуæдмæ фæцагайдта æмæ йæхæдæг дæр донæй куы аныхъуырдтытæ ласид. Æз зæронды тыххæйты раластон, рæуæды та дон хуырмæ раппæрста. Зæронды дзыхæй дон цыхцырæгау ныллæууыд. Йæ чемы куы ’рцыд, уæд мæм дзуры: рæуæды, дам, фервæзын кæн, мæнæн ницы у...

— Фервæзт? Рæуæдæй зæгъын.

— Фервæзт. Хорз лæг уыди. Хæларзæрдæ. Æвгъау уыд.

— Æз æй хорз нæ зыдтон. Зыдтон æй, фæлæ... Бирæ фæсад?

— Нæ. Раздæр йæ къæхтыл нал лæууыд... Æмæ йæ рынчындонмæ аластой. Уый, мæгуыр, ныфсæрмы, алы хатт æй æддæмæ цæуыны тыххæй искæмæ дзурын хъуыд... Къахсæттæгау ныллæууыд: «Нæхимæ мæ ласгæут, нæхимæ амæлдзынæн». Мæлæты интеллигент рынчынтæмгæсæгæй æфсæрмы кодта. Уый тыххæй æхца исы, мызд.

— Омæ йын алы хатт йæ бын хафа, уый дæр...

— Уæдæ ныр хуыздæр у? Уый æнæуи дæр къаддæр хæрыныл архайдта, фылдæр æхсыр цымдта... Адæймаг цалынмæ æгас уа, уæдмæ йæ хæрын хъæуы. Уæдæ ныр хуыздæр у?

— Уымæй дæр раст зæгъыс.

— Чи зоны, рынчындоны куы ахуыссыдаид, уæд ма иучысыл ацардаид...

— Оркестр ын нæ баххуырстой?

— Цавæр оркестры кой кæныс? Йедæй мæрддзæстдæр куы сты... Йæ фырт инженерæй бæргæ кусы, йæ бон та куыннæ уыди... Фæлæ капекк топпæй æхсынц.

— Ахъуыдыгæнгæйæ, зæрондæн оркестр кæцырдæм æххуыс уыд? — бафарста ныхасгæнæг, абанайы хицау.

— Дæуæн та?

— Цы?

— Дæу, зæгъын, истæмæн хъæуы?

— Мæн дæр нæ хъæуы.

— Хъæугæ никæй кæны, фæлæ уæддæр оркестримæ ныгæнынц. Мард æй йæхæдæг нæ баххуырсы, уый æгæсты зондæй вæййы, дæхæдæг æй куы зæгъыс. Сæ фыды куы уарзтаиккой, уæд ын баххуырстаиккой. Уæдæмæ мæрддзæст сты.

— Мæрддзæст нæ, фæлæ фæстауæрцгæнаг, — сраст æй кодта абанайы хицау.

Саухил ныхасгæнæгмæ бакаст... Æмбарын дæ, зæгъгæ, йæ сæр батылдта.

— Уæдæ дæхицæй дæр афтæ зæгъ: æз мæрддзæст нæ дæн, фæлæ фæстауæрцгæнаг. Ды та райдыдтай: «Оркестр мæ ницæмæн хъæуы, æз æй уæддæр нæ хъусын». Фæлтау зæгъ: «Æхцайыл ауæрдын» æмæ дын зæрдæмæ цæуа. Æз уæ нæ зонын æви цы? Дæуæй дæ Кланьяйæ уæлдай нæй. Куыд фæзæгъынц: ус æмæ лæг фæрæты хъæдæй барст сты. Зымæгон уæ мит нæ рантысдзæн.

Ныхасгæнæг уыцы ныхæстæм ницы сдзырдта... Йæ русы нуæрттæ æддæг-мидæг ауадысты. Уыцы æлхъывдæй сындæггай дзурын райдыдта:

— Иван, дæуæн æнцон цæрæн у. Дæ абана нырраууат, ды бирæ нæ фæхъуыды кодтай, афтæмæй дæ сыхагмæ ауадтæ дæхи найынмæ. Æз, цалынмæ мæхи абана срæвдз уыдаид, уæдмæ искæмæ ницæй тыххæй ацыдаин... Ды та хъæуы уынгты зилыс æмæ адæмыл фаутæ æвæрыс: иу дын чъынды у, иннæ дæр чъынды. Цæй чъынды дæн æз: мæ абанамæ æрбацыдтæ, æз дын иу ныхас дæр нæ зæгъын, цу æмæ дæхи ныннай. Æмæ ма уый фæстæ чъынды дæр æз дæн! Нæ фæлæ иуæй-иутæ сахуыр сты искæй хардзæй...

Иван «Памир»-ы къопп систа æмæ сдымдта. Йæ ныхæстæм йæ мидбылты бахудт æмæ йæ сæр батылдта.

— Уыныс, цы дæ, уый рабæрæг. Дæ абана дæр та мын бахæлæг кодтай...

— Абана дын нæ бахæлæг кодтон, фæлæ дæ дæхион саразын хъæуы. Уый куыд у, афтæмæй кæйдæр абанатыл кæдмæ зилдзыстут?

— Цыма йæ нæ зоныс фæйнæг цæмæй балхæнон, уый мæм кæй нæй.

— Цæрæнбонты дæр уыцы гæвзыкк дæ. Æз дæм ацал-ауал азы æхца никуыма федтон. Уæдæ иннæтæм цæмæн ис? Уымæн æмæ сæ капеччытæ фæстауæрц кæнын зонынц. Фæлæ дæумæ уæлдай æхца фæзынд, зæгъгæ, уайтагъд ын йæ бынат ссарыс. Йæ фыртæн баян алхæдта! Ничи йæм кæсы!

— Æмæ уым æвзæрæй цы ис? Уадз æмæ дзы цæгъда.

— Кæсыс, ды адæмы раз дæхи равдисыныл архайыс, æз та мæрддзæст дæн æмæ дын хъуамæ абана стæвд кæнон. Баяны фаг æхца ссардта, фæлæ йæм фæйнæджы гæбæзты фаг нæ разынд.

— Хорз у, кæй дæ базыдтон, уый. Ницæмæн мæ хъæуы дæ абана, сыгъд ыл ссæуæд! — Иван сыстади. — Фæлæ ма дын цы зæгъынмæ хъавын, уый зоныс, кæрæф: дæ сывæллæттæ схъомыл уыдзысты, фæлæ дын дзы бузныг ничи зæгъдзæн. Æз мæгуырæй цæрдзынæн, уæддæр мæ сывæллæтты ахуыры фæндагыл бафтаудзынæн, адæмы рæгъы рацæудзысты. Бамбæрстай?

«Кæрæф» æнцад бадти, æрмæст йæ сæры батылдæй бамбарын кодта, бамбæрстон дæ, зæгъгæ.

— Петькæ уал дын гыццылгай адæмы рæгъы цæуын райдыдта. Раздæр уал цæхæрадæттæм бавнæлдта.

— Ома куыд?

— Мæ цæхæрадоны, зæгъын, хорз уырыдзытæ зайы æмæ йæ зæрдæмæ фæцыдысты.

— Сайыс, — нæ йыл баууæндыд Иван.

— Йæхи-ма йын бафæрс уæдæ. Стæй-ма-иу æй ноджыдæр бафæрс, уыцы уисы æхситт йæ зæрдæмæ куыд фæцыд, уымæй. Æмæ-иу ын зæгъ: иннæ хатт уисы бæсты золочъи райсдзынæн... — Бынæй чи бадт, уый лæууæгмæ мæстджынæй скаст. — Æндæр æз куыд кæсын, афтæмæй сымах рæдау фылдæр хатт искæй хардзæй вæййут. Искæй ефс та зоныс, чъыллипп кæны. Дæ баянистæн-иу гъе афтæ зæгъ.

Иваны абана æмæ цæхæрадоны хицауы тыхджын цæстæнгас дисы бафтыдта æмæ иудзæвгар йæ бон сдзурын нал баци.

— Уæ-дæ, — загъта уый, — ахæм, уæллæй, дыууæ уырыдзыйы тыххæй лæджы ныццæнкуылтæ кæндзæн.

— Дæхимæ хъуамæ уа алцыдæр. Мæнуæттæ баянæй цæгъдын нæ зонынц, фæлæ искæй цæхæрадонмæ дæр нæ бацæудзысты.

— Ды-иу дæхæдæг гыццылæй нæ хызтæ?

— Нæ. Мæн мæ фыд баяныл цæгъдын ахуыр нæ кодта, давыны тыххæй та мын-иу мæ къухтæ сыздыхта.

— Уый сырд уыди, уæдæ цы уыди!

— Сырд уыди, æви нæ уыди, уый нæ зонын, фæлæ уыцы лæппуйæн зæгъ: золочъи йæм райсдзынæн. Афтæ йæ ныддаудзынæн, æмæ уæлæмæ нал сыстдзæн. Уый фæстæ-иу хъаст кæнут...

— Ту-у! — Иван цæхгæр фæзылд æмæ сæхимæ араст. Дзæвгар адард, стæй фæстæмæ ракаст æмæ хъæрæй загъта: — Цыфæндыйæ дæр дæуæн ницыхуызы скъахдзынæн. Дæ хистмæ дæр нæ бацæудзынæн.

Абана æмæ цæхæрадоны хицау йæ сыхагмæ касти сабыр æнæуынон цæстытæй. Æвæццæгæн, йæ хъуыдытæ уыдысты, куыд тыхджындæр ын зæгъа, ууыл. Æмæ йын загъта:

— Æрбацæудзынæ. Уым нозт куы уыдзæни... куыннæ ’рбацæудзынæ. Æрмæст дын зæгъгæ кæнæнт, æндæр æрбацæудзынæ.

— Не ’рбацæудзынæн, нæ! — хъæддыхæй æртхъирæнгæнæгау загъта Иван.

— Æмæ дын чи загъта, æз мæлынмæ хъавын, уый? Æз дæуæй фылдæр фæцæрдзынæн. Фæцæрдзынæн, Ваня, тыхсгæ ма кæн.

— Кæрæф.

— Цу, цу, музыкæмæ байхъус. Дæ фыртæн зæгъ, æмæ дын вальс «Æхца мæм цæуыннæ зайы» ацæгъда. — Абана æмæ цæхæрадоны хицау ныххудти. Йæ тамако аппæрста, йæ бынатæй сыстад æмæ сæхимæ бацыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.